7


  • Учителю
  • Тесты по осетинской литературе 11 класс

Тесты по осетинской литературе 11 класс

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

11 къласы литературæйы чиныгмæ тестытæ.

Гафез ( Гаглойты Федыр).

1 вариант



  1. Ацы фыссæг райгуырди Бакуйы 1913 азы:

а) Дзугаты Георгий;

æ) Цæгæраты Максим;

б) Цæрукъаты Алыксандр;

в) Гаглойты Федыр



  1. Гаглойты Федыр уыди Хуссар Ирыстоны фысджыты цæдисы бæрнон нымæрдар:

а) дыууадæс азы дæргъы;

æ) фынддæс азы дæргъы;

б) æвддæс азы дæргъы;

в) нудæс азы дæргъы.



  1. «Бæрзонд, къæсхуыр, рæхснæг, урссæр лæг сæрыстыр цыд кæны йæ ныййарæг зæххыл…йæ къуырфæвæрд , цардæгас цæстыты тыхджын, фæлæ сабыр цъæхарт - куы æнтъыснæгхуыз , куы циндзаст, куы фæдисхъæрау мæстæг» - ахæм ахорæнтæй ныв кæны ацы зындгонд фыссæг Гафезы сурæт, йæ миддуне æмæ æддаг бакасты иудзинадыл дзургæйæ:

а) Цæрукъаты Алыксандр;

æ) Гаглойты Владимир;

б) Джусойты Нафи;

в) Цæгæраты Максим.



  1. Ацы фыссæг у Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат:

а) Гаглойты Федыр;

æ) Цæрукъаты Алыксандр;

б) Дзаболаты Хазби;

в) Гаглойты Владимир.



  1. Гафезы æмдзæвгæты фыццаг æмбырдгонд хуыйны:

а) «Фæндыры зæлтæ»;

æ) «Амонды бæлас»;

б) «Сусæг зарæг»;

в) «Дымгæйы зарæг».



  1. Гаглойты Федыры поэтикон хъæлæс сфидар ис æмæ сфæлтæрдта:

а) Орцъосаны хъæууон скъолайы директорæй куы куыста, уæд;

æ) облæстон газеты литературон хайады сæргълæууæгæй куы куыста, уæд;

б) журнал «Фидиуæг» - ы редакторæй куы куыста, уæд;

в) хæсты азты.



  1. Гафезы ацы уацмысы архайды астæу ис æрыгон адæймаджы хъысмæт, йæ бæллицтæ, йæ фæндтæ, йæ хъару æмæ зондахаст:

а) « Дзаджейы рухс» - ы;

æ) « Цард дын фестон» - ы;

б) « Фыдызæххы комулæфт» - ы;

в) «Уæ бонтæ хорз, адæм!» - ы







  1. « Ахуыр фæдæн! Каст фæдæн!»- дзуры:

а) Дзаммырз поэмæ «Уадтымыгъ» -æй;

æ) Ирæ роман «Уæ бонтæ хорз, адæм!» - æй;

б) Æмзор «Бæсты сæрвæлтау» -æй;

в) æнæном фыййау «Хъилдур» -æй.



  1. Гафезы роман «Уæ бонтæ хорз, адæм!» - ы сæйраг архайæг Ирæйы ахуыры фæстæ арвыстой егъау иугонд колхоз:

а) «Сæуæхсид» - мæ;

æ) «Хурзæрин» - мæ;

б) «Хæлардзинад» - мæ;

в) «Раздзог» - мæ.



  1. Роман « Уæ бонтæ хорз, адæм!» - ы сæйраг хъуыды (идейæ) у:

а) адæймаджы цард æнцайы уарзт æмæ рæсугъддзинады æнкъарæнтыл, уыдонæй гуыры удсыгъдæггæнæн, бæрзонд аивад;

æ) фыды фарн мæрдтæм нæ цæуы;

б) рæстдзинады сæраппонд æнæрæнцой тох , æвзонгады цардбæллон уаг кæронмæ ахæссын;

в) райгуырæн зæххы сæрвæлтау мæлæтмæ цæуын.



  1. Роман «Уæ бонтæ хорз, адæм!» - ы архайд цæуы:

а) Сидæны хъæуы;

æ) Бæрæгъуыны хъæуы;

б) Сугъарты хъæуы;

в) Хæрдысæры хъæуы.



  1. Гафезы роман «Уæ бонтæ хорз, адæм!» -ы ныффыссыны фæнд баст у:

а) æрыгон чызджы миддунейы рæзт равдисынимæ;

æ) колхозонты æхсæн цы ахастдзинæдтæ ис, уыдон равдисынимæ;

б) колхозы разамонджыты куыст равдисынимæ;

в) 1964 азы хицауад хæдзарады уавæр фæхуыздæр кæныны тыххæй цы сæрмагонд уынаффæтæ рахаста, стæй адæмы царды куыд сахадыдтой, уыдонимæ



  1. «Махæй не стут - иуварс алæуут!» - дзуры романы сæйраг герой Ирæ:

а) Соня æмæ Симæйæ;

æ) Габрел æмæ Асиатæй;

б) Техъа æмæ Самсон Тедойы фыртæй;

в) Тембол, Уасил, Тасол, Ксеня æмæ Исмел Цамелы фыртæй



  1. Ирæйы зæрдæмæ хæстæг лæууынц Симæ, Соня, Габрел, Асиат, Техъа, Самсон Тедойы фырт æмæ сæ хоны:

а) « цардсудзæг»;

æ) «рог»;

б) «цардбæллон»;

в) «сæрæн».



  1. Роман «Уæ бонтæ хорз, адæм!» - ы бæрнондзинады æнкъарæн тыхджын у:

а) Беталмæ;

æ) Сонямæ;

б) Ирæмæ;

в) Тасолмæ.





  1. Сидæны хъæуы ном «Дзынга» ныффидари :

а) колхозы сæрдар Мухтарыл;

æ) Ирæйыл;

б) Беталыл;

в) Соняйыл



  1. «Уадзыг каркыл сасир куыд ацæгъдай, афтæ тъæпп -тъæпп кæ, æмæ кадртæ цæттæ»,- зæгъы Ирæйæ:

а) Къæдзой;

æ) Мухтар;

б) Бетал;

в) Уасил.



  1. Роман у:

а) таурæгъон литературæйы астæуккаг формæ, нывæфтыд дзы цæуы хицæн адæймаджы царды истори кæнæ та къорд адæймаджы цардæй иу - цалдæр егъау фæлтæры;

æ) таурæгъон литературæйы къаннæг формæ, ам æвдыст цæуы адæймаджы цардæй иу - дыууæ эпизоды;

б) таурæгъон литературæйы къаннæг формæ, хатгай йæ асæй уацаумæ æрбаввахс вæййы, йæ бындуры алкæддæр ис реалон цаутæ æмæ адæймæгтæ, сæйраг дзы сты бæлвырд зонинæгтæ;

в) таурæгъон литературæйы стырдæр формæ, вæййы дзы бирæ хъысмæтты ранывæст, арæхдæр хъайтартæ дæргъвæтин рæстæджы сты царды вазыгджын фæлварæнты, æхсæнады ныхмæдзыд тыхтимæ тохы.



  1. Романы финалы ацы персонажы уынæм зæрдæсаст,уæнгуагъд адæймагæй, æвæлмастæй фиппайы йæ алыварс колхозонты разæнгард змæлд. Йæхимæ дæр дисау кæсы, ацы хатт иууылдæр куыстхуыз, æрмæст уый æвдæлон къахдзæфтæ кæны се хсæн. Уый у:

а) Самсон Тедойы фырт;

æ)Исмел Цамелы фырт;

б) Ирæ;

в) Къæдзой.



  1. Ирæйæн æууæнксайды маст зын уромæн у. О, фæлæ йыл цыдæр тых хæрдмæ хæцы, нæ йæ уадзы бынтон йæхимæ ныхъхъусын. Уый у:

а) зæххы бæрн, фæллойы фарн;

æ) йæ мадмæ уарзондзинад;

б) адæмæй æфсæрмдзинад;

в) йæ тыхджын уды хъæд.



  1. Гафезы лирикон геройы æхсар æмæ намысы гуырæн у:

а) йæ уарзондзинад;

æ) ныййарæг мад;

б)æвзонгдзинады максимализм;

в) сæрыстырдзинад.



  1. Æрмæст мæ туг -æгъуыст, тæмæн-

Кæны цæстысыгау æртæхтæ

Æмæ мæ Фыдызæхмæ мæн

Бæтты мæ зæрдæйы æндæхтæй.







Ацы ныхæстæ ист сты Гафезы æмдзæвгæ:

а) «Дыууæ цæссыджы» - йæ;

æ) «Цæф дæн, уæззау цæф…» -æй;

б) «Уадтымыгъ» -æй;

в) «Тулдзы къох» -æй.



  1. Гафезы поэмæ «Уадтымыгъ» - ы сæйраг хъайтар у:

а) Чермен;

æ) Сослан;

б) Дзаммырз;

в) Гæбул.



  1. Дзаммырзы булкъон фырты хъысмæт развæлгъау базонæм:

а) сау мигъты уавæрæй;

æ) доны сыбар - сыбурæй;

б) æнафоны чи сбур ис æмæ зæхмæ чи æрхауди, уыцы сыфтæры уавæрæй;

в ) мæргъты удаист хъæрæй.















































































Гаглойты Федыр ( Гафез).

2 вариант.



  1. Гаглойты Федыры литературон псевдоним у:

а) Сау лæппу;

æ) Ололи;

б) Гафез;

в) Ботас.



  1. Гафезæн йæ этикон - эстетикон æнкъарынад æмæ зондахасты, йе сфæлдыстады гуырæнтæ уыдысты:

а) йæ сабийы бонтæ;

æ) йæ уарзондзинады æнкъарæнтæ;

б)йæ националон хиæмбарынад;

в) Ирыстоны æрдз æмæ ирон адæм



  1. Джусойты Нафи рæсугъд ахорæнтæй ныв кæны Гафезы сурæт, йæ миддуне æмæ æддаг бакасты иудзинадыл дзургæйæ:

а) «….Хуымгæнæг, салдат, хохкъæртгæнæг æмæ æрдхæрæны поэт. Уый уыди удыхъæдæй уæздан, æргомдзырд, уæззау зондыл хæст, йæ ныхас хъуыддагæй чи æххæст кодта, ахæм адæймаг» ;

æ) «Ацы фыссæджы хуызæн рæсугъд æмæ тыхджын курдиат, уый хуызæн лæгуарзон æмæ æппæтæй аив адæймаг куы райгуыры æмæ куы рахъомыл вæййы, уæд уый æгас дзыллæйæн ьарфæйы æмæ фарны хъуыддаг у»;

б) «Бæрзонд, къæсхуыр, рæхснæг, урссæр лæг сæрыстыр цыд кæны йæ ныййарæг зæххыл…йæ къуырфæвæрд , цардæгас цæстыты тыхджын, фæлæ сабыр цъæхарт -куы æнтъыснæгхуыз, куы циндзаст, куы фæдисхъæрау мæстæг»;

в) «…Йæ райдианы фæлварæнтæй дæр бæрæг у: æрдз ын радта æнкъараг зæрдæ, нывæмхиц фантази æмæ сагъæсгæнаг хъуыды. Уыдон та сты поэты курдиаты сæйраг бæрджытæ».



  1. 1966 азы фыст æрцыд Гаглойты Федырæн йæ чиныг:

а) «Дзаджейы рухс»;

æ) «Цард дын фестон»;

б) «Фыдызæххы комулæфт»;

в) « Уæ бонтæ хорз, адæм!»



  1. Роман « Уæ бонтæ хорз, адæм!» -ы архайды астæу ис:

а) бинонты царды уаг;

æ) хæсты быдыры хабæрттæ;

б) æрыгон адæймаджы хъысмæт, йæ бæллицтæ, йæ фæндтæ, йæ хъару æмæ зондахаст;

в) хистæр æмæ кæстæр фæлтæрты ахастдзинæдтæ.



  1. Роман « Уæ бонтæ хорз, адæм!» - ы æвдыст æрцыд:

а) хъæууонхæдзарады областон управленийы хицау Исмел Цамелы фырты разамынд хъæууон хæдзарады куыстæн;

æ) колхоз «Хурзæрин» - ы сæрдар Мухтары куыст;

б) районы сæйраг агроном Ксеня Барисы чызджы удуæлдай тох хъæздыг тыллæг райсыныл;

в) Дзесты Ирæйы хъысмæт, йæ бæллицтæ, йæ фæндтæ, йæ хъару æмæ зондахаст









  1. Романы ацы персонаж æхсæнадон хъуыддаг уæлдæр æвæры суанг хисæрмагонд амонды фарстæй дæр:

а) Бетал;

æ) Симæ;

б) Соня;

в) Ирæ



  1. Романы архайджыты уынæм:

а) фыссæджы цæстæй;

æ)Исмел Цамелы фырты цæстæй;

б) колхозы сæрдар Мухтары цæстæй;

в) Ирæйы цæстæй, тæрхонгæнæг дæр сын йæхæдæг у



  1. Романы ацы архайæгæн алы адæймаг дæр у егъау сусæгдзинад, алкæй зæрдæмæ дæр æй хъæуы фæндаг ссарын. Уый у:

а) Бетал;

æ) Ирæ;

б) Мухтар;

в) Симæ.



  1. Æрмæст йæхи уды тыххæй чи цæры, уыдонимæ Ирæ:

а) сарæзта беседæ;

æ) аныхас кодта æмæ сын ныффыссын кодта курдиæттæ, цæмæй колхозæй ацæуой;

б) дзыхæй дæр нал дзырдта;

в) гъæйт - мардзæ тох самадта - рæнхъон колхозонæй разамонæджы онг



  1. Йæ къухы бафтыди фæллойадон дисциплинæ сфидар кæнын, колхозы кондадон нывæстмæ пайдайаг ивддзинæдтæ бахæссын, адæмы зæрдæты коллективизмы фæрнæйдзаг æнкъарæн сæндидзын кæнын:

а) колхозы сæрдарæн;

æ) зæронд партион Бебейæн;

б) шофыр Сосейæн;

в) колхозы агроном Ирæйæн



  1. Романы сæйраг архайæг Ирæйы æрдзон æууæлтæ сты:

а) æнæныфс æмæ æдых;

æ) къуымых æмæ æнарæхст;

б) ныфсджын æмæ хъаруджын, дзырдарæхст æмæ цыргъзонд;

в) тæппуд æмæ лæмæгъ.



  1. «Йæ бирæ мидтых æмæ, сусæгæй чи хсиды, уыцы зæрдæ…архайын æмæ змæлын домынц»,- зæгъы Ирæ:

а) Сосейæ;

æ)Беталæй;

б) Техъайæ;

в) Габрелæй.



  1. Ирæйæн куырыхон уынаффæгæнæг у:

а) колхозы сæрдар Мухтар;

æ)Тембол;

б) зæронд партион Бебе;

в) Уасил.



  1. Романы персонажтæ Тембол æмæ Уасил Ирæйы проект хонынц:

а) « актуалон æмæ размæдзыд»;

æ) «аргъæуттæ æмæ цардæй иппæрд ныхæстæ»;

б) «колхозы сафæг»;

в) « дзидзидай сывæллоны хъуыдытæ».



  1. Романы символон нысаниуæг ис:

а) арвы ферттывдæн;

æ) Ирæ сау хъулон куыдзимæ кæй фембæлд, уымæн;

б) районмæ цæугæйæ, Ирæйы фæндагыл цæхгæрмæ цы сау калм фæцæйхылди, уымæн;

в) иу суткæйы дæргъы æртæ хылы кæй фæцис, уымæн.



  1. «Зын мын у, баба, фæлæ фæстæмæ здæхæн нæй! Уæ бонтæ хорз, адæм!» - зæгъы:

а) Бетал;

æ) Симæ;

б) Ирæ;

в) Сосе.



  1. Романы хъайтар - дзырднывæндæг у:

а) романы автор;

æ) романы сæйраг архайæг Ирæ;

б) Бетал;

в) колхозы сæрдар Мухтар.



  1. Гафезы роман хъæздыг у:

а) адæмон зарджытæй;

æ) хъæлдзæг ныхæстæй;

б) æмбисæндтæй - адæмы куырыхон зонды стъæлфæнтæй;

в) æлгъыстытæй.



  1. У таурæгъон литературæйы стырдæр формæ, вæййы дзы бирæ хъысмæтты ранывæст, арæхдæр хъайтартæ дæргъвæтин рæстæджы сты царды вазыгджын фæлварæнты, æхсæнады ныхмæдзыд тыхтимæ тохы. Уый у:

а) радзырд;

æ) уацау;

б) новеллæ;

в) роман



  1. Гафезы лирикон геройы ныййарæг мады синоним у:

а) нана;

æ)мады хо;

б) Райгуырæн зæхх;

в) уарзон чызг.



  1. Зонын æз, æвзонг лæппу куыд кæуы,

Лæгты федтон маройæ цæугæ,

Фæлæ никæд , а зæххыл цы цæрын,

Никуы федтон мард уды кæугæ.

Ацы ныхæстæ ист сты Гафезы æмдзæвгæ:

а) «Цæф дæн, уæззау цæф…» -æй;

æ) «Уадтымыгъ» -æй;

б) «Дыууæ цæссыджы» - йæ;

в) «Уалдзæг у, рæсугъд уалдзæг, æрдхæрæн..» -æй.



  1. Дзаммырз у Гафезы:

а) «Фыды артдзæст» - ы хъайтар;

æ) «Цардиппæрд» - ы хъайтар;

б) «Бæсты сæрвæлтау» - ы хъайтар;

в) «Уадтымыгъ» - ы хъайтар;



  1. Гафезы поэмæ «Уадтымыгъ» - ы идейæ у:

а) рæстдзинады сæраппонд æнæрæнцой тох;

æ) адæймаджы цард æнцайы уарзт æмæ рæсугъддзинады æнкъарæнтыл, уыдонæй гуыры удсыгъдæггæнæн , бæрзонд аивад;

б) хохæгтæ сæ къухтæм хæцæнгарз райстой, цæмæй бахъахъхъæной сæ уды сæрибар, æнæмастæй фæллой кæныны бартæ;

в) цард у æвидигæ, адæймаг - царды фидыц, цыфæнды уадтымыгъты дæр сæттын нæ комы























































































Дзугаты Георги

1 вариант

  1. Ацы рæсугъд комбæстæйы Джыккайты Шамилæй бирæ раздæр райгуырди Дзугаты Георги:

а) Черекаулы;

æ)Чъелеты;

б) Дзомагъы;

в) Хæрдысæры.



  1. Дзугаты Георгийы Фыдыбæстæйы Стыр хæст æрæййæфта:

а) педагогон техникумы куы ахуыр кодта, уæд;

æ) Хуссар Ирыстоны педагогон институты куы ахуыр кодта, уæд;

б) газеты куы куыста, уæд;

в) Советон Æфсады рæнхъыты куы уыд ,уæд



  1. 1944 азы Перемышлы раз Дзугаты Георгий:

а) фæцæф ис;

æ) йæхи хъазуатонæй равдыста;

б) ныффыста йæ «Бындзыг»;

в) уацары бахаудта



  1. Йæ æмдзæвгæтæ: «Фыдгулы минæйы зынг ысхъис…», «Акæс - ма ацы ариагмæ…», «Хæдтæхæг», «Гъей - джиди» дзурынц:

а) йæ хъæбатырдзинадыл;

æ) йе нæуынондзинадыл;

б) йæ лæмæгъдзинадыл;

в) цы зындоны хъизæмар бавзæрста Германы зæххыл, ууыл



  1. Дзугаты Георгийы æмдзæвгæтæ мыхуыры фæзындысты:

а) 1932 азы;

æ) 1933 азы;

б) 1934 азы;

в) 1935 азы



  1. Георгий йæ æмдзæвгæтæ æмæ поэмæты фыццаг æмбырдгонд схуыдта:

а) « Малусæг»;

æ) «Сæуæхсид»;

б) «Хуры тын»;

в) «Уадындз».



  1. Дзугаты Георгийы поэзийы ног фæлтæр райдыдта :

а) 1942-æм азты кæрон - 1952 - æм азты ;

æ) 1943- æм азты кæрон-1953 - æм азты;

б) 1945 -æм азты кæрон - 1955 -æм азты;

в) 1950 -æм азты кæрон- 1960 -æм азты



  1. Поэмæ «Бындзыг» - ы сæйраг архайæджы ном у:

а) Чермен;

æ) Тохти;

б) Будзи;

в) Сослан.





  1. Авторы ссарæггаг фæрæз поэмæ «Бындзыг» - ы у:

а) адæймаджы мидсагъæс;

æ) мард лæджы монолог;

б) дыууæ уды хъуырдухæн;

в) Фыдыбæстæимæ хинымæр дзурын.



  1. Поэмæ «Бындзыг» - ы ног æмæ ахадгæ у:

а) зæрдæйы мидсагъæс;

æ) æнкъарæнты драматизм;

б) алæмæты «дзауматæ»;

в) царды нывтыл лирикон геройы цæстахаст: уæле бынмæ, бæрзондæй ныллæгмæ



  1. Будзийы зæрдæйы бафтыд хохаг саурæсугъд, æфсæрмдзаст:

а) Мæдинæ;

æ) Фатимæ;

б) Зæринæ;

в) Дзерассæ.



  1. Поэмæ «Бындзыг» - ы сæйраг хъайтар хæстмæ йемæ ахаста:

а) Къостайы «Ирон фæндыр»;

æ) уадындз;

б) йæ уарзоны къухмæрзæн ;

в) йæ уарзон чызджы фæлмæн ба, йæ буц мады кæстытæ æмæ йе стыр донæйдзаг цæстытæ



  1. Будзийæн йæ уарзон чызджы фæлмæн ба, йæ мады кæстытæ æмæ донæйдзаг цæстытæ тохы бон уыдысты:

а) «туджы къуыбарау»;

æ) «артау»;

б) «уартау»;

в) «маргъау».



  1. Поэмæ «Бындзыг» - ы сæйраг хъуыды у:

а) рæстæг карз æмæ æгъатыр у, фыддзинад æмæ хæрамы уидæгтæ нырма - фидар. Уымæ гæсгæ, адæм, къæрцхъус ут, хæст мауал æруадзут!;

æ) цард у æвидигæ, адæймаг - царды фидыц, цыфæнды уадтымыгъты дæр сæттын нæ комы;

б) зæххыл хорз фæд ныууадзын;

в) уды сæрибар куыдфæндыйæ дæр бахъахъхъæнын.



  1. Дзугаты Георгийы дзырдаивады сæйраг бынат ахсы:

а) уарзондзинады темæ;

æ) хæст æмæ сабыр фæллойы темæ;

б) бинонты темæ;

в) æрдззонынады темæ.



  1. Ацы æмдзæвгæтæй Дзугаты Георгий нæ ныффыста:

а) «Ма кæ!»;

æ) «Мæйрухс æхсæв»;

б) «Мæ чысыл малусæг»;

в) «Гаджидау»





  1. «Саурæсугъд», «йæ дзыкку дыууæ быдæй - йæ риуыл». Адон сты ирон сылгоймаджы сурæтæвдисæг иумæйаг бынæттæ . Æмбæлæм сыл Дзугаты Георгийы æмдзæвгæ:

а) « Ма кæ» - йы;

æ) «Мæ чысыл малусæг» - ы;

б) «Дæ лæвар» - ы;

в) «Мæйрухс æхсæв» - ы



  1. «…уæрццау стахт æцæг уарзондзинад æмæ нын бауырнын кодта , уацмыс зæрдæйæ фыст кæй у…. Ацы «къах - къухтыл цæуын» ратта æмдзæвгæйæн психологон реалондзинад». Георгийы æмдзæвгæ «Мæйрухсæхсæв» - ы тыххæй загъта:

а) Джыккайты Шамил;

æ) Джусойты Нафи;

б) Хъодзаты Æхсар;

в) Ходы Камал.



  1. Дзугаты Георгийы æмдзæвгæ «Мæ чысыл малусæг» - ы ис дзырдтæ: «Мæ сæфт хуры хай». Уый у литературон мадзал:

а) метоними;

æ)градаци;

б) традицион метафорæ;

в) абарст



  1. Ехх, цы цæстытæ уыдысты!

Ехх, цы хъару мыл æфтыдтой!

Раст, цъæх денджызтау зындысты,

Раст ыстъалытау æрттывтой.



Ацы ныхæстæ ист сты Дзугаты Георгийы æмдзæвгæ:

а) « Ма кæ!» - йæ;

æ) «Мæйрухс æхсæв» - æй;

б) «Дæ лæвар» -æй;

в) «Мæ чысыл малусæг» -æй.

















































Дзугаты Георгий.

2 вариант



  1. Хуссар Ирыстоны , Дзомагъы хъæуы 1911 азы райгуырди:

а) Джыккайты Шамил;

æ) Гаглойты Федыр;

б) Дзугаты Георгий;

в) Цæгæраты Максим.



  1. Дзугаты Георгийæн ахуыры фадат фæцис:

а) Хуссар Ирыстоны советон хицауад куы æрфидар ис, уæд;

æ) йæ фыд Хасæхъо æхца куы бафыста, уæд;

б) куы сдзæбæх ис, уæд;

в) йæ уавæртæ куы фæхуыздæр сты, уæд.



  1. Дзугаты Георгий Советон Æфсады рæнхъыты куы уыд, уæд :

а) ныффыста йæ поэмæ «Бындзыг»;

æ) фæзындысты мыхуыры йе мдзæвгæтæ;

б) рацыдис йæ æмдзæвгæты æмæ поэмæты фыццаг æмбырдгонд;

в) райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст



  1. Цы зындоны хъизæмар бавзæрста Германы зæххыл, ууыл дзурынц йе мдзæвгæтæ:

а) «Мæйрухсæхсæв» æмæ «Мæ чысыл малусæг»;

æ) «Ма кæ» æмæ «Карды комыл»;

б) «Фæскъæвда хур бон» æмæ «Хъæбæрсæрст»;

в) «Фыдгулы минæйы зынг ысхъис», «Акæс - ма ацы ариагмæ….», «Хæдтæхæг» æмæ «Гъей - джиди»;

  1. «Хуры тын» - афтæ хуындис Дзугаты Георгийы:

а) фыццаг æмдзæвгæ;

æ) фыццаг поэмæ;

б) фыццаг прозаикон уацмыс;

в) йæ æмдзæвгæтæ æмæ поэмæты фыццаг æмбырдгонд



  1. Поэмæ «Бындзыг» - ы лирикон герой у:

а) хохаг сидзæр лæппу Газе;

æ) быдираг тракторист Бечыр;

б) Бухенвальды крематорийы удæгасæй кæй басыгътой æмæ ныр «фæздæджы бындзыг» чи сси, уыцы ирон салдат Будзи;

в) заводы кусæг Мамсыр.



  1. «Цæй , куыдтæ цæры, зæгъут - ма,

Уым мæ хъулонуарзт Ирыстон?» -афтæ фæфæрсы Бындзыг(Будзи):

а) йе мбæлтты;

æ) йæ уарзон чызг æмæ йæ мады;

б) йæ ахуыргæнджыты;

в) мæйы, стъалыты















  1. Дардтон, хастон сæ мæ риуы,

Раст цыкурайы фæрдгуытау.

Мысын кодтой мын мæ Иры

Тар æхсæвты дæр æртытау.

Поэмæ «Бындзыг» - ы сæйраг хъайтар зæгъы:

а) хъултæй;

æ ) дуртæй;

б) фæрдгуытæй;

в) йе 'рдынæрфыджы фæлмæн ба, йе' нкъард, буц мады кæстытæ, йе стыр донæйдзаг цæстытæй



  1. Поэмæ «Бындзыг» Дзугаты Георгий ныффыста:

а) 1960 азы;

æ) 1963 азы;

б) 1965 азы;

в) 1967 азы



  1. Царды нывтыл лирикон геройы ( Будзийы) цæстахаст : уæле бынмæ , бæрзондæй ныллæгмæ у:

а) ног æмæ ахадгæ;

æ) зæронд æмæ æнæхъуаджы;

б) æнæпайда;

в)æнæфенд.



  1. Тохы бон «уартау» уыдысты, «ныфс, лæджыхъæд ын лæвæрдтой» Будзийæн:

а) йæ уарзон чызджы фæлмæн ба, йæ мады цæстæнгас;

æ) йæ мысинæгтæ;

б) ирон зарджытæ;

в) йæхи фыст æмдзæвгæтæ.



  1. Хæст æмæ сабыр фæллойы темæ:

а)æнæуынон у Дзугаты Георгийæн;

æ)æнæмбаргæ у Дзугаты Георгийæн;

б) Георгийы дзырдаивады ахсы сæйраг бынат;

в) актуалон нæу Георгийæн.



  1. Рæувад уддзæф, дæ хорзæхæй, сабырдæр, -

Куы райхъал уа мæ царды рухс - тæрсын.

Нæ хæххон дон, тынг ма лæбур дæ былтæм,

Кæсыс, æз дæр мæ къахкъухтыл цæуын.

- Ацы ныхæстæ ист сты Георгийы æмдзæвгæ:

а) «Мæ чысыл малусæг» - æй;

æ) «Мæйрухс æхсæв» - æй;

б) « Ма кæ» - йæ;

в) «Дæ лæвар» - æй.



  1. 13 хæслæвæрдæн цы ныхæстæ лæвæрд ис, уым «рæувад уддзæф», «нæ хæххон дон» сты:

а) метафорæтæ;

æ) олицетворенитæ;

б) абарстытæ;

в) поэтикон сидæнтæ



  1. Дзугаты Георгийы æмдзæвгæ «Мæ чысыл малусæг» - ы ис ахæм дзырдтæ:

Нæ бал дидинæг рафтыдта,

Æвзист бындзытæй - къабуздзаг.

Дæу мæ зæрдæйæ цы атыдта,

Мæ урсдæллагхъуыр малусæг ?...

Ацы ран метафорæ у:

а) бал дидинæг;

æ)æвзист бындзытæй;

б) мæ зæрдæйæ;

в) дæу атыдта.



  1. Дзугаты Георгийы æмдзæвгæ «Ма кæ» - йы лирикон герой фæдзæхсы «цъæхдзаст» чызджы:

а) цæмæй йæ ма мæстæй мара;

æ)цæмæй йын разыйы дзуапп ратта;

б) цæмæй йæ ферох кæна;

в) цæмæй йæ кæйдæрæнгæс фидыцæй лæппуйы зæрдæйы рагон хъæдгом ма агайа;



  1. Дзугаты Георгийы æмдзæвгæ «Мæйрухс æхсæв» - ы æмбæлæм ирон сылгоймаджы сурæтæвдисæг иумæйаг бынæттыл. Уыдон сты:

а) адджын у йæ фын, хуыссы йæ базыл;

æ) æхсызгонæй бахуды, йæ цæсгом фæсау;

б) саурæсугъд, йæ дзыкку дыууæ быдæй - йæ риуыл;

в) йæ цæстытыл цынæ нывтæ ныдзæвы.



  1. Джусойты Нафи Георгийы æмдзæвгæ «Мæйрухс æхсæв» - ы тыххæй загъта:

а) «Ам ис, алы адæймаг дæр хатгай кæуыл ныхъхъуыды кæны, ахæм проблемæ. ….»;

æ) « Уд æмæ зонды хъуырдухæнты поэмæ»;

б) «Поэзийы зæрингуырды нывæфтыд хæзна»;

в) «..уæрццау стахт æцæг уарзондзинад æмæ нын бауырнын кодта, уацмыс зæрдæйæ фыст кæй у…»



  1. Уый нæ уæндыди нæ кæртæй

Махмæ бадзурын мæ номæй.

Мачи ракæса мæ бæсты -

Бадтæн алы хатт кæронæй…

Дзугаты Георгийы æмдзæвгæ «Ма кæ» - йы ацы рæнхъыты мидпсихологон æмæ цардуагон мидис арф æмæ алывæрсыгæй райхæлдта ацы зындгонд ирон фыссæг. «Ирон хæдзармæ, -зæгъы иртасæг,-лæппуйы номæй дзырдæуы. Фæлæ уыцы лæппу дæ уарзон куы уа, уæд та цы чындæуа? Ирон уарзондзинад æнусты дæргъы æмбæхст у… Георги уыцы хабар хорз зоны, кæронæй дæр уымæн бады йæ лирикæйы хъайтар: мыййаг куы нæ фæлæууа йæ зæрдæ, æнæрады куы ракæса кæртмæ, йæ сусæг уарзт куы сæргом уа!»

Ацы фыссæг - иртасæг у:

а) Хъодзаты Æхсар;

æ) Хуыгаты Сергей;

б) Джыккайты Шамил;

в) Джусойты Нафи











  1. Дзугаты Георги йе сфæлдыстадон æнтыстыты тыххæй хорзæхджын æрцыди:

а) Кады грамотæйæ;

æ) Сырх Тырысайы орденæй;

б) Адæмты хæлардзинады орденæй;

в) Кады Нысаны орденæй, у Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат























































Цæгæраты Максим

1 вариант



  1. Цæгæраты Максим райгуырди 1916 азы:

а) Æрыдоны;

æ)Буроны;

б) Хърупсы(ныры горæт Алагиры);

в) Дзæуджыхъæуы.



  1. Хетæгкаты Къостайы номыл стипенди пединституты фыццагдæр саккаг кодтой:

а) Цæрукъаты Алыксандрæн;

æ) Цæгæраты Максимæн;

б)Æгъуызарты Æхсарбегæн;

в) Малыты Васойæн.



  1. Цæгæраты Максимы сфæлдыстадон курдиат сбæлвырд :

а) хъæууон скъолайы куы ахуыр кодта, уæд;

æ) студенты азты;

б) танкисты скъолайы куы ахуыр кодта, уæд;

в) хæсты рæстæг.



  1. 1940 азы мыхуыры рацыди цыппар æрыгон авторы (Мыртазты Барис, Баситы Дзаххот, Кочысаты Мухарбег æмæ Цæгæраты Максимы) иумæйаг æмбырдгонд:

а) « Мах уарзæм»;

æ) «Нæ дуне»;

б) «Æнахуыр уарзт»;

в) «Рог уддзæф».



  1. Цæгæраты Максимæн йæ бирæ уацмысты ратæдзæн сси:

а) йæ студенты цард;

æ) йæ райгуырæн æрдз;

б) йæ уарзондзинад;

в) тугкалæн хæсты цы федта æмæ бавзæрста, уый



  1. Цæгæраты Максимы фыццаг чиныг «Хурныгуылæны» мыхуыры рацыди:

а) 1940 азы;

æ) 1943 азы;

б) 1945 азы;

в) 1947 азы



  1. Цæгæраты Максим сфæлдыстадон уæлтæмæнады, аивады темæ иттæг дæсны райхæлдта йæ радзырд:

а) « Мæ иунæг хо» - йы;

æ) «Бындары чызг» - ы;

б) «Мады зарæг» - ы;

в) «Сау хохы фыййау» - ы;



  1. Радзырд «Мады зарæг»- ы сæйраг идейæ у:

а) рæстдзинады сæраппонд æнæрæнцой тох , æвзонгады цардбæллон уаг кæронмæ ахæссын;

æ) тох кæнын, цæмæй бахъахъхъæнын уды сæрибар;

б) адæймаджы цард æнцайы уарзт æмæ рæсугъддзинады æнкъарæнтыл, уыдонæй гуыры удсыгъдæггæнæн, бæрзонд аивад;

в) цард у æвидигæ, адæймаг - царды фидыц, цыфæнды уадтымыгъты дæр сæттын нæ комы;.



  1. Радзырд «Мады зарæг» - ы экспозици у:

а) Слонаты Азауханы фыццаг рацыд хъазтмæ;

æ) концертон хай;

б) Афайы фыццаг уарзты цин;

в) Афайы æнахъом лæппуйы мард.



  1. Цæгæраты Максим йæ радзырд «Мады зарæг» - æн эпиграфæн райста ахæм дзырдтæ:

а) «Нæ фехъуыстон мачи зæгъæд!»;

æ) «Бирæ фос зад бæласмæ куы суасынц, уæд æрызгъæлы»;

б) «Фехалут æнахуырдзинады къæдзæх, цæмæй тагъддæр фесæфа фыдгæнджыты ахстон».Виктор Гюго;

в) «Кæйдæр рыст хъуыдытæ-

Мæ нывæрзæн базæн.

Кæйдæр рыст хъуыдытæн-

Мæ зæрдæ сæ авдæн…»



  1. Радзырд «Мады зарæг» райдайы:

а) сæйраг геройы æрфыстæй;

æ) Афайы хæдзары æрфыстæй;

б) театры декорациты æрфыстæй;

в) хъазты æрфыстæй.



  1. Адæм кæмæ æркастысты, уыцы æрыгон музыкант у:

а) Дзæуджыхъæуы аивæдты колледжы студенткæ;

æ) Бетъырбухы консерваторийы студенткæ;

б) Мæскуыйы Гнесинкæйы студенткæ;

в) Мæскуыйы консерваторийы студенткæ Саулаты Дзерассæ



  1. Афайæн йæ хъæбулы хъæбулы хъисфæндыры цагъдмæ йæ цæстытыл ауайынц:

а) йæ мад æмæ йæ фыды фыдæбæттæ;

æ) йæ гыццыл хъæбул Таймураз æмæ сыхы сывæллæтты хъæлдзæг хъæзтытæ;

б) Зæирæ æмæ Изетæйы сусæг ныхæстæ;

в) Афайы царды нывтæ æнæхъæнæй: фыццаг уарзты цин, бинонты амонд, сæ фæдыл - хъысмæты цæфты æнæскъуыйгæ хал;



  1. Дзерассæйы хъисфæндыры мелоди куыд зæрдæагайгæ у , уый æвдыст цæуы:

а) боныхъæды ивæнты;

æ) адæмы хъæлдзæгдзинады;

б) Афайы мидуавæры;

в) Зæирæйы амондджын царды.



  1. «……Стæй æрæджиау дыууæ хуры скаст Афайы хæдзары».

Уыцы дыууæ хуры сты:

а) йæ чызджытæ Зæирæ æмæ Изетæ;

æ) йæ хъæбулы хъæбултæ;

б) Хангуассæйæ йын цы дыууæ лæппуйы райгуырд, уыдон;

в) йæ дыууæ хойы.



  1. Афайы зæрдæйы хæрам басаста:

а) йæ дыууæ лæппуйы райгуырд;

æ) йе стыр уарзондзинад йæ чызг Зæирæмæ;

б) йæ æдзард бинойнаджы рухс ном;

в) Дзерассæйы музыкæйы егъау æхсызгондзинад, æгъуыстаджы курдиат



  1. Ацы зындгонд ирон фыссæг уыдис æхсæнадон царды разæнгард архайæг. Алы азты куыста рауагъдады сæйраг редакторæй, ирон драмон театры директорæй, журнал «Мах дуг» -ы редакторæй; уыди нæ республикæйы культурæйы министр, дзæвгар рæстæг лæууыди Фысджыты цæдисы правленийы сæргъы:

а) Гаглойты Федыр;

æ) Дзугаты Георги;

б) Цæгæраты Максим;

в) Цæрукъаты Алыксандр.



  1. Цæгæраты Максимæн йæ æнувыд æхсæнадон æмæ сфæлдыстадон куысты фæдыл лæвæрд æрцыди паддзахадон хорзæхтæ:

а) Кады Нысан» - ы орден æмæ Кады грамотæ;

æ) Сырх Тырысайы æмæ Адæмты хæлардзинады ордентæ;

б) «Телеуынынад æмæ радиохъусынады иттæг хорз кусæджы» ном;

в) Фæллойадон Сырх Тырысайы дыууæ ордены æмæ майдан, сси Цæгат Ирыстоны аивæдты сгуыхт архайæг, Цæгат Ирыстоны адæмон фыссæг, Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат



  1. Радзырд у:

а) къаннæг аив уацмыс, иу сюжетон хаххимæ. Ам æвдыст цæуы адæймаджы цардæй иу - дыууæ эпизоды;

æ) таурæгъон литературæйы астæуккаг формæ, нывæфтыд дзы цæуы хицæн адæймаджы царды истори кæнæ та къорд адæймаджы цардæй иу - цалдæр егъау фæлтæры;

б) таурæгъон литературон уацмыс, хатгай йæ асæй уацаумæ æрбаввахс вæййы. Йæ бындуры алкæддæр ис реалон цаутæ æмæ адæймæгтæ, сæйраг дзы сты бæлвырд зонинæгтæ;

в) таурæгъон литературæйы стырдæр формæ, вæййы дзы бирæ хъысмæтты ранывæст, арæхдæр хъайтартæ дæргъвæтин рæстæджы сты царды вазыгджын фæлварæнты, æхсæнады ныхмæдзыд тыхтимæ тохы.



  1. Цæгæраты Максим ныгæд æрцыд:

а) Алагиры;

æ) хохы;

б) Дæргъæвсы;

в) Дзæуджыхъæуы Намысы Аллейæйы?

































Цæгæраты Максим

2 вариант



  1. Хърупсы (ныры горæт Алагиры) райгуырдис:

а) 1918 азы Цæрукъаты Алыксандр;

æ) 1911 азы Дзугаты Георги;

б) 1913 азы Гаглойты Федыр;

в) 1916 азы Цæгæраты Максим



  1. Цæгæраты Максимæн пединституты фыццагдæр саккаг кодтой:

а) Ленины номыл стипенди;

æ) Хетæгкаты Къостайы номыл стипенди;

б) Дзæуджыхъæуы хицауады номыл стипенди;

в) Цæгат Ирыстоны фысджыты цæдисы номыл стипенди.



  1. Студенты азты сбæлвырд:

а) Цæгæраты Максимы тыхджын характер;

æ) Максимы рæсугъд удыхъæд;

б) Максимы сфæлдыстадон курдиат;

в) йæ æнæкæрон уарзондзинад Ирыстонмæ.



  1. «Мах уарзæм» - афтæ хуындис:

а) Максим цы литературон къорды архайдта, уый;

æ) йæ дипломон куыст;

б) институты йæ фыццаг литературон изæр;

в) 1940 азы цыппар æрыгон авторæй( Мыртазты Барис, Баситы дзаххотт, Кочысаты Мухарбег æмæ Цæгæраты Максим )цы иумæйаг æмбырдгонд рауагътой, уый



  1. Тугкалæн хæсты цы федта æмæ бавзæрста, уый Максимæн :

а) йæ зæрдæйæ сцух ис;

æ) йæ зæрдæ сæнкъуысын кодта;

б) сси йæ бирæ уацмысты ратæдзæн;

в) цардыхос фæцис.



  1. 1947 азы Максимæн мыхуыры рацыдис:

а) йæ фыццаг чиныг «Хурныгуылæны»;

æ)йæ уацау «Хурзæрин»;

б) йæ уацау «Сау хохы фыййау»;

в) йæ радзырд «Мады зарæг;



  1. Цæгæраты Максим йæ радзырд « Мады зарæг» - ы иттæг дæсны равдыста:

а) мад æмæ сывæллæтты ахастдзинæдтæ;

æ) колхозты рæзты рæстæг;

б) мады уарзондзинад;

в) сфæлдыстадон уæлтæмæнады, аивады темæ;



  1. Адæймаджы цард æнцайы уарзт æмæ рæсугъддзинады æнкъарæнтыл, уыдонæй гуыры удсыгъдæггæнæн, бæрзонд аивад. Уый у радзырд «Мады зарæг» - ы:

а) сæйраг темæ;

æ) сæйраг идейæ;

б) дæлтемæ;

в) сæйраг архайæджы хъуыды;



  1. Цæгæраты Максимы радзырд «Мады зарæг» -ы концертон хай у:

а) аивадон æрхъуыды;

æ) историон æцæгдзинад;

б) экспозици;

в) инвективæ;



  1. Кæйдæр рыст хъуыдытæ -

Мæ нывæрзæн базæн.

Кæйдæр рыст хъуыдытæн -

Мæ зæрдæ сæ авдæн…

Ацы ныхæстæ Цæгæраты Максим райста эпиграфæн йæ :

а) уацау «Мæ иунæг хо» -йæн;

æ) уацау «Бындары чызг» -æн;

б) радзырд «Асиаты кино» -йæн;

в) радзырд «Мады зарæг» -æн;



  1. Театры декорациты æрфыстæй райдайы Максимы:

а) радзырд «Дзыллæйы сагъæстæ»;

æ)радзырд « Мады зарæг»;

б) радзырд «Асиаты кино»;

в) уацау «Хæхты барæг»;



  1. Мæскуыйы консерваторийы студенткæ Саулаты Дзерассæ у:

а) адæм кæмæ æркастысты, уыцы æрыгон музыкант;

æ) хъæздыг лæджы чызг;

б) адæмы зæрдæмæ чи нæ фæцыд, уыцы æрыгон музыкант;

в) йæ ахуыр æрдæгыл чи ныууагъта, уыцы къæйных чызг;



  1. Æвзонг музыкант Саулаты Дзерассæйы зæдæнгæс сурæт уынæм:

а) авторы цæстæй;

æ) Афайы цæстæй;

б) залы бадджыты цæстæй;

в) йæ мады цæстæй;.



  1. Цæгæраты Максимы радзырд «Мады зарæг» -ы боныхъæды ивæнты æвдыст цæуы:

а) адæмы ахастдзинæдтæ;

æ) Афайы равг;

б) залы бадджыты æнкъарæнтæ;

в) Дзерассæйы хъисфæндыры мелоди куыд зæрдæагайгæ у, уый;……………



  1. Радзырд «Мады зарæг» - ы сæйраг архайæг Афайы зæрдæйы сног сты ивгъуыды карз æмæ рухс мысинæгтæ:

а) йæ дыууæ фаззон фырты куы райгуырдысты, уæд;

æ) йæ сиахсы куы федта, уæд;

б) йæ хъæбулы хъæбул Дзерассæйы цагъдмæ;

в) Терчы доны уынæрмæ;



  1. Дзерассæйы æгъуыстаджы курдиат райхъал кодта туг - стæджы æнкъарæн æмæ :

а) райгуырын кодта залы бадджытæм рæсугъд монцтæ;

æ) равзæрын кодта йæ мад æмæ фыдмæ сæрыстырдзинад;

б) æрфæлмæн кодта кæрæ дзимæ æвзæр цæстæй чи кастис, уыдоны зæрдæтæ;

в) басаста Афайы зæрдæйы хæрам;

  1. Ацы зындгонд ирон фыссæгæн йæ æнувыд æхсæнадон æмæ сфæлдыстадон куысты фæдыл лæвæрд æрцыди фæллойадон Сырх Тырысайы дыууæ ордены æмæ майдан, сси Цæгат Ирыстоны аивæдты сгуыхт архайæг, Цæгат Ирыстоны адæмон фыссæг, Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат:

а) Джусойты Нафи;

æ) Цæгæраты Максим;………..

б) Цæрукъаты Алыксандр;

в) Дзесты Куыдзæг.



  1. Ацы ныхæстæ ист сты Цæгæраты Максимы радзырд «Мады зарæг» -æй:

а) «Уыцы бон фыццаг хатт базыдтой хъæубæстæ, фæндыр канд цæгъдын нæ, фæлæ ма дзурын дæр зоны, уый»;……………

æ) «Маст, маст. Уый ме мбæлццон у. Æрмæст мæ зæрдæ рухс у: «Адæм рацæудзысты кусынмæ. Хор рæстæгыл бафснайдзыстæм»;

б) «...Зилын æрæгвæззæг хуссары хъæдты, æгæндæг пыхсбынты. Ацæргæ, фæлладхуыз кæрдæгæй ферттивынц сыхсыйы цупæлттæ, дымгæдзагъд цъуйы гагатæ, æрсмыды фæрдгуытæ»;

в) «Комы цæрджытæ алы аз дæр баххуырсынц лæг, фæндагмæ йæ цæст чи дара, ахæм...»;



  1. Цæгæраты Максим уыдис æхсæнадон царды разæнгард архайæг. Уый куыста:

а) ахуыргæнæгæй дæр, газеты редакторæй дæр;

æ) фысжыты цæдисы дæр, рауагъдады дæр;

б) наукон библиотекæйы дæр;

в) алы азты куыста рауагъдады сæйраг редакторæй, ирон драмон театры директорæй, журнал «Мах дуг» - ы редакторæй; уыди нæ республикæйы культурæйы министр, лæууыди дзæвгар рæстæг Фысджыты цæдисы правленийы сæргъы;



  1. Цæгæраты Максимы уацмыстæй радзырд у:

а) « Сау хохы фыййау»;

æ) «Мæ иунæг хо»;

б) «Мады зарæг»;

в) « Бындары чызг»;

















































Цæрукъаты Алыксандр

1 вариант.

  1. Ацы зындгонд ирон фыссæгæн йæ мад Агъниан уыди курдиатджын таурæгъгæнæг, арф æнкъардта ирон дзырды ад:

а) Гафезæн;

æ) Цæрукъаты Алыксандрæн;

б) Агънаты Гæстæнæн;

в) Дзасохты Музаферæн;



  1. Цæрукъаты Алыксандр райгуырди:

а) 1925 азы Хуссар Иры, Хæрдысæры хъæуы;

æ) 1943 азы Цæгат Ирыстоны , Хъарман - Сындзыхъæуы;

б) 1918 азы Цæгат Ирыстоны, Хъарман - Сындзыхъæуы;

в)1922 азы Цæгат Ирыстоны, хохаг хъæу Зджыды;



  1. Ацы хабар сси цæрæнбонтæм Алыксандры зæрдæйы судзгæ рис æмæ хъизæмар:

а) йæ ахуыры ныууагъд;

æ) йæ фыды куыст Цыколайы тæрхондоны ;

б) йæ мады амард;

в) йæ фыды йын 1937 азы «адæмы знаг» рахуыдтой, æмæ йæ æрцахстой. Афæдз дæр нæма рацыдис, афтæ йæ марды хабар сыхъуысти;



  1. Цæрукъаты Алыксандры фыццаг поэтикон фæлварæнтæ фæзындысты районы газеты:

а) 1933 - 1935 азты;

æ) 1935- 1936 азты;

б) 1937-1938 азты;

в) 1939 - 1940 азты;



  1. Цæрукъаты Алыксандры фыццаг «рецензент» уыди:

а) йæ мад Агъниан;

æ) Хъазыбегты Хъазыбег;

б) Дзугаты Георги;

в) Гаглойты Федыр;



  1. Алыксандр 1951 азы фæсаууонмæ каст фæци педагогон институт. Уæдмæ сси дыууæ чысыл чиныджы автор:

а) «Арвæрдын» æмæ «Царды авдæн»;

æ) «Цыма лæууын æз кувæндоны раз» æмæ «Зæрдæйы фæндæгтæ»;

б) «Æвзистсыг къæвдатæ» æмæ «Шекспирæн;

в) Æмдзæвгæтæ» æмæ «Сæууон зарджытæ»;



  1. Стыр ахъаз Цæрукъаты Алыксандрæн йæ поэтикон дзырды хъомысы фесты:

а) Рабфачы ахуыры азтæ;

æ) пединституты ахуыры азтæ;

б) ахуыргæнæгæй куысты азтæ;

в) Мæскуыйы Горькийы номыл Литературон уæлдæр скъолайы ахуыры азтæ;











  1. 1957 азы Алыксандр Ирыстонмæ куы æрыздæхти, уæдæй суанг пенсийы ацæуыны онг куыста:

а) Ногхъæуы скъолайы ахуыргæнæгæй;

æ) Урсдоны скъолайы ахуыргæнæгæй;

б) рауагъдад «Ир» -ы редакторæй;

в) пединституты ахуыргæнæгæй;



  1. Цæрукъаты Алыксандры сфæлдыстад иртасджытæ поэтæн йæ интеллектуалон ахаст хонынц:

а) «æнæмæлгæ поэзи»;

æ) «хъуыдыты поэзи»;

б) «сæнтты поэзи»;

в) «рог поэзи»;



  1. «Фыды фарн мæрдтæм нæ цæуы» - ацы хъуыдыйы бындурыл сырæзт Цæрукъаты Алыксандры егъау уацмыс:

а) «Æхсæвы фæндырдзагъд»;

æ) « Гимн хъилхъæдурæн»;

б) «Ныхас авдæны сывæллонимæ»;

в) «Рох симфони»;



  1. « Ам ис, алы адæймаг дæр хатгай кæуыл ныхъхъуыды кæны, ахæм проблемæ. Цымæ райгуырæг гуырдз райрæзы, æрдз ын цас фадат дæтты, уыйбæрц? Æмæ кæд йæ гæнæнтæ, йæ æмбæхст авналæнтæ æндзыгæй баззадысты йæхимидæг , нæ рахызтысты хъуыддаджы хуызы дунемæ? Кæд адæймаг нæ сарæзта , цы хъуамæ сарæзтаид, уый, кæд нæ сæххæст кодта йæ хæс? Кæд кæмдæр баззадысты зæфцы фыдæй уды диссаджы хæзнатæ? Ахæм адæймаджы катай æвдыст цæуы ацы æмдзæвгæйы». Ацы ныхæстæ загъта зындгонд ирон поэт Цæрукъаты Алыксандры æмдзæвгæ «Ныхас авдæны сывæллонимæ» -йы тыххæй:

а) Хъодзаты Æхсар;

æ) Хуыгаты Сергей;

б) Дзасохты Музафер;

в) Малиты Васо;



  1. Алыксандры æмдзæвгæ «Ныхас авдæны сывæллонимæ» - йы саби æмæ æрдзы' хсæн гармонион иудзинады нывтæ банымайæн ис:

а) уацмысы лæмæгъдæр бынæттыл;

æ) уацмысы æнаивдæр бынæттыл;

б) уацмысы аивдæр бынæттыл;

в) уацмысы æнæмбаргæ бынæттыл;



  1. Рæстæг æмæ адæймаджы нысаныл лирикон - философон монолог схонæн ис Алыксандры æмдзæвгæ :

а) «Ныхас авдæны сывæллонимæ» - йы;

æ) «Рох симфони»- йы;

б) « Æхсæвы фæндырдзагъд» - ы;

в) «Мæ кувæндоны къæсæрыл» - ы;



  1. Æмдзæвгæ «Ныхас авдæны сывæллонимæ» - йы темæ у:

а) аивады темæ поэты сфæлдыстады;

æ) фæлтæрты бастдзинады темæ;

б) патриотизм æмæ кады мæлæты темæ;

в) нырыккон хæстыты темæ;



  1. Генион æрмдзæфы æнусон ахадындзинадыл дзуры Цæрукъаты Алыксандры сонетты зындгонд цикл:

а) «Микеланджело;

æ) « Мæ рагдуджы цы бонвæрнон…»;

б) «Шекспирæн»;

в) «Æхсæвы этюд»;



  1. Цæрукъаты Алыксандры æмдзæвгæ « Ныхас авдæны сывæллонимæ» -йы номарæн у:

а) йæ мадæн;

æ) йе фсымæрæн;

б) йæ хæрæфыртæн;

в) чысыл Аланæн;



  1. Алыксандр йе мдзæвгæ « Шекспирæн» - ы «згъæрджын тыхгæнджыты» хоны:

а) Кочубейы;

æ) къарол Артуры;

б) викингты;

в) Аттилæ, Чингисхан, Македойнаг æмæ Наполеоны;



  1. Алыксандр Шекспиры поэзийы хоны:

а) уæларвон;

æ) алæмæты;

б) зæронд чи нæ кæны, ахæм розæты цæхæрадон;

в) зæрдылæмбæлæг;



  1. Автобиографион фæд кæуыл ис, поэты ахæм уацмыстæй иу у:

а) «Мæ кувæндоны къæсæрыл»;

æ) «Рох симфони»;

б) «Рагсæууон»;

в) «Микеланджело»;



  1. Цæрукъаты Алыксандр ацы æмдзæвгæйы æвдисы Нывгæнæг - дзырдвæлдисæджы мидæнкъарынад , поэты вазыгджын удысконд æмæ психикæйы контрасттæ:

а) « Ныхас авдæны сывæллонимæ» - йы;

æ) « Шекспирæн» - ы;

б) « Мæ кувæндоны къæсæрыл»; - ы;

в) « Рох симфони» - йы;



  1. «Уд æмæ зонды хъуырдухæнты поэмæ» - афтæ схуыдта Алыксандры æмдзæвгæ «Мæ кувæндоны къæсæрыл» - ы фыссæг:

а) Малиты Васо;

æ) Джыккайты Шамил;

б) Хъодалаты Герсан;

в) Цæрукъаты Владимир;















  1. Мæ хъустыл ауайы æнахуыр зæл…

Кæцæй уа уыцы диссаджы мелоди?

Ацы ныхæстæ ист сты æмдзæвгæ :

а) «Рох симфони» -йæ;

æ) «Æхсæвы этюд» -æй;

б) «Гимн хъилхъæдурæн» -æй;

в) « Æхсæвы фæндырдзагъд»-æй;



  1. Цæрукъаты Алыксандр йе 'мдзæвгæ «Гимн хъилхъæдурæн» -ы табу кæны хуымæтæг дзыгъуыр хъæдурæн, уымæн æмæ:

а) уый уыди йæ уарзон зайæгой;

æ) йæ дидинæг хаста æхцондзинад;

б) ацы зайæгойы фæрцы стонг азты ирвæзтысты адæм æмæ ма суанг хæдзарон фос дæр;

в) йæ уæй кодтой;



  1. Алыксандры æмдзæвгæ «Æхсæвы фæндырдзагъд» - ы æвдыст æрцыдис:

а) æхсæвы уынæр, æрдзы тæмæнкалгæ ахорæнтæ;

æ) ирон чызджы рæсугъд фæндырдзагъд;

б) æхсæвы цъырцъырæгты зарын;

в) æхсæвыгон бæлæсты сусæг сыбар - сыбур;



  1. Цæрукъаты Алыксандр йæ поэзийæ адæмы зæрдæтæм фæндаг кæй ссардта, ирон аив дзырды хъомыс бæрзонд æмвæзадмæ кæй систа, уый тыххæй йын лæвæрд æрцыди:

а) Кады Нысаны орден;

æ) Хетæгкаты Къостайы номыл преми;

б) Фæллойадон Сырх Тырысайы орден;

в) Цæгат Ирыстоны адæмон поэты ном;



























































Цæрукъаты Алыксандр

2 вариант

  1. Цæрукъаты Алыксандр райгуырди:

а) 1911 азы Цæгат Ирыстоны , Алагиры;

æ) 1913 азы Цæгат Ирыстоны, Джызæлы;

б) 1915 азы Цæгат Ирыстоны, Дигорайы;

в) 1918 азы Цæгат Ирыстоны, Хъарман - Сындзыхъæуы;



  1. Ацы зындгонд ирон фыссæгæн 1937 азы йæ фыды рахуыдтой «адæмы знаг» æмæ йæ æрцахстой, афæдзы фæстæ йæ марды хабар сыхъуысти:

а) Цæгæраты Максимæн;

æ) Дзесты Куыдзæгæн;

б) Цæрукъаты Алыксандрæн;

в) Дзугаты Георгийæн;



  1. «Æз - фæндзæм къласы ахуырдзау, уый та мæ æнхъæлдта ас лæг æмæ мæ разы æрæвæрдта карз домæнтæ»,- фыста йæ мысинæгты Алыксандр :

а) йæ фыццаг ахуыргæнæджы тыххæй;

æ) сæ хъæуы скъолайы директоры тыххæй;

б) йæ дард хæстæджы тыххæй;

в) йæ фыццаг «рецензент» Хъазыбегты Хъазыбеджы тыххæй;



  1. Цæрукъаты Алыксандр нæ ахуыр кодта:

а) Мæскуыйы Горькийы номыл Литературон уæлдæр скъолайы;

æ) Чырыстонхъæуы авдазон скъолайы;

б) рабфачы;

в) педагогон институты;



  1. Ацы фыссæгæн йæ райгуырд æмæ йæ мæлæт æрцыд иу бон - 12 декабры. Уым, æвæццæгæн, цыдæр сусæгдзинад ис:

а) Цæрукъаты Алыксандрæн;

æ) Гаглойты Федырæн»

б) Цæгæраты Максимæн;

в) Гаглойты Владимирæн;



  1. Алыксандры миддунейы æмæ йе сфæлдыстады æхсæн цы гармонион иудзинад уыд, уымæн йæ гуырæн у сæрибары тæхудиаг æнкъарæн. Афтæ хъуыды кодтой:

а) фысджыты цæдисы уæнгтæ;

æ) йæ мад Агъниан æмæ йе 'фсымæр;

б) Алыксандры сфæлдыстад иртасджытæ;

в) рауагъдад «Ир» -ы кусджытæ;



  1. Алыксандр «поэзийы зынг» бахаста нæ ирон дзырдаивады артдзæстмæ :

а) йæ æмдзæвгæты æмбырдгонд «Арвæрдын» -æй;

æ) йæ «Цыма лæууын æз кувæндоны раз» -æй;

б) йæ «Зæрдæйы фæндæгтæ» -йæ;

в) йæ «Æвзистсыг къæвдатæ» - йæ;



  1. Алыксандры егъау , 34 дæсрæнхъонæй нывæст уацмыс у:

а) «Микеланджело»;

æ) «Ныхас авдæны сывæллонимæ»;

б) «Гимн хъилхъæдурæн»;

в) «Шекспирæн»;

  1. Цæрукъайы -фырт йæ æмдзæвгæ «Ныхас авдæны сывæллонимæ» -йы дзуры:

а) лæджы æнæмæлæт цы кæны, ахæм бастдзинæдтыл;

æ) фыд йæ сывæллонæн цы ныстуан дæтты, ууыл;

б) мад йæ фыртæн цы фæдзæхсы, ууыл;

в) æнусон фæрстытæ æмæ проблемæтыл;



  1. Дæттын дæуæн мæ базыртæ тæхынмæ,

Цæргæсзæрдæ - æвзыгъд æмæ уæндаг.

Цæмæ бæллыдтæн рухс дунетыл, уымæ

Куы саразис дæхирдыгон фæндаг!

Ацы ныхæстæ ист сты Цæрукъаты Алыксандры æмдзæвгæ:

а) «Рох симфони» - йæ;

æ) «Ныхас авдæны сывæллонимæ» - йæ;

б) «Мæ кувæндоны къæсæрыл» -æй;

в) «Æхсæвы фæндырдзагъд» -æй;



  1. Цæрукъаты Алыксандр фæлтæрты бастдзинады уыны:

а) æнæпайдадзинад;

æ) гармони;

б) саст ахастдзинæдтæ;

в) адæймаджы æнæмæлæты уидаг, царды диалектон мидис;



  1. Поэты зæрдæ фидар кæны иу хъуыддаг. Саби ас лæгæн радта цæрыны монц, у йын «ныфсы сæр»: хъуамæ фыдæн цы нæ бантысти, уый йæ бындар кæронмæ ахæццæ кæна. Ацы арф хъуыды мах уынæм Цæрукъаты Алыксандры æмдзæвгæ:

а) «Рагсæууон» - ы;

æ) «Æхсæвы этюд» - ы ;

б) «Ныхас авдæны сывæллонимæ» - йы;

в) «Мæ рагдуджы цы бонвæрнон…» - ы;



  1. Цæрукъаты Алыксандр ацы диссаджы фыссæджы сонеттæ схуыдта «розæтæ»:

а) Токаты Алиханы;

æ) Шекспиры;

б) Низамийы;

в) Фирдоусийы;



  1. Алыксандры сонетты зындгонд цикл «Шекспирæн» дзуры:

а) генион æрмдзæфы æнусон ахадындзинадыл;

æ) Шекспиры цардвæндагыл;

б) Шекспиры поэзийы хъомысыл;

в) поэты ахадындзинадыл;



  1. Цæрукъаты Алыксандры уацмыс « Мæ кувæндоны къæсæрыл» ацы ирон поэты хъуыдымæ гæсгæ сæвзæрд «цыма иу тыхджын улæфтæй» æмæ зæлы «фыдæх æмæ хорзæхы тохы симфонийау»:

а) Джыккайты Шамилы;

æ) Джусойты Нафийы;

б) Æгъуызарты Æхсарбеджы;

в Малиты Васойы;









  1. Джыккайты Шамил поэмæ «Мæ кувæндоны къæсæрыл»- ы рахуыдта:

а) «поэзийы зæрингуырды нывæфтыд хæзна»;

æ) «Уд æмæ зонды хъуырдухæнты поэмæ»;

б) «царды æндзыг - æнцойад халæг»;

в) «Рæстдзинад, Уарзт æмæ Фыдызæххы сæрыл хæцæг»;



  1. Алыксандры уацмыс « Мæ кувæндоны къæсæрыл» - ы æвдыст цæуы:

а) Цæрукъаты мыггаджы кувæндон;

æ) йæ сабидуг;

б) поэтæн йæ арф æмæ вазыгджын удысконд, йæ этикон идеалтæ;

в) царды фыдæвзарæнтæ æмæ сæ аххосæгтæ;



  1. «Хæлуры цъарау батадтæн, нырруадтæн», «Хъæндæлы саст зæнгау Æз дымгæмæ ныххус дæн», «Мæн афтид, гом лæгæтау Къуыззитт фæкæны уад», «раст донхæрæнæй рахаугæ сæргæхцау». Ацы рæнхъытæ ист сты Цæрукъаты Алыксандры поэмæ «Мæ кувæндоны къæсæрыл» -æй æмæ сты:

а) метафорæтæ;

æ) олицетворенитæ;

б) гиперболæтæ;

в) абарстыты рæнхъ;



  1. Алыксандры æмдзæвгæ «Рох симфони» - йы темæ у:

а) аивады темæ;

æ) хæсты темæ;

б) ивгъуыд уарзты темæ;

в) æрдзы темæ;



  1. «Мæлæтсæттæг хъару, æхсар,

Зæххон æвдадзыхос, æлутон…»

Афтæ хоны Цæрукъаты Алыксандр:

а) сывæллоны «Ныхас авдæны сывæллонимæ» -йæ;

æ) Шекспиры «Шекспирæн»-æй;

б) сызгъæринæфцæг уадындзы «Рох симфони» -йæ;

в) дзыгъуыр хъæдуры «Гимн хъилхъæдурæн» -æй;



  1. Æрцыд та уалдзæг, хъазгæ, ныр,

Ыскастæ саумæрæй, фæдзых дæ.

Фæцъæх дæ урс æнгуылдз,

Фæбæрæг ис йæ ных дæр.

Æмдзæвгæ «Гимн хъилхъæдурæн» - æй ист строфайы хицæнгонд хай у:

а) сидæн;

æ)метафорæ;

б) абарст;

в) аллитераци;

  1. Æхсæвы уынæры зæлфыст, йæ тæмæнкалгæ ахорæнтæ æвдыст æрцыдысты Алыксандры æмдзæвгæ :

а) «Æхсæвы фæндырдзагъд» - ы;

æ) «Æхсæвы этюд» - ы;

б) «Рагсæууон»- ы;

в) «Рох симфони» - йы;







  1. Цæрукъаты Алыксандры интимон лирикæйы хъайтар алы кары дæр у:

а) къæйных;

æ) максималист;

б) рæсугъд æмæ ныфсхаст;

в) уæздан, хæдæфсарм, йæ риуы цы тыхджын монцтæ æхсидынц, уыдоны рохтыл хæцын зоны, уарзон адæймагмæ йын ис рыцары ахаст;



  1. «Хъуыдыты поэзи» - афтæ рахуыдтой Алыксандрæн йæ интеллектуалон ахаст:

а) йе мбæлттæ;

æ) йæ сыхæгтæ;

б) йе 'мкусджытæ;

в) Алыксандры сфæлдыстад иртасджытæ;



  1. Ирон сабиты алы фæлтæртæн дæр æмдзæвгæ -аргъау «Мыстъаче -усгур» у зынаргъ. Уый ныффыста:

а) Ходы Камал;

æ) Хъодзаты Æхсар;

б) Чеджемты Æхсар;

в) Цæрукъаты Алыксандр;



















































































Джусойты Нафи

1 вариант

  1. Ацы зындгонд ирон фыссæг, дæсны тæлмацгæнæг æмæ публицист , литературон критик æмæ иртасæг, æхсæнадон архайæг райгуырди 1925 азы Хуссар Иры, Хæрдысæры хъæуы:

а) Дзугаты Георги;

æ) Гаглойты Федыр;

б) Джусойты Нафи;

в) Гаглойты Владимир;



  1. Джусойты Нафи 1945 азы Тамбовы райста:

а) ахуыргæнæджы дæсныйад;

æ) тæлмацгæнæджы дæсныйад;

б) фыссæджы дæсныйад;

в) хæдтæхæгскъæрæг -штурмовичы дæсныйад;



  1. Нафи - ссæдзаздзыд лæппу - хæсты фæстæ хуыздæрæн равзæрста:

а) æфсæддон фæндаг;

æ) сфæлдыстадон фæндаг;

б) ахуыргæнæджы фæндаг;

в) конструкторы фæндаг;



  1. Джусойты Нафи филологийы доктор сси:

а) 1962 азы;

æ) 1964 азы;

б) 1966 азы;

в) 1968 азы;



  1. 1988 азы ацы фыссæгæн лæвæрд æрцыди Гуырдзыстоны зонæдты Академийы уæнг - уацхæссæджы ном:

а) Гафезæн;

æ) Джусойты Нафийæн;

б) Дзугаты Георгийæн;

в) Бестауты Гиуæргийæн;



  1. Нафийы райдайæн поэтикон фæлтæрæнтæ хауынц:

а) скъолайы азтæм;

æ) Батайскы Æфсæддон тæхджыты ахуыргæнæндоны азтæм;

б) педагогон институты азтæм;

в) Ленинграды уырыссаг литературæйы институты аспирантурæйы азтæм;



  1. Хæсты фæстæ 1949 азы Нафийæн рацыдис йе 'мдзæвгæты хицæн æмбырдгонд:

а) «Хæстон æфсымæрдзинад;

æ) «Салдаты удхар»;

б) «Салдаты зæрдæ»;

в) «Салдаты цинтæ;



  1. Йе сфæлдфыстадон лæджы кары Нафи бацыди 1950 -æм азты дыккаг æмбисы:

а) йе мбæлтты хъуыдымæ гæсгæ;

æ) иртасджыты хъуыдымæ гæсгæ;

б) Цæгат Ирыстоны зонадон - иртасæг институты кусджыты хъуыдымæ гæсгæ;

в) Хуссар Ирыстоны зонадон - иртасæг институты кусджыты хъуыдымæ гæсгæ;



  1. Уацау «Адæймаджы мæлæт» уырыссаг æвзагмæ тæлмацæй «Возвращение Урузмага» райста журнал «Дружба народов» - ы æрвылазон литературон преми. Ныффыста йæ:

а) Джыккайты Шамил;

æ) Булкъаты Михал;

б) Джусойты Нафи;

в) Хуыгаты Сергей;



  1. Джусойты Нафи ацы чингуытæй нæ ныффыста:

а) «Æз райгуырдтæн хохы», «Сабыр ныхæстæ»;

æ) «Зын кары»; «Адæймаджы мæлæт»;

б) «Æнæном чиныг»;

в) «Хурныгуылæны»;



  1. Ацы зындгонд ирон фыссæг у литературон критикты дунеон ассоциацийы уæнг, йæ центр -Париж:

а) Дзаболаты Хазби;

æ) Æлборты Хадзы - Умар;

б) Дзуццаты Хадзы -Мурат;

в) Джусойты Нафи;



  1. Джусойты Нафи йæ сагъæс ирон адæмы хъысмæтыл, царды нысан æвзарыны бæрн æмæ уæз, Райгуырæн зæххы æвидигæ фарн равдыста йæ чиныг:

а) «Изæры рухс» - ы;

æ) «Сабыр ныхæстæ» - йы;

б) «Æнæном чиныг»- ы;

в) «Æз райгуырдтæн хохы» - йы;



  1. Фæллойы рухс æмæ адæймаджы удыхъæд сты Нафийы мæт æмæ сагъæс. Уыдон æвдыст æрцыдысты йæ чингуытæ:

а) «Зын кары» æмæ «Æнæном чиныг» - ы;

æ) «Æз райгуырдтæн хохы» æмæ «Изæры рухс» - ы;

б) «Сабыр ныхæстæ» æмæ «Адæймаджы мæлæт» -ы»;

в) « Салдаты зæрдæ» æмæ «Сырдоны цæссыгтæ» - йы;



  1. Нафийы ацы уацауты чиныгæн стыр аргъ скодта уæрæсейаг критикæ, йæ автор аккаг бынат бацахста Валентин Распутин, Виктор Астафьев, Василий Белов æмæ нæ бæстæйы иннæ зындгонд фысджыты 'хсæн:

а) «Сырдоны цæссыгтæ» - йæн;

æ) «Адæймаджы мæлæт» - æн;

б) «Сабыр ныхæстæ» - æн»;

в) «Изæры рухс» -æн;



  1. Фыццаг ирон историон роман у:

а) Боциты Бароны «Саст рæхыс»;

æ) Гафезы «Уæ бонтæ хорз, адæм!»;

б) Фæрнион Къостайы «Уады уынæр»;

в) Джусойты Нафийы «Фыдæлты туг»;











  1. Роман «Фыдæлты туг» - ы архайд цæуы:

а) 16 æнусы райдайæны 1530 азы;

æ) 17 æнусы райдайæны 1630 азы;

б) 18 æнусы райдайæны 1730 азы;

в) 19 æнусы райдайæны 1830 азы;



  1. Роман «Фыдæлты туг» - ы сæйраг хъуыды у:

а) адæймаджы цард æнцайы уарзт æмæ рæсугъддзинады æнкъарæнтыл, уыдонæй гуыры удсыгъдæггæнæн, бæрзонд аивад;

æ) рæстдзинады сæраппонд æнæрæнцой тох, æвзонгады цардбæллон уаг кæронмæ ахæссын;

б) хохæгтæ хæцæнгарз сæ къухтæм райстой, цæмæй бахъахъхъæной сæ уды сæрибар, æнæмастæй фæллой кæныны бартæ;

в) Адæймаг æмæ Мæлæты æнусон ныхмæлæуд, адæймаджы монон уæлахиз;



  1. Роман «Фыдæлты туг» - ы сæйраг архайæг, зæгъæн ис, у æмткæй:

а) адæм;

æ) Ака;

б) Бега;

в) Солтан;



  1. Хуссар Ирыстонмæ цы æфхæрæн экспедици æрбацыди, уымæн йæ сæргъы лæууыди:

а) инæлар Скобелев;

æ) инæлар Абхазов;

б) инæлар Ренненкампф;

в) инæлар Цицанов;



  1. «Фыдæлты туджы» хъæлæс нæм хъуысы уацмысы:

а) эпилогæЙ;

æ) прологæй;

б) сæйраг хайæ;

в) кульминацион хайæ;



  1. «Рухс куы кæнат уæ кады фыдæлтæн, уæд - иу ма ферох кæнут , фæрсæй -фæрстæм цы салдæттимæ ныгæд стæм, уыдон дæр», «Кæд искуы уæ фыдæлты туг агурат, уæд уæ ма ферох уæнт нæ фыдгулты нæмттæ…», « Ма уæ ферох уæд не' гомыг зарæг! Байхъусут æм уарзæгой зæрдæйæ æмæ, кæд уæ дуг хуыздæр у, уæд æй самонут хъæлæсы дзагæй, æргомæй æгас дзыллæты раз. Самонут æй уæндон æмæ сæрыстырæй….».Адон сты, фыдæлты хъæлæс фæстагæттæн цы фæдзæхстытæ кодта, уыдон. Ист сты Нафийы уацмыс:

а) «Ирыстоны сагъæстæ» - й;

æ) «Цардивæны» - йæ;

б) «Дыууадæс цæфы иу цæфы хуызæн…» -æй;

в) «Фыдæлты туг» -æй;



  1. Роман « Фыдæлты туг»- ы архайджытæй не сты:

а) Ака, Бега, Хъæндил;

æ) Солтан, Къулой,Дзæрæх;

б) Темла, Алæг, Бабе;

в) Дзаххо, Дзитта, Гæвди;







  1. Нафи йæ роман «Фыдæлты туг» - ы цы дзыллæ æвдисы, уымæн йæ нысан у:

а) кæнæ мæгуырдзинад, кæнæ хъæздыгдзинад;

æ) кæнæ сæрибар, кæнæ мæлæт;

б) кæнæ талынгдзинад, кæнæ рухс цард;

в) æлдæртты фæндыл цæуын æмæ æнцад цæрын;



  1. Хохæгтæй мæлæтдзаг цæфтæй æфсады къухмæ чи бахауди, уыцы сахъгуырдтæ бадынц ахæстоны. Зонынц, ауындзæн сæм кæй æнхъæлмæ кæсы. Æмæ сæ лæгдзинад æмæ намысы фæстаг æвдисæнæн:

а) сæхи ныффидар кодтой æмæ иу сыбыртт дæр нал кодтой;

æ) амардтой ахæстоны хъахъхъæнджыты;

б) ныффыстой сæ фæстагæттæм писмо;

в) нывæндынц цыты зарæг , сæ разæй хæсты быдыры чи фæмарди, уыдоныл;



  1. «Алы лæгæн дæр царды ис йæхи нысан, йæхи бынат. Нафийы курдиат æхсызгон хъуыд ирон культурæйы, нæ монон царды æмæ нæм адæмы фарнæй фæзындис афоныл». Ацы ныхæстæ Нафийы тыххæй загъта:

а) Мамсыраты Таймураз;

æ) Джыккайты Шамил;

б) Æлборты Хадзы- Умар;

в) Ходы Камал;







































































Джусойты Нафи

2 вариант

  1. Джусойты Нафи ирон царды æгъдау æмæ зæрдæйы хорзыл ахуыр кодта:

а) Хæрдысæры хъæуы хистæртыл;

æ) йæ мадырвад Хуыгаты Иларыл;

б) номдзыд таурæгъгæнæг Наниты Андойыл;

в) йæ ныййарджытыл, йæ мад Софья æмæ йæ фыд Грисыл;



  1. Нафи нæ ахуыр кодта:

а) Кировыхъæуы астæуккаг скъолайы;

æ) Æфсæддон тæхджыты ахуыргæнæндоны;

б) Ленинграды уырыссаг литературæйы институты аспирантурæйы;

в) Цæгат Ирыстоны педагогон институты;



  1. Ацы зындгонд ирон фыссæг 1954 - 1997 азты лæууыди Хуссар Ирыстоны зонадон -иртасæн институты литературон хайады сæргъы, уый фæстæ сси йæ директор:

а) Булкъаты Михал;

æ) Хуыгаты Сергей;

б) Джусойты Нафи;

в) Гуыцмæзты Алеш;



  1. 1988 азы Джусойты Нафийæн лæвæрд æрцыди:

а) хуыздæр сфæлдыстадон кусæджы ном;

æ) æхцайы преми , куыд хуыздæр аспирантæн;

б) филологийы докторы ном;

в) Гуырдзыстоны зонæдты Академийы уæнг - уацхæссæджы ном;



  1. Ацы диссаджы поэт æмæ прозаикæн, драматург æмæ тæлмацгæнæгæн, литературон критик æмæ иртасæгæн, æхсæнадон архайæгæн йæ уды рис æмæ ныфс у национ иудзинады фарст, фыдæлты удварн æмæ культурон хæзнатæ мæрдырохæй бахизын:

а) Гафезæн;

æ)Дзугаты Георгийæн;

б) Джусойты Нафийæн;

в) Дзесты Куыдзæгæн;



  1. «Литературная газета», «Литературная Россия», «Вопросы литературы», «Дружба народов» æмæ æндæр централон газеттæ æмæ журналты арæх мыхуыр цæуынц ацы фыссæджы литературон - критикон æмæ публицистон уацтæ:

а) Агънаты Гæстæны;

æ) Хæблиаты Сафары;

б) Дзасохты Музаферы;

в) Джусойты Нафийы;



  1. Нафийы чиныг «Сабыр ныхæстæ» - йы сæйраг мотивтæ сты:

а) царды нысан æвзарыны бæрн æмæ уæз;

æ) райгуырæн зæххы æвидигæ фарн æмæ фæллойы рухс;

б) сагъæс ирон адæмы хъысмæтыл;

в) зæххыл рæвдыд æмæ æууæнкæфтауæг ныййарæджы фарн; традици æмæ абоны бастдзинад;









  1. Цард, адæймаг æмæ аивады ног концепци æвдыст æрцыд Нафийы чиныг:

а) «Æз райгуырдтæн хохы» - йы;

æ) «Зын кары» - йы;

б) «Изæры рухс» - ы;

в) «Сабыр ныхæстæ» - йы;



  1. Нафийы историон роман «Фыдæлты туг» - ы архайджытæй иу уыд ацы зындгонд ирон фыссæг, æрцыди Чеселтгоммæ, цæмæй дзы скъола саразын кодтаид:

а) Колыты Аксо;

æ) Æгъуызаты Иуане;

б) Мамсыраты Темырболат;

в) Хъаныхъуаты Инал;



  1. Роман «Фыдæлты туг» - ы сæйраг архайæг у адæм, фæлæ дзы уæлдай бæрæг дарынц адæмы раздзогтæ:

а) Солтан æмæ Дзæрæх;

æ) Бабе æмæ Хъæндил;

б) Къулой æмæ Темла;

в) Къæбысты Ака æмæ Коцты Бега;

  1. Роман «Фыдæлты туг» - ы гуырдзиаг æлдæрттæ Мацабелтæ мæнг æвдисæйнæгты æххуысæй хъавынц:

а) комы адæмы фæсурын сæ бынæттæй;

æ) комы адæмы фос байсын;

б) комы адæмыл хъазайраджы къæлæт бафтауын;

в) комы адæмимæ бафидауын;



  1. Удуæлдай тохы хохæгтæ сæ хъæбатырдзинадæй дисы æфтауынц:

а) инæлар Ренненкампфы;

æ) инæлар Абхазовы;

б) гуырдзиаг æлдæрттæ Мацабелты;

в) суанг, бирæ чи федта, уырысы уыцы хæстон афицерты;



  1. Ренненкампфы æнæнымæц æфсад ницы амал ардта Сугъарты хъæуы ацы мæсыг басæттынæн:

а) Тогойты мæсыг;

æ)Хъолайы мæсыг;

б) Къомбохы мæсыг;

в) Мамсыраты мæсыг;



  1. «Зарæг тахт, адæмы зæрдæтыл йæ базыртæ хоста æмæ стæй - пæррæст - Къуармæ, Къуарæй - Леуахимæ, Пацъайы райдайæнмæ, хæхтæм, нæхимæ!.Зарæг ахæстонæй атахт». Ацы ныхæстæ ист сты Нафийы:

а) «Адæймаджы мæлæт» -æй;

æ) «Фыдæлты туг» - æй;

б) «Изæры рухс» -æй;

в) «Зын кары» - йæ;



  1. «Кæнæ сæрибар , кæнæ -мæлæт». Уый у Нафи йæ роман « Фыдæлты туг» - ы цы дзыллæ æвдисы, уымæн :

а) йæ нысан;

æ) йæ зарæг;

б) йæ раздæры раздзоджы сидт;

в) йе нæуынон хъуыды;

  1. Джусойты Нафийы уацмыс« Фыдæлты туг» у:

а) радзырд;

æ) повесть;

б) историон роман;

в) уацау;



  1. Хохæгтæ хæцæнгарз сæ къухтæм райстой , цæмæй бахъахъхъæной сæ уды сæрибар, æнæмастæй фæллой кæныны бартæ. Лæвæрд ныхæстæ æвдисынц Нафийы ацы уацмысы сæйраг хъуыды :

а) «Ирыстоны сæгъæстæ» - йы;

æ) «Нырыккон сагъæс» - ы;

б) «Фыдæлты туг» - ы;

в) «Цардивæны» - йæ;



  1. Роман « Фыдæлты туг» - ы Бега ацы салдаты хуыдта иронау Алæг, йе цæг ном та уыд:

а) Александр Орликов;

æ) Олег Орлов;

б) Алексей Котов;

в) Инакентий Суслов;



  1. « Дыууæ фыры хъæбæр сыты астæу фесты Ирыстоны хæхтæ. Дыууæ арцы рæхуысты айгæрстой сæрибармæ бæллæг адæмы риу». Ацы «дыууæ» сты:

а) Уæрæсейы император æмæ фельдмаршал Паскевич;

æ) Ерыстау æмæ Мацабел æлдæрттæ;

б) инæлар Воронцов æмæ Андронников;

в) 1830 аз уæлдай фыдæвзарæнтæ бацæттæ кодта Иры адæмæн. Йæ цæгат æмæ хуссар хаймæ æмрæстæджы æрвыст æрцыдысты æфхæрæн экспедицитæ: Хъобангоммæ - инæлар Абхазов, Чеселтгоммæ - инæлар Ренненкампф



  1. « Ссудз мæсыджы сæрмæ фæдисы арт, чи зоны ма дæм исчитæ фæзына. Цу, æвдæлон рæстæг нæу, дæхи бацæттæ кæн. Мæсыгмæ дон, хæлц, нæмыг, топпыхос - æппæт цы хъæуы, уыдон бахæсс развæлгъау, райсом дæ уымæ нал æвдæлдзæн.» Ацы ныхæстæ роман «Фыдæлты туг» -ы адæмы раздзог Къæбысты Ака загъта:

а) Алæгæн;

æ) Хъæндилæн;

б)йæ хæрæфырт æмæ уарзон кæстæр , йæ иузæрдион тохæмбал Коцты Бегайæн;

в) Созырæн;



  1. Нафийы роман «Фыдæлты туг» - ы ацы сылгоймаг персонаж у рæсугъддзинады эталон: аив, æрвонæнгæс, рæхснæг:

а) Темла;

æ) Уардис;

б) Козиан;

в) Тъехон;



  1. «Уидæгтæм раздæхты» темæ æвдыст æрцыд Нафийы уацмыс:

а) «Фыдæлты туг» - ы;

æ) « Салдаты зæрдæ» - йы;

б) «Зæрдæйы ныхас» -ы;

в) «Адæймаджы мæлæт» - ы;



  1. Зæрдæхæлар ахадгæ ми æмæ, ивгъуыды хорздзинадæй цы уыди, уый зæрдыл дарын. Ахæм зондахасты хицау у Нафийы ацы уацауы хъайтар Уырызмæг æмæ йыл йе 'гъдау æмæ йе 'ппæт хъуыддæгтæй æууæндын кæны йе'рвадæлты дæр:

а) «Цардивæны»;

æ) «Адæймаджы мæлæт» - ы;

б) « Залты мит» - ы;

в) «Фыдæлты туг» - ы;



  1. Ацы формулæ сæйраг у Джусойты Нафийы уацау « Адæймаджы мæлæт» - ы:

а) «Хорз цæрын»;

æ) «Адæмæй æвзæрдæр нæ уæвын»;

б) «Адæймагау амæлын»;

в) «Намысыл тох кæнын»;



  1. Фыдыбæстæйы раз йе стыр æнтыстытæ æмæ патриотизмы тыххæй Джусойты Нафи у:

а) «Кады нысаны» орденхæссæг, Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат;

æ) «Фæллойы Сырх Тырысайы» орденхæссæг;

б) Цæгат Ирыстоны аивæдты сгуыхт архайæг;

в) УФ - йы кадджын ахуыргæнæг;











































































Дзаболаты Хазби

1 вариант

  1. «Хуымгæнæг, салдат, хохкъæртгæнæг æмæ æрдхæрæны поэт…». Афтæ загъта Джусойты Нафи ацы курдиатджын поэт:

а) Малиты Васойæ;

æ) Дзасохты Музаферæй;

б) Дзаболаты Хазбийæ;

в) Хъодзаты Æхсарæй;



  1. Дзаболаты Хазби райгуырд :

а) 1938 азы Цæгат Ирыстоны, Мостыздæхы;

æ) 1932 азы Цæгат Ирыстоны,тавд - Дурты;

б) 1937 азы Цæгат Ирыстоны, Бæрæгъуыны;

в)1931 азы Алагиры районы, Ногхъæуы;



  1. Дзаболаты Хазбийæн йæ фыццаг чиныг «Хæс» мыхуыры фæзынд:

а) Ногхъæуы астæуккаг скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд;

æ) Советон Æфсады рæнхъыты куы уыд, уæд;

б) Буроны шахтæйы куы куыста, уæд;

в) телеуынынады куы куыста, уæд;



  1. Дзаболаты Хазби нæ куыста:

а) Ногхъæуы астæуккаг скъолайы;

æ) Садоны, геологон сгарджыты къорды;

б) Буроны æрзæткъахæны;

в) телеуынынады литературон редакцийы;



  1. Ацы поэтæн æнæнхъæлæджы, йæ курдиаты хурхæтæнмæ æрдæгвæндагыл , аскъуыди йæ цард ( æхсæвы йæхи цуаны цæуынмæ рæвдзытæ кодта , æмæ йыл хæцæнгарз феваст и).

а) Гаглойты Федырæн;

æ) Дзугаты Георгийæн;

б) Дзаболаты Хазбийæн;

в) Бестауты Гиуæргийæн;

  1. «Хазби уыд æцæг хæххон лæг, канд йæ райгуырдæй нæ, фæлæ йæ зондахастæй, фæлгонцджын хуызджын уынынадæй, йе' ппæт уды скондæй», - фыссы:

а) Хъодзаты Æхсар;

æ) Малиты Васо;

б) Дзасохты Музафер;

в) Джусойты Нафи;



  1. Йæ литературон рагфæлтæрæнтæ - дæс азы фæллой -нæ бæззынц, зæгъгæ, Дзаболаты Хазби:

а) радта йе 'мбалæн;

æ) цæугæдоны сæ ныппæрста;

б) арты хай бакодта;

в) аскъуыдтæ кодта;



  1. Хазби йе 'мдзæвгæ «Æз хæхты райгуырдтæн» -ы равдыста:

а) уарзты тых;

æ)адæймаджы арф æмæ вазыгджын удысконд;

б) райгуырæн æрдз æмæ адæймаджы удбастдзинад;

в) æхсæвы рæсугъддзинад;



  1. Æмæ хæххон кæсаг æрттивгæ тугдæппæлттæй

Куыд тындзы их - къæйтыл цъæх суадæтты сæрмæ…

Ацы бынат Дзаболаты Хазбийы æмдзæвгæ «Æз райгуырдтæн хæхты»- йæ у:

а) абарст;

æ)аллитераци;

б) метоними;

в) метафорæ;



  1. Куыст - царды адæймагыл рæстмæаудæг, амонддæттæг.

Ацы хъуыдыйыл фыст сты Дзаболаты Хазбийы æмдзæвгæтæ:

а) «Æз хæхты райгуырдтæн» æмæ « Хæххон кæсаг»;

æ) « Артдзæст» æмæ «Сонет»;

б) «Уацамонгæ» æмæ «Зарæг фæдисоны æнусыл»;

в) «Амонд» æмæ «Цыхтахсæг»;



  1. Дзаболаты Хазби йе 'мдзæвгæ «Амонд» -ы амондыл нымайы:

а)æнæниздзинад;

æ) хъæздыгдзинад;

б) куыст фæуæвгæйæ хиды æртæхтæ ныхыл куы сысынц; æгад цард йæ сæрмæ куы нæ фæхæссы, куы никæуыл рацæуы хинæй;

в) æнæмаст цард;



  1. Хазбийы ацы æмдзæвгæйы къорд хатты фæлхат цæуы эпитет «урс»:

а) «Амонд» - ы;

æ) «Цыхтахсæг»- ы;

б) «Хæххон кæсаг» - ы;

в) «Æз хæхты райгуырдтæн» - ы;



  1. Хазбийы æмдзæвгæ «Ис мæ алфамблай цыдæр…» - ы лирикон герой ацы æнкъарæнæн кæны стыр аргъ. Уый у, цардмæ йæ чи разæнгард кæны, ныфсы мæсыг ын чи у, ахæм æнкъарæн:

а) уарзондзинад;

æ) тырнындзинад;

б) удон хæлардзинад;

в)æнæуынондзинад;



  1. Дзаболаты Хазби йе'мдзæвгæ «Куы хæссай зæрдæйы æмбуар…» ныффыста :

а) Хетæгкаты Къостайы номыл;

æ) Кочысаты Мухарбеджы номыл;

б) Калоты Хазбийы номыл;

в) Плиты Иссæйы номыл;



  1. « Поэт Кочысаты Мухарбегæн йæ зынг ахуыссыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты.

Фронтмæ ахаста Къастайы «Ирон фæндыр» æмæ дзы йæ амæлæты онг нæ фæхицæн.»

Ацы ныхæстæ эпиграфы хуызы сты Хазбийы æмдзæвгæ:

а) «Цыхтахсæг» - мæ;

æ) «Амонд» - мæ;

б) «Куы хæссай зæрдæйы æмбуар…» - мæ;

в) «Хæххон кæсаг» - мæ;







  1. Cæрибар цард æмæ намысы сыгъдæгдзинады идейæтæ ис Дзаболаты Хазбийы æмдзæвгæ:

а) «Хæххон кæсаг» - ы;

æ) «Цыхтахсæг» - ы;

б) «Амонд» - ы;

в) «Куы хæссай зæрдæйы æмбуар» - ы;



  1. Дзаболаты Хазбийы уацмыс «Артдзæст» - ы сæйраг хъуыды у:

а) Титаны сгуыхтæн хъæуы , цы кады аккаг у, ахæм аргъ, цæмæй йæ мидис ма ссыдывд уа;

æ) цыфæнды зындзинæдты сæрты дæр бæрзонд нысанмæ тырнын;

б) куыст - адæймагыл рæстмæаудæг, амонддæттæг;

в) зæрдæйы тугдадзинтæ чи нырризын кæны, ахæм зарæг гуыры лæджы æхсар æмæ ныфсы, йæ удысконды фæлварæны арæнтыл;



  1. Поэт фæдисæн де 'лвæст дзырдмæ сиды,-

Кæд сызгæ арц, уæддæр æргъæвд зæххон тых

Ракетæтæй æрвон тыгъдады зилы.

Ацы ныхæстæ ист сты Хазбийы æмдзæвгæ:

а) «Уацамонгæ» - йæ;

æ) «Сонет» - æй;

б) «Артдзæст» -æй;

в) «Зарæг фæдисон æнусыл» -æй;



  1. Хазби йе 'мдзæвгæ «Сонет» - ы равдыста:

а) сонеты равзæрды истори;

æ) сонеты арæзт;

б) ирон сонеты ахадындзинад;

в) поэт - фæдисоны къухты сонет абон дæр хъомысджын, ахадгæ хотых кæй у; нæ рæстæджы дæр хæст æмæ хæрамы ныхмæ тохы тынг кæй хъæуы сонеты сæр;



  1. Адæймагæн йæ хъуыддæгтæм гæсгæ аргъ кæныны идейæ æвæрд ис Хазбийы æмдзæвгæ:

а) «Амонд» - ы ;

æ) «Сонет» - ы;

б) «Уацамонгæ» - йы;

в) «Цыхтахсæг» - ы;



  1. Уацамонгæ Дзаболаты Хазбийæн у:

а) хуымæтæг нæртон дзаума;

æ) зынаргъ згъæрæй арæзт дзаума;

б) йе мдзæвгæйы ном;

в) рæстæвзарæн тæрхоны символ;



  1. Адæймаджы егъау бæрныл æгæрон космос æмæ йæ намысы раз фыст у Хазбийы ацы æмдзæвгæ дæр:

а) «Зарæг фæдисон æнусыл»;

æ) «Уацамонгæ»;

б) «Сонет»;

в) «Артдзæст»;













Дзаболаты Хазби

2 вариант

  1. Ацы æрыгон лæппу -æрзæткъахæг йæ фидæны хъысмæт баста дзырды тæмæнкалгæ хæзнатæ сгарынимæ:

а) Ходы Камал;

æ) Дзасохты Музафер;

б) Хуыгаты Сергей;

в) Дзаболаты Хазби;



  1. 1931 азы Дзаболаты Дударыхъойы фырт Хазби райгуырди :

а) Хуымæллæджы;

æ) Джызæлы;

б) Ногхъæуы;

в) Хъæдгæроны;



  1. Хазби Буроны æрзæткъахæны куы куыста, уæд мыхуыры фæзынд:

а) йæ æмбырдгонд «Къахуынæр»;

æ) йæ æмдзæвгæ «Цæуын æз сау зæххыл»;

б) йæ фыццаг чиныг «Хæс»;

в) йæ æмдзæвгæ «Æз хæхты райгуырдтæн»;



  1. «Хуымгæнæг, салдат, хохкъæртгæнæг æмæ æрдхæрæны поэт», -загъта Дзаболаты Хазбийæ ацы зындгонд ирон фыссæг, литературон критик:

а) Джыккайты Шамил;

æ)Хастыхъоты Зинæ;

б) Джусойты Нафи;

в) Дзуццаты Хадзы - Мурат;



  1. Ацы курдиатджын поэт Советон Æфсады рæнхъыты йæ æмбæстагон хæс куы сæххæст кодта, уæд куыста Садоны геологион сгарджыты къорды, куыста Буроны æрзæткъахæны дæр. Мæскуыйы Литературон институты фæстæ та куыста Ирыстоны телеуынынады литературон редакцийы:

а) Булкъаты Михал;

æ) Дзаболаты Хазби;

б) Цæрукъаты Алыксандр;

в) Цæгæраты Максим;



  1. Дзаболаты Хазби йæ литературон рагфæлтæрæнтæ, йæ дæс азы фæллой, арты куы басыгъта, уый фæстæ йе сфæлдыстадон балцы райдайæныл банымадта, йæхи «сæрмагонд æрмдзæф» кæуыл ис, ахæм æмдзæвгæтæ йæм куы фæзынд, уыцы рæстæг:

а) 1953 аз;

æ)1956 аз;

б)1958 аз;

в) 1960 аз;



  1. Райгуырæн æрдз æмæ адæймаджы удбастдзинад Хазби равдыста йе'мдзæвгæ:

а) «Æз хæхты райгуырдтæн» - ы;

æ) «Амонд» - ы;

б) «Цыхтахсæг» - ы;

в) «Хæххон кæсаг» - ы;





  1. Дзаболаты Хазби ацы æмдзæвгæйы спайда кодта метонимийæ:

Æмæ хæххон кæсаг æрттивгæ тугдæппæлттæй

Куыд тындзы их - къæйтыл цъæх суадæтты сæрмæ…

а) «Ис мæ алфамбылай цыдæр…»- ы;

æ) «Куы хæссай зæрдæйы æмбуар» - ы;

б) «Æз хæхты райгуырдтæн» - ы;

в) «Артдзæст» - ы;



  1. Метоними у:

а) аивадон фæрæз: дæлгоммæ кæнæ фæсномыг ныхас;

æ)ном ивын, номбæстыг; поэт предметæн зæгъы йæ ном нæ, фæлæ йæ сæйраг миниуæг;

б) æнæном автор;

в) амоны « ныхæй - ныхмææвæрын»;



  1. Дзаболаты Хазбийы æмдзæвгæтæ «Амонд» æмæ «Цыхтахсæг» - ы сæйраг хъуыды у:

а) æвзонгады цардбæллон уаг кæронмæ ахæссын;

æ ) Рæстдзинады сæраппонд æнæрæнцой тох;

б) куыст - адæймагыл рæстмæаудæг, амонддæттæг;

в) æрдз хи хъæбулау хъахъхъæнын;



  1. Куыст фæуæвгæйæ хиды æртæхтæ ныхыл куы сысынц; æгад цард сæрмæ нæ хæссын, хинæй никæуыл рацæуын, гъе уый Дзаболаты Хазби нымайы:

а) раст цардыл;

æ) абоны царды æнæхъуаджы митыл;

б) сæнтдзæфдзинадыл;

в) амондыл;



  1. Дзаболаты Хазбийы æмдзæвгæ «Цыхтахсæг» -ы къорд хатты фæлхатт цæуы эпитет:

а) сау;

æ)рог;

б) урс;

в) хъулон;



  1. Хазбийы æмдзæвгæ «Ис мæ алфамбылай цыдæр…» - ы лирикон герой удон хæлардзинадæн кæны стыр аргъ. Уый йын у ахæм æнкъарæн , кæцы йæ:

а) фыдуынддæр кæны;

æ) æнæмастдæр кæны;

б) рогдæр кæны;

в) цардмæ разæнгард кæны, ныфсы мæсыг ын у;



  1. Дзаболаты Хазби ацы æмдзæвгæ ныффыста Кочысаты Мухарбеджы номыл:

а) «Амонд»;

æ) «Куы хæссай зæрдæйы æмбуар…»;

б) «Сонет»;

в) «Уацамонгæ»;



  1. Хазбийы æмдзæвгæ «Куы хæссай зæрдæйы æмбуар» -æн ацы ныхæстæ сты эпиграфы хуызы:

а) «Бирæ фос зад бæласмæ куы суасынц, уæд æрызгъæлы»;

æ) « Плачь!- я в грядущее наше поверю,

Слушая плач твой, родимый Кавказ!»

б) « Поэт Кочысаты Мухарбегæн йæ зынг ахуыссыд Фыдыбæстæйы стыр хæсты.

Фронтмæ ахаста Къостайы «Ирон фæндыр» æмæ дзы йæ мæлæты онг нæ фæхицæн.»

в) «Нæ фехъуыстон мачи зæгъæд!»;



  1. Дзаболаты Хазбийы æмдзæвгæ «Хæххон кæсаг» -ы ис :

а) сæрибар цард æмæ намысы сыгъдæгдзинады идейæтæ;

æ) сæрибардзинады сæрыл дунеон тохы идейæтæ;

б) дзыллæты сæрибарыл тох хи уды цардæй бæрзонддæр æвæрыны идейæ;

в) национ иудзинад æмæ сæрибары идейæтæ;



  1. Титаны сгуыхтæн хъæуы, цы кады аккаг у, ахæм аргъ, цæмæй йæ мидис ма ссыдывд уа. Ахæм у Хазбийы ацы уацмысы сæйраг хъуыды:

а) «Зарæг фæдисон æнусыл» - ы;

æ) «Артдзæст» - ы;

б) «Сонет» - ы;

в) «Амонд» - ы;



  1. Хæххон зынгдзаст цæргæсы

Æууæнкджын сабыр тахт ис ме уæнгты мæнæн,

Зæйон уынæргъдимæ мæ дадзинты æнхъæвзы

Хæххон æхсæрдзæнты æнæсысгæ уылæн.

Ацы ныхæстæ ист сты Дзаболаты Хазбийы æмдзæвгæ:

а) « Амонд»- æй;

æ) «Цыхтахсæг» -æй;

б) «Æз хæхты райгуырдтæн»-æй;

в) «Ис мæ алфамбылай цыдæр…» -æй;



  1. Рæстæвзарæн тæрхоны символ Дзаболаты Хазбийæн у:

а) Ныхас;

æ)хъæуы обау;

б) уарт;

в) Уацамонгæ;



  1. Хазбийы чиныг «Уацамонгæ» дыккаг рауагъдæй рацыди 1992 азы; чиныгаразæг у:

а) Дзасохты Музафер;

æ) Хъодзаты Æхсар;

б) Ходы Камал;

в) Джыккайты Шамил;



  1. Хазби йæ цыбыр царды æмгъуыды рауагъта :

а) иу чиныг;

æ) дыууæ чиныджы;

б) æртæ чиныджы (1960 азы - «Хæс», 1963 азы - «Артдзæст», 1967 азы - «Къахуынæр»;

в) цыппар чиныджы;



  1. Ацы поэт йæ уацмысты дзырдта, нæ кадджын рагфыдæлты хæзна - Уацамонгæ куыд домдта, афтæ, - æнæгæды, æргом æмæ ныфсвидарæй; йæ ныхас уыди , йæ курдиаты тых куыд амыдта, афтæ -мидисæй арф, хъуыдыджын, йæ арæзтæй -хуымæтæг æмæ бæстон:

а) Дзаболаты Хазби;

æ) Гаглойты Владимир;

б) Бестауты Гиуæрги;

в) Дзуццаты Хадзы -Мурат;











Гаглойты Владимир

1 вариант

  1. Гаглойты Михайы фырт Владимир райгуырди 1928 азы:

а) Хуссар Ирыстоны, Хæрдысæры хъæуы;

æ) Хуссар Ирыстоны, Дзомагъы хъæуы;

б) Хуссар Ирыстоны, Додоты хъæуы;

в) Хуссар Ирыстоны, Едысы хъæуы;

  1. Ацы фыссæгæн йæ студенты рæстæджы цы литературон курдиат фæбæлвырд, уый йæхицæн рæзты фæндæгтæ агуырдта æмæ йæ 1952 азы æркодта Мæскуыйы Горькийы номыл литературон институтмæ:

а) Гафезæн;

æ) Дзугаты Георгийæн;

б) Цæгæраты Максимæн;

в) Гаглойты Владимирæн;



  1. Гаглойты Владимир Горькийы номыл литературон институт каст куы фæци, уæд сыздæхт Ирыстонмæ йæ фыццаг сфæлдыстадон «тыллæгимæ», кæцы йын рухс федта 1954 азы:

а) роман «Гъе, мардзæ, исчи!..» -имæ;

æ)радзырдты æмбырдгонд «Зæрдæйы сагъæстæ» -имæ;

б) йæ пьесæты чиныгимæ;

в) роман «Дæ амонды тыххæй» -имæ;



  1. Гаглойты Владимир нæ ахуыр кодта:

а) Зары астæуккаг скъолайы;

æ) Цхинвалы педагогон институты ;

б) Мæскуыйы Горькийы номыл литературон институты;

в) Ленинграды уырыссаг литературæйы институты аспирантурæйы;



  1. Гаглойты Владимир куыста чиныгуадзæны хистæр, стæй сæйраг редакторæй, Уымæй суанг пенсийы ацæуыны онг куыста:

а) ахуыргæнæгæй;

æ) тæлмацгæнæгæй;

б) журнал «Фидиуæг» - ы сæйраг редакторæй;

в) Хуссар Ирыстоны фысджыты цæдисы сæрдарæй;



  1. Пенсийы ацæуыны фæстæ Гаглойты Владимир царди:

а) Дзæуджыхъæуы;

æ) Цхинвалы;

б) Тбилисы;

в) Мæскуыйы;



  1. Гаглойты Владимиры уацмыстæн сæ фылдæр хай абон дæр у Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны сценикон аивады фидауц, уæлдайдæр:

а) «Зæххон хуыцæуттæ»;

æ) «Нæ фехъуыстон ма зæгъ»;

б) «Ныййарæджы кадæг»;

в) «Иунæджы кадæг»;









  1. Гаглойты Владимир йæ драмæ «Ныййарæджы кадæг» -æй ары :

а) Кобегкаты зынгхуыст авд æфсымæры мады ном;

æ) Ирыстоны зынгхуыст лæппуты мадæлты ном;

б) Гæздæнты зынгхуыст авд æфсымæры мады ном;

в) Хъалæгаты зынгхуыст æфсымæрты мады ном;



  1. «Ныййарæджы кадæг» - ы архайд цæуы:

а) 1941 -1945 азтæ;

æ) 1942 -1946 азтæ;

б) 1943 -1947 азтæ;

в) 1941 -1946 азтæ;



  1. Гаглойты Владимиры «Ныййарæджы кадæг» - ы сæйраг архайæг у:

а) Ларисæ;

æ) Зæлда;

б) Фæрдыг;

в) Хæрзойты идæдз Госæма;



  1. Владимиры уацмыс «Ныййарæджы кадæг» у:

а) социалон - фæткон драмæ;

æ) героикон - психологон драмæ;

б) лирикон-иронион драмæ;

в) лирикон - романтикон драмæ;



  1. Гаглойты Владимир йæ драмæ «Ныййарæджы кадæг» - ы ныв кæны:

а) зыд æмæ кæрæф сылгоймаджы сурæт;

æ) æдых æмæ æнæныфс сылгоймаджы сурæт;

б) хъаруджын, хиуылхæцгæ ,лæгæмсæр сылгоймаджы сурæт;

в) æгъатыр æмæ тызмæг сылгоймаджы сурæт;



  1. Драмæ «Ныййарæджы кадæг» - ы хæсты хабар фехъуыстой:

а) Госæмайы лæппуйы лæппу Аланы лагермæ куы фæндараст кодтой, уæд;

æ) Госæмайы фырттæ хос кæрдынмæ куы ацыдысты, уæд;

б) Госæма йæ кæстæр фырт Ацæмæзæн чындзæхсæв куы кодта, уæд;

в) Госæма йæхи куывдмæ куы цæттæ кодта, уæд;



  1. Хæст райдыдта, æмæ сын цы æвзарæнтæ цæттæ кæны , уый Госæмайы зæрдæ зоны. Сонтæй йæ чындзы афæрсы, Балты денджыз кæм ис, зæгъгæ, уымæн æмæ:

а) уым ис йæ хо;

æ) уым ис йæ фыды æфсымæр ;

б) уым ис йæ иунæг æфсымæр ;

в) йæ хъæбулы хъæбул Алан уым пионерты лагеры ис;



  1. «Не 'фсин, ацы сыджыты мур бафснай, мæ хъæбултæн æй балхæдтон мæ тугæй. Фæдзæхсын дæ, куы сыстыр уой мæ фырттæ, ма йæ æруадзæнт æгадмæ»:

Драмæ «Ныййарæджы кадæг» -æй ацы ныхæстæ загъта:

а) Хæмыц Дзæнæтханæн;

æ)Æхсар Налхъуытæйæн;

б) Хæрзойты Афæхъо йæ ус Госæмайæн йæ амæлæты размæ;

в)Сослан Сæлимæтæн;





  1. Госæма йæ фыртты хæстмæ куы фæндараст кодта, уæд сын загъта, зæгъгæ, уыдон дæр , сæ фыд -иу дард балцы куы цыдис , уыйау хъуамæ араст уой:

а) худгæйæ;

æ) сæрбæрзондæй;

в) заргæйæ;

в) хъæлдзæгæй;

  1. «Фæтарстæ, и? Æмæ ныууагътай де 'мбæлтты сæ туджы мæцгæ уым…Æмæ мæм дæ тæппуд уд æхсæвыгон дæ зæвæтты æрхастай…Дæ фыд куы фехъуса мæрдтæм , йæ фырт фæтарст æмæ йæ туджы мæцгæ фыды зæххы фыдызнагæн хынджылæгæн ныууагъта, - уæд йæ ингæны цар фыр мæстæй стондзæн».Ацы ныхæстæ загъта:

а) Дуду йæ фырт Дадийæн;

æ) Госæма йæ хистæр фырт Батырадзæн;

б) Госæма йæ фаззон лæппутæй Æхсарæн;

в) Госæма йæ кæстæр фырт Ацæйæн;



  1. «Ныййарæджы кадæг» - æй ацы хъайтар адæймагæн фыд æлгъыст баййæфта йæ сæр: йæ авд хъæбулæй - йæ фидæны ныфс , йе зæры бонты æнцойæ - афтидæй аззад:

а) Дуду;

æ) Госæма;

б) Фæрдыг;

в) Косерхан;



  1. «…Нæ фæци, нæ, удхæссæг, Хæрзойты Афæхъойы хæдзарвæндаг бынысæфт! Йæ ныфсытæй иу уæлахизæй æрыздæхт….». Уыцы иу у:

а) Батырадз - Госæмайы хистæр фырт;

æ)Æхсæртæг - Госæмайы фаззон лæппутæй иу;

б) Къоста - йæ дыккаг фырт;

в) Госæмайы фырты фырт - Алан-Суворовы ахуыргæнæндоны хъомылгæнинаг;



  1. Джусойты Нафи загъта, зæгъгæ,ацы фыссæгæн йе 'ппæт уацмыстæ иугæнæг хъуыды у: «Амонд ссарæн ис æрмæст удуæлдай тохы сæрибар æмæ рæстдзинады сæрыл!»:

а)Дзугаты Георгийæн;

æ) Гафезæн;

б) Гаглойты Владимирæн;

в) Дзесты Куыдзæгæн;









































Гаглойты Владимир

2 вариант

  1. Хуссар Ирыстоны, Додоты Хъæуы 1928 азы райгуырди:

а) Дзугаты Георги;

æ) Джусойты Нафи;

б) Гаглойты Владимир;

в) Булкъаты Михал;



  1. Цхинвалы педагогон институты фæстæ æмæ чиныгуадзæны редакторы куысты фæстæ Гаглойты Владимир бацыдиМæскуыйы Горькийы номыл литературон институтмæ, уымæн æмæ :

а) йын бауынаффæ кодтой йе мбæлттæ;

æ) ацы институты ахуыр кодта йæ уарзон чызг;

б) йæ фæндыди уыцы институты кусгæйæ баззайын ;

в) йын студенты рæстæджы цы литературон курдиат фæбæлвырд, уый йæхицæн рæзты фæндæгтæ агуырдта;



  1. Уый уыд, æцæг фыссæджы ном Гаглойты Владимирæн чи æрхаста, ахæм ахсджиаг æнтыстыты рæстæг:

а) Цхинвалы институты куы ахуыр кодта;

æ) Хуссар Ирыстоны чиныгуадзæны редакторæй куы куыста;

б) Мæскуыйы Литературон институты куы ахуыр кодта;

в) 1957 -1961 азты Цхинвалы Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон театры литературон хайады сæргълæууæгæй куы куыста;



  1. Журнал «Фидиуæг» - ы сæйраг редакторæй фæкуыста:

а) фондз азы;

æ) суанг пенсийы ацæуыны онг;

б) дæс азы;

в) æртындæс азы;



  1. Гаглойты ВладимирТесты по осетинской литературе 11 классн йæ бирæ диссаджы драмон уацмыстæй ацы драмæ йæ рæстæджы бахызт æппæтцæдисон театралон репертуармæ:

а) «Иунæджы кадæг»;

æ) «Уарзондзинады кадæг»;

б) «Ныййарæджы кадæг»;

в) «Цæмæн худынц стъалытæ»;



  1. «Гæздæнты авд зынгхуыст салдаты мад Тасойы рухс ном дзы арын». Афтæ ныффыста Гаглойты Владимир йæ ацы уацмысы райдайæны:

а) «Адæмæн зæхх у сæ дарæг» - ы;

æ) «Дæ амонды тыххæй» - ы;

б) «Ныййарæджы кадæг» - ы;

в) «Зæххон хуыцæуттæ»-йЫ;



  1. «Ныййарæджы кадæг» - ы архайды астæу ис:

а)æнæном салдаты сурæт;

æ) Фыдыбæстæйы сурæт;

б) Ирыстоны зынгхуыст хъæбулты сурæт;

в) мады сурæт;





  1. Ацы фыд уац Госæмайы æрæййæфта хæрз æдзæттæйæ, йæ царды рухсдæр уысмы -йæ кæстæр фырты чындзæхсæвы бон:

а) йæ лæг Афæхъойы мæлæт;

æ) йæ кæстæр æфсымæры сæфт;

б) Фыдыбæстæйы Стыр хæсты райдайæн;

в) доны раивылд;



  1. «Ныййарæджы кадæг» - ы сæйраг архайæг Госæмайы мыггаг уыд:

а) Гæздæнтæй;

æ) Багатæй;

б) Дойатæй;

в) Æхсаратæй;



  1. «…Уæдæй нырмæ йæ æвæрдæй фæдардтон æмæ уын æй ныр дæттын уæ къухмæ. Хъахъхъæнут æй цæсты гагуыйау. Æмæ сæр куы бахъæуа, уæд æй бахизут уæ тугæй!»- фæдзæхста Госæма йæ фыртты. Ацы рæнхъыты ныхас цæуы:

а) тырысайыл;

æ) къонайы рæхысыл;

б) Къостайы «Ирон фæндыр» -ыл;

в) Госæмайæн йæ лæг цы сыджыты мур радта, ууыл;



  1. Иу æхсæв Госæмайы ацы фырт хъуызæгау хæдзармæ æрбацыд, хæсты цæхæрæй фæтарст. Йæ хъæбулы æррæвдауыны бæсты лæппуйыл сæмбæлдысты мады тызмæг цæстæнгас æмæ здыйы къæрттау уæззау уайдзæфтæ:

а) Батрадз - йæ хистæр фырт;

æ) Къоста - йæ дыккаг фырт;

б) Ацæ - йæ кæстæр фырт;

в) Чермен -æртыккаг фырт;



  1. Стыр ныфс, хъару æмæ лæгдзинад разынди Хæрзойты идæдз Госæмамæ:

а) йæ лæджы мард куы фехъуыста, уæд;

æ) йæ авд фырты хæстмæ куы æрвыста æмæ сын сæ сау гæххæттытæ фæд - фæдыл куы иста, уæд;

б) йæ фырты фыртАланæй хабар куы нæ уыд, уæд;

в) йæ чындз Ларисæйы къахы хабар куы фехъуыста, уæд;



  1. «….Æмæ уын зæгъын: фаг уын у æнхъæлмæ кæсынæн, фæцæут уæ ныййарджытæм абон. Уый уын мæ уынаффæ….»-афтæ загъта Госæма йæ:

а) хойы цотæн;

æ) сыхæгты сывæллæттæн;

б) йæ чындзытæн;

в) ходыгъды сывæллæттæн;



  1. «Нæ фæцудыдта хæдзарæн йæ бындур»- драмæ «Ныййарæджы кадæг»- ы иу хайы сæргонд. Уый амоны:

а) Госæма хæдзар фæцудын кæй нæ бауадздзæн;

æ) хицауад æм йæ хъус кæй дардзæн ;

б) чындзытæ йæ кæй бæрæг кæндзысты, Госæмайы иунæгæй нæ уадздзысты;

в) Госæмайы фырты фырт Алан - Суворовы ахуыргæнæндоны хъомылгæнинаг - сæрæгасæй фæзынд йæ фыды артдзæстмæ.Хæрзойты хæдзарвæндагæн нæ бахуыскъ йæ уидаг;







  1. Гаглойты Владимиры ацы уацмыс у героикон - психологон драмæ:

а) «Ныййарæджы кадæг»;

æ) «Сау сынтытæ»;

б) «Лæгæн дыууæ царды нæ вæййы»;

в) «Цæргæсы цъæхахст»;



  1. Драмæ «Ныййарæджы кадæг» - ы æппæрццæг фæлгонцтæ сты:

а) Дзæнæт æмæ Сона;

æ)Тæга æмæ Госæма;

б) Дуду æмæ Дади;

в) Ларисæ æмæ Зæлда;



  1. «Уæдæ. Диссаг нæу, уал азы йемæ куыдзы зæронд бадæн æмæ, хъайтар у, уый нæ базыдтон. Афтæ æнхъæлдтон - арахъхъ нуазыны йеддæмæ ницæмæ арæхсы. Цæмæн - иу æм хыл кодтон , цæмæн, мæ сæр амæла! Мæ къухты ма куы бафтид, уæд æй арахъхъы быркуыйы ныппарин.» Ацы ныхæстæ загъта:

а) Госæма йæ лæгæй;

æ) Косерхан йæ лæгæй;

б) Дзæнæтхан Хæмыцæй;

в) Налхъуытæ Æхсарæй;



  1. Гаглойты Владимирæй ацы зындгонд фыссæг загъта, зæгъгæ, ацы фыссæгæн йе 'ппæт уацмыстæ иугæнæг хъуыды у « Амонд ссарæн ис æрмæст удуæлдай тохы сæрибар æмæ рæстдзинады сæрыл!»:

а) Джыккайты Шамил;

æ) Агънаты Гæстæн;

б) Хуыгаты Сергей;

в) Джусойты Нафи;



  1. Драмæйы хуызтæм нæ хауы:

а) скетч;

æ) социалон - фæткон;

б) психологон;

в) лирикон - романтикон;



  1. Гаглойты Владимирмæ уыдис бирæ сфæлдыстадон ног фæндтæ, фæлæ сæ сæххæст кæнын йæ къухы нал бафтыд. Йæ цардæй ахицæн:

а) 1993 азы;

æ) 1994азы;

б) 1995 азы;

в) 1996 азы



































Дзесты Куыдзæг

1 вариант

  1. Ацы фыссæджы мад, Джыккайты Даро, лæгæмсæр сæрæн сылгоймаг , йæ цардæмбалы фæстаг фæдзæхст æххæстгæнгæйæ, бацархайдта, цæмæй йæ цот æнæ ахуыр ма баззайой:

а) Гаглойты Владимиры;

æ)Дзесты Куыдзæджы;

б) Джусойты Нафийы;

в) Бестауты Гиуæргийы;



  1. Дзесты Куыдзæг райгуырди Хуссар Ирыстоны, Едысы хъæуы:

а) 1900 азы;

æ) 1902 азы;

б) 1903 азы;

в) 1905 азы;



  1. Дзырддзæугæ лæг æмæ зындгонд кадæггæнæг уыд ацы фыссæджы фыды фыд Хæлти,уæдæ йын йæ мад Даройы дæр зыдтой дæсны хъарæггæнæгæй, иттæг арæхст аргъæуттæ кæнынмæ дæр, уарзта хъазæн ныхас. Адонæй базыдта , æвæццæгæн, суинаг фыссæг аив дзырды ад:

а)Æгъуызарты Æхсарбег;

æ) Булкъаты Михал;

б) Дзаболаты Хазби;

в) Дзесты Куыдзæг;



  1. 1920 азы Гуырдзыйы меньшевиктæ Хуссар Ирыстоны хъæутыл арт куы бафтыдтой, уæд:

а) Гаглойты Федыры бинонтæ ралыгъдысты Хуссар Ирыстонæй;

æ) Дзугаты Георгийы бинонтæ ралыгъдысты Хуссар Ирыстонæй;

б) Дзесты бинонтæ ныууагътой сæ фыды уæзæг æмæ иннæ лыгъдæттимæ æфцæджы сæрты ахызтысты сæ цæгатаг æфсымæртæм;

в) Гаглойты Владимиры бинонтæ ралыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ;



  1. Куыдзæджы бинонтæ Хуссар Ирыстонæй куы ралыгъдысты, уæд æрбынæттон сты Дзæуджыхъæуы цæгатварс Терчы был. Сæ цæрæнуат рахуыдтой:

а) Ногхъæу;

æ)Ногир;

б) Ногцард;

в) Нузал;



  1. Фынддæсаздзыд Куыдзæгæн ахуыры фæндагыл ногæй æрлæууыны фадат фæцис 1922 азы. Бацыд:

а) Мæздæджы реалон скъоламæ;

æ) Ногиры скъоламæ;

б) Дзæуджыхъæуы Фыццаг областон фæлварæн скъоламæ;

в) Дзæуджыхъæуы астæуккаг скъоламæ;



  1. Дзесты Куыдзæг йæ фыццаг сфæлдыстадон къахдзæфтæ акодта:

а) Едысы æртæкъласон скъолайы куы ахуыр кодта, уæд;

æ) Дзауы Уæлрайдайæн скъолайы куы ахуыр кодта, уæд;

б) Дзæуджыхъæуы Фыццаг областон фæлварæн скъолайы куы ахуыр кодта, уæд;

в) Мæскуыйы журналистикæйы паддзахадон институты куы ахуыр кодта, уæд;



  1. Куыдзæг нæ ахуыр кодта:

а) Мæскуыйы журналистикæйы паддзахадон институты;

æ) хæххон педагогон институты ирон æвзаг æмæ культурæйы хайады;

б) Цæгат Ирыстоны наукон - иртасæг институты аспирантурæйы;

в) Мæскуыйы Горькийы номыл литературон институты;



  1. Дзесты Куыдзæджы аивадон курдиат æвиппайды ирдæй, тыхджынæй сæрттывта ацы рæстæг. Суанг ма йыл уæды критиктæ дæр сæ цæст æрæвæрдтой:

а) 20 -æм азты кæрон - 30 -æм азты райдайæны;

æ) 30 - æм азты кæрон -40 -æм азты райдайæны;

б)40 - æм азты кæрон -50 æм азты райдайæны;

в) 50 -æм азты кæрон -60 -æм азты райдайæны;



  1. 1930 азы Куыдзæджы радзырд «Хорхæссæг» мыхуыры куы рацыд, уæд ын йæ авторы Тыбылты Алыксандр сфæлдыстадон фæсивæды 'хсæн рахуыдта:

а) «фæдисы дзæнгæрæг»;

æ) «нæртон фæдисон»;

б) «мæгуырты сæрхъуызой»;

в) «цардроггæнæг»;



  1. 1936 азы Куыдзæджы æрцахстой, уæмæн æмæ:

а) хъæуы хицауы фæнадта;

æ)колхозы фæллой фесæфта;

б) «адæмы знаг» æй рахуыдтой;

в) комдзогæй йыл рацыдысты;



  1. Культы амæттаг чи фæци, уыцы иннæ фысджытæй йæ хъысмæт амондджындæр разынд. «Зæрдæйы риссаг ностимæ» æрыздæхт Ирыстонмæ:

а)1950 азы;

æ)1952 азы;

б)1954 азы;

в) 1956 азы;



  1. Ацы зындгонд ирон фыссæг Дзесты Куыдзæджы схуыдта «цард æмæ лæгдзинады зарæггæнæг»:

а) Гафез;

æ) Джыккайты Шамил;

б) Джусойты Нафи;

в) Хуыгаты Сергей;



  1. Дзесты Куыдзæджы намысон идейæтæ тынг ирдæй зынынц йæ фæстаг уацау:

а) «Мæт» - ы;

æ) «Сæрæбийы сусæгдзинæдтæ» -йы;

б) «Фæндагсæр Уастырджи» -йы;

в) «Зæрдæтæй амад цырт» -ы;



  1. Куыдзæг йæ ацы уацмысы æвдисы хæххон цардыуаг, ирон æгъдæуттæ, адæмы рæдау зæрдæ:

а) «Тегайы бæлас» - ы;

æ) «Хорхæссæг» - ы;

б) «Чъеури» - йы;

в) «Фæндагсæр Уастырджийы»;



  1. Дзаххо æмæ Дзитта - «Фæндагсæр Уастырджи» -йы персонажтæ - æрбынæттон сты:

а) Ходты хъæуы;

æ)Æхсæны хъæуы;

б)Æхсæрысæры хъæуы;

в) хохы Урсдоны;



  1. Дзесты Куыдзæджы уацау «Фæндагсæр Уастырджи» -йы сæйраг архайæг Дзаххойæн йæ царды нысан у:

а) хъæздыг цард кæнын;

æ)адæмæй хуыздæр уæвын;

б) араббаг бæх балхæнын;

в) æххуыс æмæ хорз кæнын;



  1. Куыдзæджы уацау «Фæндагсæр Уастырджи» -йы ацы ирон æмбисонд цардæгас хуыз райста:

а) «Уасаг гæды мыст нæ ахсы»;

æ) «Æддагон мыст мидæггаджы расырдта»;

б) «Раттаджы къух райсаг у»;

в) «Бирæйæ бирæгъ дæр не фсæды»;



  1. Дзаххо æмæ Дзитта хайджын сты ирон адæймаджы æппæт фæзминаг æууæлтæй дæр. Дыууæтæн дæр сæ хорз хъуыддæгтæ дзурæг сты, адæймаджы бæрзонд уды хъæды æнусон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм миниуджытыл: хæлар уаг æмæ зæрдæхорзыл, дзырд æмæ архайды æмиудзинадыл, æрдз æмæ адæмыл аудыныл… Ацы дыууæ персонажмæ гæсгæ æрхæссæн ис ахæм ирон æмбисонд:

а) «Куырд куырдыл ахуыр кæны»;

æ) «Халон халоны цæст нæ къахы»;

б) «Алцыдæр дыууæрдæм у»;

в) «Лæг æмæ ус фæрæты хъæдæй барст»;



  1. «Адæмы хорзæх нæ куы уа, уæд нын тас ницæмæй у!» - афтæ дзураг сты:

а) Гаглойты Владимиры «Ныййарæджы кадæг» - ы хъайтартæ;

æ)Джусойты Нафийы «Фыдæлты туг» - ы хъайтартæ;

б) Дзесты Куыдзæджы «Фæндагсæр Уастырджи» -йы хъайтартæ;

в) Гафезы «Уæ бонтæ хорз, адæм!» - ы хъайтартæ;



  1. Йæ уаг, йæ архайдæй, тыхст лæгæн баххуыс кæныны æууæлтæй Дзаххо цæрмыстыгъд бакодта ирон адæмы уарзондæр мифологон персонажы:

а) Æфсатийы;

æ) Куырдалæгоны;

б) Уастырджийы;

в) Фæлвæрайы;



  1. «Адæмы уарзон хæдзар æдзæрæг комы нæ, фæлæ хохы цъуппыл куы цæра, уæддæр иунæг никæд уыдзæн!Мæгуыр уый у, æмæ бирæ адæмы 'хсæн дæр иунæг чи вæййы» - ацы ныхæстæ загъта:

а) Дзитта Дзаххойæн;

æ) Дзаххо Дзиттайæн;

б) Гæвди;

в) Дзамболат;



  1. «Куыдзæджы хуызæн рæсугъд æмæ тыхджын курдиат , уый хуызæн лæгуарзон æмæ æппæтæй аив адæймаг куы райгуыры æмæ куы рахъомыл вæййы , уæд уый æгас дзыллæйæн арфæйы æмæ фарны хъуыддаг у» -загъта Дзесты Куыдзæгæй:

а) Ходы Камал;

æ) Дзасохты Музафер;

б) Хъодзаты Æхсар;

в) Джусойты Нафи;

































































































Дзесты Куыдзæг

2 вариант

  1. 1905 азы Хуссар Иыстоны, Едысы хъæуы райгуырди :

а) Джусойты Нафи;

æ)Бестауты Гиуæрги

б) Дзесты Куыдзæг;

в) Гаглойты Владимир;



  1. Дзесты бинонтæ Цæгат Ирыстонмæ ралыгъдысты:

а) 1913 азы;

æ) 1915 азы;

б) 1918 азы;

в)1920 азы, Гуырдзыйы меньшевиктæ Хуссар Ирыстоны хъæутыл арт куы бафтыдтой,уæд ;



  1. Ам, Ирыстоны, 1922 азы бацыд Дзæуджыхъæуы Фыццаг областон фæлварæн скъоламæ. Ардыгæй Куыдзæг акодта фыццаг сфæлдыстадон къахдзæфтæ: уыди, ахуырдзаутæ цы журнал уагътой, уый редколлегийы уæнг æмæ йæ автортæй иу. Журнал хуынди:

а) « Сæуæхсид»;

æ) «Хуры тын»;

б) «Уадындз»;

в) «Æвзонг Ирыстон»;



  1. Куыдзæджы литературон фæлтæрддзинад йæ тыхы цæуын байдыдта, Гæдиаты Цомахъ (газеты уæды редактор)æй куы æрбахуыдта:

а) газет «Ирон газет» -мæ;

æ) газет «Ног цард» - мæ;

б) газет «Рæстдзинад» -мæ;

в) газет «Хабар» - мæ;



  1. 1926 - 1928 азты Дзесты Куыдзæг ахуыр кодта Мæскуыйы журналистикæйы паддзахадон институты, фæлæ йæ каст нæ фæци:

а) æхцайы фæрæзтæ йæм кæй нæ уыд, уый тыххæй;

æ) йæ мад кæй фæрынчын, уый тыххæй;

б) йæ зæрдæмæ кæй нал цыд, уый тыххæй;

в) йæ политикон цæстæнгасты тыххæй йæ бахъуыд фæстæмæ Дзæуджыхъæумæ æрыздæхын);



  1. 1930 азы Куыдзæг сси Хæххон педагогон институты ирон æвзаг æмæ культурæйы хайады студент. Ахуырмæ уæлдай æвзыгъд студентты къордимæ Куыдзæджы цæттæ кæнынц сæрмагонд программæмæ гæсгæ, æмæ 1932 азы , æмгъуыдæй раздæр, сси:

а) Хуссар Ирыстоны наукон - иртасæг институты аспирант;

æ) Цæгат Ирыстоны наукон - иртасæг институты аспирант;

б) Ленинграды литературæйы институты аспирант;

в) Мæскуыйы Горькийы номыл литературон институты аспирант;



  1. Куыдзæг ацы аз бацыд Фысджыты цæдисмæ, сси правленийы уæнг æмæ æвзæрст æрцыд 1 Æппæтцæдисон фысджыты съезды делегатæй:

а) 1931 азы;

æ) 1932 азы;

б) 1933 азы;

в) 1934 азы;



  1. Ацы фыссæг Боциты Барон æмæ Нигеримæ скъолатæн ирон литературæйæ арæзта хрестоматитæ:

а) Хуытъинаты Цыппу;

æ) Епхиты Тæтæри;

б) Фæрнион Къоста;

в) Дзесты Куыдзæг;



  1. Дзесты Куыдзæджы рахуыдтой «адæмы знаг»æмæ йæ æрцахстой. Фæбадти фондз азы. Уый фæстæ йын «дæрдтыл æрзылдысты Сыбыры фæндæгтæ».1947 азы суæгъд, фæлæ та 1948 азы йæ фæндаг адардта Сыбыры цæгатмæ. Куыдзæг æххæстæй ссæрибар 1954 азы. Фæлæ уал азы хъизæмары фæстæ ногæй сси ирон литературæйы хъаруджын кусæг:

а) дыууадæс азы;

æ) цыппæрдæс азы;

б) æстдæс азы;

в) дыууын азы;



  1. Дзесты Куыдзæджы фыццаг æнтыст уыди:

а) радзырд «Хорхæссæг»;

æ) «Мæргъты хицау»;

б) «Уæхæнæзы радзырд»;

в) « Зæрдæтæй амад цырт»;



  1. Ацы уацмыстæй Дзесты Куыдзæджы не сты:

а) «Æрдхæрæны лæвар», «Хур скæсæны рдæм нæ ныгуылы»;

æ) «Уæхæнæзы радзырд» , «Чъеури»;

б) «Хорхæссæг», « Тегайы бæлас», «Фæндагсæр Уастырджи»;

в) «Дыууæ къæрныхы», «Иудзонгон»;



  1. Зæхкусæг ирон лæг йæ намыс сæндын нæ бауагъта, æлдары фыртимæ сæ быцæу тугныккалдæй ахицæн. Хылкъахæг, цы агуырдта, уый ссардта - ингæн йæхицæн, фæлæ мæгуыр лæппу дæр йæ фыды уæзæгæй фæхауæггаг. Дарддæр - ахæстон, Сыбыры каторгæ………Фæстагмæ - рагæй кæмæ бæллыд , уыцы фембæлд уарзон мад æмæ фыдимæ. Ацы цаутæ ист сты:

а) Джусойты Нафийы «Фыдæлты туг» - æй;

æ) Цæгæраты Максимы «Мады зарæг» - æй;

б) Дзесты Куыдзæджы « Фæндагсæр Уастырджи» - йæ;

в) Æгъуызарты Æхсарбеджы «Куырды фырт» - æй;



  1. Куыдзæджы « Фæндагсæр Уастырджи» - йы ацы архайджытæ æлдары мастæй хи хъахъхъæнгæйæ , æмæхсæвæджы лидзæг фесты сæ мæгуыр къæсæй. Дзæгъæл ныууагътой, уал азы сæм сæ хидвæллойæ цы мæгуыр папитæ бамбырд, уыдон дæр:

а) Гæвди æмæ йæ ус;

æ) Дзаххо æмæ Дзитта;

б) Никъала æмæ Дзамболат;

в) Идæдз ус æмæ йæ лæппу;











  1. «Фæндагсæр Уастырджи» - йы сæйраг архайæг Дзаххо цæры æмæ кусы ахæм зондæй:

а) «Адæймаг фыццаг хъуамæ йæхи уарза….»;

æ) «Макæй хъыгдар, æмæ дæ мачи хъыгдара»;

б) «Мæн никæимæ ницы хъуыддаг ис»;

в) «Лæг адæмы кæм хъæуа, уым куы архайа æмæ уым куы цæра, уæд ма йæ цы хуыздæр хъæуы!»;



  1. Дзесты Куыдзæджы «Фæндагсæр Уастырджи» - йы Дзаххо Никъалаимæ æнгомдæр куы базонгæ сты, уæд æй бауырныдта:

а) хæрзæгъдаудзинады æууæлтæ алкæм дæр æмхуызон кæй сты;

æ) ахуырдзинад царды æнæмæнг кæй хъæуы;

б) хæхты бирæ хæзнатæ кæй ис;

в) Никъала дæр ирон лæджы хуызæн кæй у;



  1. Дзаххо æмæ Дзиттайы æмуддзинад ирон адæммæ хуыйны:

а) «æмбарындзинад»;

æ) « æнувыддзинад»;

б) « барондзинад»;

в) «бинонты фарн»;



  1. «Æхсæны кæнд цы хæдзар нал фæкæны, уый хæдзарыл нымад нал вæййы , æмæ æз та нырма хæдзар дæн!» - загъта «Фæндагсæр Уастырджи» - йы:

а) Гæвдийы ус Дзаххойæн;

æ) сидзæргæс ус Дзаххойæн;

б) Дзаххо Никъалайæн;

в) Дзитта Дзаххойæн;



  1. Дзитта у ирон æфсины идеал - уазæгуарзон, фæлмæндзырд, æфсæрм æмæ куырыхон зонд æрдз рæдауæй кæмæн схай кодта !. Иу дзырдæй, ис æй схонæн:

а)æппæтæй хуыздæр;

æ) Нарты Сатана;

б) алцæмæй æххæст сылгоймаг;

в) адæмы уарзон адæймаг;



  1. Дзаххо æмæ Дзиттайы æцæг мыггаг уыд:

а) Гаглойтæй;

æ) Саулатæй;

б) Кадатæй;

в) Бердиатæй;



  1. Дзаххо у адæмы уарзондæр мифологон персонаж - Уастырджийы хуызæн, уымæн æмæ:

а) æдде бакæсгæйæ, Уастырджийы æнгæс уыди;

æ)адæмæн уарзон адæймаг уыди;

б) нæлгоймæгты æхсæн йæ зонд æмæ йæ куырыхондзинадæй хицæн кодта;

в) арæзта фæндаг, йæ цæст æм дардта, рæстæгæй - рæстæгмæ йæ цалцæг кодта. Уымæй дарддæр адæмæн уыд фæндагамонæг. Хур æмæ къæвдайы, сæумæцъæхæй æмæ æхсæвы тары, уадтымыгъы тындзыдта фæндаггонты размæ, хъахъхъæдта сæ фыдбылызæй;





  1. .Дзаххо æфцæджы бын хæдзар аразыныл куы ныллæууыд, уæд ын Дзитта загъта, зæгъгæ, уыцы дзæгъæл комы зыбыты иунæгæй куыд цæрдзыстæм. Уыцы ныхæстæм ын Дзаххо дзуапп радта:

а) « Ницы нын уыдзæн, Хуыцау хорз у»;

æ) «Иунæг нæ уыдзыстæм, Муртакк дæр немæ уыдзæн»;

б) «Быхсдзыстæм, нæ гуырд дæр ,Хуыцауы фæндæй, кæд зынид»;

в) «Ард дын хæрын, не фсин, адæмы уарзон хæдзар æдзæрæг комы нæ, фæлæ хохы цъуппыл куы цæра, уæддæр иунæг никæд уыдзæн. Мæгуыр уый у, æмæ бирæ адæмы æхсæн дæр иунæг чи вæййы…»;



  1. Дзаххо æмæ Дзитта адæмæн хæрзты цыдысты. Хуыцау та алцыдæр уыны. Сæ раст царды тыххæй сын стыр хорздзинад ракодта:

а) сæ къухы сын стыр ног хæдзар бафтын кодта;

æ) зæхх æмæ фосæй хайджын фесты;

б) сæ иунæг фырт Дзамболаты сын сæрæгасæй йæ фыды хæдзарыл сæмбæлын кодта;

в) раздæр кæм цардысты, уырдæм ацыдысты;



  1. «Куыдзæг йæ алы дзырд дæр лыстæг тæрæзтæй бары æмæ афтæмæй нывæнды йæ ныхас», - фыста:

а) Гафез;

æ) Нафи;

б) Тыбылты Алыксандр;

в) Джыккайты Шамил;































































Бестауты Гиуæрги

1 вариант

  1. Джусойты Нафи ацы фыссæджы бары « сæууон хуры æрбакастимæ», Æлборты Хадзы -Умар та «уалдзæджы æрцыдимæ»:

а) Хостыхъоты Зинæйы;

æ) Бестауты Гиуæргийы;

б) Дзасохты Музаферы;

в) Хæблиаты Сафары;



  1. Бестауты Георгийы фырт Гиуæрги райгуырд:

а) 1925 азы Хуссар Ирыстоны, Хæрдысæры хъæуы;

æ) 1931 азы Алагиры районы, Ногхъæуы;

б) 1932 азы Хуссар Ирыстоны, Годжиты хъæуы;

в) 1937 азы Цæгат Ирыстоны, Хъæдгæроны;



  1. 1952 азы Бестауты Гиуæрги сызгъæрин майданимæ каст куы фæци скъола, уæд уый фæстæ ахуыр кодта:

а) Цхинвалы педагогон институты;

æ) Дзæуджыхъæуы педагогон институты;

б) Мæскуыйы литературон институты;

в) Тбилисы паддзахадон университеты, журналистикæйы факультеты гуырдзиаг хайады;



  1. «…поэт суæвын уæ кæй фæнды, уый гуырдзиаг æвзаг мæнæ ацы ирон лæппуйау хъуамæ зона!..» , -загъта номдзыд гуырдзиаг поэт Георгий Леонидзе:

а) Бестауты Гиуæргийæ;

æ) Джусойты Нафийæ;

б) Булкъаты Михалæй;

в) Гуыцмæзты Алешæй;



  1. 1973 азы кæронæй йæ царды фæстаг бонмæ Бестауты Гиуæрги уыд:

а) журнал «Фидиуæг» -ы сæйраг редактор;

æ) рауагъдад «Ирыстон» -ы сæйраг редактор;

б) газет «Хуссар Ирыстон» -ы сæйраг редактор;

в) журналистты цæдисы сæрдар;



  1. Егъау æмæ уæзгæ бавæрæн систы ирон культурæмæ Бестауты Гиуæргийы:

а) æмдзæвгæтæ;

æ) очерктæ;

б) критикон æмæ публицистон уацтæ;

в) тæлмацтæ;



  1. Гиуæргийы ацы куыстыты фæрцы ирон æвзагыл аив сдзырдтой нæ бæстæйы адæмты æмæ дунеон литературæйы классиктæ, се' хсæн Фридрих Шиллер, Пабло Неруда, Илья Чавчавадзе, Николоз Бараташвили, Важа Пшавела, Георгий Табидзе æмæ æнд:

а) литературон изæрты;

æ) аивадон фембæлдтыты;

б) литературон быцæуты;

в) тæлмацты;







  1. Гуырдзиаг æмæ дунеон литературæйы хæзна Шота Руставелийы «Стайы цармдарæг» ацы фыссæгæн нымад у йæ тæлмацты егъаудæр æнтыстыл:

а) Бестауты Гиуæргийæн;

æ) Гаглойты Владимирæн;

б) Дзесты Куыдзæгæн;

в) Гаглойты Федырæн;



  1. Бестауты Гиуæргийæн Мачабелийы номыл Гуырдзыстоны паддзахадон преми лæвæрд æрцыд:

а) æмдзæвгæты æмбырдгонд «Уадтымыгъ» - ы тыххæй;

æ) рауагъдад «Ирыстон» - ы хорз куысты тыххæй;

б) Шота Руставелийы «Стайы цармдарæг» - ы аивадон тæлмацы тыххæй;

в) журнал «Фидиуæг» - ы хорз куысты тыххæй;



  1. Абайты Васойы номарæн у Бестауты Гиуæргийы æмдзæвгæ:

а) «Фæндæгтæ»;

æ) «Ды фæцæйцыдтæ рухскалгæ уынджы…»;

б) «Ныстуан мæ фæдонмæ»;

в) «Æнусты балц»;



  1. Бестауты Гиуæрги йæ æмдзæвгæ «Ныстуан мæ фæдонмæ» - йы йæ дзуринæгтæ бакодта:

а) йе мбалы æвджид;

æ) йæ зонгæйы æвджид;

б) йе мдугоны æвджид;

в) йæ дард фыдæлы æвджид;



  1. Гиуæргийы æмдзæвгæ «Ныстуан мæ фæдонмæ» - йы лирикон геройы фæдзæхстытæ йæ фæстагæттæн сты:

а) ...Уе гъуыстаг фыд амондыл хъæцут!...

Фæсвæндагмæ макæд бон фæцуд!

æ) Макæйы раз макуы у къæмдзæстыг,

Макуы дæр мæм уайдзæфгæнгæ скæс…

……Ис дæуæн ныммæлыны бар, нæй дын

Цауд æмæ сæркъул уæвыны бар!

б) …Мæ амынд дын куынæ разына аккаг,

Уæд - иу дæхимæ ног хъарутæ ссар.

Кæндзæнис дыл тымыгъбон хаттæй - хатт,-

Дæ зын сахаты дзыллæтæм æрхат.

в) …Дæ дидинæгæй нæм фæхуд ,

Дæхи фæлынд цыргъфындз хъæбынтæй,

Æхс ныл сæ,æхс, æппар

Бæласы цъуппæй,

Сагъд хъилты рæбынтæй!



  1. Æмдзæвгæ «Фæндæгтæ» - йы адонæн кады гимнау зæлы Бестауты Гиуæргийы хъæлæс:

а) быдыртæн;

æ) хæхтæн æмæ фæзтæн;

б) фæндæгтæн;

в) цæугæдæттæн;





  1. Фæндæгтæ,æрвæрттывды уидæгтæ, -

Уе гъуыстаг фыдамондыл хъæцут!

Гъæйтт, мæ зæрдæ, удуæлдай фæндæгтæй

Фæсвæндагмæ макæд бон фæцуд!

Бестауты Гиуæргийы æмдзæвгæ «Фæндæгтæ» - й ист строфайы хицæнгонд дзырдбаст у:

а) метоними;

æ)олицетворени;

б) метафорæ;

в) абарст;



  1. Метафорæ у:

а) латинаг дзырд æмæ амоны дамгъæйы æмбуар, цур, раз;

æ) грекъаг дзырд, амоны - æндæр ном раттын; поэтикон ныхасы исты цауы кæнæ предметы ном æндæр номæй баивын, æндæр хуызы зæгъын;

б) грекъаг дзырд, амоны фæсномыг;поэт йæ уацмысы цы предметы кæнæ цауы кой фæкæны, уый сбæрæг кæныны тыххæй уыцы предмет кæнæ цау схоны йæхи номæй нæ, фæлæ исты хицæн миниуджытæй йе мхуызон чи у, ахæм предметы кæнæ цауы номæй - дзырдæй;

в) удджын кæнын кæнæ уд уадзын; зайæгойтæ, цæрæгойтæ,æнæуд предметтæ , æрдзы фæзындтæ æмæ абстрактон æмбарынæдтæ аив уацмысы хайджын æрцæуынц адæймаджы миниуджытæй, ома адæймагау дзурынц, æнкъарынц, хъуыды кæнынц.



  1. Бестауты Гиуæргийы æмдзæвгæ «Изæр Дзаугомы» - йы ис:

а) уарзондзинадыл райыны хъуыды;

æ) Ирыстоны фарныл райыны хъуыды;

б) адæймагыл райыны хъуыды;

в) рæсугъддзинадыл райыны хъуыды;



  1. Гиуæргийы ацы æмдзæвгæйы лирикон герой кæлæнсайдау кæны Ирыстоны райдзаст къуымтæй иуы уындæй:

а) «Зарæг» - ы;

æ) «Ныстуан мæ фæдонмæ» - йы;

б) «Фæндæгтæ»- йы;

в) «Изæр Дзаугомы» -йы;



  1. Бестауты Гиуæргийы æмдзæвгæ «Изæр Дзаугомы» - йы лирикон герой дзуры йæхинымæр:

а) «Æз дыууæ цæсты зонын зæххыл…»;

æ) «Скиф уыдтæн, алан - æмæ нывæндтæ

Никуы кодтон арвæн дæр мæхи!»;

б) «Ир æрцарди Хуыцауы дæлбазыр!»;

в) «Уадзын дын, мæ хорз фæдон, мæ фæстæ

Кады ном зынаргъдæр бынæн æз»;



  1. Æрвон сыгъдæгдзинад æмæ æнувыд уарзондзинады темæ æвдыст æрцыд Гиуæргийы æмдзæвгæтæ:

а) «Ныстуан мæ фæдонмæ» æмæ «Фæндæгтæ» - йы;

æ) «Изæр Дзаугомы» æмæ «Æнусты балц» - ы;

б) «Дуне райгуырд» æмæ «Зарæг» - ы;

в) «Æз дыууæ цæсты зонын зæххыл…» æмæ «Ды фæцæйцыдтæ рухскалгæ» - йы;





  1. Бестауты Гиуæрги йæ ацы æмдзæвгæйы хъыгзæрдæйæ бæлвырд кæны: номдзыд фыдæлы къахвæд фæци рохуаты рыджы бын. Æмæ йын сыхалы йæ аххосæгтæ. Тыхы дуджы иудадзыг хъуыд кард æлвæстæй дарын. Фæлтæрæй - фæлтæрмæ цыди уыцы фæтк куыд цард бахъахъхъæныны иунæг фæрæз. Уымæ гæсгæ:

Уыд сабийæн йæ нывæрзæн дæр хъама,

Уыд тохмæ сидт йæ алолайы зарæг:

а) «Зарæг» - ы;

æ) «Мæ фæдонмæ» -йы;

б) «Дуне райгуырд» -ы;

в) «Фæндæгтæ» -йы;



  1. Гиуæрги йе 'мдзæвгæ «Дуне райгуырд» - ы равдыста æмæ дзы бавæрдта ахæм хъуыды:

а) адæймаг æмæ æрдзы цин уалдзæгыл; рухс фидæныл æууæндыны хъуыды;

æ) æрдзы рæсугъддзинад; Ирыстоны фарныл райыны хъуыды;

б) уарзон адæймаджы рухс сурæт; сыгъдæг уарзондзинад - удсыгъдæггæнæн фæрæз;

в) сабийы царды фыццаг бон; мад - царддæттæг;



  1. Бестауты Гиуæргийы æмдзæвгæтæ «Мигътæ се зды базыртæ ныттыгътой», «Зарæг», «Мæ зарджытæ» сты:

а) поэты миссийыл дзурæг;

æ) ахуыргæнæджы миссийыл дзурæг;

б) дохтыры миссийыл дзурæг;

в) зæхкусæджы миссийыл дзурæг;



  1. Гиуæргийы ацы æмдзæвгæйы лирикон герой у стыр æмæ арфæнкъараг зæрдæйы хицау. Æнæбары уарзон чызджы зæрдæхудт райста, æмæ йæ уый мæтыл æфтауы:

а) «Æз дыууæ цæсты зонын зæххыл..» - ы;

æ) «Ды фæцæйцыдтæ рухскалгæ..» - йы;

б) «Ехх, цы цæстытæн радтон æрхæндæг…» - ы;

в) «Мæ зарджытæ» - йы;



  1. «…йæ аив дзырдæй, йæ зонды ныхæстæй, йæ уды рæсугъд миниуджытæй бæлвырд фæбæрзонддæр кодта ирон литературæйы кад æмæ ном» - загъта Бестауты Гиуæргийæ:

а) Джыккайты Шамил;

æ) Джусойты Нафи;

б) Дзуццаты Хадзы - Мурат;

в) Хъодзаты Æхсар;

































Бестауты Гиуæрги

2 вариант

  1. «Æлвæст кардау» аив æмæ нæрæмон, æгасæй дæр поэзийы тæмæнкалгæ тынтæй уæфт - ахæмæй баззади ацы поэт Гафезы мидзæрдæйы; Дзуццаты Хадзы - Муратæн уыди «Уадтымыгъы æрдхорд»; «æрвæрттывды уидæгтæ» рахуыдта ацы фыссæджы поэтикон фæндæгтæ Хъодзаты Æхсар; йæ æгъуыстаг æмдзæвгæтæ «донхъазы зарæгау» дис æмæ сагъæсыл æфтыдтой Булкъаты Михалы:

а) Малиты Васо;

æ) Дзасохты Музафер;

б) Бестауты Гиуæрги;

в) Джыккайты Шамил;



  1. 1932 азы Хуссар Ирыстоны, Годжиты хъæуы райгуырди:

а) Джусойты Нафи;

æ) Гафез;

б) Дзугаты Георги;

в) Бестауты Гиуæрги;



  1. Бестауты Гиуæргийы йæ уарзон æмгæрттæ хуыдтой:

а) Георга;

æ)Жорæ;

б) Бестау;

в) Гоша;



  1. Бестауты Гиуæрги райдайæн скъола каст куы фæцис, уæд æй бахъуыдис, æвзаг нæ зонгæйæ, дарддæр гуырдзиаг скъолайы ахуыр кæнын. Уымæн æмæ:

а) кæм цардысты, уым ирон скъола нæ уыд;

æ)уæд иронау дзурын нæ уагътой;

б) уыцы рæстæгмæ ирон скъолатæ æхгæд æрцыдысты;

в) йæ афтæ бафæндыд;



  1. Гиуæрги йæ мадæлон æвзагау хорз зыдта:

а) сомихаг æвзаг;

æ) цæцæйнаг æвзаг;

б) балхъайраг æвзаг;

в) гуырдзиаг æвзаг;



  1. Бестауты Гиуæргийы фæрнæйдзаг æрмдзæфæй ирон литературæйы хæзнадоны тæмæнтæ скалдта, ирон æвзагмæ цы уацмыс ратæлмац кодта, уый:

а) «Фыдæлты туг»;

æ) «Æлгъуызы кадæг»;

б) «Куырды фырт»;

в) «Теркæй - Туркмæ»;



  1. Гиуæрги ацы уацмысыл куыста авд азы дæргъы, у йæ тæлмацты егъаудæр æнтыстыл нымад:

а) Æгъуызаты Иуанейы «Æлгъуызы кадæг»;

æ) Фридрих Шиллеры «Мæнгарддзинад æмæ уарзондзинад»;

б) Шота Руставелийы «Стайы цармдарæг»;

в) Пабло Нерудайы « «Ам æз дæу уарзын»;





  1. Бестауты Гиуæргийæн йæ ацы сфæлдыстадон сгуыхты тыххæй, тæлмацгонд «Стайы цармдарæг» - ы тыххæй лæвæрд æрцыд:

а) Фæллойы Сырх тырысайы орден;

æ) Хетæгкаты Къостайы номыл преми;

б) «Кады Нысаны» орден;

в) Мачабелийы номыл Гуырдзыстоны паддзахадон преми;



  1. Ацы поэтæн йæ æмдзæвгæтæ мыхуыры куы рацыдысты(1950 - æм азты дыккаг æмбисы), уæд иртасджытæ æмдзыхæй сразы сты, йæ курдиат ирон литературæйы æнæнхъæлæджы фæзынд кæй у, ууыл:

а) Бестауты Гиуæргийæн;

æ) Дзасохты Музаферæн;

б) Джыккайты Шамилæн;

в) Хъодзаты Æхсарæн;



  1. Бестауты Гиуæргийы ацы æмдзæвгæйы лирикон герой хуызджынæй нывæнды адæмы историон хъысмæты знæт цаутæ, дзуры уæды æхсарджын царды уагыл, знаджы раз сæр кæй никуы æркъул кодта, кæй зыдта уарзт æмæ маст, сæрибары сæраппонд мæрдтæм кæй цыди:

а) «Зарæг» - ы;

æ) «Ǽнусты балц» - ы;

б) «Ныстуан мæ фæдонмæ» - йы;

в) «Мæ зарджытæ» - йы;



  1. Бестауты Гиуæрги ацы философы кой скодта йæ æмдзæвгæ «Ныстуан мæ фæдонмæ» - йы:

а) Геродоты;

æ) Софоклы;

б) Анахарсисы;

в) Гедеоны;



  1. Бестауты Гиуæргийы æмдзæвгæ «Ныстуан мæ фæдонмæ» у:

а) Хетæгкаты Къостайы номарæн;

æ) Абайты Васойы номарæн;.

б) Колыты Аксойы номарæн;

в) Гæдиаты Секъайы номарæн;



  1. Удуæлдай размæцыды фæдзæхст хъуыддæгтæй нæ тæрсыны пафосæй хайджын у Гиуæргийы æмдзæвгæ:

а) «Изæр Дзаугомы»;

æ) «Дуне райгуырд»;

б) «Мæ зарджытæ»;

в) «Фæндæгтæ»;



  1. Гиуæрги йе 'мдзæвгæ «Изæр Дзаугомы» - йы равдыста:

а) хъæууон цард ын адджын кæй у, уый;

æ) Дзаугомы адæмы цард;

б) æрдзы рæсугъддзинад сфæлдыстадон уæлтæмæнады æмæ цины суадон кæй у, уый;

в) Дзаугомы изæртæ æнкъард дзинад кæй хæссынц, уый;









  1. Дон - дон фезгъорынц искæй уæрыччытæ,

Æви уылæнтæ - взистбарц, къæбæлдзыг,

Æви ронгæй фæрасыг, фæрынчын дæн,

Æмæ 'нхъæвзы мæ дадзинты уалдзæг.

Бестауты Гиуæргийы æмдзæвгæ «Изæр Дзаугомы» - йæ ист рæнхъыты хицæнгонд дзырдтæ сты:

а) аллитераци;

æ) инверси;

б) анафорæ;

в) аллигори;



  1. Гиуæргийы ацы æмдзæвгæ у уарзон чызджы райдзаст æнгасыл уæлмонц зарæг:

а) «Ды фæцæйцыдтæ рухскалгæ уынджы»;

æ) «Æз дыууæ цæсты зонын зæххыл»;

б) «Мæ зарджытæ»;

в) Ехх, цы цæстытæн радтон æрхæндæг…»;



  1. «Ир æрцарди Хуыцауы дæлбазыр!» - афтæ хинымæр дзуры Бестауты Гиуæргийы ацы æмдзæвгæйы лирикон герой:

а) «Фæндæгтæ» - йы;

æ) «Ныстуан мæ фæдонмæ» - йы;

б) «Изæр Дзаугомы» - йæ;

в) «Æнусты балц» - æй;



  1. Ацы æмдзæвгæ у Ирыстоны историон фæндæгтыл поэтикон афæлгæст. Æвдыст дзы æрцыд ирон адæмы цардвæндаг:

а) «Æнусты балц»;

æ) «Зарæг»;

б) «Мигътæ се зды базыртæ ныттыгътой»;

в) «Мæ зарджытæ»;



  1. Кæрдæджытæ, дыргъбæлæстæ семæ

Зæххы сауæй уыйбæрц рухс ысхастой,

Уыйбæрц судзгæ, ирд цырæгътæ, гъе мæ

Зæрдæтæн сæ сагъæсы бар байстой.

Ацы дзырдтæ ист сты Бестауты Гиуæргийы æмдзæвгæ:

а) «Фæндæгтæ» - йæ;

æ) «Изæр Дзаугомы» - йæ;

б) «Дуне райгуырд» - æй;

в) «Мæ зарджытæ» - йæ;



  1. Ацы æмдзæвгæйы Бестауты Гиуæрги ныв кæны сфæлдыстадон удгоймаджы хъысмæт æмæ нысан (поэт - адæмы сæрхъуызой). Уынæм æй зæхх æмæ мигъты, раст æмæ хæрамы астæу лæугæ, æрдзон бынысæфтмæ хæстæг уавæрты:

а) «Мигътæ се зды базыртæ ныттыгътой…» - йы;

æ) «Дуне райгуырд» - ы;

б) «Æнусты балц» - ы;

в) «Зарæг» - ы;











  1. Гиуæргийы æмдзæвгæ «Ехх, цы цæстытæн радтон æрхæндæг…» - ы лирикон герой:

а) æдых разынди сылгоймаджы цæссыгты раз;

æ) хъал уыди йæ уарзон чызджы цæстæнгасæй;

б) фидар лæууыди йæхи цæстæнгасыл;

в) ныууагъта кæугæйæ йæ уарзон чызджы;



  1. Поэты миссийыл дзурæг сты Бестауты Гиуæргийы æмдзæвгæтæ:

а) «Ныстуан мæ фæдонмæ», «Фæндæгтæ» æмæ «Изæр Дзаугомы»;

æ) «Æз дыууæ цæсты зонын зæххыл…» æмæ «Ды фæцæйцыдтæ рухскалгæ уынджы»;

б) «Æнусты балц» æмæ «Дуне райгуырд»;

в) «Мигътæ се зды базыртæ ныттыгътой…», «Зарæг» æмæ «Мæ зарджытæ»;



  1. Бестауты Гиуæргийæн йе 'мсис фысджытæ нымайынц, зæгъгæ, йын нæ «дзырдаивады зиуы» зæрдæйы фаг бакусын нæ бантысти( 24 азы æрмæст). Æваст уыди цардæй йæ æнафоны ацыд:

а) 1974 азы;

æ) 1976 азы;

б) 1977 азы;

в) 1978 азы;



  1. Джусойты Нафи Бестауты Гиуæргийæ загъта:

а) «Уый у уадтымыгъы æрдхорд»;

æ) «Гиуæргийы фæндæгтæ сты «æрвæрттывды уидæгтæ», зынынц фидæнæй, цæуынц зæрдæйæ - зæрдæмæ, фæлтæрæй - фæлтæрмæ»;

б) «йæ аив дзырдæй, йæ зонды ныхæстæй, йæ уды рæсугъд миниуджытæй бæлвырд фæбæрзонддæр кодта ирон литературæйы кад æмæ ном»;…………….

в) «поэт суæвын уæ кæй фæнды, уый гуырдзиаг æвзаг мæнæ ацы ирон лæппуйау хъуамæ зона!»;





























































Æгъуызарты Æхсарбег

1 вариант



  1. Æгъуызарты Тæтæрхъаны фырт Æхсарбег райгуырд:

а) 1905 азы Хуссар Ирыстоны, Едысы хъæуы;

æ) 1918 азы Цæгат Ирыстоны, Хъарман - Сындзыхъæуы;

б) 1922 азы Цæгат Ирыстоны, хохаг хъæу Зджыды;

в) 1932 азы Хуссар Ирыстоны, Годжиты хъæуы;



  1. 1935 азы Тæтæрхъаны ныййарджытæ æрцардысты:

а) Пысылмонхъæуы;

æ) Чырыстонхъæуы;

б) Салыгæрдæны;

в) Хъахъхъæдуры;



  1. Райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Æгъуызарты Æхсарбегæн йе 'нæниздзинад фронтмæ ацæуыны бар кæй нæ лæвæрдта, уымæ гæсгæ йын 19 - аздзыдæй йæ бæрны бакодтой:

а) хъæуы колхоз;

æ) хъæусовет;

б) районы ахуырады хайад;

в) районы газет уадзын;



  1. 1952 азы Æхсарбег сси:

а) газет «Рæстдзинад» - ы редактор;

æ) педагогон институты студент;

б) хъæуы хицау;

в) радиойы диктор;



  1. Æхсарбег 1960 азы бацыд ССР Цæдисы фысджыты цур Уæлдæр литературон курсытæм, æртæ азы фæстæ сыздæхт Ирыстонмæ .Райдыдта кусын:

а) пединституты ахуыргæнæгæй;

æ) телеуынынад æмæ радиохъусынады Паддзахадон комитеты сæрдарæй;

б) ирон театры литературон хайады;

в) фысджыты цæдисы сæрдарæй;



  1. Ацы адæймаджы нæрæмон хъæппæрисæй сырæзыд , æгас Цæгат Кавказы бирæ азты дæргъы фыццаг æмæ иунæг чи уыди, уыцы кинотæисæн комплекс, республикæйы ног телецентр:

а) Малиты Васойы;

æ) Хъодзаты Æхсары;

б) Æгъуызарты Æхсарбеджы;

в) Дзасохты Музаферы;



  1. Æгъуызарты Æхсарбеджы фыццаг роман мыхуыры рацыди 1964 азы æмæ хуынди:

а) «Хурхæтæны»;

æ) «Сусæны»;

б) «Майрæмты»;

в) «Рухæнты»;









  1. Æгъуызарты Æхсарбеджы роман «Куырды фырт» у:

а) роман - дилоги;

æ) роман - трилоги;

б) романты цикл;

в) роман - эпопей;



  1. Роман - дилоги у:

а) царды уæлдай вазыгджын æмæ парахат æрмæг æвдыст кæм цæуы, æнæхъæн эпохæ чи ахсы, ахæм роман;

æ) хаттæй - хатт иу романы кæнæ иу пьесæйы архайджытæ баззайынц иннæ романы кæнæ пьесæйы дæр æмæ иу кæнынц уыцы дыууæ уацмысы дилогийы хуызы(дыууæ романы);

б) хаттæй - хатт иу романы кæнæ иу пьесæйы архайджытæ баззайынц иннæ романы кæнæ пьесæйы дæр æмæ иу кæнынц уыцы æртæ уацмысы трилогийы хуызы(æртæ романы);

в) романты æнæхъæн цикл;



  1. Роман «Куырды фырт» - ы сæйраг архайæг Мурат уыди:

а) зæронд коммунист, мидхæсты хъæбатыр Ауызбийы фырт;

æ )партийы райкомы секретарь Алыксандры фырт;

б) райæххæсткомы сæрдар Майрæмы фырт;

в) Тæгæрдоны куырд Бердзенты Тæтæрийы фырт;



  1. Роман «Куырды фырт» - ы сæрмагондæй ныхас цæуы:

а) хъæуккаг куырды фырты æнæраст хъуыддæгтыл;

æ) куырды фырт йæ цардыл куыд тох кодта, ууыл;

б) куырды фырт магусайæ цæл кæнын куыд уарзта æмæ йæ цард куыд сыгъта, ууыл;

в) куырды фырт Мураты цардвæндагыл, уымæн йæ удыхъæды рæзтыл;



  1. Роман «Куырды фырт» - -ы мах уынæм, фашистон æрдонгтæ нæ бæстæмæ куы æрбалæбурдтой, уæд ма Тæгæрдоны сыхбæсты «лæгты номыл» баззадысты:

а) Тæтæри æмæ Тотырбег;

æ) Сослæнбег æмæ Аслæнбег;

б) æртæ æмæ æртиссæдзаздзыд Ауызби æмæ цыппæрдæсаздзыд Мурат;

в) Бимболат æмæ Мæхæмæт;



  1. Хæсты фыццаг бон тæгæрдойнаг Ауызби афæндараст кодта тохы быдырмæ:

а)йæ сыхаг Тæтæрийы;

æ) райкомы секретарь Алыксандры бинойнаг, дохтыр Алимæты;

б) Тæтæрийы фырт Тотырбеджы;

в) йæ фондз фырты , уыдонимæ кæстæр - æвддæсаздзыд Науырызы дæр;



  1. «Адæмы куырыхон зонд , æфсæрмджын æхсар æмæ фæразондзинадæй» хайджын у Æгъуызарты Æхсарбеджы роман «Куырды фырт» - ы ацы хъайтар:

а) Тæтæри;

æ) Дзамболат;

б) Ауызби;

в) Алыксандр;



  1. Мураты ныййарджытæ Тæтæри æмæ Фатъимæт сты:

а) хин æмæ кæлæн;

æ) зыд æмæ кæрæф;

б) магуса æмæ адæмæн æнæуынон;

в) куыстуарзон, рæстылдзу адæм, хъæубæстæн лæггад кæнын сæхицæн стыр хæсыл нымайынц;

  1. Романы ацы хъайтартæ хорзæрдæм аудынц Муратыл:

а) Дзæрæхмæт æмæ йæ фырт Бексолтан;

æ) Мураты мады æфсымæр Хъамболат æмæ йæ каис Дзантемыр;

б) зæронд коммунист Ауызби, райкомы секретарь Алыксандр, фæскомцæдисы раздзог Мæдинæт;

в) Азанбег æмæ дохтыр Ханджери;



  1. Тæгæрдоны лæгтæ хæстмæ куы ацыдысты, уæдæй Ауызби æмæ Муратмæ хауы:

а) хъæуы хуымтæм кæсын;

æ) хъæуы фосмæ кæсын;

б) адæмы æдасдзинадмæ кæсын;

в) колхозы хъуыддæгтæн сæ уынаффæ æмæ сæ фыдæбон дæр;



  1. Куырд, дам, куырдыл ахуыр кæны. Тæгæрдоны куырд Тæтæрийæн баззад:

а) йæ фыды къухты арæхстдзинад;

æ) йæ фыды фыды арæхстдзинад;

б) йæ мады фыды арæхстдзинад;

в) йæ фыды æфсымæры дыууæ къухы арæхстдзинад;



  1. «Хæст, мæ хур, æппæт адæмы хæст у. Æнцон нæ уыдзæн. Уæлæнгæйтты рауайа, уый мæ нæ уырны. Райсом кæнæ иннæбон мæнмæ дæр фæдзурдзысты… Дæ хистæры дæр ма ардæм кæм равдæлдзæни. Мæ катай, мæ сагъæс сымахыл у. Дæ мадæн, дæ кæстæртæн ардыгæй фæстæмæ се' нхъæлцау ды дæ. Уæдæ сыхæгтæм дæр цæст дарын хъæудзæни…».Ацы ныхæстæ загъта:

а) Ауызби Сослæнбегæн;

æ) Тæтæри Муратæн;

б) Дзæрæхмæт Бексолтанæн;

в) Хъамболат Дзантемырæн;



  1. Роман «Куырды фырт» - ы августы фыццаг къуырисæры партион æмбырды Ауызби фæндон бахаста:

а) фосæн хос æрцæттæ кæныны тыххæй;

æ) сывæллæтты ахуыр кæныны тыххæй;

б) сыхаг хъæуæн баххуыс кæныны тыххæй;

в) Сырх Æфсадæн сæ колхозонты номæй лæвæрттæ арвитыны тыххæй;



  1. Романы ацы хъайтар йæ æвзонджы бонты бирæ фыдæбон æмæ хъуæгтæ баййæфта, уый фæзынди йе 'нæниздзинадыл; уæддæр нæ зоны йæ удыл ауæрдын, зындæр кæм у, уырдæм йæхи æппары:

а) Тæтæри;

æ) Алыксандр;

б) Мурат;

в) Сослæнбег;



  1. Знаг Тæгæрдонмæ куы ныббырста, уæд Мурат алыгъди хъæдмæ партизантæм; ам йæ маст йæ зæрдæйы фыхти æмæ хъуыды кодта:

а) Мисурæты ,мыййаг, куы никуыуал фена, зæгъгæ;

æ) цымæ кæм сты ныр йæ фыд æмæ йе фсымæр, зæгъгæ;

б) куыд фылдæр райса йæ маст фашисттæй,зæгъгæ, уымæ гæсгæ йæхи размæ æппæрста алы хæслæвæрдтæм;

в) куыд æгъдауæй ацæуа фронтмæ, зæгъгæ;





  1. Мурат скъола каст куы фæци, уæд:

а) райдыдта заводы кусын;

æ) райдыдта кусын районы газеты редакцийы;

б) райдыдта кусын скъолайы;

в) райдыдта кусын колхозы фæскомцæдисы раздзогæй;



  1. Мыхуыры фæрæзтæй Мурат:

а) фыста хæсты хабæртты тыххæй;

æ) фыста Тæгæрдоны цæрджыты хорз хъуыддæгтыл;

б) тох кæны æхсæнадон исбон давджытимæ, æнæсæрфат разамынд æмæ галиу миты ныхмæ;

в) адæмы зонгæ кæны, йæхи хъæбатырæй чи равдыста хæсты æмæ хорзæхтæ чи райста,уыцы салдæттимæ;



  1. Хæсты фæстæ Мурат:

а) бацыд Уæлдæр партион скъоламæ æмæ каст фæцис;

æ) бацыд хъæууон хæдзарадон институтмæ æмæ йæ каст фæци;

б) бацыд педагогон институты историон факультетмæ æмæ йæ каст фæци;

в) бацыд æфсæддон скъоламæ æмæ йæ каст фæци;



  1. Мураты кæд институты фæстæ фæндыд сæхи хъæуы скъолайы кусын, уæддæр æй арвыстой кусынмæ:

а) республикон газетмæ;

æ) районы газетмæ;

б) институтмæ;

в) радиомæ;



  1. Мурат сси республикон газеты редактор. Фыста, уæды рæстæг актуалон чи уыд, ахæм æрмæджытæ, фыста рæстдзинад. Йæ æрмæг «Гуымирытæ» - йы тыххæй йæ обкомы бюройы дæр бафхæрдтой. Бирæ фæрахъуыды - бахъуыдыйы фæстæ скодта хатдзæг:

а) цæрдзæн сабыр,æнæхъинцæй;

æ) адæм куыд цæрынц , афтæ уый дæр былдауæн митæ кæндзæн;

б) йæ царды бындурæн райсдзæн ахæм хъуыды: «Ницы зонын, ницы федтон»;

в) рæстдзинады сæрыл æргом, æнæ ракæ - бакæ тох ардыгæй фæстæмæ уыдзæн йæ царды нысан;



  1. Æгъуызарты Æхсарбегæн йæ куысты тыххæй лæвæрд æрцыд:

а) «Кады Нысаны» орден;

æ) Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат;

б) Сырх Тырысайы æмæ Адæмты хæлардзинады ордентæ, къорд майданы; саккаг ын кодтой «Телеуынынад æмæ радиохъусынады иттæг хорз кусæджы» ном;1992 азы райста «Ирыстоны адæмон фыссæджы» ном;

в) «Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæджы» ном;























Æгъуызарты Æхсарбег

2 вариант

  1. Ацы зындгонд ирон фыссæгæн лæвæрд æрцыди Сырх Тырысайы æмæ Адæмты хæлардзинады ордентæ, къорд майданы; саккаг ын кодтой «Телеуынынад æмæ радиохъусынады иттæг хорз кусæджы» ном, райста «Ирыстоны адæмон фыссæджы» ном:

а) Булкъаты Михалæн;

æ) Æгъуызарты Æхсарбегæн;

б) Агънаты Гæстæнæн;

в) Хуыгаты Сергейæн;



  1. 1922 азы хохаг хъæу Зджыды райгуыди Æгъуызарты Æхсарбег. Фæстæдæр йæ ныййарджытæ ралыгъдысты:

а) Хъахъхъæдурмæ;

æ) Хъобанмæ;

б) Ставд - Дуртæм;

в) Ольгинскæмæ;



  1. Æгъуызарты Æхсарбег бынæттон телеуынынад æмæ радиохъусынады Паддзахадон комитеты сæрдариуæг фæкодта:

а) цыппæрдæс азмæ æввахс;

æ) æхсæрдæс азмæ æввахс;

б) æстдæс азмæ æввахс;

в) ссæдз азмæ æввахс;



  1. Æгъуызарты Æхсарбеджы фæрцы сырæзтис:

а) кинематографистты скъола;

æ) дикторты ахуыргæнæн студи;

б) республикæйы фысджыты цæдисы ног хæдзар;



  1. Ацы фыссæг архайдта, цы дуджы царди, уый мидис бамбарыныл - йæ аиппытæ æмæ ныхмæдзыдтимæ, йæ фыдаудæн æмæ хæрзиуæгон æууæлтимæ. Йæ уацмысты тох кодта, æхсæнады цы дывæрццаг фæтк æрфидар и, уый фæд - фæливæнтимæ: дзургæ иу хуызы, архайгæ та - æндæрæрдæм…:

а) Гафез;

æ) Дзугаты Георги;

б) Цæгæраты Максим;

в) Æгъуызарты Æхсарбег;



  1. Æгъуызарты Æхсарбег нæ куыста:

а) Журнал «Мах дуг» - ы;

æ) сæ районы газеты;

б) газет «Рæстдзинад» - ы;

в) бынæттон телеуынынад æмæ радиохъусынады Паддзахадон комитеты;



  1. «Хурхæтæны» - афтæ хуынди:

а) Джусойты Нафийы фыццаг роман;

æ) Æгъуызарты Æхсарбеджы фыццаг роман;

б) Булкъаты Михалы фыццаг роман;

в) Бицъоты Грисы фыццаг роман;







  1. Роман - дилоги у:

а) Гафезы роман « Уæ бонтæ хорз, адæм!»;

æ) Джусойты Нафийы роман «Фыдæлты туг»;

б) Æгъуызарты Æхсарбеджы роман «Куыурды фырт»;

в) Мамсыраты Дæбейы роман «Хъæбатырты кадæг»;



  1. Хаттæй - хатт иу романы кæнæ иу пьесæйы архайджытæ баззайынц иннæ романы кæнæ пьесæйы дæр æмæ иу кæнынц уыцы дыууæ уацмысы(дыууæ романы). Уый у:

а) роман - эпопей;

æ) романты цикл;

б) роман - дилоги;

в) роман - трилоги;



  1. Æгъуызарты Æхсарбег йæ роман «Куырды фырт» фыста:

а) 1970 - 1976 азты;

æ) 1971 - 1977 азты;

б) 1972 - 1978 азты;

в) 1974 - 1980 азты;



  1. Романы ацы сæйраг персонажы удгоймагон рæзтыл тынг сахадыдтой æхсæнады идеалтæ æмæ фыццаджыдæр йæ алыварс адæм:

а) Сослæнбеджы;

æ) Дзамболаты;

б) Ауызбийы;

в) Мураты;



  1. Роман «Куырды фырт» - ы архайд цæуы:

а) Салыгæрдæны;

æ) хохы Урсдоны;

б) Тæгæрдоны;

в) Бæрæгъуыны;



  1. Роман «Куырды фырт» - ы ацы персонаж « бакастæй тызмæгхуыз зынди. Йæ саулагъз цæсгом - нуарджын, бæзджын сау æрфгуыты бынæй кæсынц чысылгомау цæстытæ, йæ ныхас - уæзбын, бæстон - йæ фезмæлд, йæ цæсгом стæм хатт барухс вæййы. Æмæ дзы кæд йæ цот цинтæ мæ буц митæ ницанæбæрæг зыдтой, уæддæр ын йæ дзыхы ныхасæй, йæ цæстæнгасæй æмбæрстой йæ зæрдæйы ахаст»:

а) Ауызби;

æ) Дзамболат;

б) Алыксандр;

в) Мураты фыд Тæтæри;



  1. Роман «Куырды фырт» - ы сыхбæсты адонæй дæсныдæр ничи уыди бæгæны фыцынмæ:

а) Ауызби æмæ йæ бинойнаг Госæмайæ;

æ) Тæтæри æмæ æмæ йæ бинойнаг Фатъимæтæй;

б) Алыксандр æмæ йæ бинойнаг Алимæтæй;

в) Дзæрæхмæт æмæ йæ бинойнаг Фаризæтæй;









  1. Куыстуарзон, рæстылдзу адæм, хъæубæстæн лæггад кæнын сæхицæн стыр хæсыл нымайынц Æгъуызарты Æхсарбеджы роман «Куырды фырт» - ы ацы персонажтæ;

а) Хъамболат æмæ йæ каис Дзантемыр;

æ) Бодзи æмæ Сæниат;

б) Тæтæри æмæ Фатъимæт;

в) Алыксандр æмæ Алимæт;

  1. Тæгæрдоны адæмы сабыр цард æмæ фæрнæйдзаг фæндиæгтæ æнæнхъæлæджы кард æмæ арцæй хъахъхъæнинаг фесты. Хæсты фыццаг бон романы ацы персонаж афæндараст кодта йæ фондз фырты , уыдонимæ кæстæр - æвддæсаздзыд Науырызы дæр:

а) Тæтæри;

æ) Ауызби;

б) Дзамболат;

в) Алыксандр;



  1. Фашистон æрдонгтæ куы æрбабырстой, уæд ма сыхбæсты «лæгты номыл» баззадысты:

а) Аслæнбег æмæ Тотырбег;

æ) Дзæрæхмæт æмæ йæ фырт Бексолтан;

б) Дзантемыр æмæ Азанбег;

в) æртæ æмæ æртиссæдзаздзыд Ауызби æмæ цыппæрдæсаздзыд Мурат;



  1. Тæтæри хæстмæ ацæуыны размæ Муратæн загъта:

а) « Хæст бирæ нæ ахæсдзæн æмæ уæм рæхджы зындзынæн, фидар лæуу!» ;

æ) « Ныр стыр лæг дæ, фыдуаг митæ дыл нал фидауынц, дæ мады коммæ кæс!»;

б) «Фосмæ - иу дæ цæст дар, бахъахъхъæн сæ ме рцыдмæ!»;

в) «Хæст , мæ хур, æппæт адæмы хæст у. Æнцон нæ уыдзæн . Уæлæнгæйтты рауайа, уый мæ нæ уырны. Уый бæсты нæм йæ ныфс чи рбахаста, уый йæ зæрдæ истæуыл дары. Райсом кæнæ иннæбон мæнмæ дæр фæдзурдзысты. Кæд фæуыдзæн, чи ма дзы сыздæхдзæни - Хуыцау йæ зонæг. Дæ хистæры дæр ма ардæм кæм равдæлдзæни. Мæ катай , мæ сагъæс сымахыл у. Дæ мадæн, дæ кæстæртæн ардыгæй фæстæмæ се нхъæлцау ды дæ. Уæдæ сыхæгтæм дæр цæст дарын хъæудзæни…»;



  1. Романы ацы персонаж августы фыццаг къуырисæры партион æмбырды бахаста фæндон, цæмæй Сырх Æфсадæн сæ колхозонты номæй лæвæрттæ арвитой, уый фæстæ та бахаста фæндон- Æфсадæн танк балхæнын хъæуы номæй:

а) Ауызби;

æ) Дунетхан;

б) Василий;

в) Дзаххотт;



  1. «Æвæццæгæн, фæци мæ сабидуг. Фæскомцæдисмæ куы цыдтæн, уæд ард бахордтон, Райгуырæн бæстæйæн фыртæн кæй сбæздзын, ууыл. Æмæ нырæй фæстæмæ зындзинæдтæй мæхи цы бон бафæсвæд кæнон, уыцы бон - иу мæ сæр дæлдзæх фæуæд. Ехх, тæхуды, æз дæр бæргæ ацæуин Бæппуимæ!» - афтæ хъуыдытæ кодта романы ацы персонаж:

а) Тотырбег;

æ) Сослæнбег;

б) Мурат;

в) Науырыз;



  1. Ауызбийы фæндонмæ гæсгæ романы ацы персонаж фæсивæдимæ бауынаффæ кодта, цæмæй, хæстонты бинонтæй зымæгмæ чи цæмæй хъуаг у, уый сбæрæг кæной.:

а) Мурат;

æ) Аслæнбег;

б) Мисурæт;

в) Мæдинæт;



  1. Знаг ныббырста Тæгæрдонмæ дæр. Романы ацы персонаж алыгъди хъæдмæ партизантæм. Йæ маст йæ зæрдæйы фыхти æмæ хъуыды кодта, куыд фылдæр райса йæ маст фашисттæй, йæхи размæ æппæрста алы хæслæвæрдтæм:

а) Ауызби;

æ) Алыксандр;

б) Мурат;

в) Азамбег;



  1. Мурат скъола каст фæуыны фæстæ райдыдта кусын районы газеты редакцийы. Иу бон редакторы хæдивæг Бексолтан сæхимæ ахуыдта редактор Мæцыхъойы æмæ Мураты. Мураты зæрдæмæ нæ фæцыдысты Бексолтаны ныхæстæ:

а) « Алчидæр ма йæхи царды кой кæнæд!»;

æ) «Дæ гуыбын хорз кæм бафсадай, уый дын Фыдыбæстæ»;

б) «Мæ бинонтæ цардæгас уæнт, иннæтæ цыфæндыдæр кæнæнт»;

в) «Цард цæрынæн у æмæ, цæрын куыд зонæм, ахæм амонд нæ уæд»;



  1. Мурат районы газет «Сæуæхсидт» - ы кусгæйæ, мыхуыры фæрæзтæй тох кодта æхсæнадон исбон давджытимæ, æнæсæрфат разамынд æмæ галиу миты ныхмæ. Райкомы секретарь Алыксандр йæхимæ фæсидти газеты редакцийы кусджытæм, цæмæй равзарой газеты куыст. Уый размæ та Мурат ныффыста базары кусджыты тыххæй фельетон. Райкомы ацы фельетоны тыххæй Мураты ныхмæ рацыди районы паддзахадон æдасдзинады хайады хицау:

а) Майрæм;

æ) Бексолтан;

б) Сæрæби;

в) Мæцыхъо;



  1. Мурат бацыд педагогон институты историон факультетмæ æмæ йæ каст фæци. Тынг æй фæндыди сæ хъæуы скъолайы кусын, фæлæ йæ республикон газетмæ арвыста:

а) Алыксандр;

æ) райком;

б) Василий Спиридонович;

в) партийы обком;



  1. «Ныффысс. Ныффысс, дæ зæрдæ куыд зæгъы, дæ зонд куыд кæрды , афтæ. Рæстдзинад зæгъын æгад никуы уыдис» - загъта Муратæн:

а) Дзамболат;

æ) Алыксандр;

б) Хъазыбег;

в) Ауызби;







  1. « … Алы æцæгдзинад, дам, фысгæ нæ вæййы. Чи зоны, уый раст у, фæлæ ацы хатт фысгæ уыди. Хицæн адæймæгты æдылы миты тыххæй адæм хъуамæ парти æмæ хицауадмæ хæрам ма кæной» - ахæм хъуыдытимæ здæхти сæхимæ:

а) Мурат;

æ) Ауызби;

б) Дзамболат;

в) Майрæм;



  1. Сырх Тырысайы æмæ Адæмты хæлардзинады ордентæ, къорд майданы; «Телеуынынад æмæ радиохъусынады иттæг хорз кусæджы» ном, «Ирыстоны адæмон фыссæджы» ном райста:

а) Цæгæраты Максим;

æ) Дзесты Куыдзæг;

б) Æгъуызарты Æхсарбег;

в) Булкъаты Михал ;



















































































Хостыхъоты Зинæ

1 вариант

  1. Ирон аив литературæмæ сылгоймаджы поэзийы æхцон ад фыццаджы - фыццаг уый аивадæй æрбакалд:

а) Хабæты Риммæйы;

æ) Сотиты Риммæйы;

б) Хостыхъоты Зинæйы;

в) Кочысаты Розæйы;



  1. Хостыхъоты Ахмæты чызг Зинæ райгуырд:

а) 1937 азы Цæгат Ирыстоны, Бæрæгъуыны;

æ) 1937 азы Цæгат Ирыстоны, Бруты хъæуы;

б) 1937 азы Цæгат Ирыстоны, Хъæдгæроны хъæуы;

в) 1941 азы Цæгат Ирыстоны, Зæронд Бæтæхъойыхъæуы;



  1. Зинæ ма скъолайы куы ахуыр кодта, уæд 1954 азы:

а) Ахмæт, Зинæйы фыд, чызджы бакодта драмкъордмæ;

æ) радиойæ фехъуыста æнæзонгæ поэты æмдзæвгæ;

б) Хъæдгæронмæ æрцыдысты ирон театры артисттæ сæ ног куыстимæ;

в) рухс федта йæ фыццаг æмдзæвгæ;



  1. Астæуккаг ахуырад райсыны фæстæ Зинæ:

а) бацыд хъæууон - хæдзарадон институтмæ;

æ) бацыд Мæскуыйы М. Горькийы номыл Литературон институтмæ;

б) Цæгат Ирыстоны педагогон институтмæ;

в) бацыд кусынмæ районы газетмæ;



  1. Зинæйæн йе цæг курдиат райхæлд:

а) скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд;

æ) Мæскуыйы Литературон институты;

б) Газет «Рæстдзинад» - ы кусын куы райдыдта, уæд;

в) журнал «Фидиуæг» - ы куы куыста, уæд;



  1. Фæлтæрд литератортæ Зинæйæ дзырдтой:

а) зæгъгæ, ацы чызг бирæ нæ бафæраздзæн поэзийы;

æ) зæгъгæ, йæм æцæг поэзийы фаг курдиат нæй;

б) чызгмæ кæй æнхъæлмæ кæсы стыр поэты хъысмæт;

в) чызджы æндæр дæсныйад райсын кæй хъæуы;



  1. Суанг йæ царды фæстаг боны онг Зинæ фæкуыста:

а) газет «Рæстдзинад» -ы ;

æ) Журнал «Фидиуæг» - ы;

б) Цæгат Ирыстоны телеуынынады ;

в) журнал «Мах дуг» - ы;



  1. Зинæйы фыццаг чиныг «Мæ рудзынгæй кæсы сæуæхсид» уырыссаг æвзагыл рухс федта 1962 - æм азы Мæскуыйы:

а) рауагъдад «Молодая гвардия» - йы;

æ) рауагъдад «Посредник» - ы;

б) рауагъдад «Вече» - йы;

в) рауагъдад «Время» - йы





  1. Хостыхъоты Зинæйы фыццаг чиныг ирон æвзагыл хуыйны:

а) «Табуйаг»;

æ) «Æрвнæрыны размæ»;

б) «Сæууон æртæх»;

в) «Сæуæхсиды зæлтæ»;



  1. «Поэтессæйы сфæлдыстады сæйраг у уарзты темæ: аивадон амæлттæй æвдисы уарзты æнкъарæнтæ, адæймаджы моралон удыхъæд, зæронд фауинаг æмæ ног фæзминаг æгъдæуттæ.

Æрыгон ирон курдиатджын поэтессæ йе мдзæвгæты зары хæлардзинадыл, куыстыл, райгуырæн Ирыстоныл. Йæ уацмысты æргом цæуынц æвзонг фæлтæры фæндтæ æмæ тырнындзинæдтæ» - кæсæм ацы чиныджы разныхасы:

а) «Уарзондзинады монолог» - ы;

æ) «Сæууон æртæх» - ы;

б) «Æрвгъуыз сагъæстæ» - йы;

в) «Уыцы чызджы писмотæ» - йы;



  1. Ацы фыссæг сфæлдыста бирæ зæрдæмæдзæугæ æмдзæвгæтæ ,йæ фыдæй афтид куы аззад, уæд; бантыст ын, йæ разы цы стыр хæс æрæвæрдта - мады фæлгонц саразын, ууыл:

а) Хостыхъоты Зинæ;

æ) Бестауты Гиуæрги;

б) Гафез;

в) Дзугаты Георги;



  1. Шиллер йе мдзæвгæ «Мировая мудрость» - ы цæйау загъта: «Любовь и голод правят миром», уыйау Зинæйæн разамынд кодта:

а) йæ фыдæх;

æ) йе нæуынондзинад;

б) йæ уарзт;

в) йе рхæндæгдзинад;



  1. Ацы æмдзæвгæйы Зинæ йæ зæрдæимæ ныхасы катай кæны, «знæт дунемæ» йын кæй райгуырд, цæрын æмæ йын рæстдзинад тауын зын кæй уыдзæнис, йæ разы бирæ цæлхдуртæ кæй лæудзысты,фыдæхимæ йæ æппынæдзух удуæлдай тох кæнын кæй хъæудзæнис:

а) «Мæ мысинаг»;

æ) «Мæ зæрдæ»;

б) «Сахарæйы фæндæгтæ»;

в) «Мæ кæстæрмæ»;



  1. Хостыхъоты Зинæ йæ æмдзæвгæ «Мæ зæрдæ» -йы царды хæрамы ныхмæ æвæры , зæххы къорийæ дарддæр ссарæн кæмæн никуы ис, царды уыцы бæллиццаг миниуджытæ:

а) сæууон хуры скаст, амонд;

æ) сывæллоны фыццаг къахдзæфтæ, æхсызгондзинад;

б) цъæх боны равзæрд, уалдзæджы хъазт, уарзт;

в) хуымы фыццаг ауæдз, зæхкусæджы цин;











  1. Зинæ йе мдзæвгæ «Мæ мысинаг» - ы равдыста:

а) мæгуыр царды нывтæ;

æ) мæрдты бæсты дзæнæты дуне;

б) чызджы зæрдæйы æрхæндæгдзинад;

в) уарзондзинад фыдыуæзæгмæ, хъæууон царды нывтæ, сабидугимæ фембæлд;



  1. « Фыдыуæзæг, фæндагæй дæм æрбаздæхтæн,

…Мæ фæллад уд дæ хъæбысы кæд бандидзид,

Кæд та мын ног тых бауадзис мæ базырты,

Æмæ та уæд мæ хорз бæллицтæм атындзин.»

Ацы ныхæстæ ист сты Хостыхъоты Зинæйы æмдзæвгæ:

а) «Зæххы катай» - йæ;

æ) «Рæсугъд амонд» - æй;

б) «Бæллицтæ» - йæ;

в) «Мæ мысинаг» -æй;



  1. Уæлдæр лæвæрд æмдзæвгæйы скъуыддзаджы хицæнгонд дзырд «Фыдыуæзæг» у:

а) Эпитет;

æ)барæн;

б) сидæн;

в) гипербола;

  1. Дардбæстаг сабиты мæгуырдзинад Зинæ равдыста йе мдзæвгæ:

а) «Сахарæйы фæндæгтæ» - йы;

æ) «Ма ку» - йы;

б) «Дзырды бардуаг» - ы;

в) «Нæ хъæууон хæдзар» - ы;



  1. Зинæйы ацы уацмысы сæйраг архайæг йæ фынты февзæры мæрдты бæсты; фены аргъæутты

æмбисонды дуне, удæнцой рухс, æрвхуыз æмæ кæрдæгцъæх бæстæ:

а) «Цæргæбонты дæ хæстонтыл нæ ауæрстай….» - ы;

æ) «Мæ кæстæрмæ» - йы;

б) «Куывд» - ы;

в) «Ма ку» - йы;



  1. Хостыхъоты Зинæйы æмдзæвгæйы «Мæ кæстæрмæ» - йы поэтмæ дзæнæтон

хæзнатæй хуыздæр кæсы:

а) зæххон цард;

æ) сабиты хъомыл кæнын;

б) йæ уæлмæрдмæ йын сæ хъæугæронæй дидинджытæ æрхæссын;

в) сæрибардзинад;



  1. Зинæ йæ ацы æмдзæвгæйы равдыста рох уарзты æрхæндæгдзинад, æмбæхст æнкъарæнты тæссонд дуне, йæхиуыл мидбылты бахудыны хъару:

а) «Мæ кæстæрмæ» - йы;

æ) «Зæххы катай» - ы;

б) «Рудзынджы къуырцц ауади мæ хъустыл» - ы;

в) «Мæ зæрдæ» - йы;





  1. Ацы поэтæн йæ ацы æмдзæвгæйы йæ ныхас у Зæхх - Мады номæй, цæмæй æппæт сырдтæй ма уæм тæссагдæр, ма йыл æфтауæм арт, æндæра зæхх тæрсы, планетæты æхсæн куы зила номхæссæн идæдзæй:

а) Дзугаты Георги «Бындзыг» - ы;

æ) Хостыхъоты Зинæ «Зæххы катай» - ы;

б) Цæрукъаты Алыксандр «Мæ кувæндоны къæсæрыл» - ы;

в) Дзаболаты Хазби «Амонд» - ы;

































































































Хостыхъоты Зинæ

2 Вариант



  1. 1937 азы Цæгат Ирыстоны, Хъæдгæроны райгуырди:

а) Хъодзаты Æхсар;

æ) Дзасохты Музафер;

б) Ходы Камал;

в) Хостыхъоты Зинæ;



  1. Æз сылгоймаг - цардыаразæг фарн дæн,

Кувут, лæгтæ, иууылдæр мæнæн.

Æз бæллиц дæн, дидинæджы тау дæн,

Æз цъæх уалдзæг, цины зарæг дæн.

Ацы дзырдтæ зæрдæйы арфæй фыст сты:

а) Кочысаты Розæйæн;

æ) Хостыхъоты Зинæйæн;.

б) Сотиты Риммæйæн;

в) Хабæты Риммæйæн;



  1. Хостыхъоты Зинæйы фыццаг æмдзæвгæ рухс федта:

а) 1954 азы, Зинæ ма скъолайы куы ахуыр кодта, уæд;

æ) Литературон институты ма куы ахуыр кодт а, уæд;

б) «Рæстдзинад» - ы куы куыста, уæд;

в) «Мах дуг» - ы куы куыста, уæд;



  1. Зинæ Мæскуыйы М. Горькийы номыл Литературон институты куы ахуыр кодта, уæд:

а) базонгæ зындгонд фысджытимæ;

æ) уым райхæлд йе цæг курдиат;

б) архайдта литературон изæрты;

в) сфæнд кодта йæ ахуыр ныууадзын;



  1. Хостыхъоты Зинæйы уацмыстæ ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл периодикон мыхуыры - алы газеттæ æмæ журналты арæхæй - арæхдæр кæй уыдтой рухс, уымæй дæр бæрæг уыд:

а) Зинæйæ кæй рауайдзæнис æцæг журналист;

æ) бирæ кæй нæ бафæраздзæн поэзийы куысты;

б) поэзи йын тагъд рæстæджы кæй æрхæсдзæн маст æмæ хъыг;

в) æвзонг чызгæн поэзи кæй суыдзæнис йæ цæрæнбонтæмы цин æмæ хъизæмар;



  1. Чызгмæ (Хостыхъоты Зинæмæ) стыр поэты хъысмæт кæй æнхъæлмæ кæсы, уый дзырдтой:

а) фæлтæрд литератортæ;

æ) йе мбæлттæ;

б) институты ахуыргæнджытæ;

в) йæ хъæуккæгтæ;



  1. Хостыхъоты Зинæ куыста:

а) Хъæдгæроны скъолайы, районы газеты;

æ) пединституты, журнал «Ногдзау» - ы;

б) газет «Слово» - йы, чингуыты рауагъдады;

в) газет «Рæстдзинад», журнал «Фидиуæг», телестудийы, журнал «Мах дуг» - ы;



  1. Рауагъдад «Молодая гвардия» - йы рухс федта уырыссаг æвзагыл Зинæйы фыццаг чиныг:

а) « Уарзондзинады монолог»;

æ) «Уыцы чызджы писмотæ»;

б) «Мæ рудзынгæй кæсы сæуæхсид»;

в) «Сæуæхсиды зæлтæ»;



  1. «Сæууон æртæх» - афтæ хуыйны:

а) ирон æвзагыл йæ фыццаг чиныг;

æ) йæ фыццаг æмдзæвгæ;

б) институты кæй ныффыста, уыцы чиныг;

в) йæ чысыл пьесæ;



  1. Хостыхъоты Зинæйы чиныг «Сæууон æртæх» - ы разныхасы кæсæм:

а) «Ирон аив литературæйы бирæ курдиатджын фысджытæ уыдис æмæ ис, фæлæ йæм æппæты фыццаг Хостыхъоты Зинæйæ курдиатджындæр поэтессæ ничи æрбакъахдзæф кодта…»;

æ) «Поэтессæйы сфæлдыстады сæйраг у уарзты темæ: аивадон амæлттæй æвдисы уарзты æнкъарæнтæ, адæймаджы моралон удыхъæд, зæронд фауинаг æмæ ног фæзминаг æгъдæуттæ.

Æрыгон ирон курдиатджын поэтессæ йе 'мдзæвгæты зары хæлардзинадыл,куыстыл, райгуырæн Ирыстоныл. Йæ уацмысты æргом цæуынц æвзонг фæлтæры фæндтæ æмæ тырнындзинæдтæ.»;

б) «Зинæйæн йæ дзырд йæ зæрдæйы арфæй цыд. Зæрдæйы арфæй та зарæг цæуа æви хъарæг - алы хатт дæр йæ бон бавæййы адæймаджы зæрдæйы уидæгтæ баризын кæнын…»;

в) «Хостыхъоты Зинæмæ бирæ дзуринæгтæ уыд. Уыдысты сылгоймаджы , стырзæрдæ, уарзтмонц ирон сылгоймаджы дзуринæгтæ. Æмæ сæ дзырдта йæхирдыгонау, чи йын сæ куыд тынгдæр агайдта йæ зæрдæ, афтæ»;



  1. «Любовь и голод правят миром» - афтæ загъта Шиллер йе 'мдзæвгæ «Мировая мудрость» -ы . Раст уыйау ацы поэтæн дæр йæ уарзт:

а) разамынд кодта;

æ) уыд хъизæмайраг;

б) нæ лæвæрдта æнцойад;

в) уыд зæххон;



  1. Хостыхъоты Зинæ царды уыны бæллиццаг хæрзтæ æмæ сæ æгæрон буц у:

Фæлæ уæддæр ыстыр фæрнджын у а зæхх -

Йæ хъæдгæмттæй та равзæры цъæх бон,

Йæ риуыл уалдзæг сабийау куы хъазы,

Уæд ыл, мæ зæрдæ, бацин кæнын зон.

Зинæйы буцдзинад царды бæллиццаг хæрзтæй мах уынæм йе'мдзæвгæ:

а) «Мæ мысинаг» - ы;

æ) «Мæ зæрдæ» - йы;

б) «Мæ кæстæрмæ» - йы;

в) «Ма ку» - йы;















  1. Ацы автор йæ иу æмдзæвгæйы тырны адæймаджы царды иууыл стырдæр бæрзæндмæ - намысы бæрзæндмæ:

Ды ма рох кæн, лæг намысджын цæмæй у-

Кæйдæр мастыл дæхи мастау дзыназ…

а) Ходы Камал «Ирыстонмæ» - йы;

æ) Хъодзаты Æхсар «Дæ цæстыты рухс» - ы;

б) Хостыхъоты Зинæ «Мæ зæрдæ» - йы;

в) Малиты Васо «Нæ фыдæлты кадæг» - ы;



  1. Хостыхъоты Зинæйæн йе'ппæт сфæлдыстады ацы æнкъарæн зыны, аргъуаны цырагъы рухсау. Ис ыл цин кæнæн, ис дзы хи рæвдауæн, нæй дзы бафсæдæн:

а) хæлардзинад;

æ) фыдæхдзинад знагмæ;

б) æмбарындзинад;

в) райгуырæн уæзæг мысын, уаз бынаты йæ æвæрын, йе 'взонджы бонтимæ дзы цæрын;



  1. Хъæууон царды нывтæ; райгуырæн уæзæг мысын, уаз бынаты йæ æвæрын, йе'взонджы бонтимæ дзы цæрын æвдыст æрцыдысты Хостыхъоты Зинæйы æмдзæвгæ:

а) «Мæ зæрдæ» -йы;

æ) «Мæ мысинаг» - ы;

б) «Рæсугъд амонд» -ы;

в) «Куывд» -ы;



  1. Хостыхъоты Зинæ йе'мдзæвгæты арæх пайда кæны сидæнтæй.

Мæ фыдыуæзæг, афтæ тынг дæ мысыдтæн..

Гыцци, ныууадз æй ацы 'хсæв мæ хатырæй..

Ызнæт дунемæ райгуырдтæ, мæ зæрдæ,

Сидæн у:

а) удгоймаг, цау кæнæ предметы ас нывæфтыд ныхасы руаджы, цы у, уымæй бирæ тыхджындæр æмæ егъаудæрæй æвдисын;

æ) зайæгойтæ, цæрæгойтæ, æнæуд предметтæ, æрдзы фæзындтæ æмæ абстрактон æмбарынæдтæ аив уацмысы хайджын æрцæуынц адæймаджы миниуджытæй, ома адæймагау дзурынц, æнкъарынц, хъуыды кæнынц;

б) фыссæг зæрдæбынæй куы бадзуры йæ уацмысы героймæ, æрдзы фæзындтæм, чиныгкæсæгмæ, кæнæ та герой куы бадзуры уацмысы иннæ архайджытæм, поэтикон ныхасы ахæм фæзилæн;

в) уацмысы архайджытæй иуы ныхас иннæимæ , йæхиимæ, кæнæ драмон уацмысмæ сценæмæ чи кæсы, уыцы адæмимæ;



  1. Хостыхъоты Зинæ йе'мдзæвгæ «Сахарæйы фæндæгтæ» - йы равдыста:

а) Сахарæйы фæндæгты уавæр;

æ) дардбæстаг сывæллæтты мæгуырдзинад;.

б) Сахарæйы фæндæгтыл цы фыдбæллæхтæ æрцæуы, уыдон;

в) балц Сахарæмæ;



  1. Ацы æмдзæвгæйæ Зинæ зæгъынмæ хъавы, дунейы фыдтæн фæуæн кæй нæй. Иуран сæ куы бануæрдай, уæддæр иннæ ран сæхи равдисынц ноджы фыддæр æмæ фыдцъылысæйдæр. Уый йын нæ дæтты удæнцой. Ууыл риссы йæ зæрдæ:

а) «Сахарæйы фæндæгтæ» - й;

æ) «Мæ мысинаг» - æй;

б) «Мæ зæрдæ» - йæ;

в) «Зæххы катай» -æ;

  1. Хостыхъоты Зинæ йе 'мдзæвгæ «Мæ кæстæрмæ» - йы ныв кæны:

а) рох уарзты æрхæндæгдзинад;

æ) мæрдты бæсты дзæнæты дуне;

б) дардбæстаг сабиты мæгуырдзинад;

в) йæ оптимистон зæрдæйы уаг;



  1. …Уадултæ æваст сырх арт ысуагътой,

Донзоныгау нал арæхстæн къахдзæф…

Уый та кæд быдта зæрватыкк ахстон

Уæлрудзынг, йæ базыр авгыл андзæвд.

Ацы ныхæстæ ист сты Хостыхъоты Зинæйы æмдзæвгæ:

а) «Зæххы катай» -æ;

æ) «Рæсугъд амонд» -æй;

б) «Дзырды бардуаг» - æй;

в) «Рудзынджы къуырцц ауади мæ хъустыл» - æй;



  1. Зинæйы æмдзæвгæ «Зæххы катай» - ы мах уынæм:

а) адæмы зæххон цард йæ бирæвæрсыг проблемæтимæ;

æ) адæм сæхи куыд атигъ кодтой зæххы куыстыл;

б) поэт куыд фæдзæхсы адæмы æрдзон бынысæфтæй, куыд сæм сиды хæлардзинадмæ;

в) адæм сæ райгуырæн бæстæйыл сæ къух куыд систой , æмæ ууыл Райгуырæн зæхх куыд катай кæны;



  1. Зинæйы адзалы хæнтфæстæ 1998 - æм азы рауагъдад «Ир» -ы рухс федта йæ равзаргæ æмдзæвгæты æмбырдгонд:

а) «Æрвнæрыны размæ»;

æ) «Табуйаг»;

б) «Уарзондзинады монолог»;

в) «Æрвгъуыз сагъæстæ»;



















































Булкъаты Михал

1 вариант

  1. Ацы зынгæ ирон фыссæг райгуырдис 1928 азы Ахметайы районы Черекаулы хъæуы - Къахеты:

а) Бестауты Гиуæрги;

æ) Джусойты Нафи;

б) Булкъаты Михал;

в) Гуыцмæзты Алеш;



  1. Михалыл фондз азы дæр нæма сæххæст, афтæ Булкъаты бинонты кулаччыты сау номхыгъдмæ бахастой:

а) зæххытæ сæм бирæ кæй уыд, уый тыххæй;

æ) фыстæ сæм бирæ кæй уыд, уый тыххæй;

б) хъæдæрмæг хырхæйфадæн сæм кæй уыд, уый тыххæй;

в) балцы бæх æмæ сæм иу цæд галтæ кæй уыд, уый тыххæй;



  1. Булкъаты бинонтæ кулакты номхыгъдмæ кæй бахаудысты, уый тыххæй сæ:

а) Гуырдзыстонæй рарвыстой;

æ) фæивар кодтой;

б) арвыстой Херсонмæ;

в) 1933 азы Сыбырмæ ахастой;



  1. Булкъаты Михал астæуккаг скъола каст фæцис:

а) Хуссар Ирыстоны, Дзомагъы хъæуы1940 азы;

æ) Цæгат Ирыстоны , Хърупсы горæты 1941 азы;

б) Цæгат Ирыстоны, Кировыхъæуы 1942 азы;

в) Гуырдзыстоны, Дуисы хъæуы 1943 азы;



  1. 1953 азы Булкъаты Михал каст фæцис ацы институт æмæ ссис:

а) Цæгат Ирыстоны педагогон институт , ахуыргæнæг;

æ) Мæскуыйы Литературон институт, фыссæг;

б) Калачы æфсæйнаг фæндаджы инженерты институты эксплуатацион факультет, æфсæнвæндаджы инженер;

в) Цæгат Ирыстоны хъæууонхæдзарадон институт, агроном;



  1. Булкъаты Михалæн йæ фыццаг уацмыстæ : «Иу цæссыг», «Трактор æмæ Гутоны зарæг», «Нæмыгдзæф фæндыр» фæзындысты 1961 азы:

а) журнал «Мах дуг» - ы;

æ) журнал «Фидиуæг» - ы;

æ) газет «Рæстдзинад» - ы;

в) газет «Советон Ирыстон» - ы;



  1. Михалы ацы уацмысы фæрцы æцæгæй бауырны, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты сæ сырх туг чи калдтой, уыдонæй, фæсчъылдым чи баззад, уыцы удуæлдæйттыл хуыздæр бон кæй нæ уыдис. Æгæрыстæмæй, сабитыл дæр:

а) «Иу цæссыг» - ы;

æ) «Дæ фыдæлтæ - рухсаг» - ы;

б) «Нæмыгдзæф фæндыр» - ы;

в) «Сарт æмæ кард» - ы;









  1. Булкъаты Михалы романтæй йæ фыццаг у:

а) «Теркæй - Туркмæ»:

æ) «Сырх хъаймæт»;

б) «Дæ фыдæлтæ - рухсаг»;

в) «Нарты Сосланы æвдæм балц»;



  1. Ацы романы архайд рæзы Кавказы адæмты, уыимæ ирæтты пысылмон хайы Туркмæ алидзыны бындурыл:

а) «Сырх хъаймæт» - ы;

æ) «Теркæй - Туркмæ» - йы;

б) «Дæ фыдæлтæ - рухсаг!» - ы;

в) «Нарты Сосланы æвдæм балц» - ы;



  1. Роман «Теркæй - Туркмæ» - йы ацы сæйраг герой хъарæгау кодта:

«Æнæхицау, æнæбæстæ.-

Ды нæ зоныс, кæм ыстæм,

Нæ хорздзинад æнæмбæрстæй

Мах дзæгъæлдзу кæй сыстæм»:

а) Муссæ;

æ) Хъуыбады;

б) Бæтæхъо;

в) Темырболат;



  1. Романы ацы хъайтар сразæнгард кодта ирæтты пысылмон хайы се 'мдин адæмы æрцагурынмæ, сæ сæфты бон сæ сæртæ уыдоныл бакъул кæнынмæ.Уый уыдис Туркмæ лидзæг адæмæн сæ раздзог:

а) инæлар Туманов;

æ) Терчы зылды хицау инæлар -лейтенант Лорис Меликов;

б) инæлар - лейтенант Карцов Алыксандр Петрович;

в) инæлар - майор Куындыхаты Муссæ;



  1. Роман «Теркæй - Туркмæ» - йы сæйраг герой , нæ фыццаг профессионалон поэт Мамсыраты Темырболат уыди:

а) Куындыхаты Муссæйы хæрæфырт - йæ хойы лæппу ;

æ) Хъуыбадыйы æфсымæры лæппу;

б) Тазайы фырты фырт;

в) Алхасты æрдхорды лæппу;



  1. «Ныртæккæ лæгмæ Сырдоны зонд æмæ хиндзинад хъуамæ уа, цæмæй царды сæргъы цы Мукаратæ лæууы, уыдонимæ цæрын бафæраза». Ацы ныхæстæ роман «Теркæй - Туркмæ» - йы загъта:

а) Темырболат;

æ) Муссæ;

б) Тепса;

в) Алхаст;



  1. Талынг ахæстоны бадтысты Бæтæхъо, Алхаст æмæ Таза. Зæронд лæгтæ дис кодтой:

а) кæд басабыр уыдзæн Кавказ, зæгъгæ;

æ) чи аминди кæны адæмы, зæгъгæ;

б) цæмæн фæхицæн кодтой иннæ ахстытæй Муссæ æмæ Османаты Садуллæйы;

в) Лорис - Меликовы гуымирыдзинадыл;





  1. Муссæ Темырболатæн йæ фыстæджы бафæдзæхста:

а) цæмæй бада Бруты æмæ æнхъæлмæ кæса хуыздæр рæстæгмæ;

æ) цæмæй ахæстоны бабæрæг кæна ахстыты;

б) цæмæй йæ хъус дара Муссæйы бинонтæм;

в) цæмæй адæмы басабыр кæна;



  1. «Фæсмойнаг фæуыдзыстæм. Нæ зарæгыл дæр нын сыджыт бакалдзысты æцæгæлон бæсты æмæ йын фыды артдзæстмæ æрбаздæхын нал бантысдзæн» - дзырдта Хъуыбадыйæн:

а) Уæсмæн;

æ) Бæтæхъо;

б) Темырболат;

в) Таза;



  1. «Нæхæдæг кæдæмфæнды фæлидзæм, фæлæ уый Иры зæххыл хъуамæ баззайа!» Афтæ загъта Хъуыбады:

а) Æрфæнæй;

æ) зарæгæй;

б) фарнæй;

в) уарзондзинадæй;



  1. Ничи базыдта, Муссæ Стамбулы кæй уыдис, уый, афтæмæй æрбаздæхт фæстæмæ æмæ та сбадт ахæстоны. Мæллæг, фæлурс, æфхæрдхуыз. Иууылдæр ыл баууæндыдысты. Муссæ дæр семæ ацæудзæн, уый куы бамбæрстой, уæд:

а) тæрхæттæ кæнын райдыдтой;

æ) сæ равг фæхуыздæр;

б) сразы сты Туркмæ алидзыныл;

в) ын фæтæригъæд кодтой;



  1. Роман «Теркæй - Туркмæ» - йы ацы архайæг ныллæууыд тохы фæндагыл. Æрæмбырд кодта адæмы хъæугæрон æмæ сын бамбарын кодта, цæмæй æрлæууой, Туркмæ лидзыныл сæ чи ардауы, уыдоны ныхмæ:

а) Темырболат;

æ) Хъуыбады;

б) Таза, цæцæйнаг сидзæр фыййау;

в) Махмуд;



  1. Мамсыраты Темырболат йæхи куы базыдта,уæдæй нырмæ йæ цæстыты раз дардта ацы чызджы фæлгонц:

а) Алæгаты Зарæйы;

æ) Æлдатты Симæйы;

б) Санаты Райханы;

в) Уылыбиаты Сонайы;



  1. Туркмæ лидзæг адæмы аластой зæронд нау:

а) «Аврорæ» - йыл;

æ) «Черных» -ыл;

б) «Баязид» - ыл;

в) «Стамбул»- ыл;









  1. Науыл Темырболат цыди æппынæдзухдæр боцманы фæдыл æмæ йæ хъахъхъæдта:

а) цæмæй мацы адавтаид;

æ) цæмæй йын бамбæрстаид йæ фæнд;

б) цæмæй макæимæ фæхыл уыдаид;

в) цæмæй рынчынтæй донмæ макæй аппæрстаид;



  1. «Уæ, Муссæ, дæ хъæбул амæла, кæд нæ ацы сыгъд фæндагыл цæмæн ракодтай!» - фемæхст:

а) Æнайы хъæлæс;

æ) Зарæйы хъæлæс;

б) Цомианы хъæлæс;

в) æнæзонгæ сылгоймаджы хъæлæс;



  1. «…æмæ ма рæстæгау рæстæджытæ куы уаид, уæд хъуамæ уыцы æмбисонды чингуытæ уаиккой Иры алы ирон хæдзары дæр…уæд Булкъаты Михалы чингуытæ Ирыстоны - Хуссарæй - Цæгатæй, хæдзари - хæдзар зилдзысты, цæрыны ныфс хæсдзысты алы хæдзармæ дæр» - загъта фыссæг:

а) Хъодзаты Æхсар;

æ) Хуыгаты Сергей;

б) Дзасохты Музафер;

в) Малиты Васо;









































































Булкъаты Михал

2 вариант

  1. Булкъаты Михал райгуырди:

а) 1922 азы Цæгат Ирыстоны, Зджыды хъæуы;

æ) 1928 азы Ахметайы районы, Черекаулы хъæуы;

б) 1932 азы Цæгат Ирыстоны, Ставд - Дурты;

в) 1937 азы Цæгат Ирыстоны, Бæрæгъуыны;



  1. Булкъаты бинонтæм балцы бæх æмæ иу цæд галтæ кæй уыд, уый тыххæй:

а) кулакты сау номхыгъдмæ бахаудысты;

æ) сыхæгтæ сæ сæ удхæссæг федтой;

б) бауагътой сæ æхсæнады хæдзарадмæ;

в) сæ цард сæм кастис иннæтæй хуыздæр;



  1. 1933 азы Булкъаты бинонтæ хаст æрцыдысты Сыбырмæ:

а) хицауады ныхмæ кæй рацыдысты, уый тыххæй;

æ) кæйдæр фос кæй адавтой, уый тыххæй;

б) кулакты сау номхыгъдмæ кæй бахаудысты, уый тыххæй;

в) кæйдæр кæй амардтой, уый тыххæй;



  1. Гуырдзыстоны, Дуисы 1943 азы Булкъаты Михал:

а) сыздæхт Сыбырæй;

æ) каст фæцис астæуккаг скъола;

б) райста техникон уæлдæр ахуырад;

в) райдыдта уацмыстæ фыссын;



  1. 1953 азы ацы фыссæг каст фæцис æфсæйнаг фæндаджы инженерты институты эксплуатацион факультет:

а) Æгъуызарты Æхсарбег;

æ) Булкъаты Михал;

б) Малиты Васо;

в) Бицъоты Грис;



  1. 1961 аз Булкъаты Михалæн журнал «Фидиуæг» - ы фæзындысты:

а) йæ чингуытæ «Сарт æмæ кард» æмæ «Уый æз дæн, Хуыцау!»;

æ) йæ романтæ «Теркæй - Туркмæ» æмæ «Дæ фыдæлтæ - рухсаг!»;

б) йæ фыццаг уацмыстæ «Иу цæссыг», «Трактор æмæ Гутоны зарæг», «Нæмыгдзæф фæндыр;

в) йæ фæстаг романтæ «Нарты Сосланы æвдæм балц» æмæ «Сырх хъаймæт»;



  1. Булкъаты Михалы «Нæмыгдзæф фæндыр» - ы фæрцы адæймаджы бауырны:

а) ирон фæндырæй хуыздæр адæймаджы æнкъарæнтæ кæй ницы раргом кæны;

æ) алцыдæр адæймагæй кæнгæ кæй у;

б) æрдз æмæ адæймаг æнгом баст кæй сты;

в) Фыдыбæстæйы хæсты сæ сырх туг чи калдтой, уыдонæй, фæсчъылдым чи баззад, уыцы удуæлдæйттыл хуыздæр бон кæй нæ уыдис. Æгæрыстæмæй, сабитыл дæр;



  1. Роман «Теркæй - Туркмæ» у;

а) Гафезы фыццаг роман;

æ) Нафийы фыццаг роман;

б) Булкъаты Михалы фыццаг роман;

в) Бицъоты Грисы фыццаг роман;





  1. Роман « Теркæй - Туркмæ» - йы мах уынæм:

а) ирон адæмы цард Ирыстоны ;

æ)æппæт зæххы къорийыл цæрæг зындгонд ирон адæм;

б) ирон адæм цы хæстыты архайдтой, уый;

в) æнудæсæм æнусы дыккаг æмбисы пысылмон диныл хæст адæм се'мдинон туркæгтæм куыд лыгъдысты, æцæгæлон зæххыл амонд ссарын æнхъæл куыд уыдысты, афтæмæй фыдæнхъæл куыд фесты, уый;



  1. Æнæхицау, æнæбæстæ,-

Ды нæ зоныс, кæм ыстæм,

Нæ хорздзинад æнæмбæрстæй

Мах дзæгъæлдзу кæй сыстæм.

Афтæ хъарæгау кодта Булкъаты Михалы ацы романы сæйраг герой:

а) «Нарты Сосланы æвдæм балц» - ы Сослан;

æ) «Дæ фыдæлтæ рухсаг!» - ы Саукуыдз -быдзеу;

б) «Теркæй - Туркмæ»- йы Хъуыбады;

в) «Теркæй - Туркмæ» - йы Темырболат;



  1. Роман «Теркæй - Туркмæ» - йы ацы сæйраг архайæгæн раздæр, сæ Хуыцауы хайау, табу чи кодтой, уыдонæй йæ ныр тынг бирæтæ æлгъыстой, фæлдыстой йын æвзæртæ:

а) Лорис Меликовæн;

æ) Куындыхаты Муссæйæн;

б) Османаты Садуллæйæн;

в)инæлар Тумановæн;



  1. Роман «Теркæй - Туркмæ» -йы архайджытæ Уæсмæн æмæ Æна уыдысты:

а) Тазайы ныййарджытæ;

æ) Муссæйы ныййарджытæ;

б) Темырболаты ныййарджытæ;

в) Махмуды ныййарджытæ;



  1. «…Ныртæккæ æппæты ахсджиагдæр хъуыддагыл нымайын, инæлар - майор Куындыхаты Муссæ нын , Терчы облæсты нæ сомбоны архайдыл хæрзмæ сахадыны сæраппонд нæ разы цы фарст æрæвæрдта, ууыл дæ бæрзонддзинадимæ лæмбынæг æрдзурын… Уыцы хъуыддаджы бæрны уый йæхæдæг цæуы æмæ сусæг мадзæлттæй спайда кæныны фæстæ сæрды мæйты æртæ мин хæдзарæй къаддæр кæй нæ алидздзæн, ууыл гуырысхо нæ кæны…». Афтæ фыста ин- лейтенант Карцов Алыксандр Петровичмæ:

а) Османаты Садуллæ;

æ) инæлар Туманов;

б) Терчы зылды хицау Лорис - Меликов;

в) Мухаммед Насерат;



  1. Стамбулмæ ацæуыны размæ Муссæ Садуллæйæн бахæс кодта:

а) цæмæй йын уый ауæй кæна йæ хæдзар æмæ фос;

æ) цæмæй йын уый фæкæса йæ бинонтæм;

б) цæмæй йын Темырбола йæ хин ми ма бамбара ;

в) цæмæй уый Цæцæн æмæ Мæхъхъæлы дины лæгты æрæмбырд кæна æмæ уыдон сæ сыгъдæг пехуымпары номæй адæмы сразы кæной Туркмæ алидзыныл;





  1. «Куыд сразы ис йæ императорон бæрзонддзинад мæ лидзыныл, куыд мыл систа йæ къух?» - хъуыды кодта:

а) инæлар Туманов;

æ) Османаты Садуллæ;

б) Куындыхаты Муссæ;

в) Махмуд;



  1. «Дæ зæрдыл дар, лæппу: кадæггæнæг æмæ фæндырдзæгъдæг хъæубæсты исбон сты». Загъта Темырболатæн:

а) йæ фыд;

æ) Хъуыбады;

б) йæ мад;

в) Муссæ;



  1. Куындыхатæ сегас дæр ацыдысты Туркмæ нау:

а) «Баязид» - ыл;

æ) «Аврорæ» - йыл;

б) «Синдбад» - ыл;

в) « Черных» - ыл;



  1. Нау «Баязид» - æн йæ фарс фæхуынкъ. Цалынмæ матростæ уæззау уаргъ æрбаластой ныккæндмæ æмæ, дон цы хуынкъæй калдис, ууыл æй сныхæстой, уæдмæ уыцы хуынкъ йæхицæй бахгæдта:

а) Махмуд, уый фæстæ та Темырболат

æ) Хъуыбады;

б) Хæмæт;

в) Бæтæхъо;



  1. Турчы бæстæмæ куы бахæццæ сты, уæд нау «Баязид» -ы наулæууæнмæ нæ бауагътой:

а) уымæн æмæ туркаг хицауады нал фæндыд кавказæгты æрбацыд;

æ) цалынмæ министр Али - Паша æрбацыд, уæдмæ;

б) цалынмæ æфсæддонтæ не 'рбацыдысты, уæдмæ;

в) сахармæ емынæ куы бахастаиккой, уый тасæй;



  1. «Цымæ кæм ис ныртæккæ Муссæ? Кæнæ йæ бинонтæ цы баисты?... Уыдон ахæм хъизæмæртты хай нæ фæкæндзæн Турчы хицауад!» - хъуыды кодта:

а) Уæсмæн;

æ) Темырболат;

б) Хъуыбады;

в) Зарæ;



  1. Туркмæ лидзæг адæмы хуыдтой:

а) лигъдæттæ;

æ) сæфт адæм;

б) мухаджиртæ;

в) æцæгæлæттæ;











  1. Роман «Теркæй - Туркмæ» - йы сæйраг архайæг Куындыхаты Муссæ Туркмæ куы ныххæццæ, уæд æй Али - Пашайы минæвæрттæ:

а) æрцахстой;

æ) министрмæ акодтой;

б) Стамбулы 'рдæм цытимæ акодтой;

в) фæнадтой;



  1. Суанг йæ царды фæстаг бонмæ ацы фыссæг фæрахау - бахау кодта кæйдæр къуындæг къуымты. Йæ иууыл стырдæр бæллиц уыд: «Тæхуды, куыд ничи дæ хъыгдара, афтæ ма хибарæй æрбад æмæ дæ зæрдæйы фæндиаг бакус»:

а) Бестауты Гиуæрги;

æ) Гафез;

б) Гаглойты Владимир;

в) Булкъаты Михал;



  1. «Ацы лæг зонды къуыбар у. Йæ сæры цы хæзнатæ дары, уыдонæн нымæц дæр нæй. Æз ын бакастæн йæ дыууæ романы , æмæ мын цытæ фæдзуры , уыдонæн сæ дæсæймаг хай дæр йæ уацмыстæм нæма фæхæццæ». Загъта Булкъаты Михалæй:

а) Джусойты Нафи;

æ) йе'мгар Мадзаты Мæхæмæт;

б) йæ хæлар Хъазиты Мелитон;

в) Бестауты Гиуæрги;





































































Малиты Васо

1 вариант

  1. Ацы поэт, прозаик, драматург æмæ тæлмацгæнæг райгуырд 1938 азы Дыгуры районы Мостыздæхы:

а) Ходы Камал;

æ) Малиты Васо;

б) Хæблиаты Сафар;

в) Агънаты Гæстæн;



  1. Малиты Васо литературон сфæлдыстадон куыстмæ йе'ргом аздæхта:

а) Цæгат Ирыстоны педагогон институты куы ахуыр кодта, уæд;

æ) Мостыздæхы астæуккаг скъолайы куы ахуыр кодта, уæд;

б) хæрз чысыл ма куы уыд, уæд;

в) «Рæстдзинад» - ы кусын куы райдыдта, уæд;



  1. Малиты Васо тынг зæрдиагæй бацархайдта ацы журналы рацыдыл, æмæ йæ фыццаг номырæй 1991 азæй абонмæ у йæ сæйраг редактор:

а) «Ногдзау»;

æ) «Мах дуг»;

б) «Фидиуæг»;

в) «Ирæф»;



  1. 1963 азы Малиты Васойæн джиппы рацыд йæ поэтикон уацмысты фыццаг чиныг:

а) «Мæйрухс æхсæв»;

æ) «Рохсанæ»;

б) «Гуйман»;

в) «Фат æмæ æрдын»;



  1. «Йæ дзырд - æфсæрмдзæстыг æмæ уæздан, поэтикон темперамент æмæ нывгæнæджы фантазийæ - æххæст, хъуыдытæ - æлвæст, æрдынбосау, йæ дзырдтæ - уырзæвзæрст, йæ ныхасы æвæрæнтæ - хъæздыг æмæ хуызджын, æнкъарæнтæ - тыхджын. Æппæт уыдон æцæг курдиаты миниуджытæ сты, зæрдæ кæмæй барухс уа, ахæм миниуджытæ».Малиты Васойы фыццаг чиныг «Фат æмæ æрдын» - ы тыххæй дзырдта зындгонд ирон фыссæг, куырыхон литератор:

а) Джыккайты Шамил;

æ) Джусойты Нафи;

б) Хъодзаты Æхсар;

в) Бестауты Гиуæрги;



  1. Ирон фыссæг Бестауты Гиуæрги Хуссарæй æрæрвыста Малиты Васойæн йæ чиныг ахæм фыстимæ:

а) «Мæ рагон æрдхорд Малиты Васойæн»;

æ) «Дыгургомы хуыздæр поэт Малиты Васойæн»;

б) «Хох - поэт Малиты Васойæн»;

в) «Дзырдаивады фæрнджын поэт Малиты Васойæн»;



  1. Малиты Васомæ дзырдаивады тых æрхаудта:

а) йæ фыццаг ахуыргæнæгæй;

æ) йæ фыды фыдæй;

б) йæ фыд - дыгурон поэзийы зæрингуырд -Малиты Геуæргийæ;

в) йæ фыды мадæй;



  1. Зæхкусæг æнæ зæхх йæхицæн никуы ссардзæнис бынат æмæ зæрдæнцой. Ацы хъуыды æвдыст цæуы Васойы æмдзæвгæ:

а) «Нæ фыдæлты кадæг» -ы;

æ) «Сахуыр мæ кæн, о хуымгæнæг…»- ы;

б) «Мæ Ирыстон» - ы;

в) «Фæстаг æмдзæвгæ» - йы;



  1. Васойы ацы уацмысы лирикон хъайтар æрдæгфæндагæй раздæхт фæстæмæ. Фидарæй базыдта, «арвы цъæхы ничи тæхы цæргæстæй фæстæмæ».Ууыл та нырма æмбæлы царды бындурыл фидарæй фæхæст уæвын - «хоры гага ауæдзы æппарын», куыд æмбæлы, афтæ базонын.

а) «Дæуæн нæ уыди а зæххыл хæдзар..» - ы;

æ) «Стыр бæлас» - ы;

б) «Сахуыр мæ кæн, о хуымгæнæг» - ы;

в) «Нæ фыдæлты кадæг» -ы;



  1. Малиты Васо йе'мдзæвгæ «Мæ Ирыстон» - ы равдыста:

а) хъæууон царды нывтæ;

æ) Фыдыбæстæйы хъысмæт историон æмæ ныры тугкалæн хæстыты;

б) адæймаг æмæ Райгуырæн бæстæйы иудзинад;

в) æрдзы рæсугъддзинад;



  1. Васойы æмдзæвгæ «Мæ Ирыстон» - ы кæрон фæвæййы карз сомыйæ:

Гъе уæд фæку, мæ Ирыстон!

Дæ цæссыг,

Дзæнхъа дурау,

Нæ зæрдæты ныххауæд,

Æмæ нын зæххыл

Удыбæстæ ма уæд,

Куы ныккæла

Дæхи дурæй

Дæ мæсыг!

Поэты ацы сомы дзурæг у:

а) поэты æнæуынондзинад Ирыстонмæ;

æ) поэт куыдфæндыйы цæстæй кæй кæсы Ирыстонмæ;

б) поэт æгæрон уарзтæй кæй уарзы Ирыстон;

в) поэтæн Ирыстон æцæгæлон кæй у, уый;



  1. «Æнæкæрон уарзондзинадæй , ныййарæг адæмы раз стыр хæсæй улæфы «Мæ Ирыстон» -ы алы рæнхъ дæр. Цæхæр темперамент хъазы уацмысы уæнгты».Афтæ загъта Малиты Васойы æмдзæвгæ «Мæ Ирыстон» - ы тыххæй:

а) Бестауты Геуæрги;

æ) Хуыгаты Сергей;

б) Ходы Камал;

в) Джусойты Нафи;



  1. Малиты Васо йæ ацы уацмысы темæйæн райста нæ фыдæлтæ, зæххыл фесафæн кæмæн уыд, фæлæ басæттæн кæмæн нæй, уыцы аланты тох Мамайы мæлæтхæссæг æрдонгты ныхмæ:

а) «Мæ Ирыстон» - ы;

æ) «Нæ фыдæлты кадæг» - ы;

б) «Стыр бæлас» - ы;

в) «Фæстаг æмдзæвгæ» - йы;

  1. Малиты Васойы уацмыс «Нæ фыдæлты кадæг» арæзт у:

а) фондз хайæ;

æ) æхсæз хайæ;

б) авд хайæ;

в) аст хайæ;



  1. Кадæг у:

а) лиро - эпикон поэзийы хуызтæй иу: поэт канд йе'нкъарæнтæ æмæ цыбыр хъуыдытæ нæ, фæлæ уыдон кæцæй æвзæрынц, уыцы хабар, цау кæм æвдисы, ахæм къаннæг сюжетон æмдзæвгæ;

æ) къаннæг аив уацмыс, арæхдæр дзы æвдыст æрцæуы адæймаджы цардæй иу цау, йæ цард уый агъоммæ æмæ уый фæстæ куыд уыд, ууыл уацмысы бæстон ныхас нæ вæййы;

б) ирон адæмон сфæлдыстады аив уацмыс, хаттæй - хатт дзы вæййы фантастикон элемент дæр, фæлæ йæ бындур у царды рагон æцæгдзинад

в) драмон уацмысы хуызтæй иу; худæджы хуызы дзы æвдыст æмæ æргомгонд фæцæуынц царды хъæнтæ æмæ адæймаджы худæг миниуджытæ;



  1. Зæххыл цы стырдæр тох æрцыди,

Гъе уым ирон туг дæр ныккалд.

Ацы ныхæстæ ист сты:

а) Дзугаты Георгийы поэмæ «Бындзыг» - æй;

æ) Джыккайты Шамилы трагедии «хъодыгонд зæд» - æй;

б) Малиты Васойы кадæг «Нæ фыдæлты кадæг» - æй;

в) Хостыхъоты Зинæйы æмдзæвгæ «Зæххы катай» - ы;



  1. Малиты Васойы «Фæстаг æмдзæвгæ» - йы лирикон хъайтармæ хæзнайæн уыди:

а) фæндыр;

æ) кард;

б) бæх;

в) бæгæныйы къус;



  1. Васойы æмдзæвгæ «Фæстаг æмдзæвгæ» - йы Нывдæттæг байуæрста :

а) фыдæх, æхца, æнцон амонд, мæнг сомы;

æ) зонд, æхцондзинад;

б) конд æмæ уынд;

в) тых, ныфс, кад;



  1. Малиты Васо йе'мдзæвгæ «Фæстаг æмдзæвгæ» - йы сæйраг хъуыды равдисынæн спайда кодта:

а) ассонансæй;

æ) аллитерацийæ;

б) анафорæйæ;

в) аллегорион фæлгонцæй;



  1. Васойы æмдзæвгæ «Стыр бæлас» - ы хъуыды у:

а) фæллой æмæ ахуыры рухс адæймаджы хъомылгæнджытæ кæй сты;

æ) арæх царды æдыхты сæрыл йæ уд нывондæн чи 'рхæссы, уыдон айрох вæййынц, сæ хорздзинад бæсты нæ ацæуы;

б) æрдзы рæсугъддзинад сфæлдыстадон уæлтæмæнады æмæ цины суадон кæй у;

в) царды адæймагæн йæ хъуыддæгтæм гæсгæ аргъ кæнын кæй хъæуы;







  1. Стыр Бæласы

Тыхджындæр хуыдтой махæй,

Фæлæ йæм кæсут-

Лæг рабæрæг вæййы

Зын сахат.

Васойы æмдзæвгæ «Стыр Бæлас» - ы сæхицæй æппæлгæ, сæ кæрæдзийæн сæрыстырæй дзырдтой:

а) къудзитæ;

æ) дидинджытæ;

б) «бындзыд - батъара бæлæстæ»;

в) кæрдæджытæ;



  1. «Васойы поэзи хауы, мæ хъуыдыйæ, зæронд чи нæ кæны, чиныгкæсæг ногæй кæмæ 'рыздæхы æмæ та æхсызгондзинад кæмæй райсы, ахæм поэзимæ». Афтæ загъта Малиты Васойы поэзийы тыххæй ацы ирон фыссæг:

а) Хуыгаты Сергей;

æ) Уалыты Лаврент;

б) Ходы Камал;

в) Дзасохты Музафер;









































































Малиты Васо

2 вариант



  1. Малиты Васо райгуырди:

а) 1934 азы Цæгат Ирыстоны, Махческы;

æ)1935 азы Цæгат Ирыстоны, Дур - Дуры;

б) 1937 азы Цæгат Ирыстоны, Лескены;

в) 1938 азы Цæгат Ирыстоны, Мостыздæхы;



  1. Хъæууон скъола каст куы фæци, уæд 1957 азы ахуыр кæнынмæ бацыд:

а) хæххон - аграрон институтмæ;

æ) хæххон - металлургон институтмæ;

б) педагогон институты филологон факультетмæ;

в) Мæскуыйы Литературон институтмæ;



  1. Васо педагогон институты фæстæ куыста:

а) ахуыргæнæгæй;

æ) тæлмацгæнæгæй;

б) чингуытæуадзæн «Ир» -ы;

в) газет «Рæстдзинад» - ы , стæй та телеуынынады;



  1. Малиты Васо Мæскуыйы литературон курсытæ куы фæци, уæд куыста:

а) газет «Рæстдзинад» - ы;

æ) журнал «Мах дуг» - ы;

б) чиныгуадзæн «Ир» - ы;

в) телеуынынады;



  1. Малиты Васо абон дæр ма кусы:

а) фысджыты цæдисы сæрдарæй;

æ) журнал «Ирæф» - ы сæйраг редакторæй;

б) телеуынынады литературæйы хайады сæргълæууæгæй;

в) радиохъусынады сæйраг редакторæй;



  1. Малиты Васойы фыццаг чиныг «Фат æмæ æрдын» -ы поэт сагъæс кæны цардыл, поэзийыл æмæ йæ нысаныл . Рухсхæссæг чиныг мыхуыры рацыд:

а) 1961 азы;

æ) 1962 азы;

б)1963 азы;

в) 1964 азы;



  1. Васойы аив æвзагæй фыст уацмыстæ чиныгкæсæджы зæрдæ змæлын кæнынц. Йæ хæдбындур уацмыстæй ацы фыссæг уымæн зæгъы: «Афтæ зыны, цыма сыл автор æппындæр фыдæбон нæ кæны, цы фыссы, уыдоныл, мæнæ сфæлдыстадон хъизæмар кæй хонынц, уымæн дзы цыма йæ кой дæр нæ вæййы. Кæмдæр цыма цæттæ вæййынц, æрдзон цыма сты æмæ сыл афтæмæй кæмдæр бамбæлы Васо»:

а) Джыккайты Шамил;

æ) Хуыгаты Сергей;

б) Ходы камал;

в) Агънаты Гæстæн;







  1. «Фат æмæ æрдын», «Мæйрухс æхсæв», «Гуыйман», «Ацырухс», «Уадзимистæ», «Рохсанæ», «Мусонг» сты ацы фыссæджы чингуытæ:

а) Малиты Георгийы;

æ) Малиты Васойы;

б) Уалыты Лавренты;

в) Хъодзаты Æхсары;



  1. 1989 азы Хъодзаты Æхсарæн, Ходы Камалæн æмæ Малиты Васойæн иумæ рацыд æмдзæвгæты чиныг:

а) «Æрттигъ»;

æ) «Сæууон хур»;

б) «Сæуæхсид»;

в) «Суадон»;



  1. Малиты Васойы æмдзæвгæ «Сахуыр мæ кæн, о хуымгæнæг…» - ы æвдыст цæуы ацы хъуыды:

а) хъæуы цæрджытæй бирæтæ кæй нæ уарзынц зæххы куыст кæнын;

æ) куыст цадæн фæрæз кæй у;

б) зæхкусæг æнæ зæхх йæхицæн кæй никуы ссардзæнис бынат æмæ зæрдæнцой;

в) æрыгон цардбæллон фæсивæд райгуырæн зæхх хи мадау кæй уарзынц;



  1. Гъе, фæлæ æрдæгфæндагæй раздæхтæн фæстæмæ,-

Арвы цъæхы ничи тæхы цæргæстæй фæстæмæ….



Ацы ныхæстæ ист сты Васойы æмдзæвгæ:

а) «Мæ Ирыстон» - æй;

æ) «Нæ фыдæлты кадæг» - æй;

б) «Стыр бæлас» - æй;

в) «Сахуыр мæ кæн, о хуымгæнæг…» - æй;



  1. Васойы ацы æмдзæвгæ конд у сонеты аив тигътыл:

а) «Сахуыр мæ кæн, о хуымгæнæг…»;

æ) «Дæуæн нæ уыди а зæххыл хæдзар»;

б) «Чындзы фæцыдтæ дард бæсты æндæрмæ»;

в) «Фæстаг æмдзæвгæ»;



  1. Ацы поэт йе'мдзæвгæ «Мæ Ирыстон» - ы равдыста адæймаг æмæ Райгуырæн бæстæйы иудзинад :

а) Ходы Камал;

æ) Малиты Васо;

б) Хъодзаты Æхсар;

в) Дзаболаты Хазби;



  1. Æз дæн, мæ Ир,

Дæ бæрзæндтæй дæлдæр,

Фæлæ дæ номæй

Бонджын дæн уæддæ. Афтæ зæгъы Малиты Васо йе'мдзæвгæ:

а) «Нæ фыдæлты кадæг» -ы;

æ) «Мæ Ирыстон» - ы;

б) «Стыр бæлас» - ы;

в) «Фæстаг æмдзæвгæ» - йы;



  1. Малиты Васойы «Нæ фыдæлты кадæг» - ы поэты романтикон фæндонæй аланы хæхтæ дæр:

а) сау - сауид адардтой знæгтæй;

æ) цъæх хъуына фестадысты;

б) удирвæзынгæнджытæ систы;

в) свæййынц удгоймæгтæ - тохгæнджытæ, фæлæ сын не знæгты фыдæнæн нæй басæттæн;



  1. Васойы «Нæ фыдæлты кадæг» - ы æвдыст æрцыд:

а) Ирыстоны историон хъысмæт , адæмы тох сæрибар æмæ Фыдызæххы сæраппонд;

æ) адæймаг æмæ Райгуырæн бæстæйы иудзинад;

б) удон æмæ зæххон хæзнаты уæз æмæ аргъ;

в) фæллойгæнæг адæмы цард æмæ тырнæнтæ;



  1. Ацы цæугæдоны кой ис Малиты Васойы кадæг «Нæ фыдæлты кадæг» - ы:

а) Æрыдоны;

æ) Джызæлдоны;

б) Урсдоны;

в) Геналдоны;



  1. Васойы «Нæ фыдæлты кадæг» - ы архайæг у ацы историон персонаж :

а) Тимур;

æ) Мамай;

б) Мачъидон Алыксан;

в) Али Паша;



  1. Васойы ацы æмдзæвгæйы æнæцæфхад бæхы иу дæр нæ куымдта, бакуымдта йæ лирикон герой:

а) «Стыр бæлас» - ы;

æ) «Фæстаг æмдзæвгæ» - йы;

б) «Мæ Ирыстон» - ы;

в) «Нæ фыдæлты кадæг - ы;



  1. Васойы æмдзæвгæ «Фæстаг æмдзæвгæ» - йы бæхы æцæг ном уыд:

а) Зарæг;

æ) Амонд;

б) Поэзи;

в) Ныфс;



  1. Ацы æмдзæвгæйы архайæг æхсæв - бонмæ тох кодта уадимæ, фæлæ уæддæр нæ бауагъта чысыл бæлæсты афæлдахын;

а) «Стыр бæлас» - ы Стыр бæлас;

æ) «Фæстаг æмдзæвгæ» - йы Нывдæттæг;

б) «Нæ фыдæлты кадæг» - ы Алан - дæсаздзыд Ос - Хъарадзау;

в) « «Мæ Ирыстон» - ы поэт;



  1. Арæх царды æдыхты сæрыл йæ уд нывондæн чи 'рхæссы, уыдон нæмттæ айрох вæййынц, сæ хорздзинад бæсты нæ ацæуы. Ахæм хъуыды æвæрд ис Васойы æмдзæвгæ:

а) «Стыр Бæлас» - ы;

æ) «Мæ Ирыстон» - ы;

б) «Чындзы фæцыдтæ дард бæсты æндæрмæ..» - йы;

в) «Дæуæн нæ уыди а зæххыл хæдзар…» - ы;







Бицъоты Грис.

1 вариант



  1. Зынгæ ирон фыссæг æмæ литературæиртасæг Джыккайты Шамил ацы ирон фыссæгæй загъта: «Йæ уацмысты æдзухдæр æвдыст цæуынц хуымæтæг адæймæгты хъысмæттæ - сæ цард æмæ сæ куыст , сæ бæллицтæ æмæ сæ сагъæстæ, сæ цин æмæ сæ хъыгтæ. Уымæ гæсгæ сæ нæ вæййы, фыццаг уæлæнгай æркастæй чиныгкæсæджы чи сцымыдис кæной, ахæм тыхджын конфликттæ æмæ драматикон сюжеттæ»:

а) Хъодзаты Æхсарæй;

æ) Агънаты Гæстæнæй;

б) Бицъоты Грисæй;

в) Булкъаты Михалæй;



  1. Бицъоты Хадзумары фырт Грис райгуырдис:

а) 1930 азы Ирыстоны цæгат хайы Хуымæллæджы;

æ) 1931 азы Цæгат Ирыстоны , Зилгæйы;

б) 1932 азы Ирыстоны цæгат хайы Ставд - Дурты;

в) 1933 азы Цæгат Ирыстоны, Фыййагдоны;



  1. Бицъоты Грис нæ ахуыр кодта:

а) Чермены астæуккаг скъолайы;

æ) педагогон институты филологон факультеты;

б) Мæскуыйы Литературон институты;

в) Ленингрды литературæйы институты аспирантурæйы;



  1. Бицъоты Грис куыста:

а) вагæттæаразæн заводы, районы газеты;

æ) скъолайы директорæй;

б) тæлмацгæнæгæй, журналистæй;

в) газет «Рæстдзинад» - ы литкусæгæй; чингуыты рауагъдад «Ир» - ы аивадон литературæйы редакторæй; Фысджыты цæдисы литконсультантæй; журналтæ «Мах дуг» æмæ «Ногдзау» - ы редакциты;



  1. Бицъоты Грисы фыццаг чиныг у:

а) «Мæхи ном уын нæ зæгъын»;

æ) «Цæргæс тæхгæйæ фидауы»;

б) «Норст цæхæр»;

в) «Урс æмдзæвгæтæ»;



  1. Грисы иууыл егъаудæр уацмыс у:

а) «Мæ биографи»;

æ) «Арвы айдæн»;

б) «Уæ рынтæ бахæрон»;

в) «Арвæй стъалытæ»;



  1. Бицъоты Грисы роман «Арвы айдæн» - ы темæ у:

а) хæст æмæ бæрнондзинады, æууæнк æмæ гадзрахаты;

æ) кард æмæ фæндыры ;

б) æндзыг заманы;

в) фæндаджы;





  1. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæджы фашисттæ Ирыстоны цæгат хаймæ куы схæццæ сты, уæд Рагъыхъæуы фосыскъæрджытæ , сæ удтыл æнæауæрдгæйæ, куыд архайдтой сæ иумæйаг хæдзарады фос фæсчъылдыммæ - хуссармæ цыфæнды хуызы дæр атæрыныл, афтæмæй æд фосы дзугтæ сæхæдæг куыд аззадысты фронты фæсчъылдым. Ацы хабæрттæ æвдыст æрцыдысты Грисы уацмыс:



а) «Норст цæхæр» - ы;

æ) «Газгайы чындз» - ы;

б) «Арвы айдæн» - ы;

в) «Скъуыдтæ фæндаг» - ы;



  1. Бицъоты Грисы роман «Арвы айдæн» - ы æппæрццæг фæлгонцтæ сты:

а) Зæрæбег æмæ Сæбан;

æ) Гацыр æмæ Ануси;

б) Дзæмæт æмæ Борнæф;

в) Даки æмæ Бедза;



  1. Роман «Арвы айдæн» - ы æвдыст цæуынц :

а) Салыгæрдæны фосыскъæрджытæ;

æ) Рагъыхъæуы фосыскъæрджытæ;

б) Пысылмонхъæуы фосыскъæрджытæ;

в) Æхсæйнаг хъæуы фосыскъæрджытæ;



  1. «Удисæн рæстæг æппæты фæсте цæмæн баззадысты нæ хъæуы?Ацы уынгæджы утæппæт колхозты фос куы азмæлой, уæд сын уæлдæф дæр кæй нал сфаг уыдзæн, ууыл куыд нæ ахъуыды кодтой? Кæдæй нырмæ сбыдирæгтæ стæм? Куыд тагъд нæ ферох хæхбæсты æвадат, йæ уыхеры?» - хъуыдытæ кодта:

а) райæххæсткомы сæрдар Даки;

æ) фыййау Гацыр;

б) фыййау Зæрæбег;

в) фосскъæрджыты хистæр Сæбан;



  1. Романы фосыскъæрджытимæ баиу, хохмæ йæ мадыхомæ чи цыд æмæ уый тыххæй семæ æнæнхъæлæджы чи æрбаиу , фæлæ йын йæ дуар æхгæдæй куы баййæфта, уæд сæ бар - æнæбары чи нал ахицæн, уыцы:

а) Дзæмæт;

æ)æрыгон сылыстæг Ануси;

б) къуылых Джери;

в) Гацыры бинойнаг Леска;



  1. Мæнæ ныр фæндагыл фæраст уыдзысты фосыскъæрджытæ, зæгъгæ, уæд ма иу згъорд хæдзармæ бакодта Гацыр. Кæмæ дзырдта йæ зæрдæ, уый хæдзары куы нæ разынд, уæд загъта: «Нæ фæфæндараст уыдзынæн! Нал æй фендзынæн, никуал æй фендзынæн….». Афтæ дзырдта:

а) йæ бинойнагæй;

æ) йæ фыртæй;

б) йæ хистæр чызгæй;

в) йæ кæстæр чызг Цыкурайæ;











  1. Фосыскъæрджытæ фыццаг хæххон хъæумæ куы бахæццæ сты, уæд Гацыр хъæумæ кæсыныл фæци. Нал æй базыдта, кæд ауылты цалдæр хатты цыди, уæддæр. Кæцыдæр уысм фембæрста Гацыр , хъæу æм æнæзонгæ цæмæн фæкасти, уый:

а) хъæу ы хæдзæрттæй бирæтæ сæ бынаты нал уыдысты;

æ) хъæумæ бацæуæны цы мæсгуытæ уыд, уыдон уыдысты калд;

б) алы хæдзары сæрмæ дæр фæйлыдта сырх тырыса;

в) хъæуы скæсæнварс уæлмæрдты , нымайæг сæ нымайын нæ бафæраздзæн , афтæ бирæ ног цыртытæ урс дардтой, сæ уæлæ сатæгсау чысыл тырысатæ;



  1. «Йæ цæстытæ бауымæл сты , уый æрæджы бамбæрста ( романы ацы сæйраг архайæг). Æнæуый ныууромы йæ хъыг, ныр æй фæндыди æнæсым куыдæй фæкæуын, рагацау æмбæрста: удыбæстæ скæндзæн йæхицæн. Уæд чидæриддæр амарди - цæссыгхъуагæй ацыдысты, хъарæгрæвдыд нæ баййæфтой.»Романы ацы архайæг у:

а) Гацыр;

æ) Сæбан;

б) Зæрæбег;

в) Бедза;



  1. Романы ацы архайæг Сæбанмæ нæ бауæндыд, фæлæ иннæ фыййæутты фæракъах - бакъах кодта, колхозы фосæй сæхицæн исты фæпайда кæниккой æви нæ, зæгъгæ:

а) Даки;

æ) Дзæмæт;

б) Гацыр;

в) Гугус;



  1. Мæнгæй нæ фæзæгъынц: «Гæбæр бæх гæбæр бæхы фæныхы». Роман « Арвы айдæн» - ы архайæг Дзæмæт æнæнхъæлæджы фембæлд иу æнæзонгæ лæгыл. Куы аныхæстæ кодтой, уæд кæрæдзийы хъуыдытæ хорз бамбæрстой, афтæмæй фæхицæн сты. Уыцы æнæзонгæ лæг уыд:

а) Борнæф;

а) аладжыхъæуккаг;

в) цъамалгоймаг фыййау;

б) Дыттылы ног æмбал;



  1. Роман «Арвы айдæн» - ы Дзæмæты тыххæй - иу Даки загъта:

а) «Уымæй æнахъоладæр адæймагæн скæнæн нæй»;

æ) «Тынг æнаккаг адæймаг у»;

б) «Ахæм иблис у, æмæ дын дæ комдзаг дæ дзыхæй куыд акъахдзæн , уый уынгæ дæр нæ фæкæндзынæ»;

в) «Хуыцауы фыдбылыз у»;



  1. Романы ацы дыууæ архайæджы'хсæн сæвзæрдысты стыр, хъуырдухæнгæнæг, сыгъдæг æнкъарæнтæ:

а) Зæрæбег æмæ Анусийы'хсæн;

æ) Бедза æмæ Анусийы 'хсæн;

б) Сæбан æмæ Анусийы 'хсæн

в) Борнæф æмæ Анусийы 'хсæн;









  1. « ….Æвæццæгæн, а дунейыл ницы басусæг вæййы. Искæдбон алцыдæр хурæнбæрæг равæййы. Æвæццæгæн, ис Арвы айдæн, æппæтдæр йæ фæд кæм ныууадзы, хорзæй цы сарæзтæуы, уыдон дæр, фыдракæндтæ дæр….». Афтæ хъуыды кæны романы ацы герой:

а) Даки;

æ) Гацыр;

б) Зæрæбег;

в) Сæбан;



  1. Анусийæн йæ къухмæ уый райсын кодта карабин. Уазал зæрдæйæ йын уый амарын кодта æнæгъдауы тауинаг, цардсафæг марг æмæ хъылма - Дзæмæты:

а) йе 'фхæрд;

æ) Сæбан æмæ йе'мбæлтты мæлæт Дзæмæты къухæй;

б) йе 'нæуынондзинад;

в ) йæ рæутуг;



  1. Сæбан æмæ иннæ фыййæутты æназым адзалыл адæймаджы зæрдæ фæриссы, Борнæф æмæ Дзæмæты мæлæтыл та фæрайы. Адæймаг æрымысы ацы дыууæ æппæрццæг архайæджы мæлæтмæ гæсгæ ирон æмбисонд:

а) «Халон халоны цæст нæ къахы»;

æ) « Зæгъ мын чи у де' мбал, æмæ дын зæгъдзынæн чи дæ»;

б) «Куыдзæн - куыдзы мæлæт!»;

в) «Алчидæр йæхи хуызæны агуры»;

































































Бицъоты Грис

2 вариант



  1. Дзуццаты Хадзымурат ацы зындгонд ирон фыссæджы тыххæй загъта:

«…..тырны уымæ, цæмæй йæ архайд, йæ ныхас уа уырнинаг. Тыхкæнгæ ситуацитæ, æууæндæн кæуыл нæй, ахæм митæ, ахæм ныхæстæ йын сты æцæгæлон. Адæймаджы мидрæзт фенын кæнын - уый у йæ сæйаг нысан»:

а) Бицъоты Грисы;

æ) Айларты Измаилы;

б) Агънаты Гæстæны;

в) Хуыгаты Сергейы;



  1. 1932 азы Ирыстоны цæгат хайы Ставд - Дурты райгуырд:

а) Ходы Камал;

æ) Дзасохты Музафер;

б) Бицъоты Грис;

в) Æгъуызарты Æхсарбег;



  1. Бицъоты Грис йæ сабибонтæ арвыста Ставд - Дурты. Скъоламæ дæр уым бацыд, фæлæ 1945 азы йæ ныййарджытимæцæрынмæ ралыгъдысты:

а) Октябрьскийы хъæумæ;

æ) Чермены хъæумæ;

б) Зилгæйы хъæумæ;

в) Дур - Дуры хъæумæ;



  1. Грис 1955 азы каст фæцис Ирыстоны педагогон институт, уый фæстæ бацыд ахуыр кæнынмæ ацы институтмæ æмæ йæ каст фæцис 1960 азы:

а) Ленинграды уырыссаг литературæйы институты аспирантурæмæ;

æ) Калачы æфсæйнаг фæндаджы инженерты институтмæ;

б) Ирыстоны хæххон - металлургон институтмæ;

в) Мæскуыйы М. Горькийы номыл Литературон институтмæ;



  1. Ацы зынгæ ирон фыссæг уæлдæр литературон ахуырад куы райста, уæд куыста газет «Рæстдзинад» - ы редакцийы литкусæгæй, чингуыты рауагъдад « Ир» - ы аивадон литературæйы редакторæй, Цæгат Ирыстоны Фысджыты цæдисы литконсультантæй, куыста журналтæ «Мах дуг» æмæ «Ногдзау» - ы редакциты:

а) Дзасохты Музафер;

æ) Булкъаты Михал;

б) Бицъоты Грис;

в) Малиты Васо;



  1. «Цæргæс тæхгæйæ фидауы». Афтæ хуыйны:

а) Гуыцмæзты Алешы фыццаг чиныг;

æ)Цæгæраты Максимы фыццаг чиныг;

б) Хуыгаты Сергейы фыццаг чиныг;

в) Бицъоты Грисы фыццаг чиныг;



  1. Бицъоты Грис журнал «Мах дуг» - ы 1953 азы ныммыхуыр кодта сабитæн йæ фыццаг радзырд:

а) «Цъиуты лымæн»;

æ) «Мæныл та дзы цы цæуы»;

б) «Скъуыдтæ фæндаг»;

в) «Арвæй стъалытæ»;

  1. Хæст æмæ бæрнондзинады, æууæнк æмæ гадзрахаты темæ æвдыст æрцыд Бицъоты Грисы:

а) радзырд «Æвдадзы хос» - ы;

æ) уацау «Норст цæхæр» - ы;

б) уацау «Газгайы чындз» - ы;

в) роман«Арвы айдæн» - ы;



  1. Ацы хабæрттæ æвдыст æрцыдысты Бицъоты Грисы роман «Арвы айдæн» - ы:

а) ирон, стæй Кавказы цæрæг бирæ адæмты судзгæ трагеди- æнудæсæм æнусы дыккаг æмбисы пысылмон диныл хæст дзыллæ cе 'мдинон туркæгтæм лыгъдысты, æцæгæлон зæххыл амонд ссарын æнхъæл уыдысты, афтæмæ фыдæнхъæл фесты;

æ) Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæджы фашисттæ Ирыстоны цæгат хаймæ куы схæццæ сты, уæд Рагъыхъæуы фосыскъæрджытæ , сæ удтыл æнауæрдгæйæ, куыд архайдтой сæ иумæйаг хæдзарады фос фæсчъылдыммæ - хуссармæ цыфæнды хуызы дæр атæрыныл, афтæмæй æд фосы дзугтæ сæхæдæг куыд аззадысты фронты фæсчъылдым;

б) мадæн тохы цæхæры йæ фырт æбæрæгæй фесæфти, кæм ныгæди, уый ничи зоны. Адæмæй рох кæнынц сæ ристæ: уарзон чызг, смой кодта æндæрæй, хотæ систой сæ саутæ, æрмæст мад «не'ууæнды йæ хъæбулы мæлæтыл»;

в) лæппу æрыздæхти сæхимæ Сыбыры æгæндæг зæххытыл куыстæй. Уый йæ цинелы дзыппы цы хоры нæмгуытæ æрхаста, уыдон коймæ Æнайы русыл фæзынди цæссыджы'ртах. Йæ фыртты цот хæсты кæмæй бабын сты, уыцы зды нæмгуытæ сæ фенхъæлдта. Хъуыддаг куы бамбæрста, уæд та дыккаг цæссыг æрфæд кодта йæ русыл, фæлæ уый ныр уыди цины цæссыг…



  1. Бицъоты Грисы роман «Арвы айдæн» - ы ацы сæйраг хъайтарты иу кæны иу стыр хъуыддаг - адæймаг уæвыны бæрндзинад æмæ сæ уый бæтты сæ кæрæдзиимæ:

а) Леска æмæ Гугусы;

æ)Дзæмæт æмæ Борнæфы;

б) Гацыры фырт æмæ Джерийы;

в) Сæбан, Гацыр, Даки, Зæрæбег, Бедза æмæ Анусийы;



  1. Романы Рагъыхъæуы фосыскъæрджыты хистæр у:

а) фыййау Гацыр;

æ)фыййау Зæрæбег;

б) хæсты быдыры фæцæфуæвæг Сæбан;

в) райæххæсткомы сæрдар Даки;



  1. Романы ацы хъайтар у фæллойгæнæг адæмæй рацæугæ æмæ йæ , фæллойгæнæг, рæстаг адæймаг куыд вæййы, афтæ фæнды «алы хъуыддаг дæр йæ райдайæнæй йæ кæронмæ куыд нывæст цæуы, уый» йæхи цæстытæй уынын, цæмæй бæлвырдæй зона, куыд æххæст æрцыдис:

а) Сæбан;

æ) Гацыр;

б) райæххæсткомы сæрдар Даки;

в) Зæрæбег;



  1. «Дæу немæ цы дуаг рауагъта, уый сызгъæрин фестæд!» - цæстæнгасæй дзуапп радта Сæбан:

а) Гацырæн;

æ) Зæрæбегæн;

в) Дзæмæтæн;





  1. Фæндагыл цæугæйæ Гацыр æппынæдзухдæр хъуыды кодта:

а) йæ бинойнаг Лескайыл;

æ)йе'фсымæр Гæбылайыл;

б) йæ фыртыл;

в) йæ кæстæр чызг Цыкурайыл;



  1. «Халон халоны дардмæ уыны». Ацы ирон æмбисонд комкоммæ хауы роман «Арвы айдæн» - ы архайджытæ:

а) Дзæмæт æмæ Борнæфмæ;

æ) Сæбан æмæ Гацырмæ;

б) Зæрæбег æмæ Бедзамæ;

в) Ануси æмæ Лескамæ;



  1. Рагъыхъæуы фосыскъæрджытæ фыццаг хохаг хъæумæ куы бахæццæ сты, уæд федтой хъæуы скæсæнварс уæлмæрдты, нымайæг сæ нымайын нæ бафæраздзæн, афтæ бирæ уыдысты урс цыртытæ, сæ уæлæ сатæгсау чысыл тырысатæ. Уымæ гæсгæ романы ацы хъайтар хъæумæ кæсыныл фæцис. Нал æй базыдта, кæд ауылты цалдæр хатты рацыди, уæддæр:

а) Сæбан;

æ) Гацыр;

б) Зæрæбег;

в) Ануси;



  1. Роман «Арвы айдæн» - ы мах уынæм, Сæбанитæ æхсæнадон фысвосы дзугтæ немыцæгты хъæлæсæй куыд аиуварс кæной, адæмæн сæ куыд бавæрой ууыл сты, романы ацы æнæфсис архайæгы та æндæр амал нал ис, цæргæ - цæрæнбонты кæимæ схъомыл , кæимæ фæцард, уыдонæй дæр йæ бон куы базыдта, фос адавыныл ничи сразы уыдзæнис, уæд дзы хинæй, тыхæй кæуылты фелваса, йæхирдыгæй дзы кæуылты фæкæна:

а) Борнæфы;

æ) Дзæмæты;

б) цъамалæггоймаг фыййауы;

в) Борнæфы даргъ - таджыхъæуккаг æмбалы;



  1. Сæбан йæ хъуыдыты ахæццæ йæ сабийы дугмæ. Арæх - иу дис кодта Сæбан, йæ мад ын - иу йæ хабæрттæ кæцæй базыдта, ууыл. Ныллæгъстæ йын кодта, ахуыр дæр тынг хорз кæндзынæн , æрмæст мын æй зæгъ, зæгъгæ. Уæд ын мад загъта:

а) дæ фæдыл ацæуын;

æ) Дыттыл мын сæ радзуры;

б) мæ фыны сæ фенын;

в)арвы айдæн мæм ис, алцыдæр кæм зыны, ахæм айдæн;



  1. «…Фыны дæр мæ нæ бауырныдтаид, адæймаг ацы тухитæн ныффæраздзæн, уый… Кæд Хуыцауы фæнда, уæд йе мах иуырдæм кæндзыстæм, йе уыдоныл Хуыцау йæ бæллæх æвæрдзæн, æмæ сæ нæ сæртæ фервæздзысты. Цæй, цы загъдæуа, адæймаг, æвæццæгæн, фыдæбæттæ æвзарынмæ райгуыры».Дзырдта Гацыр:

а) Дзæмæт æмæ Борнæфæй;

æ) фосдавджытæй;

б) фашистон лæгмартæ - немыцæгтæй;

в) бирæгътæй;







  1. Роман «Арвы айдæн» - ы зынгæ бынат лæвæрд цæуы:

а) Сæбаны сабийы дугæн;

æ) Борнæф æмæ Дзæмæты фыдмитæн;

б) Гацыры кæстæр чызг Цыкурайæн;

в) иунæг сылыстæг Ануси æмæ фыййæутты хистæр , хæсты быдыры знаджы нæмыгæй фæцæфуæвæг, удвидар, куырыхон, зынтæн фæразон Сæбаны æхсæн сабыргай цы ахастытæ рæзынц, уыдонæн;



  1. Сæбан æмæ йе 'мбæлттæ мард фесты Дзæмæты къухæй. Ацы æбуалгъ ми:

а) Дзæмæт нæ баурæдта æмæ йæ сæрызонд фæцыд;

æ)уайтæккæ дæр базыдта Рагъыхъæу;

б) Анусийæн йæ къухмæ райсын кодта карабин, уазал зæрдæйæ амардта Дзæмæты;

в) уыд Дзæмæтæн йæ цыфыддæр фыдракæнд;



  1. Бицъоты Грисы уацмысты тыххæй ацы ирон фыссæг мæнæ куыд загъта: «…суанг сæ сæргæндты дæр ис цыдæр хуызы оригиналондзинад, цымыдисыл æфтауынц адæймаджы рагагъоммæ, цымæ дзы автор дарддæр цæуыл дзуры»:

а) Джусойты Нафи;

æ) Бесаты Тазе;

б) Дзасохты Музафер;

в) Агънаты Гæстæн;







































































Дзасохты Музафер

1 вариант



  1. Ацы ирон адæмон фыссæг у Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат, дæсгай азты Ирыстоны сабиты иунæг журнал «Ногдзау» - ы æнæраивгæ сæйраг редактор:

а) Ходы Камал;

æ) Дзасохты Музафер;

б) Малиты Васо;

в) Хъодзаты Æхсар;



  1. Дзасохты Созырыхъойы фырт Музафер райгуырд 1937 азы Ирыстоны цæгат хайы:

а) Ставд - Дурты;

æ) Мостыздæхы;

б) Бæрæгъуыны;

в) Хуымæллæджы;



  1. Музаферы фыд бирæ хæстонтау нал сыздæхт Фыдыбæстæйы Стыр хæстæй. 1954 азы Музаферыл æвддæс азы куы сæххæст, уæд амард йæ мад. Фæлæ адæймаг ныфсæй цæры. Æмæ æвзонг лæппу нæ рох кодта йæ мады фæдзæхст:

а) дæхимæ адæмы макуы хæрам кæн, зæгъгæ;

æ) фидæн чиныгыл баст кæй у, уый тыххæй;

б) дæ кæстæр хотæм зул цæстæй макуы ракæс;

в) дæ фыдæн фыртæн бæзз, зæгъгæ;



  1. Музафер йæхи уæлдай амондджыныл нымайы, сæ хæдзары аив литературæйæ æппæты фыццаг цы чингуытæ фæзынд, уыдонимæ ацы чиныг кæй разынд:

а) «Ирон фæндыр»;

æ) «Алгъуызы кадæг»;

б) «Нарты кадджытæ»;

в) «Ирон хъæуы»;



  1. Дзасохты Музафер æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта:

а) сæхи хъæуы авдазон скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд;

æ) Николаевскы станицæйы астæуккаг скъолайы куы ахуыр кодта, уæд;

б) педагогон институты куы ахуыр кодта, уæд;

в) газет «Рæстдзинад» - ы куы куыста, уæд;



  1. Дзасохты Музаферæн 1954 азы Æрыдоны районон газет «Ленинон» - ы фæзынд йæ фыццаг æмдзæвгæ:

а) « Хъуыдыты æфсургъ»;

æ) «Гагкайты Алиханы зарæг»;

б) «Фæззæг»;

в) «Цард»;



  1. Дзасохты Музафер йæ ацы чиныгæй ссардта, йе 'мкъаимæ цæрынæй æмæ йæ хъæбулты хурæй чи нæ бафсæст, йæ уыцы æдзард мады ном:

а) «Иры дзыхъхъ» - æй;

æ) «Заман æмæ замана» - йæ;

б) «Фыды фарн» - æй;

в) «Уыцы боны фарн» - æй;



  1. Дзасохты Музафер йæ бирæ уацмысты, фæкæс, æмæ та йæ райгуырæн уæзæгмæ йæ цинты дæр, йæ урс мысинæгты дæр уый тыххæй фæцæйтæхы. Йæ ацы чиныг дæр йæ райгуырæн къуымыл уый сæрвæлтау сфæлдыста:

а) «Зæххы уæз»;

æ) «Иры дзыхъхъ»;

б) «Арв æмæ зæхх»;

в) «Усдоны былыл Бæрæгъуын»;



  1. Дзасохты Музафер йæ уацау «Урсдоны былыл Бæрæгъуын» - ы бындурæн райста:

а) нæ фыдæлтæ, зæххыл фесæфæн кæмæн уыд, фæлæ басæттæн кæмæн нæй, уыцы аланты тох Мамайы мæлæтхæссæг æрдонгты ныхмæ;

æ) Таучелаты хæдзарвæндаджы цард, сæ проблемæтæ æмæ сæ куыд скъуыддзаг кæнынц, уыимæ сын сæ удварн равдисын. Равдисын, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæстæ азты хæсты бабынуæвæджы рæзинаг йæ къахыл куыд лæууыд мæгуыр, фæлæ æнувыд бинонты 'хсæн;

б) хъæууон царды ахсджиаг ивддзинæдтæ;

в) æрыгон адæймаджы хъысмæт,йæ бæллицтæ, йæ фæндтæ, йæ хъару æмæ зондахаст;



  1. Уацау «Урсдоны былыл Бæрæгъуын»- ы сæйраг хъайтар у:

а) Джетæгъæз;

æ)Темырхъан;

б) Таучелаты Хъазыбег;

в) Алмахситт;



  1. Уацау «Урсдоны былыл Бæрæгъуын» - ы сæйраг архайæг Хъазыбегæн уыд бирæ æрдхæрдтæ, фæлæ йын ацы æрдхордæн йæ зæрдæйы сæрмагонд бынат уыд:

а) Сашæйæн;

æ) Темырхъанæн;

б) Бесæгъуырæн;

в) Темырцыйæн;



  1. Уацауы сæйраг герой Хъазыбег скъолайы уыд нымад. Иу хатт та фæлварæн цæхæрадоны хорз кæй бакуыста, уый тыххæй йын лæварæн радтой:

а) чиныг;

æ) хæдойнаг;

б) хызын;

в) хæлайфаг;



  1. Хъазыбеджы уацхъуыд «Бæрæгъуыйнаг хицæутты устытæ кусын сæ сæрмæ нæ хæссынц» газеты куы рацыд, уæд ын йæ мад хъуыддагзонгæйæ фæдзæхсы:

а) «Дæхи иннæтæй уæлдæр макуы кæн»;

æ) «Сæр сæрмæ хæссын хъæуы»;

б) «Мидхъæуы мидæг знагæй цæрын зын у. Алчи дæр маст йæ зæрдыл дары….»;

в) «Ныффыссыны размæ - иу дзæбæх ахъуыды кæн…»;



  1. «Искæимæ хыл кæнынæй æнаддæр ын ницы ис. Цыфæнды зылынджынимæ дæр æйтты никуы бацæуы» - афтæ зæгъы уацау «Урсдоны былыл Бæрæгъуын» - ы автор:

а) Алмахситтæй;

æ) Джетæгъæзæй;

б) Нанайæ;

в) Дзыццайæ - Хъазыбеджы мадæй;



  1. Уацау «Урсдоны былыл Бæрæгъуын» - ы кульминаци у:

а) Хъазыбеджы бахауд институтмæ;

æ) Хъазыбеджы уарзондзинад Земфирæмæ;

б) Дзыццайы мæлæт;

в) Хъазыбеджы цæттæдзинады аттестаты райст;



  1. Цымæ цавæр æгæрон уарзондзинад уыд Дзыццамæ, йæ фæстаг сахаты дæр æрмæст йæ хъæбултыл чи мæт кодта. Йæ мæлæты размæ сыхæгтæн фæдзæхста:

а) «Æххормаг сæ ма ныууадзут»;

æ) «Сæ ахуыр ма фæкъуылымпы уæд»;

б) «Кæрæдзиуыл æнувыд уæд»;

в) «Мæ фыртæн - иу мæ ма схъæр кæнут ахсæв, кæннод йæ зæрдæ исты кæндзæн»; Стæй ма Газмæтмæ сдзырдта:

«Нæ сыхбæстæ, мæ сывæллæттæ уе уазæг»;



  1. Гæбул (Хъазыбег) йæ мадмæ уарзондзинад фæхаста йæ риуы цæрæнбонмæ. Æдзухдæр - иу йæхи афарста:

а) «Цымæ Дзыццайæн æхсызгон уыдзæн мæ хорздзинад?»;

æ) «Цымæ Дзыццайæн зын уыдзæн мæ рæдыд?»;

б) «Цымæ Дзыцца та куыд бакодтаид мæ бынаты?»;

в) «Цымæ Дзыцца удæгас куы уаид, уæд та куыд дарин мæхи?»;



  1. Уацау «Урсдоны былыл Бæрæгъуын» - ы мах уынæм, Гæбул æмæ йæ дыууæ хойы цы хъомылад райстой сæ мадæй, уый сын фæпайда иу бинонтæй баззайынæн, се 'намонддзинад сын иумæ æнцондæр хæссæн уыд. Уацауы ацы архайæг сын уымæн загъта: «Æвзæрты кæй нæ фæзмынут, уый тыххæй уæ бузныг дæн, иумæ кæй баззадыстут, уымæй дæр раст бакодтат. Хъарадзауы галтау фæйнæрдæм куы хæцыдаиккат, уæд дзы ницы рамбылдтаиккат»:

а) Джетæгъæз;

æ) сæ Нана;

б) сæ мады 'фсымæр Алмахситт;

в) скъолайы директор;



  1. Хъазыбег скъола каст куы фæцис, уæд ахуыр кæнынмæ бацыд:

а) хъæууон - хæдзарадон институтмæ;

æ) педагогон техникуммæ;

б) педагогон институтмæ;

в) хæххон - металлургон институтмæ;



  1. Хъазыбег институты ахуыр кæнын куы райдыдта, уæд базонгæ ацы адæймагимæ. Кæрæдзи фыццаг бонтæй фæстæмæ бамбæрстой:

а) Темырцыимæ;

æ) Земфирæимæ;

б) Василий Андрейы фыртимæ;

в) йæ бурдзалыг æрдхордимæ;



  1. «Уарзондзинад хъæдуры мыггагау æрмæстдæр дыууæ дихы кæнын комы. Дыууæ уды йеддæмæ йын æвдисæнтæ хъуамæ ма уа…» - афтæ хъуыды кодта уацауы архайæг:

а) Темырхъан;

æ) Мæдинæт;

б) Хъазыбег;

в) Темырцы;

  1. Ацы ныхæстæй фæци Дзасохты Музаферы уацау «Урсдоны былыл Бæрæгъуын»:

а) «Æз мæхи тынг амондджын хонын, Бæрæгъуыны кæй райгуырдтæн, уымæй»;

æ) «Мæ уарзон Бæрæгъуын,никуы дæ ферох кæндзынæн, кæддæриддæр уыдзынæ мæ зæрдæйы»;

б) «Мæ райгуырæн Бæрæгъуын, ды дæ мæ цины дæр, ды дæ мæ мысинæгты дæр. Мæ уæнгты тых æмæ зæрдæйы иууыл æхцондæр æнкъарæнтæ дæуæй исын æмæ исдзынæн»;

в) «….Уадз æмæ Урсдоны былыл мæ райгуырæн Бæрæгъуыны цард фыца цæджджинагау, зарæг зæла булæмæргъы хъæлæсау!»;































































































Дзасохты Музафер

2 вариант



  1. Мæстæлгъæд бонтæ бавзæрстай кæд бирæ,

Уæддæр, лæгау, дæ нысанмæ цыдтæ…

Зыны сахат куы ныккæны нæ Ирыл,

Адзалмæ дæр ды уæд вæййыс цæттæ.

«Фыды фарн» уыд дæ зарджытæн сæ цырв…

Ехсы къæрццау дæ ныхас уæд бæлвырд,

Рæвдауæд Иры урс хæхты дæ дзырд!

Ирон зындгонд ирон фыссæг Дзасохты Музаферы юбилейы кадæн ацы акростих ныффыста:

а) Хъодзаты Æхсар;

æ) Хуыгаты Сергей;

б) Ходы Камал;

в) Цырыхаты Михал;



  1. Ирыстоны цæгат хайы, Бæрæгъуыны 1937 азы райгуырди:

а) Хостыхъоты Зинæ;

æ) Хæблиаты Сафар;

б) Дзасохты Музафер;

в) Бицъоты Грис;



  1. Фидæны фыссæджы фыд Дзасохты Елдзарыхъойы фырт Созырыхъо æмæ йæ цардæмбал Хосаты Садуллæйы чызг Веринкæ сæ алыварс адæмау хъуæгтæ æййæфтой, фæлæ Музафер сæрыстырæй æрымысы:

а) иннæ адæмæй æвзæрдæр никуы цардыстæм, зæгъгæ;

æ) сыхæгтæ нæм - иу арæх исты курæг æрбацыдысты, зæгъгæ;

б) Бæрæгъуыны хæсты размæ цы цалдæр агуыридурæй арæзт хæдзары фæзынд, уыдонæй иу уыдис мах, зæгъгæ;

в) кæддæриддæр нæ хъæуккæгтæн баххуыс кæнынмæ уыдыстæм цæттæ,зæгъгæ;



  1. Фидæн чиныгыл баст кæй у, уый тыххæй Музаферæн фæдзæхста:

а) йæ фыд Созырыхъо;

æ) йæ мад Веринкæ;

б) йæ мады 'фсымæр;

в) сæ хъæуы скъолайы директор;



  1. Дзасохты Музафер Бæрæгъуыны авдазон скъолайы куы ахуыр кодта, уæд:

а) райдыдта æмдзæвгæтæ фыссын;

æ) уæд базонгæ дунеон литературæйы шедевртимæ;

б) бамбæрста, уæлдæр ахуырдзинад æнæмæнг кæй райсдзæн, уый;

в) райдыдта спорты архайын;



  1. «Фæззæг» - афтæ хуынди ацы фыссæгæн йæ фыццаг æмдзæвгæ:

а) Ходы Камалæн;

æ) Хаджеты Таймуразæн;

б) Дзаболаты Хазбийæн;

в) Дзасохты Музаферæн;









  1. Музафер хæрз æвзонгæй ацы чиныджы фæрцы райдыдта аив дзырды базыртыл тæхын. Уый алæмæтон æвзаг æмæ диссæгтæ, тæмæссæгтæ йæ сайдтой сæ фæдыл. Уыдон кæсгæйæ фæцалх æмдзæвгæтæ фыссыныл:

а) «Царциаты диссæгтæ»;

æ) «Нарты кадджытæ»;

б) «Фарны хабæрттæ»;

в) «Ирон таурæгътæ»;



  1. Дзасохты Музаферæн йæ уацмыстæй автобиографион у:

а) «Иры дзыхъхъ»;

æ) «Уыцы боны фарн»;

б) «Урсдоны былыл Бæрæгъуын»;

в) «Арв æмæ зæхх»;



  1. Таучелаты хæдзарвæндаджы цард, сæ проблемæтæ æмæ сæ куыд скъуыддзаг кæнынц, уыимæ сын сæ удварн равдисын. Равдисын, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæстæ азты хæсты бабынуæвæджы рæзинаг йæ къахыл куыд лæууыд мæгуыр, фæлæ æнувыд бинонты 'хсæн. Уый у ацы фыссæгæн йæ ацы уацмысы бындур:

а) Гафезы «Уæ бонтæ хорз, адæм!» - ы;

æ) Цæгæраты Максимы«Мады зарæг» - ы;

б) Гаглойты Владимиры «Ныййарæджы кадæг» - ы;

в)Дзасохты Музаферы « Урсдоны былыл Бæрæгъуын» - ы;



  1. Таучелаты Хъазыбег у:

а) Бицъоты Грисы «Арвы айдæн» -ы сæйраг архайæг;

æ) Хæблиаты Сафары «Фисын хæдзар" - ы сæйраг архайæг;

б) Хуыгаты Сергейы «Сылгоймæгтæ» - йы сæйраг архайæг;

в) Дзасохты Музаферы «Урсдоны былыл Бæрæгъуыны - ы сæйраг архайæг;



  1. Уацау «Урсдоны былыл Бæрæгъуын» - ы Дзыцца йæ хъæбулты хоны:

а) « мæ урс уæрыччытæ»;

æ) « мæ дзибатæ»;

б) «мæ уалдзыгон стъалытæ»;

в) «мæ хурты хуртæ»;



  1. Дзасохты Музаферы уацау «Урсдоны былыл Бæрæгъуын» - ы Дзыццайы прототип у авторæн:

а) йæ куырыхон мады мад;

æ) йæ адджын фыды мад;

б) йæхи фæлмæнтæзæрдæ, хъæбулуарзаг, цардзонæг мад;

в) сæ сыхæгты идæдз ус;



  1. Уацауы сæйраг архайæг Хъазыбег сæ къласы разамонæг Арсæмæгимæ Къобосты хъæдмæ куы ацыдысты, уæд уым ссардтой:

а) рагон дзаумæттæ;

æ) хæсты рæстæджы ам чи фæмард, ахæм салдаты ингæн;

б) ног суадон;

в) зæронд фæрæт;











  1. «Лæвæрд сын цæуы фæйнæ хæдойнаджы» -загъта скъолайы директор Хаджумар:

а) Сашæ æмæ Хъазыбегæй;

æ) Хæмæтхъан æмæ Агуыбейæ;

б) Темырхъан æмæ Бесæгъуырæй;

в) Мæдинæт æмæ йе' мбал чызгæй;



  1. «Мидхъæуы мидæг знагæй цæрын зын у. Алчи дæр маст йæ зæрдыл дары» - хъуыддагзонгæйæ фæдзæхста Хъазыбегæн йæ мад:

а) Хъазыбег газеты куы ныффыста уац «Бæрæгъуыйнаг хицæутты устытæ кусын сæ сæрмæ нæ хæссынц» -уæд;

æ) Хъазыбег йæхицæй хистæрæн куы бауайдзæф кодта, уæд;

б) Хъазыбег сæ хæдзармæ æнæзонгæ лæджы куы нæ бахуыдта,уæд;

в) Хъазыбегæн йæ бон баххуыс кæнын куы нæ баци йæ сыхагæн, уæд;



  1. Дзасохты Музафер йæ уацау «Урсдоны былыл Бæрæгъуын» - ы Дзыццайæ афтæ зæгъы:

а) «Йæхицæй æгъдауджындæр Иры дзыхъхъы ссарæн нæй»;

æ) «Искæимæ хыл кæнынæй æнаддæр ын ницы ис. Цыфæнды зылынджынимæ дæр æйтты никуы бацæуы»;

б) «Раст Хъазыбеджы хохау у фидар æмæ фæразон»;

в) «Куы - иу смæстджын, уæддæр - иу никуы фæбæрзонддæр кодта йæ хъæлæс»;



  1. Рынчындонæй æрдæгæхсæв Дзыццайы æнамонды уац куы æрбайхъуыст, уæд хъæубæстæ Таучелаты хæдзары кæртмæ æртымбыл сты, æнахъом сидзæрты нæ райхъал кодтой, - каутыл цырæгътæ ныссагътой æмæ уыдон рухсмæ æрбабонмæ æнхъæлмæ кастысты. Уый уыд:

а) хъæуы хистæры уынаффæ;

æ) хъæубæстæйы уарзæгой ныййарджыты фæнд;

б) Дзыццайы фæстаг фæдзæхст;

в) хъæуы скъолайы директор Хаджумары фæнд;



  1. Уацау «Урсдоны былыл Бæрæгъуын» - ы Дзыццайы мæлæты фæстæ Гæбулы мады 'фсымæр Алмахситт дзырдта сывæллæттæн:

а) «Бафæразут, æндæр гæнæн уын нæй»;

æ) «Ахуыр кæнут, кæрæдзимæ кæсут. Æз дæр уæм фæкæсдзынæн»;

б) «Гыццылтæ нал стут, алцы æмбарынхъом дæр стут, уæхиуыл фæхæцут!»;

в) «Æвзæрты кæй нæ фæзмут, уый тыххæй уæ бузныг дæн. Иумæ кæй баззадыстут, уымæй дæр раст бакодтат. Хъарадзауты галтау фæйнæрдæм куы хæцыдаиккат, уæд дзы ницы рамбылдтаиккат. …»;



  1. Хъазыбег скъола каст куы фæци, уæд йæ фæндон уыд æмæ йын æнтысгæ дæр бакодта:

а) горæты кусынмæ бацæуын;

æ) хи хъæуы хæдзарады кусынмæ бацæуын æмæ Бæди æмæ Дунетханæн æххуыс кæнын;

б) педагогон институтмæ бацæуын;

в) хъæууон - хæдзарадон институтмæ бацæуын;













  1. «…Йæхимæ мæ хæстæг нæ уадзы. Тæрсы, нæ дыууæйы риуы дæр цы уарзондзинад фыцы, уымæй куы басудзон. Дзæгъæлы. Уымæн фыцæн ис, басудзæн ын нæй. Æви цæмæй уарзондзинад тынгдæр фыца, уымæн афтæ кæны?» - дзырдта хинымæр Хъазыбег:

а) Земфирæйæ;

æ) Мæдинæтæй;

б) Зæринæйæ;

в) Фатимæйæ;



  1. «Зарæг æмæ цард иухуызон сты. Зарæгæн хъарæджы бон дæр ницы у, цардæн мæлæты бон куыд ницы у, афтæ. Зарæг хаттæй - хатт æрмынæг вæййы, хъарæг ын йæ бынат бацахсы, фæлæ та ногæй фæстæмæ йæ базыртæ батилы æмæ атæхы…». Ацы ныхæстæ ист сты:

а) уацау «Урсдоны былыл Бæрæгъуын» - æй;

æ) «Уалдзыгон стъалытæ» -й;

б) «Менджы сой» -æ;

в) «Мысыры сыджыт» - æй;



  1. «Йе 'дзард ныййарæджы бæрц уарзы Музафер йæ райгуырæн хъæу Красногоры. Йæ уацмысты сæйраг хъайтартæй дæр бирæты фæлгонцтæ сты йе 'мхъæуккæгтæ. Æмæ æз хæлæг кæнын уыцы фæрнджын хъæумæ, Музаферы хуызæн курдиатджын фыссæг кæй æхсæнæй рацыд». Ацы ныхæстæ Дзасохты Музаферы тыххæй загъта:

а) Цырыхаты Михал;

æ) Цыбырты Людвиг;

б) Чеджемты Æхсар;

в) Дзантиаты Анатолий;





























































Дзуццаты Хадзы - Мурат

1 вариант



  1. Ацы ирон поэт, прозаик,сабиты фыссæг, литературон критик æмæ литературæиртасæг райгуырдис 1935 азы Знауыры районы Хъорнисы хъæуы ахуыргæнæджы хæдзары:

а) Джусойты Нафи;

æ) Бестауты Гиуæрги;

б) Гаглойты Владимир;

в) Дзуццаты Хадзы - Мурат;



  1. 1952 азы Хадзы - Мурат астæуккаг скъола каст куы фæцис сызгъæрин майданыл, уæд уыцы аз йæ ахуыр адарддæр кодта:

а) Цæгат Ирыстоны педагогон институты;

æ) Мæскуыйы М. Горькийы номыл Литературон институты;

б) Хуссар Ирыстоны педагогон институты;

в) Цæгат Ирыстоны æфсæнвæндаджы техникумы;



  1. Дзуццаты Хадзы - Мурат 1995 - æм азæй суанг йæ мæлæты онг 2000 - æм азмæ куыста:

а) Хуссар Ирыстоны газет «Хурзæрин» - ы редакторæй;

æ) газет « Рæстдзинад» - ы редакторæй;

б) журнал «Мах дуг» -ы поэзи æмæ драматургийы сæргълæууæгæй;

в) журнал «Ногдзау» - ы редакторы хæдивæгæй;



  1. «Поэтæн йе ' мдзæвгæтæ - йæ биографи.Æз зæгъын: йæ уды биографи. Йæ царды лыстæг æмæ егъау хабæрттæ, цаутæ æмæ æндæртæм, стæй канд йæ царды нæ,- адæмы æхсæнадон æмæ национ хъысмæтмæ, ивгъуыд, абон æмæ фидæнмæ йæ ахасты биографи» - загъта йæхæдæг йæ поэтикон æмбырдгонд «Биографи» - йы разныхасы :

а) Хæблиаты Сафар;

æ)Æлборты Хадзы - Умар;

б) Дзуццаты - Хадзы Мурат;

в) Хуыгаты Сергей;



  1. Дзуццаты Хадзы - Мурат литературон институты студент куы уыд, уæд рухс федта:

а) йæ поэтикон æмбырдгонд «Биографи»;

æ) йæ чиныг «Фыццаг ныхас»;

б) йæ поэмæ «Ирыстон»;

в) йæ «Миграци»;



  1. Дзуццаты Хадзы - Мурат йæ ирд курдиаты фæрцы суанг йæхицæй хистæртимæ дæр уыдис æргомдзырд, æмбар, æмфынг. Ацы диссаджы ирон фыссæг уымæн зæгъы: «…кæд азтæй иу дзæвгар хистæр уыдтæн, уæддæр цыма иумæ бацыдыстæм литературон куыстмæ, афтæ æнкъардтам нæхи , æмæ нын æмгариуæг кæнын зын нæ уыди»:

а) Джусойты Нафи;

æ) Булкъаты Михал;

б) Гаглойты Владимир;

в) Цæрукъаты Алыксандр;





  1. Ацы фыссæгæн йæ поэзийы сæйрагдæр аивадон амæлттæй иу у асинæвæрд :

а) Æлборты Хадзы - Умарæн;

æ) Дзуццаты Хадзы - Муратæн;

б) Ходы Камалæн;

в) Малиты Васойæн;



  1. Дзуццаты Хадзымуратæн æппæтæй арæхдæр йæ зæрдæйы гуырдысты зæрдæмæдзæугæ рæнхъытæ:

а) йæ уарзон чызгыл;

æ) йæ бинонтыл æмæ йæ къабæзтыл;

б) адæмон æмæ историон хъайтартыл;

в) Фыдыбæстæ,мадæлон æвзаг, мад, фыдæлты æгъдæуттæ, Ирыстоны хъæбатыртыл;



  1. Хадзымурат йæ ацы уацмысы дзуры мадæлон æвзагыл, йæ ахадындзинадыл, йæ историон хъысмæтыл:

а) «Дзырдтæ» - йы;

б) «Ме 'взаг» - ы;

б) «Ирыстон» - ы;

в) «Мæлæт» - ы;



  1. Ацы поэтæн фаг у , йе'взаг йæ «цыртыл куы ныффысса 'нцойы ныхæстæ».Фæлæ йæ , алы патриотау, афтæ фæнды, йе' взаджы зæлтæй цъæх - цъæхид куыд дара йæ бæстæ:

а) Дзугаты Георги ( «Дæ лæвар»);

æ) Дзуццаты Хадзы - Мурат ( «Ме'взаг»);

б) Дзаболаты Хазби ( «Амонд»);

в) Хостыхъоты Зинæ ( зæххы катай»);



  1. Дзуццаты Хадзы - Муратæн йæ ацы æмдзæвгæйы адæймаг сдзырдта йæ фыццаг дзырд - «Уарзын»:

а) «Æз ацы нуазæн» - ы;

æ) «А зымæг »- ы;

б) «Дзырдтæ» - йы;

в) «Ме 'взаг» - ы;



  1. Дзуццаты Хадзы - Мурат йæ æмдзæвгæ «Дзырдтæ» - йы сиды адонмæ, цæмæй ма сафой сæ рагон кад, лæгъзхъуыр трибунты дзыхы ма кæной аслам, фæлæ сæ зæрдыл дарой, адæймаджы цъымарайæ куыд систой, æппæт уыдæттæ:

а) адæммæ;

æ) дзырдтæм;

б) фæсивæдмæ;

в) хæхтæм;



  1. Рагæй æрæгмæ дæр ирон адæммæ ацы æгъдау уыд стыр кад, стыр цин æвдисыны нысан. Хадзымураты æмдзæвгæ «Æз ацы нуазæн…» - ы лирикон героймæ дæр æрхаудта уыцы кад :

а) ирон нуазæн;

æ)кады зарæг;

б) æрвадæлты бæх;

в) хистæры арфæ;







  1. Нæу дæ мæ бон

искæмæ радтын,

ныууадзын.

Цыма Зæхх

дæ мидæг

марг æмæ сæкæрау батад,

Æмæ дæ

бындзарæй

нуазын.

Ацы ныхæстæ ист сты Дзуццаты Хадзы - Мураты уацмыс :

а) «Хъуырдухæн» - æй;

æ) «Мæлæт» - æй;

б) «Къæвдайы кафт» - æй;

в) «Æз ацы нуазæн…» - æй;



  1. Дзуццаты Хадзы - Мурат йæ ацы дыууæ æмдзæвгæйы равдыста Хуссар Ирыстоны хъысмæт дыууæ дуджы астæу, ныффыста сæ гуырдзиаг - ирон хæсты азары темæйыл:

а) «Ме'взаг» æмæ «Дзырдтæ» - йы;

æ) «Нæй æмбæхсæн» æмæ «Уæддæр æмæ уæддæр» - ы;

б) «А зымæг» æмæ «Хъуырдухæн» - ы;

в) «Ирыстон» æмæ «Мæлæт» - ы;



  1. Хадзы - Мураты æмдзæвгæ «А зымæг» -æй мах базонæм, Ирыстоны хуссар хайы тугкалæн хæст куы цыд, уæд - иу цардцух хъайтарты ныгæдтой ацы ран:

а) чи - иу кæм фæмард, уым;

æ) Згъудеры къуылдымы;

б) 5 - æм скъолайы кæрты;

в) хъæды æрдузы;



  1. Æмдзæвгæ «А зымæг» - ы ацы архайджытæ нæ уарзынц даргъ ныхас. Фæлæууынц æмырæй, тызмæгæй:

а) сывæллæттæ;

æ) зæронд лæгтæ;

б) хæцæг лæппутæ;

в) саударæг мадæлтæ;



  1. Дзуццаты Хадзы -Мураты æмдзæвгæ «Хъуырдухæн» - ы лирикон герой:

а) тох кæны æддагон залымимæ;

æ) хъæрзы йæ цæфтæй æмæ марой кæны;

б) ныфсытæ æвæры йæ кæстæр æмбæлттæн;

в) тæрсы «æхсæвæй - бонæй йæ риу чи дары хотыхты дзыхмæ, уыцы нæрæмонтæн», тæрсы «сæ мæтæй йæ гæв - гæв, йæ зыр - зырæй не 'нцайы», мачи сæ фæцæф уа, мачи дзы амæла æмæ сын йæхинымæры нывонд кæны йæ уд;



















  1. Цы хъуамæ -

цы разагъд, цы номдзыд -

зынай дæхимæ,

Куы нæ уай

æд хотых

нæ хæцæг лæппутимæ

иумæ!

Ацы рæнхъытæ æвдисынц поэты мисси Фыдыбæстæйы сæрвæлтау тохы бон æмдзæвгæ:

а) «А зымæг» - ы;

æ) «Уæддæр æмæ уæддæр» -ы;

б) «Æз ацы нуазæн…»;

в) «Хъуырдухæн» - ы;

























































































Дзуццаты Хадзы - Мурат

2 вариант.

  1. Ирон поэт , прозаик, критик æмæ литературæиртасæг Дзуццаты Хадзы - Мурат райгуырдис:

а) 1925 азы Хуссар Иры, Хæрдысæры хъæуы;

æ) 1928 азы Хуссар Ирыстоны, Додоты хъæуы;

б) 1932 азы Хуссар Ирыстоны, Годжиты хъæуы;

в)1935 азы Хуссар Ирыстоны Знауыры районы, Хъорнисы хъæуы;



  1. Дзуццаты Хадзы - Мурат йæ ахуыр адарддæр кодта Мæскуыйы М. Горькийы номыл Литературон институты:

а) Хъорнисы астæуккаг скъола каст куы фæцис, уæд;

æ) Хуссар Ирыстоны чингуыты рауагъдады куысты фæстæ;

б) Зонадон - иртасæн институты куысты фæстæ;

в) Хуссар Ирыстоны Фысджыты цæдисы хайады куысты фæстæ;



  1. Журнал «Мах дуг» - ы поэзи æмæ драматургийы сæргълæууæгæй фæкуыста 1995 азæй суанг йæ адзалы онг 2000 - æм азмæ ацы зындгонд ирон поэт, прозаик, сывæллæтты фыссæг, литературон критик, литературæиртасæг:

а) Гафез;

æ) Цæгæраты Максим;

б) Дзуццаты Хадзы - Мурат;

в) Булкъаты Михал;



  1. Дзуццаты Хадзы -Мурат йæхæдæг йæ поэтикон æмбырдгонд «Биографи» - йы разныхасы загъта:

а) «Фæсивæдæй дзырды бар кæмæ æрхауа. Йæ ныхасмæ адæм кæмæн æрыхъусой, уый хъуамæ йе ' мбæлттæй истæмæй хицæн кæна, исты æхсар, лæгдзинад равдиса, истæмæй зæрдæдарæн æмæ ахадæн уа æмæ, сæйраджыдæр, хъуамæ йæм исты радзуринаг уа, науæд уымæ ныхасы бар не ' рхаудзæн, ничи йæм байхъусдзæн»;

æ) «Поэтæн йе ' мдзæвгæтæ - йæ биографи. Æз зæгъын: йæ уды биографи.Йæ царды лыстæг æмæ егъау хабæрттæ, цаутæ æмæ æндæртæм, стæй канд йæ царды нæ, - адæмы æхсæнадон æмæ национ хъысмæтмæ, ивгъуыд, абон æмæ фидæнмæ йæ ахасты биографи»;

б) «Поэты сфæлдыстады сæйраг у уарзты темæ: аивадон амæлттæй æвдисы уарзты æнкъарæнтæ, адæймаджы моралон удыхъæд, зæронд фауинаг æмæ ног фæзминаг æгъдæуттæ…»;

в) «…поэт йе' мдзæвгæты зары хæлардзинадыл, куыстыл, райгуырæн Ирыстогныл. Йæ уацмысты æргом цæуынц æвзонг фæлтæры фæндтæ æмæ тырнындзинæдтæ»;



  1. Дзуццаты Хадзы - Муратæн йæ чиныг «Фыццаг ныхас» рухс федта:

а) скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд;

æ) Мæскуыйы Литературон институты куы ахуыр кодта, уæд;

б) газет «Хурзæрин» - ы куы куыста, уæд;

в) журнал «Мах дуг» - ы куы куыста, уæд;



  1. Зындгонд ирон фыссæг Джусойты Нафи мæнæ куыд зæгъы Дзуццаты Хадзы - Мураты тыххæй:

а) «…йæ аив дзырдæй, йæ зонды ныхæстæй, йæ уды рæсугъд миниуджытæй бæлвырд фæбæрзонддæр кодта ирон литературæйы кад æмæ ном»;

æ) «Хуымгæнæг, салдат, хохкъæртгæнæг æмæ æрдхæрæны поэт. Уый уыди удыхъæдæй уæздан, æргомдзырд, уæззау зондыл хæст, йæ ныхас хъуыддагæй чи æххæст кодта, ахæм адæймаг»;

б) «…кæд азтæй иу дзæвгар хистæр уыдтæн , уæддæр цыма иумæ бацыдыстæм литературон куыстмæ афтæ æнкъардтам нæхи, æмæ нын æмгариуæг кæнын зын нæ уыди»;

в) «Бæрзонд, къæсхуыр, рæхснæг, урссæр лæг сæрыстыр цыд кæны йæ ныййарæг зæххыл…йæ къуырфæвæрд , цардæгас цæстыты тыхджын, фæлæ сабыр цъæхарт - куы æнтъыснæгхуыз, куы циндзаст, куы фæдисхъæрау мæстæг»;



  1. Дзуццаты Хадзы - Муратæн йæ поэзийы сæйрагдæр аивадон мадзæлттæй иу у:

а) аллитераци;

æ) анафорæ;

б) асинæвæрд;

в) литотæ;



  1. Фыдыбæстæ, ирон æвзаг, мад,нæ фыдæлтæ,Ирыстоны хъæбатыртæ, дунейы ристæ - гъе , уыдон уыдысты ацы фыссæгæн йæ сæйрагдæр дзуринæгтæ :

а) Малиты Васойæн;

æ) Дзаболаты Хазбийæн;

б) Бестауты Гиуæргийæн;

в) Дзуццаты Хадзы - Муратæн;



  1. «Ме'взаг» - афтæ хуыйны Дзуццаты Хадзымураты æмдзæвгæ, кæцы ран автор равдыста:

а) Хуссар Ирыстоны хъысмæт дыууæ дуджы астæу; гуырдзиаг æмæ ирон æвзæгты хицæндзинад;

æ) æрдз æмæ адæймаджы иудзинад;

б) мадæлон æвзаг æмæ йæ ахадындзинад, йæ историон хъысмæт;

в) аивады алæмæттаг хъомыс, адæймаджы зæрдæйы уагимæ гармонион иудзинад;



  1. Дзуццаты Хадзы - Мураты æмдзæвгæ «Ме'взаг» - ы мах уынæм, ацы «хæзнайы» : Атиллæ йæ сонтæй мардта, «фæлæ дын дæ зæрдæ йæ кардæй , йæ арцæй нæ ардта»;йæ фесафынæн Тимуры æфсæдты бон ницы бацис, уымæн æмæ йæ «фæдтæ, сызгъæрин цæфхæдтæ, æрттывтой - иу зæххыл бæрæгæй, арфæй, цыма стъалытæ арвæй».Уыцы хæзна у:

а) фыдæлты кард;

æ) фыдæлты ном;

б) æвзаг;

в) цард;



  1. Дзуццаты Хадзы - Мураты æмдзæвгæ «Дзырдтæ» - йы мах уынæм, адæймагæн йæ фыццаг дзырд кæй уыд:

а) «Мад»;

æ) «Фыдыбæстæ»;

б) «Уарзын»;

в) «Хъæуы мæ»;



  1. Дзуццаты Хадзы - Мурат йæ æмдзæвгæ «Дзырдтæ» - йы сиды дзырдтæм, цæмæй:

а) раст хъуыдытæ æвдисой :

æ) адæмыл козбау ма кæной;

б) аив æмæ æлвæст уой;

в) цæмæй ма сафой сæ рагон кад, лæгъзхъуыр трибунты дзыхы ма кæной аслам, фæлæ сæ зæрдыл дарой, адæймаджы цъымарайæ куыд систой, æппæт уыдæттæ;





  1. Ирон нуазæн - стыр кад, стыр циндзинады æвдисæн æрхаудта ацы поэты лирикон героймæ йæ æмдзæвгæ:

а) Ходы Камалы «Гаджидау» - ы;

æ) Цæрукъаты Алыксандры «Мæ кувæндоны къæсæрыл» - ы;

æ) Дзуццаты Хадзы - Мураты «Æз ацы нуазæн» - ы;

в) Дзаболаты Хазбийы «Амонд» - ы;



  1. Хадзы - Мурат йе' мдзæвгæ «Æз ацы нуазæн…» - ы зæгъы нуазæнæн, ома, маст дæр дæ æмæ адджын дæр, фæлæ дæ дуг схай кодта мæнæн æмæ:

а) æнæ дæу куыд цин кæнон,

куыд дис кæнон!

Æз æнæ дæуу цы дæн?

Æнæхæдзар, искæйон!;

æ) Кæннод

ныкъкъуырма, ныггомыг уыдзынæн

æмæ уыл,

хъæддаг лæгау,

богъ - богъ кæндзынæн!;

б) Цы хъуамæ -

цы разагъд, цы номдзыд -

зынай дæхимæ,

Куы нæ уай

æд хотых

нæ хæцæг лæппутимæ

иумæ!;

в) Нæу дæ мæ бон

искæмæ радтын,

ныууадзын.

Цыма Зæхх

дæ мидæг

марг æмæ сæкæрау батад,

Æмæ дæ

бындзарæй

нуазын.;



  1. Дзуццаты Хадзы - Мураты æмдзæвгæтæ «А зымæг» æмæ «Хъуырдухæн» фыст сты:

а) хохаг адæмы царды темæйыл;

æ) уарзондзинады темæйыл;

б) гуырдзиаг - ирон хæсты азары темæйыл;

в) адæймаг æмæ æрдзы иудзинады темæйыл



  1. Хадзы - Мураты ацы æмдзæвгæйæ мах базыдтам, 5 - æм скъолайы кæрты - иу кæй баныгæдтой, гуырдзиаг - ирон хæсты цы цардцух хъайтартæ фæмард, уыдоны:

а) «Хъуырдухæн» - æй;

æ) «А зымæг» - æй;

б) «Дзырдтæ» - йæ;

в) «Ирыстон» - æй;











  1. Æмдзæвгæ «А зымæг» - ы хæцæг лæппутæ:

а) бахордтой ард;

æ) сæ цæссыгæй сæхи фехсадтой;

б) тагъд кодтой хæстмæ;

в) нæ уарзынц даргъ ныхас, фæлæууынц æмырæй, тызмæгæй;



  1. Дзуццаты Хадзы - Мураты ацы æмдзæвгæйы лирикон геройы зæрдæ «æхсæвæй - бонæй йæ риу чи дары хотыхты дзыхмæ, уыцы нæрæмонтæн» хуымæтæджы нæ тæрсы - «сæ мæтæй йæ гæв - гæв, йæ зыр - зырæй не 'нцайы», мачи сæ фæцæф уа , мачи дзы амæла æмæ сын йæхинымæры нывонд кæны йæ уд:

а) «А зымæг» - ы;

æ) «Хъуырдухæн» - ы;

б) «Нæй æмбæхсæн» - ы;

в) «Мæлæт» - ы;



  1. Хадзы- Мураты æмдзæвгæ «Хъуырдухæн» - ы ацы рæнхъытæ æвдисынц поэты мисси Фыдыбæстæйы сæрвæлтау тохы бон:

а) …Уыдон нæ,

фæлæ æхсæвæй -бонæй

йæ риу чи дары

Хотыхты дзыхмæ,

уыцы нæрæмонтæ,

Мæ уд сын куы фестид

цæрæнбонтæ!;

æ) ….Куыддæр байдайы æхст,

нæмгуыты тъизын,-

Хæдзар мæ рассоны,

кæртмæ æрхизын,

Æмæ хъусын, кæсын…;

б) Абон, æвæццæгæн, нæ хъæуынц

литературæ, дипломати,

Политикæ, зонад,

хицауад, парти…

Уой, мæнæйуый,

ныр Ирыстоны сæрвæлтау

хæцгæйæ ма 'рхау!

Фæлæ -æдзæллаг-

дзымандытæ кæн

поэтгонд маргъау?!;

в) Цы хъуамæ -

цы разагъд, цы номдзыд -

зынай дæхимæ,

Куы нæ уай

æд хотых

нæ хæцæг лæппутимæ

иумæ!;

















Хæблиаты Сафар

1 вариант

  1. «Сафар, æппæты фыццаг, уыдис адæймаг æмæ йæ алыварс æмбырд кодта йæхи хуызæн хорз адæмы. Уый мæн кæимæ базонгæ кодта, уыдонæй æз иуыл дæр фæсмон нæ кæнын, ныр дæр сты ме 'рдхæрдтæ , кæрæдзи фарсмæ æрбалæууæм цины дæр æмæ зианы дæр» - загъта Хæблиаты Сафары тыххæй:

а) Дзасохты Музафер;

æ) Малиты Васо;

б) Цгъойты Хазби;

в) Ходы Камал;



  1. Хæблиаты Муратбеджы фырт Сафар райгуырд 1933 азы :

а) Ольгинскæйы;

æ) Бруты;

в) Бæтæхъойыхъæуы;

в) Зилгæйы;



  1. Хæблиаты Сафар астæуккаг скъолайы фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыд:

а) Ирыстоны педагогон институтмæ, филологон факультетмæ;

æ) Ирыстоны педагогон институтмæ, историон факультетмæ;

б) хæххон - металлургон институтмæ;

в) хæххон хæдзарадон институтмæ;



  1. 1989 азæй йæ царды фæстаг бонтæм Хæблиаты Сафар:

а) куыста газет «Рæстдзинад» - ы;

æ)куыста обкомы фæскомцæдисы кусæгæй;

б) æххæст кодта Цæгат Ирыстоны Фысджыты цæдисы правленийы сæрдары хæдивæджы хæстæ;

в) куыста телеуынынады;



  1. Ацы фыссæг уыд Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг, Уæрæсейы Федерацийы Фысджыты цæдисы уæнг, дæсны тæлмацгæнæг:

а) Хостыхъоты Зинæ;

æ) Бестауты Гиуæрги;

в) Гафез;

в) Хæблиаты Сафар;



  1. Хæблиаты Сафары ацы уацмыстæй роман у:

а) «Æхсæрыл сыфтæр нал хæцы»;

æ) «Æнамæ мын чи бадзурдзæн»;

б) «Фисыны хæдзар»;

в) «Азабæлас»;



  1. Зынгæ литературон фæзындыл нымад уыд Сафары роман «Азабæлас». Ацы ирон фыссæг уый тыххæй загъта: «Автор цæуылдæриддæр фыссы , уыдон уыдысты, йæ фæлтæр йæхиуыл кæй бавзæрста, ахæм æцæгдзинад. Фæлæ сæ аивады куырдадзы афтæ бахсыста,æмæ абоны чиныгкæсæг фæлтæрмæ дæр тынг хъарынц уацмысы цаутæ. Роман у ирон æфсарм , удыхъæд æмæ æгъдæутты чиныг. Фæстаг æртын азы нæм цы бирæ чингуытæ фæзынд , уыдонæй хицæн кæны уымæй, æмæ фыст у ирон адæмыл - йæ архайджытæ сты аив, рæсугъд, сæрыстыр, фыдæлты æгъдæуттæ æмæ тугæй райгуыргæ. Хицæн ма кæны йе 'взаджы рæсугъддзинадæй, йæ темæйæ. «Азабæлас» - æй рæсугъддæр зарæг ирон æвзагыл мады тыххæй ничима ныффыста»:



а)Агънаты Гæстæн;

æ) Джусойты Нафи;

б) Уалыты Лаврент;

в) Дзасохты Музафер;



  1. Хæблиаты Сафар йæ ацы уацмысы равдыста фæсхæсты азты царды нывтæ, тынг аив æмæ арæхстджынæй дзы равдыста хъысмæтаразæг цау:

а) «Дзæнæты маргъ» - ы;

æ) «Фисыны хæдзар» - ы;

б) «Нырмæ кæм уыдтæ?» - йы;

в) «Мæ хъаймæты æфсымæр» - ы;



  1. «Цымæ уыцы бон Хуыцауæй фылдæр хæрзтæ цæуылнæ ракуырдтон, йæ тæккæ хорзæхыл куы уыдис, уæд?» - фæсмонхуызæй загъта Хæблиаты Сафары уацау «Фисыны хæдзар» - ы архайæг:

а) Быдыго;

æ) Кудзиан;

б) Рая;

в) Сакинæт;



  1. Уацау «Фисыны хæдзар» - ы архайæг Быдыго ныккæрзыд, йæ бинойнаг Кудзиан фаллаг уаты хæрдхъуаг сабиты бафынæй кæныныл куыд хъуырдухæн кæны, уымæ хъусгæйæ:

а) «Тæхуды , æмæ ацы фыд цард искуы куы фæуид»;

æ) «Цымæ нæ сывæллæттæ искæд бон сæ хæринæгты уæлдæйттæ ныууадздзысты?»;

б) «Ацы цардæн мæ куыдз фæлдыст фæуæд!»;

в) «Мæ фыдæн фыртæн та ма цæмæн райгуырдтæн, мæ цоты стонгæй мæлын куы бауадзон, уæд?»;



  1. Хæблиаты Сафары ацы уацмысы мах уынæм: архайд цы заман цыд, уыцы рæстæг дзул лæвæрдтой хайгай алы бон дæр , бинонты нымæцмæ гæсгæ:

а) «Фисыны хæдзар» - ы;

æ) «Æхсæрыл сыфтæр нал хæцы» - йы;

б) «Дзæнæты маргъ» - ы;

в) «Къостайы кадæг» - ы;



  1. Сафары уацау «Фисыны хæдзар» - ы сапонуæйгæнæг Сакинæтæй загъта Быдыго:

а) «Ахæм ма дзы иблис сылгоймаг уа!»;

æ) «Мæн уал дзы балхæнын куы бауагътаид, уый фæстæ цыфæндыдæр кодтаид»;

б) «Раст æм нæлгоймаджы хъару ис»;

в) «Цымæ ма дыккаг ахæм æнæхайыры сылгоймаг сфæлдыста Хуыцау: йæхи кæм нæ фæтъысдзæн æмæ масты хай кæй нæ бакæндзæн, ахæм нæй. Низ уа æви удыхъæд?»;



  1. Быдыго - Сафары уацау «Фисыны хæдзар» - ы архайæг - сфæнд кодта хæрæг æд уæрдон балхæнын:

а) цæмæй дзы быдырæй хос ласа;

æ) цæмæй йæм йæ сыхæгтæ хæлæг кæной;

б) цæмæй дзы Цæлыккæй хуыскъæл ласа, Кудзиан та йæ уæй кæна;

в) цæмæй дзы ссадаг куыроймæ ласа;





  1. Сафары уацау «Фисыны хæдзар» - ы мах сæмбæлдыстæм нæ фыдæлты ацы æмбисондыл:

а) «Туг тугæй не 'хсадæуы»;

æ) «Фыдлæг æмæ фыдбон бирæ нæ хæссынц»;

б) «Халон халоны цæст нæ къахы»;

в) «Цалх кæй дуарæй батула, уыцы хæдзарæн фесæфынæй тас нæу»;



  1. Æнæхъæн къуыри Быдыгойы хæдзары цы «диссаджы галуанджын бæстæйы» кой уыд, уымæй фæфыдæнхъæл Рая. «Ам та - дæлæмæ дæр æмæ уæлæмæ дæр быгъдæг быдыр, саст, над æмæ ссæст нартхоры хæтæл цыдæр сау къæцæлимæ æмхæццæйæ. Змæлæг, цъиутæхæг дзы нæ зыны, æрмæст тракторы уынæр куы - хъæрдæрæй, куы - мынæгдæрæй» . « Ам та» уацау «Фисыны хæдзар» - ы у:

а) Хъахъхъæдур;

æ) Брут;

б) Цæлыкк;

в) Зилгæ;



  1. Сафары уацау «Фисыны хæдзар» - ы Рая иу заман хæрдмæ скаст æмæ суадоны сæрты хæдзармæ фæкомкоммæ: «..хибар, аив чъырæйцагъд, тæккæ фисыныл лæууы, райдзаст фондз рудзынгæй фæлгæсы, йæ рæбыны бæрзонд фæцыдысты хæрзæхсæст акъацитæ, æрмæст ма кæмдæр сæ тæккæ цъуппытыл - уыйонг схизын дæр хъуыд - къæбæлдзыг пыхс дарынц сыгъдæг къалиутæ…» - æмæ ахъуыды кодта:

а) «Мах дæр ахæм хæдзар куы саразиккам!»;

æ) «Æз куы сдынджыр уон, уæд ахæм хæдзар балхæндзынæн»;

б) «Тынг рæсугъд у ацы хæдзар»;

в) «Ехх, уæлæ уыцы хæдзар мах куы уаид!»;



  1. «Фисыны хæдзар» - ы архайæг Рая базонгæ зилгæйаг лæппу Дзиуаты Хазбиимæ:

а) скъолайы фæстæ

æ) Цæлыккмæ куы фæцæйцыди ,уæд;

б) дуканимæ дзул æлхæнынмæ куы бацыди, уæд;

в) горæтмæ цæугæйæ;



  1. Чындзæхсæвы фæстæ Рая бирæ азты дæргъы чи нæ ферох, уыцы суадон æмæ хæдзар куы федта, уæд ахъуыды кодта:

а) «..кæд нæма райхъал дæн æмæ йæ фыны уынын, уый йеддæмæ искуыдæр ма зæххон адæймагмæ уый бæрц амонд хауы æмæ йæ сабидуджы бæллиц сæххæст уа…»;

æ) « Уый гæнæн нæй»;

б) «Бабайæн æй æрымысын кæндзынæн , Цæлыккмæ куыд цыдыстæм, уый»;

в) «Куыд ницы мын загъта Баба»;



1



2

3

4

5

6

7

8

9

10

11

12

13

14

15

16

17

18

а

в

æ

б

в

в

б

æ

б

в

а

в

б

в

б

в

а

а





























Хæблиаты Сафар

2 вариант



  1. Ирыстоны адæмон фыссæг, Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат Дзасохты Музафер ацы ирон фыссæгæй загъта: «…æппæты фыццаг, уыдис адæймаг æмæ йæ алыварс æмбырд кодта йæхи хуызæн хорз адæмы. Уый мæн кæимæ базонгæ кодта, уыдонæй æз иуыл дæр фæсмон нæ кæнын, ныр дæр сты ме'рдхæрдтæ, кæрæдзи фарсмæ æрбалæууæм цины дæр æмæ зианы дæр»:

а) Джыккайты Шамилæй;

æ) Хæблиаты Сафарæй;

б) Хъодзаты Æхсарæй;

в) Хуыгаты Сергейæ;



  1. Ацы ирон фыссæг, дæсны тæлмацгæнæг райгуырди Зилгæйы хъæуы:

а) Малиты Васо,1938 азы;

æ) Булкъаты Михал, 1928 азы;

б) Хæблиаты Сафар, 1933 азы;

в) Хъодзаты Æхсар, 1937 азы;



  1. Хæблиаты Сафар Ирыстоны педагогон институтмæ, историон факультетмæ бацыди:

а) астæуккаг скъолайы фæстæ;

æ) газет «Рæстдзинад» - ы куысты фæстæ;

б) фæскомцæдисон куысты фæстæ;

в) Ирыстоны Фысджыты цæдисы куы куыста, уæд;



  1. Ацы фыссæг 1989 азæй йæ царды фæстаг бонтæм æххæст кодта Цæгат Ирыстоны Фысджыты цæдисы правленийы сæрдары хæдивæджы хæстæ:

а) Булкъаты Михал;

æ) Хæблиаты Сафар;

б) Хостыхъоты Зинæ;

в) Хæблиаты Сафар;



  1. Хæблиаты Сафар уыд:

а) Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат;

æ) адæмон фыссæг;

б) Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг, Уæрæсейы Федерацийы Фысджыты цæдисы уæнг, дæсны тæлмацгæнæг;

в) «Кады Нысаны» орденхæссæг;



  1. Хæблиаты Сафары уацмыс «Азабæлас» у:

а) роман;

æ) уацау;

б) радзырд;

в) кадæг;















  1. Фыссæг Уалыты Лаврент ацы фыссæджы ацы уацмысæй загъта: «Автор цæуылдæриддæр фыссы, уыдон уыдысты, йæ фæлтæр йæхиуыл кæй бавзæрста, ахæм æцæгдзинад. Фæлæ сæ аивады куырдадзы афтæ бахсыста , æмæ абоны чиныгкæсæг фæлтæрмæ дæр тынг хъарынц уацмысы цаутæ. Роман у ирон æфсарм, удыхъæд æмæ æгъдæутты чиныг. Фæстаг æртын азы нæм цы бирæ чингуытæ фæзынд , уыдонæй хицæн кæны уымæй, æмæ фыст у ирон адæмыл- йæ архайджытæ сты аив, рæсугъд, сæрыстыр, фыдæлты æгъдæуттæ æмæ тугæй райгуыргæ.Хицæн ма кæны йе 'взаджы рæсугъддзинадæй, йæ темæйæ. «Азабæлас» - æй рæсугъддæр зарæг ирон æвзагыл мады тыххæй ничима ныффыста»:

а) Гуыцмæзты Алешы «Урс фынтæ» - йæ;

æ) Хуыгаты Сергейы «Сылгоймæгтæ» - йæ;

б) Хæблиаты Сафары «Азабæлас» - æй;

в) Гаглойты Владимиры «Ныййарæджы кадæг» - æй;



  1. Хæблиаты Сафар йæ уацау «Фисыны хæдзар» - ы равдыста:

а) нæ фыдæлты цардæй иу цау;

æ) ирон адæмы цард хæсты заманы;

б) фæсхæсты азты царды нывтæ, хъысмæтаразæг цау;

в) фыд æмæ фырты ахастдзинæдтæ;



  1. Рая - Хæблиаты Сафары уацау «Фисыны хæдзар» - ы архайæг фæсмонхуызæй загъта:

а) «Фæлтау мæ фыдимæ дыууиссæдз азы размæ æндæр хъæуы цурты куы ацыдаиккам»;

æ) «Цымæ æндæр хорзæх цæуылнæ ракуырдтон, уæд»;

б) «Цымæ уыцы бон Хуыцауæй фылдæр хæрзтæ цæуылнæ ракуырдтон, йæ тæккæ хорзæхыл куы уыдис, уæд?»;

в) «Мæ цард - цæрæнбонты уыцы хъæу мæ фыны дæр куы никуы федтаин»;



  1. «Мæ фыдæн фыртæн та ма цæмæн райгуырдтæн, мæ цоты стонгæй мæлын куы бауадзон, уæд?» - ныккæрзыд Сафары уацау «Фисыны хæдзар» - ы архайæг:

а) Гæдза;

æ) Быдыго;

б) Хазби;

в) хæрæджы фыццаг хицау;



  1. «…ацы дзулы хабар дæр мæлæты æвзæр ссис фæстаг заман. Цал бонæн нæ радтой мартъийы? Фондз æви æхсæз? Æмæ иу бон дæ хай нæ райстай, уæд æй уый хыгъд дыккаг бон дывæрæй куы дæттиккой, уæд бæргæ» - ацы ныхæстæ ист сты Хæблиаты Сафары уацмыс:

а) «Азабæлас» - æй;

æ) «Æнамæ мын чи бадзурдзæн» - æй;

б) «Фисыны хæдзар» - æй;

в) «Мæ хъаймæты æфсымæр» - æй;



  1. «Цымæ ма дыккаг хатт ахæм æнæхайыры сылгоймаг сфæлдыста Хуыцау: йæхи кæм нæ фæтъысдзæн æмæ масты хай кæй нæ бакæндзæн, ахæм нæй. Низ уа æви удыхъæд?» - хъуыды кодта Хæблиаты Сафары ацы уацмысы архайæг сапонуæйгæнæг Сакинæтæй:

а) новеллæ «Хæзна» - йы Фидараты инæлар Афæхъо;

æ) уацау «Косер» - ы Косер;

б) уацау «Фисыны хæдзар» - ы Быдыго;

в) уацау «Фисыны хæдзар» - ы Кудзиан;



  1. Уацау «Фисыны хæдзар» - ы Быдыго, цæмæй Цæлыккæй хуыскъæл ласа, Кудзиан та йæ уæй кæна , сфæнд кодта:

а) бонцухæй сыхæгтæй хæрæгуæрдон исын;

æ) хæрæг æд уæрдон балхæнын;

б) бонцухæй Цæлыккмæ хуыскъæл къахынмæ кæнын йæ чызг Райæйы;

в) æхсæнады хæдзарадæй къуыри иу хатт уæзласæн машинæ курын;



  1. «Цалх кæй дуарæй батула, уыцы хæдзарæн фесæфынæй тас нæу» - нæ фыдæлты ацы æмбисондыл фембæлæм Хæблиаты Сафары уацмыс:

а) «Фисыны хæдзар» - ы;

æ) «Азабæлас» - ы;

б) «Дзæнæты маргъ» - ы;

в) «Къабузы фыййау» - ы;



  1. Сафары уацау «Фисыны хæдзар» - ы Райæмæ гæсгæ Цæлыкк у «диссаджы галуанджын бæстæ». Фæлæ фæфыдæнхъæл:

а) «У тыгъд быдыр, сау халæттæ дзы ратæх - батæх кæнынц»;

æ) «Бæстæ у сабыр, иу мыр никæцæй хъуысы, нартхоры хæтæлтæ къахы бын фæвæййынц æмæ размæ цæуын нæ уадзынц»;

б) «…Ам та - дæлæмæ дæр æмæ уæлæмæ дæр быгъдæг быдыр, саст, над æмæ ссæст нартхоры хæтæл цыдæр сау къæцæлимæ æмхæццæйæ. Змæлæг, цъиутæхæг дзы нæ зыны, æрмæст тракторы уынæр куы - хъæрдæрæй, куы - мынæгдæрæй»;

в) «Быдыр сау - сауидæй зыны, рог дымгæ дзы хъазы»;



  1. «Ехх, уæлæ уыцы хæдзар мах куы уаид!» - ахъуыды кодта фисын хæдзармæ скæсгæйæ уацау «Фисыны хæдзар» - ы архайæг:

а) Быдыго;

æ) Рая;

б) Кудзиан;

в) Сакинæт;



  1. Скъолайы фæстæ Рая - уацау «Фисыны хæдзар» - ы Быдыгойы чызг, базонгæ:

а) брутаг лæппу Хъаныхъуаты Сосланимæ;

æ) хуымæлæггаг лæппу Туаты Валодяимæ;

б) зилгæйаг лæппу Дзиуаты Хазбиимæ;

в) ольгинскæйаг лæппу Гæздæнты Черменимæ;



  1. «Кæд нæма райхъал дæн æмæ йæ фыны уынын, - уый йеддæмæ искуыдæр ма зæххон адæймагмæ уый бæрц амонд хауы æмæ йæ сабидуджы бæллиц сæххæст уа» - ахъуыды кодта Рая чындзæхсæвы фæстæ:

а) зæронд лæджы куы федта, уæд;

æ) хъæу куы федта , уæд;

б) бирæ азты дæргъы чи нæ ферох, уыцы суадон æмæ хæдзар куы федта, уæд;

в) быдыртæ куы федта, уæд;





















Ходзаты Æхсар

1 вариант

  1. Ацы номдзыд ирон фыссæг райгуырди Бруты хъæуы 1937 азы:

а) Ходы Камал;

æ) Дзасохты Музафер;

б) Хъодзаты Æхсар;

В) Малиты Васо;



  1. Хъодзаты Æхсар йæ райгуырæн хъæуы каст фæци авдазон скъола, астæуккаг скъола та ацы ран, уæмæн æмæ 1952 азы йæ фыд Мæхæмæт æд бинонтæ Брутæй алыгъд цæрынмæ уырдæм:

а) Цæцæн - Мæхъæлы республикæйы - Грознайы;

æ) Кæсæг - Балхъары республикæйы иу горæты - Теркы;

б) Гуырдзыстоны, Тбилисы;

в) Сомихы - Ереваны;



  1. Æхсар иу аз бакуыста Цæгат Кавказы æфсæнвæндаджы иу станцæйы, стæй уæд бацыд ахуыр кæнынмæ:

а) Цæгат Ирыстоны æфсæнвæндаджы техникуммæ;

æ) Кæсæг - Балхъары педагогон институтмæ;

б) Ирыстоны педагогон институтмæ истори æмæ филологийы факультетмæ;

в) Мæскуыйы хойраджы промышленносты институтмæ;



  1. Хъодзаты Æхсар 1969 азы каст куы фæцис Советон Цæдисы фысджытæн Мæскуыйы цы литературон институт ис, уый дæлбазыр Уæлдæр литературон курсытæ, уæд кусын райдыдта:

а) Мацъутæйы хъæуы ахуыргæнæгæй;

æ)Цæгат Ирыстоны республикæйы радиоредакцийы редакторæй;

б) газет «Рæстдзинад» -ы;

в) журнал «Мах дуг» - ы редакцийы;



  1. 1986 азы Æхсар нысан æрцыд журнал «Мах дуг» - ы ацы бæрнон кусæгæй æмæ уæдæй нырмæ , абоны онг кусы уыцы бынаты:

а) уацхæссæгæй;

æ) сæйраг редакторæй;

б) бæрнон нымæрдарæй;

в) корректорæй;



  1. Хъодзаты Æхсары фыццаг чиныг «Æхсар» рацыдис чиныгкæсджыты арммæ:

а) 1962 азы;

æ) 1963 азы;

б) 1964 азы;

в) 1965 азы;



  1. Хъодзаты Æхсары ацы æмдзæвгæ комкоммæ у йæ рафæлдисæджы цардмысæн æнкъарæнтæй амад:

а) «Цъайкъахæг»;

æ) «О, мысын та, мысын мæ сабион азтæ»;

б) «Гимн Галæгонæн»;

в) «Дæ цæстыты рухс»;





  1. Æхсары æмдзæвгæ «О, мысын та, мысын мæ сабион азтæ» - йы поэты зæрдæйы баззад æмæ дзы нæ рох кæны:

а) йæ хъæугæрон;

æ) кæсæгты цад;

б) куыд тæлфыди «æртæх уазал кæрдæджы», «уымæлдзæф быдыртæ 'мæ саухал уыгæрдæн»;

в) фæткъуыты адджын тæф;



  1. Хъодзаты Æхсары æмдзæвгæ «Ирон дзырд» у номарæн:

а) Къостайæн;

æ) Абайты Васойæн;

б) Миллерæн;

в) Джыккайты Шамилæн;



  1. Æхсары ацы æмдзæвгæйы мидисы рæбын ис, стыр ирон ахуыргонд Абайты Васо цы ныстуан - фæдзæхст ныффыста Иры фæсивæдмæ, уый хъуыды:

«Мæ зæрдæ риссы, нæ мадæлон æвзаджы хъысмæтыл куы ахъуыды кæнын, уæд. Куыстуæтты æмæ æхсæнадон æмбырдты нæ, фæлæ ма хæдзары, бинонты'хсæн дæр тæссаг раны бахауд.

Хъуамæ алчи дæр æмбара: æвзаджы фесæфт у адæмы фесæфт. Нæй æвзаг - нæй адæм. Фæдисы хъæр : не'взаг бахъахъхъæнæм, бавæрæм!»:

а) «Кафæг чызг» - ы;

æ) «Цъайкъахæг» - ы;

б) «Ирон дзырд» - ы;

в) «Дыууæ хъæры» - йы;



  1. Хъодзаты Æхсары æмдзæвгæ «Гимн Галæгонæн» - ы ирдæй зыны ахæм хъуыды:

а) адæймаджы, стæй йæ алфамблай дунейы царды дæр змæлдыл, исты аразын - фæлдисыныл баст кæй у;

æ) цард ис тыхджындæрты къухы;

б) дæхи куы уарзай, уæд дæ иннæтæ дæр уарздзысты;

в) дæхицæй макуы æппæл, дæуæй хуыздæртæ дæр ис;



  1. Галæгон у ирон мифологийы:

а) хорты бардуаг;

æ) дымгæйы, уады бардуаг;

б) доны бардуаг;

в) мæргъты бардуаг;



  1. Æхсары æмдзæвгæ «Гимн Галæгонæн» - ы мах уынæм, уад куыд нæ уадзы йæ бардуаг Галæгоны барвæндæй зæхх æндзыг æмæ хъуына кæнын , адæймаджы, цæрæгойты, зайæгойты хуры тавс æмæ рухсæй иппæрд æмæ цух кæнын. Уадæн (Галæгонæн) ис:

а) сабырдзинады символ;

æ) уарзондзинады символ;

б) царды размæцыды, революцион ивды, хуыздæр, бæрзонддæр кæныны символ;

в) фыд царды символ;













  1. Хъодзаты Æхсар ацы æмдзæвгæйы ацы куыст кæны йæхæдæг, æмæ лыстæггай, стæй тызмæг зæрдæйы уагæй дзуры йæ зæрдиаг куысты мидис, нысан æмæ реалон миниуджытыл:

а) «Цъайкъахæг» - ы;

æ) «Кафæг чызг» - ы;

б) «Сосланы ныхас Мæрдты бæсты дуаргæс Аминонимæ» - йы;

в) «Дзау» - ы;



  1. Æмдзæвгæ «Цъайкъахæг» арæзт у цыппар хайæ. Фыццаг хайы ныхас цæуы:

а) сыхæгтæ куыд схæснаг кодтой, чи тагъддæр скъахдзæн цъай, зæгъгæ, ууыл;

æ) цъай къахын цæмæн бахъуыд, ууыл;

б) фыды фæстаг фæдзæхстыл фыртæн;

в) сылгоймæгты быцæуыл;



  1. Цъайкъахæг афтæ арф ныкъкъахта зæхх æмæ йæм хур дæр нал æххæст. Уæддæр къахта иу ныфсæй:

а) абон уа, райсом уа, уæддæр æй фæуыдзæн къахт;

æ)кæд искуыцæй ыскæсид «доны цæст»;

б) кæд мæм исчи фæкæсид;

в) адæм мын «Бузныг» зæгъдзысты;



  1. Æхсары æмдзæвгæ « Кафæг чызг» у номарæн:

а) Байаты Альбинæйæн;

æ) ССР Цæдисы адæмон артисткæ Адырхаты Светланæйæн:

б) Анна Павловайæн;

в) Майæ Плисецкаяйæн;



  1. Æмдзæвгæ «Кафæг чызг» - ы ацы рæнхъыты хицæнгонд дзырдтæ сты:

Глюкы мелоди сæлфынæгау ризы.

Рагон мысинаг æрыхъал и, риссы.

Кæнæ:

Залы - дыууæ уды: чызг æмæ уадындз;

Стъалыйæ стъалымæ цины тын уафынц.

а) ассонанс;

æ) аллитераци;

б) анафорæ;

в) диссонанс;



  1. Хъодзаты Æхсары ацы æмдзæвгæйы сæйраг архайæг у Рухс:

а) «Æртытæ» - йы;

æ) «Дæ цæстыты рухс» - ы;

б) «Кафæг чызг» - ы;

в) «Ирон дзырд» =- ы;



  1. Дзæнæтон рухс, цыхцырæджы тæмæнау,

Зыр - зыраг дзинг, дæлимоны кæлæнау,

Дæ цуры мæйтæ, стъалытæ цы сты!

Дæ цуры хур дæр н'ахады цæсты.

Æхсар йе'мдзæвгæ «Дæ цæстыты рухс» - ы ацы рæнхъыты бæрзонд ныхæстæй амайы:

а) ахуырдзинады фæлгонц;

æ) æвзаджы фæлгонц;

б) Фыдыбæстæйы фæлгонц;

в) уарзон чызджы фæлгонц;

  1. Хъодзаты Æхсарæн ацы æмдзæвгæйы йæ дзуринаджы сæр сси, цы адæймæгты'хсæн цæры æмæ кусы, уыдон удыхъæд, йæ фауддзаг миниуджытæ. Нæ йæ фæнды сæ кой кæнын дæр( «Ма сæ мыс фæлтау»);ивгъуыд цардæн аргъгæнгæйæ у æрхæндæг:

а) «Æз æмæ знон - ы;

æ) «Æртытæ» - йы;

б) «Цъайкъахæг» - ы;

в) «Дыууæ хъæры» - йы;

  1. Æхсары æмдзæвгæ «Æз æмæ знон» - ы лирикон геройæн ивгъуыд дуджы ацы хъæнтæ сты зæрдæмарæн мысинаг:

а) рæдаудзинад, кæрдзындæттон;

æ) уазæгуарзондзинад, хæлардзинад;

б) хахуыртæ, козбау, гæртамхор, кæрæф, тых æмæ тона, додой, хæлæг;

в) уарзондзинад, æнувыддзинад;



  1. Йæ царды зноны мидисыл сагъæсæй райгуырд Æхсары æндæр уацмыс дæр:

а) «Дæ цæстыты рухс»;

æ) «Æртытæ»;

б) «Дуртæ»;

в) «Æрттигъ»;



  1. Æхсары æмдзæвгæ «Æртытæ» - йы æртæ арты: рухс къона, рухс фидæн æмæ намыс разындысты:

а) «зинты цот, фыдфынтæ, хуызыцæуджытæ»;

æ) «бирæгътæ»;

б) «хæйрæджытæ»;

в) «знæгтæ»;



  1. Æхсæны лæг - поэт хъуамæ уа æхсарджын æмæ хæцынхъом йæ идеалты сæрыл, рухс Фидæны сæрыл. Ацы нымад ис Хъодзаты Æхсары æмдзæвгæтæ «Æрттигъ» æмæ «Сосланы ныхас Мæрдтыбæсты дуаргæс Аминонимæ» - йы. Æрттигъ у:

а) рæсугъд, зынаргъ згъæр;

æ) фаты æфсæйнаг бырынкъ, адæймаджы маргæ чи кæны, уый;

б) стыр дурын, вæййы зæххы сагъд, сæн дарынæн;

в) рагон хæцæнгарз, топпы мыггаг;



  1. Мæрдты дунейы дзыллæ дих кæнынц дыууæ хайыл: иутæ æрбынæттон вæййынц Дзæнæты, иннæтæ та - Зындоны. Афтæ амоны Æхсары ацы æмдзæвгæйы архайæг:

а) «Цъайкъахæг» - ы цъайкъахæг»;

æ) «Сосланы ныхас Мæрдты бæсты дуаргæс Аминонимæ» - йы дуаргæс бардуаг;

б) «Дæцæстыты рухс» - ы лирикон герой;

в) «Хурхæтæн» - ы лирикон хъайтар;



  1. Æхсæндзарды фæтк цæмæй рæстдзинадыл амад уа, ууыл хъæуы тох кæнын. Уымæн хъуамæ поэт йæ цард, йе сфæлдыстад снывонд кæна. Ахæм сæйраг хъуыды ис Æхсары ацы дыууæ æмдзæвгæйы мидисæн :

а) «Кафæг чызг» æмæ «Гимн Галæгонæн» - ы;

æ) «Ирон дзырд» æмæ «О, мысын та, мысын мæ сабион азтæ» - йы;

б) «Дыууæ хъæры» æмæ «Хæфсытæ, тарфæй уæ цæлхъ - зарын хъуысы» - йы;

в) «Цъайкъахæг» æмæ «Дæ цæстыты рухс» - ы;





  1. Аив змæлдæн кад кæнынмæ, царды фидыцыл зарынмæ арæзт у Хъодзаты Æхсары ацы æмдзæвгæ:

а) «Хурхæтæн»;

æ) «Дзау»;

б) «Дæ цæстыты рухс»;

в) «Æртытæ»;





























































































Хъодзаты Æхсар

2 вариант

  1. Зындгонд ирон фыссæг Хъодзаты Æхсар райгуырди Цæгат Ирыстоны:

а) 1937 азы, Бæрæгъуыны;

æ) 1937 азы, Хъæдгæроны;

б) 1937 азы, Бруты;

в) 1938 азы, Мостыздæхы;



  1. Хъодзаты Æхсар астæуккаг скъола каст фæци Кæсæг - Балхъары республикæйы иу горæты - Терк, зæгъгæ, йæ ном, уымæн æмæ:

а) йæ мад куыста уым;

æ) сæ хиуæттæ иууылдæр цардысты уым;

б) Æхсары зæрдæмæ рагæй цыд Кæсæг;

в) 1952 азы Æхсары фыд æд бинонтæ алыгъд цæрынмæ Кæсæджы зæххыл иу хъæумæ - Теркмæ;



  1. Хъодзаты Æхсар бацыд ахуыр кæнынмæ Цæгат Ирыстоны педагогон институтмæ истори æмæ филологийы факультетмæ:

а) астæуккаг скъолайы фæстæ;

æ) иу аз Цæгат Кавказы æфсæнвæндаджы иу станцæйы вагæттæй поезд балцмæ ифтонггæнæгæй куы акуыста, уæд;

б) Уæллагиры районы газет «Путь к коммунизму» - йы редакцийы куысты фæстæ ;

в) Республикæйы радиоредакцийы куысты фæстæ;



  1. Хъодзаты Æхсар журнал «Мах дуг» - ы кусын райдыдта:

а) Цæгат Ирыстоны педагогон институты фæстæ;

æ) Уæллагиры районы газет «Путь к коммунизму» - йы куысты фæстæ;

б) Мæскуыйы Уæлдæр литературон курсытæ каст куы фæцис, уæд;

в) Ирыстоны радиоредакцийы куысты фæстæ;



  1. Æхсар ацы аз нысан æрцыд журнал «Мах дуг»- ы сæйраг редакторæй æмæ уæдæй нырмæ , абоны онг кусы уыцы бынаты:

а) 1983 азы;

æ) 1984 азы;

б) 1985 азы;

в) 1986 азы;



  1. Поэт йæхæдæг дæр, йæ аивадон ныхас æмæ æхсæндзарды йæ митæ дæр хъуамæ уой æхсарджын, рæстдзинады сæрыл хæцын æмæ дзурынхъом. Ацы рæстаг фæндиагæй равзæрд Хъодзаты Æхсары фыццаг чиныджы ном:

а) «Æхсар»;

æ) «Рухс»;

б) «Бындзæфхад»;

в) «Æрттигъ»;



  1. Хъодзаты Æхсары ацы æмдзæвгæйы саби йæ фыдимæ цæуы «къæс - къæсгæнаг уæрдоны» дардыл быдырмæ:

а) «Æз æмæ знон» - ы;

æ) «О, мысын та, мысын мæ сабион азтæ» - йы;

б) «Ирон дзырд» - ы;

в) «Дзау» - ы;



  1. Æхсар йе'мдзæвгæ «О, мысын та, мысын мæ сабион азтæ» - йы æрхуым хъæлæсæй фæрсы йæ уарзон быдыры «æрдзы лæвæртты», цыма удæгас цæрæгойтæ сты, уыйау:

а) О, доныхæристæ, æдзæмæй цы кæут?;

æ) Хъазыбеджы обау, радзур мын , цы кæныс?;

б) О, каконы къутæр, æнкъардæй цы кæсыс?

Ацабийы суадон, цыдæр мæ æмбæхсыс?;

в) Туацъы быдыртæ, уе'ргом мæм разилут,

зын уын цыма у, уыйау , цы кæсут?



  1. Æхсар йе'взонджы бонтæй фæстæмæ уыд ирон æвзаджы сæрхъуызой, æнувыд æмæ арæхстджын сæрылхæцæг. Уымæн ирд æвдисæн у йе' мдзæвгæ:

а) «Ирон дзырд»;

æ) «Гимн Галæгонæн»;

б) «Æртытæ»;

в) «Хурхæтæн»;



  1. Поэт Хъодзаты Æхсар йе' мдзæвгæ «Ирон дзырд» -ы равдыста:

а) æрдзы рæсугъддзинад;

æ) мадæлон æвзаг адæмы монон культурæйы бындур кæй у, йæ ахадындзинад æмæ йæ историон хъысмæт, йæ фарн;

б) Ирыстоны фидæныл катай;

в) сфæлдыстадон уæлтæмæны поэтикон фæлгонц;



  1. Хъодзаты Æхсары уацмыс «Гимн Галæгонæн» у сонет. Сонет у:

а) адæймагæн йæхиуыл æмæ йæ алфамбылай цы цаутæ цæуы, уыдон æрвылбон фыссын;

æ) царды суæвæн кæмæн нæй, ахæм сæнттæ æвдисæг уацмыс;

б) вазыгджын строфайы хуызтæй иу: астæуккаг æнусты Италийы поэзийы уагæвæрдмæ гæсгæ уыцы строфайы хъуамæ уыдаид цыппæрдæс стихы.

в) æнкъард зæрдæйы уагыл фыст æмдзæвгæ;



  1. Æхсары æмдзæвгæ «Гимн Галæгонæн» - ы сау мигътæ сты:

а) цард ноггæнæг тых ;

æ) рухсы ныхмæ æвæрд тых, адæймагæн цард æнадгæнæг тых;

б) фидæнмæ рухсхæссæг тых;

в) цард размæгæнæг тых;



  1. Æмдзæвгæ «Гимн Галæгонæн» - ы поэты фæстаг сидт «Ысуадз йæ бынæй талынг арвæн рухс!» амоны:

а) ныппырх кæнын;

æ) талынг мигътæ асурын арвæй, цæмæй ирд арвæй хуры рухс ивыла адæймаг æмæ йæ дунейыл;

б) фесафын арвыл цыдæриддæр ис, уыдон;

в) цардæн сыскъуынын йæ таг;



  1. Куыст цардæн фæрæз кæй у, уый Хъодзаты Æхсар равдыста ацы æмдзæвгæйы:

а) «Ирон дзырд» - ы;

æ) «Æз æмæ зноны»;

б) «Цъайкъахæг» - ы»

в) «Дæ цæстыты рухс» - ы;





  1. Цъай куыд къахтæуыд, цы фыдæвзарæн уыд, фæлæ йын ныууадзæн нæ уыдис æмæ стæй æвирхъау фыдæбон куыд фæцис зæрдæхцон уæлахизæй, мæгуыр кусæг лæджы уæлахизæй хъалты фыдæнæн . Афтæ æвдыстæуы Хъодзаты Æхсары æмдзæвгæ «Цъайкъахæг» - ы:

а) фыццаг хайы;

æ) фыццаг æмæ дыккаг хайы;

б) дыккаг æмæ æртыккаг хайы;

в) дыккаг, æртыккаг æмæ цыппæрæм хæйтты;



  1. Сыгъд цæссыгтæй, цæхджын хидæй хъæстæ дон

Мæ дзыхмæ схастон армы дзыхъхъы æз.

Зыдæй дзы нозтон,

Худæнт - иу мыл хъалтæ.

Хъодзаты Æхсары æмдзæвгæ «Цъайкъахæг» - ы ацы рæнхъыты доны эпитет - «цæхджын хидæй хъæстæ дон» дзырд хъæстæ амоны, дон кæй фæхайджын:

а) маргæй;

æ) цæххæй;

б) цъайкъахæджы фыргуысты хидæй;

в) æнахуыр минералтæй;



  1. Ацы æмдзæвгæ ССР Цæдисы адæмон артисткæ Адырхаты Светланæйыл фыст у:

а) «Дæ цæстыты рухс»;

æ) «Æз æмæ знон»;

б) «Æртытæ»;

в) «Кафæг чызг»;



  1. Æмдзæвгæ «Кафæг чызг» - ы æмбæлæм ассонансыл.

(ризы, риссы; уадындз, уафынц.. .( ри, уа).

Ассонанс у:

а) æмдзæвгæйы кæнæ, стæмдæр хатт - прозæйы æмхуызон æмхъæлæсон зæлтæ фæлхат кæнын æвзаджы зæлон аивдзинад тыхджындæр кæныны тыххæй;

æ) æмдзæвгæйы рæнхъы , фразæйы, строфайы иугъæдон хъæлæсон зæлты фæлхатæн, стæй бæлвырд рифмæйы бæсты æрмæст хъæлæсон зæлтæ кæм сты , ахæм æнæбæлвырд (кæнæ æнæххæст) рифмæ;

б) æнæххæст рифмæйы хуызтæй иу: рифмæгонд дзырдты æмзæл кæнынц æрмæст æмхъæлæсон зæлтæ, рифмæгæнæг дзырдты цавд кæуыл хауы, уыцы хъæлæсон мыртæ та нæ вæййынц æмзæл;

в) поэтикон ныхасы фæзилæн: æмдзæвгæйы рæнхъыты райдианты хицæн дзырдты æмзæлдты фæлхатæн;



  1. Хъодзаты Æхсары ацы æмдзæвгæ у уарзондзинады цин æмæ рисыл сагъæс:

а) «Дæ цæстыты рухс»;

æ) Æрттигъ»;

б) «Дзау»;

в) «Хурхæтæн»;



  1. Поэт йе 'мдзæвгæ «Дæ цæстыты рухс» - ы тæхуды кæны:

а) æцæг уарзт чи банкъардта, уымæ;

æ) чызг йæхæдæг кæй бауарза, уымæ;

б) дыууæ удæн сæ уарзт иумæйаг кæмæн у, уыдонмæ;

в) уарзты сæраппонд йæ цард чи нæ бавгъау кæндзæн, уымæ;



  1. Æхсар ацы æмдзæвгæ ныффыста , «Рацарæзт( перестройка)» йæ тыхы куы бацыд, уыцы рæстæджы - 1987 азы:

а) «Æртытæ»;

æ) «Æз æмæ знон»;

б) «Хæфсытæ, тарфæй уæ цæлхъ - зарын хъуысы…»;

в) «Гимн Галæгонæн»;



  1. Æмдзæвгæ «Æз æмæ Знон» - ы кæронбæттæны поэт уайдзæф кæны йæхицæн:

а) « сæрбахъуыды амæлын нæ зонын», æрмæст «æрвитын карз уайдзæфтæ Знонæн»;

æ) «нæ зонын , æнхъæлдæн, хатыр кæнын æз»;

б) «фæлтау нæ хъуыдтæн ацы царды æз»;

в) «мæлæт дын уæд фæлтау, мæнæуи»;



  1. Хъодзаты Æхсары æмдзæвгæ «Æртытæ» - йы поэтæн йе'рыгон бонты æртæ арты нысан кодтой:

а) мад, Фыдыбæстæ, æвзаг;

æ) рухс къона, рухс фидæн, намыс;

б) цард, уарзт, кад;

в) тых, ныфс, фæндон;



  1. Æндæр арт та мыл сирвæзти, сæнтсырх:

уæззау сыгъдæй Æфсæрмы арты судзын.

Ацы рæнхъытæ сты ацы æмдзæвгæйы кæронбæттæн:

а) «Æртытæ» - йы;

æ) «Кафæг чызг» - ы;

б) «Дæ цæстыты рухс» - ы;

в) «Ирон дзырд» - ы;



  1. Хъодзаты Æхсар йе 'мдзæвгæ «Æрттигъ» - ы хæцæнгарзы æртæ тигъы нысаныл нымайы йæ сæйраг идеалты:

а) «Рæстдзинад, Уарзт æмæ Фыдызæхх» - ы сæрыл хæцын, уыдон сæрхъуызой уæвын;

æ) Кад, Намыс, Ныфсы;

б) Гимн, Герб, Тырысайы;

в) Зæхх, Хур, Доны;



  1. Дзæнæт у - « «Рохуаты зæхх - Ивгъуыд», Зындон та «Цæрæццаг дуне - Фидæн». Афтæ райхæлдта Дзæнæт æмæ Зындоны мидис æмдзæвгæ «Сосланы ныхас Мæрдты бæсты дуаргæс Аминонимæ» - йы:

а) Сослан;

æ) дуаргæс Аминон;

б) æнæзонгæ лæджы мард;

в) зæронд усы мард;



  1. Æхсары ацы æмдзæвгæйы иу хъæлæс дзуры дæлдзæхæй «Нæ хъæуыс, нæ хъæуыс, нæ хъæуыс!», иннæ уæлæрвтæй фæдис хъæр кæны «Дæумæ сиды чидæр æххуысмæ!»:

а) «Хурхæтæн» - ы;

æ) «Æртытæ» - йы;

б) «Дыууæ хъæры» - йы;

в) «Дзау» - ы;







  1. Æхсары ацы æмдзæвгæйы сæйраг змæлæг у Хур - æнусон бæлццон:

а) «Хурхæтæн» - ы;

æ) «Дзау» - ы;

б) «Дæ цæстыты рухс» - ы;

в) «Æртытæ» - йы;

























































































Джыккайты Шамил

1 вариант



  1. Ацы номдзыд ирон поэт, драматург, прозаик, тæлмацгæнæг, литературæйы истори иртасæг райгуырд 1940 азы æмæ йæ сабийы бонтæ арвыста Хуссар Ирыстоны иу рæсугъд комбæстæ Дзомагъы:

а) Гафез;

æ) Гаглойты Владимир;

б) Гуыцмæзты Алеш;

в) Джыккайты Шамил;



  1. Шамилыл дыууадæс азы куы сæххæст, уæд Джыккайты бинонтæ ралыгъдысты Цæгатмæ æмæ æрцардысты:

а) Ногиры;

æ) Камбилеевкæйы хъæуы;

б) Сунжæйы;

в) Тарскæйы;



  1. Шамил астæуккаг скъола каст куы фæци, уæд бацыди ахуыр кæнынмæ:

а) Дзæуджыхъæуы педагогон училищемæ;

æ) Цæгат Ирыстоны педагогон институтмæ;

б) Хæххон - металлургон институтмæ;

в) Хъæууон - хæдзарадон институтмæ;



  1. Цæгат Ирыстоны зонад - иртасæн институты аспирантурæ каст куы фæци, уæд йæ диссертаци 1970 азы иттæг æнтыстджынæй бахъахъхъæдта:

а) Дзæуджыхъæуы;

æ) Ленинграды;

б) Мæскуыйы;

в) Калачы Университеты;



  1. «Мæ фæндаг мын фехæлдтай. Афонмæ мæ поэт рауадаид, фæлæ мæ ды уацтæ фыссæг скодтай» - ацы хъазæн ныхæстæ Шамил загъта педагогон институты ма куы ахуыр кодта, уæд йæ ахуыргæнæг:

а) Багаты Никъалайæн;

æ) Тахъазты Харумæн;

б) Хæдарцаты Азæйæн;

в) Калоты Георгийæн;



  1. Джыккайты бинонтæ хистæрæй кæстæрмæ ахуырадмæ цымыдис райстой:

а) Шамилы фыд Федырæй;

æ) Федыры фыд Дауитайæ;

б) Федыры мадæй;

в) Шамилы мадæй;



  1. Джыккайты Шамил у ацы æртæ пьесæйы автор:

а) «Бирæгътæ», «Æдылы», «Худинаджы бæсты - мæлæт»;

æ) «Амран», «Хазби», «Дыууæ хойы»;

б) «Санаты Сем», «Цомахъ», «Хъодыгонд зæд»;

в) «Тæрхон», «Гæды лæг», «Чермен»;





  1. Ацы ирон фыссæг у æртæ премийы лауреат. Брытъиаты Елбыздыхъойы номыл арæзт конкурсы, пьесæ «Санаты Сем» - ы тыххæй;Гæдиаты Цомахъы номыл преми райста газет «Рæстдзинад» - ы 1992 азы дæргъы хуыздæр æрмæджы тыххæй арæзт конкурсы;Хетæгкаты Къостайы номыл преми йе'мдзæвгæты æмбырдгонд «Æхсæвы æртытæ» - йы тыххæй:

а) Хъодзаты Æхсар;

æ) Ходы Камал;

б) Джыккайты Шамил;

в) Хуыгаты Сергей;



  1. Джыккайты Шамилæн йæ номдзыд драмон уацмыс «Хъодыгонд зæд» - ы архайд цæуы:

а) 13 сæдæазы кæрон æмæ 14 сæдæазы тæккæ райдианы;

æ) Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг;

б) 14 - 15 æнусты Аланты хæхты тæтæр - мангойлаг тыхгæнджытæ куы'рбабырстой Ирмæ, уыцы рæстæг;

в) 1830 азы Хъобаны;



  1. Ирон адæм фыццаг хатт Аланийы тырыса федтой:

а) 1975 азы демонстрацийы;

æ) 1978 азы обкомы пленумы;

б) 1980 азы Ирон театры сценæйыл Джыккайты Шамилы драмæ «Хъодыгонд зæд» - ы;

в) 1982 азы обкомы партион æмбырды ;



  1. «Хъодыгонд зæд» - ы ацы хъайтар иу ахæмы ацыд фæсарæнтæм бердзенты зæхх æмæ Ромы бæстæ фенынмæ, исты ногдзинæдтæ базонынмæ æфсæддон хъуыддаг æмæ æхсæндзарды фæткæвæрды:

а) Елберд;

æ) Атох;

б) Борæхан;

в) Сослан;



  1. Трагеди «Хъодыгонд зæд» - ы ацы архайæг ныллæууыд æрцæуæг тыхгæнджытæн лæггадгæнæгæй, цы йын фæзæгъынц , уый бакæнынмæ лæууы гæппæввонгæй:

а) Алгъуыз;

æ) Берди;

б) Уæдæгонд;

в) Атох;



  1. «Хъодыгонд зæд» - ы Атох йæ удхæссæг уыны:

а) æрцæуæггаг адæмæй;

æ) хуымæтæг адæмæй;

б) Борæхан æмæ йæ патриотон фæндиæгтæй;

в) Гæтæджы чызг Зæринæйæ;



  1. Трагедийы мах уынæм, Атохы фырт Елберд дæр Борæмæ фыд - зæрдæ кæй хæссы, уымæн æмæ:

а) Борæ Елбердæй зондджындæр у;

æ) адæм Борæханы фылдæр уарзынц;

б) Елберд тæхуды кæны Борæханы хæстон курдиатмæ, иннæмæй та , Борæ цы чызджы уарзы(Зæринæйы), уый тынг цæуы Елберды зæрдæмæ дæр;

в) Борæхан комкоммæ фæзæгъы Елбердæн йæ фыд хъуыддæгты тыххæй;



  1. Трагедийы Борæханы уарзон чызг Зæринæ Атохы фырт Елбердæй йæ уарзоны тыххæй фехъуыста ацы дам - думтæ æмæ, уæд йæхи атигъ кодта Борæханыл:

а) ома, Борæхан сусæгæй давы адæмы фос æмæ сæ уæй кæны;

æ) ома, Борæхан сахарты хæтаг устытыл зылдис æмæ дзы иуимæ фидыд у, зæгъгæ;

б) ома, Борæханы фæнды ис Гæтæджы бинонты фесафын;

в) ома, дам, Борæхан фæнд кæны æрцæуæггаг адæмимæ ирон адæмы ныхмæ рацæуын;



  1. «Хъодыгонд зæд» - ы Борæхан фæуæлахиз Тимуры ныхмæ хæсты Дайраны комы , æмæ йæ фæнды:

а) Зæринæйы ракурын;

æ) Атохы йæ бынатæй раппарын;

б) хъæугуывд скæнын;

в) адæмы раст зондыл бафтауын, цæмæй цагъары уавæрæй фервæзыны фæндиаг ныффидар уа сæ зæрдæ æмæ сæ зонды;



  1. «Хъодыгонд зæд» - ы сæйраг хъайтар Борæханмæ ис фæнд:

а) фæлидзын йæ райгуырæн бынатæй;

æ) хъæды саразын мусонг;

б) саразын уынаффæгæнæн бынат;

в) «мæсыгæн æрæвæрын бындур», цъæх дурыл ныффыссын фæрныг дзырдтæ: «Кæнæ - сæрибар, кæнæ - мæлæт";



  1. Атох æмæ йæ фæсдзæуинтæ растадысты Борæханы ныхмæ, адæмы йыл сардыдтой æмæ йыл хъоды бакодтой. Систа йыл йæ къух йæ уарзон Зæринæ дæр. Атохы аххосæй 10 мин фæсивæдæй бындзагъд фæвæййынц кæйдæр хæсты. Фæлæ т а мæнæ бахъуыд Борæханы сæр .

Æмæ йæм æххуысагур ацыд:

а) Уæдæгонд;

æ) Гæтæг;

б) Атох;

в) Елберд;



  1. Цæмæй адæм сæ фыдбылызтæй фервæзой , уый тыххæй Дзуарылæг загъта:

а) хъæуы Хуыцауы номыл куывд скæнын;

æ) хъæуы тæригъæдтæй хи ссыгъдæг кæнын;

б) лæгнывонд Ысфæлдисæгæн раттын;

в) хъæугæрон сис самайын;



  1. Зæринæйы мæлæтæй фервæзын кодта:

а) Сосланы 'рбацыд;

æ) Гæтæг;

б) Борæхан;

в) Елберд;



  1. «Хъодыгонд зæд» - ы мах уынæм, куыд райдыдта сæруæлдай тох фыдызнаджы ныхмæ,тохы быдырмæ æгæрыстæмæй куыд рацыдысты:

а) зæронд лæгтæ дæр;

æ) сывæллæттæ дæр;

б) чызджытæ дæр;

в) хæдзары æфсинтæ дæр;





  1. Трагедийы ацы архайæг хæсты фæстæ систа тырыса æмæ йæ гæнахы сæрыл ныссагъта:

а) Берди;

æ) Алгъуыз;

б) Зæринæ;

в) Сослан;



  1. Кавказы хæхты дзæбидыры фæлгонц æмæ уый миниуджытæ Джыккайты Шамил нымайы, æцæг поэт æмæ æцæг адæймагыл чи фидауы, ахæмтыл йæ зындгонд æмдзæвгæ:

а) «Мæ куывд» - ы;

æ) «Дзæбидыр» - ы;

б) «Дзау» - ы;

в) «Хурхæтæн» - ы;



  1. Куы цæрæм, уæд - чысыл æмæ дзæбæх,

Куы хауæм, уæд - ыстъалыйау, бæрзондæй!...



Ацы рæнхъытæ ист сты Шамилы æмдзæвгæ:

а) «Дыууæ хъæры» - йæ;

æ) «Хæфсытæ, тарфæй уæ цæлхъ - зарын хъуысы…» - йæ;

б) «Дзæбидыр» - æй;

в) «Изæрмилты кувын» - æй;



  1. Джыккайты Шамил йе'мдзæвгæ «Мæ куывд» - ы йæ кувæн ныхас хæссы:

а) Хъазыбеджы хохы бардуагмæ;

æ) Бурсамдзелийы хохы бардуагмæ;

б) Дзомагъы хъæуы бардуагмæ;

в) Ирыстоны бардуагмæ;



  1. Ирон адæмы 'хсæн иудзинад, национ хиæмбарынад кæй нæй, уый у Шамилы иууыл карздæр æмæ хъуыдиагдæр хъыгдзинад:

Уæлæ сыхыл куы бандзарынц ызнæгтæ,

Дæлæсых уæд цæмæн саразы хъазт?

Цæуыл хæрынц сæ кæрæдзи нæ лæгтæ?

Кæдмæ уыдзæн нæ царды бындур фаст?

Шамил йæ хъыг равдыста æмдзæвгæ:

а) «Мæ куывд» - ы;

æ) «Изæрмилты кувын» - ы;

б) «Дзау» - ы;

в) «Хурхæтæн» - ы;



  1. Нæ адæмы знæгтæ кæддæр ныддæрæн кодтой нæ фыдæлты сæндон, сæ бæркад,сæ ис, сæ бон кæмæй цыдис, уыцы диссаджы фæрныг сæндон. Знæгтæн сæ фæнд уыдис нæ фыдæлты фесафын. Гъе, ахæм у Шамилы ацы æмдзæвгæйы хъуыды:

а) «Æнусон» - ы;

æ) «Æрттигъ» - ы;

б) «Дыууæ хъæры» - йы;

в) «Хъæздыг дæн æз" - ы;









  1. Джыккайты Шамилы цыртдзæвæн байгом кодтой:

а) 10 майы, 2012 азы;

æ) 25 майы , 2012 азы;

б) 10 июны, 2012 азы;

в) 25 июны, 2012 азы Намысы аллейæйы;



  1. Джыккайты Шамилы «Мэтр осетинской культуры» схуыдта:

а) Джусойты Нафи;

æ) профессор Цыбырты Людвиг;

б) Хъодзаты Æхсар;

в) Ходы Камал;

















































































Джыккайты Шамил

2 вариант



  1. Джыккайты Шамил райгуырди:

а) 1932 азы Хуссар Ирыстоны, Годжиты хъæуы;

æ) 1935 азы Хуссар Ирыстоны. Хъорнисы хъæуы;

б) 1940 азыХуссар Ирыстоны, Дзомагъы хъæуы;

в) 1943 азы Цæгат Ирыстоны, Сындзыхъæуы;



  1. Джыккайты бинонтæ Хуссар Ирыстонæй ралыгъдысты Камбилеевкæйы хъæумæ:

а) 1950 азы;

æ) 1951 азы;

б) 1952 азы;

в) 1954 азы;



  1. Шамил йæ фыццаг æмдзæвгæ ныффыста:

а) Камбилеевкæйы скъолайы 8 къласы куы ахуыр кодта, уæд, цыдис ыл фынддæс азы;

æ) пединституты куы ахуыр кодта, уæд;

б) радиоралæвæрдты организацийы куы куыста, уæд;

в) Цæгат Ирыстоны зонад - иртасæн институты аспирантурæйы куы ахуыр кодта, уæд;



  1. «Фольклорные традиции осетинской советской поэзии» - афтæ хуынд Шамил аспирантурæ каст куы фæци, уæд:

а) йæ курсон куыст;

æ) йæ дипломон куыст;

б) практикон куыст;

в) йæ диссертаци;



  1. Ацы зындгонд ахуыргонд, ахуыргæнæг, кæд бирæ уарзта Шамилы, уæддæр æй лекциты æмдзæвгæтæ фыссын нæ уагъта, æмæ - иу Шамил худæн ныхасæн дзырдта «Ныр мын цы зиæнттæ хæссыс, уый куы зонис»:



а) Къомайты Риммæ;

æ) Сабаты Сулейман;

б) Багаты Никъала;

в) Тахъазты Харум;



  1. 1962 азы Джыккайты Шамил, Ходы Камал, Хуыгаты Сергейæн иумæйагæй рацыд æмдзæвгæты æмбырдгонд:

а) «Сæуæхсид»;

æ) «Хурзæрин»

б) «Бонвæрнон»;

в) «Æрфæны фæд»;



  1. «Æфсарм», «Цæф сæгуыты маст», «Амраны зæрдæ», «Сагъадахъ», «Æхсæвы æртытæ», «Саст дзæнгæрæг». Ацы æхсæз поэтикон æмбырдгæндты автор у:

а) Дзасохты Музафер;

æ) Джыккайты Шамил;

б) Малиты Васо;

в) Кокайты Батрадз;







  1. Шамил «Хуыцау» хуыдта:

а) Курдиат;

æ) Уарзондзинад;

б) Рæстдзинад;

в) Намыс;



  1. Джыккайты Шамилы пьесæ «Хъодыгонд зæд» сценæйыл æвæрд æрцыд:

а) 1975 азы;

æ)1978 азы;

б) 1980 азы;

в) 1982 азы;



  1. «Хъодыгонд зæд» - ы сæйраг хъайтар Борæхан зæгъы:

Кæддæр

Фæцыдтæн балцы Ром æмæ бердзентæм,

Фæрныг адæмыл зондагур зылдтæн.

Борæхан зондагур зылди уымæн, цæмæй:

а) алцыдæр зыдтаид;

æ) йæ бон уыдаид знæгтæн сæ ных бакъуырын;

б) фæтæджы кард хæссын фæрæзтаид;

в) цы федта æмæ цы базыдта, уыдон йæ сывæллæттæн радзырдтаид;



  1. Цалынмæ Борæхан хæтæнты уыди, уæдмæ йæ фыд амарди æмæ æфсæддон фæтæг сси:

а) Буртæг;

æ) Атох;

б) Мукара;

в) Гæтæг;



  1. Шамилы «Хъодыгонд зæд» - ы сæйраг хъайтар Борæханы фæндиаг у:

а) тагъддæр йæ фыды къæлæтджыныл æрбадын;

æ) йæ уарзон чызг Зæринæйы æрхæссын;

б) æддагон тыхгæнджыты ныхмæ хæстæввонгæй архайын, уыдонæн цагъары лæггад кæнынæй фервæзын хъазуатон тохы руаджы;

в) æрцæуæг адæмимæ балымæн уæвын;



  1. «Хъодыгонд зæд» - ы Атох зоны, Борæхан дæсны æмæ хъæбатыр æфсæддон раздзог кæй у. Йæ тас дæр ууыл баст у:

а) Борæхан æй куы амара;

æ) æндæр адæмтимæ куы сæмдзæхдон уа æмæ сæ Атохы ныхмæ куы сараза;

б) тохы фæндиаг куы стыхджын уа адæмы зонд æмæ зæрдæйы , уæд Атохмæ ничиуал хъусдзæн, иууылдæр Борæханы фарс фæуыдзысты - фæтæг суыдзæн Борæ, уый афтид армæй , дæлдæйрагæй аззайдзæн рохуаты;

в) йæхи хъузæттæ дæр Борæханы фарс куы фæуой;



  1. Трагедийы ацы архайæджы дзыхæй адæм базонынц мæнг ныхас, ома Борæхан Гæтæджы фырт Сосланы фæсхохмæ арвыста æмæ йæ бабын кодта:

а) Елберды;

æ) Буртæджы

б) Атохы;

в) Мукарайы;



  1. Борæхан базыдта, Тимур Бæрзæфцæгыл, Дайраны комыл кæй хъавы Цæгат Ирмæ ныббырсынмæ æмæ , уæд уый:

а) иунæгæй йе'мбæлттимæ ацыд хæцынмæ;

æ) ацыд æххуысагур æндæр адæмтæм;

б) акодта Дайраны коммæ хæцынмæ , хæстхъом чи уыд, уыдон;

в) арвыста Дайраны коммæ сгарджыты;



  1. Мæнæн ис мард - нæ ивгъуыд кад, нæ ном,

Мæнæн ис дзуар - нæ фидæны сæрибар,

Æз зонын иу фæтк - фарныл тох æрмæст,

Ис иу сыгъдæг ран - райгуырæн мæгуыр зæхх.

Æндæр æгъдауæн ницы зонын æз.

Адæм куы базоной мæ фыстыты нысан,

Уæд нарты цæуæт нал уыдзысты къордтæ:

Фæсхох, Цæгат, Дыгур æмæ Уæллаг Ир

Дайранæй раст Хъобаны былтæм уæд

Тымбыл къухау ысиу уаиккой ; Ир

Аллоны тæф кæнид, æмæ та ногæй

Йæ хъысмæтæн ысуаид уый Хуыцау:



Ацы ныхæстæй раргом кæны йæ фæндиæгтæ, йæ царды нысан, Найфаты кувæндоны дуртимæ куы архайы мæсыг амайгæйæ, уæд :

а) Дзуарылæг;

æ) Мукара;

б) Гæтæг;

в) Борæхан;



  1. Трагедийы адæмы хъуыды сзыгъуыммæ кодтой, адæм нæ бамбæрстой, цæмæн хъæуы мæсыг, баууæндыдысты Атох æмæ Дзуарылæгыл æмæ:

а) хъоды бакодтой Борæханыл;

æ) амардтой Борæханы;

б) фæивар кодтой Борæханы;

в) фæнадтой Борæханы;



  1. Адæм базыдтой æппæт дæр. Борæханæй ракуырдтой хатыр, систой йын йæ хъоды æмæ йæ курынц,цæмæй сын æфсæддон фæтæгæй ныллæууа. Гæтæг ын зæгъы:

Борæхан!

Нæ уавæртæ нæ баиу кодтой ныр,

Цæттæ сты адæм Иры номыл тохмæ.



Ацы ныхæстæ фехъусгæйæ, Борæхан загъта:

а) цæут мæ разæй дарддæр!;

æ) нæ уыдзæн никæд бон уый, зонут!;

б) æнхъæлдæн, бамбæрстат уæ рæдыд;

в) Мæрдтæн диссаг! Æцæг у æви фын!

Сæтæлæг мæнæ рабырыд йæ хъузгæй!

Цы уыл æрцыд?;



  1. «Хъодыгонд зæд» - ы адæмы сæрыл нывондæн схаудта ацы архайæджы хал:

а) Агуындæйы;

æ) Боренæйы;

б) Зæринæйы;

в) хъæддзауы;

  1. Зæринæ ракуырдта хатыр Борæханæй æмæ йын балæвар кодта:

а) басылыхъ;

æ) къухмæрзæн;

в) зæнгæйттæ;

в) нывæфтыд хæцъил - тырыса;



  1. Знæгтæ трагедийы ацы архайæджы систой æрцытыл, аргъуаны къулыл тыгъдæй баззад:

а) Сослан;

æ) Борæхан;

б) Алгъуыз;

в) Берди;



  1. Ацы ныхæстæй фæцис трагеди «Хъодыгонд зæд»:

а) …Ф æлæ куы стынг и уалдзæджы уынæр.

Ныгæд къæцæлтæ талатæ суагътой,

Фыццагæй ноджы диссагдæр, хуыздæр;

æ) …Уæддæр

Ныфсджын дæн æз! Нæма бахус нæ уидаг

Æмæ та ногæй рухс талатæ суадздзæн!;

б) …Хъæуы йæ ласын Хъобанмæ - йæ мард ын

Нæхи сыджытыл сæмбæлын кæнæм;

в) …Ма ферох кæнут ацы' фхæрдтæ,

Уæ Иры фæсивæд!;



  1. Джыккайты Шамилы ацы æмдзæвгæйы лирикон герой сæрыстыр у, хур æмæ цъæх арвмæ æввахс кæй цæры, уымæй. Стæй разы у йæ царды уавæрæй, кæд цыфæнды цыбыр у, уæддæр:

а) «Æнусон» - ы;

æ) «Дзæбидыр» - ы;

б) «Æрттигъ» - ы;

в) «Хъæздыг дæн æз..» - ы;



  1. Фыдыбæстæ, адæм æмæ сæ фарн поэты зæрдæйы æвидигæ хæзнадон кæй сты, уый æвдыст æрцыд Шамилы æмдзæвгæ:

а) «Мæ куывд» - ы;

æ) «Хъæздыг дæн æз…» - ы;

б) «Сосланы ныхас Мæрдты бæсты дуаргæс Аминонимæ» - йы;

в) «Фæлгæсæны» - йы;



  1. Æмгæрон ма 'руадз ацы кæмттæм хæст,

Сæрибар уæнт дæ кувæг адæм хæхты!



Афтæ поэт - Джыккайты Шамил куры йæ фыдыуæзæгæн сабыр цард æмæ сæрибар йе 'мдзæвгæ:

а) «Мæ куывд» - ы;

æ) «Изæрмилты кувын» - ы;

б) «Æнусон» - ы;

в) «Дзау» - ы;









  1. Сæна…

….Ыскæн нæ Иры фаззæттау æмдзæрин,-

Цы нæ фесæфти, уыдон нын æгъгъæд…

Нæ рæхыс уæд æрвон тынтæй - сызгъæрин,

Хæрамæн уæнт нæ къæсæртæ æхгæд

Афтæ поэт дзуры , Сæнамæ кувгæйæ, йæ ацы уацмысы кæрон æвидигæ хатдзæгау:

а) «Хурхæтæн» - ы;

æ) «Æрттигъ» - ы;

б) «Изæрмилты кувын» - ы;

в) «Дзæбидыр» - ы;



  1. Фæлæ куы стынг и уалдзæджы уынæр,-

Ныгæд къæцæлтæ ног талатæ суагътой,

Фыццагæй ноджы диссагдæр, хуыздæр.



Афтæ зæгъы поэт , знæгтæ цы сæндон скъахтой бындзарæй, цы къалиутæ ныллыгтæ кодтой æмæ сыджыты кæй баныгæдтой, уыцы сæнæфсиры къæцæлтæй йе' мдзæвгæ :

а) «Æнусон» - ы;

æ) «Изæрмилты кувын» - ы;

б) «Мæ куывд» - ы;

в) «Дзæбидыр» - ы;



  1. Джыккайты Шамилы цыртдзæвæны автор у:

а) Цæрикъаты Билар;

æ) Кцойты Юрий;

б) Шамилы æфсымæр Мурат;

æ) Джиоты Вадим;



  1. «Шамил рæсугъд у канд бакастæй нæ - рæсугъд у йæ зондæй, йæ куыст æмæ аивадæй». Загъта:

а) Агънаты Гæстæн;

æ) Дзуццаты Хадзы - Мурат;

б) Хозиты Барис;

в) Малиты Васо;









































Агънаты Гæстæн

1 вариант

  1. Ацы зынгæ ирон прозаик райгуырди 1943 азы Цæгат Ирыстоны Хъарман - Сындзыхъæуы:

а) Æгъуызарты Æхсарбег;

æ) Хуыгаты Сергей;

б) Агънаты Гæстæн;

б) Цæгæраты Максим;



  1. Астæуккаг скъолайы фæстæ 1961 азы Агънаты Гæстæн бацыд ахуыр кæнынмæ:

а) Кæсæг - Балхъары педагогон институтмæ;

æ) Цæгат Ирыстоны хъæууон - хæдзарадон институтмæ;

б) Цæгат Ирыстоны педагогон институтмæ;

в) Цæгат - Кавказон хæххон - металлургон институтмæ;



  1. Гæстæн æфсадæй куы 'рыздæхт, уæд 1968 азы:

а) бацыд Мæскуыйы М. Горькийы номыл литературон институтмæ;

æ) Ленинграды уырыссаг литературæйы институтмæ;

б) фæсаууонмæ бацыд Цхинвалы педагогон институты историйы факультетмæ;

в) фæсаууонмæ бацыди Краснодары æфсæнвæндаджы институтмæ;



  1. Агънаты Гæстæн абоны онг дæр кусы:

а) журнал «Мах дуг» - ы;

æ) газет «Рæстдзинад» - ы;

б) радиокомитеты;

в) Цæгат Ирыстоны телеуынынады сæрмагонд ралæвæрдты хайады хицауæй;



  1. Агънаты Гæстæны сфæлдыстадæн стыр аргъ кæнынц уырыссаг зындгонд фысджытæ. Уыдонæй йæ къухдариуæггæнæг уыд номдзыд уырыссаг прозаик:

а) Юрий Лукин;

æ) В. Грибов;

б) Сергей Залыгин;

в) Валерий Ганичев;



  1. Ацы уацмысы æххæстæй сбæлвырд Агънаты Гæстæны сфæлдыстады сæйраг миниуæг: адæймаджы миддуне, йæ зонд æмæ йын йæ зæрдæйы æмбæхст къуымтæ æвдисын:

а) «Кæстæр чындз» - ы;

æ) «Фæстаг æхсæв» - ы;

б) «Фæстаг бæх» - ы;

в) «Уазæгуаты» - йы;



  1. Агънаты Гæстæны уацау «Фæстаг бæх» - ы хабæрттæ иууылдæр æрцыдысты Цæгат Ирыстоны быдыры хъæутæй сæ иуы, стæй хъæуæн йæхи мидæг дæр нæ, фæлæ цалдæр километры æддæдæр :

а) быдыры астæу - колхозы станы;

æ) МТС - ы;

б) колхозы скълады;

в) кæрчыты фермæйы - кæрчытæ кæм дарынц, кæм хизынц æмæ сæм чи кæсы, уыцы колхозон сылгоймæгты кусæн агъуыстыты бынаты;









  1. Уацау «Фæстаг бæх» - ы архайæг Хъуыдайнат у:

а) колхозы бæхтæрæг, Стыр Фыдыбæстæйы хæсты инвалид;

æ) колхозы фермæйы хъахъхъæнæг;

б) фермæйы кусджытæн хæринаг æмæ дон ласæг;

в) кæрчыты фермæйы хицау;



  1. Колхозонтæ Хъуыдайнаты зонынц:

а) хин æмæ кæлæн зæронд лæгæй;

æ) зыд æмæ кæрæф зæронд лæгæй;

б) хиуарзон æмæ магуса зæронд лæгæй;

в) фæлтæрдджын, фæллойуарзаг, æнæхин, уæздан хистæрæй;



  1. Уацау «Фæстаг бæх» - ы мах уынæм, Хъуыдайнат уацауы ацы архайæгимæ хъæубæстæн хорз ахъазгæнæг кæй сты, уый:

а) Заретæимæ;

æ) Ирбегимæ;

б) йæ уарзон бæх Зыгъаримæ;

в) Мишаимæ;



  1. Хъуыдайнат иукъахыг æмæ зæронд кæм у, уым йæ куыст, йæ архайд, йæ митæ æнгом баст сты ацы дыууæ персонажимæ:

а) йæ бинойнаг æмæ йæ фыртимæ;

æ) йæ фырты фырт Ирбег æмæ йæ бæх Зыгъаримæ;

б) Миша æмæ Заретæимæ;

в) колхозы сæрдар æмæ парторгимæ;



  1. Агънаты Гæстæны уацау «Фæстаг бæх» амад у дыууæ адæймаджы 'хсæн сусæг быцæу, стæй æргом тохыл. Быцæугæнджытæ сты:

а) ацæргæ колхозон Хъуыдайнат æмæ æрыгон специалист , усгур лæппулæг зоотехник Миша;

æ) кæрчыты фермæйы хицау Заретæ æмæ Зæли;

б) Ирбег æмæ Миша;

в) Заретæ æмæ Миша;



  1. Уацау «Фæстаг бæх» - ы фермæйы машинæ куы фæзынди, уæд Зыгъары сæр нал хъæуы ацы архайæджы нымадмæ гæсгæ :

а) колхозы сæрдары;

æ) колхозы зоотехник Мишайы;

б) кæрчыты фермæйы хицау Заретæйы;

в) кæрчыты фермæйы кусджыты;



  1. Хъуыдайнат марды хуызæн фæци:

а) куыстæй йæ суæгъд кæныны тæрхон куы базыдта, уæд;

æ) Зыгъары амарыны тæрхон куы базыдта, уæд;

б) Зыгъары зæронд машинæйыл баивыны тæрхон куы базыдта, уæд;

в) Зыгъары ауæй кæныны тæрхон куы базыдта, уæд;



  1. Миша Зыгъары бирæ фæсырдта машинæйæ, нæ йын бантыст йæ амарын. Уый хыгъд Зыгъар тынг ныффæллад, йæ къæхтыл ма тыххæй лæууы. Хъуыдайнат базæронд, цы нæ федта , ахæм ницыуал баззад, фæлæ:

а) адæймаг æгомыг фосæн ахæм фыдмитæ кæна, уый фыццаг хатт федта;

æ) бæх ахæм фæразон, ахæм æвдудон уа, уый фыццаг хатт уыны;

б) фæлæ бæх кæугæ фыццаг хатт уыны;

в) адæм афтæ æнцад уыдзысты ацы æбуалгъ ныв уынгæйæ, уый æнхъæл никуы уыд;



  1. Хъуыдайнат Мишамæ армæй хæстмæ'рцыди, хъуамæ йæ кардæй Мишайы барæхуыстаид, фæлæ:

а) Миша Хъуыдайнатæй тыхджындæр разынд;

æ) сылгоймæгты æфсарм æмæ йын адæмы фарн йæ къухтыл ныххæцыдысты;

б) Ирбеджы хъæрæй фæтарст;



в) уыцы уысм Зыгъары хыр - хыр райхъуыст, æмæ йæ фæуагъта;

  1. Уацау «Фæстаг бæх» - ы ацы архайæг Мишайæн комкоммæ зæгъы, ницæйаг, чъизи адæймагыл æй кæй нымайы, уый:

а) Хъуыдайнат;

æ) Заретæ;

б) Ирбег;

в) Фари;



  1. « Колхозы бæхты сæр нал хъæуы æмæ сæм бæхтæ нал уыдзæн. Ныр трактортæ æмæ машинæтæ кусынц, уыдоны дуг у. Æмæ чи загъта,æвзæр сты? Адæймагæн стыр пайда сты…..» - хъуыды кодта:

а) Миша;

æ) Заретæ;

б) колхозы сæрдар;

в) Хъуыдайнат;



  1. «Фыссæг йæхи хъузджы куы уа, адæмы фарнæй æнæхайæ куы цæра, уæд дзы никуы ницы рауайдзæн. Гæстæн цæры йæ дзыллæйы цин æмæ хъыгæй, æмæ йе сфæлдыстад Теркау æвидигæ уæд!» - загъта :

а) Джыккайты Шамил;

æ) Багаты Лади;

б) Ходы Камал;

в) Дауыраты Дамир;



  1. Ацы ирон фыссæг у Æмбалты Цоцкойы номыл премийы лауреат, дæсны тележурналист:

а) Хъодзаты Æхсар;

æ) Ходы Камал;

б) Агънаты Гæстæн;

в) Дауыраты Дамир;

































Агънаты Гæстæн

2 вариант

  1. Агънаты Æмзоры фырт Гæстæн райгуырд:

а) 1933 азы Къуыдаргомы, Мыртгæджыны;

æ) 1932 азы Цæгат Ирыстоны, Ставд - Дурты;

б) 1939 азы Цæгат Ирыстоны, Заманхъулы;

в) 1943 азы Цæгат Ирыстоны, Хъарман - Сындзыхъæуы;



  1. Астæуккаг скъолайы фæстæ Агънаты Гæстæн бацыд ахуыр кæнынмæ Цæгат Ирыстоны педагогон институтмæ.Дыууæ курсы дзы куы фæцахуыр кодта, уæд:

а) институт ныууагъта;

æ) ацыд кусынмæ Таджикистанмæ;

б) Гæстæнмæ æрсидтысты æфсадмæ æмæ дзы фæслужбæ кодта суанг 1967 азы кæронмæ;

в) райдыдта кусын сæхи хъæуы хæдзарады;



  1. Гæстæн службæйы фæстæ каст фæци Мæскуыйы литературон институт. Уый фæстæ куыста:

а) сæхи хъæуы ахуыргæнæгæй;

æ) газет «Рæстдзинад» - ы;

б) республикæйы радиокомитеты, стæй телеуынынады , уый фæстæ та журнал «Ногдзау» - ы бæрнон нымæрдарæй ;

в) педагогон институты;



  1. 1984 азы Гæстæн сси:

а) журнал «Ногдзау» - ы редакторы хæдивæг;

æ) журнал «Мах дуг» - ы редакторы хæдивæг;

б) газет «Рæстдзинад» - ы бæрнон нымæрдар

в) радиокомитеты сæйраг редактор;



  1. Ацы фыссæг абоны онг дæр кусы Цæгат Ирыстоны телеуынынады сæрмагонд ралæвæрдты хайады хицауæй:

а) Хъодзаты Æхсар;

æ) Агънаты Гæстæн;

б) Малиты Васо;

в) Ходы Камал;



  1. Агънаты Гæстæн хорз зындгонд у уырыссаг чиныгкæсæгæн дæр - йæ уацмысты рæстæмбис тæлмацгондæй рухс федта Мæскуыйы алыхуызон чиныгуадзæнты. Гæстæны ацы уацауы тыххæй зындгонд уырыссаг фыссæг Валерий Ганичев мæнæ куыд загъта: «Очень трогательна и драматична повесть Гастана Агнаева………Она, естественно, не только и не столько об отношении к «братьям нашим меньшим». Она - об отношениях между людьми, между «темными» в смысле грамоты, но по - настоящему культурными деревенскими стариками, привыкшими жить по совести и уму, и этакими культурными недоумками, современными «интеллигентами» с дипломами , но без подлинного образования ума и сердца. Она о том, что и командовать в современном селе нужно грамотно не в смысле только применения знаний институтских. Грамотно - значит, с пониманием прежде всего психологии людей, с точным учетом всех особенностей этого так называемого «человеческого фактора». Очень своевременная и нужная повесть»:

а) «Æнахуыр изæр» - ы;

æ) «Мæйы фæстаг бонтæ» - йы;

б) «Йæ рухс ном» - ы;

в) «Фæстаг бæх» - ы;



  1. Гæстæны уацау «Фæстаг бæх» - ы ацы архайæг фæзынд фермæмæ ногæлхæд машинæйыл. Цин кæны, ныр амæй фæстæмæ йæ куыст фæрогдæр уыдзæн:

а) колхозы сæйраг зоотехник - Миша;

æ) колхозы сæрдар;

б) колхозы парторг;

в) хъæусоветы сæрдар;



  1. «Цы фæуыдзæн зæронд бæхтæрæг Хъуыдайнат та? Цы фæуыдзæн йæ бæх? Нал хъæут, зæгъгæ, сыл иуварс ахæц, уæд уый раст уыдзæн?» - хъуыды кодта уацау «Фæстаг бæх» - ы:

а) колхозы сæрдар;

æ) кæрчыты фермæйцы хицау, æрыгон чызг Заретæ;

б) колхозы сæйраг зоотехник Миша;

в) Хъуыдайнаты фырты фырт Ирбег;

  1. Уацауы архайæг Хъуыдайнат куысты хъæндзинæдтæ куы фены, уæд сæ комкоммæ фæзæгъы, кæмæ хауынц, уымæн. Уый тыххæй йæм арæх рауайы быцæутæ уацауы ацы архайæгимæ дæр:

а) кæрчыты фермæйы хицау Заретæимæ;

æ) колхозы бухгалтеримæ;

б) колхозы сæйраг зоотехник Мишаимæ;

в) колхозы сæрдаримæ;



  1. Уацауы цы хабæрттæ æрцыд, уыдон иууылдæр баст сты ацы æртæ персонажы архайд æмæ хъысмæтыл, сæ зондахаст æмæ удыхъæды миниуджытыл:

а) Хъуыдайнат, Миша æмæ Заретæйы;

æ) Ирбег, йæ мад æмæ йæ фыды;

б) колхозы сæрдар, бухгалтер æмæ парторгы;

в) Зыгъарæг, колхозы ветеринар æмæ Мишайы бинойнаджы;



  1. Уацау «Фæстаг бæх» - ы бæстастæу фыццаджыдæр ис ацы архайæджы рæсугъд фæлгонц æмæ трагедион хъысмæт. Хабæрттæн сæ фылдæр уый хъысмæтыл баст у:

а) Мишайы ;

æ) Хъуыдайнаты;

б) Заретæйы;

в) Зыгъары;



  1. Зоотехник Миша колхозы правленийы раз æрæвæрдта Хъуыдайнаты сусæгæй фарст æмæ сразы кодта колхозы правленийы уæнгты ахæм тæрхон рахæссыныл:

а) суæгъд кæнын йæ куыстæй Хъуыдайнаты;

æ) ауæй кæнын Хъуыдайнаты бæх Зыгъары;

б) Зыгъар мард æрцæуæд, йæ царм - паддзахадмæ лæвæрд, йæ фыд - кæрчытæн хæринаг;

в) баивын Зыгъары зæронд машинæйыл;



  1. «….Ацы зæххыл цыдæриддæр равзæрд, уыдоны иууылдæр цæрын фæнды, æмæ дзы алкæмæн дæр, суанг кæрдæджы халæн дæр, зæххæй фæхицæн зын у, тынг зын. Кæрдæгæн йæ лыггом цæмæн ныддондзаст вæййы? Уый йæ хъысмæтыл фæкæуы. Алцæмæн дæр мæлæт и æмæ йæ афоныл куы æрцæуы, уæд уый Хуыцауы куывд у» - хъуыды кодта;

а) Заретæ;

æ) зæронд Анусиат;

б) Хъуыдайнат;

в) Зæли;

  1. Уацауы мах уынæм æвирхъау ныв: колхозы зоотехник Миша мары Зыгъары , цалдæр æхсты фæстæ йын фæцæф кодта йæ был. Уый æнхъæлдта , бæх æрхаудзæн, ныггуыпп ласдзæн. Бæх не'рхауд , йæхи иуварс аппæрста. Миша шофырмæ фæхъæр кодта, цæмæй бæхы машинæйæ фæсте асурой. Йæхæдæг та хъуыды кодта:

а) Уæд та йæ ныууадзин»;

æ) «Ныр цымæ мæхи удхарæй цы марын?»;

б) «Æнхъæлдæн, мыл фермæйы кусджытæ сæхи фæтигъ кодтой, æви мæм афтæ кæсы?»;

в) «Удæгасæй йæ нæ ауадздзынæн. Хъуыдайнаты фыдæнæн. Фермæйы кусджыты фыдæнæн. Уадз, Миша цы лæг у, уый зонæнт»;



  1. Зыгъар «йæ сæр систа, йæ хъустæ фæгæмæл сты, йе'гъуыз , мигъбадт цæстытæй æдзынæг кæсы. Йæ тыхулæфт ноджы тынгдæр райхъуыст….»:

а) Хъуыдайнаты куы ауыдта, уæд;

æ) Аслæмырзæйы фырт Миша æрцæуы , уый куы федта, уæд;

б) Ирбеджы фенгæйæ;

в) холлаг куы федта, уæд;



  1. Хъуыдайнат Мишаимæ фæхыл сты Зыгъары тыххæй. Хъуамæ Мишайы маргæ дæр акодтаид, фæлæ сæ адæм баиргъæвтой. Хъуыдайнаты зæрдыл фыдæлты æмбисонд æрбалæууыд:

а) «Дæхицæй лæмæгъдæрмæ макуы бавнал»;

æ) «Чъизи лæгмæ макуы бавнал, дæхæдæг дæр счъизи уыдзынæ»;

б) «Дæ кард дæ кæрддзæмæй ма слас, иугæр æй сластай, уæд æй æгадæй фæстæмæ дæ кæрддзæмы ма нытътъыс»;

в) «Адæмы фарн бирæ у»;



  1. Колхозы зоотехник Мишайæн йæ зæрдæ схъæлдзæг. Абоны бон æм хорз фæкаст, уымæн æмæ:

а) колхоз «Ног цард» хæрзбон загъта йæ фæстаг бæхæн;

æ) Заретæйæ фæиртæст афоныл;

б) Хъуыдайнаты фæнд нæ рауад;

в) равдыста йæхи æцæг лæгæй;



  1. Хъуамæ уацауы ацы хъайтар æрбахъæбыс кодтаид Ирбеджы, фæлæ йæ рахиз цонг йæхицæй нал у:

а) Заретæ;

æ) Хъуыдайнат;

б) Хъуыдайнаты бинойнаг;

в) Ирбеджы фыд;



  1. Хъуыдайнат йæхи амондджын хоны:

а) йæ цоты цоты федта, зоны йæ - йæхæдæг нал уыдзæн, фæлæ йæ туг цæрдзæн, йæ хъæстæ а зæххæй нæ фесæфдзæн;

æ) уымæн æмæ царды хорздзинæдтæй хайджын уыд;

б) уымæн æмæ адæмы сæраппонд хæцыд цыфыддæр знагимæ;

в) уымæн æмæ иу бон дæр æгуыст никуы уыд;













  1. «Реализмы бæрæг ауæдзыл цæуы агънаты Гæстæн. Уый тырны бæлвырд ныхасмæ, хъайтарæн равзары хуымæтæг адæймаджы. Йæ къух цас арæхсы, уымæй архайы психологизмы мадзæлттæй, дзуры, зæххон царды лæгæн амондхæссæг цы у, уыдæттыл. Йе сфæлдыстады миниуджытæ сты æнæфæгæды предметон æууæлтæ, цæуыл фæфыссы, уый лæмбынæг уыны» - загъта Агънаты Гæстæны тыххæй:

а) Бицъоты Грис;

æ) Хуыгаты Сергей;

б) Хозиты Барис;

в) Джусойты Нафи;



























































































Хуыгаты Сергей

1 вариант



  1. Ацы зынгæ ирон фыссæг,поэт æмæ прозаик райгуырдис Къуыдаргомы, Чъелетыхъæуы 1933 азы:

а) Джусойты Нафи;

æ) Гафез;

б) Бестауты Гиуæрги;

в) Хуыгаты Сергей;



  1. 1944 азы ,Фыдыбæстæйы Стыр хæст нæма фæци, афтæ Хуыгаты Сергейы бинонтæ ралыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ æмæ æрцардысты:

а) Змейкæйы;

æ) Сунжæйы;

б) Ногиры;

в) Тарскæйы;



  1. Хуыгаты Сергей Тарскæйы астæуккаг скъола каст куы фæци, уæд бацыд ахуыр кæнынмæ:

а) Цæгат - Кавказы хæххон - металлургон институтмæ;

æ) хæххон - хæдзарадон институтмæ;

б) Цæгат Ирыстоны педагогон институтмæ;

в) Мæскуыйы хойраджы промышленносты институтмæ;



  1. Хуыгаты Сергей педагогон институты фæстæ куыста ахуыргæнæгæй Дагъыстаны, стæй та Ирыстоны. Уыцы азты ма фæсаууонмæ ахуыр кодта:

а) Ленинграды литературон институты;

æ) М æскуыйы литературон институты;

б) Одессæйы æфсæддон институты;

в) Армавиры хойраджы промышленносты техникумы;



  1. 1971 азæй 1979 азмæ ацы ирон фыссæг фæкуыста редакторæй Цæгат Ирыстоны чиныгуадзæн «Ир» - ы, стæй та дыууæ азы журнал «Мах дуг» - ы редакцийы критикæ æмæ публицистикæйы хайады гæсæй:

а) Агънаты Гæстæн;

æ) Хуыгаты Сергей;

б) Ходы Камал;

в) Малиты Васо;



  1. Ацы ирон курдиатджын фыссæг, прозаик, поэт , аив дзырды дæсны, цыргъзонд æмæ адæймаджы миддуне иртасæг 1981 азæй фæстæмæ кусы чиныгуадзæн «Ир» - ы прозæйы редакторæй:

а) Хуыгаты Сергей;

æ) Агънаты Гæстæн;

б) Дауыраты Дамир;

в) Цгъойты Хазби;



  1. Хуыгаты Сергейæн йæхи фыццаг чиныг фæзынд 1968 азы. Уый уыд æмдзæвгæты чиныг:

а) «Мæ сыхæгты номæй»;

æ) «Сæууон стъалы»;

б) «Бонивæнты»;

в) «Зæрдæйы маст»;



  1. Хуыгаты Сергей йæ фыццаг чиныджы фæстæ фылдæр йе' ргом аздæхта:

а) публицистикæмæ;

æ) поэзимæ;

б) прозæмæ;

в) драматургимæ;



  1. Хуыгаты Сергей ныффыста тынг бирæ зæрдæмæдзæугæ æмдзæвгæтæ æмæ прозаикон уацмыстæ. Ацы радзырд у йæ зынгæ уацмыстæй иу, кæцы фыст у хионыл аудыны фарн æмæ бузныгады темæйыл:

а) «Тæригъæд»;

æ) «Утæхсæн бон»;

б) «Тæрхон»;

в) «Сылгоймæгтæ»;

  1. Иу сабаты изæрæй радзырд «Сылгоймæгтæ» - йы сæйраг архайæг Будзи фæскуыст хæдзармæ куы ссыд, уæд, æхсæвæры фæстæ йе'фсин Зæлийы мад дыууæ чысыл лæппуйы (фаззæттæ) уынгмæ куы акодта, уæд ус æмæ лæг иунæгæй аззадысты. Зæли лæгмæ бадзырдта йæ фæндиаг:

а) « Уæд та , нæ лæг, нæ хиуæттæм фæдзуриккам»;

æ) «Нæ лæппутæн зымæгмæ ног палтотæ балхæнæм»;

б) «Райсом ма сывæллæтты циркмæ акæн…Æз та гæрстæ ныхсдзынæн»;

в) «Мæ мадæн йæ гуырæнбонмæ исты лæвар балхæниккам»;



  1. Радзырд «Сылгоймæгтæ» - йы сæйраг архайæг Будзимæ æндæр фæнд уыди:

а) «Куыстмæ ныууайын хъæуы, гыццыл цыдæр акусинаг ма дзы ис»;

æ) «Райсом хъæумæ кæд ныууайон. Мари цы баци? Искуы йæ хæдзар арæзт куы фæуид…Зæли, уæд та уал уыцы æхцатæ Марийæн раттиккам? Гауызтæ уый фæстæ балхæндзыстæм»;

б) «Нæ хæдзары сæр ампъузинагу, райсом уый куыст бакæнын хъæуы»;

в) «Нæ сыхæгтæм фæкæсын хъæуы»;



  1. Гауызты аргъ æхца йæ хойæн, Марийæн æмæ йе 'ртæ сывæллонæн хæдзар арæзт фæуыны охыл Будзи раттынмæ кæй хъавыд, уый стыр хъыг фæкаст Зæлимæ æмæ:

а) сæ ныхас загъдмæ асайдта;

æ) йæ цæгатмæ ацыди;

б) ацыди сыхæгтæм, цæмæй йæ маст ацæуа;

в) йæ хъаст ракодта йæ мадæн;



  1. «Дыууæ сомы кæрæдзийыл æрæвæрдтам æмæ ныл бæстæ гуыр - гуыр кæны. Хъуамæ та сæ искæй хъæлæсы атъыссæм!» «Боны фæстагмæ алчи дæр йæхицæн цæры!» - загъта Хуыгаты Сергейы радзырд «Сылгоймæгтæ» - йы :

а) Будзи;

æ) Мари;

б) Зæли;

в) Гатыккойы ус;



  1. Будзи йæхи сынтæгыл куы æруагъта, уæд æм цыма исчи дзырдта, уыйау кæцæйдæр хъуыст:

а) «Диссаг та куыннæ у сылгоймаг мæстæй»;

æ) «Ехх, Зæли, Зæли, уый, мыййаг, кæд дæхæдæг нæ дзырдтай?»;

б) «Ницы кæны, истытæ кæндзынæн мæхæдæг»;

в) «Дунейы адæмæй дæм хæстæгдæр чи у, æппæты хæстæгдæр , уый дæ ма æмбарæд, дæ тыхстмæ дын æмгæрон ма цæуæд, афтæмæй цæрæн куыд и?!»;

  1. Хуыгаты Сергейы радзырд «Сылгоймæгтæ» - йы ацы архайæг - иу йæ чызджытæй атыдта, цы - иу сæм уыд, уый æмæ - иу æй схæццæ кодта горæты йын цы æфсымæр ахуыр кодта уымæ, Будзимæ:

а) Зæли;

æ) Мари;

б) Гатыкко;

в) Зæлийы мад;



  1. Йæ фадæттæ кæй нæ амыдтой Будзийæн, уый тыххæй сфæнд кодта институт ныууадзын, фæлæ:

а) бирæ рахъуыды - бахъуыдыйы фæстæ йæ къух систа йæ фæндыл;

æ) йæ йæ ахуыргæнæг нæ бауагъта;

б) йе'мбæлттæ йемæ куы аныхас кодтой, уæд йæ фæнд аивта;

в) йæ Мари куы базыдта, уæд « арвмæ цыди æмæ фæстæмæ здæхти; йæ дзых схæлиу кæнын дæр æй нал бауагъта»;



  1. Радзырд «Сылгоймæгтæ» - йы ацы архайæг уыцы æнæферохгæнгæ бон куы æрхъуыды кæны, «уæд йæ сур хид акæлы, ныггуыбыр вæййы, ныхъхъусы йæхимæ, стæй та йæм афтæ фæзыны, цыма уый нæ уыди, уый нæ багуыбыр уыцы хæринæгтыл, уæд афтæ рыгъд æмæ гуыбырæй куыд нæ баззад цæрæнбонты»:

а) Мари;

æ) Зæли;

б) Будзи;

в) Филим;



  1. Будзи æмæ йæ хо Мари хæрæндонæй куы рахызтысты, уæд сыл амбæлд ацы сылгоймаг. Уый загъта Марийæн: «Мæнæ мыл цы хорз æрцыди. Дзуллаг ссад дæр алхæдтон, иу гыццыл дзидза дæр алхæдтон, адджинæгтæ - йедтæ æмæ мын фæуæззау сты. Нæхимæ дæр мæм дæ хуызæн чи фæкæсдзæн. Мæ картофджынтæ мын уæхимæ куы нæ ракæнай , уæд мын ныггуыйан уыдзæн. Æмæ æнафоны авдæнбæттæн чи кæны!»:

а) Зæлийы мад;

æ) Марийы ходыгъд;

б) Гатыккойы ус;

в) Филимы æмбалы ус;



  1. Будзи куы базыдта, Мари йæ хæрæндоны сайгæ акодта, уæд хойæн йæ цæсгом фæсырх æмæ загъта Будзийæн:

а) «Ды нырма æрыгон дæ, искуы йæ бамбардзынæ»;

æ) «Ма мæм смæстджын у, мæн куыд хуыздæр у , уый фæндыд»;

б) «Хойы зæрдæ - æфсымæрмæ!»;

в) «Асайдтон дæ, Будзи, фæлтау марг куы бахордтаин. Фæлæ мын иунæгæй куы нæ бакуымдтаис хæрын, уымæй тарстæн. Дыууæйы фаг та… Махмæ дæ зæрдæ ма 'хсайæд, уæддæр хъæу хъæу у, кæрæдзийы фарсмæ цæрæм æмæ…»;



  1. Будзийæн йæ зæрдæ барухс, Зæлийæ куы фехъуыста, Марийæн баххуыс кæнын хъæуы, зæгъгæ, уæд. Фæлæ дисыл бафтыд йæ бинойнаджы нымады цæхгæр фæивдыл изæрæй райсоммæ. Зæли та йæхи сраст кодта ацы ныхæстæй:

а) «Сылгоймаг фæразон у, истытæ та кæндзыстæм»;

æ) «Гауызтæ дæр нын никуыдæм аирвæздзысты»;

б) «Хион хионмæ куы нæ фæкæса, уæд ма чи?»;

в) «Дысоны кой ма кæн. Дысон мæм афтæ дзурын цыд, æмæ афтæ дзырдтон, гъеныр та мæ афтæ кæнын фæнды æмæ афтæ кæнын. Мæн дæхи барæнæй ма бар, æз сылгоймаг дæн»;



  1. Радзырд у:

а) адæмы таурæгъон литературæйы фæлхуызтæй иу: æрымысгæ кæнæ фантастикон цаутæ æвдыст кæм цæуы, ахæм прозаикон уацмыс;

æ) йæ мидис сатирикон,ироникон кæнæ зондамонæн кæмæн у, ахæм таурæгъон къаннæг уацмыс;

б) ирон адæмон сфæлдыстады аив уацмыс, хаттæй - хатт дзы вæййы фантастикон элемент дæр, фæлæ йæ бындур у царды рагон æцæгдзинад;

в) эпикон, таурæгъон литературæйы хуызтæй иу, йæ къаннæг формæ, - къаннæг аив уацмыс, арæхдæр дзы æвдыст æрцæуы адæймаджы цардæй иу цау, йæ цард уый агъоммæ æмæ уый фæстæ куыд уыд, ууыл уацмысы бæстон ныхас нæ вæййы.























































































Хуыгаты Сергей

2 Вариант

  1. Хуыгаты Зурабы фырт Сергей райгуырдис:

а) 1928 азы, Хуссар Ирыстоны Додоты хъæуы;

æ) 1933 азы,Хуссар Ирыстоны, Чъелеты хъæуы;

б) 1935 азы, Хуссар Ирыстоны, Хъорнисы хъæуы;

в) 1937 азы, Цæгат Ирыстоны, Ногиры;



  1. Хуыгаты Сергейы бинонтæ æрцардысты Цæгат Ирыстоны Тарскæйы :

а)1941 азы,Фыдыбæстæйы Стыр хæст куыддæр райдыдта, афтæ;

æ) 1943 азы, хæсты тæккæ тæмæны;

б) 1944 азы, Фыдыбæстæйы Стыр хæст нæма фæци, афтæ;

в) 1945 азы, хæст куы фæци, уæд;



  1. Хуыгаты Сергей астæуккаг скъолайы фæстæ бацыди ахуыр кæнынмæ Цæгат Ирыстоны педагогон институтмæ æмæ йæ æнтыстджынæй фæци 1954 азы. Уыцы азæй 1964 азмæ (дæс азы) Сергей куыста:

а) педагогон институты;

æ) газет «Рæстдзинад» - ы;

б) радиокомитеты;

в) ахуыргæнæгæй, фыццаг Дагъыстаны, стæй та Цæгат Ирыстоны;



  1. Ахуыргæнæгæй кусгæйæ, Сергей фæсаууонмæ бацыди ахуыр кæнынмæ Мæскуыйы литературон институтмæ æмæ йæ каст фæци. Уый фæстæ фондз азы бакуыста:

а) журнал «Мах дуг» - ы;

æ) зонадон - иртасæн институты;

б) Цæгат Ирыстоны телеуынынады студийы редакторæй;

в) ирон театры;



  1. Хуыгаты Сергей телеуынынады куысты фæстæ аст азы бакуыста чиныгуадзæн « Ир» -ы, дыууæ азы та журнал «Мах дуг» - ы. 1981 азы фæстæмæ бацыд ацы куыстуатмæ æмæ дзы уæдæй нырмæ кусы прозæйы редакторæй:

а) журнал «Мах дуг» - мæ;

æ) телеуынынадмæ;

б) ирон театрмæ;

в) чингуыты рауагъдад «Ир» - мæ;



  1. Ацы æртæ æвзонг поэты сæ фыццаг чиныг «Бонвæрнон» иумæ рауагътой 1962 азы:

а ) Дзаболаты Хазби, Бестауты Гиуæрги, Хостыхъоты Зинæ;

æ) Хуыгаты Сергей, Джыккайты Шамил æмæ Ходы Камал;

б) Хъодзаты Æхсар, Дзасохты Музафер æмæ Малиты Васо;

в) Æлборты - Умар, Агънаты Гæстæн, Хæблиаты Сафар;



  1. «Мæ сыхæгты номæй» - афтæ хуынд ацы фыссæджы фыццаг чиныг:

а) Хуыгаты Сергейы;

æ) Хостыхъоты Зинæйы;

б) Дзаболаты Хазбийы;

в) Бестауты Гиуæргийы;



  1. Хуыгаты Сергейы сфæлдыстады сæйраг мотивтæ сты:

а) царды нысан æвзарыны бæрн æмæ уæз, райгуырæн зæххы æвидигæ фарн æмæ фæллойы рухс, æмдугоны удыхъæд;

æ) Райгуырæн бæстæ,сыгъдæг уарзондзинады удтавæг æнкъарæнтæ,æвзонгадыл сагъæстæ, нæ Ирыстоны алæмæтон æрдзы удæгас нывтæ, царды мидхъуырдухæнтæ;

б) сфæлдыстадон кусæджы хæс æмæ нысан, йæ удхайраг зын, æмдугоны хъысмæт æмæ йæ удыхъæды бæрзонд гуманизм;

в) Фыдыбæстæ, Поэзи , Уарзт;



  1. . Хуыгаты Сергейы радзырд «Сылгоймæгтæ» - йæн йæ темæ у:

а) æрдзыл аудындзинад;

æ) хионыл аудыны фарн æмæ бузныгад;

б) фыдыуæзæгмæ уарзондзинад;

в) Фыдыбæстæйы Стыр хæст;



  1. «Райсом ма сывæллæтты циркмæ акæн. Кæцæйдæр диссаджы цирк куы æрластой. Æндæр дзырд куы нæ кæнынц нæ сыхæгтæ. Æз та гæрстæ ныхсдзынæн. Ацы ныхæстæ загъта :

а) Хуыгаты Сергейы радзырд «Сылгоймæгтæ» - йы сæйраг архайæг Зæли йæ лæг Будзийæн;

æ) Гафезы роман «Уæ бонтæ хорз, адæм» - ы Симæ Мухтарæн;

б) Цæгæраты Максимы радзырд «Мады зарæг» - ы Азаухан Афайæн;

в) Дзесты Куыдзæджы уацау «Фæндагсæр Уастырджи» - йы Дзитта Дзаххойæн;



  1. «Райсом хъæумæ ныууайон. Мари цы баци? Искуы йæ хæдзар арæзт куы фæуид… Зæли, уæд та уал уыцы æхцатæ Марийæн раттиккам? Гауызтæ уый фæстæ балхæндзыстæм» - ахæм фæнд уыди Хуыгаты Сергейы радзырд «Сылгоймæгтæ» - йы архайæг:

а) Филиммæ;

æ) Гатыккомæ;

б) Будзимæ;

в) Будзийы сыхагмæ;



  1. Хуыгаты Сергейы радзырд «Сылгоймæгтæ» - йы ацы дыууæ архайæгæн сæ ныхас загъдмæ асайдта:

а) Зæли æмæ йæ мадæн;

æ) Будзи æмæ Зæлийæн;

б) М ари æмæ Будзийæн;

в) Филим æмæ Марийæн;



  1. Будзи ма йе 'фсин Зæлийы загъд - заманамæ сфæрæзта ацы ныхæстæ зæгъын æмæ ацыд йæ хуыссæн уатмæ:

а) «Ныууадз мæ, Хуыцауы хатырæй!»;

æ) «Уый æнхъæл дын нæ уыдтæн»;

б) «Фæлтау мæ дзых куы бамыр уыдаид, æмæ дын мæ фæнд куы нæ загътаин»;

в) «Нæ цæрын æз мæхицæн»;



  1. Будзийæн Марийы чызджытæ ауадысты йæ цæстыл, гыццылтæ ма куыд уыдысты, афтæмæй. Уыдон - иу æртæйæ рæгъ - рæгъы рабадтысты пецы фарсмæ, цыма сын стыр бæрæгбон уыд,уый хуызæн:

а) сæ мады'фсымæр - иу сæм куы æрцыд, уæд;

æ) Мари - иу сын аргъæуттæ куы дзырдта, уæд;

б) сæ сыхаг - иу сын сылы куы 'рбахаста, уæд;

в) Мари - иу нартхоры кæрдзынтæ куы бавæрдта сæ чысыл æфсæйнаг пецы, уæд;



  1. Сергейы радзырд «Сылгоймæгтæ» - йы мах уынæм , Мари - иу йæ чызджытæй куыд атыдта, цы - иу сæм уыд, уый, æмæ - иу æй куыд схæццæ кодта горæтмæ йе'фсымæр Будзимæ :

а) уый ма ахуыр куы кодта, уæд;

æ) уый уæд горæты цард иунæгæй;

б) уый ма горæты куы куыста, уæд;

в) уый уæд ахæстоны бадт;



  1. Будзийæн уыцы бон хицæнæй æрбалæууы йæ зæрдыл, уыцы уалдзыгон бон:

а) фæлварæн куы лæвæрдта, уæд;

æ) Зæлийы фыццаг хатт куы федта, уæд;

б) Мари йæ хæрæндонмæ куы бакодта, уæд;

в) институт ныууадзынмæ куы рахъавыд, уæд;



  1. Будзи æмæ Мари хæрæндонæй куы рацыдысты, уæд сыл амбæлд Гатыккойы ус. Будзийыл тынг бацин кодта æмæ загъта:

а) «Диссаджы суинаг лæппу у»;

æ) «Арæхдæр - иу дæ хойы абæрæг кæн!»;

б) «Тæхудиаг, ахæм æфсымæр кæмæн ис»;

в) «Дæ хойы фæндиаг сахуыр у, мæ хур. Алыбон дæ кой фæкæны æмæ махæн дæр æхсызгон вæййы: æгайтма махæй дæр исчитæ стыр скъолайы и»;



  1. Сергейы радзырд «Сылгоймæгтæ» - йы мах федтам хо æмæ æфсымæры æрдхæрæны ахастдзинæдтæ. Федтам, Мари - иу йæ фæстаг къæбæр йæ ахуырдзау æфсымæры хъуыры куыд атъыста, уый. Ныр Марийы æфсымæр сси мыздисæг. Ацы сагъæсты аныгъуылдысты Будзийæн йæ уд æмæ йæ зонд:

а) Хуыцау, ратт мын хъару æмæ тыхтæ, цæмæй дыууæ бинонты фаг дæр уон;

æ) Ницы кæны, Зæли йæ бамбардзæн;

б) Ныр мыздисæг куы сси Будзи, уæд йæ хо æмæ чысыл хæрæфырттæн куыд нæ хъуамæ æххуыс кæна, цалынмæ сæ къахыл слæууой, уæдмæ?;

в) Ницы кæны, райсом æхсæвæй куырыхондæр у;



  1. Будзийæн йæ зæрдæ , худгæ фæрссагау, ныррухс, йæ бинойнаг Зæлийæ ацы ныхæстæ куы фехъуыста, уæд:

а) «Ныххатыр мын кæн, æз раст нæ уыдтæн»;

æ) «Цæй , никуы ничи фæрæдийы? Хатыр»;

б) «Нæ лæг, цæй мауал бутъийæ бад, исты æрхъуыды кæндзыстæм»;

в) «Хуысгæ ма куы кæныс, æмæ æз та мæ уд куы фескъуыдтон, тарстæн, куы нæ мæм фæлæууай æмæ иунæгæй куы афардæг уай. Базармæ ныууадтæн, адджын гуыдын алхæдтон, Мари ахæм гуыдын уарзы, æртæ авджы сæнтæ, дзæбæх фæлмæн сæнтæ.Уыцы æхца дæр та йын куынæ сфаг уа! Уæд та ма йын искæмæй æфстау райстаис, дæхиуыл схæцыдаис æмæ, стæй йын сæ бафиддзыстæм. Кæд искуы срæвдз уаид йæ хæдзар, æмæ бирæ нæ, фæлæ гыццыл æнцад - æнцойæ ацæрид»;



  1. «Дысоны кой ма кæн. Дысон мæм афтæ дзурын цыд, æмæ афтæ дзырдтон, гъеныр та мæ афтæ кæнын фæнды æмæ афтæ кæнын. Мæн дæхи барæнæй ма бар, æз сылгоймаг дæн» - дзырдта:

а) Мари Филимæн;

æ) Гатыккойы ус йæ лæгæн;

б) Зæли Будзийæн;

в) Будзиты сыхаг ус йæ лæгæн;



  1. Къаннæг аив уацмыс, арæхдæр дзы æвдыст æрцæуы адæймаджы цардæй иу цау, йæ цард уый агъоммæ уый фæстæ куыд уыд, ууыл уацмысы бæстон ныхас нæ вæййы. Уый у:

а) кадæг;

æ) роман;

б) радзырд;

в) аргъау;































































































Æлборты Хадзы - Умар

1 вариант

  1. Поэт, литературон критик æмæ литературæиртасæг Æлборты Несторы фырт Хадзы -Умар райгуырд :

а) 1937 азы Цæгат Ирыстоны, Бруты;

æ) 1937 азы Цæгат Ирыстоны, Хъæдгæроны;

б) 1939 азы Ирыстоны хуссар хайы, Сарабучъы хъæуы;

æ) 1943 азы, Ирыстоны цæгат хайы, Хъарман - Сындзыхъæуы;



  1. Æлборты Хадзы - Умар сæ сыхаг Уанаты хъæуы æнæххæст астæуккаг скъола каст куы фæцис, уæд , цæмæй тагъддæр ныллæууыдаид фæллойы фæндагыл - дардтаид йæхи , æххуыс кодтаид йæ мæгуыр хæдзарæн, уый охыл йæ ахуыр адарддæр кодта:

а) Цхинвалы педагогон ахуыргæнæндоны;

æ) Цхинвалы хъæууон - хæдзарадон ахуыргæнæндоны;

б) Тбилисы æфсæнвæндаджы техникумы;

в) Дзæуджыхъæуы хæххон - металлургон техникумы;



  1. Цхинвалы педагогон ахуыргæнæндоны фæстæ Хадзы -Умар каст фæци Хуссар Ирыстоны педагогон институт. Уый фæстæ йæ айстой кусынмæ ацы бынатмæ, кæцы ран бахъахъхъæдта диссертаци ахæм темæйыл: «Ирон литературон критикæ 30 - æм азты» æмæ райста филологон зонæдты кандидаты ном:

а) Хуссар Ирыстоны зонад - иртасæн институтмæ;

æ) Цæгат Ирыстоны зонад - иртасæн институтмæ;

б) Тбилисы зонад - иртасæн институтмæ;

в) Ереваны зонад - иртасæн институтмæ;



  1. Ацы зындгонд поэт институты фæстæ куыста бирæ бынæтты: Хуссар Ирыстоны «Союзпечать» - ы, газет «Советон Ирыстон» - ы, фысджыты цæдисы , журнал «Фидиуæг» - ы, Хуссар Ирыстоны университеты, Цæгат Ирыстоны университеты, Хуссар Ирыстоны зонад - иртасæн институты:

а) Гуыцмæзты Алеш;

æ) Æлборты Хадзы - Умар;

б) Дзуццаты Хадзы - Мурат;

в) Булкъаты Михал;



  1. Æлборты Хадзы - Умары фыццаг поэтикон æмбырдгонд рухс федта 1964 азы:

а) «Фат æмæ æрдын»;

æ) «Фæдисон»;

б) «Бонрæфты»;

в) «Уарзт æмæ фыдæх»;



  1. Поэт Æлборты Хадзы - Умары фæндаджы райдайæны тыххæй ацы зындгонд ирон поэт, литературон критик æмæ литературæиртасæг дзырдта: «Ирон æмæ иннæ поэзиты бæркадджын традицитæ дарддæр кæнгæйæ, Æлборы - фырт у æнæнцой фæдисон. Йæ фæлгонцон уынынад арæхдæр цæуы ирон цард, фольклор æмæ этнографийæ. Фæлæ механиконæй нæ - йæ фæлгонцтæ баст вæййынц йæ поэтикон «æз» - имæ»:

а) Джусойты Нафи;

æ) Дзуццаты Хадзы - Мурат;

б) Хуыгаты Сергей;

в) Малиты Васо;





  1. Хадзы - Умары ацы æмдзæвгæйы æвдыст цæуы тар æмæ рухсы æнæнцой тох:

а) «Уидгуытæ аразæг» - ы;

æ) «Хоры нæмыджы балладæ» - йы;

б) «Рухсытæ судзынц» - ы;

в) «Хъæлæс ингæнæй» - ы;



  1. Æмдзæвгæ «Рухсытæ судзынц» - ы æгас æхсæв рухсытæ æнахуысгæйæ судзынц, цæмæй:

а) тар ма фæуæлахиз уа, уый тыххæй;

æ) зæххыл ппæт дæр уа рухс, уый тыххæй;

б) адæммæ сæ развæндаг зына, уый тыххæй;

в) адæм сæхи æнкъарой ныфсджындæр, уый тыххæй;



  1. Хадзы - Умары ацы æмдзæвгæйы лирикон хъайтармæ стонг аз уыд:

а) «Къамбец» - ы, æхсыр;

æ) «Уæрдæттæ» - йы, цыхт;

б) «Хоры нæмыджы балладæ» - йы, хоры нæмыг;

в) «Тæрсыкъуыдыр» - ы, гыркъотæ;



  1. Æмдзæвгæ «Хоры нæмыджы балладæ» - йы «…уый касти авд хохы фалейæ уалдзæджы æрцыдмæ»:

а) зæхкусæг;

æ) хоры нæмыг;

б) зæхх;

в) цъиу;



  1. Æлборты Хадзы - Умары ацы дыууæ æмдзæвгæйы фыст сты 20 - æм æнусы кæрон Хуссар Иры тугкалæн хæсты темæйыл:

а) « Чъребайы æнкъард хæдзæрттæ» æмæ «Балладæ Зары фæндагыл»;

æ) «Уæрдæттæ» æмæ «Къамбец»;

б) «Уидгуытæ аразæг» æмæ «Тæрсыкъуыдыр»;

в) «Рухсытæ судзынц» æмæ «Хоры нæмыджы балладæ»;



  1. Хуссар Ирыстоны сæрибары сæрыл тохы ацы ран «нæмыгæхст , арты арыд, гæмттæ хæдзæрттæ» кæй сты нæ адæмы зæрдæты баззайæг хъæдгæмтты хуызæн, уый æвдисы Æлборты Хадзы - Умар йæ ацы æмдзæвгæйы:

а) «Хъæлæс ингæнæй» - ы;

æ) «Чъребайы æнкъард хæдзæрттæ» - йы;

б) «Балладæ Зары фæндагыл» - ы;

в) «Уæрдæттæ» - йы;



  1. Æлборты Хадзы - Умары æмдзæвгæ «Балладæ Зары фæндагыл» фыст у:

а) зарæджы хуызы;

æ) боныджы хуызы;

б) хъарæджы хуызы;

в) диалоджы хуызы;



  1. Хадзы - Умары ацы æмдзæвгæйы æвдыст æрцыд, 1992 азы Хуссар Ирæй ирон лигъдæттæ куыд фæцæйцыдысты Цæгат Ирмæ æмæ сæ гуырдзиаг лæгмартæ куыд фехстой,уый. Сæ фылдæр уыдысты сывæллæттæ, зæронд лæгтæ æмæ устытæ( æдæппæтæй 36 адæймаджы):

а) «Чъребайы æнкъард хæдзæрттæ» - йы;

æ) «Хъæлæс ингæнæй» - ы;

б) «Уæрдæттæ» - йы;

в) «Балладæ Зары фæндагыл» - ы;



  1. «Балладæ Зары фæндагыл» - ы ис ахæм рæнхъ: «О Зары фæндаг - сары фæндаг», кæцы у рефрен. Рефрен у:

а) фыссæг зæрдæбынæй куы бадзуры йæ уацмысы герймæ, æрдзы фæзындтæм, чиныгкæсæгмæ, кæнæ та герой куы бадзуры уацмысы иннæ архайджытæм, поэтикон ныхасы ахæм фæзилæн;

æ) стилистикон фигурæ, рæнхъы кæрон исты дзырд кæнæ дзырдты къорд фæлхат кæнын;

б) æмдзæвгæйы алы строфайы фæстæ фæлхатæн чи кæны, уыцы стих кæнæ стихтæ;

в) бæлвырд кæны хицæн дзырдты зæл, цæмæй уыцы дзырдтæм чиныгкæсæг йæ хъус тынгдæр æрдара, уый тыххæй;



  1. Чъребайы 5 - æм скъолайы кæрты ныгæд зынгхуыст лæппуты ном дзы ары Æлборты Хадзы - Умар йæ æмдзæвгæ:

а) «Уæрдæттæ» - йæ;

æ) «Хъæлæс ингæнæй» - йæ;

б) «Рухсытæ судзынц» - æй;

в) «Чъребайы æнкъард хæдзæрттæ» - йæ;



  1. Хадзы - Умары æмдзæвгæ «Хъæлæс ингæнæй» - ы зынгхуыст хæстон йæ цыбыр царды тыххæй дзуры :

а) мадæн;

æ) уарзон чызгæн;

б) Ирыстонæн;

в) йе'дзард æмбæлттæн;



  1. Ирыстоны хъахъхъæнджыты иумæйаг, фæлæ фидар хъуыды, сæ Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау сæ удтæ нывондæн цæмæн хастой, уый тыххæй мах уынæм Хадзы - Умары ацы æмдзæвгæйы:

а) «Балладæ Зары фæндагыл» - ы;

æ) «Хъæлæс ингæнæй» - ы;

б) «Хоры нæмыджы балладæ» - йы;

в) «Чъребайы æнкъард хæдзæрттæ» - йы;



  1. Ацы ирон фыссæг куыста æмæ ахуыр кодта дунеон поэзийы хуыздæр минæвæртты сфæлдыстадыл. Йæ иууыл уарзондæр поэт уыдис испайнаг литературæйы классик Гарсиа Лоркæ:

а) Гуыцмæзты Алеш;

æ) Хостыхъоты Зинæ;

б) Джыккайты Шамил;

в) Æлборты Хадзы - Умар;



20. «Мах цæрæм ахæм дуджы, æппæт - дунеон æмæ хисæрмагонд хъысмæттæ æмбуар æмæ æнгом баст кæм систы. Абоны литературон хъайтары уды конды - кæд æцæг хъайтар у, уæд! - зыны æппæт дунейы хъысмæт, дуджы карз æмæ вазыгджындзинад». Ацы ныхæстæ фидарæй дзырдта:

а) Джыккайты Шамил;

æ) Гафез;

б) Æлборты Хадзы - Умар;

в) Булкъаты Михал;



  1. Хадзы - Умар бирæ бакуыста, цæмæй ирон поэзийы аккаг бынат бацахстаид сæрибар стих:

а) сонет;

æ) верлибр;

б) инвективæ;

в) анафорæ;

































































































Æлборты Хадзы - Умар

2 вариант

  1. азы Хуссар Ирыстоны, Сарабучъы хъæуы райгуырд ирон поэт, литературон критик æмæ литературæиртасæг:

а) Хъодзаты Æхсар;

æ) Æлборты Хадзы - Умар;

б) Хостыхъоты Зинæ;

в) Агънаты Гæстæн;



  1. Æлборты Хадзы - Умар æнæххæст астæуккаг скъола каст куы фæцис, уæд бацыд Цхинвалы педагогон ахуыргæнæндонмæ. Уый фæстæ 1959 азы йæ ахуыр адарддæр кодта ацы ахуыргæнæндоны æмæ йæ каст фæцис 1964 азы:

а) Цæгат Ирыстоны хæххон - металлургон институты;

æ) Цæгат Ирыстоны педагогон институты истори æмæ филологийы факультеты;

б) Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты филологон факультеты ;

в) Тбилисы литературон институты;



  1. Педагогон институты фæстæ Хадзы - Умары айстой кусынмæ зонад - иртасæн институтмæ , кæцы ран бахъахъхъæдта диссертаци æмæ йын радтой филологон зонæдты кандидаты ном. Ацы институты фæстæ Хадзы - Умар куыста:

а) Хуссар Ирыстоны хъæуы скъолатæй иуы;

æ) чиныгуадзæн «Ир» - ы;

б) Хуссар Ирыстоны «Союзпечать» - ы, газет «Советон Ирыстон» - ы, фысджыты цæдисы , журнал «Фидиуæг» - ы, Хуссар Ирыстоны университеты, Цæгат Ирыстоны университеты, Хуссар Ирыстоны зонад - иртасæн институты;

в) ирон театры;



  1. Ацы зындгонд ирон фыссæг райдайæг поэт Æлборты Хадзы - Умарæй загъта: «Æрыгон лæппу 1952 - 1960 азты цы литературон фæлварæнтæ кодта, уыдонæй зын рахатæн уыд, цахæм индивидуалон ахаст ис йæ курдиатæн, цы æмæ куыд зæгъинаг у чиныгкæсджытæн.Зæгъинаг дæр æм уадиссаг ницы уыдис. Фыста иумæйаг рифмæгæнæг æмдзæвгæтæ, чингуыты цы поэты касти, уыдон фæзмгæйæ, уыдонмæ гæсгæ»:

а) Джусойты Нафи;

æ) Дзуццаты Хадзы - Мурат;

б) Малиты Васо;

в) Хуыгаты Сергей;



  1. Æвзонг поэт Æлборты Хадзы - Умар йæ фыццаг чиныгæй йæ бон бацис равдисын , ирон поэзимæ æнæнхъæлæджы кæй не'рбацыд, кæй у ирон æмæ дунеон литературæйы классиктæй бирæты сфæлдыстадон традицитæ дарддæргæнæг:

а) «Мæ зæрдæйы хуызтæ»- йæ;

æ)«Хуры хъæбултæ»- йæ;

б) «Фæдисон» - æй;

в) «Уидæгты зарæг» - æй;



  1. Поэт Æлборты Хадзы - Умар æппынæдзух архайдта, царды цы мидызмæлд ис, уый йæ алы къабæзтæ æмæ фæстиуджытимæ æрцахсыныл, адæмæн æй радзурыныл. Цæмæй адæм æппæт дæр зоной, цæмæй макуы фæсайды уой , хуры рухсмæ цæугæйæ дæр. Ацы сагъæс поэты бирæ хæттыты æркодта развæлгъаузонæг адæймаджы хъуыдытæм. Хадзы - Умары ацы æмдзæвгæ у раст ахæм æмдзæвгæ:

а) «Къамбец»;

æ) «Уæрдæттæ»;

б) «Тæрсыкъуыдыр»;

в) «Рухсытæ судзынц»;



  1. Хадзы - Умары æмдзæвгæ «Рухсытæ судзынц» - ы архайæг талынджы фæнды:

а) рухсимæ балымæн уæвын;

æ) йæ талынг къухтæй зæхх нызмæлын кæнын;

б) йæ арæнтæ фæуæрæхдæр кæнын, цæмæй зæххыл æппæт дæр уа тар, мылазон;

в) рухсимæ йæ тыхтæ бавзарын;



  1. Æлборы - фырт нын йе 'мдзæвгæ «Рухсытæ судзынц» - ы ацы æрдзон фæзындты фæрцы ахæсгæ нысаниуæджы равдыста царды мæлæтхæссæг æмæ царддæттæг тыхты æнусон тох:

а) хур æмæ зæххы;

æ) дон æмæ дымгæйы;

б) тæвд æмæ уазалы;

в) рухс æмæ талынджы;



  1. Хадзы - Умары æмдзæвгæ «Хоры нæмыджы балладæ» - йы хоры нæмыгмæ æнхъæлмæ кастысты:

а) зæхкусджытæ;

æ) кæрчытæ æмæ бабызтæ;

б) хуымтæ;

в) цъиутæ тарвазыл; сабитæ, мады фæдджийыл хæцгæ; афтид арынг; мыстытæ;



  1. Æмдзæвгæ «Хоры нæмыджы балладæ» - йы хоры нæмыджы бæллицы мах уынæм адæймаджы:

а) тых æмæ ныфс;

æ) æмбæхст арф æнкъарæнтæ;

б) зонд æмæ дардуынынад;

в) æнусон тырнындзинад рухсмæ, фидæнмæ, цардмæ;



  1. Æлборты Хадзы - Умарæн йæ ацы æмдзæвгæ у æппæты цыбырдæр æмдзæвгæ:

а) «Чъребайы æнкъард хæдзæрттæ»;

æ) «Балладæ Зары фæндагыл»;

б) «Хъæлæс ингæнæй»;

в) «Рухсытæ судзынц»;



  1. Хадзы - Умарæн йæ ацы æмдзæвгæ у конкретон стыр тæригъæдыл амад трагикон уацмыс:

а) «Рухсытæ судзынц»;

æ) «Хоры нæмыджы балладæ»;

б) «Къамбец»;

в) «Балладæ Зары фæндагыл»;



  1. «Балладæ Зары фæндагыл» - ы Æлборты Хадзы - Умар равдыста ацы хабар:

а) хъæддаг куыйтæ сывæллæтты куыд бахордтой Зары фæндагыл;

æ) гуырдзиаг экстремисттæ ирон чызджыты куыд аскъæфтой æмæ сæ Зары фæндагыл куыд амардтой;

б) Хуссар Ирæй ирон лигъдæттæ куыд фæцæйцыдысты Цæгат Ирмæ æмæ сæ гуырдзиаг лæгмартæ Зары фæндагыл куыд фехстой, сæ фылдæр уыдысты зæронд лæгтæ, устытæ æмæ сывæллæттæ ( æдæппæтæй - 36 адæймаджы);

в) дыууæ уарзон уды се 'мбæлтты къухæй мард куыд æрцыдысты;



  1. Æлборты Хадзы - Умары æмдзæвгæ «Балладæ Зары фæндагыл» - æй ист рæнхъ «О Зары фæндаг - сары фæндаг» зæрдæйыл æмбæлы. Ацы зæдæриссынгæнæн у:

а) эпифорæ;

æ)эпиграф;

б) сидæн;

в) рефрен;



  1. Бæстæ сыл разылди -

къохæй, къуыбырæй.

Бæстæ сыл рафæлдæхт -

хохæй, быдырæй..

Хур йæ тындзгæ фæндагыл

нал, нал ауади.

Хур æмбисбонæй раздæр

Арвæй рахауди.

Ацы рæнхъытæ ист сты Æлборты Хадзы - Умары æмдзæвгæ:

а) «Балладæ Зары фæндагыл» - æй;

æ) «Чъребайы æнкъард хæдзæрттæ» - йæ;

б) «Къамбец» - æй;

в) «Хъæлæс ингæнæй» - йæ;



  1. Хадзы - Умары æмдзæвгæ «Хъæлæс ингæнæй» фыст у:

а) чызгмæ уарзондзинады темæйыл;

æ)адæймаг æмæ æрдзы хæстæгдзинады темæйыл;

б) фæндаджы темæйыл;

в) бæрзонд патриотизм æмæ сæрнывонд уарзты темæйыл;



  1. Æмдзæвгæ «Хъæлæс ингæнæй» фыст у:

а) зарæджы хуызы;

æ) хъарæджы хуызы;

б) диалоджы хуызы;

в)æвзонг хæстоны монолоджы хуызы;



  1. Ирыстон,

цы мын уыд? Бонтæ - бæрц.

Дæуæй сæ дардтон,

дæуæн сæ æнæвгъауæй радтон.

Ахæм ныхæстæй фæци Æлборты Хадзы - Умары æмдзæвгæ:

а) «Уæрдæттæ»;

æ) «Къамбец»;

б) «Уидгуыты аразæг»;

в) «Хъæлæс ингæнæй»;



  1. Æлборты Хадзы - Умар æппынæдзух куыста йæ поэтикон дæсныйадыл, ахуыр кодта æмæ куыста дунеон поэзийы хуыздæр минæвæртты сфæлдыстадыл. Йæ иууыл уарзондæр поэт уыдис:

а) англисаг литературæйы классик Уильям Шекспир;

æ) испайнаг литературæйы классик Гарсиа Лоркæ;

б) немыцаг литературæйы классик Шиллер;

в) францусаг литературæйы классик Виктор Гюго;



  1. Ирон поэзийы цæмæй верлибр ( сæрибар стих) аккаг бынат бацахстаид, уый тыххæй бирæ бакуыста ацы ирон поэт:

а) Джыккайты Шамил;

æ) Хостыхъоты Зинæ;

б) Дзугаты Георги;

в) Æлборты Хадзы - Умар;



  1. Æлборты Хадзы - Умары хъысмæтыл гуырдзиаг - ирон ссæдзазон хæст йæ сау фæд ныууагъта , æмæ ацы аз фæзиан:

а) 1999 азы;

æ) 2000 азы;

б) 2011 азы;

в) 2012 азы;























































































Гуыцмæзты Алеш

1 вариант

  1. Ацы курдиатджын ирон фыссæг райгуырд 1951 азы , Ортъеуы стыр хъæуы дæлбазыр - райдзаст ран, рæсугъд комы бæстастæу чысыл Леуахийы рахиз фарс - чысыл хъæуы:

а) Дзуццаты Хадзы - Мурат;

æ) Булкъаты Михал;

б) Дзесты Куыдзæг;

в) Гуыцмæзты Алеш;



  1. Гуыцмæзты Алеш Уанаты астæуккаг скъола каст куы фæци, уæд 1972 азы ахуыр кæнынмæ бацыди:

а) Цхинвалы педагогон институтмæ истори æмæ филологийы факультетмæ;

æ) Цæгат Ирыстоны педагогон институтмæ филологийы факультетмæ;

б) Тбилисы педагогон институтмæ фæсарæйнаг æвзæгты факультетмæ;

в) Максим Горькийы номыл Литературон институтмæ Мæскуыйы;



  1. Алеш Мæскуыйы литературон институты фæстæ акуыста цалдæр раны, фæлæ сфæлдыстадон куыстæн ахъазгæнæг уыд æрмæст сæ иу:

а) ирон театр;

æ) телеуынынад;

б) газет;

в) культурæйы зонадон - методикон центры методисты бынат;



  1. Гуыцмæзты Алешæн , 9 - æм къласы ма куы ахуыр кодта, уæд йе скъоладзауы фыстытæй иу æмдзæвгæ фæзынд 1968 азы:

а) журнал «Фидиуæг»- ы;

æ) газет «Советон Ирыстон» - ы;

б) газет «Рæстдзинад» - ы;

в) журнал «Мах дуг» - ы;



  1. Ацы курдиатджын ирон фыссæгæн дзæвгар уацмыстæ ныффыссын бантыст йæ цыбыр царды дæргъы: æмдзæвгæтæ, радзырдтæ, уацаутæ æмæ роман «Дæ уды фарн»:

а) Гуыцмæзты Алешæн;

æ)Булкъаты Михалæн;

б) Бестауты Гиуæргийæн

в) Æгъуызарты Æхсарбегæн;



  1. Гуыцмæзты Алешы ацы радзырд фыст у дыууæ зæронд лæджы цардыл 20 - æм æнусы дыккаг æмбисы иу хæххон ирон хъæуы:

а) «Дæ чъызгæ уарзт»;

æ) «Азарут иронау, лæппутæ!»;

б) «Урс фынтæ»;

в) «Дис»;



  1. Алешы радзырд «Урс фынтæ» - йы сæйраг архайджытæ сты:

а) Тедо æмæ Симон;

æ) Сæтти æмæ Бæтти;

б) Есеты Местъа æмæ Мате;

в) Бибо æмæ Боба;



  1. Радзырд «Урс фынтæ» - йы Местъа сусæгæй ерыс кæны Матеимæ:

а) уымæй зондджындæр уæвыны охыл;

æ) уымæй дзыхарæхстдæр уæвыны охыл;

б) уымæй тыхджындæр уæвыны охыл;

в) сæ къуындæг æрвылбоны царды фыццаг уæвыны охыл, стæй, ивгъуыд мысгæйæ, та, - уымæй хъæбатырдæр кæй уыд, уый рæгъмæ рахæссыныл;



  1. Радзырд «Урс фынтæ» - йы мах уынæм, сæрдыгон бонты дыууæ зæронд лæджы хъæрмудæй кæй фæцæрынц, фæлæ зымæджы Местъа Матемæ фæхъæбæрзæрдæ вæййы, уымæн æмæ:

а) Матейæн зымæгмæ бантысы фылдæр суг æрцæттæ кæнын;

æ) Мате зымæг дыууæ хатты аргæвды йæ хæрзхаст хуытæй;

б) Мате зымæджы райсомæй Местъайæ раздæр сысты;

в) Чъребайы'рдыгæй зымæг цы уазæг фæзыны,уый Мате ницыхуызы нæ ауадздзæн йæ рæзты, æнæмæнг æй фыццаг уый хъуамæ суазæг кæна,уымæн æмæ йæ хæдзар тæккæ фæндаджы былыл æвæрд у;



  1. «Местъайы цыма исчи дзæккорæй зæххыл ныкъкъуырдта, уыйау йæ бон фезмæлын нал баци»:

а) Матейы хъæдын фыййагæй хъæууынджы мит фæйлаугæ куы федта, уæд;

æ) Матемæ æнахуыр уазæг бацæугæ куы федта, уæд;

б) Матейыл ног кæрц куы федта, уæд;

в) Матейы хæрзхаст галты куы федта, уæд;



  1. Местъа йæ усы хоны «Быргад», уымæн æмæ:

а) хæдзары уынаффæгæнæг уый у;

æ) хæдзары куыстытæ уый байуары бинонты 'хсæн;

б) адæм хъусаг сты Местъайы зæронд æмкъаймæ;

в) уый æдзух загъд кæны алы æнæконд хъуыддаджы тыххæй дæр;



  1. Радзырд «Урс фынтæ» - йы ацы адæм сæ комахсæйнæгтæ доныскъæфæны фæстæ нæуæгбоны къуыри фергæвдынц, кæд сæ исчи зианджын вæййы, уæд та - цыппурсы:

а) Козаты хæдзарвæндаг;

æ) Есеты хæдзарвæндаг;

б) Бететы хæдзарвæндаг;

в) Гуыбылæйтты хæдзарвæндаг;



  1. «Урс фынтæ» - йы ацы архайджытæ райсомæй куы райхъал вæййынц, уæд кæрæдзийæн радыгай фæдзурынц се'хсæвы фынтæ:

а) Мате æмæ Местъа;

æ) Местъа æмæ йæ бинойнаг Козиан;

б) Мате æмæ йæ бинойнаг;

в) Абе æмæ Козиан;



  1. Местъа æмæ Козианы зæрдæ æппынæдзухдæр æхсайы ацы адæймагмæ, уымæн æмæ уый æфсады ис:

а) Местъайы æфсымæры лæппумæ;

æ) Козианы æфсымæры лæппумæ;

б) Сæ фырты фырт Абемæ;

в) Матейы фырты фыртмæ;





  1. Мате æмæ Местъа ныр дыууиссæдз азы быцæу кæнынц ацы фарстыл æмæ йæ нæма аскъуыддзаг кодтой:

а) чи сæ хистæр у;

æ) чи хуыздæр зары;

б) кувынмæ хуыздæр чи арæхсы;

в) бинонты хъуыддаг раздæр чи бакодта;



  1. Местъа æмæ нын Мате нæ зæрдыл æрлæууын кодтой:

а) нарты Уырызмæг æмæ Хæмыцы;

æ) Сæтти æмæ Бæттийы;

б) Коцойты Арсены Тедо æмæ Симоны;

в) Будзи æмæ Сауийы;



  1. «Урс фынтæ» ,ома:

а) сыгъдæг;

æ) æхцон;

б) зымæгон, дæлмит, фæлурс фынтæ;

в) хорз;



  1. Гуыцмæзты Алешы радзырд «Пахуымпар» æвдисы:

а) æрдз æмæ адæймаджы 'хсæн удхæстæгдзинад;

æ) ирон адæмы фæлгонц тугкалæн хæстыты;

б) мады монументалон фæлгонц;

в) адæймаджы æрдзыхъæд æмæ уæвынадыл сагъæс;



  1. Радзырд «Пахуымпар» - ы быцæу кæнынц:

а) рухс æмæ талынг;

æ) фыссæг - пахуымпар æмæ æрвон пахуымпар;

б) цард æмæ мæлæт ;

в) зæххон цард æмæ мæрдтыбæсты цард;



  1. Алешы радзырд «Пахуымпар» - ы фыссæг - пахуымпар цин кæны:

а) «Кæдæй - уæдæй ма ахæм хорз уацмыс ныффыстон»;

æ) «Мæ уацмыс адæмы зæрдæмæ фæцыди»;

б) «…уæларвон цæрджыты , адæймагады хъысмæт скъуыддзаггæнджыты бауырндзæн - «зæххон адæмы зонд бынтон галиумæ здæхт кæй нæ у, æдзух фыддзинад æрымысыныл кæй нæ хардз кæны йæ хъару…»;

в) «Æнхъæлдæн, мæ рухс бæллиц сæххæст!»;



  1. Радзырд «Пахуымпар» - ы æрвон пахуымпар зæххон пахуымпар - фыссæгæн амоны, ничи дæм байхъусдзæн, уæгъды ныфс æвæрыс дæ ног фыст уацмысæй, зæгъгæ, уымæн æмæ:

а) «адæмæн сæ сæр уый бæрц нæма ахсы»;

æ) «сæ зæрдæмæ нæ фæцæудзæн»;

б) «адæм æгуыдзæг уымæн сты, сæ хæрзтæм кæй нæ хъусынц»;

в) «адæмы искæй хорз нæ фæнды»;















  1. Алешы «Пахуымпар» - ы æрвон пахуымпар куы ацыд, уæд зæххон пахуымпар фехъал æмæ зæрдæхæлд фæци:

а) адæмыл низ сыстад;

æ) адæм кæрæдзи цæгъдынмæ фесты;

б) « йæ радзырды гæххæтт йæ фарсмæ нал уыд. Чидæр дзы топпы нæмгуытæ сифтыгъта. Иу сыф та дзы бæласы цонгыл ауыгъд уыд, лыстæг хуынчъытæй. Æвæццæгæн æй мысанæн сæвæрдæуыд»;

в) доны зæй рацыд;





























































































Гуыцмæзты Алеш

2 вариант

  1. Гуыцмæзты Алексийы фырт Алеш райгуырди:

а) 1948 азы Хуссар Ирыстоны, Додоты хъæуы;

æ) 1949 азы, Ирыстоны хуссар хайы, Хæрдысæры хъæуы;

б) 1950 азы, Хуссар Ирыстоны, Хуыгаты хъæуы;

в) 1951 азы, чысыл Леуахийы рахиз фарс чысыл хъæуы;



  1. Гуыцмæзты Алеш Уанаты астæуккаг скъола каст куы фæци, уæд бацыди Максим Горькийы номыл литературон институтмæ æмæ дзы фæцахуыр кодта:

а) дыууæ азы, стæй æрыздæхт фæстæмæ йæ райгуырæн уæзæгмæ;

æ) æртæ азы, стæй куысты ныллæууыд Мæскуыйы газеттæй иуы редакцийы;

б) цыппар азы, стæй ныллæууыд куысты Цхинвалы педагогон институты;

в) фондз азы, стæй бацыд куыстмæ телеуынынадмæ;



  1. Алеш литературон институты фæстæ акуыста цалдæр раны. Фæлæ йæ зæрдæмæ хæстæгдæр лæууыд сфæлдыстадон куыст, æмæ уæд куыстмæ бацыд культурæйы зонадон - методикон центрмæ методистæй. Уый фæстæ 1988 азы бацыд кусынмæ ацы куыстуатмæ æмæ дзы фæкуыста суанг йæ мæлæты бонмæ:

а) газет «Советон Ирыстон» - мæ;

æ) журнал «Фидиуæг» - мæ , бæрнон нымæрдары бынатмæ;

б) радиомæ:

в) телеуынынадмæ;



  1. Гуыцмæзты Алеш æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта:

а) скъоладзау ма куы уыд, уæд;

æ)литературон институты куы ахуыр кодта, уæд;

б) культурæйы зонадон - методикон центры куы куыста, уæд;

в) журнал «Фидиуæг» - ы куы куыста. уæд;



  1. Ацы зындгонд курдиатджын фыссæгæн 1992 азы 25 майы æхсæвы гуырдзыйы тыхгæнджыты, искæй зæхх æмæ фæллой тыхæй исджыты сармадзаны нæмыджы схъисæй мæлæтдзаг цæф фæци æмæ ахицæн йæ бинонтæй, йæ адæмæй, йæ фыдыбæстæйæ:

а) Гафез:

æ) Дзугаты Георги;

б) Гуыцмæзты Алеш;

в) Дзесты Куыдзæг;



  1. Гуыцмæзты Алешы радзырд «Урс фынтæ» фыст у:

а) Алешæн йæхи цахъхъæн фæсивæды цардыл;

æ) Мæскуыйæ лæппу поездыл куыд цæуы сæхимæ йæ райгуырæн хæххон хъæумæ Ирыстонмæ;

б) иу æнæном хохаг хъæууон усыл;

в) дыууæ зæронд лæджы цардыл 20 - æм æнусы дыккаг æмбисы иу хæххон ирон хъæуы;



  1. Алешы радзырд «Урс фынтæ» - йы зымæгон бонтæ æрвитынц иу хæххон хъæуы иу мыггагæй, иу фыды фыртæй дыууæ зæронд лæджы:

а) Калманты Сæтти æмæ Бæтти;

æ) Есеты Местъа æмæ Мате;

б) Битарты Будзи æмæ Сауи;

в) Бытъæты Созыр æмæ Хъази;

  1. Радзырд «Урс фынтæ» - йы ацы архайæг ерыс кæны йе'мбал зæронд лæгимæ сæ къуындæг æрвылбоны царды фыццаг уæвыны охыл, стæй, ивгъуыд мысгæйæ, та -уымæй хъæбатырдæр кæй уыд, уый рæгъмæ рахæссыныл:

а) Местъа;

æ) Мате;

б) Къола;

в) Джако;



  1. Местъа Матейы рахуыдта:

а) картофхор;

æ) сылыхор;

б) бынхор;

в) хæдмæлхор;



  1. Местъа Матейы хъæдын фыййагæй хъæууынджы миттæ фæйлаугæ куы федта, уæд:

а) тынг ныддис кодта;

æ) фырмæстæй хæрдмæ фæхаудта;

б) цыма Местъайы исчи дзæккорæй зæххыл ныкъкъуырдта, уыйау йæ бон фезмæлын нал баци;

в) йæ хурхы уадындзтæ адымстысты;



  1. Местъайы зæронд æмкъаймæ адæм хъусаг кæй сты , уый тыххæй йæ Местъа хоны:

а) «Инæлар»;

æ) «Булкъон»;

б) «Быргад»;

в) «Сæрдар»;



  1. Радзырд «Урс фынтæ» - йы Местъа ацы аз сфæнд кодта йæ комахсæйнаджы аргæвдын раздæр:

а) доныскъæфæны;

æ) доныскъæфæны фæстæ нæуæгбоны къуыри;

б) цыппурсы;

в) цыппурсæй къуыри раздæр - сывæллæтты нæуæгбоны;



  1. Местъа æмæ йæ бинойнаг Козиан райсомæй куы райхъал вæййынц, уæд:

а) æрымысынц сæ æрыгон цард;

æ) райдайынц Хуыцаумæ кувын;

б) кæрæдзийæн радыгай фæдзурынц се'хсæвы фынтæ;

в) райдайынц иннæ бонмæ пълантæ аразын;



  1. «….Фæлæ мын ныр та Абейы мæт сæтты ме уæнг. Уæртæ Китайы цур ис æфсады… Мæ цин мæ хъæбул у, мæ хъыг - Китайы хъаугъа…» - ныхæстæ кодта Местъа:

а) йæ бинойнаг Козианæн;

æ) Матейæн;

б) йæ сыхагæн;

в) йæ гал Уаскъайæн;



  1. Мате æмæ Местъа æмкарæнтæ сты, фæлæ адæм Матейы хистæр хонынц, уымæн æмæ уый:

а) се'ппæтæн дæр уынаффæ фæкæны ;

æ) асдæрхуыз у;

б) сæвджын æмæ уæззау лæг у;

в) фыдæлты хабæрттæ фæдзуры;

  1. « Хыл нæ кæнут, фæлæ фидаугæ дæр нæ кæнут» - дзырдта Козиан йæ мой Местъайæн:

а) Местъа æмæ Матейæ;

æ) Местъа æмæ Абейæ;

б) Местъа æмæ Козианы æфсымæрæй;

в) Местъа æмæ сæ сыхагæй;



  1. «Æрлæудзæн уалдзæг, кæстæртæ æрæмбырд уыдзысты æмæ та цард йæ былтæй акæлдзæн Есеты уæзæгыл» - афтæ фæцис Гуыцмæзты Алешы уацмыс:

а) «Пахуымпар»;

æ) «Урс фынтæ»;

б) «Дис»;

в) «Азарут иронау, лæппутæ!»;



  1. Адæймаджы æрдзыхъæд æмæ уæвынадыл сагъæс æвдыст æрцыд Гуыцмæзты Алешы радзырд:

а) «Урс фынтæ» - йы;

æ)«Дæ чъызгæ уарзт» - ы;

б) «Пахуымпар» - ы;

в) «Дис» - ы;



  1. «Пахуымпар» - ы ацы архайæг цин кæны: ныр «уæларвон цæрджыты , адæймагады хъысмæт скъуыддзаггæнджыты бауырндзæн - «зæххон адæмы зонд бынтон галиумæ здæхт кæй нæ у, æдзух фыддзинад æрымысыныл кæй нæ хардз кæны йæ хъару…»:

а) хуымæтæг фыййау;

æ) фыссæг - пахуымпар;

б) æрвон пахуымпар;

в) зæхх;



  1. «Мах фæнды, цæмæй адæмæй мыггаг мауал ныууадзæм, сыскъуынæм сæ. Сæ амондæн ды фæстаг рæстæджы фæзындтæ, фæлæ уæддæр нæ хъуыды нæ аивтам» - дзырдта:

а) Дуртула Амыранæн Брытъиаты Елбыздыхъойы драмæ «Амыран» - ы;

æ) æрвон пахуымпар фыссæг - пахуымпарæн Гуыцмæзты Алешы радзырд «Пахуымпар» - ы;

б) Атох Борæханæн Джыккайты Шамилы «Хъодыгонд зæд» - ы;

в) Лорис - Меликов Темырболатæн Булкъаты Михалы роман «Теркæй Туркмæ» - йы;



  1. Радзырд «Пахуымпар» - ы фыссæг - пахуымпары уæддæр ныфс ис, йæ ног уацмысы цы зонд ис, уымæ байхъусдзысты æмæ:

а) æппæт адæмтæ хæларæй цæрдзысты;

æ) адæм кæрæдзи нал хъыгдардзысты;

б) æрвон пахуымпартæ адæмы нал фæцæгъддзысты;

в) кæрæдзимæ хæлæг нал кæндзысты;



  1. «Æз райхъал дæн. Мæ радзырды гæххæтт мæ фарсмæ нал уыд. Чидæр дзы топпы нæмгуытæ сифтыгъта. Иу сыф та дзы бæласы цонгыл ауыгъд уыд, лыстæг хуынчъытæй. Æвæццæгæн æй мысанæн сæвæрдæуыд». Ахæм ныхæстæй фæци Гуыцмæзты Алешы ацы уацмыс:

а) «Азарут иронау, лæппут»;

æ) «Дæ чъызгæ уарзт»;

б) «Дис»;

в) «Пахуымпар»;













Ходы Камал

1 вариант

  1. У Цæгат Ирыстон - Аланийы Фысджыты цæдисы сæрдар, Уæрæсейы Федерацийы Фысджыты цæдисы правленийы нымæрдар, Ирыстоны адæмон поэт, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон преми æмæ Хуадонты Зурабы хæрзаудæн фонды преми «Нарты фæткъуы» - йы лауреат, æхсæнадон архайæг:

а) Хъодзаты Æхсар;

æ) Малиты Васо;

б) Дзасохты Музафер;

в) Ходы Камал;



  1. Ходы Камал райгуырд Зæронд Бæтæхъойыхъæуы, фæлæ фæстæдæр ралыгъдысты Ног Бæтæхъойыхъæумæ, ахуыр дæр уым кодта. Астазон скъола каст куы фæци, уæд кусынмæ бацыд:

а) сæ колхозмæ;

æ) Беслæны хойраджы комбинатмæ;

б) Беслæны агуыридургæнæн заводмæ;

в) Беслæны æхсыры заводмæ;



  1. Камал, Беслæны хойраджы комбинаты кусгæйæ, ахуыр кодта кусæг фæсивæды скъолайы дæр. Каст æй фæцис 1959 азы. Уый фæстæ цыбыр рæстæджы акуыста:

а) Рахизфарсы районы газеты;

æ) районы библиотекæйы;

б) Дзæуджыхъæуы Ирон театры;

в) радиойы;



  1. Ходы Камал театры куысты фæстæ бацыд педагогон институтмæ , фæлæ йæ каст нæ фæци. Фæстæдæр сси:

а) радиойы хистæр редактор;

æ) телеуынынады хистæр редактор;

б) газет «Рæстдзинад» - ы хистæр редактор;

в) куклаты театр «Саби» - йы директор;



  1. Камал телеуынынады куысты фæстæ бацыд Мæскуыйы литературон институтмæ æмæ йæ каст фæцис 1970 азы. Литературон институты фæстæ куыста:

а) журнал «Ногдзау» - ы редакцийы;

æ) журнал «Фидиуæг» - ы редакцийы;

б) журнал «Мах дуг» - ы редакцийы критикæ æмæ публицистикæйы хайады сæргълæууæгæй;

в) ирон театры аивадон разамонæгæй;



  1. 1990 азы ацы зындгонд ирон фыссæджы Республикæ Цæгат Ирыстон - Аланийы фысджытæ сæ съезды сæвзæрстой Фысджыты Цæдисы сæрдарæй æмæ дзы кусы абоны онг:

а) Агънаты Гæстæн;

æ) Ходы Камал;

б) Хуыгаты Сергей;

в) Дзасохты Музафер;



  1. «….бирæ уыдысты, фæлæ дзы цыппар лæппуйы, Дюмайы цыппар мушкетерау , бынтон æнгом уыдысты, мæнæ иронау куыд акæнынц - иу хæдон дæр сын уæгъд уыди. Уыдон уыдысты Хъодзаты Æхсар, Малиты Васо, Джыккайты Шамил æмæ Ходы Камал. Ацы лæппутæй, зиумæ куы 'рбацыдысты, уæдæй фæстæмæ стыр ныфс æвæрдтой хистæр фæлтæры хуыздæр минæвæрттæ - Плиты Грис, Гафез, Дзугаты Георги, Цæрукъаты Алыксандр, Мамсыраты Дæбе, Дзаттиаты Тотырбег æмæ иннæтæ. Гъе, æмæ цыппар дæр рацыдысты æцæг ныфсы лæгтæ нæ литературæйæн» -загъта:

а) Хуыгаты Сергей;

æ) Джусойты Нафи;

б) Агънаты Гæстæн;

в) Дауыраты Дамир;



  1. Ходы Камалы ацы æмдзæвгæйы мидис у Фыдыбæстæйæн фыртæн бæззын, йæ цин æмæ хъыгтæй цæрын:

а) «Къахвæндаг»- ы;

æ) «Хуынды» - йы;

б) «Гаджидау» - ы;

в) «Ирыстонмæ» - йы;



  1. Ходы Камал йе 'мдзæвгæ «Ирыстонмæ» - йы йæ царды сæйрагдæр хæсыл нымайы:

а) хорз цот схъомыл кæнын;

æ) уæлæуыл хорз ном ныууадзын;

б) æнæхин куыст кæнын;

в) Ирыстоны сагъæстæй хайджын уæвын, знаджы раз зонгуытыл нæ лæууын, йæ Фыдыбæстæйы тохы бон æхст фатау стъæлфын, мадæлон æвзаг иннæтæй фылдæр уарзын, Иры хæхты хъулон уарзт кæнын;



  1. Ацы æмдзæвгæ хауы, Ходы Камалæн ноджы йæ кад бæрзонддæр чи систа, йæ поэтикон авналæнтæ æмæ дзуринæгтæ йын чи фæхъæздыгдæр кодта, йæ уыцы уацмыстæм:

а) «Ирыстонмæ»;

æ) «Гаджидау»;

б) «Сæумæрайсомы арфæ»;

в) «Сфæлдыстад»;



  1. Ходы Камалы æмдзæвгæ «Гаджидау» - ы :

а) нывгонд цæуы культы атмосферæ рæстдзæвин æмæ бæзджын ахорæнтæй;

æ) æвдыст цæуы йе'мбæстагон маст æмæ хъыг æрдз удджын кæныны фæрцы;

б) мах уынæм:, уацмыс сыгъдæг кæны адæймаджы уд, йæ ном ын исы бæрзонд æмæ йæ ардауы рæстаг æмæ фæрнджын фæндагыл, цæмæй ма зона рæдийын;

в) ис чысыл Ирыстон æмæ стыр дунейы бастдзинад;



  1. Ходы Камалмæ ис сыгъдæг куывтытæй уацмыс дæр:

а) «Сæумæрайсомы арфæтæ»;

æ) «Хуынды»;

б) «Къахвæндаг»;

в) «Быдираг хъæуы ритмтæ»;



  1. «…æрвылрайсом нæ хохрындзтыл зæлдаг сæуæхсид хъазæд»; «къобор лæппутæ - сагсуртæ ирон чындзытæн гуырæд»; «ирон кæртæй ирон ныхас , æхсæры къæрццау , хъуысæд»; «бынатмондаг сæлхæртæй нын нæ рагон уæзæг бахиз» - ацы арфæтæ йæ адæмæн Ходы Камал домы йе'мдзæвгæ «Сæумæрайсомы арфæтæ» - йы :

а) дунейы фарнæй;

æ) Стыр Хуыцауæй;

б) Уастырджийæ;

в) зæдтæ æмæ дауджытæй;



  1. Ходы Камалы ацы æмдзæвгæйы ис хъуыдытæ царды фæтк æмæ мидисыл, æцæг æмæ мæнг хæзнатыл, рæстдзырды фарн æмæ намысы домæнтыл:

а) «Гаджидау» - ы;

æ) «Рæстдзырды сонет» - ы;

б) «Денджызæй куы не'рбаздæхы нау..» - ы;

в) «Æхсæв хохаг хъæуы» - йы;



  1. Ходы Камалы æмдзæвгæ «Рæстдзырды сонет» - ы авторы бæллиц у:

а) сæрибар цард;

æ) адæмы иудзинад;

б) тæмæнкалгæ рæстылдзурæг ныхас;

в) æнæмæлгæ дуне;



  1. Камалы ацы æмдзæвгæйы лирикон хъайтар куы фервæзы æрвылбоны хъæрахстæй , куы 'рулæфы йæ уонг, куы 'ррæсуг вæййы йæ зонд, уæд, цыма раздæр кæй ферох кодта , уыцы сагъæстæ - уæлтæмæнон хъуыдытæ ногæй, фынуынæгау, æрлæууынц йæ зæрдыл:

а) «Рæстдзырды сонет» - ы;

æ) «Сфæлдыстад»- ы;

б) «Быдираг хъæуы ритмтæ» - йы;

в) «Ирыстонмæ» - йы;



  1. Ходы Камалы ацы æмдзæвгæйы ныхас цæуы трагикон хабæрттыл:

а) «Къахвæндаг» - ы;

æ) «Æхсæв хохаг хъæуы» - йы;

б) «Денджызæй куы не 'рбаздæхы нау….» - ы;

в) «Хуынды» - йы;



  1. Камалы æмдзæвгæ «Денджызæй куы не 'рбацæуы нау…» - ы нау царæфтыд куы бавæййы, куы нал æрбаздæхы денджызæй, уæд:

а) «уадхæссæг цъиутæ тарст хъæр фæкæнынц»;

æ) «бæстæ ныттар вæййы»;

б) «иннæ наутæ æмырæй фæлæууынц, се' мбалы сæфтыл сусæгæй фæкæуынц»;

в) «уылæнтæ æхсæвыгæтты саумарой фæкæнынц»; «Сау фæдарынц идæдзæй аззайæг устытæ»; «чиновниктæ 'ддæг -мидæг ысвæййынц: чи йæ бынатæн ыстæрсы, чи - йæ ном, йæ кадæн….» «тархъæды - науы райгуырæн бæстæйы - бындзарæйлыг бæлæсты зиллæччытæй хъарм цæссыгтæ схъары»;



  1. Ходы Камалы ацы æмдзæвгæтæ сты сæрибар поэтикон формæ верлибрæй арæзт:

а) «Сфæлдыстад»æмæ «Денджызæй куы не 'рбаздæхы нау»;

æ) «Гаджидау» æмæ «Ирыстонмæ»;

б) «Сæумæрайсомы арфæ» æмæ «Рæстдзырды сонет»;

в) «Быдираг хъæуы ритмтæ» æмæ «Хуынды»;



  1. Ходы Камалы ацы иунæг æмдзæвгæйы дæр фендзыстæм, поэт куыд хорз зоны хъæууон цардæвæрд, йæ цинтæ, йæ хъыгтæ æмæ сын йæ зæрдæйы алыхатт дæр кæй ис бынат:

а) «Сæумæрайсомы арфæ» - йы;

æ) «Къахвæндаг» - ы;

б) «Быдираг хъæуы ритмтæ» - йы;

в) «Рæстдзырды сонет» - ы;



  1. Ходы Камалы уацмыс «Быдираг хъæуы ритмтæ» - йы уæлдай цардуагон - философон кæны æмдзæвгæйы ацы бынат:

а) …Æндæгъд рудзгуытæй бур рухсытæ хъары.

Бæласы къæс - къæс дæлбылæй ссыд;

æ) …Мылазон арвæй урс - урсид мит уары.

Йæ ихын кæрцы цæугæдон тыхсы;

б) …Æмæ та ног - æгуыппæгдзинад æрдзы…

Æнæрцæф телты иугæндзон дыз - дыз…;

в) …Кæмдæр ма бады иу - чидæр æнкъардæй….

Йæ талынг уатæй урс митмæ кæсы…;



  1. «Камалы æмдзæвгæтæй мæ уды алгъыл иу сулæфтæй чи аныдзæвы , æхсинæджы сисау , уыдон сты, фыццаджыдæр, йæхи биографион цардæвæрæнтæй чи рантыст, уыцы рæнхъытæ» - бафиппайдта:

а) Хъодзаты Æхсар;

æ) Хуыгаты Сергей;

б) Джусойты Нафи;

в) Малиты Васо;











































































Ходы Камал

2 Вариант

  1. Ирыстоны адæмон поэт Ходы Камал райгуырд:

а) 1937 азы Хъæдгæроны;

æ) 1937 азы Бруты;

б) 1941 азы Зæронд Бæтæхъойыхъæуы;

в) 1943 азы Хъарман - Сындзыхъæуы;



  1. Ходы Камал астазон скъолайы фæстæ бацыд кусынмæ Беслæны хойраджы комбинатмæ, уыимæ ахуыр кодта:

а) Беслæны профтехучилищейы;

æ) кусæг фæсивæды скъолайы;

б) фæсаууонмæ педагогон училищейы;

в) фæсаууонмæ базарады техникумы;



  1. Камал кусæг фæсивæды скъолайы фæстæ цыбыр рæстæджы акуыста Дзæуджыхъæуы Ирон театры. Уый фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыд ацы ахуыргæнæндонмæ, фæлæ йæ каст нæ фæцис:

а) хъæууон - хæдзарадон институтмæ;

æ) медицинон институтмæ;

б) хæххон - металлургон институтмæ;

в) педагогон институты филологийы факультетмæ;



  1. Ходы Камал пединститут куы ныууагъта, уæд ссис телеуынынады хистæр редактор. Фæлæ поэзи йæ зæрдæмæ æввахс кæй лæууыд, уымæ гæсгæ ацы куыст дæр ныууагъта. Бацыд ахуыр кæнынмæ ацы ранмæ æмæ йæ æнтыстджынæй каст фæцис 1970 азы:

а) Мæскуыйы Литературон институтмæ;

æ) Ленинграды уырыссаг литературæйы институты аспирантурæмæ;

б) Мæскуыйы литературон институты аспирантурæмæ;

в) Цхинвалы литературон институтмæ;



  1. Камал Литературон институты фæстæ куыста журнал «Мах дуг» - ы редакцийы критикæ æмæ публицистикæйы хайады сæргълæууæгæй. Уый фæстæ куыста рауагъдад «Ир» - ы, Цæгат Ирыстоны Министрты Советы цур Мыхуыр æмæ чингуыты базарады комитеты, ирон театры директорæй, 1990 азæй абонмæ кусы:

а) Фысджыты Цæдисы сæрдарæй;…………..

æ) Цæгат Ирыстон -Аланийы хицауады;

б) Цæгат Ирыстон - Аланийы «Ирон Ныхас» - ы;

в) Журналистты Цæдисы сæрдарæй;



  1. «Чиныджы фæрцы æз хæрзæвзонгæй базонгæ дæн æмæ мыггагмæ мæ зæрдæйæн хион систы алæмæты «Нарты кадджытæ», уыдон мын ныууагътой мæ риуы ирон аив дзырды бæрзонд фидыцы ад, уыдон мæ сахуыр кодтой Хорз æмæ Æвзæр, Мæнг æмæ Æцæг кæрæдзийæ иртасыныл. ….». Ацы ныхæстæ загъта зындгонд ирон фыссæг:

а) Ходы Камал;

æ) Джыккайты Шамил;

б) Хъодзаты Æхсар;

в) Малиты Васо;







  1. Ходы Камалы æмдзæвгæ «Ирыстонмæ» - йæн йæ мидис у:

а) Фыдыбæстæйæн фыртæн бæззын, йæ цин æмæ хъыгтæй цæрын;

æ) ирон лæджы мардæн æцæгæлон зæххыл нæй уадзæн;

б) адæймагыл царды, фидæны раз егъау бæрн ис;

в) хæсты чи фæсахъат, ахæм адæмæн лæггад кæнын;



  1. Адæймаг йæ Фыдыбæстæйыл куыд æнувыд хъуамæ уа æмæ йын куыд лæггадгæнгæ у - ахæм амынд ис Ходы Камалы æмдзæвгæ:

а) «Рæстдзырды сонет» - ы;

æ) «Ирыстонмæ» - йы;

б) «Сфæлдыстад» - ы;

в) «Сæумæрайсом арфæйы»;



  1. Ирыстоны сагъæстæй хайджын уæвын, знаджы раз зонгуытыл нæ лæууын, йæ Фыдыбæстæйы тохы бон æхст фатау стъæлфын, мадæлон æвзаг иннæтæй фылдæр уарзын, Иры хæхты хъулон уарзт кæнын. Гъе, уый Ходы Камал нымайы йæ царды сæйрагдæр хæсыл йæ æмдзæвгæ:

а) «Быдираг хъæуы ритмтæ» - йы;

æ) «Денджызæй куы не'рбаздæхы нау» - ы;

б) «Гаджидау» - ы;

в) «Ирыстонмæ» - йы;



  1. Ходы Камалы ацы æмдзæвгæ рухс куы федта, уæд æй адæм цингæнгæ кастысты, зæлыд клубтæ æмæ театрты сценæтæй, радио, телеуынынадæй:

а) «Хуынды»;

æ)«Æхсæв хохаг хъæуы»;

б) «Гаджидау»;

в) «Къахвæндаг»;



  1. Ходы Камалы ацы уацмыс сыгъдæг кæны адæймаджы уд, йæ ном ын исы бæрзонд æмæ йæ ардауы рæстаг æмæ фæрнджын фæндагыл, цæмæй ма зона рæдийын:

а) «Ирыстонмæ»;

æ) «Гаджидау»;

б) «Рæстдзырды сонет»;

в) «Сфæлдыстад»;



  1. Ацы æмдзæвгæйы Ходы Камал арфæтæ кæны æмæ арфæты хуызы хаты Стыр Хуыцаумæ , цæмæй нæм цæстуарзонæй ракæса, рæстудæн дæр, мæнгудæн дæр рахæсса йæ рæстаг тæрхон:

а) «Гаджидау»;

æ) «Ирыстонмæ»;

б) «Хуынды»;

в) «Сæумæрайсомы арфæтæ»;



  1. Ходы Камал йе'мдзæвгæ «Сæумæрайсомы арфæтæ» - йы йæ ирон адæмæн стыр Хуыцауæй домы:

а) æнæниздзинад, æнæмаст цард;

æ) амондджын цард, цардбæллон кæстæрты;

б) ныфс, хъару æмæ быхсондзинад;

в) «æрвылрайсом нæ хохрындзтыл зæлдаг сæуæхсид хъазæд»; «къобор лæппутæ - сагсуртæ ирон чындзытæн гуырæд»; «ирон кæртæй ирон ныхас, æхсæры къæрццау, хъуысæд»; «бынатмондаг сæлхæртæй нын нæ рагон уæзæг бахиз…»;



  1. Ходы Камал йæ ацы æмдзæвгæйы бæллы тæмæнкалæг рæстылдзурæг ныхасмæ:

а) «Гаджидау» - ы;

æ) «Сæумæрайсомы арфæтæ» - йы;

б) «Рæстдзырды сонет» - ы;

в) «Сфæлдыстад» - ы;



  1. Ходы Камалы ацы æмдзæвгæ райгуырдис сæрибар поэтикон формæ верлибрæй:

а) «Сфæлдыстад»;

æ) «Къахвæндаг»;

б) «Гаджидау»

в) «Хуынды»;



  1. Æмдзæвгæ «Сфæлдыстад» фæцис ахæм рæнхъытæй:

а) «Кæмдæр ма бады иу - чидæр æнкъардæй…

Йæ талынг уатæй урс митмæ кæсы…»;

æ) «Мæнгæн нæ загъта Уырысы пахуымпар:

Паддзах дæ ды! Цæр иунæгæй, поэт!»;

б) «тæмæнкалгæ рæстылдзурæг ныхас,

Тæхудиаг, кæмæн бафты йæ къухы!»;

в) «Нæ уыдзынæн нæ - Иры фырт, нæ - Ходы,

Сæ дыууæ дæр мыл бакæндзысты хъоды»;



  1. Ходы Камалы æмдзæвгæ «Денджызæй куы не 'рбаздæхы нау….» - ы ныхас цæуы:

а) царды хъæлдзæг хабæрттыл;

æ) трагикон хабæрттыл;

б) æфсæддон царды хабæрттыл;

в) Райгуырæн бæстæйы хъынцъымыл;



  1. Ходы Камалы æмдзæвгæ «Денджызæй куы не 'рбаздæхы нау» - ы æппæты фылдæр рыст баййæфтой:

а) денджызы уылæнтæ;

æ) идæдзæй аззайæг устытæ;

б) чиновниктæ;

в) тархъæды -науы райгуырæн бæстæйы - бындзарæйлыг бæлæстæ;



  1. Ходы Камалы æмдзæвгæтæ «Сфæлдыстад» æмæ «Денджызæй куы не «рбаздæхы нау» фыст сты поэтикон формæ верлибрæй. Верлибр у;

а) сæрибар стихы формæ,цавд æмæ æдзавд уæнгты нымæц бæлвырд кæм нæу, ахæм стих; нæй дзы æмхуызон фæлхатгæнæг строфатæ; гæнæн ис æмæ дзы рифмæ дæр ма уа;

æ)зылынгæнæн ныхас; царды исты цауæн кæнæ адæймагæн зылынгæнæн карз ныхасы йæ фыдракæнд раргом кæнын æмæ йæ багæды кæнын;

б) æрмæст иу æвзаджы чи вæййы æмæ æндæр æвзагмæ комкоммæ бæлвырд ратæлмацгæнæн кæмæн нæй, ахæм ныхас кæнæ ныхасы здæхт;

в) рагон Гречъы лирикон поэзийы хуызтæй иу:æнкъард зæрдæйы уагыл фыст æмдзæвгæ;



  1. Камалы ацы æмдзæвгæйы фенæн ис зымæгон æрдзы рæсугъддзинад, æхсæвы æгуыппæгдзинад, æвиппайды уынæрты зæлфыст:

а) «Æхсæв хохаг хъæуы» - йы;

æ) «Быдираг хъæуы ритмтæ» - йы;

б) «Сæумæрайсомы арфæ» - йы;

в) «Ирыстонмæ» - йы;





  1. Ходы Камал йе 'мдзæвгæ «Быдираг хъæуы ритмтæ» - йы зымæгон быдираг хъæу куыд ныв кæны, уыдæттæ иууылдæр дзурæг сты, йæ поэтикон уынынадыл дæр æмæ, цæуыл дзуры, уыдæттæ тынг хорз кæй зоны, æппæт уыдæттыл дæр:

а) Цалхыдзаг мæй æрытыдта йæ базыр,

Мæ фæрссагæй æрбакасти йæ тын…;

æ) Мылазон арвæй урс - урсид мит уары.

Йæ ихын кæрцы цæугæдон тыхсы.

Æндæгъд рудзгуытæй бур рухсытæ хъары.

Бæласы къæс - къæс дæлбылæй ыссыд…;

б) Ныссабыр зæхх..Ныттар ис ком…

Цъæх фæлмы айнæг хæхтæ джиуынц…

Мæй арвыл рабалц и æргом,

Йæ сæрмæ стъалытæ æрттивынц;

в) Дæлдæр та - цъититы фыд их,

Дыдзы рухс комы дзыхмæ калы…

Уым комы хъæутæ , хъæдтæ - джих,

Лæджы æрхæндæг дзы ысмал и…;



  1. Ходы Камал у:

а) «Кады Нысан» - ы орденхæссæг;

æ) Фæллойадон Сырх Тырысайы орденхæссæг, аивæдты сгуыхт архайæг;

б) Цæгат Ирыстон - Аланийы Фысджыты цæдисы сæрдар, Уæрæсейы Федерацийы Фысджыты цæдисы правленийы нымæрдар, Ирыстоны адæмон поэт, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон преми æмæ Хуадонты Зурабы хæрзаудæн фонды преми «Нарты фæткъуы» - йы лауреат, æхсæнадон архайæг;

в) «Телеуынынад æмæ радиохъусынады иттæг хорз кусæг», Адæмты хæлардзинады орденхæссæг.



190





 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал