7


  • Учителю
  • Хæлæртты хъуыддаг исбон нæ зоны. (Коцойты Арсены радзырд «Хæлæрттæ»-мæ гæсгæ.

Хæлæртты хъуыддаг исбон нæ зоны. (Коцойты Арсены радзырд «Хæлæрттæ»-мæ гæсгæ.

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

Урочы темæ: Хæлæртты хъуыддаг исбон нæ зоны. (Коцойты Арсены радзырд «Хæлæрттæ»-мæ гæсгæ.

Урочны нысантæ:

  1. Литературон уацмысы фæрцы ахуырдзауты миддуне сыгъдæгдæр , хъæздыгдæр кæнын.

  2. Ахуырдзауты фæлтæрын хъуыды кæныныл, хатдзæгтæ кæнын æмæ хи хъуыдытæ дзурыныл.

  3. Литературон уацмысы фæрцы ахурдзауты миддуне сыгъдæгдæр кæнын, кæрæдзимæ хæларзæрдæ уæвын, æцæг æмæ мæнг хæлардзинад иртасыныл сæ ахуыр кæнын.

  4. Ныхасы рæзтыл бакусны.

Урочы эпиграф:

Хæлардзинад у уæздандзинады чызг. Фыдгæнджытæ вæййынц хæлæрттæ нæ, фæлæ æмдзæхдон.

Франсиско Гойя.

Урочы цыд:

Организацион хай.





Ахуыргæнæг: Сывæллæтт, алкæй раз дæр уæ цы сыфтæ ис, уыдоныд ныффысут, уæ фарсмæбадæгæн уæ зæрдæ цы загъы абоны бон, уыдон. Урочы кæрон сæ ратдзыстут кæрæдзийæн, гæнæн ис, æмæ ма сæм нæ урочы кæронмæ исты ивддзинæдтæ бахæсдзыстут.

Ныр та мæ фæнды, цæмæй чысыл анкетæ баххæст кæнæм. Фæрстытæ уæ разы (интерактивон фæйнæгыл дæр сæ рæвдисын).

  1. Де мгар сывæллæттимæ æнцонтæй базонгæ вæййыс?

  2. Де мкъласонтæй балцы демæ кæй акæныс?

  3. Дæумæ гæсгæ, цы у æцæг æмбал?

  4. Ды дæхи хоныс æцæг æмбал?

  5. Адæймагæн мбал куы нæ уа, уæд уым аххосджын чи у: адæм æви уый йæхæдæг?

  6. Де мбалыл искуы дæ зæрдæ фæкудт?

Ахуыргæнæг: Бузныг, сывæллæттæ. Уæдæ нæ урочы ныхас цæуыл уыдзæн, куыд уæм кæсы?

Дзуапп: Мæнмæ гæсгæ, нæ урочы ныхас цаудзæн хæлардзинадыл.

Ахуыргæнæг: Раст зæгъыс, нæ урочы абон ныхас кæндзыстææм æм-гардзинад, хæлардзинадыл сæ алы фæлгъуызты. Ацы фарстытæн дзуап-пытæ ссардзыстæм Коцойты Арсены радзырд «Хæлæрттæ» равзаргæйа (загъын урочы темæ).

Сколадзаутæй иу цыбырæй дзуры сюжет.

Хæс: Ссарын дзырд хæлæрæн синонимтæ (æмбал, æмгар, æрдхор).

Ахуыргæнæг:

Зæгъут-ма, цæмæн хуыйны радзырд «Хæлæрттæ»? Цы ис пъырыстыф æмæ абырæджы хæлардзинады бындуры?

Дзуапп: Арсен, сматирæйы миниуджытæй пайда кæнгæйæ, Иван Кузь-мич Топтыго æмæ Бæтырбеджы рахуыдта хæлæрттæ. Сæ хæлардзинад та равзæрд бæхтæ давын æмæ æндæр æнаккаг хъуыддæгты бындурыл.

Ахуыргæнæг: Ныр та бафæлварæм равзарын пъырыстыф æмæ Батыр-беджы миниуджытæ. Дыууа къордæй иутæ уыдзысты пъырыстыфы æв-дисæнтæ, иннæтæ-та Батырбеджы . Табуафси, фæрстытæ уа размæ, æмæ сын дзуаппытæ бацæттæ кæнут.

1. Пъырыстыфы кусæн бынат куыд æвдисы автор? Нæ бон зæгъын у, æмæ йæ куыстмæ бæрнон цæстæй кæсы?

Дзуапп: Радзырды фыццаг рæнхъытæй дæр пъырыстыфы схонæн ис магуса, закъонхалаг. Йææ куыст нæ кæны, фæлæ йæ хъуыдытæ æндæр цæуылдæрты сты. Йæ рæстæг æрвиты къамæй хъазгæй (текстæй бафидар кæнын хъуыдытæ).

2. Æвæццæгæн, пъырыстыф гыццыл мызд нæ тсаид. Уæдæ мА йæхи абырæг Батырбегим цæм нс баста?

Дзуапп: Уымæн æмæ у æдзæсгом, зыд,æнæфсис. Уый хъуамæ Батырбеджы хуызæтты ныхмæ уад, фæлæ Топтыго æлгъ ницæуыл кæны. Уый сахуыр ис æнæгъдау цард кæнын. Хъæуы йæ æхца, бирæ æхца, бирæ æхца, æмæ йæ къух йæ цæсгомыл систа.

3. Йæ митæм гæсгæ пъырыстыфæй нæ бон зæгъын у, æмæ йæ хицæн аргъ кæнын зоны?

Дзуапп: Топтыго сф нд кодта Батырбегæн билеты аргъ фæфылдæр кæнын. Уымæн ын бацин кодта йе рбацыдыл. Цы стыр бынат ахсы, уый æрбайрохгæнгæйæ, Батырбеджы размæ йæхæдæг ауади, цингæнгæйæ йæ мидæмæ бакодта, сбад мæ хæлæр, зæгъгæ йыл узæлы. Ай-гъайдæр, Топтыгомæ сæрыстырдзинад нæй. Афтæ бацин кæнæн ис цæг æмбалыл, фæлæ се хсæн ахæм ахастытæ нæй.

Ахуыргæнæг: Уæдæ цы зæгъæн ис Батырбегæй та? Табуафси.

1.Батырбегмæ дæр пъырыстыфау сæрыстырдзинад нæй?

Дзуапп: Батырбег Топтыгойæ хъауджыдæр зоны йæхицæн аргъ кæнын. Пъырыстыф æм æдылы æртхъирæнтæ куы кæны, уæд йæхи дары сабыр, хиуылхæцгæ. Кабинетæй рацæугæйæ, фæстæмæ дæр нæ фæкасти, цыма йын тас ницæмæй уыди. Уый дзуры ууыл, æмæ нæу лæгдзинад æмæ æхсарæй цух дæр.

2.Батырбеджы ныфсхаст рахонæн ис?

Дзуапп: Æнæмæнг, Батырбег ныфсхаст у. Йæ ныфс бахаста абырæг суæвынмæ, пъырыстыфимæ йæхи сбæттынмæ , фыдракæндтытæ аразынмæ.

3. Пъырыстæфмæ хæлары зæрдæ дары?

Дзуапп: Се хсан æцæг хæлардзинады ахастытæй ницы ис. Батырбег йæхæдæг афтæ зæгъы пъырыстыфæн: «Ды мын æххуыс дæ, æз дæр дын æххуыс дæн.» Комкоммæ йын дзуры, æмбалæн кæй нæ базы, уый.

Ахуыргæнæг: Байхъуыстам дыууæты дзуаппытæм дæр, мидисджын, æххæст уын рауадысты, бузныг.

Эпиграфы мидис равзарын:

- Нæ урочы эпиграфæн райстон номдзыд испайнаг нывгæнæг Франсиско Гойяйы ныхæстæ. Зæгъут-ма, сывæллæттæ, куыд баст у эпиграф нæ урокимæ?

Ахуырдзауты дзуаппытæ.

Ахуыргæнæг: Куыд федтам, афтæмæй Батырбег æмæ пъырыстыф сты фыдгæнджытæ. Зæгъут-ма, уæхицæн уæ æмбалæн сæ дыууæйæ чи хъæуид æмæ цæмæн?

Ахуырдзаутæ сæ хъуыдытæ дзурынц.

Ахуырг нæг. Уæдæ Батырбеджы хуызæн цæмæн сси фыдгæнæг, цæмæн разварста ахæм царды фæндаг? Байхъусæм ын йæ адвокатмæ.

Адвокаты разныхас:

Батырбег абырæг йæхи фæндæй не сси, фæлæ социалон уавæртæм гæсгæ. Тынг зын цард уыд револ.цийы размæ, зын уыдис мæгуыр лæг н куыст ссарын. Нæ фæсивæд куыстагур цыдысты суанг фæсарæнтæм дæр. Фæлæ уыцы гæнæнтæ дæр алкæмæндæр нæ уыд. Æвæццæгæн, Батырбегæн дæр искуыдæм æхца кусынмæ ацæуыны фадат нæ уыди, мæ сси хуыснæг. Кæнæ та гæнæн ис, æмæ искæмæй фæтуджджын мæм лыгъдæй царди, кæн йæ ирæд бафидын хъуыди.

Ахуыргæнæг: Цы згъдзæн цымæ Батырбеджы зылынгæнæг та?

Зылынгæнæг: Æз Батырбеджы нымайын аххосджыныл.

Ацы дунейы цыдæриддæр мæгуыр, æфхæрд, æххормаг адæм ис, уыдон иууылдæр марын æмæ давын куы схæцой, уæд уый раст нæу.

Адаймаг цыфæнды зын уавæрты уæвгæйæ дæр хъуамæ йæ удыхъæды рæсугъддæр миниуджытæ бахъахъхъæна, йæ сæрмæ мА хæсса къæрныхдзинад, давын, марын. М нæ куыд фыста персайнаг поэт Рудаки: «Уадз мæ дзаумæттæ уæнт чъизи, уæд æрмæст сыгъдæг мæææææ ææææææææææææææ ææ ææææææææææææææ æææææææ уд». Дунейы ахъаззагдæр чиныг Библийы та загъдæуы: «Хуыцайы фæдзæхстытæ иу сты куыд хъæздыгæн, афтæ мæгуырæн».

Ахуыргæнæг: Бузныг. Ныр та нæ хæдзармæ куыст сбæрæг кæнæм.

Х дзармæ куыст уын уыдис, радзырд бакæсгæйæ, исты проблемæйы фæдыл проектон куыст бакæнын. Тбуафси.

Историк: Куыд федтам, афтæмæй Арсены радзырды хæлардзинадæн йæ кой дæр нæй. Æмæ мæ бафæндыд сбæрæг кæнын, нæ фыдæлтæ та цавæр аргъ кодтой хæлардзинадæн. Дзуапп ссардон рагон бердзенаг фыссæг Лукианы (420-180 азты) уацмыс «Токсарид кæнæ хæлардзинад»-ы. Уым скиф Токсарид бердзенаг ахуыргонд Минесиппимæ бацыд быцæуы скифты тыххæй. Æмæ Токсарид скифты æрдхорддзинады тыххæй цы цаутæ дзуры, уыдон скифты сисынц бердзенæгтæй уæлдæр (бакæсын таурæгъ).

Биограф: М н та бафæндыд сбæрæг кæнын, цыма Арсенæн йæхи царды та хæлардзинадæн цавæр бынат уыд. Арсенæн йæ хæлардзинад йе мбæлттимæ уыд сыгъдæг, æнæхин. Сæ иу - фыссæг Савва Дангулов. Нæ фыссæг 1912-æм азы дыккаг хатт Бетъырбухмæ куы ацыд, уæд ын Дангулов баххуыс кодта газет «Правдæ»-м корректорæй кусынм бацæуынæн. Фæстæдæр ын Арсен уырыссаг æфзаг й иронмæ ратæлмац кодта йæ очеркты чиныг «Мастера второго солнца». (Очерки Гизельдона).

Йæ царды фæстаг азты хæларæй царди кæмпозитор Ефим Колесниковимæ. Иумæ сарæзтой иу-æхсæз зарæджы. Дангулов æмæ Колесниковимæ сæ хæлардзинад рахаста Æрыдоны дины семинарæй.

Нæ ирон фысджытæй Арсены хæстæгдæр æрдхорд уыд Къосыраты Сæрмæт. Скульптор Адеты Барысбиимæ халардзинад рахаста суанг Джызалы райдиан скъолайæ, зæронды бонмæ хæларæй фæцардысты. Ахæм æнæхин, зæрдæхæлар æмбæлттæйхайджын уыд Арсен йæхæдæгдæр.

2-аг биограф: Мæн та бафæндыд сбæрæг кæнын, Арсенæй уæлдай м нæ зындгонд лæгтæй æцæг хæлæрттæ кæмæн уыдис. Зæгъæм, Хетæгкаты Къоста æмæ Æмбалты Цоцкойы хæлардзинад ахæм тыхджын уыд, æмæ Къостайы мæлæты фæстæ Цоцко йæ амæлæтмæ фæдардта хил.

Уæдæ зындгонд уырыссаг поэт А.С.Пушкин æмæ А.А.Дельвигы æрдхордзинад дæр диссагæн дзуринаг уыд. Дельвиг хæрз æрыгонæй куы фæзиан, уæд ын Пушкин йæ бинонты мæт йæхимæ райста.

Нывгæнæг. Æз ацы радзырдмæ скодтон карикатурæтæ (равдисын сæ). Пъырыстыф схъæлбæрзæйæ бады йæ бæхыл, кариткатурæйы бынмæ фыст : «Ехх, æмæ мæ ныр паддзах Никъала куы фенид, уæд мын булкъоны цин нæ раттид!»

Иннæ карикатурйы пъырыстыф цъыфы сæвдылдта йæхи, йæ алыварс æрæмбыр сты хуытæ æмæ худынц.

Ахуыргæнæг: Бузныг уын, сывæллæттæ, уæ куыстыты тыххæй. Ныр та хæслæвæрд.

Фæйнаджы иу хайыл - æмбисæндтæн сæ райдиан, иннæ хайыл та - сæ кæрон. Бакæсын раст æмбисæндтæ.

  1. Хорз æмбал паддзах дæр нæ уæнды

  2. Æрдхæрдтæм æфсымæрæй хъауджыдæр нæу

  3. Знаджы цæфæй æнусмæ хæссын хъæуы

  4. Хæлардзинад бирæ лымæн хуыздæр у.

  5. Бирæ мулкæй æмбалы цæф тынгдæр рисы





Къорды куыст. Алы къордæн дæр - иу фарст.

  1. Зæгъæм, зæххыл хæлардзинад фесæфт, баззад ма æмгар æмæ зонгæ. Цы уаид уæд?

  2. Хæлардзинадæн йæ бон у адаймаджы хуыздæр скæнын, йæ хъæнтæй йæ фервазын кæнын?

  3. Дæ царды дæ цавæр æмбал хъæуид?





ДЗуаппытæ.

Ахуыргæнæг: Сывæллæттæ, фæнды мæ радзурын сымахæн æмбисонд (притча). Денджызы был зыбыты иунæгæй царди зæронд лæг. Иу изæр йæ дуары гуыпп фæцыд.

-Чи, дæ? - фæрсы заронд.

- Дæ хъæздыгдзинад, - райхъуыст дуары æдде.

- Мæ кæддæры хъæздыгдзинад мын ницы амонд æрхаста, - уыд ладжы дзуапп, æмæ дуар нæ бакодта.

Дыккаг бон дæр та дуар æрбахостæуыд.

- Чи дæ? - бафарста та заронд лæг.

- Дæ уарзондзинад.

- Кæддæр æз тынг бирæ уарзтон, мæхи дæр мын уарзтой, фæлæ мын амонд не рхаста, - уыд йæ дзуапп, æмæ та дуар нæ бакодта.

Æртыккаг бон та ногæй дуар чидæр æрбахоста.

-Чи дæ? - фæрсы та заронд.

- Дæ хæлардзинад.

Зæронд лæг æхсызгон бахудтис æмæ дуар бакодта.

- Мæ хæлæрттæн кæддæриддæр мæ дуæррттæ гом.

Æмæ диссаг… Хæлардзинадимæ иумæ æрбахызтысты уарзондзинад дæр æмæ амонд дæр… Зæронд дзуры:

- Æз æрм стдæр хæлардзинады хуыдтон…

Æрбацауджыта йын зæгъынц:

- А зæххыл уал азы фæцардта, æмæ нæ бамбæрстай, хæлардзинадимæ æмдзу кæй кæнынц амонд æмæ уарзондзинад?!

Сывæллæттæ, уæ царды мидæг уæ хæлары хорзæх уæд. Мæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй уæ адæм агурой сæхицæн хæларæн, æрдхорæн. Æмæ уæд амонд æмæ уарзондзинæдæй æфсæст уыдзыстут.

Нæ урок кæронмæ æрхæццæ, афон у хатдзæгтæ скæнынæн.Табуафси, уæ хъуыдытæ зæгъут, цы ф цыд у зæрдæмæ урокæй, цы нæ фæцыд, уый дæр зæгъут, уæхицæн дзы пайдайагæй цы райстат?

Урочы райдиан цы арфæтæ фыстой, уыдон кæрæдзийæн даттынц.

Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.

Хæдзармæ куыст. Ныффыссын сфæлдыстадон куыст: «Батырбеджы хъысмæт рауад афтæ…».







 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал