7


  • Учителю
  • Гом урочы пълан. Тема: Кочысаты Мухарбеджы амдзавга Сау цастыта

Гом урочы пълан. Тема: Кочысаты Мухарбеджы амдзавга Сау цастыта

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

Темæ: Дæ амондæн нывонд кæнын мæ сæр. (Кочысаты Мухарбеджы «Сау цæстытæ» - æм гæсгæ).(10-æм къласы)

Эпиграф: Уарзынæй рæсугъддæр а зæххыл нæй.

(Чеджемты Æ.)

Урочы нысан: 1. Бæлвырд, нывæфтыд фæлгонцты æххуысæй æмдзæвгæйы сæйраг хъуыды бамбарын кæнын.

2. Лирикон хъайтары фæлгонц æмæ авторы уды рæсугъдзинад, гуманизмыл рæзгæ фæлтæры хъомыл кæнын.

3.Ахуыр кæнын скъоладзауты сыгъдæг зæрдæйы æнкъарæнтæн аргъ кæныныл,ивгъуыд цард абоны цардимæ абарын.

Урочы фæлгонц:





Урочы цыд

1.Орг.хай.

1-Фæнды ма цæмæй байхъусæм уарзондзинады арт адæмы зæрдæтæ куыд басудзы, суанг ма дойнаг дуры дæр дон куыд кæны, уыцы азæлгæ рæнхъытæм.

Хъуысы зарæг «Æцæг уарзт!»

Компьютерæй æвдыст цæуы презентации.

Хъуысы зарæг - «Ма иунаг уарзон»

- Зарæг, цæй диссаг дæ, цæ… Фæлæ нæ алкæмæ нæ разыны зарæджы фаг аккаг ныхæстæ. Агурын бахъæуы зæрдæйы уаг раргом кæнынæн ног фæрæз.





2.Разныхас дзуры ахуыргæнæг:

Абон мах нæ урок снывонд кæндзыстæм адæймагæн зæдтæ æмæ дауджытæй лæвæрд чи у, æмæ йыл цæргæсау базыртæ чи фæсадзы, ахæм уæларвон тых - уарзондзинад - æн. Цард байсысын кæй фæрцы нæ комы, цæтджинагау æй æнхъæвзын чи кæны, дзæм-дзæмы суадонау кæй руаджы абухы, уыцы алæмæты æрдзон лæварæн.

- Нæ урочы темæ у «Дæ амондæн нывонд кæнын мæ сæр» (Кочысаты Мухарбеджы æмдзæвгæ «Сау цæстытæ» - м гæсгæ). Чеджемты Æхсары ныхæстæ «Уарзынæй рæсугъддæр а зæххыл нæй» ист æрцыдысты эпигрæфæн.

- Зындгонд уырыссаг фыссæг М.Горький фыста: «Æнæ сылгоймаг нæдæр хъæбатыр ис, нæдæр поэт,нæдæр УАРЗТ!»

Хуыцау, æвæццæгæн, хуымæтæджы не'схайджын кодта сылгоймаджы æмбисонды хорз миниуджытæй. Ирон адæммæ ис ахæм таурæгъ сылгоймаджы тыххæй. Чи зоны, исчи уæ йæ фехъуыста.

Хуыцау æрбайста худгæ хуры тынтæй цалдæр, æрттиваг мæйы сонт æнкъарддзинад, мæлхъы сæрыстыр уæздандзинад æмæ уарди дидинæджы æмбисонды тæфаг. Цæмæй æгæр æлутон ма фæуа, уый тыххæй ма йæм бафтыдта ноджы уаддымгæйы æнæсæрфат зилдухæнтæ, рувасы хиндзинад,тæрхъусы тæппуддзинад, мигъты цæссыгкалындзинад уарыны агъоммæ æмæ гæркъæраджы талф - тулфдзинад дзургæйæ. Чысыл ахъуыдыйы фæстæ ма йæм бафтыдта ноджы хъаймæты æппæт бæллæхтæ: арт, зæй, æрвæрттывд, æрвнæрд, тымыгъ, тæркъæвда. Æмæ æппæт уыдæттæй сарæзта :

Сылгоймаг,УАРЗТ.

  1. Мæ зæрдыл æрлæууыд таурæгъ:

  2. … Раджы кæддæр иу лæппу бауарзта саурæсугъды. Чызг ын хъазгæйæ загъта, зæгъгæ, мын кæд дæ мады зæрдæ æрбахæссай, уæд дын бакомдзынæн… Лæппу ацыд, йæ мады зæрдæ скъахта æмæ тагъд - тагъд фезгъоры йæ уарзонмæ. Фæндагыл йæ къах дурыл скъуырдта æмæ фæкалд. Мады зæрдæ фесхъиудта æмæ афарста йæ хъæбулы: «Дæ къах тынг ныццавтай, мæ хъæбул?»

Уарзондзинад тыхджын у,фæлæ алкæмæн дæр хъуама уа йæхи бынат царды,дæ зæрдæйы. Фæлæ алы кæстæры хæс дæр у, цæмæй йæ хорз хъуыддæгтæй, йе'гъдау æмæ кадæй йæ мады зæрдæмæ уарзондзинад æмæ амонд хæсса, цæмæй ныййарæг уа сæрыстыр æмæ зæрдæрухс йæ хъæбулæй.

Мад амондджын вæййы йæ кæстæрты руаджы, йæ хъæбулты амондæй. Ма бавгъау кæнæм уыцы стыр амонд ныййарæгæн!...



  1. Æвæдза, цæй диссаг дæ, æрдзæй лæвæрд уарзондзинад!

  • Сымахмæ гæсгæ та цы у уарзондзинад?

(скъоладзауты дзуаппытæй):

а). Уарзондзинад абарæн ис æрмæст дидинæгимæ.

æ). Сыгъдæг уарзондзинад дæр дидинæгау хъахъхъæнын хъæуы.

б). Дæ амондæн нывонд кæнын мæ сæр.

в). Уарзондзинад иууылдæр дидинæг у.

  1. Æмæ уæдæ уæм куыд кæсы, уарзондзинады темæ куыд æвдыст æрцыд зарджыты?

5. Хатдзæгтæ 2-3 хъуыдыйадæй.

6. Разы дæн æз дæр уа дзуæппытимæ, фæлæ ма мæ фæнды базонын, Ирыстоны зындгонддæр адæмæй уарзондзинадæй тынгдæр кæй зæрдæ сыгъди, уыдоны дæр. Æрлæууын ма сæ кæнæм нæ зæрдыл.

а) - Къоста, Барахъты Гино, Кочысаты Мухарбег æмæ æндæртæ.

б) Цавæр уыдысты нæ зындгонд адæмы уарзондзинады?

(Скъоладзаутæ бацæттæ кодтой хæдзары)

Скъоладзаутæ.1. Къостайы фыстæгæй: «Æз уарзгæ кæнын, уарзгæ, 40 мин æфсымæрæй дæр тыхджындæр куы уарзын. Æз уарзгæ кæнын æмæ мæ уымæ гæсгæ фæнды, цæмæй уыцы уарзон адæймаг æппынæдзух мемæ уа, алы сахат, алы минут дæр, йæ уындæй мæхи æфсадон, мæ царды алы уысм дæр ын æнæвгъауæй дæттон» (Цæлыккаты Аннæйы тыххæй).

2. Барахъты Гинойы 30-æм азты куы `рцахстой, уæд ын йæ бинойнаг Калоты Еленæйæ домдтой цæмæй йæ рахона знаг, фæлæ сыгъдæг уарзтæй кæй уарзта уыцы адæймагыл йæ къух нæ систа Еленæ, кæд ын йæ цард зындон фестын кодтой, уæддæр.

Скъоладзаутæ хæссынц дæнцæгтæ сæ хæстæджыты сыгъдæг уарзондзинады тыххæй.

Ахуыргæнæг: Цымæ цы у уарзондзинад? Зæрдæйы рухс? Зæрдæйы арт? Дунейы зындгонд æмæ курдиатджын лæгтæ уарзондзинады фæдыл сæ хъуыдытæ арæх нывæзтой. Компютерæй равдисын ÆЛВÆСТ ХЪУЫДЫТÆ УАРЗОНДЗИНАДЫ ТЫХХÆЙ

-Кæй уарзыс, уыдонæй хъаст кæнын никуы хъæуы. Æцæг æнувыддзинад куырм у.

/Бальзак/

-Уарзондзинад закъонтæ нæ зоны.

/Боэций/

-Бæллицы цъупп ды дæ, уарзондзинад.

/Гете/

-Уарзондзинад у, ивгъуыд рæстæгæн дæр, фидæнæн дæр чи нæ быхсы, ахæм иунæг монц.

/Бальзак/



Ирон дзырды дæснытæй уарзондзинады темæ ирддæрæй чи равдыста?

  • Гæдиаты Секъа.





7. Зардыл арлаууын канын радзырд «Азау» (цыбыртай йын йæ сюжет радзурын)

8. Ахуыргæнæг: Уарзондзинад… Æнахуыр цыдæр у…

  • Уæдæ ма байхъусут Владимир Маяковскийы «ÆРДХÆРÆНЫ УАРЗТЫ» тыххай.

9. Ахæм рæнхъытæм байхъусгæйæ, адæймагыл бахæцы æхсызгондзинад æмæ та нæ ногæй æрфæнды Кочысаты Мухарбеджы æмдзæвгæ «Сау цæстытæ»-æм байхъусын.

3 скъоладзауы кæсынц æмдзæвгæ наизусть.

ΙΙ. Текстыл бакусын ахæм схемæмæ гæсгæ:

  • Цæимæ ис абарæн ацы æмдзæвгæйы рæнхъытæ?

- Зæрдæимæ

  • Цал «зæрдæйыл» ис адих кæнæн ацы æмдзæвгæ?

  • ЦЫППАР.

  • Цæмæн?

  • Уымæн æмæ дзы æвдыст цæуы зæрдæйы уаг ЦЫППАР хуызы.

  • Ссарут ма тексты, Мухарбег йæ уарзондзинад ирдæй кæм æвдисы ,уыцы рæнхъытæ. Бакæсут ма сæ.

  • Цавæр хуызæй сæ фæхицæн кæндзыстæм?

Сырх

  • Дарддæр та цы æвдисы йе мдзæвгæйы?

ÆНКЪАРДДЗИНАД

  • Цавæр хуызæй фæнысан кæнæм авторы зæрдæйы уаг?

Тар

- Бакæсут ма рæнхъытæ.

  • Ацы зæрдæйæн та цавæр хуызтæ ис саккаг кæнæн?

(Сырх, бур)

- Ссарут ма сæ чиныджы.

  • Æмæ уæдæ цыппæрæм строфайы та зæрдæ цавæр хуызæй равдисиккам?

  • Сымахмæ гæсгæ йын цавæр нысаниуæг ис?

Урс

  • Цавæр у лирикон геройы уарзондзинад?



Æмзæвгæйы идейæ дæр зæрдæйы уагимæ баст у.

10. Чысыл беседæ саразын ахуырдзаутимæ:

  • Дæумæ гæсгæ та цы у уарзондзинад?

  • Цы дæ бафæндид дæ уарзон адæймагæн?

  • Цы йын нæ ныббарис?

  1. Æмбисæндтимæ бакуысын, уыдонмæ гæсгæ скæнын хатдзæгтæ.

  1. Чындздзон чызг æмæ усгуры зæрдæ хуримæ хъазы.

  2. Уарзондзинад дойнаг дур дæр дон кæны.

  3. Лæг кæй уарзы, уыимæ хохы цъуппыл дæр фæцæрдзæн.

  4. Уарзондзинад алцæмæндæр ис.

  5. Уарзондзинад кæм ис, уым цард дæр ис æмæ куыст дæр.

  6. Уарзондзинад мæгуыр æмæ хъæздыгыл нæу.

  7. Уарзынæй рæсугъддæр а зæххыл нæй.

  8. Сæвæрын бæрæггæнæнтæ.

  1. Урочы кæрон «Ханты цагъд» (легендæ музыкæйы фоныл).«Иры хæхтыл, дам, идæдз лæгæй баззади йе 'нахъом дыууæ фаззон чызгимæ Аланты Алан. Косерхан æмæ Азаухан, «хантæ» - афтæ сæ хуыдта буцæн сæ фыд. «Хæххон сæгуыттæ раст»… Аив сæ фæзылд, сæ февнæлд. Дзурынц, зæгъгæ, дам, - иу кæмттыл азæлыд, хæхты - иу ныццарыдта «ханты» фæндыры цагъд.

О, фæлæ, алцæмæн дæр ис афон. Фæзыны кæрдæг, дидинæг. Сбæлас вæййы тала. Слæг вæййы лæппу, чызг чындздзон чызг свæййы.

Чи хъусы, уый æрбайхъусæд! - ныййазæлыд æрвнæрæгау фидиуæджы хъæлæс.

- Райсом ацы ранмæ æмбырд кæнынц Иры сагсур фæсивæд, сæ лæгдзинад æвдисдзысты. Аланты номдзыд Алан йæ чызджыты моймæ дæтты.

- Нæ фехъуыстон мачи зæгъæд! Дыккаг бон адæм зæрондæй - ногæй æмбырдæй æвзæрстой сæ амонд. Фæлæ Аланты Аланы «хантæ» сæ мидбылхудт никæмæн лæвæрдтой, уыдонæн сæ зæрдæты арф æвæрд уыдысты Тасолтан æмæ Æмзоры уарзондзинад. Уыдон абон не 'вдыстой сæ лæгдзинад. Нæ сын уыдис сираг бæхтæ æмæ сæрак дзабыртæ. Бамбæрста фыд йæ «ханты» хъуыды æмæ сæ саккаг кодта Тасолтан æмæ Æмзорæн.

Уыцы хъуыддаг базонгæйæ цæхæртæ скалдта Афæхъоты Нугзары фырт Бæтæхъо.

«Ды фæхудинаг кодтай мæн, сау цагъарты равзæрстай де `мгæртты раз, фæлæ æз, йе `хсæрварсы цæф чи ныббара, уыдонæй нæ дæн. Аскъæфта Бæтæхъо Аланты Аланы дыууæ цыкурайы фæрдыджы. Нал ардтой хæдзар Тасолтан æмæ Æмзор, фæлæ хъæрццыгъайы ахстон ничи зыдта.

Аланты Алан хæдзарæй фæцух, хъæуи - хъæу зылд, стæй фæстагмæ сæрра æмæ хæхты адзæгъæл.

Ир æмæ Кæсæджы (æхсæн) арæнмæ хæстæг, бæрзонд мæсыджы дуарæхгæдæй бадынц Азаухан æмæ Косерхан. Дыууæ чызгæн сæ хъуыды - сæ фыд, сæ уарзæттæ - сæ мæт. Бирæ фæкуыдтой чызджытæ, бирæ фæдзынæзтой. Зæрдæйы уидæгтæ кæмæ атыдтаиккой ахæм цагъд ныккодтой æмæ сæхи æд фæндыр бæрзонд мæсыгæй фехстой.

Сæ фæндыры цагъд хæхты ныццарыдта æмæ йын дымгæ йæ зæлтæ хъæутыл байтыдта. Гъе, афтæ рагæй фæстæмæ ирон адæмы æхсæн баззад «Ханты цагъд».

Дзурынц, зæгъгæ, дам, ныр дæр ма уыцы айнæджы бынты цы хæххон дон згъоры, уый был лæугæйæ адæймаджы хъустыл фæуайы зæронд «ханты» зæрдæхалæн цагъд.

Цыма хæххон æрра дон æмæ цъæх айнæг къæдзах ныхас бакодтой уыцы диссаджы цагъд адæммæ фæхæццæ кæныныл».







 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал