7


  • Учителю
  • Конспект урока на тему: Ирон амбисонд хард, нозты тыххай (адамы ахсан) Епхиты Татарийы радзырд Хуыйандаг - ма гасга.

Конспект урока на тему: Ирон амбисонд хард, нозты тыххай (адамы ахсан) Епхиты Татарийы радзырд Хуыйандаг - ма гасга.

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала





















Конспект урока на тему: Ирон амбисонд хард, нозты тыххай (адамы ахсан) Епхиты Татарийы радзырд Хуыйандаг - ма гасга.



















Конспект урока на тему: Ирон амбисонд хард, нозты тыххай (адамы ахсан) Епхиты Татарийы радзырд Хуыйандаг - ма гасга.







2



ТЕМЁ: ИРОН ЁМБИСОНД ХЁРД,НОЗТЫ ТЫХХЁЙ (АДЁМЫ ЁХСЁН).



НЫСАН: Уацмысы мидис равзарын.Фырхёрд, фырнозты фёстиуджытё бам-

барын ёмё фенын кёнын. Радзырды аивгёнён мадзёлттё сбёрёг

кёнын.

ХЪОМЫЛАДОН ХЁС: Рёзгё фёлтёры разёнгард кёнын фёзминаг, хиуыл-

хёст уёвынмё.



УРОЧЫ ЁРМЁГ: Литературёйы чиныг, Епхиты Тётёри (3 томы), Коцойты Ар-

сены карикатурётё,кадёг «Нарты ёмбырд»(диск), ирон, уы-

рыссаг, фёсарёйнаг ёмбисёндтё, нывтё.



ЛИТЕРАТУРЁЙЫ ТЕОРИ: Гротеск, сатирё.



ДЗЫРДУАТ: Хуыйёндаг, Бёрёгъуын, коса.

ХУЫЙЁНДАГ - толстая нитка для специально обработанной кожи (козьей) для

сшивания сбруи.

БЁРЁГЪУЫН - Красногор.

КОСА - лопъо, лёгуын сёр, хил кёуыл нё хёцы, уый.



ЭПИГРЁФ: « ЛЁГ ЙЁ ГУЫБЫНЫ ФЁДЫЛ КУЫ ЦЁУА,

УЁД ЙЕ 'ГЪДАУ ЁМЁ ЙЁ КАД БАХЁРДЗЁН»

/ЁМБИСОНД/



УРОЧЫ ЦЫД:



  1. Орг. хай.

  2. Зёрдыл ёрлёууын кёнын фыссёджы цард ёмё сфёлдыстады хабёр -

ттё

  1. Урочы нысан ёмё хъомыладон хёсыл бакусын.



а) Иу скъоладзау хёрз цыбырёй дзуры фыссёджы цард ёмё сфёл -

дыстады хабёрттё.



ё)Уацмысы мидис дзурынц 1-2 скъоладзауы.(Ёххёст кёнынц кёрё-

дзийы дзуёппытё).



ФЁРСТЫТЁ: Цавёр радзырд у «Хуыйёндаг» йё жанрмё гёсгё?

Цы у сатирё?



САТИРЁ- аив литертурёйы хуыз. Сатирёйы ахсджиагдёр хёстё сты: адёйма-

джы ёмё ёхсёнады ёппёрццёг миниуджытё, царды хъёнтё хур

мё калын, ёнауёрдонёй сыл худын, тёрхон сын хёссын.



Цёмёй Фёхтыхъо ёмё Дзёрнахъо бёлвырддёр нё цёстытыл ауайой,уый

тыххёй Тётёри спайда кодта гротескёй.

3



ГРОТЕСК - амоны худёг, ёнахуыр аивад ёмё литературёйы нывёфтыд амал:

адёймагён йёхи кёнё йё царды нывтё барёй итёг стыр кёнё

иттёг къаннёг хуызы ёдисын.

Гротескёй уёлдай арёхдёр пайда кёнынц сатирикон уацмысты.



Цёмёй бёстондёр бамбарём ёрмёг, уый тыххёй ма бакёсём дыууё цы-

быр нывмё.(Скъуыддзёгтё Мамсыраты Дёбёйы «Хъёндил» ёмё Епхиты Тё-

тёрийы «Хуыйёндаг» -ёй.



ФАРСТ: Кёцы уацмысы ёрцыд пайдагонд гротескёй?



ДЗУАПП:- «Хуыйёндаджы». Дыууё хистхоры кёйдёр хисты уыйбёрц бахорд-

той, ёмё дзы иуы дохтыры ёххуыс бахъуыд..



Фыдёлтёй нын баззад бирё ёгъдёуттё.Уыдонёй иу - зианы уёлдай кёндтё. Кодтой сё кёрёдзийы хынцмё мёрдты азымёй тёрсгёйё. Уыдон

лёвёрдтой фадат Фёхтыхъо ёмё Дзёрнахъойы хуызён гуыбындзёлтё фё-

зынынён.



Хист кёныны хъуыддаг баст у мёнгуырнёнтимё:

Марды уд йе 'нусон бынат цёмёй ссара, уый тыххёй хъёуы туг суадзын.

Хистытё кёмён не скёнынц, уый вёййы Зындоны тёригъёдджынтё ёмё

фыдгёнджытимё.

Арёхдёр кёмён кёнынц хистытё, уый мёрдты хуыздёр цёры.



  1. Нарты кадджытёй «Нарты ёмбырд»-мё байхъусын (диск),ИАФ -ыл рав -

дисын слайд Нарты кадджытёй.



ФАРСТ: Цы базыдтам ацы кадёгёй, цёуыл нё ахуыр кёны?



  1. Фыдхёрд, фыднозты тыххёй алы адёмыхатмё дёр,ёвёццёгён, ис

ёмбисёндтё. Бакёсём - ма дзы иу цалдёр.



Лёджы гуыбыны куыдз хуыссы.

Ёвзёрён йё гуыбын - йё уёлмёрд.

Хёрдёй ёфсис нё зоны.

Мётыхёй уёлдай нёу.

Хистхорён йё кард цыргъ вёййы.

Йё гуыбын бафсёст, фёлё йё цёст нёма бафсёст.

Искёй хисты дё рон ма райхал.

Хёлёфы хёрд ёмё нозт нё тайынц.

Зыд лёгён йё комдзаг йё хъуыры бадаг у.

Фырхёрд бирёгъён дёр нё тайы.

Адзал фырхёрдёй дёр ёрцёуы.

Хорзён салам ратт, ёвзёрён та йё гуыбын бафсад..

Цёлгур цёф ары.

Хёрдён ёгъдау хъёуы.

4





Арахъхъ, дам, лёгён афтё загъта: « Кёд иу баназай, уёд ды зоныс,

кёд дыууё баназай, уёд та - ёз!».

Акъул ёй кён ёмё дё акъул акёна!

Сау расыг сси.

Чермены цёссыгёй та фёхъёстё.

Нозт зонд сафы.

Арахъхъ лёгён йё сусёг ныхёстё къахы.



УЫРЫССАГ ЁМБИСЁНДТЁ:



Брюхо не мешок, взапас не поешь.

На век не наешься.

Брюхо - глухо: словом не уймешь ( что ни говори, а корми).

Брюхо не скука, когда есть мяса штука.

Много есть - не велика честь.

Много пить - добру не быть.

Бывает иногда от рюмки водки и до могилы путь короткий.

Муж пьет - полдома горит, жена пьет - весь дом горит.

Не жаль вина, жаль ума.

Много вина пить, беде быть.



АНГЛИСАГ ЁМБИСОНД:



От обжорства гибнет больше людей, чем от меча.



  1. Фыдхёрды кой ис суанг Библийы дёр.

СЕМЬ СМЕРТНЫХ ГРЕХОВ:

  1. Лень (безделие, унынье, апатия).

  2. Чревоугодие (обжорство)

  3. Гнев ( злость, месть. Ярость).

  4. Алчность ( жадность, скупость).

  5. Зависть ( ревность)

  6. Гордыня ( высокомерие, гордость)

  7. Похоть( сладострастие, блуд, распутство).



Куыд федтам, афтёмёй фырхёрдё кой ис Библийы дёр, нымад у стыр тё-

гъёддзинадыл.



  1. Иу скъоладзау дзуры хисты ёгъдёутты тыххёй.



  1. Коцойты Арсены карикатурётё равдисын (скъоладзауты конд).



Малхаз хистмё фёцёуы.

Малхаз хистёй рацёуы.

Къутёрджыны устытё сабатизёры фёцёуынц.

Къутёрджыны устытё сабатизёрёй раздёхтысты.

5



  1. Текстимё куыст.

Сарын тексты: а) Хистмё цёугёйё куыд цётё кёнынц сёхи?

ё) Сёхи куыд дарынц хисты?





  1. Хетёгкаты Къоста « Особа»- йы бёлвырд ёрфыста ёгъдау - хистён фёстаг хъуг ёргёвдын.

« Поминки устраиваются довольно часто и роскошно, что иногда приводит к разорению. Зарезать, например в один день до 30 голов рогатого скота, до 150 баранов, сварить 500 ведер пива и до 100 ведер арак'а, испечь до 3000 пшеничных хлебов было нелегко в Нарской котловине.

Однако некоторые фамилии не задумывались над этим».



ФАРСТ: Абоны бон та куыд кёнынц хист ирон адём?



  1. Ёркёсём ма уацмысы ёвзагмё. Цавёр аивгёнён мадзёлттё дзы ис?



ХЁС: Ссарут ма тексты синонимтё, антонимтё, фразеологизмтё.



Сырх, тугбадт - синонимтё.

Цотджын - ёнёцот - антонимтё.

Сабыргай - тагъд - антонимтё.

Уацилла йё рёхысёй куы ныццёвид - фраз- м.

Къёбёрдзых не скодтам - фраз-м.

Адёмён ёмбисонды хист - фраз-м.



  1. Уыцы иу предметён, архайдён арёх зёгъён вёййы дыууё кёнё фыл -

дёр дзырдтёй - синонимтёй.



ХЁС: Бафёлварут ёрхёссын синонимтё мивдисджытё хёрын ёмё нуа-

зын- мё.



ХЁРЫН- ёмпулын, ссёндын, ёфтъёрын. Ёвгёнын, ёвдёрзын, ныхъуырын,

пирын, къёмс кёнын, аууилын, аходын, ёхсынын, ацёл кёнын,

ацъём-цъём кёнын, адзыхыдзаг кёнын,афсадын.



НУАЗЫН- ёнцъухын, къупп кёнын, ёрцымын, ахус кёнын, ахуыллупп кёнын,

ахуыскъ кёнын, бынёй рухс суадзын, ныххырхын, ахъуыртт кёнын,

цъырын,ахуыпп кёнын.



Цы синонимтё ёрхастам, уыдонён сё фылдёр сты дзургё ныхасы стилы дзырдтё ( ёвдисынц дзурёджы ахаст, цёуыл дзырдёуы, кёмё дзырдёуы, уымё).



ФАРСТ: Куыд уём кёсы, цёуыл дзурёг сты нё «хъайтарты» нёмттё?





6.





ФЁХТЫХЪО - Фёхт ( хъёды лыггаг, арф къахт, дзёрнайаг хойынён).

Цёмёй фёхт байдзаг уа, уый тыххёй дзы бирё ныххойын

хъёуы.



ДЗЁРНАХЪО - Дзёрна ( ирон хёринаг мёнёуы кёнё нартхоры фых нёмгуы-

тёй).

Цёмёй дзёрнайё бафсёдай, уый тыххёй дзы бирё бахё -

рын хъёуы.



  1. Хатдзёгтё скёнын.

Цёуыл дзырдтам урочы, цы федтам, уымёй цавёр зонд райстат уёхицён?

Куыд уём кёсы, нё урочы эпигрёфы хъуыды райхёлдтам абон,

бахордтой се 'гъдау, сё кад?



  1. Хёдзармё куыст. Тексты синонимтё, антонимтё, фразеологизмтё сса -

рын. Ныффысссын нывёцён «Цымё ма абон нё цар-

ды малхазтё ис?»



ФАРСТ: Зёгъут - ма,малхазтё гыццыл дамгъёйё цёмён ныффыстон,

сёрмагонд ном куы у, уёд?



ДЗУАПП: Уымён ёмё Малхаз иу нёу, ахёмтё абон бирё ис, ёмё ссис

иумёйаг номдар.



  1. Бёрёггёнёнтё.



Стыр бузныг уё архайды тыххёй. Абон цы базыдтат, федтат, уымёй

раст хатдзёгтё скёнут уёхицён. Макуы бафёзмут Фёхтыхъо ёмё

Дзёрнахъойы хуызётты. Ирыстоны фидён сымах стут, ёмё йё кад -

джындёр цы кёнат, уыцы зонд ёмё хъару уём разынёд!























 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал