7


  • Учителю
  • Литературно-музыкальная композиция 'Весь мир - мой храм'

Литературно-музыкальная композиция 'Весь мир - мой храм'

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

Литературон - музыкалон композици

«Ӕгас дуне - мӕ аргъуан»

«Ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ

алы ирон лӕджы хӕдзары дӕр

Къостайы ныв уыдзӕн зӕды нывау»

Брытъиаты Елбыздыхъо.

/Хъуысы «Хетӕгкаты Къостайы зарӕг» /Агайты Лейла/ презентациимӕ/

Амонӕг

Сӕдӕ фӕндзай ӕхсӕз азы размӕ

Хуыцауӕй стыр лӕвар ӕрцыд

Нӕ уыдис ахӕм лӕг йӕ размӕ…

Къоста нӕм стъалыйау фӕзынд!

Амонӕг

Къостайӕ цасфӕнды куы ᾽ппӕлӕм,

Уӕддӕр нӕ уыдзӕни ӕгӕр,

Ӕрмӕст йӕ фӕзмынмӕ куы бӕллӕм,

Уӕд та нӕ уыдзыстӕм ӕвзӕр!

Амонӕг

Къоста… Ӕрмӕст йӕ номӕй хонынц ирон адӕм Леуаны фырты. Ирон лӕгӕн ацы ном йӕ чысылӕй йӕ амӕлӕты бонмӕ тырысайау фӕцӕуы йӕ разӕй. Ӕрмӕстдӕр ын йӕ ном куы фехъусӕм, уӕддӕр цӕстыты раз ирдӕй сысты, йӕ цард ӕгасӕй дӕр йӕ дзыллӕйы сӕрвӕлтау чи радта, уыцы арфӕйаг Къостайы цардӕгас сурӕт…

Амонӕг.

Къостайы райгуырдыл сӕххӕст сӕдӕ фӕндзай ӕхсӕз азы. Йӕ райгуырӕн бон бирӕ дзыллӕтӕ ӕрӕмбырд вӕййы поэты райгуырӕн хъӕу Нармӕ, ӕмӕ бӕрзонд уӕларвмӕ фӕхъуысынц йӕ диссаджы зарджытӕ.

/Презентаци «Балц Нармӕ»/

Амонӕг

Къостайӕн ис ӕрмӕст цӕрӕн бон,

Мӕлӕны бон Къостайӕн нӕй!

Кодта йӕ адӕмӕн фыдӕбон,

Йӕ номӕн ферохгӕнӕн нӕй!

Амонӕг.

Нӕ ирон адӕмы сӕраппонд

Йӕхиуыл н ᾽ауӕрста Къоста.

Нӕ йӕм ӕрхауд йӕ царды амонд,

Ӕнамонд адӕмыл фыста…

/Ирон музыкӕ/

1-аг скъоладзау

Дардӕй мӕ салам

Ӕрвитын ӕз Нарӕн,-

Нарӕн - хӕххон хъӕуӕн-

Амонды ранӕн.

Кувын мӕ сӕрӕй ӕз уыцы хӕдзарӕн,

Саби кӕм райгуырдис иу хатт Леуанӕн!

Срухс ысты уӕлвӕзтӕ,

Радыстыты кӕмттӕ,

Чындзытӕ рагацау уынгтӕ ныммарзтой.

Уыцы бон цъититы рӕбынӕй дӕттӕ

Стыр цины хабӕрттӕ денджызтӕм хастой!

Устытӕ уаты цырӕгътӕ ыссыгътой,

Ӕфсинтӕ се ᾽ртӕ чъиримӕ зылдысты…

Акодтой кусарт, бӕгӕны ӕсфыхтой,

Хъӕубӕстӕ се ᾽ппӕт дӕр куывдмӕ цыдысты…

/ «Ноггуырды зарӕг»/

2-аг скъоладзау

Зӕронд лӕг ракодта

Ахсджиаг ныхӕстӕ:

- Саби рӕхджы бон ыстыр лӕг куыд рауа,

Саби куыд уарза

Ахъаззаг йӕ бӕстӕ,

Зонд ӕмӕ рухсдзинад

Хӕхтыл куыд тауа!

Зӕронд лӕг загъта:

- Йӕ цӕрӕнбон нуазын!

Ноггуырды чидӕр

Йӕ хъӕбысмӕ райста.

Сидзӕрты ниуын,

Мӕгуырты дзыназын,

Иунӕджы хъарӕг

Йӕ къӕрцхъус ӕрцахста.

Чи зыдта, хохагӕн бирӕ ӕнтысдзӕн,

Рагон нӕртон лӕгау

Зарджытӕ зардзӕн,

Уый ныхас арвы нӕрынау кӕй хъуысдзӕн,

Адӕмы сӕрыл йӕ мӕлӕт кӕй ардзӕн!

Бузныг, ыстыр бузныг

Уыцы хорз мадӕн,

Йе ᾽хсар, йӕ хъару кӕй фӕрцы фӕбӕрӕг.

Адӕмы фӕндиаг бафсӕдӕд цардӕй,

Чи уыдис уымӕн йӕ буц ном ӕвӕрӕг!

Равдыста махӕн нӕ хъару, нӕ зӕрдӕ.

Стырӕй, чысылӕй нӕ ракодта размӕ…

Лермонтов, Пушкин - нӕ хӕрзты хуыздӕртӕ…

Уыдонӕн бады цытджынӕй сӕ фарсмӕ.

Амонӕг.

О, уый ӕцӕгдӕр райгуырд ӕнустӕм, никуы ферох уыдзӕн йӕ ном канд ирон адӕмӕй нӕ, фӕлӕ ма иннӕ адӕмыхӕттытӕй дӕр. Мах амондджын стӕм нӕ рагфыдӕлтӕй, - ис нын ӕмбисонды тырыса- Къоста.

Амонӕг

Азтӕ куыд фылдӕр цӕуынц, афтӕ Къоста мӕ цӕсты кӕны кадджынӕй -кадджындӕр, тыхджынӕй - тыхджындӕр, цытджынӕй - цытджындӕр. Ӕмӕ та ногӕй бахӕлӕг кӕнын, мӕхӕдӕг дӕр йӕ туджы ӕртахӕй иу кӕмӕн дӕн, уыцы ирон адӕммӕ, ахӕм ӕрдхӕрӕйнаг хъӕбул кӕмӕн райгуырди!...

Абайты Васо

Дунейы хӕрз чысыл ис ахӕм поэттӕ, адӕмы цӕсгом чи ӕвдисы, йӕ ном йӕ адӕмы фидӕныл дзурӕг кӕмӕн у цӕрӕнбонты мысынӕн. Хетӕгкаты Къоста хауы уыцы курдиатджын чысыл бинонты къордмӕ. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ у цӕрӕнбонты уарзинаг, цӕрӕнбонты мысинаг.

Мариетта Шагинян

Уырыссаг ӕвзагмӕ, уырыссаг аивадон ныхасмӕ йӕ уарзондзинад ӕвдисынӕн мыггагмӕ баззадысты, Къоста уырыссагау цы ӕмдзӕвгӕтӕ ӕмӕ уацтӕ, очерктӕ ӕмӕ пьесӕтӕ ныффыста, уыдон. Уымӕ гӕсгӕ нын бар дӕтты, цӕмӕй йӕ нымайӕм канд ирон нӕ, фӕлӕ уырыссаг поэт ӕмӕ фыссӕгыл дӕр.

Николай Тихонов

Ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ алы ирон лӕджы хӕдзары дӕр Къостайы ныв уыдзӕн зӕды нывау.

Брытъиаты Елбыздыхъо

Амонӕг

Къоста ӕмӕ Ирыстон… Ацы дзырдтӕ ӕвдисынц иу хъуыды, иу ӕмбарынад, адӕмты зонды сын кӕрӕдзийӕ фӕхицӕнгӕнӕн нӕй, иу дзы ӕнӕ иннӕ нал сахадид. Къостайӕн Ирыстон у йӕ мад, Ирыстонӕн та Къоста ссис йӕ кад ӕмӕ намыс.

Амонӕг

Мин астсӕдӕ нӕуӕдз ӕстӕм азы ӕртыккӕгӕм сентябры Къоста, йӕ уды цӕхӕрӕй кӕй сфӕлдыста, зӕрдӕйӕ кӕуыл фӕрыст, уыцы ирон уацмысты ӕмбырдгонды фыццаг фарсыл ныффыста: «Ирон фӕндыр». «Зӕрдӕйы сагъӕстӕ, зарджытӕ, кадджытӕ ӕмӕ ӕмбисӕндтӕ». Цалдӕр мӕйы фӕстӕ мин астсӕдӕ нӕуӕдз фарӕстӕм азы дыууын ӕхсӕзӕм майы уыцы чиныг федта рухс ӕмӕ барджынӕй бахоста алы ирон хӕдзары дуар дӕр, алы ироны зӕрдӕ дӕр.

3 -аг скъоладзау

/«Додой»/

Амонӕг

Къостайы «Ирон фӕндыр» бирӕты ракӕсын кодта сӕ цӕстытӕй. Ирон фӕллойгӕнӕг дзы федта йӕхи, йӕ бинонты, йӕ зонгӕты, йӕ хъӕубӕсты цард. Федта дзы йе ᾽фхӕрджыты, йе знӕгты фӕлгонцтӕ. Йӕ зӕрдӕмӕ йын ныккӕсын кодта рухсы цъыртт, бауагъта дзы ныфс, баууӕндын ӕй кодта йӕ сомбоныл. Ирон адӕмӕн «Ирон фӕндыр» ссис тырыса сӕ царды сӕраппонд, рӕстдзинадыл тохы. Сӕ фӕстагӕттӕн та - размӕ, рухсмӕхонӕг Ӕнусон цырагъ.

/ӕмдзӕвгӕтӕ/

Зарӕг «Ӕнӕ хай»/

Амонӕг

Хетӕджы-фырт йӕ тохмӕсидӕг поэзийы ӕрмӕст Ирыстоны фидӕныл нӕ тыхстис. Уый ӕмхуызон рыстис кавказаг ӕфхӕрд адӕмты хъысмӕтыл, паддзахы администрацийы раз уыдис сӕ сӕрылхӕцӕг. Ирон поэты удварны дзӕнгӕрӕг цагъта ӕппӕт дунейы дзыллӕтӕн, хӕлардзинад ӕмӕ ӕфсымӕрдзинадмӕ сӕм сидтис. Ӕрмӕст ӕцӕг интернационалисты зынг зӕрдӕйы райгуырӕн уыдис мӕнӕ ацы рӕнхъытӕн:

Весь мир - мой храм, любовь - моя святыня.

Вселенная - отечество мое.

Амонӕг

Къостайы поэзийы уидаг ӕппӕтадӕмон кӕй у, уымӕн ӕвдисӕн у, йӕ уацмыстӕ фӕндаг кӕй ссардтой нӕ бӕстӕйы ӕппӕт адӕмты зӕрдӕтӕм. Уый нӕ, фӕлӕ ма ахӕццӕ сты дард фӕсарӕнтӕм дӕр: Къостайы поэзи зӕлы англисаг, францаг, немыцаг, китайаг, япойнаг, араббаг, индиаг, мангойлаг, польшӕйаг, болгайраг, словакаг, чехаг ӕмӕ бирӕ ӕндӕр ӕвзӕгтыл. Йе 'мдзӕвгӕ «Ныстуан» татӕлмац ӕрцыд 36 ӕвзагмӕ.

/Ӕмдзӕвгӕ «Ныстуан» ирон,уырыссаг, англисаг, немыцаг, французаг ӕвзӕгтыл/

Къоста йӕ сабийы бонты цы федта ӕмӕ бавзӕрста хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр,цӕмӕй фӕцух, цӕмӕ бӕллыд, уыдон рӕдауӕй схай кодта Иры сывӕллӕттӕн. Бафтыдта ма сӕм : йе ᾽ппӕт дӕсныдзинад ,зӕрдӕйы фӕндиӕгтӕ. Фыссӕг рӕзгӕ фӕлтӕрӕн дзуры фыдыуӕзӕджы рӕсугъд ӕрдзы тыххӕй, ӕвдисы адӕмы уӕззау хъизӕмайраг царды фадӕттӕ уыцы ӕрдзы хъӕбысы, сӕ зӕрдӕты сын гуырын кӕны сӕрибармӕ, ахуырмӕ, царды бӕрзӕндтӕм тырнындзинад. Ахуыр сӕ кӕны хӕларзӕрдӕ,фӕлмӕнзӕрдӕ уӕвыныл, фӕллой уарзыныл , хи дарыны ӕгъдӕуттыл,зындзинӕдтӕй нӕ тӕрсыныл, ӕрдз уарзыныл.

/Сывӕллӕтты ӕмдзӕвгӕтӕ/

Хетӕгкаты Къоста йе сфӕлдыстады тынг арӕхстджынӕй хурмӕ хаста дуджы ӕппӕрццӕг ӕууӕлтӕ , цыргъ ӕвзагӕй худти ӕдӕймаджы хъӕнтыл, ӕвзӕр миниуджытыл.

/Баснятӕ/


Амонӕг

Дзыллӕйы сӕрвӕлтау иудзинадмӕ, рухсмӕ сидын, рӕстдзинад уарзын - поэты сӕйраг домӕнтӕ рӕзгӕ фӕлтӕрмӕ ирдӕй ӕвдыст ӕрцыдысты ӕмдзӕвгӕ «Балцы зарӕджы.

Амонӕг

Стыр поэт цӕры мыггагмӕ. Ирыстонӕн Къоста нӕ амардис. Йӕ ныфсджын хъӕлӕс ӕнусты сӕрты нӕрдзӕнис алы ироны зӕрдӕйы, разӕнгард ӕй кӕндзӕнис хӕларӕй, рӕсугъд ӕмӕ рӕстудӕй цӕрынмӕ.

Амонӕг

Къоста нӕ царды цы амоны, уый хорз райхӕлдта Джыккайты Шамил: «Ӕнусты дӕргъы Ирмӕ цы зонд, цы курдиат, цы хъару уыд, уыдон бацыдысты Къостайы уды. Адӕммӕ цы сагъӕстӕ, цы бӕллицтӕ уыд, уыдонӕн радта хуыз ӕмӕ фӕлгонц, скодта сӕ рухс ӕмӕ цӕрӕццаг. Къоста Амранау адӕмӕн ӕрхаста ӕрвон цӕхӕр-поэзи, аивад, национ идейӕ».

Амонӕг

Къоста у махӕн абон дӕр сӕрӕгас,

Бӕрзондӕй нӕм фӕлгӕсы уый бынмӕ.

Ӕвӕццӕгӕн, йӕ зӕрдӕ рухс у махӕй, -

Кӕй кӕнӕм абон стыр бӕрӕгбон ам.

Амонӕг

Цӕр нын, Къоста, нӕ зӕрдӕты ӕнусмӕ!

Дӕ кад, дӕ намыс макуы фӕуӕд сӕфт!

Дӕ бӕллицтӕ нӕ кӕстӕртӕн ӕнтысӕд,

Дӕ зондӕй уӕнт нӕ фӕсивӕд ӕххӕст!


/Зарӕг «Ирыстон»/



 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал