7


  • Учителю
  • Конспект урока на тему: 'Виктор Гюго Бедняки'

Конспект урока на тему: 'Виктор Гюго Бедняки'

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала



ВИКТОР ГЮГО «МÆГУЫРТÆ»

5 КЪЛАС.



2015

5 кълас ИКТ



ТЕМÆ: Виктор Гюго «Мæгуыртæ».

НЫСАН: Скъоладзауты базонгæ кæнын Виктор Гюгойы радзырд

«Мæгуырты» -йы ирон варианты фæзынды историимæ. Радзырдæн

цыбыр анализ скæнын, радзырд аивгæнæн мадзæлттæм хъус

æрдарын.

ХЪОМЫЛАДОН ХÆС: Адæймаджы хуыздæр миниуджытæй иу - бахъуаджы

рæстæг баххуыс кæнынмæ цæттæдзинадмæ скъоладзауты

æргом здахын.

УРОЧЫ ÆРМÆГ: Литературæйы чиныг, презентаци.

ДЗЫРДУАТОН - ФРАЗЕОЛОГИОН КУЫСТ: хъæз, идæдз ус, хыз, æмпъузын,

сыфцæй ласын.

«Баххуыс кæнын удыбæстæ у»

Æмбисонд

УРОЧЫ ЦЫД:

  1. Орг. хай.

  2. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын. Хатдзæгтæ скæнын рацыд æрмæгæй.

  3. Ног æрмæг. Скъоладзауты базонгæ кæнын Виктор Гюгойы радзырд

«Мæгуырты» ирон варианты фæзынды историимæ.

АХУЫРГÆНÆДЖЫ РАНЫХАС

Зындгонд францаг фыссæг Виктор Гюгойы æмдзæвгæ Лев Толстой

ратæлмац кодта уырыссаг æвзагмæ прозæйæ. Толстойæ та йæ ирон æвзагмæ ратæлмац кодта Барахъты Гино. Сымах бадис кæндзыстут, радзырды архайджытæн ирон нæмттæ кæй ис, ууыл: Женя (Жаннæ), Сæлимæт (Симон). Гино нымадта афтæ: сидзæргæсты æмæ мæгуырты царды уавæртæ алкæмдæр уыдысты иухуызон.

  1. Презентаци равдисын.

  2. Дзырдуатон - фразеологион куыст. Презентацийæ сæ рафыссын.

Хъæз (тростник) - хъамылы зайæгой.

Идæдз ус - йæ лæг кæмæн амард, ахæм сылгоймаг.

Хыз - радзырды: кæсагахсæн хыз, рыболовная сеть, невод.

Æмпъузын - (чинить, штопать, латать) - истæуыл гæппæл æвæрын, æмпъузын.

Сыфцæй ласын (тащить волоком) - исты уæзæг хи хъаруйæ фæдыл ласын.



  1. АУЛÆФТ. «Дæлæмæдзыдтæ æмæ уæйгуытæ» (скъоладзаутæ сæ партæты цур лæууынц.Куы зæгъон дзырд «уæйгуытæ», уæд скъоладзаутæ сæ къухтæ хæрдмæ исынц, «дæлæмæдзыдтæ» куы зæгъон, уæд та хъуамæ æрбадой. Лæмбынæгдзинады рæзын кæныны тыххæй архайын скъоладзауты сæмхæццæ кæнын.Зæгъæм, ахуыргæнæг зæгъы

«уæйгуытæ» æмæ йæхæдæг та æрбады, фæлæ скъоладзаутæ архæйдтытæ хъуамæ раст æвдисой.)

  1. Радзырд аив каст кæнын æмæ йын йæ мидис равзарын.

Фæрстытæ: Цавæр рæстæг æвдисы Гюго радзырды?

Кæсагахсджыты царды уавæртæ цавæртæ уыдысты?

Кæм уыд Женяйы лæг, цæмæн катай кодта Женя?

Кæмæ бацыд Женя рынчынфæрсæг æмæ йæ куыдæй

баййæфта?

Цавæр тыхтон рахаста Женя мæрдджыны хæдзарæй æмæ

цæмæн тарст йæ лæгæй?

Куыд райдыдта Женя йæ ныхас Сæлимæты мæлæты

тыххæй?

Цы бауынаффæ кодта лæг?

Куыд рауад сывæллæтты хъысмæт?

Женя æмæ йæ лæджы цыбыр характеристикæтæ.

Кæд цыфæнды мæгуыр уыдысты, уæддæр уыдысты бахуысмæ цæттæ, сæ мамæлайы къæбæрæй бахай кодтой сидзæр сывæллæттæн.



  1. Уацмысы æвзаг.

Радзырды автор уæрæх спайда кодта æрфыстытæй: Женя æмæ Сæлимæты хæдзæртты æрфыстытæ , рæстæджы æрфыст. Ис дзы монолог, диалогтæ.

Радзырды æвзаг хъæздыг у эпитеттæй: «уазал æхсæв», «денджызы астæу - талынг, уазал, дымгæ», «фæлурс уазал къух»; «дыууæ сывæллоны - бурхил, фæлурс», «хæмпус,чысыл къух», «бæрзонд сауцъар лæг».

Олицетворенитæ, фразеологион дзырдбæстытæй: «Дымгæ æхситт кæны», «дымгæйы æрдиаг», сугтæ къæр-къæр кæнынц», «арт дзынгалæйттæ кæны», «æрдиаг кæны денджыз», «Зæрдæ тынг цæвы». «дуары æрдиаг».

Фарст: цавæр цæстæй кæсы сымахмæ гæсгæ автор йæ хъайтартæм?

Баххæст кæнын скъоладзауты дзуæппытæ.

Автор æмбары мæгуыр адæмы хъизæмар, тынг сын тæригъæд кæны. Фæнды йæ, цæмæй мауал уа зæххыл мæгуыртæ, бацархайдта мæгуыр адæмы хъизæмар цардмæ хъæздгуыты æргом раздахын, кæд сæм фæкæсиккой, зæгъгæ.

  1. Хатдзæгтæ скæнын радзырды темæ æмæ мидисы фæдыл.

  2. Хæдзармæ куыст. Равдзырд аив кæсын зонын, мидис текстмæ хæстæг хи ныхæстæй дзурын зонын.

  3. Бæрæггæнæнтæ.



 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал