7


  • Учителю
  • Хъаныхъуаты Иналы очерк 'Хохагта-лигъдатта'

Хъаныхъуаты Иналы очерк 'Хохагта-лигъдатта'

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

Урочы темæ. Хъаныхъуаты Иналы очерк «Хохæгтæ -лигъдæттæ»

Урочы нысан. Зæрдыл æрлæууын кæнын Хъаныхъуаты Иналы царды хабæрттæ æмæ очерк «Ирон хъæуы».

Сывæллæтты базонгæ кæнын очерк «Хохæгтæ-лигъдæттæ»-имǽ.


Урочы хъомыладон хæс. Сывǽллǽттǽн зонын кǽнын ирон ǽгъдау. Этнографи хуыздǽр базонын кǽнын. Гуырын кǽнын сǽрыстыр ǽмǽ уарзондзинады ǽнкъарǽнтǽ.


Урочы æрмæг. Чингуытæ, тетрæдтæ, дзырдуат,интерактивон фæйнæг.


Урочы цыд

  1. Ахуыргæнæг: Уæ бон хорз, сывæллæттæ.

  2. Сыв. Æгас нæм цу.

Зæрдыл æрлæууын кæнын Иналы цард æмæ сфæлдыстад. «Ирон хъæуы» цы хабæрттæ уыдис, уыдон.

Ахуыргæнæг: Мамсыраты Темырболаты фæстæ ирон адæмы цардыл фыссын райдыдта Хъаныхъуаты Инал, æмæ уый та хъуыддаг амыдта бынтон æндæр хуызы. Раст у, дзырдта уый, ивгъуыд заманы нæ адæмы царды бирæ уыд лæгдзинад дæр, хъайтардзинад дæр, фæлæ ныр сыхаг адæмтимæ, уæлдайдæр та уырысы паддзахадимæ, цæрын хъæуы фидыдæй, хæстæй Кавказы адæмтæ ницы рахæсдзысты Уæрæсейы хæдхæцгæйæ-«залымæй». Уый уыд ног идейæ, Кавказы адæмты царды дæр, ирон дзыллæйы хиæмбарынады дæр, ног æхсæнадон концепции, æмæ йæ ирон литературæйы фыццаг хатт сдзырдта Инал.

Фарст. Кæд æмæ кæм райгуырд Инал?

Дзуапп. Инал райгуырдис 1852 азы, Цæгат Ирыстоны Хъобангомы, Хъаныхъуаты хъæуы.

Фарст. Кæм ахуыр кодта Инал?

Дзуапп. Инал ахуыр кодта Стъарапъолы гимназы.

Фарст. Кæцы азы Иналы фыд алыгъ Туркмæ?

Дзуапп. 1860 азы алыгъдысты Туркмæ.

Фарст. Куыд арвыста Инал йæ ахуыры бонтæ?

Дзуапп. Инал арвыста йæ бонтæ тынг мæгуырæй.

Ахуыргæнæг. Инал, йæ райгуырæн Ирыстонау, бирæ уарзта ноджы иу хъуыддаг-рæстдзинад. Фыссæджы ахсджиагдæр миниуæгыл Инал нымадта рæстдзинад уынын æмæ уарзын, стæй рæстдзинад адæмы раз зæгъын фæразын, мæлæт дæм куы кæса дзырдтæй, уæддар. Инал фыста уый тыххæй: «Хъуамæ дæ уарзон идеалтыл рыг абадын ма уадзай, афтæмæй цæуай раст фæндагыл æмæ дæм хъуамæ кæддæриддæр уа уыйбæрц намыс æмæ æхсæнадон лæгдзинад, цæмæй рæстдзинад сдзурын фæразой: ома хæрамы-хæрам рахонын, хæрзуды-хæрзуд, давæджы-давæг, налат лæджы налат».

Иналæн йæхимæ ахæм лæгдзинад кæддæриддæр уыд, кæд йæ цæрæнбонтæ зын уавæрты арвыста, уæддæр.

Инал фыста нывæфтыд очерктæ, уацтæ, æмдзæвгæтæ, радзырдтæ. Бирæ очерктæ ныффыста Инал, фæлæ уыдоны астæу бæрæгæй зыны йæ фыццаг очерк «Ирон хъæуы»

Фарст. Цы равдыста автор йæ этнографион очеркы?

Дзуапп. 1 ахуырдзау. Иудзырдай, Иналы аив очеркмæ лæмбынæг куы æркæсæм, уæд фендзыстæм дыууæ фæлтæры: иу- этнографион, ома, адæмы æгъдæуттæ зонадон æгъдауæй фыст кæм сты, ахæм; иннæ-социалон-психологон.

2 ахуырдзау. Уацмысыл нæ цæст лæмбынæгдæр куы æрхæссæм, уæд фендзыстæм; фыссæг сагъæс кæны йæ адæмы ивгъуыд фидæныл æмæ йын зæгъы: ивгъуыдмæ фæстæмæ здæхæн нал ис, цардыуаг аразын хъæуы ног уавæртæм гæсгæ.

3 ахуырдзау. Ивгъуыд заманы æгъдæуттæ æмæ хъуыдытæй ног уавæрты чи нал бæззы, уыдоныл къух сисын хъæуы, адæм сæ уд хъуамæ хъарой рухсдзинадыл, æрмæст уæд ссардзысты рæсугъд фидæн - афтæ зæгъæн ис «Ирон хъæуы» сæйраг мидисæй.

4 ахуырдзау. Зæгъын ма хъæуы ноджыдæр уый, æмæ автор чиныгкæсæгæн, адæмæн æмбарын кодта ахсджиаг хъуыды: тыхгæнджыты æрмæст иварисджытæ кæнæ хъалонисджытæ не сты. Адæмы цыфыддар знæгтæ канд комкоммæ хицæуттæ не сты . Хицауад, паддзахы хæдхæцæгад, уый æнæхъæн системæ у-экономикон, политикон æмæ идеологон системæ, æмæ адæмы фыдцарды аххосджын уыцы системæ æнæхъæнæй у, канд хицæуттæ æмæ чиновниктæ нæ, фæлæ.

5 ахуырдзау. Адæм æмæ хицæутты хсæн конфликт у царды сæйраг конфликт, иууыл стырдæр фыдæвзарæн,- ацы хъуыды у «Ирон хъæуы» ахсджиагдæр мидис, фыссæджы зæрдиагдæр фæдзæхст йæ адæмæн.


Ног æрмæг

Разныхас. Иналы курдиатджындæр уацмыс «Ирон хъæуы» йæ хъуыдыты ногдзинад æмæ ахсджиагдзинадæй, йæ формæйы оригиналондзинад æмæ лиризмæй ссардта чиныгкæсæджы зæрдæ, бацахста зынгæ бынат ирон литерæтурæйы историйы.

Аивадон очерк «Хохæгтæ-лигъдæттæ» фыст фæцис 1875 азы, мыхуыры та рацыдис 1876 азы. «Хохæгтæ лигъдæттæ» у Иналы дыккаг очерк æмæ йæ мидисæй æнгом баст у, нырмæ цы очеркыл дзырдтам, «Ирон хъæуы», зæгъгæ, ууыл.

Шамилы уацары куы райстой, уæд Кавказы цæрæг адæмтæн сæ ныфс асаст, сæ зæрдæтæ бамǽгуыр сты, банкъардтой, сæ райгуырæн бæстæ сын цæрынмæ кæй суынгæг, уый. Ныр бæлвырдæй сæхи цæстæй федтой, туджы аргъ кæй балхæдтой, афтæ хъæбатырæй знагимæ цы сæрибары сæрвæлтау тох кодтой, уымæн кæрон кæй æрцыд. Ноджы стырдæр мæты бацыдысты хохæгтæ, се хсæн, уæ цоты уын салдæттæм кæндзысты,зæгъгæ, ахæм дам-думтæ куы апырх сты, уæд. Гъе ацы хабар фехъусгæйæ хохæгтæ æрцыдысты ахæм хатдзæгмæ, зæгъгæ, ныууадзæм нæ райгуырæн бæстæ, тæккæ æрæджы дæр ма туг кæуыл калдтам, уыцы зæхх æмæ цард æмæ æдас бынатагур фæлидзæм Стамбулмæ, уæд афтæ хуыдтой Турчы бæстæ. Уым нæхицæн сæрибарæй цæрдзыстæм, нæ цот та хызт уыдзысты салдаты фыдæбойнаг цардæй.

Уыййадыл хохæгтæ 1859 азы фыдбæллæхы фæстæ сфæнд кодтой Кавказы Турчы бæстæйыл баивын.

«Уым цæрынц не мдин адæм,-дзырдтой уыдон,-уым баныгæндзыстæм нæ рæстудтæ, не стджытæ, цæйнæфæлтау сæ, нæ фыдæлтæ æмæ нæ фæсивæд сæ тугæй кæй ныхсадтой хъазуат тохы, Хуыцауæй нын цы сæрибар цард фæдзæхст уыд, уый хъахъхъæнгæйæ, æмæ ныр ацы джауыртæ се нæхснад къæхтæй кæй нæмынц, уыцы зæхх ныууадзæм. Нæ, махæн уырысимæ баззайæн ницыуал хуызы ис. Мах хъуамæ алы уысм дæр нæ зæрдæйыл дарæм, хъаймæты бон кæй æрцæудзæн, кæй æрлæудзыстæм уыцы æвирхъау тæрхоны бон, тохы нын цы хиуæттæ фæмард, уыдоны цур æмæ кæй ратдзыстæм дзуапп, куы нæ бафæрсой, джауыртимæ чи сæмтъеры, уыцы тæппудтæ, сымах та ма цæмæн баззадыстут ам, зæгъгæ».

Афтæ дзырдтой, йæ сæр ма сæрмæ чи хаста, уыцы æууæнкджын хохаг пысылмæттæ æмæ сæ уырныдта, æцæгдæр æвирхъау тæрхоны бон, ома ахæрæты бон кæй æрцæудзæн æмæ бавдæлдысты æмæ сæ зæхх-мулк ныууæй кодтой æмæ Турчы бæстæмæ цæуыны къахыл ныллæууыдысты.

Уыцы лигъдæттимæ уыдысты Иналы бинонтæ дæр.Фæлæ, Иналы фыд Дудар йæхи цæстæй куы федта, Турчы зæххыл ирон лигъдæттæн цавæр царды фадат уыди, уый, уæд ныллæууыд фæстæмæ Ирыстонмæ раздæхыныл æмæ йæ фæнд сæххæст кодта. Инал йæ очерк куы фыста, уæд Туркмæ лидзыны хабарыл 14 азы рацыд.

Фыссæг хорз зыдта, ирон адæмæй Туркмæ, се мдин адæммæ, чи алыгъд, уыдоны фæндиаг трагикон рæдыдыл банымай, уæд æнæмæнг фæхæрам уыдзысты, ам ма чи баззад, уыцы пысылмон ир, ома уый чырыстон зонд у. Фæлæ Инал уымæй нæ фæтарст æмæ загъта æргом æмæ цæхгæр: «…лигъдон адæм бамбæрстой, кæй фæсайды сты, кæй баисты сæ рæуæууæнчы амæттаг, кæй сæ нæ хъуыд æууæндын сæрхъæн лæгты мæнг ныхæстыл, ома сын уым, Турчы, хуыздæр уыдзæн. Ныр мæнæ уыцы сæрхъæн фанатикты зондæй сæфтмæ цæуынц».

Инал йæхæдæг бавзæрста скъоладзау лæппуйæ Туркмæ лидзыны хъизæмар æмæ, йæ бинонтæ цы фыдæвзарæны бахаудтой уыцы дард фæндагыл, фистæгæй, галуæрдоны æмæ уæлбæхæй цæугæйæ, уый тыххæй

Фæдзырдта тынг уынгæг зæрдæйæ, раст цыма хъарæг кодта йæ бинонты сæфтыл æмæ йæ адæмы трагедийыл, уыйау.Иналы уацмысы мидисы ис ноджы иу нымаинаг хъуыды. Уый у, фыссæг йæ адæмы фидæн цы зондыл самаинаг уыд, уыцы историон концепци кæнæ хъуыды. Фыссæг амоны: ивгъуыд дунейы цардыуаг, ома Кавказы адæмтæ Уырысы паддзахадмæ куы бахаудтой, уый размæйы царды уавæртæ æмæ фæтк нал сты, раивтой, æмæ сæ ферох хъæуы. Ныр адæймаджы хъæуы ног уавæрты цæрын. «Раздæры царды уавæртæ, хохаг лæджы зæрдæйы хъæбатыры миниуджытæ чи взарын кодта, уыдон сафынц цадæггай, раздæры хъæбатыр абырджыты идеалтæ та ныр таурæгъты хай баисты… ныр тыхгæнæг цæуын, цæхæрцæст лæппуйы миниуæгыл кæй нымадтой, уый нымад цæуы магусайæ цæлуарзæджы миниуæгыл. Раздæры цæхæрцæст митæ ма чи фæзмы, уыдонæй ныр æппæлгæ нæ, фæлæ сæ уайдзæфты хай фæкæнынц».

Раздæр ахæм митæм æмхиц уыдысты уæздæтты фæсивæд. Уыдоны ницæй мæт уыди: сæ куыстытæ сын кодтой сæ дæлбар зæхкусæг адæм, сæхæдæг та рацу-бацу кодтой æнæхъуыддагæй ницæйаг балцыты кæнæ та архайдтой искæй фос тыхæй ратæрын кæнæ радавыныл…Фæлæ 1861 азы Уæрæсейы зæхкусджыты хъазарадон барадæй куы суæгъд кодтой, уæд æхсæны царды уавæртæ цæхгæр аивтой: уæздæттæн сæ адæм сæ армы дзыхъхъы нал уыдысты. Ныр сау куыст, æдзухбылысчъилтæ кæуыл кодтой, уый сæхимæ æрхауд æмæ сын гæнæн нал уыд: кæнæ сыдæй мæлгæйæ цæр, кæнæ кус!

Фыссæг ахæм зондыл, ома сæфтдзаг зондыл, разы нæу æмæ йæ канд йæхи номæй дзуры, фæлæ ма æвдисы, уыцы зонды фарс чи хǽцы, ахæм адæймæгты фæлгонцтæ. Иналы очеркы ахæм персонаж у уæздандæр мыггæгтæй иуы минæвар, лæппу-лæг Хасан. Уый канд нырма ǽрыгон у 26 аздзыд, уǽддǽр ын «цǽсты сындз сты абырǽгдзинад, дзǽгъǽлы рабыр-бабыр кǽнын ǽмǽ ǽгǽрǽстымǽй хъама дарын дǽр» .Ǽмǽ фǽзǽгъы: «Афон у, -ǽдылы митǽ ныууадзин, хъǽуи-хъǽуи ралли-балли кǽнын; афон у куысты сǽр ǽрлǽууынǽн : ǽлдар ǽмǽ уǽзданǽн сау куыст кǽнын худинаг у, зǽгъгǽ , ахǽм зонд та аппарын хъǽуы». Хасан йǽхǽдǽг зǽрдиагǽй кусын райдыдта цалдǽр азы размǽ, ǽмǽ йǽ цонгвǽллойǽ йǽ бинонты цард цǽуы нывыл, хъуаг ницǽмǽй ǽййафынц. Магусатǽ ма йǽм хǽлǽг дǽр кǽнынц, фǽлǽ сǽ уый мурмǽ дǽр нǽ дары, ǽрмǽст сǽм йǽ цǽсты зулǽй кǽсы.Уымǽн ǽмǽ уыдон магуса уǽвгǽйǽ, искǽй фосǽй радавынмǽ зивǽг нǽ кǽнынц.

Хасан ацы зондыл хǽст кǽй у, уымǽй зǽрдыл лǽууын кǽны, «Ирон хъǽуы» цы Хǽтǽхцыхъо ис, уый фǽлгонц. Ацы миниуǽг та ууыл дзурǽг у, ǽмǽ дыууǽ уацмысы дǽр сǽ идейон мидис ǽмǽ историон хъуыды-концепцимǽ гǽсгǽ иу зондыл амад кǽй сты. Уымǽн зǽгъы фыссǽг йǽ уацмысы кǽрон: «Хуыцауǽй бузныг, ныр махмǽ дǽр ǽрбахǽццǽ цивилизацийы хурǽй иу тын: ǽрǽджиау мах дǽр федтам ǽфсǽйнаг фǽндаг; локомотивы ǽхситт махǽн дǽр, фидыдǽй цǽрǽг адǽмǽн, нǽры нǽ хъусты ǽмǽ нын ǽрвылбон нǽ зǽрдыл лǽууын кǽны, ныр мах дǽр кǽй баиу стǽм Европǽйы цивилизацигонд адǽмтимǽ».

Очерктǽ «Ирон хъǽуы» ǽмǽ «Хохǽгтǽ-лигъдǽттǽ» дыууǽ дǽр фыст уыдысты, нǽ фыссǽг Дард Скǽсǽнмǽ цалынмǽ нǽ афтыд, уǽдмǽ , ома 70-азты фыццаг ǽрдǽджы. Уǽд ма Иналы уырныдта буржуазон цивилизацийы прогрессивондзинад. Фǽстǽдǽр уыцы цивилизацийы мидǽууǽлтǽ йǽхи цǽстǽй куы федта ǽмǽ куы базыдта, уǽд сǽ иттǽг карзǽй критикǽ кодта, фǽлǽ уый фǽстǽдǽр уыд, стǽй ацы очерктǽ куы фыста, уǽд Иналǽн йǽ фǽндиаг дǽр ǽндǽр уыдис: фыццаг - хохаг адǽмты зǽрдǽмǽ ахǽм хъуыды ныдздзурын, зǽгъгӕ Туркмӕ лидзыны сӕр ницӕмӕн хъӕуы, уый рӕдыд фӕндаг у, национ трагедийы фӕндаг; Кавказы адӕмтӕн цӕргӕ ӕмӕ сӕ фидӕн аразгӕ у Уӕрӕсейы паддзахады; хӕстыл хъуамӕ ма уой лӕуд, фӕлӕ фидыдӕй цӕрой уырысимӕ дӕр ӕмӕ кӕрӕдзиимӕ дӕр, стӕй сӕ цонджы куыст ӕмӕ сӕ удвӕллойӕ .

Ацы зондыл-фӕндиагыл амад у нӕ фыссӕгӕн йӕ лирикӕйы мидис дӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Иналы поэтикон уацмыстӕй ам ӕрмӕст цалдӕры кой ракӕндзыстӕм , фӕлӕ кӕсын ӕмӕ зӕрдыл дарын хъӕуы се ппӕты дӕр.

Сывæллæттæй исчи райдыдта чиныджы текст кæсын.

Ахуыргǽнǽг. Исчи радзурǽд хи ныхǽстǽй очерк чи куыд бахъуыды кодта, афтǽ.

Исчи дзуры очерк.


Хæдзармæ куыст раттын.

Бакæсын «Хохæгтæ-лигъдæттæ». Фарстæн дзуаппытæ раттын.

Скæнын урочы хатдзæгтæ æмæ бæрæггæнæнтæ сывæрын.æææææææææ




 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал