7


  • Учителю
  • Конспект урока на тему Мивдисаг(7класс)

Конспект урока на тему Мивдисаг(7класс)

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

Темæ: Мивдисæг!





Нысан:

1. Раззаг кълæсты мивдисæджы тыххæй рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын,ныффидар сǽ кǽнын фǽлтǽрǽн куыстыты фǽрцы

2. Раст пайда кæнын дзургæ æмæ фысгæ ныхасы.

3. Ныхасы рæзтыл бакусын.

Урочы цыд

Организацион хай.

Сывǽллǽттǽ,абон мах нǽ зǽрдыл ǽрлǽууын кǽндзыстǽм ирон ǽвзаджы ныхасы хǽйттǽй иу.Цавǽр ныхасы хайыл дзурдзыстǽм,уый та мын ныртǽккǽ сымах зǽгъдзыстут.

Байхъусǽм музыкǽмǽ.

Сывǽллǽтта,зǽгъут-ма,цы ми кǽнын нǽ бон у музыкǽмǽ хъусгǽйǽ?(кафын,зарын,цин кǽнын)

Цавǽр ныхасы хǽйттǽ загътат?

Раст у,абон нǽ урочы дзурдзыстǽм ǽппǽтǽй ахсджиагдǽр,ǽппǽтǽй хъǽздыгдǽр ǽмǽ цымыдисǽгдǽр ныхасы хайыл,мивдисǽгыл

(Скъоладзаутǽ фыссынц нымǽц,урочы темǽ)

Нǽ урочы хǽс у ,мивдисǽгǽй цы рацыдыстǽм,уый зǽрдыл ǽрлǽууын кǽнын,фысгǽ ǽмǽ дзургǽ ныхасы дзы куыд пайда кǽнын хъǽуы,ныхасы рǽзтыл бакусын,нǽ дзырдуат фǽхъǽздыгдǽр кǽнын

⦁Дыууǽ скъоладзауы фǽйнǽгыл кусынц.

1.ǽркастысты

Дзырды хǽйттǽм гǽсгǽ равзарын,уǽнгтыл ǽй адих кǽнын,цавд сǽвǽрын

Фонетикон ǽвзǽрст кǽнын





2.Доны былтыл æнусон нæзы бæлæстæ рæсугъд кæнынц Ирыстоны хæххон æрдз.

Хъуыдыйады характеристикǽ,равзарын хъуыдыйады уǽнгтǽм гǽсгǽ,мивдисǽг равзарын





⦁.Цалынмǽ фǽйнǽгыл кусынц,уǽдмǽ фǽрстытǽм гǽсгǽ беседǽ:

Цавǽр ныхасы хай хонǽм мивдисǽг?

Цавǽр вǽййынц мивдисджытǽ сǽ арǽзтмǽ гǽсгǽ?

Цавǽр архайд ǽвдисынц ǽххаст ǽмǽ ǽнǽххǽст мивдисджытǽ?

Цавǽр мивдисджытǽ сты цǽугǽ цавǽр ǽдзǽугǽ?

Цы у ифтындзǽг?

Тасындзǽг та?





Беседǽйы фǽстǽ сбǽрǽг кǽнын фǽйнǽгыл куыстытǽ,бǽрǽггǽнǽнтǽ сǽвǽрын





⦁.Фǽйнагыл базон -базонтǽ.

Баххǽст кǽнут хъуыдыйǽдтǽ

«Дзургǽ нæ кæны, афтæмæй адæмæн зонд амоны» (чиныг)

«У дæ фыссæнгæрзтæй иу,

Базон-ма йæ, уый та циу?» (Кърандас)

Миты бын ракалы дидинæг,

Уалдзæгыл сæмбæлы фыццаг (Малусæг)

Асиатыл авд кæрцы,

Чи сæ ласы, уый кæуы. (Хъæдындз)

Зынг нæу, афтæмæй судзы.( Пысыра)





⦁.Аулǽфт

Грамматикон хъазт « Чи фылдǽр ǽмǽ растдǽр»

Иу дзуры номдар иннǽ та йǽ хъуыдымǽ гǽсгǽ мивдисǽг,кǽнǽ мивдисǽг,стǽй номдар

Хур кǽсы, ǽрттивы стьалы





⦁. Æмбисæндтæ

Уæлдай бирæгъæн дæр нæ (тайы)

Мæсыг йæхи дурæй (хæлы)

Райгуырæн бæстæ мады ад (кæны)

Лæгъз ныхас дурмæ дæр (хъары)





⦁.Мивдисджытǽм ссарын синонимтǽ,антонимтǽ,

Синонимтǽ:

Цǽуын(згъорын,лидзын)

Дзурын(ныхас кǽнын)

Хǽрын(фынгмǽ ǽвналын,ǽууилын)





Антонимтǽ:

ǽлхǽнын-уǽй кǽнын

худын-кǽуын

ссудзын-ахуыссын

бадын-лǽууын

Ныффысын дзырдбæстытæ мивдисджытимæ.

Бадын, фыстам, зардзæн, ахуыр кæнут, хуым кæнынц.

(быдыры, скъолайы, фыстæг, урочы, къласы).





⦁ Ǽрбакǽсут-ма экраныл текстмǽ

Бæрзонд айнæг хæхтыл мит рауарыд.Уый хуры тынтæм налхъуыт-налмасау ферттивы.Цъæх арв мады хъæбысау йæхимæ æрбангом кодта æнусон хæхтæ. Уыдон дæр сæхи ,цыма мады фæлмæн риуыл бауагътой,афтæ сæрыстырæй фæлгæсынц дунемæ. Æнæбын арф комы Терк йæхи раппар -баппар кæны,цæмæй быдыртæм тагъддæр аирвæза .Доны былтыл æнусон нæзы бæлæстæ рæсугъд кæнынц Ирыстоны хæххон æрдз.

Сывǽллǽтта,рафыссут дыууǽ къорды текстǽй-номдартǽ ǽмǽ мивдисджытǽ

Цамай хицǽн кǽнынц ацы дзырдтǽ ?

(номдартǽ ǽвдисынц предмет,мивдисджытǽ -архайд)

Ацы диссаджы ныхǽстǽ ныффыста Къоста. Ǽвǽццагǽн, Къоста бирæ хæттыты афæлгæсыд ацы комы æрдзы нывыл.

Куыд уǽм кǽсы, уыдонмæ кæсгæйæ цавæр хъуыдытæ фæзыны адæймагмæ?

-Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад.

⦁Хатдзǽгтǽ

Абон нǽ зардыл ǽрлǽууын кодтам сармагонд ныхасы хай мивдисǽг.Мǽн уырны дарддǽры урокты мивдисǽгǽй раст пайда кǽй кǽндзыстǽм

⦁Бǽрǽггǽнǽнтǽ.

⦁Хǽдзармǽ куыст



































































































 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал