7


Открытый урок по глаголу

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала













УРОЧЫ КОНСПЕКТ





ТЕМӔ:

«ӔРИУГӔНӔН УРОК МИВДИСӔГӔЙ».











ст. Змейская









Змейкӕйы фыццӕгӕм астӕуккаг скъолайы

ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнӕг

ГУКОВА Ц.З.









ЛТæРТЫ





























Открытый урок по глаголу



















































Темæ:

Мивдисæг.

Æриугæнæн урок.



Урочы нысантæ:

  1. Ахуыргæнинæгтæ мивдисæгæй цы зонындзинæдтæ райстой, уыдон зæрдыл æрлæууын кæнын æмæ сæ ныффидар кæнын алыхуызон хӕслӕвӕрдты руаджы;

  2. Ахуыр кæнын скъоладзауты мивдисæджы хъæздыг лексикæйæ пайда кæныныл; ныхасы рæзтылбакусын;

  3. Рæзын кæнын мадæлон æвзагмæ уарзондзинад æмæ цымыдисдзинад.



Урочы фæлгонц:

Нывтæ, фæйнæгыл фыст хæслæвæрдтæ, проектон куыстытӕ, суадоны макет.



Урочы цыд.



Фæйнæгыл фыст эпиграф: Бæрзондмæ хизгæйæ,

дæ сыгъзæринтæ ма акал.

Анахарсис.

Дзырдуат: цæгъдын

цæуын



I. Организацион хай.



Ахуыргæнæг: Аргъӕутты бӕстӕ Ӕвзагзонынады цардис ӕмӕ уыдис ………………Уымӕн уыд ӕхсӕз фырты ӕмӕ ӕхсӕз чызджы. Йӕ фырттӕ сарӕзтой зондабиты иугӕнд, сӕхи схуыдтой ……….. …….. ……... Ӕфсымӕрты хистӕры равзӕрстой иугӕнды сӕргълӕууӕгӕй, уымӕн ӕмӕ уый дардта йӕ хъус иугӕнды куыстмӕ, нӕмттӕ ӕвӕрдта, хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр иугӕнды уӕнгтӕ цы арӕзтой, уымӕн, йӕхи ном та хуынди ………… . ………….ӕн йӕ фыццаг ӕххуысгӕнӕг уыдис …………., уымӕн ӕмӕ ӕнӕ уымӕй иу хъуыддаг , иу уынаффӕйӕн дӕр сӕххӕстгӕнӕн нӕ уыд. …………..ахӕм цӕрдӕг ӕмӕ арӕхстджын уыд, ӕмӕ йын йӕ архайд ӕмӕ цӕрдӕг змӕлдыл дис кодтой иууылдӕр.

(Скъоладзаутæй 1 дзуры):

-Архайд æмæ ми æвдисын

Мæнæн у алкæддæр мæ хæс.

Зивæг кæнын æз нæ зонын,

Дæн сымахæн коммæгæс.

(Ахуыргæнинæгтæ зæгъынц, æмдзæвгæйы мивдисæджы тыххæй кæй дзурынц, уый.)

- Уӕдӕ мын чи зӕгъдзӕн, абон нӕ урочы цӕуыл дзурдзыстӕм? / Мах абон нӕ урочы дзурдзыстӕм сӕрмагонд ныхасы хай мивдисӕгыл/.

- Раст у, абон нæ урочы дзурдзыстæм алы ′взаджы дӕр тынг ахсджиаг цы ныхасы хай у, ууыл- мивдисæгыл.

(Скъоладзаутæ фыссынц нымæц, урочы темæ.)

- Нæ урочы хæс у, мивдисæгæй цы рацыдыстæм, уый зæрдыл æрлæууын кæнын, фысгæ æмæ дзургæ ныхасы дзы куыд пайда кæнын хъæуы, ныхасы рæзтыл бакусын, нæ дзырдуат фæхъæздыгдæр кæнын.

Нæ урокæн эпигрæфæн райстон зындгонд лӕг Анахарсисы ныхæстæ (бакæсын сæ).

- Анахарсис чи уыди, уый тыххӕй нын цыбыр хъусынгӕнинаг ӕмӕ презентаци бацӕттӕ кодта Куыдзеты Дзерассӕ. Табуафси, байхъусут ӕм.

- Дзерассӕйы фӕрцы базыдтам,чи уыдис Анахарсис,уый. Ныр та мӕ фӕнды уӕ хъуыдытӕ куы зӕгьиккат, йӕ раныхӕстӕ йын куыд ӕмбарут, уый тыххӕй. /Байхъусын ахуыргæнинæгты тæрхæттæм, эпиграфы хъуыды куыд æмбарынц, уымæй/.

Анахарсисы ныхæстæм ма раздæхдзыстæм нæ урочы кæрон, дарддæр та нæ куыст кæнæм.

Абоны урокмӕ уын хӕслӕвӕрд уыд, мивдисӕгӕй рацыд ӕрмӕг сфӕлхат кӕнын. Ныртӕккӕ алыхуызон хӕслӕвӕрдты руаджы сбӕрӕг кӕндзыстӕм куыд зонут мивдисӕгӕй рацыд ӕрмӕг, уый.



II.Фæлтæрæн куыстытæ. /Хӕслӕвӕрдтӕ растдӕр ӕмӕ тагъддӕр кӕцы скъоладзау, кӕнӕ кӕцы къорд баххӕст кӕны, уыдонӕн лӕвар кӕнын «хуры тын»-тӕ ӕмӕ дидинджытӕ /хуызджын нывтӕ//.



1. Дыууæ скъоладзауы кусынц фæйнæгыл карточкæтимæ.



1 к. Æрбатахтысты

равзарын дзырды хæйттæм гæсгæ;

адих кæнын уæнгтыл, цавд сæвæрын;

фонетикон æвзæрст скæнын.



2 к. Хæхты хъæбысæй рог дымгæ дардыл

хæссын райдыдта фыййæутты зарын.

хъ-ды характеристикæ;

равзарын хъ-ды уæнгтæм гæсгæ;

мивдисæг равзарын.

2. Цалынмæ фæйнæгыл кусынц, уæдмæ фарстытæм гасгæ беседæ.

-Цавæр ныхасы хай хонæм мивдисæг?

-Цавæр вæййынц мивдисджытæ сæ арæзтмæ гæсгæ?

-Цавæр архайд æвдисынц æххæст æмæ æнæххæст хуызы мивдисджытæ?

-Цавæр мивдисджытæ сты цæугæ, æдзæугæ?

-Мивдисæджы афонтæ, цæсгæмттæ, нымæцтæ.

-Цы у ифтындзæг? Тасындзæг та?

-Тасындзæг кæны мивдисæг? (кæны, райдайæн формæйы).



Беседæйы фæстæ сбæрæг кæнын фæйнæгыл куыстытæ, бæрæггæнæнтæ сæвæрын.



3.Мивдисджытæ ныффыссын 2 цæджындзæй:

æнæх. хуыз æххæст хуыз

хæссын æрхæссын

згъорын азгъорын

хъусын фехъусын

тæхын атæхын

цæгъдын ныццæгъдын

рох кæнын ферох кæнын

(хъусгæфыст, дзурын сæ хъæуы хæццæйæ).

4.Мивдисæг хъуыдыйады цавæр уæнг вæййы?

(фæйнæгыл рагацау фыст хъуыдыйæдтæ равзарын, кæнæ та хицæн

таблицæйыл).

Равзарын, нысангонд дзырдтæ, мивдисджытæ, цавæр хъуыдыйады уæнгтæ сты, уый.

сæйрат

Урочы æууилын нæ фидауы.



зæгъинаг

Ралæууыд сыгъзæрин фæззаг.



æх.

Кусынæй лæг рæзгæ кæны.



фæд.дз.

Мах цæуæм кусынмæ.



бæр.

Кусаг адӕмаг алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр цӕуы.

Хатдзæг: мивдисæг хъуыдыйады æххæст кæны алы уæнджы роль дæр.



5.Æвзаргæ диктант.

Рафысс мивдисджытæ, сбæрæг кæнын здæхæнтæ.



фæдз.

Ныббар мын, кæд-иу дæм мæ зарæг



бадз.

Кæуæгау фæкæса, мыййаг,



æрг.

Кæй зæрдæ нæ агуры хъарæг,



фæдз.

Уый зарæд йæхи фæндиаг.

бæл.

Æз дзыллæйæ къаддар куы дарин,

бæл.

Куы бафидин искуы мæ хæс,

бæл.

Уæд афтæ æнкъардæй нæ зарин,

бæл.

Нæ хъуысид мæ кæуын хъæлæс.



-Чи мын зӕгъдзӕнис, ацы ӕмдзӕвгӕйы автор чи у, стӕй йӕ сӕргонд?

/Байхъусын скъоладзауты хъусынгӕнинаг ӕмӕ презентацимӕ Къостайы тыххӕй/.

6.Нывтæм гæсгæ куыст.

Ахуыргæнæг æвдисы нывтæ, кæцытæ арæзт сты фраз. дзырдбæстытæм

гæсгæ комкоммæ нысаниуæджы.

Открытый урок по глаголу



Фыццаг ныв: Лæг йæ сæрмæ исы адæмы иугай,

дыгай - сæрмæ хæссын;

- æрвæссын.



Открытый урок по глаголу







Дыккаг ныв: Иу лæг иннæмæн дæтты йæ зæрдæ, уый та йæм дары æхца.

- зæрдæ æлхæнын;

- хорздзинад кæнын.



Нывтæм гæсгæ сбæлвырд кæнын фразеологон дзырдбæстыты кокоммæ æмæ ахæсгæ нысаниуæг, ссарын сæм синонимтæ.

Ныффыссын дзырдбæстытæ кæнæ хъуыдыйæдтæ (рæстæг куыд амона, уымæ гæсгæ).



7.Мивдисджытæм ссарын синонимтæ, антонимтæ, омонимтæ:

Синонимтæ:

цæуын (згъорын, агайын, лидзын, тæхын…)

дзурын (ныхас кæнын, бæр-бæр кæнын, дзæнгæда цæгъдын…)

хæрын (æууилын, комдзаг кæнын, æфтъæрын, æвдæрзын, фынгмæ

æвналын…)



Синонимтæй кæм куыд пайда кæнын хъæуы ныхасы мидæг, ууыл æрд-

зурын, уазæгæн, зæгъæм, нæ зæгъдзынæ "æфтъæрын", "дзæнгæда цæгъдын" æмæ аф. дард.

Антонимтæ:

æлхæнын - уæй кæнын

худын - кæуын

барвитын - рарвитын

ссудзын - ахуыссын

бадын - лæууын



Омонимтæ:

Бирæ уарзын æз æрыскъæф.

фæдз.зд.

Ехх, æмæ та дзы æрыскъæф.

.

Хорз уæйгæнæг базары.

æрг. зд.

Фыр цинæй дæр базары.



8.Дзырдуатон куыст.

Дзырдтæ цæгъдын, цæуын - махæн ног дзырдтæ не сты, фæлæ сын цымæ сеппæт нысаниуджытæ хорз зонæм?



Саразын дзырдбæстытæ - цæгъдын æмæ цæуын-имæ, зæгъæм: чи фыл-дæр?

1. Фæндырæй цæгъдын 1. Цæуын размæ

2. Адæмы цæгъдын 2. Уæрдон цæуы

3. Хъайла цæгъдын 3. Сахат цæуы

4. Гауыз цæгъдын 4. Ныхас цæуы

5. Чъырæй цæгъдын 5. Писмо цæуы

6. Кæрдо цæгъдын 6. Бонтæ цæуынц

7. Къуымбил цæгъдын 7. Хæст цæуы

8. Сынæр цæгъдын 8. Цас дыл цæуы

9. Хъуылæг цæгъдын 9. Æгас цу

10. Уис цæгъдын 10. Фæндаг цæуы

11. Дзæнгæда цæгъдын 11. Гæрæхтæ цæуы

12. Цæвæг цæгъдын 12. Къæвда цæуы

13. Рухс цæуы

14. Чындзы цæуын

Ацы дæнцæгтæй дæр бæрæг у, мивдисæг хъæздыг æмæ бирæвæрсыг ныхасы хай кæй у, æмæ дзы хъуамæ раст пайда кæнын зонæм.



9.Ныхасы рæзтыл куыст.

Мивдисæгæй нæ алы боны царды мах пайда кæнæм. Нæ бон райдайæм салам раттынæй сыхæгтæн, зонгæтæн. Ӕз уын бакасдзынӕн текст. Лӕмбынӕг ӕм байхъусут, мӕ хуртӕ ӕмӕ уӕ алчидæр зæгъӕд йæ хъуыдытæ, бæлццæттæй растдæр чи у, уый тыххæй, радзырдæн æрхъуыды кæнут сæргонд.



- Иу сæрдыгон тæвд бон æртæ бæлццоны сæмбæлдысты сыгъдæг æмæ уазал суадоны был. Сатæг суадонæй сæ дойны суагътой æмæ сæ фæллад уадзынц. Уалынмæ суадоны раз стыр дурыл цы фыстытæ уыдис, уыдонмæ фæкомкоммæ сты.

"Ацы суадоны хуызæн у",- бакастысты бæлццæттæ. Æмæ сын ныхас бацайдагъ, фыстытæ цы амонынц, уый тыххæй.

Сæ иу загъта: "Тынг раст ныхас! Суадон æдзух цæуы размæ æмæ адæмæн дæр фæдзæхсы: у хъаруджын, кус æвæллайгæйæ, размæ цу!"

Дыккаг бæлццон йæ ныхмæ сдзырта: "Ам æндæр хъуыды ис. Куыстæн ницы нысан ис, æрмæстдæр дæхи пайдайæн куы уа, уæд. Суадон алкæйы дойны дæр сæтты æмæ уымæй зæгъы: зыд æмæ кæрæф ма у, дæ фæллойæ искæйы зæрдæ æлхæнын зон".

Æртыккаг бафиппайдта: "Мæнмæ гæсгæ та суадоны фыст афтæ æмбар-гæ у: дæ зæрдæ ацы суадоны хуызæн сыгъдæг æмæ ирд уæд".

-Бæлццæттæй растдæр чи у? Цæмæн?

-Текстæн цавæр сæргонд раттæн ис? (Суадон).

-Текст цавæр у? (æрфыст, таурæгъ, тæрхон). Байхъусын ахуыргæнинæгты тæрхæттæм, сæ хъуыдытæм æмæ хатдзæг скæнын: (раст сты æртæ бæлццоны дæр. Хæдзары та хъуамæ ныффыссой сæ хъуыдытæ тетрады, спайда кæнын дзырдтæй: фæдзæхсы, зæрдæ æлхæны, дойны сæтты, размæ цу).

III. Хатдзæгтæ:

Абон нæ зæрдыл æрлæууын кодтам сæрмагонд ныхасы хай - мивдисæг.

Мæн уырны, дарддæры урокты мивдисæгæй раст пайда кæй кæндзыстæм. Нæ урочы кæрон ма мæ фæнды раздæхын Анахарсисы ныхæстæм. Цыфæнды бæрзонд бынатмæ дæр куы схизай, уæддæр нæй рохгæнæн æртæ хӕзнайы: ныййарджыты, Райгуырæн бæстæйы æмæ мадæлон æвзаджы. Нæ урочы суадон уыд символы хуызæн. Суадон у æнæбайсысгæ, сыгъдæг, ирд, алкæмæн дæр йæ цæст уарзы хорздзинад.

Тынг ма мӕ фӕнды уӕ хъуыдытӕ базонын нӕ абоны урочы тыххӕй. Цы дзы фӕцыдис уӕ зӕрдӕмӕ, кӕннод та нӕ фӕцыдис, цы дзы райстат уӕ зӕрдӕмӕ хӕстӕг, цавӕр ӕнкъарӕнтӕ уӕм сӕвзӕрд?/Байхъусын ахуырдзауты раныхӕстӕм/.

IV. Бæрæггæнæнтæ сӕвӕрын./Скъоладзаутӕ аргъ кӕнынц кӕрӕдзийы куыстӕн/.



V. Хæдзармæ куыст:

1. Радзырд "Суадон"-мӕ гӕсгӕ цыбыр хъусынгӕнинӕгтӕ бацӕттӕ кӕнын(хи хъуыдытæ);

2. Мивдисæгӕй рацыд ӕрмӕг сфӕлхат кӕнын.

















 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал