7


  • Учителю
  • Уррок по осетинскому языку на тему «Номдар. Фæлхатыны урок».

Уррок по осетинскому языку на тему «Номдар. Фæлхатыны урок».

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

Урочы темæ: «Номдар. Фæлхатыны урок».

Урочы нысантæ:

1) Рацыд æрмæг ныффидар кæнын номдарæй.

2) Ныхасы рæзтыл бакусын.

3) Уарзондзинад гуырын кæнын мадæлон æвзагмæ.

Урочы эпиграф: «Цæй, уæдæ, бæрзонд Кавказæй

Нарты 'взагæй дзурæм ныр!

(Барахъты Гино).

Урочы æрмæг: компьютер, презентации, интерактивон фæйнæг, кроссворд,

ребустæ, видеоæрмæг.

Урочы цыд.

I.Бацæттæгæнæн рæстæг. Мотивацион уавæр.

Ахыргæнæг: Урок райдайдзыстæм Цгъойты Хазбийы ныхастæй мадæлон

æвзаджы тыххæй.

Нæ фыдæлтæй нын баззад ирон æвзаг, ирон фарн æмæ æгъдау. Ирон æвзаг

нæ фæхицæн кæнын нæ уадзы нæ историйæ, нæ ирон фарн ис нæ удыхъæды,

ирон æгъдау нæ бæтты кæрæдзиуыл.

Адæмы фарн æмæ æгъдау бахъахъхъæныны сæйрагдæр фæрæз у мадæлон

æвзаг. Æвзаджы хъысмæт у адæмы хъысмæт. Адæмы фидæн баст у йе

'взаджы фидæнимæ.

Алы адæмыхаттæн дæр тулдз бæласау ис фидар уидæгтæ, зæнг æмæ

къалиутæ.Уидæгтæ сты йе'взаг, зæнг-йе'гъдæуттæ, къалиутæ-йæ царды

мидис. Бæласæн йæ къалиутæ куы ныццæгъдай, фæлæ йæ уидæгтæ хъыгдард

куы нæ баййафой, уæд та зæнг ног къалиутæ рауадздзæн; йæ зæнг ын куы

алыг кæнай, фæлæ йæ уидæгтæ цардхъомæй куы баззайой, уæддæр та тау

суадздзысты, æмæ йын зæнг дæр уыдзæн æмæ къалиутæ дæр. Йе фæлæ йын

йæ уидæгтæ куы ныллыг кæнай, уæд йе сæфт æрцыд.

24

Уæ хъуыдытæ зæгъут, сывæллæттæ.

Хатдзаг. Хъуамæ хъахъхъæнæм не 'взаг, дзурæм ыл. Уый у не стырдæр хæс.

II. Урочы темæйыл куыст.

Интерактивон фæйнæгыл дзырдбыд.

Ног(аз)

Æрзади хъæды заз(бæлас)

Æрцауыгътой æй заз бæласыл(хъазæн)

Ног азы бæлас(заз)

Æмбæрзт у митæй(зæхх)

Æрбахаста мын Митын Дада(лæвар)

Ног аз у æппæты уарзондæр(бæрæгбон)

Тæрхъус скодта урс(кæрц)

Митын (лæг)

Нæ дзырдбыды фæрцы сбæрæг кодтам нæ урочы темæ. (Номдар)

2) Урочы эпиграфы æвзæрст.

Хатдзæг: Сæрбæрзондай дзурæм на фыдæлты æвзагыл.

3. Урочы нысæнттæ иумæ сбæрæг кæнын.

Зæрдыл æрлæууын кæнын :

-Цы у номдар? Цавæр фæрстытæн дзуапп дæтты?

-Цы сты иумæйаг æмæ сæрмагонд номдартæ? Сæ растфыссынад?-Номдарты

тасындзæг.

-Куыд арæзт цуы номдарты бирон нымæц?

4. Текстимæ куыст.

Хæс: цавæр хауæнты æвæрд ис тексты дзырд «æвзаг»?

25

Хауæнтæй кæцытæ ферох кодтам?

Алы æвзагæн дæр ис йæхи миниуджытæ. Нæ фыдæлтæ нын ныууагътой

рæсугъд æмæ хъæздыг æвзаг. Саби фыццаг дзырдтæ йæ мадæлон æвзагыл

фехъусы. Ӕвзаджы фæрцы кæрæдзийæн æмбарын кæнæм нæ хъуыдытæ.

Мадæлон æвзагмæ мадæлон цæстæй кæсын хъæуы.

5.Рæдыд сраст кæн.

Номон -кæйау?цæйау?

Гуырынон кæмæн цæмæн?

Дæттынон- чи?цы?

Арæзтон-кæмæ?цæмæ?кæдæм?

Ӕддагбынытон-кæимæ цæимæ?

Цæдисон-кæуыл? Цæуыл?

Хуызæнон-кæмæй?цæмæй?кæцæй?

(байхъусын сывæллæтты дзуæппытæм)

6.Ахуыргæнæг æвдисы чысыл киноныв Фыдыбæстæйы Стыр хæсты тыххæй.

Фарст: Уæ хæстæджытæй та чи архайдта Фыдыбæстæйы Стыр хæсты?

(Проектон куыст)

7. Текстыл куыст. Хæс: ссарын сæрмагонд æмæ иумæйаг номдартæ.

Хатдзæг скæнын.

Цæгат Ирыстон-Алани.

Цæгат Ирыстон-Алани ис Кавказы бæрæгастæу. Бæлвырддæр дзургæйæ

та ахсы Цæгат Кавказы хурыскæсæн хай. Йæ иумæйаг фæзуат у 7971(авд мин

фарастсæдæ æвдай иу) квадратон километры.

Цæгатæй хуссармæ нæ республикæйы дæргъ у 144(сæдæ цыппор

цыппар) км, ныгуылæнæй скæсæнмæ та - 127(сæдæ дыууын авд) км. Цæгат

Ирыстоны сæйраг горæт у Дзæуджыхъæу.

Цæгат Ирыстонимæ иу географион хаххыл сты Болгари, Итали, Франц.

Нæ республикæйы зæххыл цæуынц сæйраг фæндæгтæ Уæрæсейæ

Фæскавказмæ.

Ныгуылæны Цæгат Ирыстон æмарæн у Кæсæг-Балхъары

республикæимæ, цæгаты - Стъараполы краимæ, скæсæны - Цæцæны

26

республикæ æмæ Мæхъхъæлы республикæимæ, хуссары - Республикæ

Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстонимæ.

Байхъусын сывæллæтты дзуæппытæм.

8. Ребустыл бакусын.

9.Улæфты рæстæг.

10. Чиныгимæ куыст. Фæлтæрæн сӕххæст кӕнын.

(ахуырдзаутæ фæйнæгыл тасындзæг кæнынц )

III. Кæронбæттæн.

Рефлекси.

Урок мæ зæрдæмæ…

Цымыдисаг уыдысты ахæм куысты хуызтæ:…

Фыццаг хатт фехъуыстон…

Нæхимæ радзурдзынæн…

27



 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал