7


  • Учителю
  • Открытый урок на тему: Хуымæтæг æмæ вазыгджын мивдисджытæ.

Открытый урок на тему: Хуымæтæг æмæ вазыгджын мивдисджытæ.

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

Тема: Хуымæтæг æмæ вазыгджын мивдисджытæ.

Урочы нысантæ:

  1. Бацамонын скъоладзаутæн хуымæтæг æмæ вазыгджын мивдисджытæ иртæсын сæ кæрæдзийæ.

  2. Скъоладзауты райдайын цæттæ кæнын нывæцæн «Уарз æмæ хъахъхъæн æрдз» фыссынмæ.

  3. Диалог сфæлхат кæнын.

  4. Скъоладзауты ахуыр кæнын бæрнон цæстæй кæсын æрдзмæ æмæ йæ хъахъхъæнын.

.

Урочы цыд.

«Ахыргонд лæг æппæты фыццаджыдæр йæ мадæлон æвзаг базоны,

стæй уый фæстæ та иннæ адæмты æвзæгтæ.

Ирон фæсивæд иннæрдæм та:

адæмты æвзæгтæ базоны,фæлæ йæхи æвзаг - нæ.»

Нигер.









Ахуыргæнæджы ныхас.

-Абоны мах равдисдзыстæм нæ зондзинæдтæ ирон æвзагæй, сфæлхат кæндзыстæм мивдисæг, базонгæ уыдзыстæм хуымæтæг æмæ вазыгджын мивдисджытимæ. Ноджыдæр ма ацы урочы нæхи цæттæ кæндзыстæм нывæцæн фыссынмæ «Уарз дæ мадæлон æвзаг» ахæм темæйыл, Сфæлхат кæндзыстæм диалог цы у, уый.



Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

Хæдзармæ уын лæвæрд уыди:

  1. Ныффыссын фынддæс мивдисæджы сæ фæрстытимæ.

  2. Зæрдыл æрлæууын кæнын мивдисæгæй рацыд æрмæг.

Фæрстытæ: - Цы хонæм мивдисæг?

Мивдисæг у ахæм ныхасы хай, кæцы фæбæрæг кæны предметтæн йæ архайд æмæ дзуапп дæтты фæрстытæн цы ми кæны? Зæгъæм: бады, дзуры,лæууы,кафы…



-Цал афоны ис мивдисæгæн?

Мивдисæг ис æртæ афоны: нырыккон, ивгъуыд æмæ суинаг. Загъæм: дзурын н. аф.; дзырдтон ив. аф.; дзурдзынæн (суин. аф.)

-Цал цæсгомы ис мивдисæгæн?

(Мивдисæгæн ис æртæ цæсгомы: æз, ды, уый, мах, сымах, уыдон).

-Цавæр хъуыдыйады уæнг вæййы мивдисæг?

(Мивдисæг хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ у зæгъинаг).

-Цавæр ныхасы хаимæ баст у хъуыдыйады? (Номдаримæ).



Ног æрмæг.

-Ныффыссут уæ тетрæдты абоны нымæц, урочы темæ æмæ абон дарддæр зонгæ кæндзыстæм мивдисæгимæ.

-Ныр бакæсæм диалог. (Скъоладзаутæ рольтæм гæсгæ кæсынц диалог).



Фарст: - Диалог та цы у?

(Диалог у дыууæ кæнæ фылдæр адæймаджы ныхас).

-Чи растдæр загъта лæппутæй?(Чермен)

-Æцæгæйдæр, скъоламæ чи цæуы, уыдон иууылдæр хорз ахуыр кæнынц?

Ахуыргæнæг: - Цæмæй урочы сæйраг хъуыды бамбарай, уый тыххæй хъæуы ахуыргæнæгмæ хъусын æмæ уыцы сæйраг хъуыды рацыд æрмæгимæ, кæнæ цардимæ сбæттын.

Хæс: - Рафыссут диалогæй дыгай дзырдтæй арæзт мивдисджытæ (ахуыр кæнын, рацу - бацу кæнын).

Фарст: - Скъоладзаутæ, иуæй - иу мивдисджытæ дыгай дзырдтæй арæзт сты, цымæ цæмæн? (Уымæн æмæ уыдон сты вазыгджын мивдисджытæ).

Ахуыргæнæг:

Раздæхæм нæ эпигрæфмæ. Куыд уæм кæсы,цæмæн загъта Нигер ахæм ныхæстæ? Нæ фæссивæды нæ хъæуы нæ мадæлон æвзаг? (Скъоладзаутæ дæттынц сæ дзуаппытæ). Нæ эпигрæфы ис мивдисджытæ?

- Уæдæ нæ бон у ахæм хатдзæг скæнын: иу дзырдæй арæзт мивдисджытæ: цæуын, хъусын,сты хуымæтæг.

Цалдæр дзырдæй арæзт мивдисджытæ та сты вазыгджын : ныв кæнын, дæлæ - уæлæ кæнын, æхситт кæнын.

Дзырдуатон куыст.

(Бакæсын фæйнæгыл фыст дзырдты нысаниуæг)

Цырын кæнын - побуждать.

Ныффæсус уын - потерять голос.

Тæрхон кæнын - судить.

Сызнæт уын - забеспокоиться.

Чиныгимæ куыст.

- Уæ чингуытæ байгом кæнут æмæ ссарут 312 - фæлтæрæн.

Хæс: - Раффыссут мивдисджытæ дыууæ къордæй: фыццаг - хуымæтæг мивдисджытæ, дыккаг та- вазыгджын.

Хуымæтæг мив - тæ: хизын, дарын, æрбабырсын, фæтасын, сивæзын, нымайын, тæхын, симын, фæхæссын, æрхауын, фæфиппайын.

Вазыгджын мив - тæ: цырын кæнын, фæрафсон -бафсон кæнын, ныффæсус уын, фæгæпп ласын, бахæццæ уын, тæрхон кæнын, сыстыр уын, фæцыбыр кæнын, баизæр кæнын, сызнæт уын, расæррæтт ласын, ныззылын уын, сæнæниз уын, ныхъхъæр ласын.

Хæс: - Аифтындзæг кæнут вазыгджын мивдисджытæй (312 - фæлтæрæн) фæйнæ дыууæ.

Æз цырын кæнын, фæгæпп ласын

Ды цырын кæныс, фæгæпп ласыс

Уый цырын кæны, фæгæпп ласы

Мах цырын кæнæм, фæгæпп ласæм

Сымах цырын кæнут, фæгæпп ласут

Уыдон цырын кæнынц, фæгæпп ласынц







Фарст: - Мивдисæгæн йæ кæцы хай ивы? (Дыккаг хай)

Хæс: - Бакæсут фæйнæгыл хъуыдыйад æмæ йын зæгъут йæ синонимон хъуыдыйад.

Фæливын лæгдзинад нæу. (Сайын хорз нæу).

Фарст: - Сымах астæу нæй сайгæ чи кæны ахæмтæ?

Аулæфт.

Æмбисæндты мидис равзарын.

- Равзарæм фæйнæгыл цы æмбисæндтæ фыст ис, уыдоны мидис.

- Æрдзыл аудæг йæхиуыл ауды.

-Æрдзы сæфт адæмы сæфт у.

Ахуыргæнæг: - Цæмæй нæ æрдз уа рæсугъд, уый тыххæй, мах нæ алыварс цыдæриддæр ис цæрæгойæ, маргъæй иууылдæр сæ хъахъхъæнæм (аф. д.)

Карточкæтимæ куыст.

Хæс: - Иу уæлдæфон шары атæхдзысты нырыккон афоны мивдисджытæ, иннæйы ивгъуыд афоны, , æртыккаджы та - суинаг.

Н. аф. Ив. аф Суинаг аф.

Фыссы Бадт Зардзæн

Лæууы Зарыд Хъаздзæн

Лидзы Каст Ахордзæн

Кæсы Лыгъдис Кæсдзæн

Узы Быдта Æхсдзæн

Æфснайы

Афæлгæсын урочы æрмæгыл.

Фарст: - Цы бадзырдтат ногæй æмæ арфдæр нæ абоны урочы?

(Базонгæ стæм мивд кæй вæййынц хуымæтæг æмæ вазыгджын, æрдз куыд хъахъхъæнын хъæуы, нæ зæрдыл æрлæууын кодтам диалог цы у, уый; мивдисæджы ифтындзæг).

Хæдзармæ куыст.

  1. Сахуыр кæнын раиртæст.

  2. Эпигрæфма гæсгæ ныффыссын чысыл нывæцæн.

Бæрæггæнæнтæ сæвæрын





 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал