7


  • Учителю
  • К юбилею А Токаева и Х.Дзаболаты

К юбилею А Токаева и Х.Дзаболаты

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

Рацæуынц архайджытæ сценæмæ . Музыкæ.

1. Зарæг нывæндгæйæ,

Зæрдæ цæмæн риссы?

Хорз зарæг афтæ арф

Риумæ цæмæн хизы? /Дзаболаты Хазби

2. Ацы аз у юбилейон ирон литературæйы.Дыууæ ирд стъалы Дзаболаты Хазби

æмæ Токаты Алиханæн- 85 азы æмæ 115 азы.Бирæвæрсыг у се сфæлдыстад.



3. Ирон литературæйы зынгæ бынат ахсы зындгонд поэт ДЗАБОЛАТЫ Хазбийы

сфæлдыстад. Фидæны стыр поэт райгуырд 1931 азы, 16 апрелы Ногхъæуы. Уым

скъола каст фæуыны фæстæ службæ кодта Æфсады рæнхъыты.



4. 1960 азы Дзаболаты Хазби ахуырмæ бацыд Мæскуыйы Максим Горькийы номыл

Литературон институтмæ æмæ йæ каст фæцис æнтыстджынæй.



5. Царды стыр фæлтæрддзинад райсыны фæстæ Хазби йе 'ппæт цард дæр снывонд

кодта поэзийæн. 1969 азы æнæнхъæлæджы йæ цардæй ахицæн ирон поэт,

фæцис йæ зæххон биографи æмæ райдыдта йæ цард дзыллæйы зæрдæйы .



6. Цы бирæ хъæздыг поэтикон бынтæ ныууагъта, уыдон адæм нымайынц стыр

хъæздыгдзинадыл æмæ йын йæ ном алкæддæр æрымысынц стыр æхсызгонæй,

зæрдиагæй кæсынц йæ уацмыстæ дæр.

7. Æмдз. «Чызджы сагъæс»/

1. Сылгоймаг- æрдзы сфæлдисонты хуыздæр. Уый у царды уæздандзинад, амонды

райдайæн зæххыл. ТАНЕЦ

2.Ирон дзырды дæсныты сфæлдыстад сылгоймаджы систа йæ тæккæ уæлдæр

цъуппытæм.Уыдонимæ Токаты Алихан дæр.

3. «Сылгоймаг» Токаты А./

4. Токаты Алихан райгуырди 1893 азы Ирыстоны рæсугъддæр кæмттæй иуы - Дæргъæвсгомы, мæгуыр зæхкусæг бинонты æхсæн. Каст фæци йæ райгуырæн хъæуы дины райдиан скъола. 1913 азы йæ фыдыфсымæр Темырболаты æххуысæй бацыди Бакуйы денджызы съоламæ.

5. Алихан фыссын райдыдта 1910 азы.

6. Лæппу уыди тынг зæрдæргъæвд .Алиханæн йæ уæды тетрæдты ссарæн ис æмдзæвгæты рæнхъытæ, нывтæ.Алихан хорз зыдта ирон фæндырæй ,гитарæйæ , балалайкæйæ æмæ скрипкæйæ цæгъдын.

7. Токаты лæппуйы сфæлдыстадон фæндагмæ куы акæсæм, уæд нæ фидарæй уырны, Алихан ирон поэзийы адмирал кæй у, уый - фыста поэт Дзуццаты Хадзы-Мурат.



1.Автор поэзийы объектæн райста,ирон адæм незамантæй фæстæмæ кæй зонынц,

сæ зонды чи ныффидар,фыдæлтыккон таурæгъæй нæм чи æрцыди,уыцы

«цыкурайы фæрдыг»

2. «Цыкурайы фæрдыг»./

3. Цыкурайы фæрдыг у лæджы идеал,цæроæнбонты бæллиц,фæлтæрты зонд æмæ зæрдæйы рухс. Уый у дзыллæйы амонд.



4.Зарæг «Цыкурайы фæрдыг»



 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал