7


  • Учителю
  • Обобщение педагогического опыта ' Нывма гасга куыст'

Обобщение педагогического опыта ' Нывма гасга куыст'

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

Ирон æвзаджы урок 4-æм къласы.

Темæ: Нывмæ гæсгæ куыст:«Райсом»



Бацӕттӕ йӕ кодта

Дзæуджыхъæуы

25-æм скъолайы ахуыргæнæг

Туаты Фатимæ,



Темæ: Нывмæ гæсгæ куыст: Т. Яблонская «Райсом». (Мивдисӕг)

Нысан: 1. Ахуыргæнинæгтæ ивгъуыд афоны мивдисджыты ивынад

цæсгæмттæм гæсгæ куыд бамбæрстой, уый сбæрæг кæнын

сфæлдыстадон куыст бакæнгæйæ.

2. Ахуыр сæ кæнын пайда кæнын дзургæ æмæ фысгæ ныхасы

мивдисджыты алы формæтæй.

3. Хъомыладон куыст бакæнын: спорты ахадындзинад

адæймаджы царды æмбарын кæнын.

Урочы фæлгонц: ахуыргæнæн чиныг, ныв (æвдыст цæуы компьютерæй),

фæйнæг, чысыл равдыст сывæллæтты куыстытæй,

карточкæтæ.

Дзырдуат: хи фæлтæрын, хъæддых, буар, уæнгмард, лæмæгъ,

хъаруджын, хæрзконд, æнæниздзинад.


Урочы цыд:


Ахуыргæнæг: Уæ бон хорз, сывæллæттæ!

Абон нæ урок уыдзæн уæлдай цымыдисагдæр, уымæн æмæ мивдисæгæй цы æрмæгимæ базонгæ стæм, цы зонындзинæдтæ райстам, уыдонæй практикæйы нæ бон спайда кæнын куыд бауыдзæн, уый хъуамæ сбæрæг кæнæм. Уый тыххæй мах нæхи бацæттæ кæндзыстæм нæ уарзон куысты хуызмæ - нывæцæн ныффыссынмæ. Нывæцæн та хуымæтæг нæ уыдзæн, фæлæ бæлвырд грамматикон хæслæвæрдтимæ.

Фæлæ уый агъоммæ нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм, мивдисæг цы у, уый. Скæнæм нæхицæн чысыл разминкæ «Лæмæгъ цæджы» хуызы:

  1. Цы у мивдисæг?

  2. Цавæр грамматикон категоритæ йын ис?

  3. Цал нымæцы?

  4. Цал цæсгомы?

  5. Куыд базонæм мивдисæджы цæсгом?

  6. Цал афоны?

  7. Цы æвдисы нырыккон афоны мивдисæг?

  8. Цы æвдисы ивгъуыд афоны мивдисæг?

  9. Цы æвдисы суинаг афоны мивдисæг?

  10. Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм нырыккон афоны мивдисджыты цæсгомон кæрæттæ.

  11. Ныр та ивгъуыд афоны мивдисджыты цæсгомон кæрæттæ:

( Сывæллæттæ радыгай уайынц фæйнæгмæ æмæ таблицæ æххæст кæнынц)

Æз дзырд-тон цыд-тæн

Ды дзырд-тай цыд-тæ

Уый дзырд-та цыд-и, ис

Мах дзырд-там цыд-ыстæм

Сымах дзырд-тат цыд-ыстут

Уыдон дзырд-той цыд-ысты

Ахуыргæнæг: Чи кодта къуыхцытæ, чи ласы фæстæмæ иннæты, чи разынд абон лæмæгъ цæг нæ зонындзнæдты рæхысы? Кæй хъæуы ныртæккæ асурын не 'хсæнæй?...

Нæ, мах сургæ никæй кæнæм. Мах хъæуы зонындзинæдтæ æмæ нæ кæд исчи разынд иучысыл лæмæгъдæр , уæддæр нæ «рæхыс» аскъуынын нæ бауаддзыстæм, фæлæ сæм фæкæсдзыстæм, цæмæй нæ фидар «рæхыс» ма ныййиугай уа, уый тыххæй.

Ахуыргæнæг: Хъазын дæр бæргæ хорз у, фæлæ æмбисонды загъдау: «Алцӕмӕн дӕр ис рӕстӕг», æмæ нæ сæйраг куыстмæ рахизæм. Махæн нæ хæс у, мæнæ ныртæккæ цы зонындзинæдтæ равдыстам, уыдонæй уæгъдибарæй, æнцонæй пайда кæнын нæ ныхасы мидæг, цæмæй арæх мауал хъусæм «Мах зардтам, уыдон бадтой…»

Ахуыргæнæг: Уæ хозæхæй, абоны нымæц уæ тетрæдты афыссут. Абон у цыппурсы мӕйы 24-ӕм бон, ӕрбахӕццӕ кны Ног азы бӕрӕгбон … Æмæ мæ зæрдæ уæ алкæмæн дæр зæгъы, цæмæй уæ алкæй ног фæндтæ æмæ бæллицтæ уæ къухы рæсугъдæй куыд æфтой!

Ахуыргæнæг: Уæ чингуыты 103-æм фарсыл цы ныв ис, уымæ лæмбынæг æркæсæм. Ацы ныв сокдта зындгонд уырыссаг нывгæнæг Татьянæ Яблонская æмæ йæ схуыдта «Утро», ома, «Райсом». Цымæ цæмæн схуыдта автор йæ ныв афтæ?

Скъоладзау: Уымæн æмæ дзы нывгонд ис сæумæрайсом.

Ахуыргæнæг: Куыд дзæбæх у сæумæрайсом! Сатæг, сыгъдæг уæлдæф æрбакалд гом дуар æмæ рудзынгæй. Райсомы мигъ нæма сыстад. Сæууон хур æрбакаст уатмæ… Цавæр ахорæнтæй архайы нывгæнæг?

Скъоладзау: Ирд, фæлмæн, райдзаст, хъæлдзæг ахорæнтæй.

Ахуыргæнæг: Уат уæ зæрдæмæ цæуы? Цæмæй? Æрфыссут-ма йæ, уæ хорзæхæй.

Скъоладзау: Уат у сыгъдæг, райдзаст, сабыр. Дуар æмæ рудзынджы алыварс рæсугъд хилгæ дидинæг.

Ахуыргæнæг: Хуыссæнмæ ма æркæсут.

Скъоладзау: Хуыссæн нырма æнæфснайд у, афтæ зыны, цыма йæ хъарм нырма йæ мидæг ис, у хæмпус, фæлмæн.

Ахуыргæнæг: Диссаджы курдиат ис, æвæдза, нывгæнæгмæ, куыд хорз равдыста хуыссæны хъармдзинад.

Уаты астæу стъол æмбæрзт у аив халджын æмбæрзæнæй. Йæ уæлæ дурыны мидæг æхсыр, дзул æмæ нæлхæ - рог аходæн. Уæд бандон та?

Скъоладзау: Бандоныл - аив, биноныг æвæрд дзаумæттæ. Бæрæг у, дысон сæ изæрæй кæй æрцæттæ кодтой, уый.

Ахуыргæнæг: Æмæ сæйрагæдæр чи у ацы нывы?

Скъоладзау: Сæйрагдæр у чызг. Уый уаты астæу кæны гимнастикæ. У

бæрзонд, хæрзконд, гуырвидауц.

Ахуыргæнæг: Тынг раст! Йæ уæнгты змæлд цыма афтæ зæгъы: «Дæ райсом хорз, о мæ хур! Уæ райсом хорз, мæ хæхтæ! Дæ райсом хорз, æгас дуне! Уæ райсом хорз, æппæт адæм!»

Цæмæй уай уæнгрог, хъаруджын, хъæлдзæг, хæрзконд, æнæниз, уый тыххæй дæ бон райдай гимнастикæйæ. Дæхи куы фæлтæрай, раджы куы стай, уæд дæ цард, дæ ахуыр, дæ куысты уыдзынæ æнтыстджын. Мæнæ æмбисонды куыд загъдæуы: «Раджы бадаг - æвæсмон». Сымахæй ахæмтæ ис, раджы чи фесты?

(Сывæллæтты дзуæппытæ)

Нæхи Къостайы загъддау:

«Фест райсомæй лæгау,

Ныхс сапонæй дæхи,

Æмæ скув: «Хуыцау,

Фæдзæхсын дыл мæхи!»

Фыдæлтæй баззади аив, рæсугъд адæймагæй дзурын:

«Саджы фисынтыл амад»

«Йæ конд, йæ уындæн æмбал нæй»

«Нарæгастæу, гуырвидауц»

Уӕд фыдконд, нард адæмы та куыд хуыдтой?

«Боцкъайы хуызæн»

Хаст хъыбылы хыузæн»

Йæ уæрхæй, йæ дæргъæй уæлдай нæй»

Фæлæ та ногæй ацы дзæбæх чызгмæ æрбакæсæм. Алчидæр ма афæлварæд ныртæккæ йæхи чызджы бынаты авæрын. Цымæ дарддæр дæ бон куыд ахæццæ кæнис ды та?

Скъоладзау: Гимнастикæ скодтон, мæ хуыссæн афснайдтон, мæхи уазал донæй ахсадтон, мæ уæлæдарæс акодтон, аходæн ахордтон æмæ зæрдæхъæлдзæгæй, уæнгрогæй скъоламæ фæраст дæн.

Ахуыргæнæг: Æмæ кæй зæгъын æй хъæуы, дæ къухы бирæ æнтыстдзинæдтæ бафтдзæн.

Уæ зæрдыл ма æрлæууын кæнут, «Ералаш»-ы иу лæппу куыд хъуынтъыз æмæ мæстыгæрæй байдыдта йæ бон, уый. (Равдисын видео) Цæмæн?

Скъоладзау: Уымæн æмæ, æвæццæгæн, сихормæ фæхуыссыд æмæ йæ сæр рисгæйæ, уæнгмардæй сыстад йæ хуыссæнæй.

Ахуыргæнæг: Раст. Дæ бон куыд райдайай, афтæ дын ацæудзæн…

Зæгъут-ма, ацы ныв цавæр жанрмæ хауы: пейзаж у, натюрморт æви сюжетон ныв?

Скъоладзау: Сюжетон ныв.

Ахуыргæнæг: Иттæг раст. Ныртæккæ ныффысдзыстæм дзырдуатон диктант, æмæ уыцы дзырдтæй уæ бон уыдзæн спайда кæнын нывæцæн фысгæйæ:

Хи фæлтæрын, хъæддых, буар, уæнгмард, лæмæгъ, хъаруджын,

хæрзконд, æнæниздзинад, гуырвидауц, уæнгрог, æнæзивæг.

Ныр та, цæмæй нын нывæцæн æнцондæр фыссæн уа, уый тыххæй скæнæм пълан:

  1. Райдзаст райсом.

  2. Уаты æрфыст:

а) хуыссæн;

б)стъол;

в) бандон;

г) дидинæг.

3. Чызджы æрфыст:

а) йе'ддаг бакаст;

б) йе'ддаг бакаст æмæ йæ удыхъæд.

4. Куыд райдайын мæ райсом.

5. Спорты ахадындзинад адæймаджы царды.

Зæгъут-ма, цавæр тексты хуызтæ зонæм мах?

Скъоладзау: Таурæгъон, æрфыстон æмæ текст-хъуыды.

Ахуыргæнæг: Уæдæ уæм куыд кæсы, мæнæ цы пълан сарæзтам, уымæ гæсгæ уæ нывæцæнтæ цавæр уыдзысты?

Скъоладзау: Æрфыстон æмæ хъуыды.

Ахуыргæнæг: Ныр та уын райуардзынæн карточкæтæ алыхуызон эпитеттимæ. Сымах хъуамæ равзарат, нывмæ дзы кæцытæ ис ахæссæн, уыдон, иннæтæ ахахх кæнут. Хъæугæ эпитеттæй спайда кæндзыстут уæ куыстыты.

Карточкæтæ.

Сау, хъуынтъыз, æнкъард, райдзаст, хъæлдзæг, аив, рæсугъд, æнæниз, хæрзконд, гуырвидауц, зæрдæмæдзæугæ, фыдконд, цæрдæг, зивæггæнаг, æнæзивæг, магуса, хæрзæфснайд, тар, ирд, змæст, хъаруджын.

Ахуыргæнæг: Зæгъут-ма, карточкæты лæвæрд дзырдтæ цавæр ныхасы хæйттæ сты?

Скъоладзау: Миногонтæ.

Ахуыргæнæг: Ссарут-ма уæдæ дзырдты 'хсæн вазыгджын дзырдтæ. Скъоладзаутæ (радыгай): Хæрз+конд, гуыр+видауц, зæрдæмæ+дзæугæ, хæрз+æфснайд…

Ахуыргæнæг: Ссарут дзы синонимтæ.

Скъоладзаутæ (радыгай): Сау - тар, зивæггæнаг - магуса, æнæзивæг -цæрдæг, хæрзконд - гуырвидауц, аив - рæсугъ д- зæрдæмæдзæугæ, райдзаст - хъæлдзæг…

Ахуыргæнæг: Ссарут дзы антонимтæ.

Скъоладзаутæ (радыгай): Тар - ирд, хъуынтъыз - райдзаст, хæрзконд - фыдконд, цæрдæг - магуса, хъæлдзæг - æнкъард, хæрзæфснайд - змæст…


Бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕвӕрын сывӕллӕттӕн.

Уе 'ппæтæн дæр стыр бузныг, тынг хорз бакуыстат абон урочы

Хӕдзармӕ куыст

Ахуыргæнæг: Сывæллæттæ, мæнмæ гæсгæ, мах лæмбынæг равзæрстам нывы мидис æмæ бацæттæ кодтам нæхи нывæцæн фыссынмæ. Фæлæ ма уын дæттын иу грамматикон хæслæвæрд: уæ нывæцæнты цы мивдисджытæй спайда кæнат, уыдонæн сбæрæг кæнут сæ грамматикон формæ, ома, сæ афон, нымæц, цæсгом æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, сæ кæрæттæ.

Зæгъын-ма мæ фæнды иу хъуыддаг: кæй фæнды, уый фыссы йæ нывæцæн тетрады, кæй фæнды, уый та, мæнæ куыд фæкæнæм, афтæ: ныв æмæ нывæцæн хицæн сыфыл.

Мæ зæрдæ уын зæгъы, æнтыстджынæй куыд бакусат хӕдзары, уый.


Хæрзбон!




 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал