- Учителю
- Конспект урока для 3 класса
Конспект урока для 3 класса
Ӕгъдау.
Дзырд «ӕгъдау» чи нӕ фехъуыста, ахӕм нӕй. Ӕгъдау хъӕуы алы ран дӕр: хӕдзары дӕр, уынджы дӕр, скъолайы дӕр. Ӕгъдау у хи куыд дарын хъӕуы, уыцы фӕтк. Ӕгъдауджын адӕймаг алы адӕммӕ дӕр кадджын у. Йӕхи дарын чи нӕ зоны , ахуыр чи нӕ кӕны, уыдон ӕгад вӕййынц. Ирон адӕммӕ ис бирӕ хорз ӕгъдӕуттӕ. Зӕгъӕм, хистӕртимӕ хи куыд дарын хъӕуы.
Фӕрстытӕ:
-
Кӕм хъӕуы ӕгъдау?
-
Цавӕр адӕймаг у кадджын?
-
Чи вӕййы ӕгад?
-
Цавӕр ӕгъдау ис ирон адӕммӕ?
Ӕмбисӕндтӕ:
-
Хистӕр - зондамонӕг, кӕстӕр - ӕгъдаухӕссӕг.
-
Хистӕрмӕ цы кӕстӕр нӕ хъусы, уый йӕхицӕн фыдбылыз кӕны.
-
Ӕгъдауджын адӕймаг алы адӕммӕ дӕр кадджын у.
-
Хистӕрмӕ хъус ӕмӕ ма фӕрӕдийай.
Дзырдуатон куыст:
ӕгъдау -традиции, обычаи, уважение
ничи --никто
фау хӕссын -осуждать, лорицать
зонд - ум,знание
фӕрӕдийын -ошибиться, сонт -- глупый