7


  • Учителю
  • Разработка урока по осетинскому языку Номдартай аразт фарсдзырдта

Разработка урока по осетинскому языку Номдартай аразт фарсдзырдта

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

МКОУ СОШ им. С. Х. Тубеева с. Хазнидон РСО-Алания





























Разработка урока по осетинскому языку

«Номдартæй арæзт фæрсдзырдтœ»

7 класс





















Учитель осетинского языка и

литературы Батоева В.В.

















</ Урочы тема: Номдартæй арæзт фæрсдзырдтœ.

Урочы нысан: 1. Номдар сфæлхат кæнын.

2. Бацамонын, номдартæй фæрсдзырдтæ куыд арæзт цæуынц уый.

3. Бакусын ныхасы рæзтыл.

4. Сколадзаутæн бамбарын кæнын, æвзаг æгъдау кæй у, уый.

Урочы æрмаг: Ирон æвзаджы чиныг, техникон фæрæзтæй компьютер.

Урочы цыд: 1. Сфæлхат кæнын номдар. Фарст. Цы хонæм номдар?

(Дæнцæгтæ.)

2. Ныхасы рæзтыл куыст. Саразын æвзаргæ диктант.

«Хоры бон». Дзамболаты Хазби.

Хистæр фæтæн хъæзын къусæй

Фысымы даст сæрыл уагъта

Урсбын хæрзæнхъызт къуымæл.

Хистæр йæ барджын хъæлæсæй

Фарста: «Цы курут, лæппутæ?»

Æмæ цын цингæнгæ- «Хор, Хор!»

Иумæ лæвæрдтам мах дзуапп.

Æхсæвы уадысты цæстытыл:

Даргъхъæд, рæсæй цыргъ къæпитæ,

Ногбыд, дзæлв уисæй чыргъæд,

Саухал, æртæхдзаст быдыртæ,

Бурсыг мæнæуы æфсиртæ.

Ногдзыд къæбиладжын нартхор,

Пух дзул…

Мæ дæрзæгкъух фыд..

Хæс. А. Рафыссут æмдзæвгæйæ номдартæ, сæвæрут сæм фæрстытæ, зæгъут, кæцы номдартæ дзы амонынц кусæн дзауматы нæмттæ.

Æ. Цæджындзæй рафыссут æмдзæвгæйæ вазыгджын дзырдтæ æмæ сæ саразут хуымæтæгтæ, зæгъут, цавæр ныхасы хæйттæй арæзт сты.

2. Ног æрмæг.

1. Хибарæй бакусын чиныгимæ.

Хæс. Бакæсут хинымæрмæ 2-3 хатты раиртæст, равзарут дæнцæгтæ.

2. Сæххæст кæнын иукъорд фæлтæрæны (161, 165).

Фарст. Цæй руаджы арæзт цæуынц фæрсдзырдтæ номдартæй? (Дæнцæгтæ.)

Цал мадзалæй арæзт цæуынц фæрсдзырдтæ номдартæй? (Дæнцæгтæ.)

Хæс. Равзарут æмбисонды мидис:

«Æвзаджы цæрæнбон- адæмы цæрæнбон».

Уæдæ-ма байхъусут, нæ мадæлон æвзаджы тыххæй поэт Икъаты Владимир цы зæгъы, уымæ.

Тæссаг - куы баныгæнæм не ` взаг.

Тæссаг - куы нын бауа мæрдрох.

Мæлдзæн ныл саухудæгæй не знаг

Æваст нæ баййафдзæн фыдох!

Раныхас: Нæ фыдæлтæ-иу афтæ дзырдтой: «Æвзаг æгъдау амонæг у»- зæгъгæ, сывæллæттæ, уый сымахæн абон æнцон бамбарын у, уымæн æмæ нæм ирон æгъдау, ирон æфсарм нал ис, уый уымæн афтæ рауади, æмæ нæ мадæлон æвзаг иуварс аппæрстам, хъару нæм нал ис æгъдау дæттынмæ, лæмæгъ адæм та æнцон ассæндæн сты рæстæгæн йæ цыфæнды лæмæгъ дымгæйæ дæр. Уымæ гæсгæ уæм поэт Пухаты Алыксандр йе`мдзæвгæ «Ирон æвзаг», зæгъгæ, уым сиды, цæмæй мадау уарзат уæ мадæлон æвзаг.

Байхъусут-ма йæм.









ИРОН ÆВЗАГ. (Скуыддзаг)

«Æз дæ ныфсæй дæн хъаруджын,

Дæ мæ хотыхты цыргъдæр.

Ахъардтай дзырдгай мæ туджы,

Мады `хсырау, дæ сыгъдæг.»

Фарст. Куыд уæм кæсы, поэт йæ мадæлон æвзаг уарзы?

Хæс. Сбæрæг кæнут фæрсдзырд дзырдгай - йы арæзт.

Æ. Æрхъуыды кæнут йемæ хъудыйæдтæ.

Сывæллæттæ, иухат, дам чидæр зондджын Санаты Семы бафарста:

- Сем зæгъ ма, æппæтты зындæр хъаймæт цы вæййы?

- Адæм се`взаг, се`гъдауыл сæ къух куы нæуал æмбара, адæмы фæтк хæлд куы уа, æфарм куы фесæфа, æуунк куы нæ уал уа, уæд раст ацы хæдзарау цард дæр басудзы. (Бацамыдта сыгъд хæдзармæ).

Хæс. Равзарут фæрсдзырд раст.

  1. Дзырдуаты сбæрæг кæнут номдар хъаймæт-ы лексикон амынд.

  2. Дзырды хæйттæм гæсгæ равзарут дзырд зонынджын.





4.Ныфыссын дзырдуатон диктант.

Хæс. Фæрсдзырдтæ ныффысут цæджындзæй, алы фæрсдзырд дæр хаххæй адих кæнут дзырды хæйттыл , саразут сын схемæтæ.

Асæрды, иубон, æндæрæбон, изæрыгон уæнггай, æндæраз, комкомма, сомбон, дзургæйæ, рæстæгмæ, æндæрæхсæв.

Хуызæг: азымаджы - а - зымæдж-ы.





5. Афæлгæсын пунктуацийыл.

Хæс. Бакæсут хъудыйад, сæвæрут æрхæцæн нысæнттæ, скæнут ын схемæ.

Фæллой зæххыл фидар кæны; сабырдзинад, сæрибардзинад, æфсармдзинад, амонд- æппæт адæмтæн.

Хъудыйады æмхуызон уæнгтæ равзарут морфологон æгъдаума гæсгæ.

Фарст. Цавæр дзырдтæ хонæм хъуыдыйад æмхуызон уæнгтæ? (Дæнцæгтæ).

Хæс. Дзырд æфсармдзинад-æн ссарут йæ синонимтæ, семæ æрхъуыды кæнут дзырбæстытæ.

6. Аулæфт. Фарст. Цы амоны базырджын дзырд: « Уæйыджы хъусы-уад?»

Æрмæг бафидар кæнын.

  1. Стъæлфыты бæсты сæвæрут хъæугæ дамгъæтæ.

Кæ…æри..æр, ц..м..дисæй, ни..ы..ал, у.л..ау, кæ, æры, к..уыдф..нды., и..чы, фар., сæр..ы.

Фарст. Цавæр ныхасы хæйттæй арæзт цæуынц фæрсдзырдтæ?

  1. Ныр та асагъæс кæнæм дзырдты нысан æмæ архæйдтытыл. Ӕркæсæм журнал «Ногдзауы» -ы фæрстæм.

«Хъызмыдæ йæ бинонтæм дзуры: - Ныртæккæ хæринаг куы арæвдз уа, уæд мæ бæгæны рафæлдахдзынæн æмæ нæхи хорз фендзыстæм. Хъызмыдæйы фырты фондзаздзыд фырттæ хæдзарæй ауадысты, иу-дæс уысмы фæстæ фездæхтысты æмæ æмздзыхæй сдзырдтой:

- Нана, хæринаг нын ратт, мах дæ бæсты бæгæны афæлдæхтам».

Хæс. Равзарут фæрсдзырдтæ сæ нысаниуæгмæ гæсгæ.

  1. Скæнæм афæлгæст урочы æрмæгыл

4.Хæдзармæ куыст.

- Сахуыр кæнын раиртæст.

- Баххæст кæнын 166 фæлтæрæн.

-Сфæлхат кæнын ныхасы хай миногон.































 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал