7


Мой Иристон (открытый урок)

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

Тема: "Не взаг-не стрыдǽр хǽзна "

Урочы нысан:1) Скъоладзауты зǽрдǽты райхъал кǽнын мадǽлон ǽвзагмǽ уарзондзинад.

2) Ныхасы рǽзтыл бакусын.

3) Ахуыр сǽ кǽнын Ирыстоны куырыхон лǽгтǽн аргъ кǽнын ǽмǽ уыдонǽй сǽрыстыр уǽвыныл

Урочы хуыз: фǽлхат кǽныны урок

Урочы фǽлгонц: компьютер, ирон зарджыты диск,карточкǽтǽ, таблицǽтǽ

Эпигрǽф:

  1. "Æвзаг у адǽмы истори. Æвзаг у циливизацие ǽмǽ культурǽйы фǽндаг

(А.Н.Куприн)

2) Мадǽлон ǽвзаг ǽмǽ Фыдыбǽстǽ иу сты.

(Æмбисонд)

3)"…Ирон ǽвзагыл равдисǽн ис тǽккǽ уǽздандǽр,арфдǽр ǽмǽ тыхджындǽр хъуыдытǽ ǽмǽ ǽнкъарǽнтǽ.Уыцы хорз ǽуǽлтǽй хайджын цы взаг уа уымǽн мǽлǽн нǽй:"

(Плиты Грис)

Урочы цыд

  1. Орг.момент (Хъуысы ирон музыкǽ)

  2. Бацǽттǽгǽнǽн рǽстǽг.Мотивацион уавǽр.Сывǽллǽттǽ,уалдзǽг нǽм фарны къах куы ǽрбавǽры,уǽд,Ирыстоны дзыллǽтǽ стырǽй чысылǽй кадджын уавǽры сбǽрǽг кǽнынц ирон ǽвзаг ǽмǽ литературǽйы бон.

Мадǽлон ǽвзаджы бон у нǽ адǽмты иугǽнǽг бǽрǽгбон. Кǽцыфǽнды ǽвзаг дǽр у, истори джиппы кǽй рауагъта, ахǽм хǽзна. Уыцы хǽзна Хъахъхъǽнын хъǽуы,цамǽй йǽ нǽ кǽстǽр фǽлтǽртǽм цауддǽрǽй ма адǽттǽм.Нǽ абоны урок дар уыцы Нǽ абоны урок дǽр уыцы "хǽзнайы" тыххǽй у-"не взаг не стырдǽр хǽзна".

Алы адǽмǽн дǽр тулдз бǽласау уидǽгтǽ,зонд ǽмǽ къалиутǽ.

Уидǽгтǽ сты йе взаг,

Зǽнг-йе гъдǽуттǽ,

Къалиутǽ та-йǽ царды мидис

Бǽласǽн йǽ къалиутǽ куы ныццǽгъдай,фǽлǽ йǽ уидǽгтǽ фидар куы уой,уǽд та йǽ зǽнг ног къабузтǽ рауадзǽн; йǽ зǽнг ын куы алыг кǽнай, фǽлǽ йǽ уидǽгтǽ цард хъом куы уой , уǽд та тау судздзынты, ǽмǽ йын зонг дǽр уыдзǽн , ǽмǽ къалиутǽ дǽр.

Гъе, фǽлǽ йын йǽ уидǽгтǽ куы ныллыг кǽной , ǽмǽ куы бахус уой , уǽд арцыд йǽ сǽфт .

Ахǽм хъымǽт ис алы адǽмǽн дǽр: йǽ абон,йǽ фидмн аразгǽ сты йǽ уидǽгтǽй- йе взаджы цардхъомдзинадǽй.

Фарст:Уǽдǽ,сывǽллǽттǽ,абон нге ппǽты хǽс дǽр цы у?

Дзуап:Абон не ппǽты хǽс дǽр у уыцы бǽласǽн йǽ уидǽгтǽ бахъахъхъагкǽнын,мадǽлон ǽвзагыл аудын ǽмǽ йǽ зǽрдиагǽй ахуыр кǽнын,йǽ сомбоныл ын хъуыды кǽнын.

Фарст Ацы хъуыдытам байхъусгǽйǽ, уǽ зǽрдыл,сыввǽллǽтǽ,цавар ǽмбмсонд ǽрлǽууыд ?

Дзуапп Бǽлас уидǽгтǽй фидар лǽууы.









(фǽйнǽгыл фыст уци-уци ǽвзаджы тыхǽй)





"Зǽгъгǽ нын уый нǽ фǽци,Не мбариккам кǽрǽдзи"

(ǽвзаг)

(Дзурǽм ǽмбисонды хабар)

Фарст: Дзырд "ǽвзаг" ǽн цавǽр нысаниуǽгтǽ ис?Семǽ ныффысын дзырдбǽстытǽ

мадǽлон ǽвзаг,даргъ ǽвзаг,ирайнаг ǽвзаг,арты взаг,мǽлгъ ǽвзаг).

Хǽс:Дзырд "мадǽлон"равзарын дзырды хǽйттǽм гǽсгǽ,саразын йемǽ хъуыдыйад равзарын хъуыд-ы уǽнгтǽм гǽсгǽ

Мадǽлон ǽвзаг мады хсырау адджын у

Сывǽллǽттǽ,уǽдǽ нǽ мадǽлон ǽвзаг нǽ ис,нǽ бон у.

Æмдз."Мǽ ис,мǽ бон"(Джиоты Х)

Кǽсы ǽмдз-ǽ Алǽгаты М.

-Ахуыргǽнǽг:Уǽдǽ мах нǽ хорз ǽгъдау ǽмǽ хорз ахуырǽйкад кǽнǽм нǽ мадǽлты хуыздǽр лǽвар-мадǽлон ǽвзаг ǽмǽ фыдыбǽстǽйǽн,у.а.( ǽвдисын фǽйнǽгмǽ)"мадǽлон ǽвзаг ǽмǽ фыдыбǽстǽ иу сты".

(Нǽ урочы эпиграф).

Хǽс: Дзырд "фыдыбǽстǽйы-дзырды хǽйттǽм гǽсгǽ равзар,

ранымайын дзырды хǽйттǽ,цавǽр дзырд у йǽ арǽзтмǽ гǽсгǽ,

скǽнын ын мырон-дамгъǽйон ǽвзǽрст

Фарст: Цы ахуыр кǽны фонетикǽ?

Ома куыд хонǽм мырты ахуырад; цы хонǽм дамгъуат ?

Аулǽфт: Уǽдǽ иу гыццыл аулǽфǽм.

Хǽдзары хъуамǽ бацǽттǽ кодтаиккад цыбыр нывǽцǽн (Кǽсынц иу цалдǽр съкола дзауы)

Фарст: Куыд ǽмбарут дзырд хǽзна- йы насаниуǽг

Дзуапп: хǽзна -стыр зынаргь хъуыддаг, драгоценность .

Къордты куыст:

1.ссар дзырдтǽн сǽ антонимтǽ, синонимтǽ: хорз,тǽвд,сау,ныллǽг,маст,адджын,бǽрзонд

2. Æрхъуыды кǽн омонимон парǽтǽ

Ахуыргǽнǽг. Йа мадалǽлон ǽвзаган аккаг аргъ чи нǽ канны,куыд фǽндыйы цǽстǽй йǽм чи кǽсы, уыдоны тыххǽй раст загъта Абайты Васо (Фыст сты экраныл)

Фарст:Чи у Абайты Васо ,цы зонут Васойы тыххǽй?

-Нǽ разагъды куырыхон лǽг, цылдǽр ǽвзаджы иттǽг хорз чи зыдта ,фǽла ирон дзырдǽн стыр аргъ ǽмǽ лǽггад чи бакодта .

Урочы кǽрон сабыргай хъуысы ирон музыкǽ. Скъоладзау дзуры ǽмдзǽвгǽ "Ирон дзрдтǽ"

Vl.Хатдзǽгтǽ (рефлекси)

-Абон урочы базыдтон…

-Урочы мǽ зǽрдǽмǽ тынгдǽр фǽцыд …

-Урочы мǽм сǽвзǽрд ахǽм хъуыды…

Vl.Хǽдзары куыст :

Ныфыссын сочинени"ǽз тынг бǽллын,цǽмǽй…"











 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал