7


  • Учителю
  • Отркрытый урок по творчеству К.Л. Хетагурова

Отркрытый урок по творчеству К.Л. Хетагурова

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала





















ГОМ УРОК

«ИУДЗИНАДМӔ СИДТ ХЕТӔГКАТЫ КЪОСТАЙЫ ӔМДЗӔВГӔ «БАЛЦЫ ЗАРӔГ»-Ы.

























Змейкӕйы фыццӕгӕм астӕуккаг скъолайы

ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнӕг

ГУКОВА Ц.З.













Урочы темæ: Иудзинадмæ сидт Хетæгкаты Къостайы ӕмдзӕвгӕ «Балцы

зарӕг»-ы.

Урочы нысан: поэты сфæлдыстадыл цыбыр афæлгæст саразын;

поэты сæйраг нысан-иудзинадмæ сидыны темæ райхалын

æмæ йыл бакусын «Балцы зарӕг»-ы бындурыл;

рæзгæ фæлтæры зæрдæты гуырын кæнын цымыдисдзинад

æмæ уарзондзинад нæ гениалон поэты сфæлдыстадмæ,

райгуырӕн бӕстӕмӕ.

Урочы æрмæг: интерактивон фæйнæг,æмбисæндтæ,таурæгъ,

проектон куыстытӕ, компьютер…

Урочы эпиграф: Иудзинад хæхтæ дæр афæлдахдзæн.

Æмбисонд.





У Р О Ч Ы Ц Ы Д :

I. Организацион хай.

II. Ахуыргæнæджы раныхас:

- Кæддæр нæргæ цы паддзахад кодта,уый раууатмæ æрцыд. Адæм иу куырыхон лæгмæ фæрсынмæ бацыдысты,цы саразын хъæуы уымæн,цæмæй сæ паддзахадмæ йæ раздæры ном æмæ кад æрæздæхой,зæгъгæ.Зæронд лæг сæм байхъуыста,стæй сын загъта: «Уæ паддзахады сæргъы сæвæрын хъæуы ахæм адæймаджы,кæцыйæн йæхи цардæй зынаргъдæр уыдзысты йæ адæм,йæ Райгуырæн бæстæ». Бирæ фæзылдысты,фæагуырдтой,фæлæ ахæм адæймаг не ссардтой.Æрхæндæгæй,сагъæсгæнгæ æрбацæйæздæхтысты адæмы минæвæрттæ æмæ фæндагыл фембæлдысты иу æвзонг лæппуйыл бæхуæрдоныл.Цæй ай дæр-ма афæрсæм,зæгъгæ,йын сæ хабæрттæ ракодтой. Лæппу иуцасдæр æдзæмæй алæууыд,стæй сын загъта: «Ау,кæд мæ Райгуырæн бæстæ фервæзын кæнынæн мæ цард еддæмæ ницы хъæуы,уæд ма уæ каст цæмæ у,айсут æй,æз цæттæ дæн».Уæдæй фæстæмæ та паддзахад йæ раздæры гаччы абадт,йæ кады ном та дардыл айхъуыст.

-Ацы лӕппуйы хуызӕн патриот, йӕ адӕмы хъысмӕтыл зӕрдӕрисгӕ чи уыд, ахӕм лӕг искӕй зонут? Ацы таурӕгъ уын хуымӕтӕджы нӕ радзырдтон./Байхъусын дзуаппытӕм/. Уӕдӕ нӕ абоны урочы кӕуыл ӕмӕ цӕуыл дзурдзыстӕм?

-Ацы цардбæллон,Райгуырæн бæстæйыл иузæрдион чи уыд,уыцы лæппуйы таурæгъ куы фæкæсын,уæд алыхатт дæр мæ цæстытыл ауайы ирон адæмы гениалон хъæбул,зынгзæрдæ патриот,йæ цард æгасæй дæр йæ Райгуырæн бæстæ æмæ йæ адæмæн чи снывонд кодта,ирон аив литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къоста./Интерактивон фæйнæгыл йæ портрет/.

Абоны урокмӕ уын хӕслӕвӕрд уыд Къостайы цард ӕмӕ сфӕлдыстадӕй цыбыр хъусынгӕнинӕгтӕ бацӕттӕ кӕнын. /Байхъусын докладтӕм, презентацитӕм/.

Къоста цы æвæрæн бахаста ирон литературæ æмæ æмткæй ирон культурæмæ,уымæн æвдисæн у, йæ куыстæн ын цы аргъ скодтой зындгонд адæм,уый дæр./Равдисын сæ инт.фæйнæгыл/.

« «Зæрдæйау хивæнд»-уый амоны фæстаг улæфты,фæстаг туджы æртахы онг дæр йæ адæмыл иузæрдион уæвын.Ахæм уыд Хетæгкаты Къоста…».

И.Сельвинский.

«Хетæгкаты Къоста у ирон адæмы Леонардо да Винчи…»

А.Фадеев.

«Къоста цы у, уымæй у адæмон. Адæмы зæрдæ, сæ сагъæстæ, сæ хъуыдытæ, сæ зондахахст - уый у æппæты сæйрагдæр йе сфæлдыстады».

Нигер.

-Ахæм раныхæстæ тынг бирæ ис,мах дзы мæнæ иуцалдæр бакастыстæм, æмæ уымæй дæр бæрæг у, Къоста ирон адæмыл куыд иузæрдион уыд,йæ цард æгасæй дæр йæ адæмы сæрыл тохæн кæй снывонд кодта.Ирон адæмы цардыуаг æмæ æгъдæуттæй ахæм нæ уыд æмæ Къоста цæуыл нæ ныффыста литературон уацмыс, кæнæ нæ равдыста йæ нывты. Лæмбынæг сæм куы кæсæм, уæд фендзыстæм, йæ алы уацмыс дæр кæй у æнæхъæн философи. Уæлдай зæрдиагдæрæй архайдта ууыл,цæмæй ирон адæм бамбарой, рухс цардмæ фæндаг байгом кæныны тыххæй сæ кæй хъæуы æнгомдзинад, кæрæдзийыл æнувыддзинад, иумæйаг тыхтæй тох кæнын. Растдæр уымæн сидти æдзух йæ уацмысты иудзинадмæ.

-Уымæн равзæрстон нæ абоны урочы темæйæн дæр «Иудзинадмæ сидт Къостайы ӕмдзӕвгӕ «Балцы зарӕг»-ы.».Нæ хæс у афæгæсын поэты сфæлдыстадыл, арфдæр банкъарын æмæ нæ зæрдæтæм хæстæгдæр айсын Къостайы сфæлдыстад. Стӕй, иудзинады темӕ «Балцы зарǽг»-ы бындурыл райхалын. Фæлæ уал,фыццаджыдӕр, бакæнæм дзырдуатон куыст:

Иудзинад-единство,сплоченность.

-Адæмы иудзинадмæ Къоста цы цæстæй каст,уый мах фендзыстӕм, цы 'мдзæвгæ хъуамӕ сахуыр кǽнǽм, уымǽй дæр.Æрлæууын-ма йæ кæнæм нæ зæрдыл. / Ахуыргӕнӕг дзуры ӕмдзӕвгӕ/.

-Фарст: -Зæгъут-ма мын уæдæ,цæмæ сиды Къоста йе 'мдзæвгæ «Балцы зарæг»-ы?

-Дзуапп: -Йе 'мдзæвгæ «Балцы зарæг»-ы поэт сиды ирон фæсивæдмæ,цæмæй кæрæдзийæн аргъ кæной,уарзой кæрæдзийы æфсымæртау, «дзыллæйы номæй скæной сæ тырыса» æмæ цæуой размæ, рухсмæ æнæзивæг.

«…Скæнæм нæ тырыса дзыллæйы номæй.

Рухсмæ æнæзивæг цомут æнгомæй!..»

-Куыд федтам, афтæмæй гениалон поэты стырдæр бæллицтæй иу уыдис, цæмæй ирон адæмы 'хсæн фидар кодтаид иудзинад, æфсымæрдзинад, уарзондзинад, уымæн æмæ уый хорз æмбæрста, сæрибармæ, рухс фидæнмæ фæндаг адæм æмвæнд, æмзонд куы уой, æрмæстдæр уæд кæй ссардзысты.

-Нæ абоны урокæн эпиграфæн райстон æмбисонд: «Иудзинад хæхтæ дæр афæлдахдзæн».

-Фарст: -Куыд ын æмбарут йæ хъуыды?

-Дзуапп: -Хæхтæ ахæм фидар сты æмæ æнусты дæргъы æнæфæцудгæ лæууынц,фæлæ адæммæ иудзинад куы уа,уæд уыдон хæхтæй дæр тыхджындæр кæй уыдзысты.

-Фарст: -Тынг хорз. Нæ фыдæлтæй нæм бирæ æмбисæндтæ æрхæццæ ис иудзинады тыххæй,иу-дыууæйыл дзы афæлгæсæм,уæ хорзæхæй.



«Æнгом цуанонтæ сырд марынц,

Æнгом бинонтæ цард арынц».



«Иу михыл кау ничи бийы»./Инт.ф./

Æмбисæндты мидис равзарын.

-Уæдæ цавæр хъуыдымæ 'рцыдыстæм?Къоста,куыд федтам ,афтæмæй адæмы иудзинадмæ хуымæтæджы нæ бæллыд. Уымæн уый уыд йæ сæйраг бæллиц.

Фарст: -Зæгъут-ма мын уæдæ,цæмæ сиды Къоста йе 'мдзæвгæ «Балцы зарæг»-ы?

Дзуапп: -Йе 'мдзæвгæ «Балцы зарæг»-ы поэт сиды ирон фæсивæдмæ,цæмæй кæрæдзийæн аргъ кæной,уарзой кæрæдзийы æфсымæртау, «дзыллæйы номæй скæной сæ тырыса» æмæ цæуой размæ, рухсмæ æнæзивæг.

Фарст:- Кӕмӕ сиды йе ′мдзӕвгӕйы Къоста?

Фарст:- Цӕмӕ сиды Иры лӕппутӕм?

Фарст:- Куыд ӕмбарут ӕмдзӕвгӕйы мӕнӕ ацы дзырдтӕ?

Скӕнӕм нӕ тырыса дзыллӕйы номӕй,

Рухсмӕ ӕнӕзивӕг цомут ӕнгомӕй!

Фарст:- Цӕмӕн схуыдта Къоста йе ′мдзӕвгӕ «Балцы зарӕг». Цавӕр балцмӕ сиды ирон фӕсивӕдмӕ?

Фарст:- Кӕмӕн уайдзӕф кӕны поэт ӕмдзӕвгӕйы? Ссарут уыцы бынат ӕмдзӕвгӕйы, бакӕсут ӕй?

Фарст:- Поэты цавӕр ӕнкъарӕнтӕ ӕвдыст цӕуынц ӕмдзӕвгӕйы сидӕны руаджы?

Фарст: -Къоста цæмæ бæллыд,уый базыдтам. Сымахæй та чи цæмæ бæллы?

Дзуапп:-Бæллын,цæмæй мæ фидæны ахæм ахуыр адæймаг рауайа, Ирыстонæн мæ бон исты хæрзтæ скæнын куыд бауа.

-Иудзинады темæимæ ма фембæлдыстут уырыссаг литературӕйы урокты дӕр. «Свободолюбивая лирика Пушкина». Пушкинæн дæр йæ сагъæсты сæр уыд адæмы уавæр,ууыл фыста,Къостайау цалдæр хатт хаст дæр æрцыд. Уый дӕр йӕ адӕмы хъысмӕтыл сагъӕс ацы ӕмдзӕвгӕты циклы ирдӕй равдыст, семӕ ӕнӕмӕнг базонгӕ уыдзыстут уӕлдӕр кълӕстӕм куы схизат, уӕд.

-Ахуыр-ма кӕндзыстут музыкæйы урочы Людвиг ван Бетховены симфони «Возьмемся за руки,друзья».Уым дæр композитор равдыста иудзинадмæ сидт. /Радзурын ацы симфони кӕй у зарӕгимӕ. Байхъусын композиторы уыцмыстæй иумæ, радзурын йæ цард æмæ сфæлдыстады тыххæй, симфонийы ныффыссыны истори/.

-Къостайы ном цæргæйæ баззайдзæн æнустæм ирон адæмы истори æмæ литературæйы, ирон адæмы зæрдæты. Сæдæ азæй фылдæр рацыд, Ирыстоны иузæрдион хъæбул йæ адæмы сæрвæлтау йæ цард куы снывонд кодта, уæдæй. Цымæ абон та куыд у, нæу сагъæсаг æмæ хъуыдыйаг ирон адæмы фидæн, нæ нæ хъæуынц Къостайы хуызæн адæмыл æнувыд патриоттæ ? /Ам æрдзурын, ныртæккæ Ирыстон цы уавæры ис, ууыл/.

Хатдзæгтæ:

-Фарст: -Тынг хорз,мæ хуртæ.Ныр та мын зæгъут,цавæр хъуыдымæ уæ æркодта абоны урок? -Дзуапп:-Абоны урочы æз ноджы хæстæгдæр райстон мæ зæрдæмæ Къостайы сфæлдыстад, хуыздæр бамбæрстон, йе 'мдзæвгæтæй нын цы зæгъынмæ хъавыд,уый.

-Дзуапп: -Иудзинадæн цы стыр тых ис ,уый абон æххæстæй бамбæрстон, уымæ тырндзынæн æз дæр.

-Бузныг уе 'ппæтæн дæр, тынг хорз дзуаппытæ лæвæрдтат.

III.Ныр та фæнысан кæнут хæдзармæ куыст: 1.Иудзинадыл æмбисæндтæ ныффыссын литературæйы тетрæдты;

2. Сахуыр кǽнын наизусть «Балцы зарǽг»;

3.Райдайын кусын иумæйаг иртасæн куыстыл: «Абарын æмæ анализ скæнын Къостайы «Балцы зарæг» æмæ Бетховены «Возьмемся за руки, друзья»-йæн»,пъланмæ гæсгæ:

Темæ: «Хетæгкаты Къостайы «Балцы зарæг» æмæ Бетховены «Возьмемся за руки, друзья»-йы кӕрӕдзимӕ абарын, анализ сын скӕнын».

П Ъ Л А Н :

1.Уацмысты ныффысты истори;

2.Уацмысты сæйраг темæ æмæ идейæ, абарын сæ;

3.Дæ хъуыдытæ уацмысты тыххæй.

Кӕронбӕттӕны байхъусын Къостайы зарӕгмӕ.













































































































«ИУДЗИНАДМӔ СИДТ ХЕТӔГКАТЫ КЪОСТАЙЫ СФӔЛДЫСТАДЫ»







 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал