- Учителю
- Открытый урок по осетинскому языку Хӕдзарон цӕрӕгойтӕ..
Открытый урок по осетинскому языку Хӕдзарон цӕрӕгойтӕ..
Ирон ӕвзаджы урок 2 кълас(дыккаг кӕмӕн у ,уыдонӕн)
Урочы темӕ: Хӕдзарон цӕрӕгойтӕ.
Грамматикон темӕ: Мивдисӕг(фӕлхат).
Урочы нысантӕ: 1.Сывӕллӕтты базонгӕ кӕнын хӕдзарон цӕрӕгойтимӕ.
2.Ныхасы рӕзтыл бакусын.
3.Гуырын кӕнын уарзондзинад хӕдзарон цӕрӕгойтӕм.
</ Урочы эпигрӕф: «Мы в ответе за тех, кого приручили»
Урочы цыд.
1.Организацион хай.
Бацӕттӕгӕнӕн рӕстӕг.
Громко прозвенел звонок- Дзӕнгӕрӕ гхъӕрӕй ныццагъта-
Начинается урок. Райдыдта нӕ урок.
Наши ушки на макушке, Хъусӕм алцыдӕр къӕрцхъусӕй,
Глазки хорошо открыты. Цӕстытӕ дзӕбӕхдӕр бакӕн.
Слушаем,запоминаем, Хъусӕм,алцыдӕр нӕ зӕрдыл дарӕм,
Ни минуты не теряем. Иу минуты дӕр нӕ сафӕм.
(йӕ тӕлмац уырыссагау 1 слайд)
-Абон нӕм урочы ӕнхъӕлмӕ кӕсы цымыдисаг ӕмӕ алыхуызон куыстытӕ.Уӕ разы ис ӕртыгай смайликы алкӕмӕндӕр.Зарӕгмӕ байхъусгӕйӕ равдисдзыстут уӕ зӕрдӕйы уаг иу смайликӕй.
(зарӕг уырыссаг ӕвзагыл «Улыбка» Шаинский)
(систой зарӕджы фӕстӕ смайликтӕ)
-Ӕхсызгон мын у ,хорз зӕрдӕйы уаг уын кӕй ис,уый.Райдайӕм нӕ куыст.
2.Фонетикон зарядкӕ.
Джа-джы-джи-джу-дже-джӕ(джитъри,джыджына,адджын)
Хъа-хъе-хъы-хъу-хъи-хъӕ(хъӕд,хъӕдур,хъулон)
3.Зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын рацыд ӕрмӕг «Хъӕддаг цӕрӕгойтӕ»
Олень(саг),лев(домбай),лиса(рувас).волк (бирӕгъ),заяц(тӕрхъус),белка(ӕхсӕрӕг), слон(пыл),косуля(сӕгуыт),барсук(зыгъарӕг).
4.Ног ӕрмӕг.
-Сывӕллӕттӕ,нӕ темӕ базондзыстӕм видеомӕ бакӕсгӕйӕ.
(кӕсынц видеомӕ «Хӕдзарон цӕрӕгойтӕ»)
-Уӕдӕ кӕимӕ базонгӕ уыдзыстӕм абон?
-Раст,хӕдзарон цӕрӕгойтимӕ.
-Ранымайут-ма,цавӕр хӕдзарон цӕрӕгойтӕ зонут(дзурынц сӕ уырыссагау)
Эпигрӕфимӕ базонгӕ кӕнын,йӕ мидис сын бамбарын кӕнын.
5.Дзырдуат:
(ног дзырдтӕ рафыссын тетрӕдтӕм,иугай сӕ дзурынц ахуыргӕнӕджы фӕстӕ,уый фӕстӕ сын ахуыргӕнӕг сӕ тӕлмац фӕрсы иронау хӕццӕйӕ)
Хъуг-корова
Куыдз-собака
Хуы-свинья
Род-теленок
Гӕды-кошка
Бӕх-лошадь
Хӕрӕг-осел
Фыс-баран
(слайдыл цӕрӕгойтӕ сӕ тӕлмацимӕ)
6.Физминуткӕ.
-Аулӕфӕм,сывӕллӕттӕ.Слӕууыдыстут иууылдӕр.Ӕз дзурын цӕрӕгойы,сымах та сӕ фӕзмгӕйӕ ӕвдисут хъӕлӕсы уагӕй.
(гӕды,хъуг,куыдз,бӕх,фыс,хуы,бирӕгъ,уасӕг)
7.-Домашние животные приносят человеку большую пользу: они
кормят его, помогают жить. Но человек поселил возле себя животных
не только потому, что они приносят пользу, но и радость. Это наши
братья. Не зря ведь порой новорожденных поросят, щенков, коз
заносят домой и ухаживают за ними, как за маленькими детьми.
Животные улучшают человеку настроение, помогают справиться с
жизненными трудностями. Так люди заметили, что если кошка полежит
на больной ноге, руке или спине, боль проходит.
(хъомыладон куыст бакӕнын,эпигрӕфимӕ йӕ сбӕттын)
8.Къордтӕй куыст(3 къорды адих кӕнын сывӕллӕтты)
-Алы къордӕн дӕр йӕ стъолыл ис пазлтӕ.Хъуамӕ амбырд кӕнат цӕрӕгойты ӕмӕ зӕгъат цы пайда хӕссынц,уый.
-У каждой группы на столах лежат пазлы.Соберите из них животных и подумайте какую пользу они приносят.
(хъуг,бӕх,куыдз)
9.Баххӕст кӕн хъуыдыйӕдтӕ(сфӕлхат кӕнын мивдисӕг-глагол)
1. … дӕтты(дает)ӕхсыр(молоко).
2.Хӕдзар хъахъхъӕны … .
3. … ахсы(ловит) мыстытӕ.
4. … ласы(возит) кӕрдӕг.
(слайдыл цухгонд бынӕтты ӕвдыст цӕуынц цӕрӕгойтӕ:хъуг,куыдз,гӕды,бӕх)
-Рафыссын 2 хъуыдыйады ӕмӕ тымбылы райсын мивдисӕг.
10.Рефлекси.
-Нӕ темӕ абон уыд…..
-Цавӕр цӕрӕгойтимӕ базонгӕ дӕ….
-Цы нын дӕттынц хӕдзарон цӕрӕгойтӕ…
-Сисут та ногӕй смайликтӕ ӕмӕ равдисут уӕ зӕрдӕйы уаг урокӕй.
11.Хӕдзармӕ куыст.
(Сахуыр кӕнын цӕрӕгойты,къухфысты куыст)
Бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕвӕрын.
-Ӕхсызгон мын уыд уемӕ кусын.Бузныг уын.Хӕрзбон!