7


  • Учителю
  • Урок 'Бастырасугъд'. Барахъты Гино

Урок 'Бастырасугъд'. Барахъты Гино

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

Гом урочы конспект ирон литературӕйӕ 6 кълас.

Барахъты Гино «Бӕстырӕсугъд»

Темӕ: Ирон фӕндыры мыртӕ ӕмӕ зарӕджы зӕлтӕ.

Урочы нысан: 1. Сбӕрӕг кӕнын музыкӕйы бынат адӕмон сфӕлдыстады ӕмӕ аив литературӕйы уацмысты.

2. Раиртасын, фӕндыр ӕмӕ зарӕгӕн адӕймаджы царды цы ахадындзинад ис, уый. Скъоладзауты хъуыдытӕ уый тыххӕй.

3. Хъомыл кӕнын ӕнӕкӕрон уарзондзинад музыкалон аивадмӕ, гуырын кӕнын тырнындзинад музыкӕ хуыздӕр зонынмӕ.

Æрмӕг: фӕйнӕг аив фӕлгонцгондӕй, презентаци, чингуытӕ, иллюстрацитӕ, рагон фӕндыры нывтӕ.

Эпиграф: Ирон фӕндыр… Мӕ зӕрдӕйӕн йӕ зӕрдӕ.

Мӕ минмырон, мӕ удӕнцой, мӕ цин.

Хӕзнаты `хсӕн хӕзнайӕн ды ӕгӕр дӕ,

Нӕ Иры къуымты бархъомыс ӕфсин.

Галуанты Л.

Урочы цыд.

Дзырдуатон куыст.

Раздзог - вождь

Орфей - поэт, мифическое лицо, он так хорошо пел и играл на лире, что усмирял диких зверей и приводил в движение деревья и скалы.

I. Ахуыргӕнӕджы ныхас.

Зарӕг ӕмӕ фӕндыр…

Нӕ цӕстытыл иу уысм ауайын кӕнӕм нӕ цард ӕнӕ фӕндыры зӕлтӕй, ӕнӕ зарӕджы мыртӕй. Цас мӕгуырдӕр уаиккам!..

Ирон фӕндыры мыртӕ… Зарӕджы зӕлтӕ…

Адӕмы зӕрдӕты цин ӕмӕ хъыгӕй райгуырдысты.

Музыкӕ, зарӕг, уарзондзинады тых стыр у.

II. Мотивацион уавӕр

- Сывӕллӕттӕ, куыд хъуыды кӕнут, цӕуыл дзурдзыстӕм нӕ урочы?

- Раст. Дзурдзыстӕм ирон фӕндыры мыртӕ ӕмӕ зарӕджы зӕлтыл.

Уый ирдӕй ӕвдыст ӕрцыд Барахъты Гинойы радзырд «Бӕстырӕсугъд» - ы. Адӕймагмӕ цы хъуыдытӕ гуырын кӕны ацы уацмыс, ууыл айтынг кӕнӕм нӕ ныхас. Уый у нӕ урочы нысан. Цыбырӕй нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм мидис фӕрстытӕм гӕсгӕ.

1. Цавӕр хабар хъуысти Бӕстырӕсугъдӕй йӕ уынд, йӕ конд, йӕ зондахасты тыххӕй?

2. Цӕмӕн аззадис рохуаты ӕмӕ цӕмӕн араст ис йӕ хӕдзармӕ кӕсгон ӕлдары фырт?

3. Цӕмӕн ацис фынӕйау Бӕстырӕсугъд?

4. Æрмӕст йӕ аив цагъдӕй басаста Канаты Афӕхъо Бӕстырӕсугъды зӕрдӕ?

Хатдзӕг. Уӕдӕ ацы уацмысмӕ гӕсгӕ бамбӕрстам, цавӕр стыр тых ис музыкӕмӕ,зӕрдӕтӕм фӕндаг куыд ссары…

Адӕм кӕдмӕ цӕрой, уӕдмӕ цӕрдзысты зарӕг ӕмӕ фӕндыры цагъд дӕр.

II. Ног ӕрмӕг.

1) Абон нӕ урочы бӕлвырддӕр базондзыстӕм, уӕдӕ куыд равзӕрдысты, нӕ фыдӕлтӕй нын цы стыр хӕзнатӕ баззадысты, уыдон.

Музыкӕ равзӕрд трагедийӕ. Нӕ зӕрдыл ма ӕрлӕууын кӕнӕм Нарты кадджытӕм гӕсгӕ фӕндыры равзӕрд.

- Зӕгъут - ма, уӕдӕ чи сарӕзта фӕндыр?

2) Кадӕг «Фӕндыр куыд фӕзынди» дзуры скъоладзау. (Рагацау ын лӕвӕрд уыдис).

Ахуыргӕнӕг.

- Царды ис фыддзинад, фӕлӕ цасфӕнды куы ахӕсса уыцы фыддзинады дуг, уӕддӕр ӕй рӕстдзинад басӕтдзӕн. Афтӕ Нарт фыддзинадыл фӕуӕлахиз сты. Адӕмы маст фӕбынӕй кодта фӕндыры хъазт. Ныр Нарты байзӕддӕгтӕ фӕзӕгъынц: «Сырдоны фӕндырӕй фыдӕлты кадӕг ракӕнӕм». Афтӕ фӕзынд стыр хӕзна - фӕндыр, стыр символикон нысан кӕмӕн ис.

а) Равдисын иллюстраци «Сырдоны фӕндыр».

- Сымахӕй алчидӕр федта фӕндыр, чи зоны уӕ исчи цӕгъдын дӕр зоны. Чи уӕ ацӕгъддзӕн.

- Иорн адӕммӕ ма уыдис ӕндӕр музыкалон инструменттӕ дӕр.

(Презентаци «Ирон адӕмы музыкалон инструменттӕ»)

Ахуыргӕнӕг: Фӕндыримӕ арӕх фӕкӕнынц заргӕ дӕр.

Уӕдӕ куыд равзӕрд зарӕг та?

Зынгӕ ирон поэттӕ Цӕрукъаты Володя ӕмӕ Алыксандр сӕ мад, адӕмон таурӕгъгӕнӕг Агънианы ныхӕстӕй ныффыстой, ирон зарӕг куыд фӕзынд, уый.

3) Таурӕгъ дзуры ахуыргӕнӕг (хъуысы хъисфӕндыры музыкӕ).

«Раджы кӕддӕр Иры ӕфсад ӕмӕ се знаг ӕфсад ныхӕй-ныхмӕ ӕристы. Иры раздзог загъта: «Цӕмӕй дыууӕрдыгӕй дӕр туг ӕнӕхъуаджы ма ныккӕла, уый тыххӕй афтӕ бауынаффӕ кӕнӕм: дыууӕ ӕфсадӕн дӕр сӕ раздзӕуджытӕ астӕумӕ рацӕуӕнт ӕмӕ хъӕбысӕй рахӕцӕнт. Чи фӕбынӕй уа, уый састы бынаты баззад, уӕле чи фӕуа,уый та уӕлахиз». Хъӕбысхӕст райдыдта. Бирӕ фӕхӕцыдысты, гъе стӕй ирон йе знаджы зӕххы хъӕбӕрыл ныццавта, ӕрбырста йӕ. Фӕлӕ ӕрцыд фыдми. Знаг Иры раздзогыл сайдæй рацыд: бынæй хæрдмæ йӕ кардæй срæхуыста. Уыцы фыдми иннæ æфсады зæрдæмæ дæр нæ фæцыд - дзырд фæсайын æмæ мæнгарддзинад хатыр нæ кодтой уыдон дæр. Бирæтæ дзы ирæтты фарс фесты.

Мард баныгæныны размæ фæндтæ кæнын байдыдтой, йæ ном куыд нæ ферох уа, уæлæуыл цæргæ куыд баззайа. Æмæ загътой:

- Стыр цырт ын ныссадзæм!

- Зæппадз ын скæнæм!

- Хох ын йæ номыл рахонæм!

… Уæд сæ иу зæронд лæг ныссабыр кодта æмæ загъта: «Цырт ницы у, зæппадз дæр. Уыдон æнусон не сты, искæд ныррыг, ныффæнык уыдзысты… Фæлæ афтæ бакæнæм: зарæг ыл скæнæм, уыцы зарæг немæ цæудзæн кæдæмдæриддæр, мах фæстæ та нæ фæстагæттимæ цæрдзæн».

Иууылдæр йемæ сразы сты. Уыцы зæронд лæг уыд зарæггæнæг. Йæ фарсыл фæндыр баст. Райхæлдта йæ, цæгъдын æмæ зарын райдыдта:

- Не `ндон æхсар, нæ нæртон уарт, уый чи уыди?

- Уый - Уæрæда, уæй, Уæрæда!

- Нæртон уæздан, фæлмæнзæрдæ, уый чи уыди?

- Уый - Уæрæда,уæй, Уæрæда!

- Нæ хур батар, арв ныл рахауд… Уый чи уыди?

- Уый - Уæрæда, уæй, Уæрæда!

Иры æфсады раздзæуæг хуынд Уæрæда. Афтæ сæ мард раздзоджы ном дзырдтой æмæ йæ сæ уæлныхты ныгæнынмæ заргæ ахастой.

Уыцы зарӕг тынг даргъ уыд, æнæхъæн кадæг, фæлæ ма дзы абонмæ æрхæццæ æрмæст иунæг дзырд «Уæрæйдæ» - «Уæрæдайы бæсты». Ныр бирæ æндæр зарджытæм дæр бацыд.

- Сывæллæттæ, чи уæ зоны зарджытæ, Уæрæдайы ном кæм ис.

- Уæдæ байхъусут иу ахæм адæмон зарæгмæ. ( Зарæг азарын «Ауадз мæ, нана» ).

- Афтæмæй Уæрæдайы ном æцæгæйдæр цæргæ баззади. Афтæ фæзынд ирон зарæг.

-Зарӕгмӕ куы фӕхъусут, уӕд уӕ цӕстытыл цы фӕуайы?

Зарджытæм хъусгæйæ мах абон дæр дисы æфтауынц хъайтарты æхсар æмæ удуæлдай тох, нæ зæрдæмæ хæстæг исæм сæ хъыг, сæ хъизæмар.

Ирон адæммæ тынг бирæ ис зæрдæргъæвдтæ, кадæггæнджытæ. Зыгъуытаты куырм Бибо бирæ адæмты æрыхъусын кодта йæхимæ. Мах хъуамæ зонæм æмæ рох ма кæнæм, Къостайы загъдау, сæ бæрзбызыгъийæ арæзт хъисын фæндыртæй ирон музыкæ сæ фæстагæттæн чи бахъахъхъæдта, уыдоны. Уыдон та сты: Саулаты Дзæрæх, Цопанаты Арсæмæг, Мæргъиты Иликъо , Гуыриаты Вано, Абайты Алексо, Санаты куырм Уари, Таутиаты Дрис æмæ æндæртæ.

Уыдон сæ диссаджы зарджыты æмæ кадджыты æвдыстой ирон адæмы хъæбатыр фыртты фæлгонцтæ, ирон адæмы уæззау царды нывтæ, алыхуызон æнкъарæнтæ.

( - Байхъусæм - ма иу ахæм рагон цагъдмæ ).

Иу ахæм дæсны фæндырдзæгъдæг Томайты Созырыхъойы тыххæй радзурдзæн мӕ чысыл хӕлар.

«Зылындзаст орфей». ( Ханыкъаты Уæлгъайы очерк ).

«…Рæсугъд æмæ хъаруджын дыууæ хойы схъомыл Куырттаты комы. Рæстæг цыд, фæлæ нырма хистæр хо дæр мойаг нæма равзæрста йæ бирæ курджытæй… Иубон куы уыд, уæд рукъаг мæгуыр лæппу Томайты Созырыхъо дæр араст Куырттатæм усгур.

Усгурæн иуæй йæ фæлыст нæ бæззыд, иннæмæй уындцух уыд. Фæлæ йæ зылын цæстытæ алцыдæр фиппайдтой:

Хæдзармæ фæцæйцæугæйæ ауыдта уаты дуары зыхъхъырæй алыхуызон фæндыртæ къулыл ауыгъдæй.

Уыцы æхсæв ма уыд аст усгуры. Чызджытæ смæсты сты, Созырыхъо йæ ныфс кæй æрбахаста, ууыл.

- Ацы зылындзаст сæмпæрчъимæ ничи кæсы! Куыд æрбафсæрста йе смаггæнæг æрчъиты!

Фысым хъисфæндырæй ацагъта æмæ йæ уазджытæм алæвæрдта. Созырыхъомæ йæ дæтгæ дæр нæ кодтой, фæлæ йæм æй йе `мбал радта.

Уалынмæ йыл уый ахæм цагъд ныккодта, алкæй дæр айрох, цæмæ `рцыд, уый, æрмæст джихæй кастысты зылындзаст фæндырдзæгъдæгмæ. Хъазт сцырын. Фæкафыдысты… Кафынæй дæр амбылдта Созырыхъо.

- Ацæгъдин - ма дыууадæстæнонæй. Стыр аипп у, фæлæ хъуамæ мæ къæхтæ ныхсон. Æрчъитæ феппæрста, къæхтæ ахсадта, фæндыр йæ армæй æрсæрфта, аифтыгъта йæ, йæ уæрджыты `хсæн æй акодта, къухмæ райста хъисфæндыр æмæ ныццагъта дыууадæстæноныл къахы æнгуылдзтæй, хъисфæндырыл къухтæй æмæ зæлланг хъæлæсæй бахъырныдта. Хæдзарыдзаг адæм бандзыг сты иунæг лæджы æрдхæрæны триомæ…

Хистæр чызг йæ хойы хъусы адзырдта:

- Æз мæ цард æндæр никæимæ сиу кæндзынæн!

Усгуртæй алчидæр йæ хæдзармæ фæфардæг. Созырыхъо та æртыккаг бон хистæр хойы Рукъмæ раскъæфта уый хуызæн нæргæ хæдзарæй йæ мæгуыр къуыммæ. Рацыд сын бирæ зæнӕг.

- Сывæллæттæ, уæ зæрдыл уын кæй æрлæууын кодта зылындзаст орфей.

- Уæдæ музыкæмæ цы тых ис, уый федтам ацы уацмыстæй.

III. Ӕрмӕг куыд бамбӕрстой, уый сбӕрӕг кӕнын (рефлекси)

- Нæ урочы нысан цавæр уыди?

- Сæххæст æй кодтам? Дзуаппытæй дæтгæйæ пайда кæнут ацы хъуыдыйæдтæй:

- Урок мæ зæрдæмæ фæцыд, уымæн æмæ…

- Урокæй мæхицæн райстон…

- Урок мæм фæкаст цымыдисаг…

-Æз ахъуыды кодтон…

IV.Ахуыргӕнӕджы хатдзӕгтӕ

Уæдæ нæ цард æнæ фæндыр, æнæ цагъд, æнæ зард нæ фидауы. Музыкæ у æнæбын дуне. Мæнмæ гæсгæ, цалынмæ адæймаг цæра, уæдмæ цæрдзысты зарæг æмæ фæндыры цагъд дæр.

Нæ урочы кæрон ма мæ фæнды бакæсын Галуанты Людмилæйы ныхæстæ фæндыры тыххæй:

Æсфæлдыста дæ Иры зæхх йæ удæй.

Йæ хъыгтæ æмæ цинтæй уыдтæ гуырд.

Æнусбонты нын зарыс ды рæсугъдæй,

Нæ аивады хæзна æмæ куырд!





 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал