7


  • Учителю
  • Темæ: Фыдæлтæй нын баззад хæзна. Фæндыр куыд фæзынд.

Темæ: Фыдæлтæй нын баззад хæзна. Фæндыр куыд фæзынд.

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

Темæ:

Фыдæлтæй нын баззад хæзна.

"Фæндыр куыд фæзынд".

Урочы нысан:

Кадæджы сæйраг хъуыды бамбарын кæнын;

ныхасы рæзтыл куыст;

рæзын кæнын цымыдисдзинад æмæ уарзондзинад национ литературæ æмæ культурæмæ.

Урочы фæлгонц:

Тугъанты Махарбеджы нывтæ "Зæйластыты агурынц", "Фæндыр куыд фæзынд", рагон ирон фæндыры нывтæ.

Дзырдуат:

зæл, зæлтсе - звуки, мелодия;

тæн - струна;

монц (тæ) - эмоция (ии).

Сфæлдыста дæ Иры зæхх йæ удæй,

Йæ хъыгтæй æмæ цинтæй уыдтæ гуырд.

Цæрæнбонты нын зарыс ды рæсугъдæй, Mæ адæмы хæзна дæ æмæ цырт!

Галуанты Людмилæ



Урочы цыд.

(Хъуысы фæндыры цагъд)

Ахуыргæнæг (дзуры фæдзæхстытæ) :

  1. Абон æз уыдзынæн амондджын.

  2. Абон алæгмæ дæр ракæсдзынæн хорз цæстæй.

  3. Дзурдзынæн сабыр хъæлæсы уагæй.

  4. Цæттæ уыдзынæн искæмæй хорз зæгъынмæ.

  1. Дзурдзынæн, цы хъуыды кæнын, уый, æмæ хъуыды кæндзынæн, цы дзурон, ууыл.

(Ахуыргæнинæгтæй дæp цалдæр дзурынц фæдзæхстытæ.)

Нæ урок райдыдта ирон фæдыры зæлтæй. Æвæццæгæн, æмæ ахæм ирон адæймаг нæй, фæндыры зæлтæм кæй зæрдæ нæ фæцагайа. Уыцы хæзна махæн баззад нæ фыдæлтæй, мах хæс у уый бахъахъхъæнын æмæ йын йæ кад дарддæр иннæ фæлтæртæм ахæццæ кæнын.

Абон нæ урочы æрныхас кæндзыстæм фæндыры фæзындыл, йæ равзæрдыл, йæ ахадындзинадыл царды мидæг. Бындурæн райстам "Нарты кадджытæй" кадæг "Фæндыр куыд фæзынд".

Эпигрæфæн райстон Гæлуанты Людæйы æмдзæвгæ "Ирон фæндыр"-æй скъуыддзаг (дзуры йæ ахуыргæнинаг).

Ирон адæм кæд нымæцæй бирæ не сты, уæддæр сарæзтой хъæздыг æмæ бирæвæрсыг адæмон сфæлдыстад. Уыцы сфæлдыстады сæйраг бынат ахсынц "Н.К." Уыдон сты ирон адæмы стыр хæзна æмæ æвæрд сты дунейы хуыздæр уацмысты æмрæнхъ.

Абон нæ ныхас у "Н.К." иу уацмысыл. Уый у кадæг "Фæндыр куыд фæзынд" - цавæр хъуыдытæ дзы æвæрд ис, уыдоныл.

Нæ зæрдыл ма йæ æрлæууын кæнæм.

  1. Чи уыд Сырдон, Нартæн фыдбылызтæ цæмæн кодта?

Дзуапп: "арвы хин æмæ кæлæн";

"Нарты фыдбылыз";

"гæды Сырдон - Гæтæджы фырт";

"Сырдон иуæрдыгæй у юморхæссæг, иннæрдыгæй та - фыдбылызхæссæг".

Сырдоны фыдæй фесæфтысты Сослан, Батрадз, Хæмыц, Нарт сеппæт дæр. Царды ис хорздзинад æмæ фыдракæнд (добро и зло), Сырдон у фыдракæнд хæссæг царды, æмæ йыл йæ уыцы миниуджытæ уæлахиз кæнынц.

2. Сырдон Хæмыцæй йæ маст куыд райста?

  1. Хæмыц та куыд райста йæ маст?

  2. Куыд уæм кæсы: маст ахæм хуызы райсын раст у?

Дзуапп: Фыдми барын нæ хъæуы, фæлæ ис ахæм ирон æмбисонд: туг тугæй не 'хсадæуы. Ахæм хуызы маст райсын.- йæхæдæг фыдми у (хъуджы тыххæй фесæфта бинонты).

  1. Хæмыцы характеристикæ.

Дзуапп: гуымиры, фыдзонд, тæвд туг.

  1. Сырдоны уавæр. Йæ зæрдæйы уаг йæ бинонты стæгдартæ фенгæйæ.

Дзуапп: æрфæсмон кодта йæ митыл.



  1. Сырдон фæндыр куыд скодта?

  2. Сырдон фæндыр цæмæн скодта?



Дзуапп: Йæ зæрдæйы рыст афтæ æнæкæрон уыд, æмæ дзырдарæхст, худаг Сырдонмæ фаг дзырдтæ нæ разынд, не ccapдтa йæ хъæздыг æвзаджы ахæм ныхæстæ, кæцытæ йын равдыстаиккой йæ зæрдæйы рис.

(Нывмæ гæсгæ беседæ.)



Бампылдис, баруадис, ныкъкъæдзтæ Сырдон йæ бинонты трагедийæ. Æрызгъæлдис зæхмæ Нарты хин æмæ кæлæн, худаг æмæ дзырдарæхст Сырдон.

Æмæ равзæрдис фæндыр! Фæндыры зæлтимæ баиу Сырдоны хъарæг. Сырдоны зæрдæимæ хъарæг кодта йæ фæндыр.

9. Уæдæ цавæр уавæрты, куыд равзæрд фæндыр? Уацмысы сæйраг хъуыды цавæр у?



Дзуапп: Фæндыр равзæрд Сырдоны бинонты сæфты фæдыл, Сырдоны трагедийæ. Трагедийæ равзæрд музыкæ - уый у кадæджы сæйраг хъуыды - идейæ.

10.Сырдон йæ фæндыр нартæн цæмæн балæвар кодта? Дзуапп: Цæмæй йын ныххатыр кæной.



11 .Нарт фæндырæн цы аргь скодтой?

Дзуапп: Текст бакæсын.

12.Нарт фесæфтысты, фæлæ фæндыр цæуылнæ фесæфт? Цæмæн баззад?

Дзуапп: Фæндыр баззад, куыд символ. Зæрдæйы æнкъарæнтæ æвдисынмæ, стæй зæрдыл дарынмæ -- цæмæй адæмæй фыдракæнддзинад мачи кæна. Фæлæ уый рох кæны бирæтæй.

Ахуыргæнинæгтæ дæнцæгтæн зæрдыл лæууын кæнынц "Сæлимæт " - Плиты Хадо. "Хъуыбады " - Къоста.

"Æнæ хай " - ацы уацмысты лириком геройты царды мидæг фæндыр цы бынат ахсы, уый.

13. Ирон адæмон сфæлдыстады ис бирæ æмбисæндтæ, фыдракæндты фæстиуджытыл чи дзуры. Хæдзары уæ бакусын хъуыд ахæм æмбисæндтыл æмæ сæ ныффыссын.

"Цæваг галæн йæ сыкъа сæтты."

"Барон лæг æвæсмон у, æнæбарон фæсмойнаг."

"Хæларæй цæрын мыды кæхц у, хæрамæй цæрын - бындзы цæф у."

"Цы байтауай, уый æркæрддзынæ."

14.Фæндыр адæймаджы цардимæ куыд баст у, ууыл хъуыдыгæнгæйæ, зæрдыл æрлæууынц тынг бирæ таурæгьтæ. Байхъусæм ма дзы иумæ.

(Хъуысы "Ханты цагъд "-ы мелоди.)

Æнкъард мелоди у, æви хъæлдзæг?

Æнкъард цагъд у, ацы мелоди дæр равзæрд трагедийæ, æртæ хойы хъизæмар цардæй.



(Ахуыргæнинæгтæй иу дзуры "Ханты цагъд"-ы таурæгъ. "Рæстдзинад ", 1994 аз, 21 апрель).

15.Хъуысы "Алагираг хонгæ кафт"-ы мелоди.

(Скъоладзау дзуры ацы мелодийы равзæрды тыххæй. Дохтыр Дзугаты Къола рынчындоны хуысгæйæ æрхъуыды кодта ацы мелоди.)

16.Тугъанты Махарбегмæ ис цымыдисаг ныв, йæ мидис баст у фæндыримæ - ирон хъисфæндыримæ.

(Скъоладзаутæ дзурынц, нывы цы æвдыст цæуы, ууыл) "Зæйластыты агурынц".

Раджы заман-иу зæй кæй фæласта, зæйы бын-иу чи фæцис, уыдоны-иу агуырдтой... хъисфæндыры руаджы. Зæронд лæгтæ-иу цыдысты разæй хъис фæндырæй цæгьдгæ, йæ фæстæ иннæ нæлгоймæгтæ белтимæ. Мард-иу кæм уыди, уым-иу фæндыры зæлтæ бамыр сты уынæр кодта. Нæлгоймæгтæ-иу февнæлдтой къахынмæ...

(Скъоладзаутæй иу дзуры Нигеры æмдзæвгæ "Хур фæдисон ". Æмдзæвгæ фыст æрцыдис 1932 азы 14 февралы Джусойты хъæу Арасендæйы зæйласты фседыл.)

17. Хатдзæгтæ.

Гъе, ахæм цаутæ баст сты нæ фыдæлты хæзна - ирон фæндыримæ. Кæд абоны урочы фæстæ æндæр æмæ хуыздæр цæстæй акæсат ирон фæндырмæ, уæд уый у æппæты хуыздæр бæрæггæнæн нæ урокæн. Фæндыр кæддæр равзæрдис трагедийæ, хъыгæй, фæлæ дарддæры царды фæндыры цагьдмæ хъусгæйæ, уæ зæрдæты гуырæд æрмæстдæр рæсугъд æмæ бæрзонд æнкъарæнтæ, уæд фыдракæнддзинад никуы уал уыдзæн!

(Хъуысы фæндыры цагъд, æмдзæвгæ "Ирон фæндыр", кафынц чызг æмæ лæппу.)





 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал