7


  • Учителю
  • Тема:Фарны уалдзаг.Нымацон,йа хуызта.(числительное,и его виды в осетинском языке)

Тема:Фарны уалдзаг.Нымацон,йа хуызта.(числительное,и его виды в осетинском языке)

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

Темӕ: Фарны уалдзӕг.

Грама.темӕ:Нымӕцон ӕмӕ йӕ хуызтӕ(фӕлхат)





Урочы нысӕнттӕ:

  1. Скъоладзаутимӕ ӕрдзурын цавӕр афӕдзы афон у ныртӕккӕ ӕ.а.д.

  2. Нымӕцоны хуызтӕ. Зонындзинӕдтӕ парахат кӕнын.

  3. Скъоладзауты зӕрдӕты гуырын кӕнын уарзондзинад ирон ӕвзагмӕ.

Урочы хуыз: Фӕлхат кӕныны урок.

Цӕстуынгӕ ӕрмӕг:Презентаци,чингуытӕ,фӕйнӕг,нывтӕ,карточкӕтӕ.

Урочы цыд:

I.Организацион хай.

(Цӕгат Ирыстоны гимн зарӕм.)

II.Хӕдзармӕ куыст.

III.Фӕлхат.



Нывмӕ гӕсгӕ куыст.

-Зӕгъут-ма мын цы уынут нывы?

Сывӕллӕттӕ дзуӕппытӕ дӕттынц.

-Цавӕр афӕдзы афон ӕвдыст цӕуы нывы?

-Мӕйты нӕмттӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнут.

Уалдзӕг

Тӕргӕйтты мӕй ,хуымгӕнӕны мӕй ,зӕрдӕвӕрӕны мӕй .

(зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын мӕйты равзӕрд)

Радыгай дзурынц таурӕгътӕ.

Уӕдӕ-ма ныр та ӕркӕсут фӕйнӕгмӕ ӕмӕ зӕгъут,абон кӕцы бон у,кӕцы мӕй у,къуырийы бонтӕй кӕцы у?

Ахуырдзаутӕй иу сыстад ӕмӕ дзуапп дӕтты.



Уӕдӕ нӕ абоны урочы темӕ у Фарны уалдзӕг!

Цымӕ цӕмӕ фарны уалдзӕг,цы у ФАРН?

Фарн-это благодать,счастье.Уӕдӕ цы нысан кӕны ацы дзырдбаст?Весна счастья,благодатная весна!

Почему весна счастья?Потому,что весной,когда природа начинает обновляется,человеческое сердце тоже замирает в ожидании перемен,и с трепетом ждет прихода счастья.Именно с наступлением весны в человеке возрождается надежда на лучшее.А в период весенней пахоты и надежда на хороший урожай осенью.



3ф.Байхъус ӕмӕ зӕгъ, цал хъуыдыйады фехъуыстай.

Цӕгатӕй уазал дымгӕ рацыдис цӕугӕдӕттӕ ихӕй суӕгъд сты хуссар фахсыл кӕрдӕг фӕцъӕх и хур фӕсхохӕй скастис мӕргътӕ сӕ цӕрӕнбынӕттӕм ӕрбаздӕхтысты ӕрдз дидинӕй фᴂлыст дарӕс скодта.

Цӕгатӕй уазал дымгӕ рацыдис.Цӕугӕдӕттӕ ихӕй суӕгъд сты.Хуссар фахсыл кӕрдӕг фӕцъӕх и.Хур фӕсхохӕй скастис.Мӕргътӕ сӕ цӕрӕнбынӕттӕм ӕрбаздӕхтысты.Æрдз дидинӕй фᴂлыст дарӕс скодта.





  • Равзарын хъуыдыйӕдтӕ хъуыдыйады уӕнгтӕм гӕсгӕ.

  • Мивдисджыты афон сбӕрӕг кӕнын.(фӕйнӕгыл куыст).



Бакӕс дзырдты къордтӕ ӕмӕ сӕ сараз хъуыдыйӕдтӕ.

  • Та, уалдзӕг, ӕрцыдис, нӕм!

  • Райхъал ис, фынӕй, ӕрдз.

  • Фестадис, дидинӕг, бӕстӕ?

  • Цъӕх, ӕрдз, дарӕс, йӕ, скодта.



Уалдзӕг та нӕм ӕрцыдис!

Фынӕй ӕрдз райхъал ис.

Бӕстӕ дидинӕг фестадис.

Æрдз йӕ цъӕх дарӕс скодта. (устно,тӕлмац кӕнӕм радыгай)





Ног лексикӕ(дзырдуатон куыст):

Æз кӕсын,уыдон мӕ фӕстӕ дзурынц.



хъырнын -подпевать

гутон -плуг

дзывыр-соха

ӕфхӕрд -обиженный

сфӕлдисӕг -создатель

уддзӕф -дыхание

уаллон-дождевой червь.



  • Рафыссын дзырдуатмӕ.

  • Зӕрдыл бадарын.

Поработать со словами:

Восстановить последовательность слов.

Определить часть речи.



  • Бакӕсын текст.

Уалдзӕг Ирыстоны.

(Весна в Осетии)



Уалдзӕг ᴂрцыд. Бон фӕдаргъ ис. Хуссар фӕцъӕх ис. Цӕгат фӕхъулон ис. Бӕстӕ цъӕх адардта, йӕ мидбылты худы, уарзон, хъӕлдзӕг цӕстынгас дӕтты. Бӕлӕстӕ сыфтӕр рафтыдтой ӕмӕ хуры скастмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц. Зымӕгӕй ӕфхӕрд фосы дзугтӕ уалдзӕджы цъӕхӕй сӕ мондӕгтӕ уадзынц. Уалдзыгон мӕргътӕ алы ӕвзӕгтӕй зарынц, ахстӕттӕ кӕнынц.

Адᴂм уалдзӕджы куыст райдыдтой: чи гутон аразы, чи дзывыр кӕны, чи мыггаг тауы, чи йӕ фос хизӕнмӕ тӕры. Зᴂхх йӕ тарф фынӕйӕ райхъал ис ӕмӕ цӕрджыты базмӕлын кодта. Бындзытӕ, къогъотӕ ратӕх-батӕх кӕнынц. Уалдзᴂджы уддзӕфӕй чи нӕ базмӕлдзᴂнис, ахӕм уд кӕм ис?

Зӕронд лӕгтӕ ныхасы бадынц ӕмӕ рагон таурӕгътӕ хӕссынц. Чысыл лӕппутӕ сӕ разы лӕууынц ӕмӕ сӕм хъусынц. «Оф-оф! - загътой, - уалдзӕг - дзᴂнᴂт, де сфӕлдисӕгӕн макуы уӕд мӕлӕт!» .

Гӕдиаты Секъа.



  • Дзуапп ратт ын фǣрстытӕн:

Цавӕр ивддзинӕдтӕ ӕрцыдис ӕрдзы?

Адӕммӕ цавӕр куыстытӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц?

Куыд ӕмбарыс тексты фӕстаг хъуыдыйад?



8 ф.Нывтӕм гӕсгӕ куыст.

(Найдите описание картинок в тексте)

1 ныв:

Зӕронд лӕгтӕ ныхасы бадынц ӕмӕ рагон таурӕгътӕ хӕссынц.

2ныв:

Уалдзыгон мӕргътӕ алы ӕвзӕгтӕй зарынц, ахстӕттӕ кӕнынц.

3ныв:

Зымӕгӕй ӕфхӕрд фосы дзугтӕ уалдзӕджы цъӕхӕй сӕ мондгтӕ уадзынц.

4ныв:

Бӕлӕстӕ сыфтӕр рафтыдтой ӕмӕ хуры скастмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц.

5ныв:

Адӕм уалдзӕджы куыст райдыдтой: чи гутон аразы, чи дзывыр кӕны, чи мыггаг тауы, чи йӕ фос хизӕнмӕ тӕры. (устно)



Нǣ абоны урочы мах базогнгӕ уыдзыстӕм нымӕцонты хуызтима.Нӕ зонындзинӕдтӕ ацы ныхасы хайы тыххӕй фӕфылдӕр кӕндзыстӕм.



По назначению числительные делятся,как мы знаем на количественные(бӕрцон) и пороядковые(рӕнхъон),но помимо них в осетинском языке есть еще и дробные(мурон) и собирательные(дихон).



11ф.Бӕрцон нымӕцонтӕй сараз рӕнхъон нымӕцонтӕ. Бакӕс сӕ де 'мбалӕн.

Хуызӕг: иу - фыццӕгӕм.



Дыууӕ-дыккӕгӕм, ӕртӕ-ӕртыккӕгӕм, цыппар-цыппӕрӕм, фондз-фӕндзӕм, ӕхсӕз-ӕхсӕзӕм, авд-ӕвдӕм, аст-ӕстӕм, фараст-фарӕстӕм, дᴂс-дӕсӕм, дыууын-дыууынӕм, ӕртын-ӕртынӕм, цыппор-цыппорӕм, фӕндзай-фӕндзайӕм, ӕхсай-ӕхсайӕм, ӕвдай-ӕвдайӕм, ӕстай-ӕстайӕм, нӕуӕдз-нӕуӕдзӕм, сӕдӕ-сӕдӕйӕм.





12ф.Бакӕс дзырдбӕстытӕ нымӕцонтимӕ ӕмӕ сӕ дыууӕ къордыл фӕдих кӕн (бӕрцонтыл ӕмӕ рӕнхъонтыл).



Аст сывӕллоны(бӕрц.), дӕсӕм чызг(бӕрц.), цыппӕрӕм кълас, дыууӕ хойы(бӕрц.),ӕртӕ ӕмбалы(бӕрц.), фондз хӕдзары(бӕрц.), фыццаг партӕ(бӕрц.), цыппор тетрады(бӕрц.), иууӕндӕс кърандасы(бӕрц.), фᴂндзайӕм куыст(бӕрц.), ӕртыккаг сыф(бӕрц.).



  • Ног лексикӕ:

мӕнгард-плутоватый,лукавый;

ӕндзарын-поджигать;

къӕлӕт-дуга,скобка;

арвӕрдын-радуга;

ӕгъгъӕд-достаточно;



  • Рафыссын дзырдуатмӕ.

  • Зӕрдыл бадарын.

Поработать со словами:

Восстановить последовательность слов.





  • Бакӕс хъуыдыйӕдтӕ, къӕлӕтты ӕвӕрд дзырдтӕ ирон ӕвзагмӕ тӕлмацгӕнгӕйӕ.



(Плутоватого)адӕймаджы ничи уарзы.

Нӕ сыхаг бырӕттыл(поджигает)арт.

Дада кӕрты хъӕдӕй арӕзта(дугу).

Уарыны фӕстӕ арвыл фӕзындис(радуга).

Компьютерыл кусынӕн сабийӕн иу сахат у (достаточно).



Мӕнгард адӕймаджы ничи уарзы.

Нӕ сыхаг бырӕттыл бандзӕрста арт.

Дада кӕрты хъӕдӕй арӕзта къӕлӕт.

Уарыны фӕстӕ арвыл фӕзындис арвӕрдын.

Компьютерыл кусынӕн сабийӕн иу сахат у фаг.





  • НАЙТИ ПОДЛЕЖАЩЕЕ И СКАЗУЕМОЕ.

  • ОПРЕДЕЛИТЬ ВРЕМЯ ДЕЙСТВИЯ ГЛАГОЛА.

  • ОПРЕДЕЛИТЬ ПАДЕЖ СУЩЕСТВИТЕЛЬНЫХ.



  • Байхъус, бакӕс ӕмдзӕвгӕ ӕмӕ йӕ сахуыр кᴂн.

Уалдзыгон къӕвда

Арв ныннӕрыд, ӕмӕ ӕрдз

Райдыдта ӕхсын йӕ кӕрц.

Мӕргътӕ бамбӕхстысты арф, -

Акалы цӕхӕртӕ арв.

Фӕлӕ хуры тын - «мӕнгард»

Мигътыл бандзӕрста сырх арт,

Мигътыл - авдхуызон «къӕлᴂт»

Загъта уарынӕн: «ӕгъгъӕд!»



Къозаты Мурат



  • Найти словарные слова.

(мӕнгард,къӕлӕт)

  • Найти прстые предложения.

  • (Арв нӕрыд.Мӕргътӕ бамбӕхстысты)







  • Ссаралыхъуыдыйадᴂндᴂрйᴂнысанмᴂгᴂсгᴂрастдзырдбаст.

Арв ныннӕрыд ӕмӕ ӕрдз

Райдыдта ӕхсын йӕ кӕрц.(уарын райдыдта )



Фӕлӕ хуры тын - «мӕнгард».

Мигътыл бандзᴂрста сырх арт.(ракастис хур )



Мигътыл - авдхуызон «къӕлӕт».(арвӕрдын)



Рассказать какие природные явления описаны в стихотворении в правильной последовательности.



IV.Хатдзӕгтӕ.

V.Хӕдзармӕ куыст:

  • Уалдзӕджы къамтӕ сисын ӕмӕдзы скӕнын проектон куыст.



















 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал