7


  • Учителю
  • Урок по осетинской литературе на тему Хуарз цауайнон

Урок по осетинской литературе на тему Хуарз цауайнон

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала









Гурдзибети Борис

«Хуарз цауайнон-еуахстон,

Лагау лаг-еудзурдон,

Растбал дзораг-ана тарегъад!.»





















Хъыбызты М.Б.-Республикæ Цæгат Ирыстон_- Аланийы г.Дигорайы 2-æм скъолайы ирон æвзаг æмæ литературайы ахуыргæнæг.









Фото Бориса на сцене с надписью:

«На курухон хестар,курдиатгун журналист,публицист,

абони дар имисан дау.»

амдзавга «Мерхуни цастисугта» Анз раевгъудай,кадай на астауай фаццох ай адаймаг,курдиатгун финсаг ама журналист. Декабри майи 21 бони на адами уарзон финсаг бал гъауама исанхаст адтайда 75 анзи. Набал има рахъардтай. Батаданца а тухта,фаццох ай а тумбул бинонтай,уота ахцул ама ановудай ке уарзта,еци адами астауай. Абони ин устур гъиги хацца науагай имисан а ном.

Вед.2. Ирон-дигорон айев литература ка уарзуй,исфалдистада а зардама хастаг каман ай, уонай Гурдзибети Гадзой фурт Бариси ном ка на фегъуста, аваццаган, уахан адаймаг на разиндзанай.

Гурдзибей фуртма адтай еу хъабар хуарз менеуаг:финста,ахе уодбал ци бавзурста, царди фандагтабал цаугай,а зардабал арф никъатай ци байзадай фадан,уонабал. Уоманамабера зиндзийнадта бавзурста е нанцон царди.

Амдз.»Уарзт ама фуданха.»

Вед.1. Раги байзадай седзарай Гурдзибей фурт. На базудта а фиди куст афхуард къохти бамбалд,фандон на бафсастай а мадии фалман армитъапанти тафедзай дар. Ахе загъдау, кедарти фасдуартти иразгай,раевгъудай а сабий дога. Аппунадзох ескамати таходуйгангай, рагъомбалай. Уаддар на факкиудтай,уаддар бафаразта зинтан,рацудай царди ауадзи,иссирдта си а бунат.

Амдз.»Мад.» «Фидиуазаг.»

Вед.2.Барис бера анзти факкуста кадгинай мед гъуддагти органти. Райдадта рангъон косагай ама исхизтай Дигори райони медгъуддагти хайади саргълаууаги хуадайеваги уанга. Райста майори цин. Куста ановудай ахсанадон кусти. Ой туххай ин лавард адтай медаль «50 лет Советской Милиции» 1967 анзи, 1977 анзи райста медаль «ЗА безупречную службу в МВД-РСФСР.»

Вед.1.Барис раги раздахта е ргом айевадон литературама. А фиццаг киунуга адтай «Цауайнони финстита.» Йа къохи бафтудай бера киунугута мухури рауадзун. Сармагонд бунат ахассуй Бариси уадзимисти адамон исфалдистада. Загъан: «Задалески Нана» , «Седанти ансуварта.»

Амдз .«Задалески Нана.»

Вед.2.Сармагонд бунат ахассунца Бариси исфалдистади а цубур миниатюрита. Минкъий армаги арф гъуди байварун анцон най. Бари сами дар ахе равдесуй искурдиаткинай.

Амдз.»Ма хазна» , «Ма лавар.»

Вед.1.Неке ниууагъта Гурдзибей фуртан ахаййай:сабитан,хестар фалтартан дигорон ама ирон авзаги дасни аразта анна бафанзга фалгонцта. А хъайтарта анца алайнаг тоги бундорай игурдтита,куд ахсанади фанзуйнаг ама аппарддзаг минавартта,уота.

Амдз.»Алан»,»Ма дадайыл зарын»,»На хестарта».

Вед.2.Царди растама харани нивганаг-е дин Гурдзибей-фурти ахсист фатка,анна фаттасга цастингас,а адаймаги барзонд уоди рохси пафос дзиллитама хасгай. Еци ацагдзинада нин бара дадтуй загъунма: «Бариси куд адаймаг,журналист ама финсаг,уота а цард ама е сфалдистада аривардта ирон литератури къабеци адамондзинади уедагтабал.

Лавард ин арцудай: …..

Амдз. «Растаг.»

Вед.1. Ирон,дигорон дзурди къасари фарнабал лаууаг адтай ГурдзибетиБарис. А фалгонцта аразгай авдиста а лаггада,а уоди гъар, а дуней ладарундзинада. Аппунадзох-афони дар,аннафонидар,бонай уа,ахсава уа-Барис тадай а сагъасти,а литературон рист ама цини. Йа разма ивардта нисан:махан харан ама растдзинади дуартти дагъалта иссерун,фиддалти,цардай ист нивта исамайун абони фалтартан,не сонма ад афсара,адар цаун-уой бундорбал амад анца Бариси миниатюрита,радзурдта,таурагъта,поэтикон рангъита.

Уома гасга на бон загъун ай: е сфалдистади карай-каронма авдист цауй Дигора,Иристони къасар,уой фарна.

Амдз.»Ираф»,»Уалдзигон бони» ,»Сауадон.»

Вед.2.Бера киунугута рацудай Барисан: «Каддари рист», «Седанти масуг», «Задалески Нана», «Хахты залта», «Уарзт ама фуданха». Уонай алкама дар хъабар баллида,са фаззиндбал ба суваллонау цийна канида. Уота а фастагкиунуга «Къасари фарна» дар, каци дуйней рохс фаууидта Бариси рамалати хуадразма. Радзурд киунуган ниффинста поэт ама журналист ХохойтиЭнвер,мА йин даттандзурди бара.

Вед.1.Бариси сфалдистада айдагъ литературон уадзимстай гъаздуг най,фал мА зардарохс кануй йа зартай дар. Йа зарти астау ЕС Къесати Астани зараг,Задалески Нанай зар, Зараг Дигорабал,Хъармани суваллантти зар ама бера андарта.

Байгъосан еу зарагма.

Вед.2. Цард а канон кануй-анзта разма тундзунца. Барисбал 21 декбри исанхаст адтайда авдай фондз анзи,ангъизтай ма ин царун. Бера расугъд фандита маима адтай,фал а къохи набал бафтуданца. Барисан а цард гъаздуг исхонан уоман ес,ама адами уарзондзинадай хайгин ке адтай.

Амдз.»О,на фала хъабарзинтай.»

Вед.1. Зин иссеран ай уахан адаймаг,ма ин Барис а зарда фаррессун кодта,загъга. А кадзос уоди гъада, а рохсзарди хатти фарци ахе бауарзун кодта адаман. Махан,а уарзон адаман,на зардай некад рахецан уодзанай Бариси рохс сорат. Зардай ци гъуддагбал архайдта,уой идарддар хасдзинан. Имисан дин аци бон да рохс ном. Када бони не хсан набал да,уаддар иронхи бунати некад уодзана.

Амдз. «Рист», «Барисан».





  1. Фото Бориса

  2. Показать медали (МВД)

  3. Первая книга «Цауайнони финстита»

  4. Миниатюры «Каддари рист.»

  5. Детские книги «Сагуытты балц.»

  6. Медали за творчество.

  7. Дигора Иристон.(фотографии природы)

  8. Фото книг.

  9. Зарти хузта.(Задалески Нана)

( Кесаев А)

(ХЪармани суваллантти зар»

(Дигора)

  1. Фото Бориса.



 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал