7


  • Учителю
  • План конспект урока по осетинской литературе Нарты равзард

План конспект урока по осетинской литературе Нарты равзард

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

Урочы темӕ: «Нарты равзӕрд» .

Нарты кадджытӕй иуӕй-иутӕ скъоладзаутӕн ӕгӕр вазыгджын сты. Ахуыргӕнӕджы хъӕуы ахсджиаг мадзӕлттӕ агурын, цӕмӕй сын сӕ мидис ӕнцондӕрӕй ӕмӕ арфдӕр бамбарын кӕна.

Зӕгъӕм, куыд хуыздӕр сахуыр кӕнӕн ис кадæг «Нарты равзӕрд» Ӕрмӕг хъусынмӕ уӕззау кӕй у, сюжеты ӕппӕт цаутӕ бахъуыды кӕнын скъоладзаутӕн сӕ бон кӕй нӕма вӕййы, уымӕ гӕсгӕ йӕ адихгӕнӕн ис, ӕнцонӕй кӕй бамбарой, ахӕм хӕйттыл. Хӕйттӕм гӕсгӕ саразӕн ис текстӕн схемӕ. Уый ӕххуыс у алы хайӕн дӕр йӕ сӕйраг хъуыды бӕлвырддӕр раиртасынӕн, цауты цыд бамбарынӕн, сюжет фӕд-фӕдыл дзурынӕн.

Ахуыргӕнӕг аив бакӕсы тексты фыццаг хай «Хуыцау агуры зӕххы аккаг адӕм». Уый фӕстӕ сывӕллӕттӕм ратты фӕрстытӕ:

а). Фыццаг цавӕр адӕмыхӕттыты сфӕлдыста Хуыцау?

б). Цӕмӕн-иу фесӕфта Хуыцау уыцы адӕмыхӕттыты?

Фӕрстытӕн дзуапп дӕтгӕйӕ, ахуыргӕнӕг ӕмӕ скъоладзауты 'хсӕн рӕзы баст ныхас.

Фыццаг хайы сӕйраг хатдзӕг равдисӕн ис компьюторыл схемӕйы хуызы: Хуыцау агуры зӕххы аккаг адӕм.

1-аг хайы схемӕ:





Уадмерытæ Къамбада Гамерытæ Гуымирытæ Уæйгуытæ





Зӕххӕн уӕззау

Ӕгӕр ставд

Ӕгӕр тыхджын

Ӕгӕр гыццыл

Тыхгӕнӕг

Зондӕй къуымых

Гуыры-мыхъ

Фыдуынд

Куыд уынӕм, афтӕмӕй 1-аг хайы сӕйраг хъуыдытӕн зӕгъӕн ис афтӕ: зӕххы аккаг нӕ разындысты, Хуыцау фыццаг кӕй сфӕлдыста, уыдон, уымӕн ӕмӕ уыдысты ӕгӕр ставд, ӕгӕр тыхджын, ӕгӕр уӕззау, зондӕй къуымых, гуырымыхъ, фыдуынд, тыхгӕнӕг.

2-аг хай «Нартӕ - зӕххы аккаг адӕм» бакӕсыны фӕстӕ скъоладзаутӕ беседӕйы руаджы ссарынц дзуапп ахӕм фӕрстытӕн:

а). Чи разынд зӕххы аккаг адӕм?

б). Цавӕр хорз миниуджытӕ уыди нартмӕ? Зӕххы аккаг цы миниуджыты тыххӕй разындысты, уыдон дӕр та нысангонд ӕрцыдысты схемӕйы (компьютерыл)

Нартӕ - зӕххы аккаг адӕм.

2-аг хайы схемӕ:Алӕгатӕ -

Зондхӕсджытӕ

(къус)

Борӕтӕ -бӕркаддӕтджытӕ





гутон

(гутон)

Ӕхсӕртӕггатӕ - ӕфсӕддонтӕ

Зондджын

Ныфсхаст

Кусаг

Хин

Тых-джын

Дзырд-дзӕугӕ

Хъӕба-тыр

Рӕ-сугъд





Нарты ӕртӕ мыггагыл ныхасгӕнгӕйӕ, радзурæн ис Геродоты таурӕгъ скифты равзӕрды тыххӕй: «Скифты паддзах Таргитайӕн уыдис ӕртӕ фырты. Лӕппутӕй иу хъуамӕ йӕ фыды фӕстӕ суыдаид паддзах. Уыцы рӕстӕджы уӕларвӕй ӕрхауд ӕртӕ сызгъӕрин дзаумайы: гутон ӕфсондзимӕ, хӕстон фӕрӕт ӕмӕ къус. Фыццаг сӕ федта хистӕр лӕппу. Ӕввахс сӕм куы бацыди, уӕд арт суагътой. Астӕуккаг ӕфсымӕрӕн дӕр дзаумӕттӕ райсын йӕ бон нӕ бацис. Афтӕмӕй сызгъӕрин дзаумӕттӕ фесты кӕстӕр лӕппу Калаксаисы. Дыууӕ хистӕр ӕфсымӕры сразы сты паддзахдзинад уымӕн раттыныл».

Ахуыргӕнӕг ма скъоладзаутӕн бамбарын кӕны, скифты ӕхсӕнад дихгонд кӕй цыд бӕркадхӕсджытӕ, ӕфсӕддонтӕ ӕмӕ дингӕнджытыл. Ахӕм дихдзинад уынӕм нарты кадджыты дӕр.

3-аг хай «Нарты фыдӕл - Уӕрхӕг» бакӕсыны фӕстӕ ахуыргӕнӕг сывӕллӕтты 'ргом здахы ахӕм сӕйраг проблемон хъуыдымӕ: нарты Уӕрхӕг ӕцӕг зӕххы аккаг разынди ӕви нӕ? Скъоладзаутӕ йын нымайынц йӕ миниуджытӕ, йӕ арӕхстдзинад ӕмӕ йын уыдонмӕ гӕсгӕ ссарынц йӕ бынат нарты равзӕрды схемӕйы.

3-аг хайы схемӕ

Нарты фыдӕл - Уӕрхӕг

Кусӕг

Хуымгӕнӕг

Хорз

цуанон

Адӕмуар-заг

Хорз хистӕр

Ӕрдзуарзаг

Хъӕбатыр





Текст скъоладзаутӕ куыд бамбӕрстой, цавӕр ӕнкъарӕнтӕ сӕм сӕвзӕрын кодта, уый сбӕрӕг кӕнынӕн беседӕйы, баст ныхасы фӕрцы, сывӕллӕтты ӕркӕнын хъӕуы, сӕ бон бамбарын кӕй бауа, ахӕм хатдзӕгтӕм:

а). Зӕххы аккаг чи у ӕмӕ чи нӕу?

б). Цавӕр хъуамӕ уа, зӕххыл чи цӕры, уыцы адӕймаг?

Уадз ӕмӕ сабитӕй алчи дӕр йӕхицӕн равзара, зӕххы аккаг чи уыди, уыцы нӕртон адӕмы миниуджытӕй, цӕмӕй уыдон дӕр Ирыстоны зӕххӕн аккаг хъӕбултӕй хъомыл кӕной. «Недостаточно заучивать слова, недостаточно понять даже мысли и чувства, в них заключенные, нужно чтобы эти мысли и чувства стали внутренне определяющими личность»,- зӕгъы зынгӕ уырыссаг ахуыргонд А. Н. Леонтьев.

Афтӕмӕй урочы баиу сты ахуырадон ӕмӕ хъомыладон функцитӕ, кӕцытӕн ис стыр нысаниуӕг сывӕллӕтты дарддӕры рӕзты.



 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал