7


  • Учителю
  • Разработка урока по осетинскому языку Комкомма ныхас ама фарсаг ныхас

Разработка урока по осетинскому языку Комкомма ныхас ама фарсаг ныхас

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

МКОУ СОШ им. С. Х. Тубеева с. Хазнидон РСО-Алания





























Разработка урока по осетинскому языку

«Комкомма ныхас æмæ фæрссаг ныхас.»

8 класс

























Учитель осетинского языка и

литературы Батоева В.В.













Темæ. Комкоммæ æмæ фæрссаг ныхæстæ.

Урочы темæ. Комкомма ныхас æмæ фæрссаг ныхас.

Урочы хъомыладон хæс.Ахуырдзауты сæ адæмы хæс.Ахуырдзауты сæ адæмы кад,тых,зондимæ бæттын,цæмæмæй сæ удыхъæд кæна хъæздыгдæр,фидардæр уой ныфсхастдæр.

Урочы нысан. Бацамонын ахуырдзаутæн комкоммæ ныхас æмæ фæрссаг ныхасы синтæксикон функцитæ.

Æмхасæнтæ урокмæ.Текст: «Планетæ Дударон», 8-æм къласы ирон æвзаджы чиныг,грамматикон хъазт»Чи цыргъзонддæр у» - Гаппуаты Хъасболат,8-æм къласы литературæйы чиныг, уæлæмхасæн æрмæг, æрбайсгæ дзырдты дзырдуат.



Урочы цыд.

-Уœ бон хорз сывœллœттœ!

-Ӕгас нœм цу!

Сывœллœттœ, абон нœ хъœуы мидисджын куыст бакæнын урочы нысан æмæ хъомыладон хæс сæххæст кæныныл.

1.1 Сбæрæг кæнын хæдзармæ куыст.

Фарст. Ахуырдзаутæ,уæ зæрдыл ма лæууы 5-æм къласы рацыд æрмæг комкоммæ æмæ фæрсаг ныхæстæй?

1.2 Практикон куыст саразын. Равзарын иукъорд хъуыдыйады.

Хæс. Алинæ скъоламæ куы рацæйцыд,уæд ын йæ мад загъта: Нæ бинонты ма худинаг кæн, дæхи хорз дар!»

Фарст. Цал хайы конд у хъуыдыйад? Кæм сты кæйдæр дзырдтæ? Куыд хонæм мады ныхæстæ та? Кæм лæууы комкоммæ ныхас? Куыд ын ис равдисæн схемæйæ?

Фарст. Цæмæн хонæм мады фæдзæхст »комкоммæ ныхас?»

Æри-ма, мæ мад, цъылын, ныр та æз амæрзон», - загъта Зинæ, йæ мадмæ бауайгæйæ.

Фарст. Кæм лæууы ныр та комкоммæ ныхас? Цавæр æрхæцæн нысантæ дзы ис æвæрд? Цавæр дамгъæйæ райдайы комкоммæ ныхас кæмфæнды куы лæууа, уæддæр?



2. Ног зонындзинæдтæ бацамонын.

2.1 Рафыссут хъуыдыйæдтæ уæ тетрæдтæм, скæнут сын схемæтæ. 2.2 Бакусын 8-æм къласы ирон æвзаг ахуыргæнæн чиныджы раиртæст æмæ фæлтæрæнтимæ.

Фарст. Куыд ивы хъуыдыйады пунктуаци комкоммæ ныхасы бынатмæ æмæ фæлтæрæнтимæ?

232-æм фæлæрæн. Комкоммæ ныхæстæй саразут фæрссаг ныхæстæ, бæттæгтæ æмæ бæттæг дзырдты руаджы.

  1. 234-æм фæлтæрæн. Рафыссут хъуыдыйæдтæ. Сæвæрут дзы цухгонд æрхæцæн нысæнттæ. Кæм хъæуы, уым дзырдтæ фыссут стыр дамгъæйæ. Цы æрхæцæн нысæнттæ сæвæрдтат, уыдоны æвæрд бамбарын кæнут.

    Фарст. Куыд ивы хъуыдыйады пунктуаци комкоммæ ныхасы бынатмæ гæсгæ?

    Сфӕлдыстадон куыст.

Хӕс . Журнал « Ногдзау»-ы ссарын хъуыдыйӕдтӕ комкоммӕ ныхасимӕ ӕмӕ бацамонын ӕрхӕцӕн нысантӕ.

2.3 Ахуырдзаутæ, комкоммæ ныхасы хъомыс бирæ у, фæлæ йыл бавæргæйæ дзырдтæ: дам, зæгъы, зæгъгæ, æмæ бæттæгтæ: кæй, куыд, цæмæй - куы амбæлынц, уæд цæ тых асæтты, йе 'рæцæн нысантæ дæр æрбайсæфынц, цыбыр дзырдæй дзы рауайы, ахъуыды-ма кæнут! Чи зæгъдзæни? Цавæр ныхас? -фæрссаг ныхас?

Хæс. Цы дыууæ хъуыдыйады ныффыстат фæйнæгæй, уыдонæй бавæргæ дзырдтæ: дам, зæгъы-зæгъгæ-йы - руаджы саразут фæрссаг ныхæстæ.

Фарст. Цы хонæм комкоммæ ныхас?

3.4 Аулæфты номыл хъазт «Кæддæра куыд цыргъзонд дæ!»-йæ.

Къласы æппæт скъоладзаутимæ арæзт цæуы грамматикон хъазт «Чи цыргъзонддæр у?». Сывæллæттæн æмбæрстгонд цæуы: кæройнаг скъоладзау зæгъы дзырд, йæ фарсмæ бадæг та дыккаг дзырд, æртыккаг скъоладзау - æртыккаг дзырд æмæ афтæ дарддæр.

Дыккаг дзырд хъауама райдайа, фыццаг дзырд цы мырæй фæуд кæны, ахæмæй. Скъоладзаутæ хъуама дзуапп дæттой æвиппайды. Чи къуылымпы кæна, уыдон хъазтæй иуварс цæуынц. Æппæт хъазты рæстæг æнæкъуылымпы дзуаппытæ чи дæтта, уый цæуы нымад уæлахизуæвæгыл.

2.5 Саразын практикон куыст уæлæмхасæн æрмæгæй.



3. Бафидар кæнын, фæарфдæр кæнын ахуырдзауты зонындзинæдтæ.

3.1 Разныхас. Ахуырдзаутæ, комкоммæ ныхас æрмæст грамматикон функцитæ не*ххæст кæны, фæлæ ма, йæ ныхасыхъæд, йе стиль, йæ загъдмæ гæсгæ хъусæгмæ сæвзарын кæны, равдисы дзурæджы загъдмæ гæсгæ хъусæгмæ сæвзæрын кæны, равдисы дзурæджы бæлвырд удыхъæд, сурæт, цæстæнгас искæмæ, истæмæ.

3.2 Равзарут, бакæсут текст »Планетæ Дударон».

Фарст. Чи зæгъдзæни, Дударон - зæгътæ, кæй кой цæуы ацы тексты?

«Æрæджы Мæскуыйæ Ирыстонмæ сыхъуыст æнæнхъæлæджы, цымыдиссаг хабар: »Хъуыстгонд ирон чызг - дирижер Дудараты Вероникæйы ном радтой, нæ ахуыргæндтæ хæрз æрæджы цы планетœ ссардтой, уымœн. Ацы цауы фœдыл 1999 азы, 6 ноябры газзет Известия фыста: « Дудароны планетæйæн хуымæтæг цæстæй фенæн нæй, исын æрмæстдæр йæ музыкæмæ байхъусæн. Ацы азы сезон Вероникæ райдыдта Бетховены музыкайа. «Бетховены ацы диссаджы уацмысмæ Вероникæйы оркестр бахастан ныртæккæ цы рæстæджы комулæфт, фæхъæздыгдæрæй кодта диалоджы хуызы аивадон ног мадзæлттæй, уымæ гæсгæ музыкæ уарзæджытæ байхъуыстой арфæмадзæллтæй, уымæ гæсгæ музыкæуарджытæ байхъуыстой арфæгондæй, йынг нымдзæгъдгæнгæйæ. Залы цы бирæ адæм бадти, цыдон уæлдай тынгдæр нымдзæгъд кодтой уæд, æмæ академик Сергей Капица æмæ астроном Людмилæ Карачкина æвдисæндар куы радтой номдзыд дирижер Дударты Вероникæйæн, уæд.Уым фыст ис: «Æрæджы цы ног гыццыл планетæ(зæххæй 1600000000 километры дæрддзæфмæ)ссардтой, уымæн кæй радтой Дудароны ном». Мах, Ирыстоны цæрджытæ, ацы хабарыл сæмбæлдыстæм стыр цинимæ. Зæрдиаг арфæтæ кæнæм, нæ сæр бæрзондты кæмæй хæссæм, нæ уыцы номдзыд дирижер Дударонæй. Нæ зæрдæ йын зæгъы, цæмæй-ма ноджы стырдæр сгуыхтдзинæдтæ бафта йæ къухы! (Заремæ Чехены тæлмац).

Фарст. Куыд уæм кæсы уæ хойы æнтыстдзинад?

Хæс. А. Ссарут комкоммæ ныхæстæ æмæ сæ раивут фæрссаг ныхæстæй.

Фарст. Цæй руаджы раивтат комкоммæ ныхас фæрссагæй?

Цавæр бавæргæ дзырдтæ æмæ бæттæгты руаджы ис раивæн комкоммæ ныхас фæрссагмæ?

Æ. Фонетикон æвзæрсты фæткмæ гæсгæ равзарут дзырд-арфæгондæй - раивут æй уырыссаг æвзагмæ.

Фарст. Цавæр арфæтæ зонут уæ мадæлон æвзаджы?

Б. Кæй ма зонут Иры дирижертæй?

2. Афлгæсын абоны урочы цыдыл. Зæгъут, цы дзы базыдтат ногæй?

Фарст. Цæй охыл бавæрæм дзырдтæ, хъуыдыйады сконды? Дæнцæгтæ.

4.Хæдзармæ куыст.

4.1 Зонын комкоммæ ныхас фæрсагмæ ивын.

4.2 Баххæст кæнут амынд фæлæрæн.

237-æм фæлæрæн.Хъуыдыйæдтæ рафыссут. Авторы дзырдтæ æнæ къæлæттæй фыссут æмæ хъуыдыйæдты сæвæрут хъæугæ æрхæцæн нысæнттæ.

Раиртæст.







 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал