7


  • Учителю
  • Тема урока 'Домашние животные. Повторение (5 класс) .

Тема урока 'Домашние животные. Повторение (5 класс) .

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание: Тема урока "Домашние животные. Повторение  " для обучающихся 5 класса русскоязычной группы. Урок начинается с проверки домашнего задания. Двое обучающихся выполняют задание у доски . Работу над диалогом проводится в виде инсценировки. Идет работа над поговорками и посл
предварительный просмотр материала

Темæ:

«Хæдзарон фос»

(Миногон сфæлхат кæнын)

(уырыссаг къорд)






Беслæны 7 сколайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг

Елдзарты Нателæйы

гом урочы пълан.




Темæ: Хæдзарон фос.

(Миногон сфæлхат кæнын)


Урочы нысан: скъоладзауты зонындзинæдтæ фæуæрæхдæр кæнын; скъоладзауты хибарæй кусыныл цайдагъ кæнын; зонгæ æрмæгæй пайда кæнын; сывæллæттæм хъомыл кæнын тырнындзинад ног зонындзинæдтæ райсынмæ; скъоладзауты дзырдуат æмæ ныхасы рæзт фæхъæздыгдæр кæнын; сывæллæттæм райгуырын кæнын уарзондзинад ирон æвзагмæ; хъомыладон куыст бакæнын.


Цæстуынгæ армæг: нывтæ, дзырдуат, карточкæтæ.

Эпиграф: «Куыдзы зæрдæ зонаг у».



Урочы цыд.


1. Организацион хай.


Уазджытæн салам раттын. Скъоладзауты бон, нымæц æмæ мæйæ бафæрсын.


2. Урочы темæ.


- Абон нæ урочы темæ у «Хæдзарон цæрæгойтæ». Грамматикæйæ та сфæлхат кæндзыстæм «Миногон».

(Темæ дзурын фыццаг иронау, стæй та - уырыссагау)

- Ацы темæ уын ног нæу, фæлæ йыл абон æрлæудзыстæм арфдæр, бæлвырддæр.


3. Урочы нысан зæгъын.


Нæ зæрдыл æрлæууын кæндзыстæм цыдæриддæр зонæм хæдзарон фосы тыххæй. Сахуыр кæндзыстут ног дзырдтæ, хъуыдыйæдтæ.

Нывмæ гæсгæ сараздзыстут радзырд, дзурдзыстут иронау.


4. Хæдзармæ хæслæвæрд сбæрæг кæнын.


Х/х сын уыдис:

1)уагъд дамгъæтæй баххæст кæнын дзырдтæ æмæ сæ хъуыдыйæдтæ саразын;

2)диалогтæ саразын ситуацитæм гæсгæ: «Фос уæм ис?», «Дæ фыд кæм кусы?»

3)видеойыл сисын хæдзарон фосмæ куыд зилынц сывæллæттæ, уый.

1.

  1. Бæх, йæ, …æхтæ, сты, хæрзконд.

  2. Хæрæг, …устæ, сты, дар…

  3. Сæ…, ис, ды…æ, сæны…

(сывæллæттæ иугай цæуынц фæйнæгмæ æмæ æххæст кæнынц фæлтæрæн)


- Цавæр дамгъæтæ æрцыдысты уагъд?

- Куыд сæ хонæм?

- Цавæр ахæм дамгъæтæ ма зонут?

- Хъæрæй сæ сфæлхæт кæнут мæ фæстæ.

- Зæгъут ма дзырдтæ ацы дамгъæтимæ.

2.

Диалогтæ «Фос уæм ис?»


- Митæ, кæм цæрыс ды?

- Æз цæрын Горькийы уынджы?

- Фос уæм ис?

- Ис. Махмæ ис бирæ фос: хъуг, галтæ, хуытæ, фыстæ.

- Базилыс сæм?

- О. Æз сын кæрдæг, дон раттын.


«Кæм кусы дæ фыд?»


- Дæ бон хорз, Светæ!

- Æгас цу, Вовæ!

- Светæ, дæ фыд кæм кусы?

- Мæ фыд кусы фермæйы.

- Уый фермæгæс у?

- О, уый у фермæгæс.

3.Видео æрмæг. («Æз зилын фосмæ»)

- Чи уæ бацæттæ кодта видео æрмæг?

Сывæллæттæй дыууæйæ бацæттæ кæндзысты æрмæг. Экраныл æй равдисдзынæн проекторы руаджы. Сывæллæттæ æвдысты рæстæджы дзурдзысты сæ куысты тыххæй цыбыр радзырдтæ.


Нывон-предметон диктант.

(Æвдисын нывтæ, сывæллæттæ та сæ фыссынц иронау сæ тетрæдты)

Фыс, гал, бæх, гæды, сæгъ, хæрæг, хуы, куыдз.

(Сбæрæг кæндзынæн, сывæллæттæ сæ куыд ныффыстой, уый)



- Ацы дзырдтæн куыд ис схонæн? (хæдзарон фос)

- Ацы дзырдтæй иуимæ æрхъуыды кæнут хъуыдыйæд(Куыдз хуыссы хæдзары раз).


Нывимæ куыст.

Ахуыргæнæг: Æркæсут нывмæ. Кæй уынут нывы? Цы уынут нывы? (Дзурын фæрстытæ уырыссагау)

Лæппутæ, чызг, хъуг, род

- Архайд кæм цæуы? (Скъæты)

- Цавæр цæрæгойтæ ис нывы? (Хъуг, род)

- Цы ми кæнынц сабитæ? (Сабитæ æрбацыдысты скъæтмæ æмæ зилынц родмæ. Дарынц родæн æхсыр сывæдæгæй)

- Хъугæн та цы æрбахастой? (Дон ведрайы, бахæрын ын кодтой хос)

- Сымахæй та чи уарзы фосмæ зилын?

- Чи уæ куыд зилы фосмæ?

- Цæмæ сæм хъæуы зилын?

Дзырдуатон куыст.


Ахуыргæнæг: Хæдзарон цæрæгойты нæмттæй бирæты зонут. Сты фыст фæйнæгыл æмæ уæ тетрæдты , саразут сæ дзырдбæстытæ.

Миногон + номдар (нард фыс, стыр гал, …, …)




Дзырдтæ сты конд фæйнæгыл, сæ бынмæ сын бакæндзынæн ног дзырдтæ - нывтæ

Ахуыргæнæг: Дарддæр дæр зонгæ кæнæм фосы нæмттимæ. Фæлхат сæ кæнут мæ фæстæ хъæрæй (уæрыкк, сæныкк, род, байраг,хъыбыл,къæбыла, къæлæу) Сæ нывтæ сын æвдисын экраныл.

Байраг Сæныкк Род

Уæрыкк Хъыбыл Къæбыла

Къæлæу Тæрхъус

-Ныффыссут сæ уæ тетрæдты.


Æмбисæндтæ


Фæйнæгыл æмбисæндтæ.

«Куыдзы зæрдæ зонаг у».

«Куыдз у адæймаджы кæстæр æфсымæр».

«Гæдыйæн хæринаг - фынæйы хос».

«Фыдуаг галæн йæ сыкъа сæтты».

«Стыр дзых галæн дæр ис, фæлæ дзурын нæ зоны».


Куыд сын æмбарут сæ мидис. (Фæрсын сæ уырыссагау)


Хъомыладон куыст.


-Цæрæгойтæм, фосмæ хъус дарын хъæуы. Уыдон дзурын нæ зонынц, уыдон сты æнæбон æдæймаджы раз. Хæдзарон цæрæгойтæн сæ фылдæр вæййынц сæ хицæуттыл тынг æнувыд. Уæлдайдæр та куыдз, гæды, бæх. Уыдон арæх баххуыс кæнынц сæ хицæуттæн тыхст рæcтæг. Цал æмæ цал хаты фервæзын кодтой куыйтæ адæмы артæй, къæрныхтæй. Ахуыр куыйтæ фæагурынц зæххæнкъуысты рæстæджы адæмы кæлдтыты бын. Бирæ æххуыс кодтой куыйтæ хæсты рæстæджы, куыстой санитартæй æмæ афтæ дарддæр.

-Æрхъуыды ма кæнут кинонывтæ , кæцытæ сты цæрæгойтыл. Зæгъут ма дзы иу цалдæр.

-Цæрæгойтæ сты æгомыг æмæ сæ цы хъæуы уый нæ зæгъдзысты. Ис бирæ адæймæгтæ, кæцытæ удхарæй марынц куыйты, гæдыты. Ракæсут ма ацы нывтæм. Абарут сæ.

Кæцы ныв дзы цæуы уæ зæрдæмæ тынгдæр? Цæмæн?


(Сывæллæтты дзуаппытæ).

Æдисын дзырдтæ-карточкæтæ, сывæллæттæ сын дзурынц хъæрæй сæ тæлмац; ирон дзырдтæ - уырыссагау; уырыссаг дзырдтæ - иронау.

(дзырдтæ сты миногонтæ)

Бæрзонд

сырх

сау

хъарм

рæгъæд

желтый

холодный

сочный

круглый

адджын

- Ацы дзырдтæ цавæр ныхасы хæйттæ сты?

- Цы у миногон?

- Цавæр фæрстытæн дæтты дзуапп?

- Саразут ацы дзырдтимæ дзырдбæстытæ (миногон + номдар)

Интерактивон фæйнæгмæ ахуырдзаутæ иугай хизынц æмæ сæ аразынц дзырдбæстытæ(стыр чызг, бæрзонд бæлас, сырх каба, сау дзыкку, рæгъæд кæрдо).


Текстимæ куыст.


1 текст:

(Ахуыргæнæг кæсы аргъау раст хъæлæсы уагæй, гæнæн ис æвдиса нывтæ аргъаумæ гæсгæ.Сывæллæттæ та йын йæ мидис дзурынц уырыссагау).

Цæрæгойты хæдзар.

Иу хæдзары цард куыдз. Æрбацыд æм хæфс хойы. Тъупп-тъупп-тъупп.

-Чи цæры ам?

-Æз куыдз дæн:«гъæу-гъæу-гъæу».Ды та чи дæ?

-Æз дæн хæфс :«хъуа-хъуа-хъуа»

-Рахиз хæдзармæ.Ай у цæрæгойты хæдзар.Ам цæрынц куыдз æмæ хæфс.Æрбацыд гæды æмæ хойы. Тъупп -тъупп-тъупп.

-Чи цæры хæдзары ?

-Æз дæн куыдз: «гъæу-гъæу-гъæу»

-Æз дæн хæфс :«хъуа-хъуа-хъуа».Ды та чи дæ?

Æз дæн гæды : «миа- миа-миа»

-Рахиз мидæмæ хæдзармæ.

Райдыдтой иумæ цæрын.Ай у цæрæгойты хæдзар .Цæрынц йæ мидæг куыдз,хæфс,гæды.Æрбацыд уасæг.Тъупп-тъупп-тъупп.

-Чи цæры хæдзары?

-Æз дæн куыдз :«гъæу-гъæу-гъæу»

-Æз дæн хæфс : «хъуа-хъуа-хъуа»

-Æз дæн гæды : «миа-иа-миа».

-Ды та чи дæ?

-Æз дæн уасæг: « хъо-хъо-хъо».

-Рахиз мидæмæ.

Райдыдтой иумæ цæрын.Ай у цæрæгойты хæдзар.Уым цæрынц

куыдз,хæфс,гæды,уасæг.Æрбацыдис арс.Тъупп-тъупп-тъупп.

-Чи цæры ам?

-Æз куыдз дæн: «гъæу -гъæу-гъæу»

-Æз хæфс дæн: « хъуа-хъуа-хъуа»

-Æз гæды дæн: «миа-миа-миа»

-Æз уасæг дæн: «хъо-хъо-хъо»

-Ды та чи дæ?

Æз дæн арс.Æз дæу бахæрдзынæн,куыдз.Дæу дæр бахæрдзынæн ,хæфс.Дæу дæр гæды, уасæг.

Иууылдæр иумæ ныхъхъæр кодтой:

«гъæу-гъæу-гъæу»

«хъуа-хъуа-хъуа»

«миа-миа-миа»

«хъо-хъо-хъо»

Арс фæтарст æмæ алыгъд.

2 текст райуардзынæн сывæллæттæн.

- Бакæсут текст уæхинымæр, ссарут дзы миногонтæ æмæ сæ бахахх кæнут.

Тексты ис рæдыдтытæ. Уыдон не сты орфографион. Ссарут сæ æмæ сæ сраст кæнут.

Уарзон цæрæгойтæ.


Алан , Ацæмæз æмæ Аким бирæ уарзынц хæдзарон цæрæгойтæ. Мæ зæрдæмæ цæуынц

Хæдзарон цæрæгойтæ арс, рувас, бæхтæ - зæгъы Аким. Бæх зондджын æмæ рæсугъд цæрæгой у. Зонут нæ горæты бæхты театр байгом,уый?Æз дзы арæх вæййын.

-Куыдз дæр æдылы цæрæгой у,- зæгъы Ацæмæз. -Махæн Хъусой нæ хæдзары хорз хъахъхъæнæг у. Мах нæ куыдзы бирæ уарзæм.

-Æз та нанайы хъулон хъуджы уарзын,-дзуры Аким. Хъуг нын дæтты хæрзад æхсыр. Æхсырæй адæймаг кæны хъаруджын æмæ зондджын.


Сбæрæг кæндзынæн, цавæр дзырдта бахахх кодтой сывæллæттæ.

- Уырыссагау та куыд хуыйнынц?

- Куыд сæ хъæуы хахх кæнын миногонты?

- Цавæр рæдыдтытæ ссардтат тексты?

- Куыд ма ис зæгъæн дзырд рæсугъдæн? (аив , расугъддæр, тынг рæсугъд)

Интерактивонфæйнæгыл.

Дзырдтæй аразынц сывæллæттæ хъуыдыйæдтæ.

Хъуг

родмæ

йæ

уасы

Фыстæ

хуыссынц

бæлæсты

бын


хъæрæй

рæйы

Куыдз

(иугай хизынц скъоладзаутæ фæйнæгмæ æмæ æххæст кæнынц фæлтæрæн)


Иннæ скъоладзаутæ та хизынц иугай æмæ иу кæнынц дзырд + нывтимæ

Зæгъæм:

рæсугъд -

фæлмæн -


стыр -


гыццыл -


хъулон -

нард -

сырх-

адджын-

Хъазт


«Чи кæй лæппын у».


Интерактивон фæйнæгыл ис лыг дзырдтæ, сæ бынмæ стрелкæтæ, зæгъæм: (хæрæг фыс, бæх, хуы, хъуг). Сывæллæттæ сын сæ бынмæ æндадзынц сæ лæппынты нывтæ.


Уыци уыцитæ.


Æз æвдисын экраныл уыци-уыцитæ, сæ мидис сын амонын сывæллæттæн уырыссагау,уыдон та хъуамæ дзуапп скæной иронау.

Уыци -уыци , уый та циу?

Ленк кæны бæрзонд цъæх арвыл,

Ирд цæстæй фæлгсы дардыл;

Мидбыл худы уый æрмæст,

У йæ цинæй дуне 'фсæст,

Фæлæ йæм нæ лæууы цæст. ( ХУР )


Ис æртæ цæсты мæнæн,

Калынц радыгай тæмæн.

Сырх ыссыгъди, уæд æрлæуу,-

Гъе ныр дын цæугæйæ нæу!

Цæстытæй куы ссудзы бур,-

Цъус фæгæдзæ кæ, мæ хур.

Ссыгъди цъæх - дæттын дын бар,-

Размæ ныр дæ фæндаг дар,

Ис æртæ цæсты мæнæн …

Базон-базон æз цы дæн? (СВЕТОФОР )


Хатдзæг скæнын.


- Цы базыдтат абон уæ урочы?

- Цы фæцыд тынгдæр уæ зæрдæмæ?


Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.


Х/хæслæвæрд


Ныффыссут хъуыдыйæдтæ ног дзырдтимæ.


Адарддæр кæнут радзырд .

Æз цæрын хъæуы. Махæн ис стыр кæрт. Нæ кæрты ис фыстæ , кæрчытæ,…



 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал