7


  • Учителю
  • Конспект урока на тему: Кадаг 'Фандыр куыд фазынд'

Конспект урока на тему: Кадаг 'Фандыр куыд фазынд'

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

КАДÆГ

«ФÆНДЫР КУЫД ФÆЗЫНД»

7 кълас

2015

11.09.15.

ТЕМÆ: Кадæг «Фæндыр куыд фæзынд».

НЫСАН: 1.Скъоладзауты базонгæ кæнын Сырдоны фæлгонцимæ. Нарты

кадджыты йын цы бынат ис, ууыл æрдзурын.

2. Фæндыр - адæмы фарн æмæ аивады символ цæмæн у, уый

тыххæй скъоладзауты хъуыды кæныныл бафтауын.

ХЪОМЫЛАДОН ХÆС:Скъоладзаутæм æвзæрын кæнын уарзондзинад æмæ

цымыдисдзинад фольклормæ, фæндырæй цæгъдыны аивадмæ.

ЦÆСТУЫНГÆ ÆРМÆГ: Нарты кадджытæ, хъисын фæндыры макет,

презентаци, кадæг «Фæндыр куыд фæзынд» дискыл фыстæй,

хъисын фæндыры цагъд.

ЛИТЕРАТУРÆЙЫ ТЕОРИ: Фольклор, эпос, драмæ, легендæ, миф.

УРОЧЫ ЦЫД:

«ИУУЫЛ ЦАГЪДЫ КУЫ ФÆУÆМ, УÆДДÆР АЦЫ

ФÆНДЫРÆЙ ЧИ ЦÆГЪДА, УЫМÆН МА УÆД ФЕСÆФÆН.

УЫМÆЙ ЧИ ЦÆГЪДА ÆМÆ МАХ НОМ ЧИ МЫСА, УЫЙ

УЫДЗÆН НÆХИОН»

/Нарты кадджытæ/

  1. Орг. хай.

  2. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.(«Сослан - тыхагур»).

  3. Ног æрмæг. Кадæг «Фæндыр куыд фæзынди».Хъисын фæндыры цагъдмæ байхъусын кæнын скъоладзауты.

ФÆРСТЫТÆ: Цавæр фæндыры цагъдмæ байхъуыстат? Искуы уæ исчи федта ахæм фæндыр? Исчи уæ зоны, фæндыр ирон адæммæ кæд æмæ кæм фæзынд,уый?

Равдисын скъоладзаутæн хъисын фæндыры макет, стæй нывтæ презентацийæ.

Равзарын цитатæйы мидис.

АХУЫРГÆНÆДЖЫ РАНЫХАС.

Нарты кадджыты сæрмагонд бынат ахсы Сырдон. Уый ахæм арвы хин æмæ кæлæн уыд æмæ йын Нарты æхсæн æмбал нæ уыд. Сырдоны хæцæнгарз у цыргъ æвзаг - рæстдзæвин, маргæй - йе 'дзаг, кæддæриддæр хæссы фыдбылыз æмæ маст. Йæ бирæ хабæрттæ йын базондзыстут, Нарты кадджытæ куы бакæсат, уæд.

Æз уын радзурдзынæн иу кадæг Сырдоны тыххæй.

Сырдон иу хæдзары уыд уазæгуаты æмæ йæ схуыссын кодтой тынг уазал уаты,зымæг уыди. Сырдон суазал, рахъавыди кæртмæ рацæуын, фæлæ кæсы, æмæ кæрты дуаргæрон хуыссы дынджыр куыдз. Нæ рауæндыд Сырдон æмæ та йæ уатмæ баздæхт. Æхсæв-бонмæ фæгæртт-гæртт кодта Сырдон. Райсомæй кæсы, æмæ цар халас сæвæрдта.

Уалынмæ хæдзармæ хъæргæнæг æрбахъæр кодта, хъæуы зиан ис, зæгъгæ. Сырдон фысымимæ зианмæ фæцæуæг. Бацыдысты æмæ мæрдадзы лæууынц. Мæрддзыгой устытæй чидæр хъарæг кæны: «Дæ -дæ - дæй, уыцы уазал ранмæ чи цæудзæн».

Уæд Сырдон йæ фысымæн афтæ зæгъы: «Сымахмæ йæ хæсдзысты?». Фысым рамæсты, уый та дын цы ныхас у, зæгъгæ, æмæ йын Сырдон афтæ: «Уæдæ хъарæггæнæг афтæ куы зæгъы, уыцы уазал ранмæ чи цæудзæн, зæгъгæ. Уæд уæ уатæй уазалдæр дунейыл дæр куы никуы ис».

Бирæ алыхуызон кадджытæ æрхæццæ ис махмæ Сырдоны тыххæй, фæлæ сæ тæккæ сæйрагдæр у, абон цы кадæгимæ базонгæ уыдзыстут, уый - «Фæндыр куыд фæзынд».

Ам нын Сырдон æвдыст цæуы бынтон æндæрхуызонæй, ома йе стыр хъыгæй йæ адæмæн ахæм æвæджиауы лæвар чи сарæзта, тъымы - тъымамæ йæ цоты æмæ йæхи чи сæнусон кодта, ахæм зондджын, æрхъуыдыджын, нæртон адæймагæй.

  1. Байхъусын кадæгмæ дискыл фыстæй.

  2. Бакæсын кадæг (сывæллæттæ кæсынц сæхинымæр)

ФÆРСТЫТÆ: Цавæр æнкъарæнтæ уæм сæвзæрд кадæг кæсгæйæ?

Цæмæн бакодта Хæмыц ахæм æвирхъау ми Сырдонæн?

Радзурут Сырдоны æгæрон хъыджы тыххæй, цы хуызы

равдыста йæ зæрдæйы хъыгтæ?

АХУЫРГÆНÆДЖЫ РАНЫХАС.

Фæндыр диссаджы аивад у ирон адæмæн. Кадæгæй куыд базыдтат, афтæмæй Сырдоны фæндыр уыд дыууадæстæнон. Уый фæстæ фæзынди хъисынфæндыр, стæй та, абон цы фæндыртæ ис, ахæмтæ. Уыдон дæр сты алыхуызæттæ ( Презентаци æвдисын)

  1. Хæдзармæ куыст. С тахуыр кæнын кадæг хи ныхæстæй дзырын. Ссарын æрмæг ирон фæндырдзæгъдджыты тыххæй. Тетрæдтæм рафыссын терминтæ фольклор, эпос, драмæ, легендæ, миф цы нысан кæнынц, уый.

  2. Бæрæггæнæнтæ.





 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал