7


  • Учителю
  • Доклад по осетинской литературе «Фидæныл сагъæс Къостайы сфæлдыстады æмæ нырыккон поэзийы».

Доклад по осетинской литературе «Фидæныл сагъæс Къостайы сфæлдыстады æмæ нырыккон поэзийы».

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала





















Доклад

«Фидæныл сагъæс

Къостайы сфæлдыстады æмæ

нырыккон поэзийы».





Бацæттæ кодта

Гогаты У.З.





Дзæуджыхъæу 2016 аз.

Цы уыдзæн нæ фидæн нæ фæстаг?-ацы фарст сæвзæры бирæтæм.Иутæ хъуыды кæнынц æрмæст сæхи,сæ бинонтæ æмæ хиуæттыл,иннæтæ та-сæ адæмы,æнæхъæн бæстæйы,дунейы сомбоныл.

Цард цæуы,æнустæ ивынц æнустæ,семæ ивынц æхсæнадон арæзт æмæ йæ проблемæтæ.Алы æхсæнады дæр ис йæхи хъæндзинæдтæ,кæцытыл незаманæй абоны онг хъуыды кодтой адæм.Æнусты дæргъы адæмы бацыд фидæныл мæт.Алчи дæр тарст фæстагæтты раз худинагæй,бæллыдысты сæ ном кадджын куыд уыдаид,уымæ; æмæ сæ сæртæ нывондæн хастой стыр æмæ номы хъуыддæгтыл.

1885 азы Къоста фыццаг хатт æрæвæрдта ирон дзыллæйы æхсæнадон царды ахсджиаг фарст «Цы уыдзæн нæ фидæн,нæ фæстаг?»-æмæ уæдæй абонмæ нæ фæиппæрд Иры хъæбулты зæрдæйæ.

Къоста йæхи хæсджыныл нымадта адæмы раз.Уый хæцыд паддзахадон системæйы ныхмæ,æргом кодта хицауады фыдракæндтæ,цыди «тæрхоны лæгтæ» æмæ «æрцæуæг æлдæртты» ныхмæ.Къоста бæллыд,цæмæй ирон адæмы æхсæн фæзындаид ахæм куырыхон лæгтæ,адæмы мæт æмæ сагъæс йæ зæрдæмæ арф чи айстаид,рухсдæр фидæнмæ сын фæндаг чи бацамыдтаид.

Къостайы хъуыдымæ гæсгæ,æцæг поэт хъуамæ æмбара адæмы маст,адæмы хъыг.Уымæй уæлдай ма хъуамæ уа адæмы бартыл тохгæнæг,сæ фæтæг,сæ ныфсдæттæг.Йæ барджын ныхасæй хъуамæ парахат кæна иудзинад,хона сæ тохы фæндагыл сæрибармæ,рухсдæр фидæнмæ,амондмæ.

Æлборты Хадзы-Умар дæр зæгъы,зæгъгæ,иу кæнæ иннæ æцæг поэт,нывгæнæг йæ рæстæг æмæ йæ дунейæ хицæнæй ,иппæрдæй никуы фæцæры.Поэт йæ рæстæг æмæ йæ дунеимæ баст у,зайæгхал зæххимæ,уæлдæфимæ баст куыд у,афтæ,æнæ уыдон ын цæрæн ,рæзæн нæй.

Æмдзæвгæ «Ракæс»-ы,иуырдыгæй,дзырд цæуы поэтæн йæхи царды хъысмæтимæ,иннæрдыгæй та ирон адæмы историон хъысмæтыл,йæ фидæныл,йæ сомбоныл.Уый ууыл дзурæг у,æмæ Къоста йæхи никуы хицæн кодта йæ райгуырæн бæстæйæ.

Æппæтæн дæр зындгонд у æмдзæвгæ «Додой».Йæ сæйраг идея у фæллойгæнæг адæмы иумæ йе ,фхæрджыты ныхмæ æрбамбырд кæнын æмæ сæ сæрибары тохы фæндагыл ныллæуын кæнын.

Поэт «тæрхоны лæгтыл»нымайы,адæмы бартæ сæ къухмæ чи райста æмæ сæ фосы бынаты чи æвæры,сæ сæрибардзинад сын сæ къæхты бын чи ссæнды,уыдоны.Карз æлгъыст кæны уыцы «тæрхоны лæгты» уымæн,æмæ кæд сæхи адæмы сæрхъуызойтæ хуыдтой,уæддæр сæм нæ хъардта мæгуыр æмæ æфхæрд фæллойгæнæг адæмы рис,сæ уæззау хъысмæт.

Къоста йæ зæрдæ нæ дардта «тæрхоны лæгтыл»,æмæ уый тыххæй сиды фыййаумæ,ахæм фæтæгмæ,адæмы иумæ чи рамбырд кодтаид,тохмæ сæ чи ракодтаид,сæ зын цардæй сæ чи фервæзын кодтаид.

Къоста йæ зæрдæ дардта адæмы ныфс æмæ хъæруйыл.Бæллыдис,адæмы социалон æмæ национ ссæстдзинады хъадамантæ кæд аппардзысты,уыцы рæстæгмæ.Æмæ сæххæст йæ бæллиц.

Фæлæ ныртæккæ сæрибарæй цæргæйæ нæ цард æппæт хорздзинæдтæй хайджын у,Къоста цæуыл тох кодта æмæ зындзинæдтæ цæй тыххæй бавзæрста,уыдон нæ фæдзæгъæл сты?

Ацы фарстытæн мæ дзуаппæн æрхæссын фæнды Джыккайты Шамилы æмдзæвгæ «Ракæс!»:

Нæ Ирыл ыстыр цин æрцыд,

Кæнæм дын бæрæгбонæй цыт,

Дæ кадыл нæртон куывдты зарæм.

Сæрибар у абон нæ цард,

Нæ катайыл бандзарæм арт,

Нæ фæндаг нæхæдæг .взарæм.

О,ракæс-ма,ракæс,Къоста!

Цæуыл кæуын абон æз та,

Мæн ацы ыстыр бон цы хъæуы?

Цæуыл уыд дæ удхар,дæ тох?

Дæ фæдзæхст-дæ фæдонтæй рох,

Дæ фæдыл дзы иу дæр нæ цæуы.

Æфтауы ныл залым фыдæх,

Фыдгултæ нын исынц нæ зæхх,

Сæ кады ном сафынц нæ адæм.

Нæ цæссыгæй фурд дæр ысцæм,

Тыхы бын нæ туджы мæцæм,-

Кæм цæрæм,кæм кусæм,кæм бадæм?

Æфхæрд æмæ хахуыр быхсæм,

Фæйнæрдæм фыд-зондæй хæцæм,

Нæ фæзынд нырма дæр нæ фæтæг.

Уынгæджы бон кувын тыхстæй

О,Стыр Къоста,ракæс,цæмæй

Нæ фæуæм бынтондæр фыдвæндаг!

Цæуыл сагъæс кæны абон та поэт?Йæ хъуыдымæ гæсгæ адæм сæ кады ном сафынц,фыдгултæ нæм уæндынц,ирон адæммæ иудзинад кæй нæй,уыйтыххæй.Иудзырдæй,Къостайы заман цы æхсæнадон проблемæтæ уыд,уыдон абон дæр сты.

Ацы æмдзæвгæ нæ ныхъхъуыды кæнын кодта,хистæртæ кæстæртимæ цавæр хъомыладон куыст хъуамæ кæной,царды цавæр ахсджиагдæр фæрстытæм се ргом здахой,цæмæй «нæ фæуæм бынтондæр фыдвæндаг».

Куыд уынæм,афтæмæй нырыккон поæттæ дæр æххуысагур се 'ргом аздæхтой нæ фæтæгмæ.Уыдонимæ Хъодзаты Æхсар дæр,»Фæрсын Къостайы» афтæ хуыйны æмдзæвгæ.

…Къоста,дæ бадæн-зæдты фарсмæ ныр.

Дæ Иры дзыхъ дæм армыдзыхъау разынд.

Дзыхъта дзыхъ у,цъыфджын æмæ сымæр.

Ам ирæттæ кæрæдзи цæгъдæг систы

Уæцъæфы тыххæй.Нарты 'взаг æрцыди

Бынысæфтмæ,ныггаффутт и нæ фарн.

Æмæ фæрсын фырадæргæй дæхийау:

цы уыдзæни, куыд уыдзæни нæ фæстаг?

Зæдбадæнмæ дæм ницы зыны ,ау?

Зæгъ-ма,Къоста:хъæр мæрдтæм дæр куы хъуысы,

Уæд мæрдты хъæр цæуылнæ хъуысы цæрдтæм,

Æви нæ хъæудзæн æгæсты мæлын?

Цæмæй фæрсы автор Къостайы.цавæр хъæр хъуысы мæрдтæм,удыгæстæм кæцы нæ хъуысы?Цавæр царды стырдæр проблемæтыл дзуры Æхсар?

Поэты хъуыдымæ гæсгæ ирон æвзаг сæфтмæ æрцыд,фыдæлты фарн æмæ æгъдæуттыл бирæтæ сæ къух систой,сæ адæймагдзинад фесæфтой.хи пайдайы тыххæй кад æмæ уды сыгъдæгдзинады сæрты ахызтысты.

Мæнмæ гæсгæ, поэт бынтон раст нæу:фыццаджыдæр,не 'взаг "бынысæфтмæ не 'рцыд.Уымæн æвдисæн,фæстаг азты нæ хицауад,астæуккаг æмæ уæлдæр ахуырадон бынæтты кусджытæ цы мадзæлттæ аразынц,ирон æвзаг æмæ национ проблемæтæ хъæугæ æмвæзадмæ сисынмæ,литературæйы рæзт,фæсивæды арæхдæр ис фехъусæн иронау дзургæйæ.

Дыккаджы та ,нæ фарн «ныггаффутт»,зæгъгæ,æгæр карз æмæ æнæраст ныхас у.Ирыстоны бирæ ис,Нæртон лæджы ном дæлæмæ чи нæ уадзы,ахæм адæм.

Къоста æрмæст бæлгæ нæ кодта рухс фидæнмæ,фæлæ йæ уырныдта æнæмæнг кæй æрцæудзæн,уый.Æмæ мах дæр уырны нæ сомбон рухс кæй уыдзæн,нæ фыдæлты кад,намыс æмæ фарн кæй бахъахъхъæндзыстæм.Æппæт ацы хорздзинæдтæ та нæ къухы уæд бафтдзысты,национ иудзинад нæм куы уа,Къостайы фæстаг фæдзæхст «кæрæдзийы уарзгæйæ цæрут»,зæгъгæ,куы æххæст кæнæм ,уæд!



 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал