7


: «Ничи бафидид мады лæггад»

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

Темæ: «Ничи бафидид мады лæггад»

(Плиты Грисы æмдзæвгæ «Мад»-мæ гæсгæ)

Урочы нысан:

1. Ахуырдзауты зæрдыл æрлæууын кæнын ирон адæмы царды трагикон цаутæ (Туркмæ алидзыны аххосæгтæ æмæ фæстиуджытæ).

2. Нырыккон компьютерон технологитæй пайдагæнгæйæ скъоладзауты базонгæ кæнын Плиты Гришы цард æмæ сфæлдыстадимæ.

3. Терминологон диктанты руаджы сфæлхат кæнын литературон теорийæ - хицæн терминтæ, текст,аивгæнæн мадзæлттæ.

4. Хъомыладон куыст бакæнын. Сывæллæттæм уарзондзинад гуырын кæнын Фыдыбæстæмæ, ныййарæг мадмæ æмæ ирон аив дзырдмæ.

Урочы фæлгонцад:

1. Лицейы 9-æм къласы Хæдзарæгаты Н. ныв «Ирыстон æмæ æцæгæлон бæстæ».

2. Нырыккон компьютерон фæрæзтæ:

а) Плиты Гришыл - презентаци;

æ) æмдзæвгæ «Мад»-ы аудио фыст;

б) Сланты Эммæйы зарæг «Мады фæдзæхст»-ы аудио фыст.

Урочы эпиграф: Нæмыг куы атæхы,

уæд фыццаг мады зæрдæйыл сæмбæлы.

(æмбисонд).

Урочы цыд:

Хæдзарон куыст сбæрæг кæнын.

- Ивгъуыд уочы мах лæмбынæг æрныхас кодтам Цæрукъаты А. цард æмæ сфæлдыстадыл. Биноныгæй равзæрстам йе 'мдзæвгæ «Æцæгæлон бæсты». Хæдзармæ уын лæвæрд уыдис æмдзæвгæ аив кæсынмæ. Бакæсæм ма йæ.

- Чи бакæсдзæн?

- Æмдзæвгæ у арф æмæ мидисджын. Зæгъут-ма , уæ хорзæхæй.

1) Цæмæн афтыдысты æмдзæвгæйы хъайтартæ Сиримæ æмæ Туркмæ?

2) Цæмæй фæсайдтой, фæфыдæнхъæл кодтой хуымæтæг, мæгуыр зæхкусæг адæмы?

3) Лигъдæттæ ног цардмæ фæндагыл цавæр зындзинæдтæ бавзæрстой?

4) Мады цæстытыл цавæр нывтæ ауайы райгуырæн бæстæ мысгæйæ? Æрбакæсут-ма мæнæ ацы нывмæ, цæмæн æрцыд дыууæ дихы?

Уæдæ Æцæгæлон бæстæм ирон адæмæн сæ цард дыууæ дихы фæци. Уый нын йæ нывы ирдæй раргом кодта 8 «а» къласы ахуырдзау Хæдзарæгаты Н.

Цавæр ахорæнтæй спайда кодта нывгæнæг Ирыстон æрдз равдисгæйæ.

Æцæгæлон бæсты хъæлдзæг, æнæмæт цард кæй нæ кодтой не 'мзæххонтæ, ууыл дзурæг сты нывгæнæджы ахорæнтæ нывы дыккаг хайы?

5) Цы фæдзæхста мад йæ хъæбулæн?







Ахуыргæнæг:

- Мады фæдзæхст æххæстгонд æрцыд. 18-æм æнусы йæ уарзон Фыдыуæзæгæй чи фæхауæццаг ис, уыдоны фæдонтæ сæфтыдысты с. Фыдæлты зæхмæ - Ирыстонмæ. Сæмбæлдысты нæ республикæйы разамондимæ, фæсивæдимæ, бабæрæг кодтой хæхбæстæ. Сæхи цæстæй федтой Ирыстоны цъæх æгæрон арв, бæрзонд митсæр къæдзæхтæ, фыдæлтыккон мæсгуытæ æмæ фидæрттæ. Туркаг-ирон фæсивæдыл ист æрцыд документалон киноныв. Йæ автор у Хъулаты Юрий - телеуынынады национ хайады шеф-редактор.

Бакæсæм ма дзы цыбыр скъуыддзагмæ (5 мин.).







Ног æрмæг:

Цæрукъаты А. æмдзæвгæйы сæйрат хъайтар у мад, ныййарæджы фæлгонц йе 'мдзæвгæйы сфæлыста æндæр ирон зындгонд поэт Плиты Грис дæр. Нæ урочы эпиграфæн дæр жзæгъæлы нæ райстам мæнæ ацы æмбисонд «Нæмыг куы атæхы, уæд фыццаг мады зæрдæйыл сæмбæлы».

- Зæххыл ныййарæг мадæй зынаргъдæр нæй, ацы хъуыдыимæ иузæрдион сты æппæт адæмы хæттыты минæвæрттæ дæр. Хонгæ дæр æй кæнынц фæлмæн, узæлгæ хъæлæсы уагæй, фæлæ чысыл фæйнæхуызон.

- Цалдæр скъоладзауæн бахæс кодтон, цæмæй базоной æмæ зæгъой дзырд «мад» - æндæр æвзæгтыл куыд хъуысы уый.

- Хорз. Мады сурæт ирд хуызджын ахорæнтæй сныв кодта Плиты Грис. Фæлæ уал мæ раздæр сымах цыбыртæй базонгæ кæнын фæнды поэты царды хабæрттимæ.

Плиты Грис райгуырд 1913 азы Хуссар Ир-ы Ручъы хъæуы. Мидхæсты заман Гришы бинонтæ ралыгъдысты Ирыстонмæ, æрцардысты Ногиры. Ам Грис фæци хъæууон скъола. Уый фæстæ ахуыр кодта Цæгат Ирыстоны пед.техникумы. уый фæстæ ацыд Мæскуымæ, театралон институтмæ. 1935-æм азы райдыдта актерæй. Æмдзæвгæтæй уæлдай актерæй уæвгæйæ райдыдта пьесæтæ, драмæтæ фыссын. 1941 азы араст хæстмæ.

Араст фронтмæ, йæ Райгуырæн бæстæйы сæрыл тохмæ уыд кæдæдæриддæр цæттæ.

Нæ республикæйы цæрджытæй 90 мин адæймагæй фылдæр архайдтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты. Лæгæвзарæн (хæсты) тохы не 'мзæххонтæй 60 мин адæймаджы хорзæхджынгонд æрцыдысты ордентæ æмæ майдантæй, 75-æн саккаг кодтой Советон Цæдисы Хъæбатыры кадджын ном. Уырыссаг фыссæг П. Павленко дзæгъæлы нæ загъта не 'мзæххон хæстонтæй ацы ныхæстæ: «Ироны ном цытимæ дзурынц æппæт фронты дæр, уымæн æмæ ирæттæ сæхи равдыстой хъæбатыр æмæ намысджын хæстонтæй».

Уыцы хъæбатыр æмæ намысджын хæстонтæй иу уыд Плиты Грис дæр. Фыдыбæстæйы хæсты фыццаг бонты ацыд фронтмæ. Йæ хъæбатырдзинады тыххæй райста цалдæр хорзæхы. Грис райдайæнæй кæронмæ уыд хæцæг æфсады, бавзæрста адæмы хъизæмар, æвдисæн уыд адæмы лæгдзинадæн. Æрмæстдæр хæсты цæхæр, хæсты уæззау уаргъ йæхи рагъыл чи бавзæрста, æрмæстдæр ахæм адæймаг фысдзæн афтæ арф, карз æмæ бæлвырд. Йæ лирикæ у алывæрсыг, фæлæ поэты сагъæсты сæр у Ирыстон - йæ историон хъысмæт, йæ фарн, йæ фидæн.

Мæнæ куыд фыссы Грисыл фыссæг Джусойты Нафи:

«Грисы поэзийы сæйраг пафос уыди кæддæриддæр рæстдзинады сæрыл хæцын. Йæ поэзии ныртæккæ у тынг актуалон, рацарæзты пафос рагæй фæстæмæ ис йæ аивады тугдадзинты».

Грисыл 8-азы куы цыд, уæд амард йæ мад. Сидзæр лæппуйы æнкъарæнтæ æмæ хæсты уæззау нывтæй райгуырд æмдзæвгæ «Мад». Байхъусæм-ма, куыд æй кæсы телерадиокомпании «Аланийы» национ хайады шеф-редактор Хъулаты Юрий.

  1. Зæгъут-ма, уæ хорзæхæй, цы уæм фæкасти ацы æмдзæвгæйы цымыдисагæй? (Маргиева: æмдзæвгæ зæрдæйы хизы. Хъуысы таурæгъы хуызы. Сидты хуызы фыст у).

  2. Цæмæн схуыдта Грис ацы æмдзæвгæ «Мад»? (Æвдыст дзы цæуы мады фæлгонц, æвдисы мады хъизæмар цард йæ хæстонмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ. Мад æмæ йæ сидзæр сабийы хъысмæт).

  3. Кæмæ æнхъæлмæ кæсы сылгоймаг? Тексты ма ссарут рæнхъытæ æмæ сæ бакæсут. (Сæ дарæгмæ.. йæ фыртæн).







Терминологон дзырдуат

- Ныффыссæм ма цыбыр терминологон диктант æмдзæвгæйы текстимæ кусгæйæ.

- Ссарут-ма тексты хæст куыд æвдыст цæуы, уый.

(Арвыл сысыди сау хæсты мигъ,

Байдыдта та фæздæгкалæн хæст).







- Куыд хуыйны ахæм аивадон мадзал? (эпитет)

- Ныффыссæм термин эпитет.

- Ноджыдæр ма поэт цавæр аивадон мадзæлттæй спайда кодта? (абарст).







1.Мадæн урс-урсид митау йæ сæр…

2.Удхор бирæгътæ систой сæ сæртæ…

3.Уалдзæг хурмæ куыд фæтайы их,

Афтæ тади йæ зæрдæниз мадæн.







- Ныффыссæм уæ тетрæдты абарст.

- Ноджыдæр ма дзы цавæр аивадон мадзал ис? (метафорæ)

Хæст лæгмар у…

Йæ хурхыл!

- Ныффыссут-ма Метафорæ

- Бакæсам-ма æмдзæвгæйы фæстаг дыууæ цыппар рæнхъоны

- Кæмæ здæхт у поэты ныхас? (Советон Цæдис - абон Уæрæсемæ. Адæммæ)

- Ссарут ма фæстаг цыппаррæнхъоны сидæн.

(Адæм, хæстæн бахæцæм йæ хурхыл!)

- Цæмæй хицæн кæнæм фысгæйæ сидæн? (Къæдзыгæй, - Дзургæйæ та? - Интонацийæ).

- Фыссæм термин - сидæн.

- Уæ тетрæдты цы терминæ ныффыстат, уыдон сты эпитет, метафорæ, абарст, сидæн. Се 'руаджы фыссæг фæхъæздыгдæр, фæарфдæр æмæ сфæлгонцджын кодта йæ уацмыс, хонгæ дæр сæ кæнæм аивгæнæн мадзæлттæ.







Дарддæр кусæм текстимæ.

- Цæмæ сиды мад? (сабырдзинадмæ)

- Уæдæ цæй мидæг ис æмдзæвгæйы сæйраг хъуыды? (мад æмæ сабиты бахъахъхъæнын, хæстæн кæрон скæнын).







ТСО. Компьютерæй интерактивон фæйнæгыл æвдыст цæуы таблицæ.

- Уе 'ргом ма раздахут фæйнæгмæ. Ацы таблицæйы ирдæй зынынц Мад æмæ Хæстæн сæ миниуджытæ, сæ сæйрагдæр æууæлтæ. Сæ хъуыдымæ гæсгæ сты ныхмæвæрд.

Бакæсæм ма сæ къæйттæй:

- Мад цавæр у?

- Хæст та?

- Мæнæ цы зæгъы уырыссаг фыссæг М.Горький йæ радзырд «Мать изменника»-йы:

«Мать - творит, она охраняет, и говорить при ней о разрушении - значит говорить против нее.

Мать всегда против смерти, рука, которая водит смерть в жилища людей, ненавистна и враждебна матерям».

- Ирон аив литературæйы дæр тынг бирæ фысджытæ равдыстой мады фæлгонц сæ уацмысты.

- Æркæсæм ма тестмæ.







Компьютерæй æвдыст цæуы тест.

  1. Хетæгкаты Къоста «Саломи»

  2. Гæдиаты Секъа «Мад»

  3. Плиты Грис «Сидзæргæс»

  4. Коцойты Арсен «Мад æмæ фырт».







- Алчидæр уал хибарæй бакусæд йæ тетрæдты.

- Раст дзуапп чи ратдзæн? (1 «в», 2 «г», 3 «б», 4 «а»).

-Ныййарæг мадыл ирон адæмон сфæлдыстады ис таурæгътæ, аргъæутт, æмбисæндтæ.

- Сымах та цавæр æмбисæндтæ ссардтат мадыл?

1. Мад царддæттæг - хæст цардисæг.

2. Нæмыг куы атæхы, уæд фыццаг мады зæрдæйыл сæмбæлы.

3. Мады зæрдæ дурр халы.

4. Мады ад - ныфс дæттæг, мады уарзт - тыхдæттæг.

- Номдзыд францаг фыссæг Пьер Беранже дзырдта: «Мады зæрдæ у диссæгты æвидигæ суадон. Мады рæвдыд у уалдзыгон хурау, йæ хъæлæс та Уæлахизы Тырысайы хуызæн, кæцы нын дæтты ныфс нæ царды фæндæгтыл цæугæйæ».

Алы адæймагæн дæр йæ хæс у мадæн аргъ кæнын, лæггад кæнын. Алы ныййарæг мады сæйраг бæллиц та у, цæмæй йæ хъæбул æнæнизæй, амондджынæй цæра хæст макуы бавзаргæйæ.

Ууыл у Сланты Эммæйы фыст зарæг «Мадæлты Фæдзæхст дæр». Байхъусут -ма йæм уæ -хорзæхæй, нæ урочы кæронбæттæн.

(Зарæг).







 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал