7


  • Учителю
  • Урок по теме Глагол. Прошедшее время глагола

Урок по теме Глагол. Прошедшее время глагола

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

</ 6-æм кълас. 2015.



Темæ: Мивдисæг. Мивдисæджы ивгъуыд афон.



Урочы нысан:

1) Мивдисæгæй пайда кæнын бацамонын; зонындзинæдтæ ныффидар кæнын: ивгъуыд афонæй;

2) Ныхасы рæзтыл куыст

3) Мадæлон æвзагмæ уарзондзинад разæнгард кæнын.



Урочы фæлгонц: компьютер(презентаци), интерактивон фæйнæг, кроссворд, ребустæ, нывтæ, видеоæрмæг.

Урочы цыд:

  1. Бацæттæгæн рæстæг:

-Ахуыргæнæг: Уæ бон хорз, сывæллæттæ. (1 слайд)

-Ахуырдзаутæ: æгас цу! (2 слайд)

Ахуыргæнæг: Сывæллæттæ, абон мах дзурдзыстæм ныхасы хæйттæй сæ иуыл, бæкæсæм ма хъуыдыйæдта æмæ ма базонут, цæвæр ныхасы хайыл цæудзæн дзырд.

1-аг скъоладзау кæсы: Ралæууыд зыгъзæрин фæззæг.

2-аг скъоладзау кæсы: Атахтысты мæргътæ хуссармæ.

3-аг скъоладзау кæсы: Уарыд къæвда сæх-сæхæй.

Ахуыргæнæг: æхъуыды кодтат, сывæллæттæ æмæ уæдæ зæгъут, цавæр ныхасы хайыл уыдзæн нæ урочы темæ.

Скъоладзаутæ: абон нæ урочы дзурдзыстæм мивдисæджы тыххæй.



(Хъуысы «фæззыгон вальс»-ы мелоди)



Фæззæджы мæйтæ.

Рухæны мæй -сентябрь

Кæфты мæй - октябрь

Джеуæргуыбайы мæй -ноябрь



Боныхъæд зонæнтæ.

Фæззæджы арв куы нæра, уæд хъарм ахæсдзæн.

Фæззæг хърихъуппытæ раджы куы райдайой тæхын хъарм бæстæтæм, уæд зымæг раджы ралæудзæн.



Скъоладзаутæ фыссынц нымæц, урочы темæ.

Ахуыргæнæг. Байхъусæм радзырд «Фæззæг»-мæ. Ралæууыд æрæгвæззæг. Хур тынг нал тавта æрбадымдта уазал дымгæ. Сæлфынæг кодта. Цъиутæ хуссармæ атахтысты. Бæлæстыл ма цы иугай бур, сырх, морæ сыфтæртæ уыдис, уыдон дæр хаудысты зæхмæ.

Бонæй бон уазалдæр кодта. Тагъд ралæудзæн зымæг.

Будайты М.



Зæгъут-ма, сывæллæттæ:

- Цавæр ивддзинæдтæ æрцыд æрдзы?

-Афæдзы цал афоны ис?

-Афæдзы кæцы афоныл цæуы ныхас?



Радзырды кæм ис мивдисджытæ, уыдон рафыссут:

тавта

æрбадымдта

атахтысты



Къæлæтты сæ фарсмæ ныффыссут сæ фарстытæ.

Интерактивон фæйнæгыл фæрстытæ:

- Цавæр ныхасы хай хонæм мивдисæг?

- Цавæр афонтæ ис мивдисæгæн?

- Цавæр фæрстытæн дзуапп дæттынц нырыккон афоны мивдисджытæ (рацыд æрмæгæй)?

- Мивдисæджы цæсгæмттæ.



Уæ зæрдыл æрлæууын кæнут нырыккон афоны мивдисджыты æмæ фæйнæгыл афыссут цæвиттонтæ 2 къордæй:

1 къорд 2 къорд

дымы дымдта

тавы тавта

згъæлы згъæлыд

тæхы тахти



Фыццаг къордты дзырдтæ дзуапп даттынц фарста: цы ми кæны?

Сты нырыккон афоны мивдисджытæ.

Дыккаг къорды дзырдтæ дзуапп дæттынц фарста: цы ми кодта?

  1. Фыццаг скъоладзау. 1-аг къорды дзырдтæ хауынц нырыккон афонмæ.

  2. Дыккаг скъоладзау. 2-аг къорды дзырдтæ та хауынц ивгъуы афонмæ.

Ивгъуыд афоны мивдисæг æвдисы ахæм æрхайд, кæцы æрцыд конд.

Зæгъæм: Мæдинæ балхæдта кърандастæ

Мæ мад æрбацыд фæлладæй.

Чызг райста хорз бæрæггæнæн.



Слайд

Балхæдта-(цы ми кодта?)

æрбацыд-(цы ми кодта?)

райста-(цы ми кодта?)

Слайд. æмбисæнтæ.

Фæззæг- царды къæбиц.

Фæззæг тыллæг дæтты, зымæг та хæргæ кæны.

Уалдзæг-рæссугъд, фæззæг-хъæздыл.



Дзырдбыд интерактивон фæйнæгыл.

  1. Куыд хонæм уарзæгæйæ хи æвзаг? (мадæлон æвзаг)

  2. Нæ райгуырæн бæстæ куыд хуыйны? (Ирыстон)

  3. Райгуырæн зæххы кыд фæхонынц?(Фыдыбæстæ)

  4. Адæймаджы цæрæн бынат? (Хæдзар)



Экраныл æмбисонд



Мадæлон æвзаг мады ад кæны.



Райгуырæн зæхх удæй адджын дæр.



Ахъуыды ма сыл кæнæм æмæ сæ хъуыды бамбарын кæнæм сывæллæттæ.



Ныффыссут сæ уæ тетрæдты.



Хатдзæгтæ :мадæлон æвзаг уарзын хъæуы, бахъахъхъæнын æй хъæуы, уый тыххæй хъуамæ арæхсæм аив дзурынмæ иронау,раст пайда кæнын ныхасы хæйттæй



Эпиграф:



Лæгæн зынаргъ куыннæ вæййынц

Йæ бинонтæ, йæ мад!

Лæгæн зынаргъ куыннæ вæййы

Йæ рæзгæ бонты цард!

Фæлæ уæддæр, ныййарæг зæхх,

Дæуæн æмбал кæм и!

Дæуæй зæрдæйæн адджындæр,

Зæгъ-ма мын, чи у, чи?!



Кочысаты Мухарбеджы ныхæстæ



1. Сывæллæттæ, ныййарæг зæххы тыххæй цы зæгъы поэт?

2. Цавæр æрхæцæн нысæнттимæ фембæлдыстут æмдзæвгæ кæсгæйæ?

3. Бацамонут æмдзæвгæйы мивдисджытæ æмæ сын сбæрæг кæнут сæ афонтæ.



Улæфæн рæстæг.

Ахуыргæнæг: Сывæллæттæ, фæйнæгмæ кæсæм æмæ сраст кæнæм дзуаппытæ.

Уарзы-(цы ми котда?) дзырдта-(цы ми кæны?)

Тырны-(цы ми кæны?) цæуы-(цы ми кодта?)

Зарыд-(цы ми кæны?) марзта-(цы ми кæны?)

Фыссы-(цы ми кодта?) кæсы-(цы ми кодта?)



Ахуыргæнæг: Уæдæ ма скæнæм хатдзæг:

Скъоладзаутæ: Ивгъуыд афоны мивдисджытæ æвдисынц ахæм архайд, кæцы арæзт æрцыд, дзуапп дæттынц фæрстытæн цы ми кодта? цы ми кодтой?



Ахуыргæнæг: Хорз, сывæллæттæ, æмæ ма цавæр афонтæ зонут мивдисæгæн?

æз зарын (цы ми кæнын?)

ды зардзынæ (цы ми кæндзынæ?)

уый зарыд (цы ми кодта?)



Ахуыргæнæг: ныртæккæ уын байуардзынæн карточкæтæ, æркæсут сæм æмæ кæрæдзиимæ аныхас кæнут мивдисджыты алыхуызон афонты æвæргæйæ?

Карточкæтæ:

Ды кафдзынæ

Мах фыстам

Æз кафын

Уыдон куыстой

Уый дзуры

Ды худтæ

Сымах амадтат



-Кæм ис нырыккон афон?

-Кæм ис ивгъуыд афон?

Фæйнæгыл баныхасут уæ карточкæтæ.



Рефлекси.

Ахуыргæнæг: Уæдæ ма хатдзæгтæ скæнæм. Мах базыдтам мивдисджытæй пайда кæнын фысгæ ныхасы,дзургæ ныхасы,сæ нымæцтæ бæрæг кæнын. Ивгъуыд афоныл лæмбынæг бакуыстам, нæ зæрдыл æрлæууын кодтам нырыккон афоны мивдисджыты.



Хæдзармæ куыст: (23 слайд)

  1. мивдисæг сахуыр кæнын

  2. цæвиттонтæ ныффыссын

  3. боныхъæдыл æрфыст скæнын мивдисджыты ивгъуыд афоны.



Ахуыргæнæг: бакæсын мæ фæнды ногæй нæ эпиграф. Зынаргъ у, сывæллæттæ, лæгæн йæ райгуырæн зæхх, афтæ зынаргъ у йæ мадæлон æвзаг дæр. Сæрыстыр ут уæ мадæлон æвзагæй, уæ зæрдæтæн мады ад кæнæт (мадау уын зынаргъ, мадау уын адджын уæт). Кадджын чызджытæ æмæ лæппутæ цы рацæуат Ирæн!

Арфæгонд ут!



 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал