7


  • Учителю
  • Открытый урок по осетинскому языку. Проекты темæ: 'Патриотон хъомыладон урок Бæcты сæрвæлтау'.

Открытый урок по осетинскому языку. Проекты темæ: 'Патриотон хъомыладон урок Бæcты сæрвæлтау'.

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

Патриотон хъомыладон урок Бæcты сæрвæлтау

Зæххыл цы стырдæр тох æрцыди

Гъе уым ирон туг дæр ныккалд….

Проекты хуыз : фæлхат кæныны урок, урок- театрализаци.

Проекты темæ: Плиты Грисы балладæ «Авд цухъхъа»-йы анализ.

Проекты разамонæг: ирон æвзаджы ахуыргæнæг.

Проекты архайджытæ: ахуыргæнæг æмæ скъоладзаутæ.

Ахуыры кар: 8-æм кълас.

  • Проекты хицæндзинæдтæ:

  • проекты фæлгонц- рагон хъисын фæндыры музыкæ, таблицæтæ,рагон предметтæ компьютерыл;

  • рæстæг - цыбыр;

  • мидис- информацион;

  • характеры координацимæ гæсгæ- ахуыргæнæджы æргомдзинад скъоладзаутæм

Проекты нысан:

1)Предметон æмæ предметты 'хсæн:

  • сбæрæг кæнын "Авд цухъхъа"-йы темæ æмæ идейæ;

  • сæвзæрын кæнын скъоладзауты зæрдæты уарзондзинад Райгуырæн бæстæмæ, æнæуынондзинад - знагмæ, фашистон лæгхортæм;

  • æфтауын скъоладзауты ирон æвзагыл дзурыныл, сæхи хатдзæгтæ кæныныл.

2) Метапредметон:

  • коммуникативон- зонын æрæмдзых кусын къорды, зонын равдисын æмæ иргъæф кæнын хи хъуыды;

  • социалон- аразын адаптацион фадаты фæлтæрд царды ивддзинæдтæм цы зонындзинæдтæ ис, уыдоны фæрцы.

3) Удгоймаг:

  • тынгад кæнын бæрн, хæдхъомад, алыфадыгон хъуыдыкæнынад;

  • тынгад кæнын цымыдисдзинад;

    • хъомылад кæнын фæткон ахаст цардмæ куыд иуылбæрзонд хæзна.

Проекты хæс:

  • парахат кæнын коммуникативон æмæ социалон ахадындзинад;

  • æрмæджы зонындзинæдтыл кусын;

  • ахуыр кæнын скъоладзауты цардмæ æргомзæрдæйæ кæсын.

Проекты фæрæзтæ:

  • информацион ( чингуытæ, интернет- фæрæзтæ);

  • буарджын (компьютер, проектор);

  • методикон ( методисты уынаффæ, ахуыргæнджыты æххуыс).

Урок-проекты цыд.

  1. Бацæттæгæнæн хай.

( Хъуысы рагон музыкæ).

Бамбарын кодтон, нæ размæ цы нысан ис, уый.

Плиты Грисы балладæ "Авд цухъхъа"- йы темæ æмæ идейæ равзæрстам.

Скьоладзаутæ дæттынц цыбыр æлвæст дзуæппытæ:

- Цавæр бынат бацахста Плиты Грисы сфæлдыстады хæсты темæ?

( Фыдыбæстæйы Стыр хæст Плиты Грисы сфæлдыстады бацахста стыр бынат . Уыцы темæйыл фыст у "Авд цухъхъа" дæр .)

- Кæд æрбабырстой гермайнаг фашисттæ æмæ цы бакуыстой?

( 1941 азы 22 июны гермайнаг фашисттæ сæ дзырд фæсайгæйæ, æнæнхъæлæджы ныббырстой нæ уарзон Райгуырæн бæстæм. Арæныл ронбæгьдæй цы хъæутæ æмæ горæттæ æрбаййæфтой, уыдон æнцонæй байстой. Бирæты дзы фынæйæ æрбаййæфтой.)

-Чи уыдысты фыццаг фæдисонтæ

(Калмдзæфау фестъæлфыд нæ уарзон Райгуырæн бæстæ. Фæдисы дзæнгæрджытæ цагътой, сидтысты знаджы ныхмæ, тохмæ. Базмæлыд æппæт Советон бæстæ. Уыимæ Цæгат Ирыстон дæр. Фыццаг фæдисонтæ уыдысты нæ фысджытæ. Уыдон сæ фыссæн систæ сæ дзыппыты бафснайдтой, сæ къухмæ уæндонæй райстой хæцæнгæрзтæ, сæрыстырæй айнæг хохау æрлæууыдысты знаджы ныхмæ. Уыдонимæ Плиты Грис дæр. Уый хæсты райдайæнæй суанг 1947 азмæ бирæ ныффыста уыцы æбуалгъ хæсты темæйыл йæхи цæстæй цы федта, йæхи буарыл цы бавзæрста, ахæм цаутæ.)

- Цавæр уыдысты Иры фæсивæд?

( Иры фæсивæд хæцынмæ тынг ныфсхаст æмæ арæхстджын сты, кæддæриддæр æмæ кæмдæриддæр æвдыстой хъæбатырдзинад. Дзæгъæлы не'взæрстой нæ куырыхон хистæртæ æгады царды бæсты мæлæт. Сæ фарн семæ нæ ахастой, ныууагътой йæ сæ фæдонтæн. Уæдæ Ирыстоны хæстхъом чидæриддæр уыд, уыдон ацыдысты хæсты быдырмæ. Бирæтæн дзы бахуыссыд сæ зынг. Уыдонимæ Хъалæгаты фондз æфсымæры, Къуыдзиаты æртæ æфсымæры, Бæройты фондз æфсымæры, Бæлоты æхсæз æфсымæры, Гæздæнты авд æфсымæры.)

- Цы равдыста Плиты Грис йæ балладæ «Авд цухъхъа»-йы?

( Плиты Грис йæ балладæ «Авд цухъхъа»-йы равдыста нæ фæсивæды хъæбатырдзинад, лæгдзинад, сæ цард куыд радтой Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау.

-Уæдæ мадмæ та цавæр цæстæй кæсут, ницы йæм арут хъæбатырдзинадæй ?

(Мад равдыста стыр хъæбатырдзинад. Уыд фæлмæнзæрдæ, фæлæ хъæддых.)

(Мæ зæрдмæ цæуы, мад йæ уарзон хъæбултæй алкæмæн дæр йæ миниуджытæ куыд зыдта, уый.)

  1. (Скъоладзаутæ æвдисынц цыбыр театрализаци).

Цыбыр равдыст райдыдта авторы аив зæрдæмæхъаргæ ныхæстæй.

Арф Куырттаты комы дуарыл Саргъæй хъæугæрон æрхиз- Къулыл иу ныллæг хæдзары Ауыгъд авд цухъхъайы ис.

Уыцы рæстæг къулыл цы авд цухъхъайы ауыгъд уыд, уыдоны размæ уæззау кьахдзæфтæй рацыд саударæг мад. Æрлæууыд дæрддзæфгомау, йе'ргом аздæхта авд цухъхъамæ æмæ зæрдæхалæн хъарæгй райдыдта:

Уæ мæ рогбазыр цæргæстæ, Æз уæ ныййарæг куы дæн. Иунæг уæ йæ хабар хæстæй Уæд куыд нæ зæгьы мæнæн?.. Кæд къуырийæн дæр йæ бонтæ Мах фыдæнæн фесты авд? Авд хъæбулы мын хæстонтæй Бонгай хæст куы фæци давд.

Дарддæр хъуысы авторы хъæлæс. Уыцы рæстæг мад бацыд фыццаг цухъхъамæ, адджын хъæбыс ын ныккодта, райдыдта цухъхъа ризгæ къухтæй дауын æмæ бадзуры фæлмæн хъæлæсæй:

Уæ мæ фыццаг хур, дæ мæлæт Никæд бауырндзæни мæн...

Мады ныхæстæ куы фесты, уæд уæртæ кæцæйдæр (ширмæйы фæстæ) райхъуыст скъоладзауы хъæлæс:

Уæ мæ хæстæфхæрд ныййарæг. Ма кал ма мæныл цæссыг Мауал кæн мæ фæдыл хъыг. Ды мæнæй фæдæ æдарæг: Æз лæг нал дæн, фæлæ-рыг.

Хатдзæгтæ.

(Раттын сæйраг фарста).

- Цы базыдтам мах абон Ирыстоны кадджын фæсивæды тыххæй?

Скъоладзаутæ:

1.- Зын уавæры бахаудысты Гæздæнты авд æфсымæры.

2.- Цардхъуагæй балцы ацыдысты дзæнæты фæндагыл.

3.- Сæ фæстæ баззад стыр фæд.

4.-Бирæ азты дæргъы уыдзысты ирон адæмæн ныфс æмæ фарн.

Бæрæггæнæнтæ.

Хæдзармæ куыст: ныффыссут цыбыр нывæцæн нæ кадджын фæсивæды хъæбатырдзинадыл.






 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал