7


  • Учителю
  • Обобщение педагогического опыта 'Нигер. Бадилон симд'

Обобщение педагогического опыта 'Нигер. Бадилон симд'

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала






Гом урок ирон литературӕйӕ

Темӕ: Нигер «Бадилон симд»








Туаты Фатимæ,

Дзæуджыхъæуы

25-æм скъолайы ахуыргæнæг

Темæ: Нигер (Дзанайты Иван) «Бадилон симд»

Эпиграф:

Нæй никуы царды

Ссарæн фидыд

Æлдарæн æмæ

Мæгуыр æфхардан.

Сæ фыдтæ иумæ куы

сфыцой аджы

Уæддæр сæ басæн

Нæй никуы, никуы

Сæмхæццæ уæвæн.


Урочы нысан:1. Нигеры сфæлдыстады тыххæй зонындзинæдтæ парахатдæр кæнын.

2. Поэмæйы мидисы равзæрсты фæстæ хатдзæгтæ скæнын, ныхмæвæрд сурæттæ саразын, сæйрагдæр хатдзæг скæнын: хъæздгуытæ æмæ мæгуыртæ фидыд никуы уыдзысты; сæйрагдæр у адæймагæн йæ уды уæздандзинад, æддейы бакæсгæйæ уæздан нæ фæлæ.

3.Сывæллæтты зæрдæтыл æрлæууын кæнын нæ рагисторийы уарзты хабар: чи уыдысты Бадилатæ.

Цæстуынгæ æрмæг: Нигеры хуызист, поэмæйы мидисмæ скъоладзауты конд нывтæ.

Урочы цыд.

  1. Съоладзауты кусынмæ сразæнгард кæнын.

  2. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

Ахуыргæнæг:

Слайдтӕм гӕсгӕ дзурынц, кӕй кӕнӕ цӕимӕ баст сты.

-Нигер райгуырд….

- Уарзта ирон адæмы сфæлдыстад.

- Уагъта къухфыст журнал йе мбæлттимæ Æрыдоны семинары ахуыргæнгæйæ…

- «Таут хорз мыггаг, Ирыстон уæ бузныг уыдзæн». (Журналы эпиграф)

- Цæмæн æй схуыдтой Сау лæппу?

(Ирон æвзаджы Сау лæппу сау лагъз нæ нысан кæны, фæлæ сæрæн, æвзыгъд, хъæбатыр. Уыцы миниуджытæй æххæст уыд Дзанайты Иван.)



Хицæн скъоладзауты хъусынгæнинæгтæ Нигеры цард æмæ сфæлдыстады тыххæй.

Ног æрмæг.

Дзырдуат:

Æвæлмон цард - безмятежная жизнь.

Бадилатæ - дигорская знать, аристократы.

Тæгиатæ - иронская знать.

Æнæрвæссон - высокомерный.



Ахуыргæнæг: Фарстытæм гæсгæ равзарын мидис æмæ хатдзæгтæ скæнын.

- Цæй фæдыл скодта куывд Афай? Ссарут ацы бынат æмæ йæ бакæсут.

- Уыцы куывды æрмæстдæр йæ циндзинад æвдисы?

Дзуапп: Йæ цин, йæ хъæздыгдзинад, йæ уæздандзинад.

- Кæй æрхуыдта йæ куывдмæ?

Дзуапп: Йе мгæртты хъалты, афтæ схъал æмæ Нартæй йæхи уæлдæр æнхъæлын райдыдта.

Ахуыргæнæг: Скæнæм ма хатдзæг.

Дзуапп: Нæй йæм æцæг уæздандзинад.

Нæртон лæг йæ куывдмæ хуыдта æппæт нарты: мæгырæй хъæздыгæй.

Гуымиры абарст: Зилахар - нæртон адæмы удварнон бынат æмæ Сылтаныхъы фæтæнтæ -бæркад хæссæг быдыртæ.

- Куывды бадилаты фæлвæд куыд æвдыст цæуынц?

Дзуапп: Цæхæртæ калы сæ уæлæдарæс, сæ цæсгæмттæ ирд, хъал.

Ахуыргæнæг: Тексты ссарут ацы бынат æмæ йæ бакæсут.

- Мæгуыр фæсивæд цы бынат ахсынц поэмæйы?

Дзуапп: Уæззау куыст ис уыдоны æккойы.

Бадынц фысымтæ æмæ уæздæттæ дзаг фынгыл, уадзынцгаджидæуттæ.

Нæ фыдæлтæ дзырдтой: «Хуыцауы хорзæхæй адæмы хорзæх хуыздæр у». Ахуыргæнæг: Бадилатæ кæй хорзæхмæ бæллынц?

- Бадилаты хистæрæй цы зæгъы поэт?

- Æцæг уæзданы миниуджытæ кæмæ ис уазджытæй?

Дзуапп : Тугъанты Амырханмæ.

- Куыдæй разынд хъазтмæ Инал?

Дзуапп: Йæ конд, йæ бакаст, йæ митæ, æвдисынц, хъал, зынæрвæссон лæппуйы æууæлт).

- Фацбай та цавæр у цæимæйæ бары поэт?

Дзуапп: Скъоладзау кæсы скъуыддзаг найзусть.

1.Фацбай у цардбæллон. Уыцы миниуæг ын поэт æвдисы аллегорион нывы хуызы: рæсугъд дидинæг, сыфтæфтауæг бæлас. Æмбисонд у сауцъиуы зарæг: Уый зары цардæн, хурæн.

2.У зæрдæхæлар, куыстуарзон, сабыр, цæхæрцæст. Куывды рогуæнгæй лæггад кæны, бафæллад.

3. Фæлæ фæндыры цагъдмæ йæ фæллад айрох æмæ бадилаты симдмæ, хъазтмæ рахызт).

Ахуыргæнæг: Поэт куыд фыссы уыцы мийы тыххæй?

Дзуапп: Скъуыддзаг кæсы скъоладзау: Нæй никуы царды

Ссарæн фидыд…

- Куыд равдыста йæхи хъал Залихан кафты мидæг?

Дзуапп: Тыхст, æххуырстыл не рвæсы,æлгъ кæны кусæг лæгмæ.

- Цы ми бакодта сæрыстыр Файбай?

- Куыд равдыста йæхи Инал?

- Цы æбуалгъ ми бакодтой бадилаты «уæздан» фæсивæд?

- Ныхмæвæрд сты поэмæйы æрдзы нывтæ. Радзурут ма поэмæйы райдианы æмæ кæроны æрдзы нывтæ куыд æвдыст цæуынц?

Хатдзæгтæ:

Ахуыргæнæг: Уæдæ поэмæйы цавæр ныхмæвæрд хъайтартæ ис?

Дзуапп: Æвæрццæг-Фацбай, æппæрццæг-Инал.

Инал: йæ мадæн иунæг, йæ фыд æлдар, буцхаст, хъал, хирвæссон, дурзæрдæ.

Фацбай: йæ мадæн иунæг, йæ фыд æххуырст, фыргуыстæй мард, бæрзонд, фæтæнуæхск, цардбæллон).

Ахуыргæнæг: Уæдæ цавæр сæйраг хъуыды æвæрд ис поэмæйы?

Дзуапп: 1. Нæй фидыд æлдæрттæ æмæ æххуырстыты хсæн.

  1. Цæуы æмæ цæудзæн тох: хъæздыг хъахъхъæндзæн йæ æвæлмон цард, æфхæрд мæгуыр лæгæн рæстдзинад æмæ бартæ. Ахæм у поэты хатдзæг.

  2. Абарӕм ма уацмыс ныры цардимӕ. Цымӕ ныр ис архайджыты хуызӕн адӕм нӕ алыварс?

Ахуыргӕнӕг: Зӕгъут уӕ хъуыдытӕ мӕнӕ ацы дзырдтӕй пайда кӕнгӕйӕ?

  • Урок мæ зæрдæмæ фæцыд, уымæн æмæ…

  • Æз урочы базыдтон…

  • Урокæй мæхицæн райстон…

  • Урок мæм фæкаст цымыдисаг…

  • Æз ахъуыды кодтон…


Бæрæггæнæнтæ сӕвӕрын.


Хæдзармæ куыст

Фацбайы фӕлгонцӕн характеристикӕ скӕнын.





 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал