7


  • Учителю
  • Урочы темæ: Сидзæргæсы фæлгонц Къостаæйы æмдзæвгæ «Сидзæргæс»-мæ гæсгæ

Урочы темæ: Сидзæргæсы фæлгонц Къостаæйы æмдзæвгæ «Сидзæргæс»-мæ гæсгæ

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала





Ирон æвзаг æмæ литерæтурæйы ахуыргæнæг Хъороты Иринæ.

Урочы темæ: Сидзæргæсы фæлгонц Къостаæйы æмдзæвгæ «Сидзæргæс»-мæ гæсгæ

Урочы хуыз: Ног зонындзинæдтæ райсыны урок.

Метод: беседæ, индивидуалон куыст, къордты куыст.





Урочы нысан: 1. Базонгæ кæнын æмдзæвгæимæ.

2. Ныхасы рæзтыл, аив кæсыныл бакусын.

3.Æбуалгъ царды уавæртæ зæрдæриссæн æмæ æнкъард нывтæ .

Зæрдæйæ банкъарæй сидзæр сабиты уæззай хъысмæт.

Цæстуынгæ æрмæг: 1. Сывæллæтты нывтæ.

2. Рагон царды нывтæ.

УРОЧЫ ЦЫД:

1.Сколадз уты сразæнгæрд кæнын урочы архайынмæ:

Скæнæм нæ тырыса

Дзыллæйы номæй.

Рухсмæ æнæзивæг

Цомут æнгомæй.

2. Рацыд æрмæг сбæрæг кæнын.

1. Æмдзæвгæ наизусть радзурын «Балцы зарæг»

Байхъусын сывæллæттæм.

2. Адæмты хæлардзинад æмæ сæ ахастыты тыххæй.

(Байхъусæм сывæллæттæм).

ИРон адæмы генион поэты стырдæр бæллицтæй иу уыдис, цæмæй æппæт адæмтты хсæн фидар кодтаид иудзинад, æфсымæрдзинад, хæлардзинад.

Æмвæнд адæмы ныхмæ ницавар уæйыг фæлæудзæн. Æнæрынцойæ тох кодта мæгуыр адæмы бартыл, æгасыл дæр рыст йæ зæрдæ, фæлæ уæлдай рыст йæ мæгуыр Ирыстоныл, йæ уавæр , йæ фидæн, йæ сомбоны уыд йæ мæт. Йæ удисыны уымæн фæдзæхста ирон фæсивæдæн, кæрæдзийы уарзгæйæ цæрут, зæгъгæ.

3. Ног æрмæгмæ рахизын хатдзæгты фæстæ.

1. Ирон хæххон сылгоймаджы уæззау царды хъымæтыл ивгъуыд заманты рæстæг аныхас кæнын.

(Гадиаты С. «Мад æмæ фырт» а.д., «Чызджыты скъола» 1863 азы Колыты А. 1891 азы æрцахстой йæ æмæ ахастой Хъæрæсемæ 5 азы æмгъуыдæй).

2. Текст бакæсыны размæ саразын дзырдуатон куыст.

Уыд - тыхджын дымгæ

Тымыгъ - дымгæ митимæ.

Цуайнаг - хæринаг фыцæн аг.

Æхсæлы - кудзи бæлас, зайы хæхты фæхстыл.

Лыстæн - хуыссæнуат фæсалæй кæнæ хъæмпæй, гобаны бæсты.





4. а) Цæмæн æрцыд мады хъуыдыйы йе ххормаг сабиты æвирхъау сайд акæнын? (сывæллæттæ).

Б) Уыцы сайды тыххай разы стут йемæ æви йæ азымы дарут?

(сывæллæттæ).

В) Æрдзы ныв куыд æххуыс кæны поэтæн арфдæр йæ идейон хъуыды раргом кæнынæн?

(Хæххон æрдзы æнкъард æмæ тызмæг нывтæ æрфысты руаджы фæтыхджын вæййынц адæймаджы зæрдæйы æнгхъарæнтæ хуыздæр ауайынц цæстытыл сидзæргæс ус æмæ сидзæр сабиты трагедии. Зымаг æфтæ уазал уыд, æмæ мА суанг халон дæр баргъæвст).

Г) Хъарæджы ныхæстæм хъус æрдарын (Бакæсын хъарæг).

Адамон сфæлдыстадмæ хауынц.

Хъарæг райгуыры адæймаджы уæззау зæрдæйы сагъæстæй. Йæ маст, рыст, сагъæстæ фæдзуры хъарæджы.

Сидзæрты мад йæ зæйласт лæгимæ ныхас кæны, раст цыма цардæгас адæймагимæ дзуры.

- Некрасов «Мороз, Красный нос» Дарьяйы хъарæг.

Хæтдзæг.

Алы фыссæг дæр бавæрдта хъарæджы национ цæсгом, йæхи удыхъæды хицæн миниуджытæ.

5. Цæуыл дзырдтам, уымæн æххуыс уыдзæн нæ дзырдбыд. Цавæр дзырд дзы ис æмбæхст.

6.

7. Куыд бамæрстой æрмæг (рефлекси).

Урочы базыдтам…..

Мæ зæрдæ фæрыст……

8. Хæдзармæ куыст.

Хорз дзуæппытæ ……..

Активон уыдысты…….

Бакусын ма хъæуы….



 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал