7


  • Учителю
  • Конспект урока на темуСидан(8класс)

Конспект урока на темуСидан(8класс)

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

Урочы темǽ:Сидǽн

Урочы нысан:а)Сидǽн цы у ,уый бацамонын.

ǽ)Ныхасы рǽзтыл бакусын

б)Хъомыладон куыст бакǽнын

Цǽстуынгǽ ǽрмǽг





Ног ǽрмǽг:

Фǽйнǽгыл таблицǽ ахǽм хъуыдыйдтимǽ:





1)Алцǽмǽн дǽр ǽгъдау ис 1). Ǽмбǽлттǽ,алцǽмǽн дǽр ǽгъдау ис.

С,….

2)Цардǽн йǽ хъǽздыгмǽ ма бабǽлл, 2)Цардǽн йǽ хъǽздыгмǽ,лǽппу,ма бабǽлл,

фǽлǽ йе `гъдаумǽ фǽлǽ йе `гъдаумǽ

,с,….

3)Дунейыл ǽгъдауǽй хистǽр ницы ис. 3)Дунейыл ǽгъдауǽй хистǽр ницы ис,хорз адǽм.

,с.





Ǽрбакǽсут -ма таблицǽмǽ ǽмǽ загъут: Цǽмǽй хицǽн кǽнынц дыууǽ цǽджындзы хъуыдыйǽдтǽ кǽрǽдзийǽ?

(Дыккаг цǽджындзы хъуыдыйǽдты ис сидǽнтǽ?)

-Цǽмǽй бǽрǽг у?

(Дзурǽджы ныхас бǽрǽг адǽймагмǽ здǽхт у)

-Зǽгъут-ма,сидǽн хъуыдыйǽдты кǽм фǽллǽууы ǽмǽ йǽ куыд хицǽн кǽнǽм дзургǽйǽ ǽмǽ

фысгǽйǽ?

( 1)Сидǽн хъуыдыйады райдайǽны куы лǽууа,уǽд ын йǽ фǽстǽ ǽвǽрǽм къǽдзыг.

2) Сидǽн хъуыдыйады астǽу куы лǽууа,уǽд ǽй дыуǽрдыгǽй дǽр хицǽн кǽнǽм къǽдзыгтǽй.

3) Сидǽн хъуыдыйады кǽрон куы лǽууа,уǽд ын йǽ разǽй ǽвǽрǽм къǽдзыг.)





Ахуыргǽнǽг кǽны хатдзǽг:

Уǽдǽ сидǽн у ахǽм ныхасы хай,кǽцымǽ здǽхт вǽййы нǽ ныхас.

Сидǽн фǽлǽууы хъуыдыйадǽн йǽ разǽй,йǽ астǽу ǽмǽ йǽ кǽроны.Дзургǽйǽ сидǽн хицǽн кǽнǽм интонацийǽ,фысгǽйǽ та къǽдзыгǽй.

Сидǽн хъуыдыйады уǽнг никуы вǽййы!

Ног ǽрмǽг ныффидар кǽнын

1.Ǽмбарынгǽнǽн диктант.

1).Хъуыдыйǽдты ссарут сидǽнтǽ.

2).Скǽнут сын сǽ схемǽтǽ.

а)Салам дǽуǽн,мǽ райгуырǽн хǽхбǽстǽ.

ǽ). Ǽнǽниз у,мǽ ныййарǽг ,мǽ мад!

б). Ǽгас нǽм цу,Хъуырман.

2.Ныртǽккǽ уын бакǽсдзынǽн ǽмдзǽвгǽ.

1). Ǽмдзǽвгǽйы ссарын сидǽнтǽ.

2).Сбǽрǽг сын кǽнын сǽ бынат.

3).Зǽгъын:Куыд сǽ хицǽн кǽнǽм дзургǽйǽ ǽмǽ фысгǽйǽ?

Хистǽр,кǽстǽрǽн куы дǽттай ǽгъдау,

Кǽстǽр,ничи дǽм ǽрхǽсдзǽн уǽд фау.

Хистǽрǽн ,кǽстǽр,куы раттай бынат,

Кǽстǽр,уыдзынǽ уǽд хорзыл нымад.

Куы фǽрсай дǽ хистǽры зондǽй,кǽстǽр ,

Кǽстǽр уǽд никуы фǽрǽдидзынǽ сонтǽй.





Зǽгъут-ма, ацы амдзǽвгǽйы хъуыды цǽй мидǽг ис?Цǽуыл нǽ ахуыр кǽны?

Дзуапп:Ахуыр нǽ кǽны ǽгъдауыл.Раст у.(Хъомыладон куыст).

3.-Фǽлтǽрǽн 22-ǽм

1-аг рǽнхъ фыссы 1-аг хъуыдыйад.

2-аг рǽнхъ фыссы 2-аг хъуыдыйад.

3- аг рǽнхъ фыссы 3-аг хъуыдыйад.

Хатдзǽг: Цы ныффидар кодтам ацы фǽлтǽрǽны?

Дзуапп: Ǽрхǽцǽн нысǽнттǽ сидǽнимǽ.









4.-Схемǽтǽм гǽсгǽ саразут 3 хъуыдыйады(фǽйнǽгыл).

1)с,

2),с,

3),с









5.-Грамматикон хъазт.

1-аг хǽслǽвǽрд.Ссарын сидǽнтǽ.сбǽрǽг сын кǽнын сǽ бынат .Бамбарын кǽнын ǽрхǽцǽн нысǽнтты ǽвǽрд.

2-аг хǽслǽвǽрд.Чи тагъддǽр бавǽрдзǽн дзырд рифмǽмǽ гǽсгǽ.

Ахуыргǽнǽг кǽсы Цǽрукъаты Володяйы ǽмдзǽвгǽ:





Аххытǽ ǽмǽ оххытǽ.





-Хорз дахи ныхсадтай,Нох?

-Охх!

-Уый мǽнǽй куы фǽцис ……(рох)

-Хъус-ма ,лǽппу,уǽрмǽн дзыхъхъ ыскъах!

-Ахх!

Риссы та мǽнǽн ма ……(къах).

-Марадз,хъǽбул,цъиутǽн абий кау!

-Уауу!

Ме`уǽнгта ысты …..(уǽззау).

-Уǽдǽ уǽртǽ бацым бас.

-Цас?

Ратдзыстут мын ноджы……?(кас).

Хатдзǽг:цавǽр лǽппуйы нын равдыста Володя йе `мдзǽвгǽйы?

Дзуапп:. Ǽнǽгъдау.Зивǽггǽнǽг.

Ахуыргǽнǽг:Раст у.(Хъомыладон куыст бакǽнын).





6.-Тематикон диктант.

Сидǽн,къǽдзыг,интонаци,хъуыдыйады астǽу,йǽ райдайǽны ,йǽ кǽроны, хъуыдыйады уǽнг.

Хǽтдзǽг:Цавǽр темǽмǽ хауынц нǽ тематикон диктанты дзырдтǽ?





7.-Текстыл бакуыст.

Алкǽмǽн дǽр текст раттын.Аху…рдзаутǽ хǽдзарǽй у….нгмǽ цǽут аивǽй.Уǽ зонгǽтыл с…мбǽлгǽйǽ сывǽ…ǽ…ǽ салам дǽттут фы….аг.Сылгоймǽгты ,зǽрǽ…ты ,уǽ разǽй уадзут автобусмǽ.Лǽ…утǽ уынгты ахси ….кǽнын худинаг у.Уǽхи дарын зонут уын…гты ǽрыгон фǽлтǽр.

1-аг хǽслǽвǽрǽрд.Аив бакǽсын текст.(Лǽвǽрд цǽуы 5 мин.)

2-аг хǽслǽвǽрǽрд.Сбǽрǽг кǽнын,тексты ныхас цǽуыл цǽуы,уый.

3-аг хǽслǽвǽрǽрд. Текстǽн сǽргонд скǽнын.

4-аг хǽслǽвǽрǽрд.Текстǽй рафыссын цухгонд дамгъǽтǽ кǽм ис,уыцы дзырдтǽ ǽмǽ сын бамбарын кǽнын сǽ растфыссынад.

5-аг хǽслǽвǽрǽрд.Тексты ссарын сидǽнтǽ ǽмǽ сǽвǽрын хъǽугǽ ǽрхǽцǽн нысǽнттǽ.

6-аг хǽслǽвǽрǽрд.Зǽгъын:Цǽуыл ахуыр кǽны ацы тексты хъуыды сывǽллǽтты?

Хатдзǽг урокǽн.Уǽдǽ абоны урочы ногǽй цы базыдтам?

Дзуапп:Цы хонǽм сидǽн, сидǽн куыд хицǽн кǽнын хъǽуы дзургǽйǽ ǽмǽ фысгǽйǽ стǽй цǽмǽн хъǽуы сидǽн.

Зǽгъут-ма ,сидǽныл дзургǽйǽ цавǽр хъуыдыйǽдтǽй пайда кодтам?Сǽ хъуыды цǽимǽ баст уыд?

Дзуапп. Ǽгъдауимǽ.

Ахуыргǽнǽг:Уǽдǽ кǽд нǽ урокǽн йǽ райдайǽнǽй йǽ кǽронмǽ ǽгъдауыл дзырдтǽм,уǽд ма ныртǽккǽ бафǽлварǽм мǽнǽ ацы нывмǽ гǽсгǽ ныфыссын сидǽнтǽй пайдагǽнгǽйǽ чысыл радзырд.

1)Зǽгъут-ма:Цы уынут нывы?(ǽвдыст цǽуы ныв)

2) Зǽгъут-ма, лǽппу раст бакодта?

3)Цǽмǽн?

4)Ахъуыды-ма кǽнут ǽмǽ зǽгъут:Уǽдǽ нǽ радзырдǽн цавǽр сǽргонд скǽниккам?

Дзуапп: «.Ǽнǽгъдаулǽппу»

Ахуыргǽнǽг:Цы рǽстǽг ма уын баззад ,уымǽй пайдагǽнгǽйǽ уǽ алчидǽр бацархайǽд ныфыссын йǽ радзырдтǽн райдайǽн.

8.-Хǽдзармǽ куыст раттын.

10-ǽм раиртǽст наизусть зонын.Радзырд кǽронмǽ ахǽццǽ кǽнын.







 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал