7


  • Учителю
  • Брейн- ринг Хетӕгкаты Къостайы цард ӕмӕ сфӕлдыстад 8-ӕм кълас

Брейн- ринг Хетӕгкаты Къостайы цард ӕмӕ сфӕлдыстад 8-ӕм кълас

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

Брейн- ринг

Хетӕгкаты Къостайы цард ӕмӕ сфӕлдыстад 8-ӕм кълас


1-аг тур

1.1916 азы газет мыхуыр кодта: «Цыдӕриддӕр хорзӕй, бӕллиццаг ӕмӕ рӕсугъдӕй ис, уыдон ирон дзыллӕ уынынц Къостайы хуызы. Къоста у гении, сфӕлдисӕг, хӕрзаудӕг, уый у фӕндагамонӕг стъалы ӕфхӕрд ӕмӕ фӕллойгӕнӕг адӕмтӕн».

Цавӕр газет ныммыхуыр кодта ацы рӕнхъытӕ?(Газет «Терек»)

2.Хетӕгкаты Леуаны фырт Къостайы мад кӕмӕй уыд ӕмӕ куыд хуынд?(Гуыбаты Мария)

3.Леуан йӕ бинонты ракодта Дзӕуджыхъӕумӕ. Къостайы радта ахуыр кӕнынмӕ прогимназмӕ. Цал азы цыд уӕд Къостайыл? (10 азы)

4.Цавӕр уацмысӕй сты ист ацы рӕнхъытӕ?

«Бирӕйы фӕфӕнды

Райсомӕй хуыссын…

Хур ӕркаст…Нывӕнды

Хохӕй хохмӕ тын…» ( «Всати»)

2-аг тур

1.Къоста нӕ федта мады рӕвдыд, уыйхыгъд бавзӕрста сидзӕры фыдбонтӕ.Фыццаг ӕй хъомыл кодта сӕ хӕстӕджыты ус «фӕлмӕнзӕрдӕ, сыгъзӕрин сылгоймаг».

Чи уыд Къостайы схӕссӕг мад?(Дзапарты Чендзе)

2.1870-ӕм азы Леуан бирӕ хохӕгтимӕ алыгъд Кубаны облӕстмӕ. Уым сырӕзт ирон хъӕу.Куыд хуынд уыцы хъӕу? (Лабӕ)

3.1871 азы Къоста сси Стъараполы гимназы ахуырдзау.

Цал азы дзы фӕцахуыр кодта? (10 азы)

4.Цӕй тыххӕй ӕрцыд хаст Къоста 1891 азы Терчы зылдӕй? (Чызджыты скъола)

5.Цавӕр ӕмдзӕвгӕйӕ сты ист ацы рӕнхъытӕ?

«Йӕ хорз зарджытӕн

Йӕ хорз кадджытӕн

Ӕмбал кӕм уыди?

Ӕнӕ фӕхудгӕ

Ӕнӕ фӕкӕугӕ

Сӕм чи лӕууыди?! («Хъуыбады»)

3-аг тур

1.Прогимназ ӕмӕ Стъараполы гимназӕй уӕлдай ма кӕм ахуыр кодта Къоста? (Бетъырбухы Аивӕдты академийы)

2.Кӕцы аз ӕрыздӕхт Къоста Бетъырбухӕй Ирыстонмӕ? (1885 азы)

3.Къоста суӕгъд фыццаг хастӕй ӕмӕ ӕрцард Стъараполы. Цавӕр газеты редакцийы куыста? ( «Северный Кавказ»)

4.Цӕй фӕдыл ӕрцыд хаст дыккаг хатт Хетӕджы- фырт? (Ирыхъӕуы пъӕлицӕимӕ, дам, фӕхыл чындзӕхсӕвы)

5.Рацыд «Ирон фӕндыр». «Цезурӕ йӕ бахсӕста, дыргъ бӕласӕн йӕ хуыздӕр къалиутӕ куыд ракӕнай,афтӕ». Цавӕр ӕмдзӕвгӕтӕ дзы систой? («Додой», «Катай», «Азар», «Салдат»)

Уӕлдай фӕрстытӕ:

1.Уырыссагау цы уацмыстӕ ныффыста, уыдон хицӕн чиныгӕй кӕцы аз рацыдысты? (1895 азы)

2.Къоста йӕ фыды ныхӕстӕм гӕсгӕ цы очерк ныффыста, уый куыд хуынд? («Особа»)

3.Цавӕр ӕмдзӕвгӕйӕ сты ист ацы рӕнхъытӕ ӕмӕ сӕ цы зӕгъынмӕ хъавыд? ( «Ныфс», йӕ фыдӕн дзуапп радта…)

4.Кӕцы азы рацыд Къостайы ирон ӕмдзӕвгӕты ӕмбырдгонд ӕмӕ куыд хуынд? (1899 азы, «Ирон фӕндыр»)

5.Цавӕр нывтӕ скодта Къоста хасты рӕстӕджы? («Ӕрдзон хид», «Тебердайы ком»)





 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал