7


  • Учителю
  • Открытый урок по осетинской литературе

Открытый урок по осетинской литературе

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

ГОМ УРОЧЫ ПЪЛАН ИРОН ЛИТЕРАТУРӔЙӔ 11-ӔМ КЪЛАСЫ.

УРОК БАЦӔТТӔ КОДТА ГАССИТЫ ФАТИМӔ.





Урочы темӕ: Адӕймаджы удварны хӕзнатӕ Дзесты Куыдзӕджы уацау «Фӕндагсар Уастырджи»- йы.





Урочы нысан:

1. Дзесты Куыдзæджы цардвæндаджы ахсджиагдӕр фæзилæнтыл æрдзурын.

2.Проблемон уавӕрты фӕрцы ахуыр кӕнын скъола- дзауты хи хъуыдытӕ ӕргом кӕныныл, хибарӕй кусыныл.

3.Ахуырдзаутӕм ӕвзӕрын кӕнын адӕймаджы удварны хӕзнатӕм арфдӕр цӕстӕнгас.

4.Ныхасы хӕрзхъӕддзинадыл кусын.





Техникон фӕрӕзтӕ: интерактивон фӕйнӕг, компьютер.





Урочы эпиграф:1. Куывд,мӕлӕт ӕмӕ фӕндаг

Хӕстӕг кӕнынц лӕджы Хуыцаумӕ.

2. Бӕлас йӕ сыфтӕртӕй фидауы,

адӕймаг та удыхъӕдӕй.

Ӕмбисӕндтӕ:





1.Цард куыстӕн у,ӕнӕ куыстӕй цӕрӕн нӕй.

2.Баххуыс кӕнын удыбӕстӕ у.

3.Лӕг ӕмӕ ус ӕмдӕндаг сты.

4.Икӕмӕн чи лӕггад кӕны,уый йӕхицӕн кад кӕны.





Урочы цыд.





(1 слайд )





-Уӕ бон хорз!

-Ӕгас цу!

-Абон нӕ урокмӕ ӕрбахуыдтам уазджыты.Табуафси! Арфӕ сын ракӕнӕм.

-Алы боны ӕгас нӕм цӕут,нӕ буц уазджытӕ! Чырыстийы хорзӕх уӕ уӕд!

-Сбадут!

( Музыкӕйы зӕлтӕ ).





(2 слайд)





Ахуыргӕнӕджы раныхас.

Мӕ райгуырӕн бӕстӕ,

Дӕ урссӕр къӕдзӕхтӕй

Рӕсугъддӕр нӕ федтон бӕстыл,

Мӕ царды уылӕнты

Кӕм фӕнды фӕйлауон,

Мӕ зарӕг кӕндзынӕн дӕуыл.





Хуссар Ирыстоны, хохӕн фаллаг фарс цы хъӕутӕ ис, уыдон иумӕ райсгӕйӕ хонынц Цъалагом, кӕнӕ та Ручъы ком. Нӕ зӕрдыл ма ӕрлӕууын кӕнӕм , уы - цы комӕй цы разагъды лӕгтӕ рацыд, уыдон нӕмттӕ. Йӕ цард ӕмӕ йе сфӕлдыстад чи снывонд кодта нӕ райгуырӕн Ирыстонӕн, нӕ ирон адӕмӕн.

Райдайӕн кълӕсты кӕй сфӕлдыстадон уацмыстимӕ базонгӕ стӕм?

(Съоладзауты дзуаппытӕ).

Беджызаты Чермен «Мӕсгуытӕ дзурынц», Плиты Грис «Хорзӕй баззай Ир», Джыккайты Шамил «Фембӕлд», Дзесты Куыдзӕг «Хорхӕссӕг».

Зӕгъут-ма, ацы уацмыстӕй кӕцы у хӕххон адӕмы зынуавӕр цард ӕвдисӕг,уӕлдайдӕр та зымӕгон хъызт бонты?

(Скъоладзауты дзуаппытӕ).

( Дзесты Куыдзӕджы радзырд « Хорхӕссӕг».

Бӕлццон лӕг фӕндагыл цӕугӕйӕ йӕхи кӕуыл бафӕдзӕхсы?

(Ахуырдзауты дзуаппытӕ).

Уастырджийыл…..





(3 слайд)





Хӕхты астӕу бӕрӕгӕй зыны Едысы хъӕу. Мыд ӕмӕ къус куыд ӕмбуар сты, ацы хъӕуы цӕрджытӕ дӕр кӕрӕдзийыл афтӕ ӕнувыд уыдысты… Хӕххон ӕвадат царды уылӕнтӕа сӕ дыууӕ дихы фӕкодтой. Сӕ иутӕ алыгъдысты быдыры `рдӕм, се `ннӕтӕ та цардагур ралыгъдысты Цӕгат Ирыстонмӕ. Уӕдӕ нӕ ныхас дарддӕр уыдзӕн адӕймаджы цардвӕндагыл.

- Алы адӕймагӕн дӕр ис йӕхи сӕрмагонд цардвӕндаг. Уыцы фӕндаг ын райдайы, адӕймаг куы райгуыры ӕмӕ царды фыццаг къахдзӕфтӕ кӕныныл куы архайы, уӕд.

Иутӕн сӕ царды фӕндаг цыбыр рауайы, иннӕтӕн - даргъ, иутӕн лӕгъз, иннӕтӕн - дурджын. Фӕлӕ алчи иухуызон цӕстӕй нӕ кӕсы цардмӕ. Ахӕмтӕ ис, ӕмӕ цӕрынц сӕ удыдзӕбӕхӕн. Сӕ алыварс ӕххуысхъуаг адӕм ис, уый сӕ хъуыдыйы дӕр нӕ вӕййы. Фӕлӕ ис ахӕмтӕ, ӕмӕ сӕ царды сӕйрагдӕр хӕс свӕййы адӕмӕн ӕнӕвгъауӕй лӕггад кӕнын. Афтӕ сын фӕамоны сӕ зӕрдӕ, сӕ зонд, сӕ цӕсгом.

-Ацы хъуыдымӕ хӕстӕг лӕууынц уырыссаг фыссӕг Николай Островскийы роман « Как закалялась сталь»-ӕй ист ныхастӕ. « Самое дорогое у человека - это жизнь. Она дается ему один раз, и прожить ее надо так, чтобы не было мучительно больно за бесцельно прожитые годы, чтобы не жёг позор за подленькое и мелочное прошлое ...»

Ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ мӕн фӕнды, цӕмӕй нӕ абоны урочы цы фыссӕг ӕмӕ уацауы кой кӕндзыстӕм, уый уӕхӕдӕг куы базониккат, уый.





( 4 слайд)

(Скъоладзауты дзуаппытӕ).

Дзесты Куыдзӕджы уацау «Фӕндагсар Уастырджи»- йыл.

-Тынг раст! Абон мах дзурдзыстӕм адӕйиаджы удварны хӕзнатыл Дзесты Куыдзӕджы уацау « Фӕн -дагсар Уастырджи»-йы.

-Зӕгъут ма, цы уыд Куыдзӕгӕн йе стырдӕр миниу -джытӕй иу?

(Ахуырдзауты дзуаппытӕ).

-Уӕдӕ уацмыс нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм.

Куыд зонӕм, афтӕмӕй Ӕхсӕйнаг хъӕумӕ ӕрбафтыдысты дыууӕ бӕлццоны,уыдон уыдысты Дзаххо ӕмӕ йӕ бинойнаг Дзитта.

Зӕгъут-ма,цавӕр хабар ракодта Дзаххо хъӕуы цӕрджытӕн,сӕ райгуырӕн хъӕуӕй кӕй фӕхауӕккаг сты,уый тыххӕй? (Ахуырдзауты дзуаппытӕ).

-Хабар ӕцӕгӕй та куыд уыди?

Ахуырдзау:

-Дзамболат уыд сӕ фырт,зӕхкусӕг ирон лӕг,йӕ на -мыс сӕттын нӕ бауагъта,ӕлдары фырты амардта. Уый фӕстӕ Сыбыры каторгӕмӕ 'рвыст ӕрцыд,цар-ды гуыргъахъ фӕндӕгтӕ,тох-ӕмӕ фӕстагмӕ ,рагӕй цӕмӕ бӕллыд,уыцы фембӕлд уарзон мад ӕмӕ фыди- мӕ.

Тынг хорз! Уӕдӕ ма не 'ргом раздахӕм нӕ эпиграф-мӕ. Уый баст у фӕндаджы темӕимӕ.

Алы адӕймагӕн дӕр йӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ райдайы йӕ фӕндаг,йӕ цардвӕндаг,Хуыцаумӕ фӕн- даг.Цас сыгъдӕгзӕрдӕ уай,ӕнӕтӕригъӕд, намысдзын, уыйас Хуыцауӕн уарзондӕр уыдзынӕ.

Ирон адӕм бӕлццонӕн цавӕр арфӕ ракӕнынц?

-Дӕ фӕндаг раст!

-Уӕдӕ-ма зӕгъут,Хуыцау ӕмӕ Фӕндагсар Уастырджийы цы иу кӕны?

(Ахуырдзауты дзуаппытӕ).

-Ирон уырнынадмӕ гӕсгӕ,Фӕндагсар Уастырджи (лӕгты дзуар) у Хуыцау ӕмӕ ирон адӕмы 'хсӕн ми -нӕвар,фӕндагыл аудӕг.

-Куыд ӕвдыст цӕуы фӕндаджы темӕ уацмысы? Цавӕр куыстыл ныллӕууыд Дзахо?

(Ахырдзауты дзуаппытӕ).

-Куыд ӕй ӕххӕст кӕны?

Куыстмӕ дӕр алыхуызон цӕстӕй кӕсӕн ис?(140 ф, 142 ф,54 ф)-ссарӕм ӕмӕ сӕ бакӕсӕм.

Цӕмӕн афтӕ бӕрнонӕй кӕсы йӕ куыстмӕ?Искӕй цӕстмӕ?Ӕви искӕмӕй исты ӕнхъӕл у?

Ахуырдзауты дзуаппытӕ).

-Хӕрзгъӕдау,сыгъдӕг адӕймаг,ӕмӕ ахӕм адӕм та сӕ фӕстӕ сыгъдӕг фӕд фӕндаг уадзынц.

Ахуыргӕнӕг:

-Фӕндаджы темӕйӕ ма автор спайда кодта,цӕмӕй адӕймаджы равдиса ӕндӕр хуызы:лӕг хъуамӕ йӕ амӕлӕты бонмӕ йӕхиуыл куса,йӕ уды хӕрзиуджытыл алы уысм дӕр ног исты ӕфтауа.

Тыгндӕр цӕмӕ бӕллы йӕ царды?

-Йӕ хъӕбулыл сӕмбӕлынмӕ………

-Ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕ,ӕууӕндаг адӕймаджы хъуыды -мӕ гӕсгӕ,уымӕн цӕй руаджы ӕрцӕуӕн ис?

-Фӕстагӕй цӕргӕйӕ, хорздзинад таугӕйӕ, адӕмӕн лӕггад кӕнын, ӕппӕтыл дӕр арм дарын.

-Ӕрныхас кӕнӕм уыцы хъуыддӕгтӕ ӕвдисӕг бынӕт- тыл.Хӕдзармӕ уын уыд,уыцы бынӕттӕ тектӕй раир- тасын.

(Чиныгимӕ куыст (141 ф, 150 ф ,51 ф, 153 ф).

-Дзаххойы фӕлгонц ӕххӕст нӕ уаид ӕнӕ йӕ цардӕм- балӕй (Лӕг дӕр…), бакӕсӕм уыцы бынат.

Цавӕр удварны хӕзнатӕй хайджын у Дзитта?

(Ахуырдзауты дзуаппытӕ).





Къордтӕй куыст.

1 къорд: Чиныгӕй раиртасын ирон ӕгъдӕутты ӕрфыстытӕ (142ф, 145ф,146ф,160ф,168ф).

(5 слайд )

2 къорд: Бамбарын кӕнын ӕмбисӕндтӕ уацмысимӕ бастӕй: а) «Цард куыстӕн у,ӕнӕ куыстӕй цӕрӕн нӕй».

ӕ) «Баххуыс кӕнын удыбӕстӕ у».

б) «Лӕг ӕмӕ ус ӕмдӕндаг сты».

в) «Искӕмӕн чи лӕггад кӕны,уый йӕхицӕн кад

кӕны».

-Зыгнӕ фыссӕджы уацмысы рӕнхъытӕ систы афоризмтӕ.

а) Кӕд искуы зӕхх хурӕй бафсӕст,уӕд фӕндаг дӕр аразынӕй бафсӕддзӕн.

ӕ) Адӕмы уарзон хӕдзар ӕдзӕрӕг комы нӕ,фӕлӕ хо-хы цъуппыл куы цӕра,уӕддӕр иунӕг никуы уыдзӕн.

б) Мӕгуыр уый у ӕмӕ бирӕ адӕмы'хсӕн дӕр иунӕг чи вӕййы…

в) Фӕрнджын лӕг ӕнамонд никуы вӕййы.

-Цы фыдӕбӕттӕ бавзӕрста йӕ царды,уымӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн уацмысы сӕйраг хъайтар амондджын у? Цӕмӕн?Йӕ бӕллиц сӕххӕст?

Зӕгъут-ма,Дзаххойы хуызӕн куыстуарзаг ӕмӕ хӕлар- зӕрдӕ адӕм не'хсӕн ис?

Цы цӕстӕй сӕм кӕсынц адӕм?

Цӕмӕн хъӕуы абоны царды стырдӕр аргъ?

Дзаххойы фӕлгонц уӕ кӕмӕн у цӕвиттойнаг?

Цы амӕлттӕй бафдзӕни уӕ къухы?

(Ахуырдзауты дзуаппытӕ).

Диссаг у цард,йӕ уылӕнтӕ нӕ райсом кӕдӕм ахӕсдзысты,уый абон бӕрӕг нӕу.Кӕм фӕнды ма уат,Ирыстонӕй макуы стонут уӕ уидӕгтӕ. Архайут ууыл,цӕмӕй ӕгъатырдзинад ӕмӕ ӕнаккаг хъуыд -дӕгтӕн уӕ царды бынат ма уа. Уӕ зӕрдыл дарут: аудындзинад,цӕстуарзондзинад,удыбӕстӕ, алы удгоймагмӕ дӕр уарзондзинад - сты адӕймаджы удварны хӕзнатӕ ӕмӕ сӕ уӕхи хайджын кӕнут.





( 6 слайд)

-Уӕдӕ канд уацмысы сӕйраг хъайтарӕн нӕ сӕххӕст йӕ бӕллиц, фӕлӕ ӕппӕт Ирыстоны адӕмӕн дӕр.

Царды зын уавӕртӕм гӕсгӕ дыууӕ Иры адӕм кӕрӕдзимӕ арӕх не 'фтыдысты. Хӕхты сӕрты сын ӕнцон хизӕн нӕ уыд, уӕлдайдӕр та зымӕджы карзы.

(7 слайд, 8 слайд)

1975 азы Уӕрӕсейы хицауады уынаффӕмӕ гӕсгӕ хохӕн йӕ дыууӕ фарс райдыдтой тъунел къахын ӕмӕ йӕ 1986-ӕм азы фӕхуынкъ кодтой. Хуссар ӕмӕ Цӕгат Иры цӕрӕг адӕмыл сӕмбӕлд, бирӕ азты дӕргъы цӕмӕ бӕллыдысты,уыцы цины хабар - баиу сты дыууӕ Ирыстоны.





Рефлекси.

-Ахӕццӕ кӕнут хъуыдыйӕдтӕ:

1.Абоны урочы ӕз базыдтон…

3.Урокӕй мӕхицӕн райстон…

4.Ӕз бафӕлвардзынӕн…

5.Мӕн бафӕндыд…

6.Зын мам фӕкаст…

7.Мӕ бон сси...

Ныр та алчидӕр йӕ куыстӕн йӕхӕдӕг саргъ кӕнӕд.

(9 слайд)

-Ирон адӕм Хуыцауы сконд адӕм сты.Зӕхмӕ рарвиты уӕларвон цӕрӕг-Лӕгты дзуары,

Табу Йӕхицӕн!

Мах,ирон адӕм, кувӕм ӕм стӕм, кӕддӕриддӕр нын ӕххуысгӕнӕг уӕд! Фыдбылызӕй нӕ хизӕд! Курӕг дзы стӕм,зарӕгмӕ гӕсгӕ ,уӕларвон зӕдты чындзӕх- сӕвы цины зӕлтӕй уӕлӕрвтӕ куыд нӕрыц, афтӕ нӕ Ирыстоны алы къуымтӕй дӕр хъуысӕд ӕцӕг цин -дзинады зӕлтӕ.

Хӕдзармӕ хӕслӕвӕрд:

Нывӕцӕн ныффыссын:«Дзаххойы удварны хӕзнатӕ».

Ууыл нӕ урок фӕци.

Цӕут рӕсугъд фӕндӕгтыл царды,

Уӕ мадӕлты фӕндиаг ут,

Сыгъдӕгӕй,кадимӕ ӕнусты

Уӕ нӕмттӕ фарнимӕ хӕссут!





СТЫР БУЗНЫГ! ХӔРЗБОН!

</<font color="#ff0000"> ЛӔГТЫ ДЗУАР УЕ 'МБАЛ!

ГОМ УРОКМӔ

ПРЕЗЕНТАЦИ





























ИРОН АДӔМЫЛ

СӔМБӔЛД ЦИНЫ ХАБАР-

ДЫУУӔ ИРЫ БАИУ СТЫ.

























Открытый урок по осетинской литературе

СТЫР БУЗНЫГ !

ХӔРЗБОН !

Презентаци бацӕттӕ кодта

Гасситы Фатимӕ



























































































 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал