7


  • Учителю
  • Урок по литературе 'Йӕ кад мыггагмӕ у цӕринаг. (Гафез «Зарӕг цӕрӕнбоныл»-мӕ гӕсгӕ) '

Урок по литературе 'Йӕ кад мыггагмӕ у цӕринаг. (Гафез «Зарӕг цӕрӕнбоныл»-мӕ гӕсгӕ) '

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

Темӕ: Йӕ кад мыггагмӕ у цӕринаг.

(Гафез «Зарӕг цӕрӕнбоныл»-мӕ гӕсгӕ)

Эпиграф: Ӕз мӕ цард нӕ нымайын ӕвгъауыл:

Цард цӕуы, ӕхсӕрдзӕнтӕй кӕлы.

Мӕн хъӕуы фӕстаджы тохы ̕ рхауын,

Мӕн хъӕуы сӕрыстырӕй мӕлын.

Калоты Хазби

Урочы нысантӕ:

1.Зонгӕ кӕнын ахуырдзауты Гафезы цардӕрфыстимӕ.

2.Ӕрдзурын поэмӕйы сӕйраг мидисыл, йӕ аивадон ӕууӕлтыл.

3.Ӕвзӕрын кӕнын ахуырдзаутӕм хъӕбатырдзинад, кад ӕмӕ намысӕн аргъ кӕныны ӕууӕлтӕ.

Урочы цыд:

1.Скъоладзауты сразӕнгард кӕнын урочы архайынмӕ.

-Ахуыргӕнӕг:

«Адӕймаг иунӕг хатт сафы йӕ кад»

Уаддымгӕ, Сиргӕ дон,Арт ӕмӕ Кад,

Иумӕ цӕргӕйӕ нӕ зыдтой ӕнкъард.

Рацыдис рӕстӕг, сӕ фӕндаг фӕдих,

Нал зындис ницы- ныббадтӕуыд мигъ.

«Апырх уӕм иугай»- ыскодтой тӕрхон.

Кад дӕр ӕнӕбары ̓ лвасы йӕ рон.

Фидӕны фембӕлд кӕд уыдзӕн? Цы ран?

̓ Рхатыдис йе ̓ мбӕлттӕм Дымгӕ уӕздан.

«Хъӕзы мӕ агурут»,- сфӕрӕзта Дон.

Арт та йӕ фӕздӕгӕй уыдис уӕндон.

«Сыфтӕртӕ тилдзыӕн»,- Дымгӕ дзырдта,

̓ Мбӕрстой кӕрӕдзийы -уый дӕр уыдта,

Фӕлӕ ӕфсӕрмхуызӕй бадзырдта Кад:

«Иугӕр куы фесӕфон -аскъуыд мӕ цард».

Фӕрстытӕ ӕмдзӕвгӕмӕ:

-Цӕй мидӕг ис ӕмдзӕвгӕйы хъуыды?

- Цӕмӕн райдыдтон мӕ урок ацы ӕмдзӕвгӕйӕ?

-Дарддӕр цӕуыл дзурдзыстӕм?

Ног ӕрмӕг

Ахуыргӕнӕг: Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕст райдыдта. Ныууарыди туджы къӕвда. Ирон фӕсивӕд хӕрзбон загътой сӕ Райгуырӕн бӕстӕйӕн ӕмӕ ацыдысты лӕгӕвзарӕн хӕстмӕ. Бирӕтӕ дзы нал сыздӕхтысты сӕ фыдыуӕзӕгмӕ. Ӕнусмӕ бафынӕй сты Уӕрӕсейы ӕмӕ Европӕйы быдырты. Сӕ зарӕг сын ӕвирхъау тыгъдызӕй ӕрдӕгыл аскъуыдта. Фӕлӕ зарӕгӕн мӕлӕт нӕй. Зарӕг цыфӕнды цыртӕй дӕр ӕнусондӕр у, уымӕн ӕмӕ уый адӕмы зӕрдӕйы цӕры , фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ цӕуы…

-Скъоладзаутӕн хӕсгонд уын уыд бацӕттӕ кӕнын Гафезы цардӕрфыст ӕмӕ ӕрмӕг Тасойты Самсоны тыххӕй ӕрмӕг.

-Иу скъоладзау дзуры Гафезы цард ӕмӕ сфӕлдыстад.

Зарӕг « Уый не ̓ рыздӕхт тохы быдырӕй» Хадыхъаты Фатимӕ

4.Проект баххӕст кӕнын

- Ӕндӕр скъоладзау Тасойты Самсоны тыххӕй уац «Фӕстаг нӕмыг».

Кæронмæ фæцæйхæццæ кодта Cтыр Фыдыбæстæйон хæст. Сармадзаны богътæ кодтой къаддæрæй-къаддæр. Топпыхосы тæфæй цадæггай сыгъдæг кодта уæлдæф. Фæлм ма бадт æрмæст знаджы арф æмбæхсæн бынæтты. Советон авиаци æмæ артиллери нал æвгъау кодтой удисæг знагæн бомбæтæ æмæ снарядтæ. Ныгуылæны 'рдæм тындзыдтой советон танкæтæ, артилери æмæ фистæг æфсад. Хæрз стæм хатт ма-иу фæзындысты уæлдæфы знаджы хæдтæхджытæ æмæ та-иу фæтары сты.
Цалдæр боны размæ дæр ма хæсты быдырæй хъæлдзæг æмæ ныфсæвæрæн фыстæг чи райста, уыцы хæстонты бинонтæ сæхи нымадтой уæлдай амонд-джындæртыл. Æнхъæлмæ кастысты, абон-сом фæуыдзæн хæст, дæрæн æрцæудзæн гермайнаг фашизм æмæ уæлахизæй æрæздæхдзысты сæ райгуырæн бæстæм сæ фыдтæ, се'фсымæртæ, сæ цардæмбæлттæ æмæ сæ хæстæджытæ. Гъе, фæлæ ахæм амондджын бинонтæ стæмтæ разындысты.
Йæ дарæгæй, хæстмæ ацæуынæй фæстæмæ бæрæг чи нæ зыдта, кæнæ йæ сау гæххæтт кæмæн æрцыд æмæ дзы афтид чи абадт, уыдон та?
Уыдон та, æнæбайсысгæ суадонау, æнæвгъау фæкалдтой сæ цæстысыгтæ, фæлæ дзы иу æртах дæр не 'рхауд сæ æбæрæгæй сæфт бæлццæтты ингæнтыл, басур-иу сты сæ цæсгæмттыл. Фæлæ уæддæр уыдон дæр æнхъæлмæ кастысты. Æнхъæлмæ кастысты хæсты фæудмæ, удæгас хæстонты æрцыдмæ, чи зоны сын искуы исчи федта сæ дарджыты, сæ фыдты, сæ фыртты, чи зоны сын сæ уынгæджыйы сахатты баххуыс кодтой, фæндыд сæ мæлæты дзæмбытæй сæ байстаиккой, фæлæ сæ бон нæ баци. Чи зоны сæ сæрмæ зилдух кодтой сау халæттæ æмæ сын сæ уыдон сырдтой. Чи зоны сын фæстаг хатт сæ дзыхмæ доны агуывзæ уыдон бадардтой, уæд сын бузныг уæддæр зӕгъой.

Иу бон постхæссæг балæууыд Уанойы кæрты æмæ йæ хызынæй систа фыстæг. Бацин кодтой бинонтæ. Фæлæ уыцы цин цалдæр уысмы фæстæ фæивта стыр хъыгдзинадмæ. Фыстæг Самсонæй нæу, фæлæ у æнæзонгæ А. Световæй.
Бирæ фæкатай кодтой фыстæг райхалыныл, чи зоны сæм дзы стыр циндзинад æнхъæлмæ кæсы, уæд уый бæргæ хорз уаид, фæлæ кæд æмæ хъыгдзинады хабар у, уæд та? Фыдбылызæй, дам, хи хизын хъæуы, фæлæ æппынфæстагмæ конверт байгом кодтой. Конверты разынд Самсоны ныййарджытæм чысыл фыстæг æмæ газет «Удар по врагу»-йы уацы лыггаг ахæм сæримæ: «Последняя пуля Сергея Тасоева». Афтæ хуыдтой йæ хæстон æмбæлттæ Самсоны. Уац райдыдта афтæ:
«Уый уыдис Украинæйы иу цæрæн пункты сæрыл тохты рæстæджы. Танкæты ныхмæ тохгæнæгæн æхсæнгарзы ротæйы командир, гвардийы лейтенант Тасойты Сергей архайдта йæ хæстонтимæ донæн галиуæрдыгæй фарс. Немыцæгтæ уырдæм радтой сæ сæйраг тыхтæ. Æппæт амæлт-тæй дæр архайдтой атакæйы рацæуыны агъоммæ нæ хъахъхъæнынадон хахх атоныныл. Гвардионтæ знагæн лæвæрдтой аккаг ныхкъуырд. Лейтенант Никитин æмæ сержант Снежкæ сæ пулеметы авæрдтой æртыккаг лентæ. Знаджы атакæ фæсыкк, фæлæ та уæддæр ногæй быры размæ. Бардзырд уыд, цæмæй нæхиуæттæ æрцахсой ног хъахъхъæнынадон хаххы. Тасойы фырт ифтонг кодта йæ ротæйы хæстонты рацæуæнтæ. Уый хуыссыд акопы, ротæйы парторг Никитинмæ хæстæг, æмæ куынæг кодтой знаджы салдаттæ æмæ афицерты.
- Зæгъ ма парторг, - дзырдта уый фæстæ Никитинæн Тасойы фырт, зæгъ, раст архайдтам, æви нæ?
- Раст, раст, æмбал гвардийы лейтенант, - сфæлхатт кодта Никитин. Уæд та Тасойы фырт ногæй æрхуыссыд танкæтæ куынæггæнæн æхсæнгарзы цур. Нысанмæ систа ададжы сæрты гæппгæнæг немыцæгты. Нысан нæ ивгъуыдта æмæ знæгтæ радыгай тылдысты, чи та дзы ададжы хаудта. Фæлæ æвиппайды фенцад Тасойы фырт йе'хсынæй. Сыхъуыст йæ хъæрзын æмæ йæ дæндæгты хъыс-хъыс. Хæлæн нæмыгæй фæцæф сты йæ дыууæ къахы дæр.
- Хæсгæ, хæсгæ, æрмæст арæхстгай! Бардзырд радта парторг Никитин ротæйы хæстонтæй иуæн, йæхдæг сын сæ фæндаджы 'рдæм райдыдта æхсын, цæмæй сыл знаг мауал сæмбæла. Уый фæстæ Никитин базыдта Тасойы фырт æмæ йæ цы салдат хаста, уыдоныл немыцæгтæ кæй æрхъула кодтой.
Мард æфсæддоны фарсмæ йæ иу къухæй зæххыл æнцой кæнгæйæ, хуыссыд гвардийы лейтенант Тасойты Сергей. Æмæ дамбацайæ æхста. Æрхаудта иу немыцаг, дыккаг, æртыккаг, цыппæрæм. Командир тагъд-тагъд ныккаст йæ пистолеты обоймамæ, æмæ уыцы тæккæ уысм, немыцæгтæ йæ удыгасæй аскъæфынмæ куыд хъавыдысты, афтæ фæстаг иунæг нæмыг ауагъта йæ æхсидгæ, райгуырæн бæстæйæн кæронмæ лæвæрд æнувыд зæрдæйы.
Фæцис советон афицеры цард, фæлæ йæ ротæйы гвардионтæ алы тохты дæр дывæрæй истой сæ уарзон командиры маст æмæ уыцы мастисæн тохтæ уыдысты æнæбасæтгæ.

Цӕлхдур.

-Уацмыс цавӕр жанрӕй фыст у?

-Нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын поэмӕйӕ рацыд ӕрмӕг.

-Скъоладзаутӕ кӕсынц поэмӕ «Зарӕг цӕрӕнбоныл».

-Цавӕр рӕстӕг цӕуы ӕвдыст поэмӕйы?

-Зӕгъут уацмысы темӕ ӕмӕ нысан.

Монолог (грекъаг дзырд, амоны иу ныхас)- уацмысы архайджытӕй иуы ныхас иннӕимӕ, йӕхиимӕ, кӕнӕ драмон уацмысмӕ чи кӕсы, уыцы адӕмимӕ.

Монолог ма фӕхонынц, иунӕг архайӕг кӕм ис, ахӕм пьесӕ дӕр.

Интерактивон фӕйнӕгыл ӕмбисӕндты фыццаг хӕйттӕ.

Хӕс:Баххӕст кӕнын сӕ дыккаг хӕйттӕ ӕмӕ сӕ равзарын.

Равзарын ӕмбисӕндты мидис.

«Райгуырӕн бӕстӕ мадау адджын у».

«Ӕнусы царды бӕсты, ӕнусы кад хуыздӕр у».

«Цӕйнӕфӕлтау цӕрӕм ӕгадӕй, фӕлтау нын кадимӕ мӕлӕт».

2.Къылымпытӕ кӕм ӕййафдзысты, уый сбӕрӕг кӕнын.

Ахуыргӕнӕг.- Куыд ӕмбарут «кадимӕ мӕлӕт»?

- Кӕцы ран ӕй ис ссарӕн? (Хӕсты, тохы быдыры).

-Кыд ис схонӕн «ӕнусон кад» чи равзары , ахӕм адӕймӕгты? (Хъӕбатыртӕ)

-Кӕстӕр фӕлтӕр кӕцӕй базоны хъайтарты нӕмттӕ, се ̓ сгуыхтытӕ? (Адӕм сыл скӕнынц зарджытӕ).

3.Цӕлхдур аиуварс кӕнын

Къордты куыст.

1-аг къорды хӕс:

-Цавӕр хъуыдытӕ фӕзыны мӕлӕтдзаг цӕф хӕстонмӕ?

-Цӕмӕн ыл «батар уыдзӕн бӕстӕ»?

-Цӕимӕ бары «тӕппуды»?

-Цӕуылнӕ лӕгъстӕ кӕны знагӕн,цӕмӕй йӕ ма амарой?

-Цы домы йӕхицӕй? Фӕстаг фондз минуты ма цӕуыл хъуамӕ хъуыды кӕна?

-Цӕуылнӕ ӕхсы знӕгты иу гилдз ма йӕм куы ис?

2-аг къорды хӕс:

-Ссарын уацмысы ӕрдзы ӕрфыст.

-Цы уыны ,йӕ алыварс куы акаст, уӕд?

-Цӕмӕн ныккалд мӕлдзыджы губакк?

-Цӕимӕ ис абарӕн мӕлдзгуыты губакк? (Фыдыбӕстӕимӕ)

-Цы уавӕры ис цъысцъысаг?

-Иумӕйагӕй цы ис цъысцъысаг ӕмӕ цӕф хӕстонмӕ? (Сӕ иуӕн стӕхын йӕ бон нал у, иннӕмӕн та -цӕуын.)

-Йӕ «зӕрдӕйы фӕндтӕ» цы сты?

-Цӕмӕн та ссуры йӕ хъуыдытӕ?

3-аг къорды хӕс:

Ссарын ӕмӕ зӕгъын цӕмӕн зары мӕлӕтыл, кӕд ӕмӕ дзы адӕм тӕрсгӕ кӕнынц?

-Цӕмӕн цин кӕны фӕстаг гилдзыл?

-Цӕвӕр тых ӕй мары «тухийӕ»? Куыд у йӕ ном? (Ӕгад)

-Цы дзы домы? Ссарын ӕй ӕмӕ йӕ бакӕсын.

-Цавӕр фӕнд равзӕрста?

Сбӕрӕг кӕнын ӕмӕ байхъусын дзуӕппытӕм.

-Куыд хъуыды кӕнут раст бакодта хӕстон?

-Цӕмӕн равзӕрста мӕлӕт?

-Нӕ фыдӕлтӕ рагӕй-ӕрӕгмӕ дӕр нӕ тарстысты мӕлӕтӕй, фӕлӕ цӕмӕй тарстысты?

-Равзарӕм урочы эпиграф.

5.Хатдзӕг.

6.Хӕдзармӕ куыст. Хӕсты чи уыд уый тыххӕй ныффыссын цау . «Иу бон хӕсты быдыры».



 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал