7


  • Учителю
  • «…Æмбæлтты фарнæй хох дæр нæры, Æмбæлтты фарсмæ амонд цæры…». Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ. 6-æм кълас.

«…Æмбæлтты фарнæй хох дæр нæры, Æмбæлтты фарсмæ амонд цæры…». Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ. 6-æм кълас.

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

































Гом урочы темæ:

«…Æмбæлтты фарнæй хох дæр нæры,

Æмбæлтты фарсмæ амонд цæры…»



Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ.



6-æм кълас.

























Урочы темæ: …Æмбæлтты фарнæй хох дæр нæры,

Æмбæлтты фарсмæ амонд цæры…

Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ.

Урочы нысан:

  1. Уацмысыл æнцойгæнгæйæ равдисын, цы у æцæг æмæ мæнг хæлардзинад.

  2. Проблемон уавæрты фæрцы ахуыр кæнын скъоладзауты хи хъуыдытæ æргом кæныныл, хибарæй кусыныл.

  3. Ныхасы рæзтыл бакусын.

Техникон фæрæзтæ: интерактивон фæйнæг,компьютер

Цӕстуынгӕ ӕрмӕг: Мамсыраты Дӕбейы портрет, карточкӕтӕ.

Урочы эпиграф:

«Ӕрдхорды ӕххуыс бахъуаджы сахат ахады».

Ирон ӕмбисонд.

Урочы цыд:

I.Бацæттæгæнæн рæстæг.

Хӕдзармӕ куыст сбӕрӕг кӕнын.

- Уæ бон хорз, сывæллæттæ.

-Абон нæм урокмæ æрбацыдысты уазджытæ æмæ уыдонæн дæр зæрдиагæй салам раттут.

- Нæ урок райдайдзыстæм хæдзармæ куыст сбæрæг кæнынæй. Нæ зæрдыл æй æрлæууын кæнæм.

- Цы уын уыд хæдзармæ куыст? (Хæдзармæ куыст нын уыдис бакæсын Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд», сбæрæг кæнын дзырдтæ æрдхорд æмæ мæнгарды нысаниуджытæ. 1-аг къорд хъуамӕ бацӕттӕ кодтаид мӕнгарды тыххӕй, 2-аг къорд та - ӕрдхорды тыххӕй.

1-аг къорд. Мæнгард - клятвопреступник, бесчестный. Йæ ардбахæрд чи фехæлдта. Мæнг - синоним сайд, арæзт у ирайнаг дзырд манг-æй. Нысан кæны сайд.

2-аг къорд.Æрдхорд - ард хæрынæй. Ард у ирайнаг дзырд арта-йæ. Ард хæрын баст у, нæ фыдæлтæ ацы æгъдау куыд æххæст кодтой, уыимæ. Зæгъæм, Нарты Батрадз сомы кæны зæххæй æмæ йæ бахордта. Ард фæхæрынц цæххæй, къæбæрæй. Йæ синонимтæ-æмгар, æмбал.

- Тынг хорз сын сбæрæг кодтат сæ нысаниуджытæ. Зæгъут-ма, цавæр дзырдуатæй спайда кодтат?

- Уæдæ ма ахъуыды кæнут æмæ зæгъут, цымæ нæ урочы цæуыл æрныхас кæндзыстæм. ( - Нæ урочы дзурдзыстæм ард бахæрд æмæ йæ фæсайдыл, æрдхорд æмæ мæнгардыл).



II.Эпиграфимæ куыст. Равдисын интерактивон фæйнæгыл урочы темæ ӕмӕ эпиграф.

-Нæ абоны урокмæ эпиграфæн райстон ирон æмбисонд(ахуыргæнæг кæсы æмбисонд).

-Куыд æмбарут ацы æмбисондæн йæ хъуыды?

- Урочы кӕрон мын зӕгъдзыстут, куыд сӕ бамбӕрстат, уый.

III.Къордты куыст(кълас дихгонд цӕуы 2 къордыл)

- Сывæллæттæ, цæмæй нæ урок равзарӕм, уый тыххæй нæ хъæуы къордты куыст бакӕнын.

Къордты куыст. Сывæллæтты раз æмбисæндты чингуытæ. Иу къорд фыссы æмбисæндтæ æрдхорды тыххæй, иннæ къорд та- мæнгарды тыххæй.

Фыццаг къорды æмбисæндтæ.

Дыккаг къорды æмбисæндтæ.

- Бузныг, хорз бакуыстат. Нæ рагфыдæлтæй нын цы бирæ фæрнджын æгъдæуттæ баззад,уыдонæй иу у æмгардзинад, æрдхорддзинад. Тынг бæрзонд æвæрд сæм уыд,æмæ йын уæлдай стыр аргъ кæй кодтой, уый бæрæг у сæ карз сомы æмæ ардбахæрдæй дæр: «О Хуыцау! Æмгары фыдæхæй нæ бахиз!» Фæлæ,цымæ,сымах та æрдхорд,æмгар куыд æмбарут, раст аргъ кæнын ын зонут,уый сбæрæг кæндзыстæм.



IV.Тексты мидис ӕвзарын.

- Уацауы сюжет цыбыртæй радзурæм. Дзуапп дæтты иу скъоладзау.

- Бакæсæм чиныджы 253-æм сыфыл Беджы дзуапп Викторы фарстæн. Куыд уæм кæсы сымахмæ та, кæм фæрæдыд Виктор?

Скъоладзауты дзурынц.

- Виктор раст нæ бакодта,Малхаз тамако дымы,уый кæй басусæг кодта,уымæй. Малхазы рæдыд афоныл куы схъæр кодтаид,уæд ахæм фыдбылыз не рцыдаид,æмæ Малхаз дæр сайыныл нæ фæцахуыр уыдаид.

- Æцæг æрдхорд æз уый нæ хонын,æмæ дын дæ рæдыд чи æмбæхса,фæлæ дын дæ рæдыд сраст кæнынæн чи баххуыс кæна цыфæндыйæ дæр.

- Мæнæ не мбæлттæй дæр чидæртæ фембæхсынц,уроктæй чи алидзы, уыдоны,фыдуаг митæ чи фæкæны, уыдоны.Уымæй сæ рæдыд фæндагыл æрлæууынмæ кæй схойынц, уый не мбарынц.

- Виктор зæрдæхудтæй тарст, йæ ардбахæрд куыд фехала,уымæй тарст. Фæлæ уый цæй æрдхорд у: де мбал рæдийы, ды та йæ æмбæхсыс йæ ныййарджытæй, йæ ахуыргæнджытæй. Фæлæ йæм ахæм хъару разынд, æмæ Малхазы хабæрттæ радзырдта.

- Уæдæ Виктор мæнгард у?

- Виктор мæнгард нæу. Мæнгард куы уыдаид,уæд ма ноджы Малхазы ардыдтаид æвзæр митыл.Уый та йын дзырдта, цæмæй йæ тамако дымын ныууадза ,цæмæй, мусонг уый аххосæй кæй ссыгъд,ууыл дæр басæтта.Нæ фæндыд Викторы Малхазы æвзæр.Æмæ йæ ардбахæрд дæр Малхазы хорзæн фæсайдта.

- Амæй размæ ахуыр кодтам Нигеры таурæгъ «Уæхатæджы фырт чысыл Гуыйман».Уым мæнгард æрдхорд разынд Хъасбол. Уый комдзогæй рацыд Гуыйманыл. Гуыйман уымæй сæрæндæр кæй у,уый йын æнцой нæ дæтты, цалынмæ йæ нæ амардта, уæдмæ. Викторы та Малхазы хорз фæнды.

- Куыд уæм кæсы, Малхаз йæ митыл фæсмон фæкодта æви нæ?

Дзуапп. Мæнмæ гæсгæ,Малхазмæ фæсмон æрцыд. Мæн уырны, хорз лæппу дзы кæй рауайдзæн.Къостайы загъдау, « лæппуйæ рæдийаг нæ вæййы æвзæр».Викторимæ та сæ хæлардзинад кæй нæ фехæлдзæн.

- Сымахæй, сывæллæттæ,Малхаз кæнæ Викторы уавæры искуы исчи бахауд?

Скъоладзауты дзуаппытæ.



V. Аулæфт.



VI. Тест саразын сыфтыл.Цы-иу куыстой Малхаз ӕмӕ Бесӕ быдыры?

а ) фос-иу хызтой;

ӕ ) аргъӕуттӕ-иу дзырдтой;

б ) чиныджы-иу ын кастис;



2. Мусонг цӕй аххосӕй ссыгъди?

а ) чидӕр ыл барӕй бандзӕрста;

ǽ ) тамако тӕрхӕгӕй рахауд;

б ) спичкӕйӕ чидӕр хъазыд;



3. Бесӕ цӕмӕй фӕцӕф?

а ) чидӕр ӕй багӕрах кодта;

ӕ ) топпы цы гилдз баззад, уымӕй;

б ) артӕй басыгъд;



4. Мусонг кӕй ссыгъд, уым аххосджын уыдис:

а ) Дзигула;

ǽ ) Виктор;

б ) Малхаз;



5. Малхаз йӕхи куыд дары Мусонг басыгъды фӕстӕ?

а ) куыд дардта, афтӕ;

ӕ ) хуыздӕр ахуыр кӕнын райдыдта;

б ) йӕ ахуыр фӕцауддӕр, цӕмӕйдӕр тыхсы;



6. Цӕй тыххǽй нӕ хъӕр кӕны Виктор Малхаз тамако кӕй

дымы, уый?

а ) уымӕн ӕмӕ дзы тӕрсгӕ кӕны;

ӕ ) ард ын кӕй бахордта, уый тыххӕй;

б ) уымӕн ӕмӕ йын ницы уӕлдай у;



7. Виктор ӕцӕг ӕрдхорд кӕй у, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

а ) алы хатт дӕр вӕййынц иумӕ;

ӕ ) сыхӕгтӕ кӕй сты, уымǽй;

б ) рӕстдзинад радзургӕйӕ йе`рдхордӕн йӕ уавӕр фӕрогдӕр кодта;

VII. Хатдзӕгтӕ. Рефлекси.

-Ацы урочы уӕ ногӕй чи цы базыдта?

- Сывæллæттæ,нæ абоны урокæй цавæр хатдзæгтæ скæндзыстут,исты пайдайаг уын фæци æви нæ?

- Ацы урок мæнæн мæ зæрдæмæ фæцыд,æз бамбæрстон,æцæг æмбал цавæр хъуамæ уа,уый.

- Æз та мæхицæн Викторы хуызæн æрдхорд агурдзынæн.

-Æз та архайдзынæн,цæмæй мæхæдæг уон Викторы хуызæн æцæг æмбал искæмæн.



VIII. Кӕронбӕттӕн.

- Нӕ абоны урокӕн мӕ кӕронбӕттӕн скӕнын фӕнды таурӕгъӕй. Байхъусут ма йӕм.

Дыууӕ ӕрдхорды.

Уыдис дыууæ æрдхорды. Кæрæдзиуыл уыдысты тынг æнувыд мадызæнæг æфсымæртау - Хетæг æмæ Батырадз. Иу заман Хетæг бахауд стыр фыдбылызы - ссуд ын кодтой æртын азы ахæстоны фæбадын, стæй йын æрхаудта фынддæс азмæ, æмæ фынддæс азы фæбадтис ахæстоны. Фынддæс азы фæстæ куы рацыд ахæстонæй, уæд мæ йæ мад æмæ йæ фыд амардысты æмæ йын йæ хъæуы ничиуал уыдис. Йæхицæн загъта: « Уæддæр мæ хъæуы мæнæн ничиуал ис æмæ цон æмæ фæцæуон меʼрдхордмæ». Йеʼрдхорд Батырадз цардис хъæздыг. Бахæццæ йеʼрдхорды кæртмæ, бахоста дуар æмæ йæм ракастис Батырадзы бинойнаг. Дуар куы байгом, уæд Хетæг хæдзары ауыдта йеʼрдхорды аууон, фæлæ йæм уый æддæмæ нæ ракаст. Йæ бинойнаг загъта, ам нæй, зæгъгæ, мидæмæ дæр ын нæ загъта, афтæмæй. Рацыд уырдыгӕй æнкъард æмæ сæргуыбырæй, ацы хъæуы дæр мын бынат нæй, зæгъгæ, кæдмæ меʼрдхорд нæ бахуыдта, уæд. Хъæуыбынмæ куы ныххæццæ, уæд ыл амбæлд иу мæгуыр ус æмæ йæ фæрсы, цы кæныс, лæппу, цæй æнкъард дæ? Лæппуйын радзырдта кæрæй-кæронмæ йæ хабæрттæ, æмæ йын ус загъта.

-Æз дæр дæн иунæг, ничи мын ис æмæ кæд æрвæссыс, уæд цом мемæ æмæ мын фырт уыдзынæ.

Лæппу сразыис. Ацыд мæгуыр усы хæдзармæ æмæ цæрынтæ байдыдта йемæ. Цасдæры фæстæ æрхаста бинонтæ, фæлæ йеʼрдхордмæ нæ фæдзырдта чындзæхсæвмæ, стæй та йын райгуырд лæппу, æмæ та ацы хатт дæр нæ фæдзырдта йеʼрдхордмæ. Фæлæ йæм уый йæхæдæг æрбацыд. Куывды адæмы цурмæ куы бацыд Батырадз, уæд ракуырдта нуазæн æмæ загъта: «Хетæг уыд æмæ у мæ хуыздæр æрдхорд - æфсымæр, зындзинады куы бахауд, æртын азы йын куы стǽрхон кодтой, уæд ын баххуыс кодтон æмæ дзы фæбадтис ǽрмǽст фынддæс азы. Куы рацыд æмæ мæ хæдзармæ куыʼрбацыд, уæд æм нæ рацыдтæн, уый тыххæй, æмæ мæ хæдзары цæргæйæ,кодтаид æфсæрмы, ницы бакуымдтаид. Фæлæ йын йæ размæ арвыстон мæ мады æмæ нырдæр цæры уыимæ, стæй та йын, цæмæй хорз бинонтæ уа, уый тыххæй йæ сæмбæлын кодтон мæ хоимæ æмæ ныртæккæ йæ бинойнаг чи у, уый у мæ хо. Уыцы æртæ хорздзинады йын мæ бон уыд ракæнын, æмæ йын сæ бакодтон»…

Уæдæй фæстæмæ дыууæ æрдхорды ноджыдæр балымæн сты.



- Стыр бузныг, сывæллæттæ.Æгайтма уæ чысыл зæрдæтæ тырнынц рæсугъд æнкъарæнтæм.Æмæ та дæнцæгæн нæ буц фыдæлтæм аздæхæм. Уыдонæй нæм æрхæццæ сты ацы ныхæстæ: «Мулкмæ макуы бахæлæг кæн,мулк у хъæды сыфтæрау. Уалдзæг рæсугъд у, фæлæ фæззæг азгъæлы».Уый æмбæрстой нæ хистæртæ,æмæ сæ цæсты мулкæй кадджындæр уыди æрдхорддзинад. Уыдон сæхицæн агуырдтой ахæм æмбæлттæ, кæцытæм лæгдзинад, æхсар, æгъдау уыдысты бæрзонд æвæрд.Нæ хистæртæн-иу сæ ахсджиагдæр куывд уыдис «Æмгарджын у!» Æмæ уын æз дæр уыцы арфæ кæнын. Æмгарджын куы уат, уæд уæ фарнæй хох дæр нæрдзæн.уæ фарсмæ та амонд цæрдзæн.



(Фæйнæгыл эпиграфимæ куыст).

…Æмбæлтты фарнæй хох дæр нæры,

Æмбæлтты фарсмæ амонд цæры…

Саразын цыбыр беседӕ.

Сæвæрын бæрæггæнæнтæ.

IX. Хæдзармæ куыст.

Уæ хъуыдытæ сочиненийы хуызы ныффыссут. Йæ раргом кæнынæн уын баххуыс уыдзæн ирон æмбисонд: «Сайаг адæймаджы фæндаг бирæ нæ хæссы»

Мæ зæрдæ уын зæгъы, æнтыстджынæй куыд бакусат хӕдзары, уый. Ныр та уе 'ппæтæн дæр стыр бузныг, тынг хорз бакуыстат абон урочы.

Хæрзбон!







5



 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал