7


  • Учителю
  • Наречие (конспект открытого урока)

Наречие (конспект открытого урока)

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

Тема:Фǽрсдзырд

Нысан: 1) Фǽрсдзырдтǽй цы ǽрмǽг рацыдысты, уый сфǽлхат кǽнын ǽмǽ ныффидар кǽнын.

2)Скъоладзауты дзургǽ ǽмǽ фысгǽ ныхасы рǽзтыл бакусын.

3) скъоладзаутǽм рǽзын кǽнын уарзондзинад ныййарǽг мадмǽ, йǽ зǽронды бонмǽ йын аргъ кǽнын, тырнын мадǽн йǽ фыдǽбаттǽ бафидынмǽ.

Урочы УАА-базонǽн, коммуникативон

Урочы хуыз: зонындзинǽдтǽ бафидар кǽныны урок.

Урочы ǽрмǽг: компьютер, чингутǽ презентаци, текст «Мад»

Эпиграф:

Уарзон ныййарǽг, мǽ номан цǽрыс,

Хурзǽрин хурау мǽ алкǽд хъǽуыс

Хуры тǽмǽнау ǽдзух дǽ ǽргом.

Хуримǽ барын дǽ ном

(Кокайты Тотрадз)

  1. Бацǽттǽгǽнǽн рǽстǽг. Мотивацион уавǽр (Хъуысы зарǽг «Ныййарǽгǽй амонд!»).

Ахуыргǽнǽг кǽсы урочы эпигрǽф.

Дзурын ныййарǽг мадыл:

--Мад! Мады тыххǽй зын дзурǽн у, йемǽ ǽнус куы фǽцǽрай, уǽддǽр. Уымǽн ǽмǽ зардайы арфы амбахст хъуыдытарыст ǽппǽтǽй зǽгъын никǽй бон бауыдзǽн.

Мад! Цымǽ цавǽр рǽсугъд, зǽрдǽмǽхъаргǽ ныхǽстǽй ссарǽн ис дǽ ном!

Æркǽсǽм ма иу хатт нǽ эпигрǽфмǽ. Цавǽр рǽсугъд дзырдтǽй спайда кодта Кокайты Тотрадз та?

--Æмǽ ма нǽ хъус ǽрдарǽм дзырдтǽ «алкǽд», «ǽргом»-мǽ. Цавǽр ныхасы хǽйттǽ сты?

--Дзуапп. Фǽрсдзырдтǽ.

--Уǽдǽ нǽ урочы цǽй кой кǽндзыстǽм?

--Фǽрсдзырды.

--Уǽдǽ цы хонǽм фǽрсдзырд?

--Сǽ нысаниуǽгмǽ гǽсгǽ цал къордыл, дих кǽнынц фǽрсдзырдтǽ?

--Сǽ арǽзтмǽ гǽсгǽ та цавǽртǽ сты фǽрсдзырдтǽ?

--Хъуыдыйады мидǽг цавǽр уǽнг вǽййы?

Хǽс.

Фǽйнǽгыл ис текст мады тыххǽй. Сымах хъуамǽ текст бакǽсат ǽмǽ дзы ссарат фǽрсдзырдтǽ.

--Рафыссут сǽ уǽ тетрадтǽм ǽмǽ зǽгъут, сǽ нысаниуǽгмǽ гǽсгǽ цавǽр фǽрсдзырдтǽ сты.

Текст.

Мад… Зǽххыл тǽккǽ уǽздандǽр ǽмǽ кадджындǽр ном. Æрдзǽн алǽбон дǽр ǽхцон у мады сыгъдǽг ном хъуысын. Зǽгъ изǽрǽй мады ном, ǽмǽ арвыл стъалытǽ тыбар-тыбур сисынц. Мǽй та сыл уарзонǽй йǽ цǽст фǽхǽссы. Зǽгъ боныгон,ǽмǽ зǽххон дидинджытǽ сǽ уǽздан сǽртǽ буц ǽмǽ сǽрыстырǽй сивазынц хурмǽ. Уый та сǽ ǽхцонǽй сбуц канны йа фалман хъарм тыхтай . Уый та сǽ ǽхцонǽй сбуц кǽны йǽ фǽлмǽн хъарм тыхтǽй. Мад зǽгъ, ǽмǽ рог уддзǽф рǽвдаугǽ атыхсы бǽлǽстыл. Сыфтǽртǽ райдайынц ǽнахуыр сыбар-сыбур. хǽххон сыгъдǽг дǽттǽ сǽ цыд фǽсындǽгдǽр кǽнынц мады царддǽттǽг ном фехъусгǽйǽ. О, фырбуцǽй ын ǽрдз уымǽй лǽггад кǽны. Цǽрǽд бирǽ мадǽн лǽггад -гǽнǽг хъǽбултǽ (Фǽрсдзырдтǽ зǽххыл ,алǽфон, изǽрǽй, арвыл, уарзонǽй, боныгон, буц ǽмǽ сǽрыстырǽй, фырбуцǽй, бирǽ.

  1. Зǽгъут-ма, фǽрсдзырдтǽ «зǽххыл» ǽмǽ алǽфон цавǽр ныхасы хǽйттǽй арǽзт сты?

2) Къордты куыст:

1-аг хǽслǽвǽрд: Цыппǽрǽм ǽмǽ фǽндзǽм хъуыдыйады равзарут синтаксисон ǽгъдауǽй.

--Зǽгъ изǽрǽй мады ном, ǽмǽ арвыл стъалытǽ тыбар-тыбур сисынц.

--Мǽй ты сыл уарзонǽй йǽ цǽст фǽхǽссы.

2-аг хǽслǽвǽрд. Равзарут-ма фǽрсдзырдтǽ «уарзонǽй» ама «ахцонайу фǽрсдырд, арх.х фадат бындурон бǽрц. «ахцонǽй» -морфологон авзарсту фǽрсдзырд ,арх.х фадат,арǽзт у миногон.

3-аг хǽслǽвǽрд: Æхсǽзǽм хъуыдыйад синтаксисон ǽвзǽрст

- Зǽгъ боныгон,ǽмǽ зǽххон дидинджытǽ сǽ уǽздан сǽртае буц ǽмǽ сǽрыстырǽй сивазынц хурмǽ.

3. Æвзаргǽ диктант. Фыссǽм ǽрмǽстдǽр фǽрсдзырдты :

Макуы ракǽс тарǽрфыгǽй мадмǽ.

Мады хǽстǽ никуы ничи бафыста

Кǽддǽриддǽр дǽ мадǽн аргъ кǽн.

Æрǽджиау бамбǽрстон мǽ мады сагъǽстǽ.

Фале мǽм мǽ мад ǽнхъǽлмǽ кǽсы.

Хǽс: Зǽгъут, цавǽр фǽрсдзырдтǽ сты ?

4.Хатдзǽгтǽ (Рефлекси).

-Цы базыдтат ногǽй нǽ урочы?

-Тынгдǽр уǽ зǽрдǽмǽ кǽцы къорды куыст фǽцыд?

-Цы радзурис хǽдзары урочы тыххǽй (Мады хъǽуы уарзын ,аргъ кǽнын ын хъǽуы,тырнын хъǽуы уымǽ,цǽмǽй йын йǽ фыдǽбǽттǽ бафида алчидǽр)

-Мǽ зǽрдǽмǽ тынгдǽр фǽцыд:

(Мадǽн мǽлǽты бон нǽй,

Мадǽн йǽ рухс ном -нǽ мǽсыг,

Нǽ астǽу цǽрдзǽнис фǽрнǽй.

5.Х/к бакусын уǽлǽмхасǽн фǽлтǽрǽнтыл.



 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал