- Учителю
- Темæ: «Æз цард афтæ æмбарын…» (Мамсыраты Дæбейы радзырдтæ «Аууон» æмæ «Фæсмон»-мæ гæсгæ)
Темæ: «Æз цард афтæ æмбарын…» (Мамсыраты Дæбейы радзырдтæ «Аууон» æмæ «Фæсмон»-мæ гæсгæ)
Ирон литературæйы урок 10-æм къласы
Темæ: «Æз цард афтæ æмбарын…»
(Мамсыраты Дæбейы радзырдтæ «Аууон» æмæ «Фæсмон»-мæ гæсгæ)
Эпигрæф урокмæ:
Цæргæ дæр лæгау, мæлгæ дæр лæгау!
Цæрæгойы цард нæ, адæймаджы цард!
Нафи
Мамсыраты Дæбе - ирон литературæйы æрттивгæ стъалы
Дæбе - стыр фыссæг, стыр адæймаг. Ирон адæмы рæсугъд цæсгом æмæ æфсарм».
Цæрукъаты Алыксандр
Дæбе у Ирыстоны уарзондæр æмæ кадджындæр, стырдæр æмæ куырыхондæр фысджытæй иу…
Ходы Камал
Бирæ сты, тынг бирæ Дæбейы сфæлдыстадон бынтæ. Дардмæ æххæсыд йæ курдиаты тæваг, арф æнкъардта адæймаджы зæрдæйы сусæг æвæрæнтæ, тынг дæсныйæ сæ ныв кодта.
Цæгæраты Максим
…Дæбейы цыргъ курдиат фатау ныхсти иу заманæй иннæмæ…
Гафез
Ныхас Дæбеимæ
Нæ барстай хæрамæн, нæ барстай мæнгардæн,
Нæ барстай козбауæн, да сæфт сæ уыдтай,
Ды карстай сындзгæрдæг нæ хуымы дæ кардæй,
Дæ кæстæрты рухсмæ æдæрсгæ хуыдтай.
…ды Æрфæнау ныууагътай дæ фæд!..
Арсæгты Юрий
«Ирон новеллистикæйы бæрзонддæр æнтыстытæй иу у радзырд «Аууон». Ам сатирæ æмæ юмор цæхæр калынц æмæ цырагъ дарынц адæймаджы миддунемæ» - фыста Джыккайты Шамил
Урочы нысантæ:
-
Системон -архайдон технологийы бындурыл раиртасын радзырды проблематикæ.
-
Скъоладзаутæн æмбарын кæнын уацмысы аивадон фæрæзтæ æмæ уый руаджы урочы темæ æргом кæнын.
-
Ахуырдзауты зæрдæты гуырын кæнын æнæуынондзинад фæлывд, гæды æмæ козбаудзинадмæ.
ЦККПСС-ы Уæрæсейы
секретарь президент
Обкомы Республикæйы
секретарь сæргълæууæг
Райкомы Районы
секретарь администрацийы
сæргълæууæг
Гæбил Хæмæтхъан
тас
…æмæ дæ хæдзар сарæзтай тас бацыд Хамæтхъаны…
…æмæ дæ хæдзар сарæзтай тарст къахдзæфтæй рацыд…
…æмæ дæ хæдзар сарæзтай тарстхуызæй бакасти…
…тæссæй ризæгау скодта уад та фæтарст…
афтæ дзы фæтарст…
тарст фæлгæст акодта…
фæлæ тарсти…
Радзырдтæй ист рæнхъытæ
Цавæр æнкъарæнтæ æвдисынц
- А - а - а! Байрай мæ хæлар! Мæ фæдыл цæуыс? Æниу-ма ма рацу!
Æппæлын
- Цы?! Нал æй равзæрстой!
Дис
- Ницы æмбарыс,- сæрхъæн дæ!
Æфхæрд, дæлдæр кæнын
- Ныртæккæ уæм фæстæмæ фæзындзынæн. Райкомы иу хъуыддаг æвзарынц, æмæ йын æнæ мæн равзарæн нæй.
Хи раст кæнын
- Раст зæгъынц, фæлæ хицау…
Уымæ афтæ баууæнд…
Тас, дис
- Æмæ мын мæ ныхæстæ… Дæуæй æвзæрæй куы ницы загътон?
Тас, хи раст кæнын
Лæг хъуамæ йæ сæр сæрмæ хæсса.
Козбаудзинад, мæнгарддзинад, гæды æмæ тасæн не ´хсæн хъуамæ ма уа!
Цæргæ дæр лæгау, мæлгæ дæр лæгау!
Цæрæгойы цард нæ, адæймаджы цард!
Æз Гæбилæн, (Хæмæтхъанæн) тæригъæд кæнын…
Æз Гæбилы, (Хæмæтхъаны) фауын…
Æз Гæбилмæ, (Хæмæтхъанмæ) æлгъ кæнын…
Хорз дукани
Уæздан, чъынды, зæрдæхæлар, мæстыгæр, хиппæлой, мадзура, хинæйдзаг, æууæндаг, æдзæстуарзон, æфсæрмыгæнаг, æгъдауджын, хæлæггæнаг, куыстуарзаг, магуса, лæггадгæнаг.
Хæдзармæ куыст
Ныффыссут эссе ахæм темæйыл: «Нырыккон разамонæг Мамсыраты Дæбейы радзырдтæ хъуамæ кæса?»
Урок мæ зæрдæмæ фæцыд, уымæн æмæ…
Æз урочы сахуыр дæн…
Урокæй мæхицæн райстон…
Урок мæм фæкаст цымыдисаг…
Æз ахъуыды кодтон…
Зæгъут уæ хъуыдытæ
Хицау у, æмæ йын козбау ныхас кæнын хъæуы.
(францусаг дзырд, амоны - сурæт) - адæймагæн йæ æддаг бакаст, йæ цæсгомы хуыз, йæ уæнгты конд, йæ дарæс аив уацмысы дзырдтæй сныв кæнын.
Хатдзæгтæ:
-
Дæбейы хъайтартæ цардысты æмæ цæрдзысты алы дугты, уымæн æмæ зæронд нæ кæнынц, фæзынынц цыфæнды æхсæнады дæр, æрмæст рæстæг æмæ уавæртæм гæсгæ ивынц сæ дарæс, сæ гамхудтæ. Уымæн сты цымыдисаг, актуалон.
-
Дæбейы сфæлдыстады ирдæй зынынц уырыссаг литературæйы традицитæ.
3. Цæргæ дæр лæгау, мæлгæ дæр лæгау!
Цæрæгойы цард нæ, адæймаджы цард!