7


  • Учителю
  • Базонгӕ кӕнын сывӕллӕтты Къостайы ӕмдзӕвгӕимӕ «Балцы зарӕг»

Базонгӕ кӕнын сывӕллӕтты Къостайы ӕмдзӕвгӕимӕ «Балцы зарӕг»

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

Кӕсыны урок

Урочы нысан: 1. Базонгӕ кӕнын сывӕллӕтты Къостайы ӕмдзӕвгӕимӕ «Балцы зарӕг».

2. Раст ӕмӕ аив кӕсыны навыктӕ рӕзын кӕнын;

3. ӕмгардзинад, хӕлардзинад рӕзын кӕнын.

Урочы фӕлгонц: Ирон тырысайы ныв, Ирыстоны ӕрдзы нывтӕ.

Урочы цыд

  1. Бацӕттӕгӕнӕн рӕстӕг.

II. Хӕдзармӕ куыст сбӕрӕг кӕнын.

1. Текст «Къостайы номимӕ баст бынӕттӕм балц» аив кӕсын.

2. 12-ӕм фӕлтӕрӕны фарстатӕн дзуӕппытӕ дӕттын.

III. Ног ӕрмӕгимӕ куыст.

1. - Нӕ раздӕры урочы базонгӕ стӕм Къостайы ӕмдзӕвгӕимӕ «Цъиу ӕмӕ сывӕллӕттӕ». Уыцы ӕмдзӕвгӕйы нын нӕ зӕрдӕты гуырын кодта уарзондзинад мӕргътӕм. ӕвдыста нын куыд уарзы гыццыл маргъ сӕрибардзинад.

2. - Абон та базонгӕ уыдзыстӕм йӕ ӕмдзӕвгӕимӕ «Балцы зарӕг». Ацы ӕмдзӕвгӕйы та сӕрибардзинадмӕ сиды, хоны йӕ адӕмы. Уый бамбардзыстут, куы байхъусат ӕмдзӕвгӕмӕ.

3. Бацамонын зынӕмбарӕн дзырдтӕ:

1-ӕм фӕлтӕрӕн, 50-ӕм фарс.

2-ӕм фӕлтрӕн. Бахъуыды кӕн.

4. Байхъусут уал дикторы кастмӕ.

5. ӕмдзӕвгӕйыл куыст (3-ӕм фӕлтӕрӕн.)

а) хинымӕры каст кърандасимӕ.

ӕ) равзарын ӕнӕмбаргӕ дзырдтӕ ӕмӕ ратӕлмац кӕнын ӕмдзӕвгӕ.

б) хъӕрӕй иумӕ каст.

в) фыссӕг зӕгъы… Скӕнӕм йӕ тырыса «Дзыллӕйы номӕй…

- Цавӕр тырысайы кой кӕны? (Равдисын Ирыстоны тырысайы ныв.)

Беседӕ Ирыстоны тырысайы тыххӕй:

- Цал хуызы ис Ирыстоны тырысайӕн?

- Цы нысан кӕны алы хуыз?

г) хъӕрӕй иугай каст.

гъ) - Куыд уӕм кӕсы, нӕ абоны царды тыххӕй куы дзурӕм, уӕд Къостайы ӕмдзӕвгӕйӕ спайда кӕнӕн ис?

- Цӕмӕн?

IV. Урочы кӕронбӕттӕн.

- Ахӕм ӕмдзӕвгӕтӕ чи фыста, уый сымахмӕ гӕсгӕ, цавӕр адӕймаг уыди?

- Цымӕ нӕ абоны цардыл бацин кодтаид Къоста? Цӕмӕн?

V Хӕдзармӕ куыст.

1. Ног дзырдтӕ ныффыссын дзырдуӕтты ӕмӕ сӕ сахуыр кӕнын;

2. Сахуыр кӕнын ӕмдзӕвгӕ наизусть.







 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал