7


  • Учителю
  • Открытый урок по осетинской литературе Мады бæллиц-сывæллоны схъомыл.(Къостайы А-лол-лай-мæ гæсгæ).

Открытый урок по осетинской литературе Мады бæллиц-сывæллоны схъомыл.(Къостайы А-лол-лай-мæ гæсгæ).

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

Гом урок ирон

литературæйæ 5-æм къласы.

Темæ: «Мады бæллиц- хъæбулы схъомыл»(Къостайы «А-лол-лай»-мæ гæсгæ.)





Бацæттæ кодта 40-æм

скъолайы ахуыргæнæг

Гогаты У.З.

























Дзæуджыхъæу 2016 аз.

Темæ: «Мады бæллиц- хъæбулы схъомыл» (Къостайы

«А-лол-лай»-мæ гæсгæ).

Урочы нысан:1.Къостайы æмдзæвгæ «А-лол-лай»-имæ

базонгæ кæнын скъоладзауты.

2.Кусын раст æмæ аив кастыл,скъоладзауты

ныхасы рæзтыл.

3.Скæнын хъомыладон куыст:рæзын кæнын

скъоладзаутæм уарзондзинад мадæлон æв-

загмæ,Райгуырæн бæстæмæ,ирон адæмон

сфæлдыстадмæ; ахуыр кæнын скъоладзауты

ныййарæг мадæн стыр аргъ кæнын,йæ фæ-

дзæхстытæ йын æххæст кæнын.





Цæстуынгæ æрмæг

æмæ техникон фæрæзтæ: проектор,урочы темæмæ гæсгæ

призентаци,Къостайы «Ирон фæндыр»,ав-

дæн «сывæллонимæ».

















Урочы цыд:

l.Бацæттæгæнæн рæстæг.

(Дыууæ чызджы радыгай зарынц «сывæллонæн» авдæны зарджытæ).

1-аг чызг: Ло-ло,ло-ло,а-ло-ло!

Лæппу фынæй акæна!

Æцитт,гино,ма та уас,

Йæ баппа йын ма алас.

Бауадз фынæй чысылы-

Фена дæ уый йæ фыны.

Æцитт,рацахс мыстытæ,

Мыстытæ 'мæ уæрццытæ!

Мысты бахæр дæхæдæг,

Уæрццы авæр чысылæн!

Уый йын баппа дæтдзæни,

Хъæбыстæ йын кæндзæни!

Ды дæр семæ уыдзынæ,

Аргъæуттæ сын кæндзынæ:

Куыд басдæрдтай æхсыртæ,

Куыд бахордтай гуымбылтæ,

Фынгæй дзидза куыд ластай,

Уæд дæ нана куыд ахста,

Уисæй дæ уый куыд надта!

2-аг чызг:

Алолотæ,цыцытæ,

Ахуысс,айрæз,мæ хъæбул!

Ды мæ дарæг уыдзынæ.

Æцитт.гæды,ма 'рбацу,

Ахуысс,ахуысс,афынæй кæн.

Алолотæ кæн.

Урс уæрыкк дын æрбауон.

Уæ, мæ чысыл царды ныв.

Хъæлдзæгæй мын схъомыл у,

Кæд мæ зæрондæй фæдарис.

Ахуысс,мæ буц дидинæг.

Уæ дæ нывонд æрбауон,

Алолай кæн.

-Цы кусынц дыууæ чызджы?(Зарынц).

-Цавæр у сæ ныхас?(Фæлмæн,рæвдаугæ).

-Кæд фæзарынц ацы зарджытæ?(Сывæллон фынæй кæнгæйæ).

-Цавæр предметимæ баст сты ацы зарджытæ?Базонут уыци-уыци.

Цæуы,цæуы æмæ никæдæм хæццæ кæны.(Авдæн).

Цыбыр хъусынгæнинаг авдæны тыххæй дзурынц сывæллæттæ.(Проектон куыст).

-Цавæр зарджытæ сты?(Авдæны зарджытæ).

-Цæмæн хъæуынц авдæны зарджытæ?(Цæмæй сывæллон тагъддæр афынæй уа).

-Куыд уæм кæсы,цæмæ фæбæллы алы ныййарæг мад дæр?(Йæ хъæбул дзæбæхæй бахъомыл уа).

-Адон сты адæмон зарджытæ.Куыд уæм кæсы автæрон авдæны зарджытæ дæр вæййы?(Уæдæ).Кæй зарæг æвзардзыстæм,уый ма базонут.

Уый райгуырд Нары хъæуы.Хæрз чысыл куы уыд,уæд амард йæ мад.Авдæны зарджытæ йын кодта,йæ мады йын чи баивта,уыцы Чендзе.Ныййарæг мадæй йæ къаддæр нæ уарзта…(Къоста).

Равдисын слайд урочы темæимæ.

ll.Ног æрмæг.

Æмдзæвгæйы сæмбæлдзысты зынæмбарæн дзырдтæ æмæ сæ равзарæм.

(Слайд зынæмбарæн дзырдтимæ).

Æрчъиаг-стуры хусгонд,æнæтынд царм.

Æрчъитæ-æрчъиагæй конд дзабыртæ,арæхдæр сæ дардтой хæхбæсты.

Æргъом-æккойæ цы уаргъ фæхæссынц,уый.Сугты,хосы,пыхсы æргъом.

Мæхъи-хохы хосы мæкъуылы бын цы бæрз уисæй быд кау февæрынц,уый.





Ахуыргæнæджы разныхас.Къоста йе сфæлдыстады парахатæй пайда кæны

адæмон поэзийæ,адæмон зарджытæй.Йе 'мдзæвгæтæй дæр бирæтæ схуыдта зарджытæ: «Ногбоны зарæг», «Балцы зарæг», «Мæгуыры зарæг», «А -лол-лай»-æн дæр ис схонæн авдæны зарæг.(Зæрдывæрдæй радзурын Къостайы æмдзæвгæтæ).

Скъоладзаутæ дзурынц проектон куыст авдæны зарджыты тыххæй.(Авдæны зарджытæ æрхъуыды кодта сылгоймаг.Авдæн узгæйæ, мад йæ хъæбулæн зарыд,цæмæй тагъддæр афынæй уа.Йæ зарджыты йæ хъæбулæн дзуры сæ зын царды уавæрты тыххæй,бæллы ,цæмæй йæ хъæбулæй рауайа стыр æмæ тыхджын лæг,суа йæ ныййарджытæн æххуысгæнæг æмæ сæрылхæцæг.)

lll .Æмдзæвгæйы аив каст. «А-лол-лай» -йы аив каст (кæнæ радзурын).

-Цы иудзинад ис ацы зарæгæн адæмон зарæгимæ?(Ис дзы адæмон рæвдауæн ныхæстæ «Урс уæрыкк дын уон», «О,мæ бон», «Бирæ мын цæрай».

Скъоладзауты каст .Беседæ æмдзæвгæйы мидисмæ гæсгæ:

-Цы равдыста Къоста йе'мдзæвгæйы?Ныффидар æй кæнын текстæй ист рæнхъытæй(Хохаг æвадат царды нывтæ).

-Цы у мады бæллиц?

-Мад йæ хъæбулы бирæ уарзы,уый цæмæй бæрæг у?Бакæсын тексты уыцы бынат.Сымахмæ та куыд фæдзурынц уæ мадæлтæ?

-Цы фæдзæхсы мад йæ хъæбулæн?Адæймаджы царды цы сæйрагдæр?

-Цавæр хъуыдытæ уæм сæвзæрд æмдзæвгæ кæсгæйæ?

-Сымах та цавæр авдæны зарджытæ фехъуыстат?

-Куыд уæм кæсы,ацы æмдзæвгæ нырыккон цардмæ ахæссæн ис?

(Байхъусут -ма Цæгæрæты Гигойы æмдзæвгæмæ «А-ло-ло-тæ,цы-цы-тæ».)

А-ло-ло-тæ,цы-цы-тæ,

Дæ дзæццытæ æрцъынд кæн.

Дунейыл нæй дæ хуызæн.

Бумбулийæ-дæ хуыссæн,

Дæ дзæццытæ- фæрдгуытау,

Дæ уадултæ -фæткъуытау,

Дæ дзабыртæ-сæракæй,

Дæ цацатæ- зæлдагæй.

Мæй дæм уæлæ куы худы,

Дæумæ кæны тæхуды,

Дон дæр ма дын куы зары,

Фынæй кæныс- æмбары,

А-ло-ло-тæ,цы-цы-тæ,

Дæ дзæццытæ æрцъынд кæн.

Дæ Мила дæр фæрсылæй

Йæ лыстæны æрфынæй.





- Куыд уæм кæсы ацы сывæллоны царды уавæртæ та куыд сты?Абарут сæ Къостайы æмдзæвгæйы æвдыст царды нывтимæ.(Слайд нырыккон царды нывтæ æвдисæг,Къостайы заман æвдисæг нывтæ).

lV.Хатдзæгтæ скæнын.Кæд цыфæнды зын уавæрты цардысты,уæддæр ныййарджытæ сæ фыццаг хæсыл нымадтой, Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад разын кæнын сæ сабиты рæзгæ удты.

V.Хæдзармæ куыст: æмдзæвгæ "А-лол-лай» -зæрдывæрдæй.

Vl.Скæнын синквейн зарæг æмæ авдæн-æн.

1.Зарæг

2.Фæлмæн,хъæлдзаг

3.Зарын,хъусын,зæлын

4.Зарæг æвдисы адæймаджы æнкъарæнтæ.

5.Æнкъарæнтæ.





1.Авдæн

2.Рагон,хъæдын

3.Узын,фынæй кæнын,зарын.

4.Авдæн сывæллонæн у йæ дыккаг мад.

5.Хъомылгæнæг.

Vll.Слайд рефлексиимæ:

Абон æз базыдтон…

Абон урок уыд цымыдисаг…

Урок мæнæн феххуыс уыдзæни царды…

Хæдзары радзурдзынæн…

Vlll.Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.







 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал