7


  • Учителю
  • Конспект урока по осетинской литературе

Конспект урока по осетинской литературе

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

Ирон литературæйы урочы конспект урок 10-æм къласы

Темæ: «Æз цард афтæ æмбарын…»

(Мамсыраты Дæбейы радзырдтæ «Аууон» æмæ «Фæсмон»-мæ гæсгæ)


Эпигрæф урокмæ:

Цæргæ дæр лæгау, мæлгæ дæр лæгау!

Цæрæгойы цард нæ, адæймаджы цард!

Нафи

1-аг слайд

1.СКЪОЛАДЗАУТЫ СРАЗÆНГАРД КÆНЫН УРОЧЫ АРХАЙЫНМÆ. (МОТИВАЦИ)

- Уæ бон хорз, мæ æрыгон хæлæрттæ, уырны мæ, абон кæрæдзи кæй бамбардзыстæм, уый.

2- аг слайд (ахуыргæнæг скъоладзауты æргом раздахы фæйнæгмæ)

- Цавæр хъуыдытæ уæм æвзæрын кæны ацы ныв? Адæймаг кæд скæны маскæ? Йе ´цæг цæсгом адæмæй чи æмбæхсы, уыцы адæймаджы куыд хонæм? (козбау)

- Уырыссаг æвзагмæ ма ратæлмац кæнæм ацы дзырд.

2. РАЦЫД ÆРМÆГЫЛ КУСГÆЙÆ, КЪУЫЛЫМПЫТÆ КÆМ ÆЙЙАФЫНЦ, УЫЙ СБÆРÆГ КÆНЫН.

3- слайд

- Дзырд «козбауæн» ирон æвзаджы ис синонимтæ - цурон æмæ дыдзæсгом.

- Абон нæ урочы цæуыл ныхас кæндзыстæм? (козбаудзинадыл, маскæ-фæлгонцтыл)

4 слайд


(ахуыргæнæг скъоладзауты размæ рахæссы урочы темæ æмæ эпигрæф)

- Цавæр бынат æрцахста Дæбе ирон литературæйы? Дæбейы цард æмæ сфæлдыстадæй уæ зæрдыл уавæр цымыдисаг хабæрттæ зонут?

5слайд

(Дæбе уыд ирон фысджыты зынгæдæр æмæ номдзыддæртæй. Йæ курдиат уыд бирæвæрсыг. Йæ курдиат уыд бирæвæрсыг. Куыста алы жанрты: поэзии, прозæ, драмæ. Кодта тæлмац, фæлæ уæлдай ахадындзинад ис йæ радзырдтæн.)

- Цы у радзырд?

- Ирон радзырды дæснытыл ма кæй нымайæм?

- Дæбе стыр хуын бахаста ирон дзырдаивады хæзнадонмæ.(6,7,8 сл.) Мæнæ куыд фыста Джыккайты Ш.

.9-слайд

- Дæбе радзырдтæ «Аууон» æмæ «Фæсмон» куы ныффыста, уæдæй абонмæ раивта 3 фæлтæры, фæлæ уæддæр сты цымыдисаг æмæ нырыккон. Цымæ цæмæн?

(æвдисынц царды æцæгдзинад - адæймаджы ницæйаг удыхъад)

3. ЗЫНДЗИНАД (ЦÆЛХДУР) КУЫД АИУВАРС КÆНÆН ИС, УУЫЛ АХЪУЫДЫ КÆНЫН, ПРОЕКТЫ ХУЫЗЫ ЙÆ ÆРФЫССЫН.(ГИПОТЕЗÆ)

- Нæ урочы нысан цавæр уыдзæн? Цы хъуамæ раиртасæм урочы?

( - Райртасын, Дæбе нæ размæ цы проблемæтæ рахаста, уыдон абон актуалон сты æви нæ?

- Рæстæг аивта, фæлгонц-маскæтæ та куыд аивтой?

- Цæмæн ахуыр кæнæм ацы радзырдтæ, цы нын амонынц?

- Адæймаджы козбау цы скæны?)

10 слайд

Ахуыргæнæг дзуры урочы нысантæ.

  1. Системон -архайдон технологийы бындурыл рартасын радзырды проблематикæ.

  2. Скъоладзаутæн æмбарын кæнын уацмысы аивадон фæрæзтæ æмæ уый руаджы урочы темæ æргом кæнын.

  3. Ахуырдзауты зæрдæты гуырын кæнын æнæуынондзинад фæлывд, гæды æмæ козбаудзинадмæ.

- Рахизæм радзырды проблемæтæ иртасынмæ.

4. ПРОЕКТ БАХХÆСТ КÆНЫН.

- Цы у аууон?

11 слайд

- Радзырды сæйраг архайæг чи у? Йæ сюжет ма йын нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм.

- Чи у Сауаты Гæбил?

12 слайд

- Автор ын ахæм мыггаг цæмæн радта? (сау - талынг)

- Чиныджы-ма ссарут Гæбилы æддаг арфыст.

13 слайд

- Гæбилы миддуне (удыхъæд) та цавæр у?

14 слайд

- Куыд æмбары Гæбил цард? Ссарут-ма уыцы рæнхъытæ чиныджы.

- Гæбилы зондахаст, йæ царды философи у ахæм

(15 слайд)

- Сандыр Гæбилы йæ аууонимæ дзургæ куы баййæфы, уæд ын цы зæгъы? Ссарут-ма уыцы рæнхъытæ чиныджы.

- Сымах разы стут йемæ?

- Цæмæн схуыдта Дæбе йæ радзырд «Аууон»?

- Ахæм фæлгонц саразын фыссæджы къухы цавæр литературон фæрæзы руаджы бафтыд?

(Сатирæйы)

- Гæбилы фæлгонц уæ цæстытыл куыдæй ауад, уый ма аныв кæнут (смайличы хуызы) уæ разы цы сыфтæ ис, уымæн йæ 1-аг фарсыл. (къордты куыст)

16 - слайд

- Удыхъæдæй мæгуыр адæм иууылдæр къаннæг вæййынц? Ацы ныв та уын уæ зæрдыл кæй æрлæууын кодта? (Хæмæтхъаны «Фæсмон»-æй)

- Адæймаг фæсмон цæуыл фæкæны?

- Нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм радзырд «Фæсмон»-ы сюжет.

- Цæмæй хуыздæр бамбарат райкомы кусæг чи уыд, уый тыххæй æркæсæм ацы схемæмæ.

17 - слайд

- Цы аивта дыууæ дуджы иерархийы? (ном)

- Дæбе нын Хæмæтхъаны нæ цæстытыл куыдæй ауайын кодта? Цавæр у йæ сурæт?

18 слайд

- Йæ цæсгомы æрфыст чиныджы ссарут. (Хæмæтхъанæн йе ´ддаг бакастæй йæ миддуне бæрæг нæу, йæ хъуыдытæ æмæ йе ´нкъарæнтæ сты арфдæр æмбæхст)

- Цæмæй Гæбил æмæ Хæмæтхъаны фæлгонцтæ афтæ ирдæй ауайой нæ цæстытыл, уый тыххæй Дæбе спайда кодта аивадон мадзал - портретæй.

19 слайд

- Бакæсæм- ма, цы у портрет?

- Ацы аивадон мадзалæй - ма нæ фысджытæй æнтысджынæй чи пайда кодта?

- Уæ сыфы 2-аг фарсыг сныв кæнут Хæмæтхъаны цæсгом (къордты куыст)

- Цавæр æнкъарæн иу кæны Гæбил æмæ Хæмæтхъаны? (тас)

20 слайд

- Хæмæтхъаны тасдзинад ирддæрæй кæцыран æвдыст æрцыд?

- Хæмæтхъан та куыд æмбары цард? (Раст зæгъынц, фæлæ хицаумæ афтæ бауæнд)

- Цавæр аивадон фæрæзтæй пайда кæны Дæбе йæ радзырдты?

21 слайд

_Базонум-ма, радзырдтæй ист рæнхъытæ цавæр æнкъарæнтæ æвдисынц?

- Дæбе сныв кодта 2 ирд фæлгонцы. Куыд уæм кæсы, æхсæнадæн дзы фылдæр зиан кæцы у?

- Цавæр æнкъарæнтæ уæм æвзæрын кæнынц Гæбил æмæ Хæмæтхъан?

- Ацы радзырдтæй Дæбе цы зæгъынмæ хъавыд, цæуыл нæ ахуыр кæны?


5. ПРОЕКТЫЛ КУЫСТ ЦАС ÆНТЫСТДЖЫН РАУАД, УЫЙ СБÆРÆГ КÆНЫН.

22 слайд.

- Баххæст-ма кæнæм иу цымыдисаг куыст.

23 слайд.

- Дæбе йæ радзырдтæ «Аууон», «Фæсмон» æмæ «Хъæндил»-ы цы фæлгонцтæ сарæзта, уыдон абарæн ис уырыссаг æмæ дунеон литературæйы ахæм сатаирикон фыст уацмысты хъайтартимæ. Уæ зæрдыл цавæр уацмыстæ æмæ хъайтартæ æрлæууыдысты?

- Цы сæ иу кæны?


6. СКЪОЛАДЗАУТЫ ХИБАРÆЙ КУЫСТ; ХИ РАСТ КÆНЫНЫНМÆ КУЫД АРÆХСЫНЦ, УЫЙ СБÆРÆГ КÆНЫН.


- Цæмæй нæ куыст кæронмæ æххæст æрцæуа, уый тыххæй нæ хъайтарты абарын хъæуы абоны цардимæ. Абон не ´хсæн Гæбилтæ æмæ Хæтæтхъантæ æмбæлынц? Арæхдæр кæм æмбæлынц?

- Цард цæуы, дугтæ ивынц, фæлæ бæрнон кусджытæ æмæ се ´ххуысгæнджытæ абон дæр сты. Сæ уавæртæ, сæ куыст фæивта, вæййы сын фембæлдтытæ адæмимæ, рацæуынц комкоммæ эфиры. Ахъуыды-ма кæнут, цавæр фарст сæм радтиккат, цæмæй уын сныв кæна абоны разамонæджы портрет.

- Уæ сыфæн йе 3-аг фарсыл равдисут абоны разамонæджы. (къорды куыст.)

- Кæцы ныв уын хуыздæр рауадис æмæ цæмæн?

- Сывæллæттæ, сомбоны кусæг дæр æмæ разамонæг дæр уе ´хсæн ис, æмæ цы хуызæн хъуамæ уа? Куыд хъуыды кæнут?

- Куыд æмбарут сымах та цард?

7. ÆРМÆГ БАФИДАР КÆНЫНЫЛ КУЫСТ.


Хатдзæгтæ

24 - слайд

Аулæфт

Разминкæ-хъазт «Хорз дукани»

25-слайд

- Дуканигæс æлхæны адæймаджы хорз æмæ æвзæр миниуджытæ, æмæ сæ уæй дæр кæны. Уæхимæ цы миниуджытæ хатут, уыдон ма ныффыссут карточкæтыл. Цы миниуæгæй уæ фæнды февæзын, уый мын рауæй кæнут.Уæ бон у балхæнын , цы миниуæг уæм нæ фаг кæны, уый. (скъоладзауты куыст)


8. ÆРМÆГ КУЫД БАМБÆРСТОЙ, УЫЙ СБÆРÆГ КÆНЫН (РЕФЛЕКСИ).


- Нæ урочы нысан цавæр уыди?

- Сæххæст æй кодтам? Дзуаппытæй дæтгæйæ пайда кæнут ацы хъуыдыйæдтæй.

26-м слайд

9.ХÆДЗАРМÆ КУЫСТ

27 слайд


- Мæ зæрдæмæ фæцыд, куыд куыстой…………..

- ---------- уыдысты активон.

------------кусын хъæуы активонæй дæр.

- Арсæгты Ю. ныффыста диссаджы æмдзæвгæ «Ныхас Дæбеимæ»

28 слайд

- Мæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй царды кæддæриддæр уадзат рæсугъд фæд.

Ууыл нæ урок фæци.







 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал