7


  • Учителю
  • Урок Глагол- как часть речи (6 класс)

Урок Глагол- как часть речи (6 класс)

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

6 кълас

Урочы темæ: «Æмæ та ногæй цъæх уалдзæг æрцыд».

Грамматикон темæ: Мивдисæг куыд сæрмагонд ныхасы хай.

Урочы нысан: 1.Æрдзурын мивдисæджы нысаниуæгыл.

2. Бакусын дзургæ æмæ фысгæ ныхасы рæзтыл.

3. Аив дзырды руаджы ахуыр кæнын æрдзы рæсугъддæр æнкъарæнтыл.

Урочы цыд:

  1. 1. - Бацæттæгæнæн рæстæг. - Уæ бон хорз, сывӕллӕттӕ! Уалдзӕг ралӕууыд ӕмӕ дуне йӕ мидбылты бахудти. Уалдзӕг нын йемӕ ӕрхаста ног тыхтӕ, цин ӕмӕ фарн. Цард дӕр йӕ мидбылты бахудти ӕмӕ махӕн дӕр цинӕй нӕ зӕрдӕтӕ байдзаг сты.

Ӕмӕ уӕдӕ ацы уалдзыгон бон, цӕмӕй ноджы рӕсугъддӕр ӕмӕ хъӕлдзӕгдӕр ӕнкъарӕнтӕй байдзаг уой нӕ зӕрдӕтӕ, ууыл бацархайдзыстӕм нӕ урочы.

2. - Сывӕллӕттӕ х/к уын уыди,ӕппӕты рӕсугъддӕр афӕдзы афон - уалдзӕджы тыххӕй цалдӕр хъуыдыйады ныффыссын.

- Чи бакӕсдзӕн йӕ хъуыдыйӕдтӕ?





- Ссар ма дӕ хъуыдыйӕдты дзырдтӕ, кӕцытӕ дзуапп дӕттынц фӕрстытӕн - цы ми кӕны? цы кӕны?





  1. 1. - Нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм Уырымты Петяйы æмдзæвгæ «Уалдзæг».

Хуссӕртты миттӕ ӕртадысты,

Быдыр гӕзӕмӕ фӕцъӕх.

Хъарм бӕстӕй мӕргътӕ ӕртахтысты,

Ногӕй та сулӕфыд зӕхх.

Бӕлас фӕхъал и йӕ къуыбӕрттӕй.

Хъуысы нӕ дӕтты сӕр-сӕр.

Дымгӕ ыскъӕфы нӕ быдыртӕй

Тракторы араугӕ хъӕр

2. - Цавæр афæдзы афоны кой дзы цæуы?

- Æмдзæвгæйы ис ахӕм рӕнхъ: «Хъарм бæстæй мæргътæ æртахтысты».

- Чи мын зæгъдзæн Ирыстонмæ уалдзæджы хъарм бæстæй цавæр мæргътæ æрбатахынц?

- Сывæллæттæ, сымах та мæргъты æрбатæхынмæ та уæхи куыд цæттæ кæнут?

- Цæмæй цæуы уæ зæрдæмæ уалдзæг?





4. - Фæйнæгмæ ма ракæсут æмæ ахъуыды кæнут. Алы маргъæн дæр ма йæ архайд æвдисæг дзырд ссарæм.

- Дзывылдæр цы ми кæны?

- Сауцъиу …..?-

- Зæрватыкк….?

5. - Цавæр ныхасы хай домы фæрстытæ цы ми кæны? цы кæны?

- Куыд æй бӕрӕг кæнæм хъуыдыйады мидæг?

6. - Сывæллæттæ уæ разы ис æмдзæвгæйы текст. Уæхинымæр ма йæ иу хатт бакæсут æмæ дзы ссарут мивдисджытæ - сбӕрӕг сæ кæнут.

- Ныр та ма фæйнæгмæ ракасут æмæ сæ бакæсæм.

- Уæдæ ма иу хатт нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм цы хонæм мивдисæг?





  1. Цавæр ныхасы хаимæ баст вæййы мивдисæг?

- Цы хонæм номдар?

- Цавæр ныхасы хай ма зонут?

- Цы хонæм миногон?

2. Фæнды йæ цæмæй мах ахъазæм хъазт - «Чи тагъддæр» - ныффысса мивдисджытæ уый рамбулдзæн(хъазт цæуы æртæ къордæй, алы къорд дæр хъуамæ ныффысса 6 мивдисæджы).

  1. Тетрæдты куыст.

Фыссынц нымæц. Къласы куыст.

Дзырдуат:

Фæйнæгыл æвдыст цæуы нывтæ. Скъоладзаутæ та сæ дзурынц æмæ фыссынц тетрады.(æрдз, уалдзӕг, дзывылдар, сауцъиу, зæрватыкк, джыджыны, малусæг).

2. - Цавæр мивдисджытимæ сæ ис бабæттын (райхъал, ралæууыд, æрбатахт, бады зары, ракалдта, фæзынд).

  1. 1. Хъазт. Фæйнæгыл нæ æрæмбырд кæнын хъæуы дыууæ дидинæджы.

Фыццаг къорд æмбырд кæны дидинæджы сыфтæ - номдартимæ. (хур, бон, бæстæ, мæргътæ, кæрдæг)

Дыккаг къорд та - мивдисджытимæ. (тавы, фæдаргъ, фæцъæх, æртахтысты,фæзынд, зары).

Скъоладздаутæ иугай цæуынц æмæ æмбырд кæнынц дидинæг.

Фыццаг кæцы къорд æрæмбырд кæнæ йæ дидинæг уыцы къорд рамбулдзæн.





2. - Ныр та ма зæгъæм нæ мивдисджытæ цавæр номдартимæ баст сты уый.

Тавы цы? хур

Фæдаргъ цы? бон

Райхъал цы? бæстæ

Æртæхынц цы? мæргътæ

Фæцъæх цы? кæрдæг

Фæзынд цы? малусæг

Зары цы? цъиу

  1. Чиныгимæ куыст (68 фарс, 233 фæлтæрæн)

  2. Физминуткæ.

Номдартæ- сæ галиу къухтæ хæрдмæ систой.

Мивдисæг - дидинæг равдыстой.

  1. Уæлдай дзырд.

  2. - Сывæллæттæ абон мах дзурæм уæлдзæгыл. Уалдзæджы цавæр бæрæгбон фæбæрæг кæнæм?

- Мадимæ баст сты нæ царды рæсугъддæр бонтæ, нæ зæрдæйы æхсызгондæр мысинæгтæ. Мады фаг хорздзинæдтæ ацы зæххыл нæй.

X. - Абон нæ урочы арфдæр æрдзырдтам мивдисæгыл.

- Уæдæ ма зæгъæм цы хонæм мивдисæг?

2. - Абон урочы хорз куыстой (лæв.кæнын 5)

3. Х/к фæнысан кæнын боныгты - æмбисонд.

4.- Нæ урок баст уыдис уалдзæгимæ, мадимæ. Æмæ мæ фæнды сымахæн раарфæ кæнын. Уалдзæджы рæсугъддзинæдтæй хайджын ут, уæ мадæлты фæндиаг байрæзут. Ирыстонæн фæзминаг хъæбултæ куыд уат.

- Нæ уазджытæн та бузныг зæгъæм нæ урокмæ нын кæй саккаг кодтой.



 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал