7


  • Учителю
  • «КЪОСТА-ИРЫ УАРЗОН ХЪæБУЛ» (номдар,мивдисӕг ,фæрсдзырд ӕмӕ миногоныл афӕлгӕст)

«КЪОСТА-ИРЫ УАРЗОН ХЪæБУЛ» (номдар,мивдисӕг ,фæрсдзырд ӕмӕ миногоныл афӕлгӕст)

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

17

Темӕ:

«КЪОСТА-ИРЫ УАРЗОН ХЪæБУЛ»

(номдар,мивдисӕг ,фæрсдзырд ӕмӕ миногоныл афӕлгӕст)

«КЪОСТА-ИРЫ УАРЗОН ХЪæБУЛ» (номдар,мивдисӕг ,фæрсдзырд ӕмӕ миногоныл афӕлгӕст)









Беслæны 7 скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг

Елдзарты Нателæ













Темӕ: «КЪОСТА-ИРЫ УАРЗОН ХЪÆБУЛ»

(номдар, мивдисӕг ӕмӕ миногонтыл афӕлгӕст)

Урочы нысан.Рацыд ӕрмӕг бафидар кӕнын.Скъоладзауты зонындзинӕдтӕ фӕуӕрӕхдӕр кӕнын номдар, мивдисӕг ӕмӕ миногоны тыххӕй.Ныхасы рӕзтыл бакусын. Хъомыладон куыст бакӕнын.

Цӕстуынгӕ ӕрмӕг. Чиныг, нывтӕ, презентаци, интерактивон фӕйнӕг.

Эпиграф : «Азтӕ куыд фылдӕр цӕуынц, афтӕ Къоста мӕ цӕсты кӕны кадджынӕй - кадджындӕр,цытджынӕй - цытджындӕр, тыхджынӕй - тыхджындӕр» Абайты В.

Урочы цыд.

  1. Бацæттæгæнæн рæстæг.

«КЪОСТА-ИРЫ УАРЗОН ХЪæБУЛ» (номдар,мивдисӕг ,фæрсдзырд ӕмӕ миногоныл афӕлгӕст)МОТИВАЦИ

Ахуыргӕнӕг.

- Уæ бон хорз, нӕ зынаргъ уазджытӕ ӕмӕ ахуырдзаутӕ! Абон у диссаджы фӕззыгон расугъд бон, нæ зæрдæтӕ сты рухс ӕмӕ хъæлдзæг. Мӕн фӕнды, цӕмӕй нӕ зӕрдӕты циндзинад æмæ хъæлдзæгдзинадӕй кӕрӕдзийӕн фӕхай кӕнӕм. Алчи дӕр уӕ йӕ фарсмӕбадӕгмӕ бакӕсӕт ӕмӕ йӕм йӕ мидбылты бахудӕт.

Ахуыргӕнӕг.

Пусть каждый день и каждый час,

Вам новое добудет.

Пусть будет добрым ум у вас.

И сердце добрым будет.

Слайд №1 «КЪОСТА-ИРЫ УАРЗОН ХЪæБУЛ» (номдар,мивдисӕг ,фæрсдзырд ӕмӕ миногоныл афӕлгӕст)

Къостайы портрет ӕмӕ темӕ сты ӕмбӕхстнывы бын. Зарӕг баиу кӕндзынӕн , куы фӕуа , уӕд зӕгъдзынӕн скъоладзаутӕн:

«Зарӕгмӕ гӕсгӕ бамбӕрстат , нӕ ныхас дарддӕр кӕуыл цӕудзӕнис,уый?» (Къостайыл)

(Нывыл иуырдæм ахӕцдзынӕн ӕмӕ разындзысты Къостайы портрет ӕмӕ темӕ.)

Ахуыргæнæг.Ирон адæммæ ис диссаджы хорз миниуæг, хъæбатырдзинад, лæгдзинад исчи куы равдисы,куы скæны йæ адæмæн ,йæ райгуырæн бæстæйæн æнустæм ном , уæд уыцы адæймагыл кады зарджытæ скæнынц. Куыд фехъуыстат , афтæмæй Иры æрттивгæ стъалы Костайыл дæр адæм скодтой кады зарæг. Æмæ, æцæгæйдæр ,Къоста бонæй бонмæ кæны кадджынæй - кадджындæр. Афтæ фыста Абайты В. Къостайы тыххæй.(Æвдисын слайд, иу ахуырдзау кæсы эпиграф).





Слайд№2 «КЪОСТА-ИРЫ УАРЗОН ХЪæБУЛ» (номдар,мивдисӕг ,фæрсдзырд ӕмӕ миногоныл афӕлгӕст)

«КЪОСТА-ИРЫ УАРЗОН ХЪæБУЛ» (номдар,мивдисӕг ,фæрсдзырд ӕмӕ миногоныл афӕлгӕст)2.Эпиграф : «Азтӕ куыд фылдӕр цӕуынц, афтӕ Къоста мӕ цӕсты кӕны кадджынӕй - кадджындӕр,цытджынӕй - цытджындӕр, тыхджынӕй - тыхджындӕр» Абайты В.





«КЪОСТА-ИРЫ УАРЗОН ХЪæБУЛ» (номдар,мивдисӕг ,фæрсдзырд ӕмӕ миногоныл афӕлгӕст)3.Фонетикон минут. (Райдыдтам нӕ урок дамгъӕтӕ фӕлхат кӕнгӕйӕ):

Слайд№3

«КЪОСТА-ИРЫ УАРЗОН ХЪæБУЛ» (номдар,мивдисӕг ,фæрсдзырд ӕмӕ миногоныл афӕлгӕст)



Ахуыргӕнӕг . Райстон бӕрӕгбонмӕ диссаджы дидинджыты баст кавказаг дамгъӕтимӕ. Мӕн фӕнды цӕмӕй сфӕлхат кӕнӕм дамгъӕтӕ тагъд-тагъд. (гъ,къ,пъ, тъ,хъ,чъ,цъ,дз,дж,ӕ, ы).(Уæ зæрдыл дарут, ацы дамгъæтæ иугай мыртæ кæй нысан кæнынц, уый. Фысгæ-фыссын та сæ , иу рæнхъæй иннæ рæнхъмæ хæсгæйæ ,нæ хицæн кæнæм)

1)(сывӕллӕттӕ фӕлхат кӕнынц ахуыргӕнӕджы фӕстӕ);

2) дамгъӕтимӕ дзырдтӕ ӕмӕ дзырдбӕстытӕ зæгъын, Къостайы сфӕлдыстадимӕ баст куыд уой, афтӕ. (Дзӕбидырдзуан , Къоста, хърихъупп ӕмӕ бирӕгъ, цъиу ӕмӕ сывӕллӕттӕ, булкъ ӕмӕ мыд). Хъуыдыйадтæ саразын дыууæ дзырдимæ.)

Дзырдуатон куыст. Дидинджыты бын ис дзырдтӕ ӕмбӕхст.Уыцы дзырдтӕ хъуамæ базонат. (Æз æххуыс кæндзынæн скъоладзаутæн ). Уый фæстæ сæ тетрæдты ныффыссат.(Фӕлдахӕм дидинджытӕ , сӕ уӕлӕ фыст ис дзырдтæ: « Ирон фӕндыр», Костайы портрет,-ирон ӕвзаг, ӕмӕ , литературӕйы ,бындурӕвӕрӕг.)

4.Ахуыргæнæг

Къоста стыр нывгæнæнæг дæр кæй уыд , уый адæм зонынц. Ныууагъта нын йæ рæстæджы хуымæтæг адæймæгты хуызтæ.

Зæгъут цавæр нывтæ йын зонут.(Сывæллæттæ сæ дзурынц.)

Æвдисын сæ экраныл.

Слайд№5 «КЪОСТА-ИРЫ УАРЗОН ХЪæБУЛ» (номдар,мивдисӕг ,фæрсдзырд ӕмӕ миногоныл афӕлгӕст)





Уæлдай цымыдиссаг дæр та у йæ мады ныв.Уынгæ йæ никуы фæкодта, къам ын нæ баззад, афтæмæй йын , адæмы ныхæстæ æмæ , йæ зæрдæ куыд дзырдта, уымæ гæсгæ сныв кодта йæ сурæт. Йæ мады йын чи зыдта , уыдон куы федтой ныв, уæд сæ дисæн кæрон нал уыд,- бынтон йæхи хуызæн рауад. Слайд№5 (Ныхæстæ кæсы иу скъоладзау)

«КЪОСТА-ИРЫ УАРЗОН ХЪæБУЛ» (номдар,мивдисӕг ,фæрсдзырд ӕмӕ миногоныл афӕлгӕст)

«Нæй, ничи мæ уарздзæн дæ хуызæн,

Мæ уарзон, мæ ныййарæг мад!

Дæ фырты куы ницы уал уырны,

-Ыстыхсын æй кодта йæ цард.

Ды куы уаис- куыд бирæ йæ уарзис

Æмбарис дæ фырты зæрдæ,

Тыхмийæ, фыдæй йæ цæргæсау

Ды хъахъхъæнис царды бæргæ.

«КЪОСТА-ИРЫ УАРЗОН ХЪæБУЛ» (номдар,мивдисӕг ,фæрсдзырд ӕмӕ миногоныл афӕлгӕст)5Хъомыладон куыст

Æцæгæйдæр , бирæ уарзта Къоста йæ мады ,цæй бæрц хъуамæ бæллай мады фæлмæн рæвдыдмæ, цæмæй йын равдисай йæ сурæт алыхуызон ахорæнты руаджы. Сымах дæр ,кæй зæгъын æй хъæуы, тынг бирæ уарзут уæ гыцциты.

Уыдон бирæ фыдæбон кæнынц, цæмæй сымахæн алцыдæр уа, мацы цух уат, хъæлдзæг æмæ уын амондджын цард уа.Сымах та хъуамæ уат ӕнӕзивӕг,коммӕгӕс, ӕгъдауджын. Æххуыс кӕнут уӕ ныййарджытӕн,цӕмӕй сын сӕ къух рог кӕнат чи йӕ хорз митӕй , чи та йӕ хорз ахуырӕй. Мæнгæй нæ фæзæгъынц :«Мады рæвдыдæй адджындæр ницы ис ». Исчи уæ зоны мады тыххæй æмбисонд?(Сывæллæттæ дзурынц æмбисæндтæ)

«КЪОСТА-ИРЫ УАРЗОН ХЪæБУЛ» (номдар,мивдисӕг ,фæрсдзырд ӕмӕ миногоныл афӕлгӕст)6.Æмбисæндтæ

Слайд№6 «КЪОСТА-ИРЫ УАРЗОН ХЪæБУЛ» (номдар,мивдисӕг ,фæрсдзырд ӕмӕ миногоныл афӕлгӕст)

Зæгъут -ма : «Мады хъæбыс адджыну»,

«Мады зæрдæ сабийæн хур у,фыды зæрдæ-мæй»,

«Одна у человека родная мать, одна у него Родина».

-Ратӕлмац ӕй кӕнут.

-Куыд ӕй ӕмбарут.

-Цæуыл нæ ахуыр кæнынц? (фæрсын сывæллæтты сæ уырыссагау).

«КЪОСТА-ИРЫ УАРЗОН ХЪæБУЛ» (номдар,мивдисӕг ,фæрсдзырд ӕмӕ миногоныл афӕлгӕст)7.Ныхасы рӕзтыл куыст .

43 -æм фарс , №5

Ӕвдисын ныв,кӕцыйы мидӕг сюжеттӕ сты ӕвӕрд ныхӕй ныхмӕ .

Ахуыргӕнӕг.

Ӕркӕсут нывтӕм , цы уынæм, кӕй дзы уынӕм, цы зӕгъӕн ис нывтӕй? Слайд №7 «КЪОСТА-ИРЫ УАРЗОН ХЪæБУЛ» (номдар,мивдисӕг ,фæрсдзырд ӕмӕ миногоныл афӕлгӕст)

-Кæй уынут фыццаг нывы?

Куыд хуыйнынц нывтæ?

-Чи сты уыцы лæппутæ?

Цавæр куыст кæнынц уыдон?

Цы ис лæппуты уæлæ дарæсæй?

Цы ис иумиагæй фыццаг æмæ дыккаг нывы лæппутæн?

Нывы фæсте, дыккаг пъланы та цы уынут?

Цавæр ахорæнтæй у конд?

Цавæр æнкъарæнтæ уæм гуырын кæны фыццаг ныв?

Дыккаг нывы та кæй уынæм?

Куыд ис схонæн ацы нывы сывæллæтты?

Цавæр ахорæнтæй пайда кæнынц нывгæнджытæ дыккаг нывы?

Æркæсут нывтæм лæмбынæг æмæ дзы ссарут миногонтæ

Бызгъуыр

Бæгъæввад

Скъуыд

Бæгънæг

Чъизи

Мæгуыр

Æххормаг

Æнкъард



Хъæлдзæг

Амондджын

Хæрзконд

Сыгъдæг

Хъæздыг

Æфсæст



Ахуыргæнæг . Чи уæ радзурдзæни Къостайы æмдзæвгæтæ? (Сывæллæттæ дзурынц æмдзæвгæтæ).

Уæдæ цы равдыста Къоста йæ æмдзæвгæтæ æмæ нывты?)

Хатдзæг: (Къоста йæ нывты дæр æмæ йæ æмдзæвгæты дæр æвдыста мæгуыр адæмы уæззау цард.)

«КЪОСТА-ИРЫ УАРЗОН ХЪæБУЛ» (номдар,мивдисӕг ,фæрсдзырд ӕмӕ миногоныл афӕлгӕст)8.Текстимӕ куыст.

Къордгай куыст.

Ахуыргӕнӕг. Бакусæм чиныджы 38-æм фарсыл, 2 фæлтæрæнимæ

1).Адих ут ӕртӕ къордыл. Фыццаг къорды сывӕллӕттӕ сфысдзысут текстӕй номдартӕ, дыккаг-мивдисджытӕ, ӕрыккаг-миногонтæ:

Адæмы уарзон бæрæгбон.

1 къорд. ( Сфыссут текстæй нодартæ.)

Октябры мæйы 15-æм бон уæлдай циндзинад æрхæссы нæ адæмæн. Уыцы бон райгуырдис нæ цытджын поэт Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста.

Къоста тох кодта дзыллæйы амондыл , йæ зæрдæ рыстис адæмы рисæй,æмæ уымæн у йæ райгуырæн бон адæмон бæрæгбон.

Æхсызгонæй сæмбæлы Ирыстон Къостайы райгуырæн боныл. Къостайы стъалы бæрзонд ссыдис, ныррухс кодта æмæ бахъарм кодта адæмы зæрдæтæ.

2къорд. ( Сфыссут текстæй мивдисджытæ.)

Къостайы фæрцы дунейы дзылæттæ базыдтой Ирыстон æмæ йæ адæмы, сæ зондахаст, сæ удыхъæд. Уый радта адæмæн йæ курдиат, йæ уды хъарм, йæ зæрдæ. Мах куы фæзæгъæм Ирыстон - нæ цæстыты раз вæййы Къоста, мах куы фæзæгъæм Къоста - нæ цæстыты раз вæййы Ирыстон.

Къоста у Ирыстоны ном æмæ кад , йæ зонд æмæ йæ уд, йе 'хсар æмæ йе 'гъдау. Уымæ гæсгæ Къостайы райгуырæн бон ссис Ирыстоны адæмæн кады бæрæгбон.

3 къорд. ( Сфыссут текстæй миногнтæ.)

Къоста цыппор æхсæз азы йеддæмæ нæ фæцардис, фæлæ йæ зæрдæйы рухс судзы абон дæр. Уый нын амоны фæрнæйдзаг фидæнмæ фæндæгтæ.

Азтæ цæудзысты, æнустæ цæудзысты, Къостайы ном та кæндзæнис кадджынæй- кадджындæр, намысджынæй- намысджындæр.

(Дзуӕппытӕ)Адæмæн , циндзинад, поэт Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста,

дзыллæйы, амондыл, бон , бæрæгбон, Ирыстон, адæмы, зæрдæтæ

Базыдтой, радта, фæзæгъæм, вæййы , ссис

Фæрнæйдзаг, кадджынæй-кадджындæр, намысджынæй-намысджындæр

-Ӕркӕсут цы дзырдтӕ сфыстат ,уыдонмӕ.

-Цы уын баххуыс кодта номдартӕ, мивдисджытӕ ӕмӕ миногонтæ ссарынӕн?

-Цавӕр фӕрстытӕ домынц номдартӕ?

-Мивдисджытæ?

-Миногонтæ?

-Номдартӕн тексты цавӕр кӕрӕттӕ ис?

-Уӕдӕ номдартӕ кӕрӕттӕм гӕсгӕ куы фӕивынц , уый куыд хуыйны?

-Мивдисджытӕ та куыд ивынц? Куыд хуыйны?

(Уӕдӕ практикон куыст бакӕнӕм интерактивон фӕйнӕгыл)

«КЪОСТА-ИРЫ УАРЗОН ХЪæБУЛ» (номдар,мивдисӕг ,фæрсдзырд ӕмӕ миногоныл афӕлгӕст)9.Чиныгимæ куыст 35-æм фарс, №2

Æххæст цæуы интерактивон фæйнæгыл 4 æм фæлтæрæн.

Слайд №8«КЪОСТА-ИРЫ УАРЗОН ХЪæБУЛ» (номдар,мивдисӕг ,фæрсдзырд ӕмӕ миногоныл афӕлгӕст)

«КЪОСТА-ИРЫ УАРЗОН ХЪæБУЛ» (номдар,мивдисӕг ,фæрсдзырд ӕмӕ миногоныл афӕлгӕст)10.Иллюстрацитæ

Ацы нывтæм гæсгæ нымæцтæн ссарут сæ бынат. Зæгъут дзурæг сты уыдон

Слайд №9

«КЪОСТА-ИРЫ УАРЗОН ХЪæБУЛ» (номдар,мивдисӕг ,фæрсдзырд ӕмӕ миногоныл афӕлгӕст)

-Базонут цавæр уацмыстæм сты арæзт ацы иллютрацитæ?

(Сывæллæттæ алы нывы бынмæ ласынц дзырдтæ)

«КЪОСТА-ИРЫ УАРЗОН ХЪæБУЛ» (номдар,мивдисӕг ,фæрсдзырд ӕмӕ миногоныл афӕлгӕст)11.Интерактивон фӕйнӕгыл куыст : 36-æм фарс, №3

Слайд № 10

«КЪОСТА-ИРЫ УАРЗОН ХЪæБУЛ» (номдар,мивдисӕг ,фæрсдзырд ӕмӕ миногоныл афӕлгӕст)

1).Хъуыдыйӕдтӕ фӕрстытӕм гӕсгӕ баххӕст кӕнут лӕвӕрд номдартӕй .Базонут цавӕр хауӕнты сты ӕвӕрд. (Скъоладзаутӕ цæуынц фӕйнӕгмӕ ӕмӕ ӕххӕст кӕнынц фӕлтӕрӕн) (1къорды скъоладзаутӕ)

(15 октябры райгуырдис (Чи?________ .

( Бӕрзонд ссыдис (Кӕй?)________стъалы.

(Кӕмӕн? ____________ йӕ ном у кадджын.

(Кӕмӕй?)____________ ирӕттӕ сты сӕрыстыр.

(Кӕмӕ?_______________дзуры йӕ фыд.

(Кӕуыл?) ____________дзурдзыстӕм абон.

(Кӕимӕ?)_____________ ныхас кодта лӕгтӕ.

(Кӕйау?) _____________уарз Ирыстоны.

Дзырдтӕ спайда кӕнынӕн: Къоста,Къостайы,Къостайæн,Къостамæ, Къостайыл, Къостайæ, Къостаимæ, Къостайау.

Дзырдтӕ кӕцы хауӕнты сты уый базонут.

Н.х.,Г.х.,Д.х.,И.х.,А.х.,Ӕ-б.х.,Ц.х.,Х.х.(Скъоладзаутӕ хизынц фӕйнӕгмӕ ӕмӕ ӕххӕст кӕнынц фӕлтӕрӕн)



Слайд №11«КЪОСТА-ИРЫ УАРЗОН ХЪæБУЛ» (номдар,мивдисӕг ,фæрсдзырд ӕмӕ миногоныл афӕлгӕст)

2).Нырыккон афонæй саразут ивгъуыд афон( кæсын «Ирон фæдыр») .Сӕ кӕрӕттӕ сын фӕнысан кӕнут. Базон мивдисӕджы цӕсгом. (2къорды скъоладзаутӕ иугай цæуынц фæйнæгмæ æмæ маркерæй фыссынц , ифтындзæг кæнынц ).

Слайд № 12 «КЪОСТА-ИРЫ УАРЗОН ХЪæБУЛ» (номдар,мивдисӕг ,фæрсдзырд ӕмӕ миногоныл афӕлгӕст)

3). Хъуыдыйæдтæ хъӕугӕ фӕрсдзырдтимӕ ныффысс.

(3къорды скъоладзаутӕ иугай хизынц фæйнæгмæ æмæ дзырдты сæ бынаты æвæрынц)

Къоста райгуырдис (кӕд?)___________

Къоста райгуырдис (кӕм?)________

Уый схъомыл кодта (чи?)_________

Чендзе (куыд?) уарзта Костайы?________

Феста(куыд?)__________

Ахуыр кодта (кӕм?)__________

"Ирон фӕндыр мыхуыры рацыд (кӕд?)_________

Дзырдтӕ спайда кӕнынӕн: Бетъырбухы,Чендзе, бирӕ.

1899аз,1859 аз, хорз, Нары, Стъараполы.





(-Цавæр рæдыд ис нæ фæлтæрæны?(-Чендзе фæрсдзырд нæу.)

(Æмбæрзæныл æрхæцдзынæн æмæ равдисдзынæн дзырд Чендзе )

«КЪОСТА-ИРЫ УАРЗОН ХЪæБУЛ» (номдар,мивдисӕг ,фæрсдзырд ӕмӕ миногоныл афӕлгӕст)13.Къордгай куыст

4).Ахуыргӕнӕг.

Уӕ разы ис тексттӕ . Тексты ӕруагътон рӕдыдтытӕ .Сымах сӕ хъуамӕ ссарат ӕмӕ сӕ сраст кӕнат.(Чи тагъддӕр).

1къорд

«КЪОСТА-ИРЫ УАРЗОН ХЪæБУЛ» (номдар,мивдисӕг ,фæрсдзырд ӕмӕ миногоныл афӕлгӕст)14.Хибарӕй куыст .Фæлтæрæн (Сывӕллӕттӕ куы сӕххӕст кӕной фӕлтӕрӕн, уӕд сбӕрӕг кӕндзыстӕм ,раст ӕй сӕххӕст кодтой ӕви нӕ )

Слайд № 13«КЪОСТА-ИРЫ УАРЗОН ХЪæБУЛ» (номдар,мивдисӕг ,фæрсдзырд ӕмӕ миногоныл афӕлгӕст)

1.Раджы … цъуппæй касти

Иу æрра … .

Мигъ æнгом йæ быны бадти,

Урс цагъд … .

…. дын æм йæ зæрдæ ,-

Тæккæ былгæрон

Дурыл авæрдта йæ къæхтæ:

«Агæпп æм кæнон ,-

2.Адæм зарджытæ скодтой … .

4.Къостайы барынц уæларвон …. .

Дзырдтӕй спайда кӕнын: (къуымбилау, Къостайыл, стъолыимæ, хохы, фыййау, Бахъазыд)

«КЪОСТА-ИРЫ УАРЗОН ХЪæБУЛ» (номдар,мивдисӕг ,фæрсдзырд ӕмӕ миногоныл афӕлгӕст)15.Аудировани.Слайд №14 «КЪОСТА-ИРЫ УАРЗОН ХЪæБУЛ» (номдар,мивдисӕг ,фæрсдзырд ӕмӕ миногоныл афӕлгӕст)

(Хæдзармæ хæслæвæрд . Уырыссаг æвзагæй ратæлмац кæнут ирон æвзагмæ текст. Йæ тæлмац мæ йын байхъусæм.

Иу кæнын ауди фыст текст)

</ Къоста поэт, драматург æмæ публицистæй уæлдай уыд нывгæнæг. Ныв кæнын уарзта гыццылæй фæстæмæ .Ахуыр кодта Бетъырбухы Аивæдты академийы .Уым базонгæ ис зынгæ уырыссаг нывгæнджытимæ. Къоста сныв кодта бирæ нывтæ.Уыдоны 'хсæн ис «Хъыггæнæг зæд», «Æрдзон хид», «Мады портрет», «Дурсæтджытæ», «Дондзау» æмæ æндæртæ. Уæлдай цымыдисагдæр та у йæ мады ныв, хъыгагæн, не 'рхæццæ абонмæ.Уынгæ йæ никуы фæкодта,къам ын нæ баззад , афтæмæй йын ныффыста йæ сурæт,йæ зæрдæ куыд дзырдта, уымæ гæсгæ. Уымæн æмæ йæ Къоста бирæ уарзта . Алы аз дæр 15 октябры Къостайы райгуырæн хъæуы арæзт æрцæуы стыр бæрæгбон - поэзийы бæрæгбон.

Слайд № 15 «КЪОСТА-ИРЫ УАРЗОН ХЪæБУЛ» (номдар,мивдисӕг ,фæрсдзырд ӕмӕ миногоныл афӕлгӕст)

«КЪОСТА-ИРЫ УАРЗОН ХЪæБУЛ» (номдар,мивдисӕг ,фæрсдзырд ӕмӕ миногоныл афӕлгӕст)16.Тест (Кæд рæстæг уа уæд сæххæст кæндзыстæм тест)

1).Къоста уыдис:

а)ахуыргæнæг

æ)поэт

б) дохтыр

2).Къоста райгуырдис:

а)Беслæны

æ)Дзæуджыхъæуы

б)Нары

3).Чи уыдысты йæ ныййарджытæ:

а)Чендзе

æ)Леуан

б)Мария

4).Къоста ахуыр кодта :

а) Мæскуыйы

æ) Бетъырбухы

б) Беслæны

5.Костайы æмдзæвгæты чиныг хуыйны:

а) « Уалдзæг»

æ) «Малусæг»

б) «Ирон фæндыр»

6).Къоста амардис:

а)1897аз

æ)1903

б)1906

«КЪОСТА-ИРЫ УАРЗОН ХЪæБУЛ» (номдар,мивдисӕг ,фæрсдзырд ӕмӕ миногоныл афӕлгӕст)17.РЕФЛЕКСИ

Ахуыргӕнӕг.

-Куыд уӕм кӕсы , сывӕллӕттӕ, куыд бакуыстат абоны урочы? (Хорз)

Ныр та уын байуардзынӕн сыфтыл фӕрстытӕ.Сымах сын дзуапп раттут, алчидӕр уӕ йӕхи куыстӕн саргъ кӕнӕт, чи куыд архайдта урочы, уымӕ гӕсгӕ .Фӕстаг рӕнхъыл сӕвӕрут уӕхицӕн бӕрӕггӕнӕнтӕ.

Слайд№16«КЪОСТА-ИРЫ УАРЗОН ХЪæБУЛ» (номдар,мивдисӕг ,фæрсдзырд ӕмӕ миногоныл афӕлгӕст)

Бахахх кӕн хъӕугӕ дзуапп.На уроке я работал

Урочы ӕз архайдтон

Активно , пассивно

Активон , пассивон

2

Своей работой на уроке я

Мӕ куыстӕй урочы ӕз дӕн

Доволен, не доволен

Разы, нӕ дӕн разы

3

Урок для меня показался

Урок мӕм фӕкаст

Коротким, длинным

Цыбыр, даргъ

4

За урок я

Урочы ӕз

Не устал , устал

Нӕ бафӕллад дӕн, бафӕллад дӕн

5

Мое настроение

Мӕ зӕрдӕйы уаг

Стало лучше, стало хуже

Фӕхуыздӕр, февзӕрдӕр

6

Материал урока мне был

Урочы ӕрмӕг

Понятен, не понятен

Бамбӕрстон, нӕ бамбӕрстон

7

Домашнее задание мне кажется

Хӕдзармае хӕслӕвӕрд у

Легким , трудным

ӕнцон, зын





 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал