7


  • Учителю
  • Тесты по осетинской литературе 9 класс

Тесты по осетинской литературе 9 класс

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

Тестытæ

ирон литературæйæ.

Ирон литературæйы равзæрд



I вариант.



1. Нæ адæмы историйы иууыл трагикондæр цауты фæлтæр райдыдта:



а) XI æнусы;

б) XIII æнусы;

в) XIV æнусы;

г) XV æнусы.



2. Алантæ манголтимæ хæцыдысты:



а) дыууæ æнусы;

б) æртæ æнусы;

в) цыппар æнусы;

г) иу æнус.



3. Цæгат Ир Уæрæсеимæ баиу официалон æгъдауæй:



а) 1802 азы;

б) 1786 азы;

в) 1774 азы;

г) 1770 азы.



4. Ирон адæмæн иннæ адæмтимæ бастдзинæдтæ фехæлдысты:



а) Туркмæ алидзыны фæстæ;

б) манголты ныббырсты фæстæ;

в) империалистон хæсты фæстæ;

г) революцийы фæстæ.



5. 1743 азы Иры арæзт æрцыд:



а) Иры динхæссæг къамис;

б) фыццаг ирон скъола;

в) фыццаг типографии.



6. Фыццаг чиныгæн алфавит сарæзта:



а) Æгъуызаты Иуане;

б) Балаты Иуане;

в) Черменты Гай;

г) Гай Такаов, Хъесаты Павел.



7. Ирон алфавит уырыссаг граждайнаг графикæйы бындурыл сарæзта:



а) Всеволод Миллер;

б) Турчанинов;

в) Шегрен;

г) Æлборты Барысби.



8. Рухстауæг нæ уыд:



а) Колыты Аксо;

б) Æгъуызаты Иуане;

в) Цорæты Уасил;

г) Хъанынъуаты Инал.



9. «Адæм царди йæ хъæбатыртыл зарджытæй», - загъта ирон адæмы тыххæй:



а) Клапрот;

б) Штедер;

в) Рейнегс;

г) Гакстгаузен.



10. Худинаджы зарджытæ сты:



а) куплеттæ;

б) памфлеттæ;

в) бæрзонд аивадон уацмыстæ;

г) оригиналон уацмыстæ.

















































Ирон литературæйы равзæрд



II вариант.



1. XIII æнусы райдыдта:



а) уырыссаг - туркаг хæст;

б) уырыссаг - апойнаг хæст;

в) нæ адæмы иууыл трагикондæр цауты фæлтæр;

г) ирон адæмы лыгъд Туркмæ.



2. Алантæ æрцардысты хæхты:



а) XII æнусы;

б) XIII æнусы кæрон;

в) XIV æнусы;

г) XV æнусы.



3. Хуссар Ир Уæрæсеимæ баиу официалон æгъдауæй:



а) 1801 азы;

б) 1774 азы;

в) 1783 азы;

г) 1798 азы.



4. Ирон адæм чырыстон диныл хæст уыдысты:



а) X æнусæй;

б) XIV æнусæй;

в) XI æнусæй;

г) XVII æнусæй.



5. Фыццаг чиныг ирон æвзагыл рацыд:



а) Берлины типографийы;

б) Мæскуыйы синоды типографийы;

в) Дзæуджыхъæуы типографийы;

г) Тифлисы типографийы.



6. Фыццаг ирон рухстауæг:



а) Колыты Аксо;

б) Æгъуызаты Иуане;

в) Хъаныхъуаты Инал;

г) Хетæгкаты Къоста.



7. А.Шегрен сарæзта:



а) гуырдзиаг графикæйы бындурыл арæзт алфавит;

б) уырыссаг алфавит;

в) ирон алфавит уырыссаг граждайнаг графикæйы бындурыл;

г) бердзенаг алфавит.



8. Цæгат Иры феодалон барад æвæрдтой:



а) хехестæ;

б) фæрссаг лæгтæ;

в) бадилатæ;

г) кæвдæсардтæ.



9. «…Ныззарыд иу чидæр сындæг…

Ыстыр æнкъарддзинад æвдисынц

Ам зарджытæ»

Хæххон адæмы зарджыты тыххæй йæ уацмысы загъта:



а) Мамсыраты Темырболат;

б) Хетæгкаты Къоста;

в) Гæдиаты Цомахъ;

г) Хъаныхъуаты Инал.



10. Æлдæртты мыггагæй уыд:



а) Хазби;

б) Аким;

в) Чермен;

г) Сосе.





































Ирон литературæйы равзæрд



III вариант.



1. Ирон адæмæн сæ ног истори райдыдта:



а) XV æнусы;

б) XVI æнусы;

в) XVII æнусы райдиан;

г) XVIII æнусы дыккаг æмбис.



2. Дыууæ æнусы дæргъы алантæ хæцыдысты:



а) дзуттæгтимæ;

б) манголтимæ;

в) немыцимæ;

г) бердзенæгтимæ.



3. Уæрæсеимæ баиу Иры дзыллæйæн уыд:



а) барвæндон хъуыддаг;

б) тыхми;

в) æнæбары хъуыддаг;

г) æндæр мадзал сын нæ уыд.



4. XIII æнусы кæрон:



а) алантæ схæцыдысты бердзенæгтимæ;

б) манголтæ схæцыдысты алантимæ;

в) алантæ æрцардысты хæхты;

г) алантæ фæбыцæу сты Гуырдзыимæ.



5. Фыццаг чиныг ирон æвзагыл фыст уыд:



а) гуырдзиаг графикæмæ гæсгæ;

б) уырыссаг графикæмæ гæсгæ;

в) грекъаг графикæмæ гæсгæ;

г) дины чингуыты графикæмæ гæсгæ.



6. Фыццаг чиныг ирон æвзагыл рацыд:



а) 1882 азы;

б) 1798 азы;

в) 1799 азы;

г) 1802 азы.



7. 1844 азы рауагъд «Ирон грамматикæ» - йы автор у:

.

а) А.Шегрен;

б) Всеволод Миллер;

в) Æлборты Барысби;

г) Турчанинов.



8. «Кавказы цæрæг адæмтæн сæ тæккæ хуыздæртæй сты ирон адæм. Уыдон цæрынц Кавказы хæхтæн сæ бæстастæу, дыууæрдыгæй фарс» Ацы ныхæстæ загъта:



а) С.Кокиев;

б) Пфафф;

в) А.Скачков;

г) Клапрот.



9. Ирон адæмы тыххæй Штедер загъта:



а) «Ирæттæ зарынц тызмæг æмæ иугъæдон зарджытæ»;

б) «…Ыстыр æнкъарддзинад æвдисынц ам зарджытæ»;

в) «Адæм царди йæ хъæбатыртыл зарджытæй»;

г) «Цалынмæ иу фæнуазы, уæдмæ иннæтæ кæнынц рагон фынджы зарæг æмæ сæ къухæмдзæгъд не´нцайы…»



10. «Нарты кадджытæм… ирон лæг абоны онг дæр хъусы, мах Евангелимæ куыд зæрдиагæй хъусæм, афтæ», - загъта:



а) Клапрот;

б) Гакстгаузен;

в) Пфафф;

г) Кокиев.











































Æгъуызаты Иуане.



I вариант.



1. Æгъуызаты Иуане царди:



а) 1770 - 1825 азты;

б) 1775 - 1830 азты;

в) 1779 - 1834 азты;

г) 1780 - 1835 азты.



2. Æгъуызатæ уыдысты:



а) Мацабелтæй;

б) Ерыстаутæй;

в) паддзахы мыггагæй;

г) бæрæг нæу.



3. Иуане фæахуыр кодта:



а) дæс азы;

б) аст азы;

в) фондз азы;

г) фынддæс азы.



4. 1815 азы Иуане куыста Тифлисы ирыл динтауæг къамисы:



а) сæрдарæй;

б) нымæрдарæй;

в) тæлмацгæнæгæй;

г) æнæуи кусæгæй.



5. Иуанейы царды нысан уыд:



а) ахуыргонд суæвын;

б) адæмæн уарзон уæвын;

в) дзыллæмæ ахуырдзинады цырагъ бахæссын;

г) амондджын уæвын.



6. Иуанейы мæлæты размæ уырысы хицауад æд æфсад ныббырстой:



а) Дыгурмæ;

б) Уæлладжырмæ;

в) Куырттатмæ;

г) Хъобанмæ.



7. Æгъуызаты Иуане амард:



а) 1825 азы;

б) 1830 азы;

в) 1831 азы;

г) 1833 азы.



8. «Алгъуызы кадæг» конд у:



а) æртæ хайæ;

б) фондз хайæ;

в) дыууæ хайæ;

г) цыппар хайæ.



9. Уацмысы дыккаг композицион хайы æвдыст цæуы:



а) Алгъуызы мæлæт;

б) Амосары паддзах æмæ Алгъуызы тох;

в) Алгъуызы тох тыхгæнæг цæцæн æмæ ноны паддзæхтимæ;

г) Алгъуыз сси кæсæг æмæ Иры паддзах.



10. Алгъуыз нæ уыд:



а) хъæбатыр, тыхджын;

б) хæларзæрдæ, гуманон;

в) зондджын;

г) тыхгæнæг.



11. Алгъуыз динæй уæлдæр æрæвæрдта:



а) æнæуынондзинад;

б) уарзондзинад;

в) хибар цард;

г) йæ уарзон чызджы фæнд.



12. Иуане Алгъуызы хуызы æвдисы:



а) бердзенаг адæмы;

б) нæ рагон хъæбатыр фыдæлты;

в) Гуырдзыйы фæтæгты;

г) Кавказы адæмты паддзæхты.



13. «Нæй гæнæн, фæхæц дæхиуыл», - загъта:

а) Алгъуызы хъахъхъæнæг;

б) Бибор;

в) Назир;

г) Амалат-Бег.







Æгъуызаты Иуане I вариант.

























































































Æгъуызаты Иуане.



II вариант.



1. Æгъуызаты Иуане райгуырд:



а) Хуссар Ирыстоны, Залдайы хъæуы;

б) Хуссар Ирыстоны, Цхинвалы;

в) Хуссар Ирыстоны, Цъинагары;

г) Хуссар Ирыстоны, Дæллаг Ганисыхъæуы.



2. Иуанейы ахуыр кæнынмæ радта:



а) йа фыд Гиуæрги;

б) сæ хъæуы сауджын;

в) паддзах Иракъли;

г) йæ мад.



3. Ахуыры фæстæ Иуане ахуыргæнæгæй нысан æрцыди:



а) Емеретмæ;

б) Душетмæ;

в) Хъемултамæ;

г) Калакмæ.



4. 1820 азы Иуане æрвыст æрцыд Калачы дины семинармæ:



а) директорæй;

б) ахуыры хайады сæргълæууæгæй;

в) ирон æмæ гуырдзиаг æвзæгты ахуыргæнæгæй;

г) семинар хъахъхъæнæгæй.



5. Иуане ныгæд æрцыд:



а) Цхинвалы;

б) Дзæуджыхъæуы;

в) Калачы;

г) бæрæг нæу.



6. Æгъуызаты Иуане рухстауæг кæй уыд, уый бæрæг у:



а) тæлмац кодта дины чингуытæ;

б) æхсæны лæг уыд;

в) ахуыр кодта сабиты, саразын кодта Чеселгомы скъола, сарæзта алфавит, абеты чиныг;

г) домдта хицæуттæй, цæмæй фæллойгæнæг адæм æфхæрд мауал æййæфтаиккой.





7. Иуанейы ныстуан йæ ныййарæг адæммæ уыд:



а) «…Хуыцауон дæсныгæнæн чиныг иумæ æппæтыл хæс æвæры афтæ, æмæ чи цæмæйдæриддæр фескъуыха, уымæй йæ мыггаг æмæ йе'мзæххонтæн хъуамæ сбæззыныл, ахъаз фæуыныл архайа йæ бонæй…»

б) «Кæрæдзи уарзгæйæ цæрут!»

в) «Ног фæлтæртæ цæмæй хорз хъомыл кæной, уымæн хъæуы ахуыр æмæ размæдзыд бинонтæ, æмæ ахæм бинонтæ саразынæн та хъæуы, фыццаджы - фыццаг, ахуыр æмæ размæдзыд сылгоймаг - мад»

г) «Ахуыр кæнут уæ сомбоны сæраппонд!»



8. Æгъуызаты Иуанейы уацмыс «Алгъуызы кадæг»- ы сæйраг хъайтар Алгъуыз уыд:



а) Гуырдзыйы паддзах Ерекълейы фырт;

б) бердзены паддзах Августы фырт;

в) цæцæйнаг паддзах Хъайраны фырт;

г) Хъалмыхъы паддзах Амахуны фырт.



9. «Алгъуызы кадæг»-ы æртыккаг хайы æвдыст цæуы:



а) Алгъуыз сси кæсæг æмæ Иры паддзах;

б) Алгъуызы тох тыхгæнæг цæцæн æмæ ноны паддзæхтимæ;

в) Амосары паддзах æмæ Алгъуызы тох;

г) Алгъуызы мæлæт.



10. Алгъуыз йæ фыды хæдзарæй фæлыгъд уымæн:



а) йæ фыд æй атардта;

б) Этеры фæндонмæ гæсгæ;

в) йæхи нал фæндыд бинонтимæ цæрын;

г) Алгъуызæн нæ уагътой Этеры курын, æндæр диныл хæст кææй уыд, уый тыххæй.



11. Алгъуыз-иу цы паддзахы амардта, уымæн-иу йæ мард æгъдауыл бавæрын кодта. Æфсæдты нæ цагъта. Адæмы нæ хъыг дардта, не стыгъта. Уый дзурæг у:



а) тарст æфсæдтæй;

б) уыд агрессивон зондахастыл хæст;

в) хайджын уыд лæджы уæздандзинадæй;

г) уæлахиздзинæдтæй йæ сæр бæрзонд хаста.



12. «Паддзах рухсаг уæд!» - фыст уыд:



а) къулыл;

б) тырысайыл;

в) галуаны дуарыл;

г) горæты бахизæны.



13. Иуанейы ахаст Алгъуызмæ æвдыст æрцыд дзырдтæй:



а) саузæрдæ, мæнгард;

б) кæфхъуындар;

в) сырд;

г) сахъ, домбай.











Æгъуызаты Иуане II вариант.

































































Æгъуызаты Иуане.



III вариант.



1. Æгъуызаты Иуанейы æцæг мыггаг уыд:



а) Гаглойтæй;

б) Гæбæратæй;

в) Æлбегатæй;

г) Барсæгатæй.



2. Иуане йæхи фыста паддзахы мыггагыл:



а) цæмæй уæзданыл нымад уыдаид;

б) цæмæй йæ ахуырмæ райстаиккой;

в) цæмæй йе'мбæлтты 'хсæн йæхи уæлдæр æнкъардтаид;

г) æнæуи афтæ.



3. 1802 азы Иуане куыста уырысы хицæуттæм:



а) ахуыргæнæгæй;

б) Сауджынæй;

в) тæлмацгæнæгæй;

г) пъисырæй.



4. 1822 азы Иуане йæ куыст ныууагъта:



а) нал æй фæндыд;

б) æндæр куыст ссардта;

в) нал æй уагътой;

г) йе' нæниздзинад лæмæгъ уыд.



5. Фыццаг ирон рухстауæг уыд:



а) Колыты Аксо;

б) Æгъуызаты Иуане;

в) Цорæты Уасил;

г) Байаты Гаппо.



6. Иуане домдта хицæуттæй:



а) цæмæй скъола байгом кæной;

б) цæмæй йын тæлмацгæнæджы куыст радтой;

в) цæмæй Мацабел æмæ Ерыстау æлдæрттæй хохы фæллойгæнæг адæм æфхæрд мауал æййæфтаиккой;

г) цæмæй куыст радтой, кæй ахуыр кодта, уыдонæн.



7. Æгъуызаты Иуане ныффыста хъайтарон кадæг:



а) «Æфхæрдты Хæсанæ»;

б) «Алгъуызы кадæг»;

в) «Азджериты Куыцыкк».



8. «Алгъуызы кадæг»-ы сæйраг хъайтар Алгъуыз уацмысы фыццаг хайы:



а) ныппырх кодта цæцæн æмæ ноны паддзæхты;

б) Кæсæг æмæ Иры паддзах сси;

в) амардта Амосары паддзахы;

г) ссардта йæ мæлæт.



9. «…ахсæв паддзах хъуамæ 'рцæуа мард,

Науæд нын рæхджы йæхæдæг, зонын, аскъуындзæн нæ цард», - загъта:



а) Бибор;

б) Аслан Гамрекъели;

в) Этер;

г) Назир.



10. Аслан Гамрекъели нæ уыд:



а) фæлывд;

б) дыдзæсгом;

в) уæйгæнæг;

г) æууæнкджын.



11. «Цавæр у, хъæбул, цы 'рцыд?» - загъта:



а) Алгъуыз;

б) Этер;

в) Бибор;

г) Гамрекъели.



12. Алгъуызы мæлæт æрцыд:



а) Амосары ус - паддзахы æххуысæй;

б) йæ ус Этеры æххуысæй;

в) Аслан Гамрекъелийы æххуысæй;

г) йе'фсымæр Куырттагоны æххуысæй.

13. Ахуыргæндтæ куыд зæгъынц, афтæмæй Алгъуыз уыдие:



а) Ос - Бæгъатыры ирон ном;

б) æцæгæйдæр Августы хистæр фырты ном;

в) гуырдзыйы паддзахы фырты ном;

г) æрымысгæ ном.







уызаты Иуане III вариант.























































































Колыты Аксо.



I вариант.



1. Колыты Аксо райгуырд:



а) зæхкусæджы хæдзары;

б) сауджыны хæдзары;

в) аргъуан хъахъхъæнæджы хæдзары;

г) мæгуыр кусæджы хæдзары.



2. Семинары фæстæ Аксо куыста:



а) сауджынæй;

б) дьякъонæй;

в) аргъуан хъахъхъæнæгæй;

г) пъисырæй.



3. Аксойы зондамынд уыд:



а) «Иумæ цæрут хæларæй!»

б) «…Ныр кувын æмæ лæгъстæ кæнын æппæты хæрзаразæг Хуыцауæн, цæмæй сымах уæхуыдтæг æмæ уæ зæнæг куыд фæстæмæ срухсдæр уат зæрдæйæ æмæ бафæразат базонын бæлвырддæры».

в) «Ног фæлтæртæ цæмæй хорз хъомыл кæной, уымæн хъæуы ахуыр æмæ размæдзыд бинонтæ, æмæ ахæм бинонтæ саразынæн та хъæуы, фыццаджы - фыццаг, ахуыр æмæ размæдзыд сылгоймаг - мад».



4. Аксо нын ныууагъта:



а) авд æмдзæвгæйы;

б) æртæ æмдзæвгæйы;

в) фондз æмдзоевгæйы;

г) бирæ æмдзæвгæтæ.



5.Аксойы æмдзæвгæ «Мах фыд» арæзт у:



а) уырыссаг куывд «Ангелу Хранителю» - йы мидисыл;

б) уырыссаг куывд «Призывание Святого Духа» - йы мидисыл;

в) уырыссаг куывд «Отче наш» - ы мидисыл;

г) уырыссаг куывд «Ко Пресвятой Богородице» - йы мидисыл.



6. Аксойы æмдзæвгæ «Мах фыд» - ы ныффыссыны рæстæг у:



а) 1867 азы;

б) 1868 азы;

в) 1865 азы;

г) 1870 азы.



7. «…Æмæ нæ бахиз фыдæвзарæнæй,

Рагæй - æрæгмæ нæ фыдызнагæй».

Ацы ныхæстæ сты Аксойы æмдзæвгæ:



а) «Чырыстийы рухс райгасдзинад» - æй;

б) «Мах фыд» - æй;

в) «Мады - Майрæмы кады зарæг» - æй.



8. Колыты Аксо амард:



а) 1869 азы;

б) 1860 азы;

в) 1866 азы;

г) 1871 азы.



9. Ирон æвзаджы ахуыргæнджытæн дæттынц:



а) Къостайы номыл преми;

б) Колыты Аксойы номыл преми;

в) Абайты Васойы номыл преми;

г) паддзахадон преми.



Колыты Аксо. I вариант.











































Колыты Аксо.



II вариант.



1. Колыты Аксойы царды азтæ:



а) 1820 - 1863 азтæ;

б) 1823 - 1866 азтæ;

в) 1828 - 1871 азтæ;

г) 1832 - 1875 азтæ.



2. Аксо йæхи хæдзары байгом кодта:



а) чингуыты дукани;

б) чызджыты скъола;

в) чиныгуадзæн типографи;

г) чырыстон кувæндон.



3. Аксомæ гæсгæ ирон адæм къордтæ - дихтæ кодтой:



а) дыууæ диныл хæст кæй уыдысты;

б) уыди хъæздгуытæ æмæ мæгуыртæ;

в) уыди сын алыхуызон фæтæгтæ;

г) аххосæгтæ бæрæг не сты.



4. «…Йæ зæрдæйы райгуырæн бæстæйы туг цæджджинагау фыхт, æмæ, чъырсудзæнау, пиллон уагъта йе´мбæстон ирон адæмы мæтæй…» - загъта Аксойы тыххæй:



а) Х.Къоста;

б) Æгъуызаты Иуане;

в) Гæдиаты Секъа;

г) Хъаныхъуаты Инал.



5. Аксойы æмдзæвгæтæ мыхуыры уыдысты:



а) газет «Ног цард» - ы;

б) журнал «Зонд» - ы;

в) газет «Ирон газет» - ы;

г) журнал «Чырыстон цард» - ы.



6. Колыты Аксойы æмдзæвгæ «Мах фыд» - ы алы строфа дæр у:



а) курдиат хицауадмæ;

б) курдиат ирон адæммæ;

в) хицæн курдиат Хуыцаумæ;

г) курдиат ныййарæгмæ.



7. «…Нæ чъизи зæрдæ Дæ фæрцы митау махæн сурс и …» Ацы ныхæстæ сты:



а) «Мах фыд» - æй;

б) «Чырыстийы рухс райгасдзинад» - æй.

в) «Мады - Майрæмы кады зарæг»- æй.

г) Бæрæг нæу.

8. Колыты Аксойы æмдзæвгæ «Чырыстийы рухс райгасдзинад» амоны:



а) Джеоргуыбайы бон;

б) Куадзæн бон;

в) Хетæджы бон;

г) Алардыйы бон.



9. Колыты Аксойæн цыртдзæвæн лæууы:



а) Къостайы номыл проспекты;

б) Сабырдзинады проспекты;

в) Иры аргъуаны кæрты;

г) Ирыхъæуы.







Колыты Аксо. II вариант.













































Колыты Аксо.



III вариант.



1. Колыты Аксо дины скъолайы фæстæ ахуыр кодта:



а) Æрыдоны духовон семинары;

б) Тифлисы духовон семинары;

в) Стъараполы гимназы;

г) Мæскуыйы духовон семинары.



2. Аксо ирон чызджытæн байгом кодта скъола:



а) 1862 азы;

б) 1865 азы;

в) 1860 азы;

г) 1859 азы.



3. Аксо архайдта, цæмæй:



а) ирон адæм хæцыдаиккой пысылмон диныл;

б) ирон адæм иууылдæр уыдаиккой иу диныл хæст (чырыстон диныл);

в) ирон адæм ацæуой Туркмæ;

г) ирон адæм хæцой дыууæ диныл дæр.



4. Аксойы æмдзæвгæтæ фыст уыдысты:



а) Туркмæ алидзыны хабæрттыл;

б) дины хабæрттыл;

в) ахуырады фæрстытыл;

г) адæмы ахастдзинæдтыл.



5. Сæ мидисмæ гæсгæ Аксойы æмдзæвгæтæ сты:



а) аргъуаны - иу кæй кодтой ирон адæм, ахæм зарджытæ;

б) ирон адæймаджы намысыл фыст æмдзæвгæтæ;

в) худинаджы зарджытæ;

г) кады зарджытæ.



6. Аксо йе´мдзæвгæтæ зарынæн кæй фыста, уый бæрæг у:



а) Сæ стихамадæй;

б) дзырдтæ дзургæ - дзурын кæрæдзи нæ хъыгдарынц, се´хсæн хъæлæсæн сулæфыны фадат ис;

в) дины хабæрттæ дзы ис.



7. Аксойы æмдзæвгæ «Мады - Майрæмы кады зарæг» - æй ныхæстæ: «Дæуæй райгуырди царды сфæлдисæг!» - амонынц:



а) царды сфæлдисæг - Хуыцау - райгуырд Мады-Майрæмæй;

б) царды сфæлдисæг - адæймаг - райгуырд Мады-Майрæмæй;

в) царды сфæлдисæг - Евæ - райгуырд Мады-Майрæмæй.





8. Аксо «кæрдæгхæссæн» - ы кой скодта йе´мдзæвгæ:



а) «Мах фыд» - ы;

б) «Чырыстийы рухс райгасдзинад» - ы;

в) «Мады-Майрæмы кады зарæг» - ы.



9. Колыты Аксо уыд:



а) публицист;

б) тæлмацгæнæг;

в) литературон критик;

г) рухстауæг.







Колыты Аксо. III вариант.











































Мамсыраты Темырболат.



I вариант.



1. Ирон профессионалон поэзи райдыдта:



а) Хетæгкаты Къостайæ;

б) Мамсыраты Темырболатæй;

в) Колыты Аксойæ;

г) Æгъуызаты Иуанейæ.



2. Мамсыраты Темырболат Туркмæ алыгъд:



а) 1860 азы;

б) 1863 азы;

в) 1865 азы;

г) 1869 азы.



3. Куындыхаты Муссæйы фырт Дзæуджыхъæумæ æрхаста Темырболаты уацмыстæй:



а) авд æмдзæвгæйы къопитæ;

б) фараст æмдзæвгæйы къопитæ;

в) фондз æмдзæвгæйы къопитæ;

г) дæс æмдзæвгæйы къопитæ.



4. Уырысы паддзах йæ колониалон режим куы´вæрдта Кавказы, уæд йæ ныхмæ растадысты:



а) чырыстон диныл лæуд адæмтæ;

б) пысылмон диныл лæуд адæмтæ;

в) муртаг диныл лæуд адæмтæ;

5. Ирон адæмы Туркмæ асайдта:



а) Куындыхаты Муссæ;

б) Муссæйы фырт;

в) уырысы паддзах.

6. Пысылмон диныл лæуд адæмты хæст Уырысы паддзахы ныхмæ цыд:



а) ссæдз азы;

б) фондз æмæ ссæдз азы;

в) дæс æмæ ссæдз азæй фылдæр;

г) фынддæс азы.



7. Турчы ирæн сси зарæг æмдзæвгæ:



а) «Дыууæ æмбалы»;

б) «Авдæны зард»;

в) «Сагъæстæ»;

г) «Ме´мгармæ».



8. Райгуырæн бæстæ уайдзæф кæны æмдзæвгæ «Сагъæстæ» - йы:



а) паддзахæн;

б) паддзахы фæсдзæуинтæн;

в) йæ хъæбултæн;

г) æнæзонгæ адæмæн.



9. Æмдзæвгæ «Сагъæстæ» - йæн йæ композици арæзт у:



а) диалоджы хуызы;

б) зарæджы хуызы;

в) хъарæджы хуызы.



10. Æмдзæагæ «Дыууæ ´мбалы» - йы сæйраг æнкъарæн у:



а) знæгтæм æнæуынондзинад;

б) фыдыбæстæмæ уарзондзинад;

в) адæммæ хæрамдзинад;

г) æмбалмæ æууæнкдзинад.



11. Сæ фыдызæххæй ахицæн сты æнусмæ, се знаг сæ фæстæ цыд æмæ сæ къуындæг наумæ тардта, уым цагъды кодтой… Ацы фыдбылызтæ æрцыдысты:



а) алантыл;

б) Хуссар Иры адæмыл;

в) Туркмæ лидзæг хæххон адæмыл;

г) Кавказаг адæмтыл.



12. «Дæ зонд ма кал дзæгъæл ды,

Мæнæн мæ ниат æргом у:

Мæ уд æмæ мæ фæллой

Нæ адджын бæстæн нывонд у».

Ацы ныхæстæ сты Темырболаты æмдзæвгæ:



а) «Кæмæдæр» - æй;

б) «Ме´мгармæ» -йæ;

в) «Рынчын æмæ рынчынфæрсæг» - æй;

г) «Дыууæ ´мбалы» - йæ.



13. Темырболат Турчы ног æхсæнады куыд федта, афтæмæй адæймагæн аргъ кæныны критери нал уыд:



а) мулк;

б) хъæздыгдзинад;

в) йæ цин;

г) лæгдзинад.



14. «Дæ дин, дæ бæстæ, де´гъдауыл

Иттæг тынгæй куыд дзурай,

Дæ худинаг, де´гадыл

Адзал лæварæн куы курай».

Ацы ныхæстæй М.Темырболат йе ´мдзæвгæ «Авдæны зард» - ы фæдзæхсы, ныв кæны:



а) идеалон адæймаджы фæлгонц;

б) æппæрццæг адæймаджы фæлгонц;

в) царды чи фæдзæгъæл, ахæм адæймаджы фæлгонц;

г) куыдфæндыйы цæстæй чи кæсы цардмæ, ахæм адæймаджы фæлгонц.





Мамсыраты Темырболат. I вариант.

























































Мамсыраты Темырболат.



II вариант.



1. Мамсыраты Темырболаты царды азтæ:



а) 1840 - 1896;

б) 1843 - 1899;

в) 1845 - 1901;

г) 1847 - 1903.



2. 1865 азы Туркмæ алыгъд:



а) Хъаныхъуыты Инал;

б) Мамсыраты Темырболат;

в) Къуындыхаты Муссæ;

г) Колыты Аксо.



3. Къуындыхаты Муссæйы фырт Дзæуджыхъæумæ æрхаста Темырболаты уацмыстæй 10 æмдзæвгæйы къопитæ:



а) 1920 азы;

б) 1922 азы;

в) 1929 азы;

г) 1930 азы.



4. Пысылмон диныл хæст адæмтæ растадысты:



а) Гуырдзыйы паддзахы ныхмæ;

б) Турчы паддзахы ныхмæ;

в) уырысы паддзахы ныхмæ;

г) чырыстон диныл хæст адæмы ныхмæ.



5. Пысылмон диныл лæуд адæмты æмæ уырысы паддзахы ´хсæн хæсты сæргъ лæууыд:



а) Шамил - имам;

б) Мæхæмæт - Амин;

в) уырысы паддзах;

6. Мамсыраты Темырболат Турчы зæххы йæхи дардта:



а) фыссæджы куыстæй;

б) зæххы куыстæй;

в) æфсады куыстæй;

г) алыхуызон куыстытæй.



7. «Продукт нового, более художественного творчества». Æмдзæвгæ «Сагъæстæ» - йы тыххæй загъта:



а) Х.Къоста;

б) В.Миллер;

в) Хъаныхъуаты Инал;

г) Шегрен.



8. Райгуырæн бæстæ, йæ хъæбултæ кæй ныддихтæ сты, кæй йæ ныууагътой, уый тыххæй:



а) уайдзæф кæны;

б) цин кæны;

в) æххуыс агуры;

г) мæтæй мæлы.



9. Æмдзæвгæ «Дыууæ´мбалы» - йы дзырдæуы:



а) ирон адæмæн сæ лыгъды райдианыл Туркмæ;

б) уыууæ æмбалы ахастдзинæдтыл;

в) кастæр фæлтæр æмæ хистæр фæлтæры´хсæн ахастдзинæдтыл;

г) адæм цы стыр фыдтæ бавзæрстой сæ трагикон балцы, ууыл.



10. Æмдзæвгæйы уыцы иу дзырд кæнæ хъуыдыйад цалдæр хатты фæлхатын у:



а) диалог;

б) рефрен;

в) контраст;

г) базард.



11. «Нæ райгуырæн, нæ бæстæ,

Цардæн адджын ды куы дæ!

Цард н´агурæм дæ фæстæ,

Зæрдæйы рухс дæр ды куы дæ!»

Ацы ныхæстæ сты:



а) Æмдзæвгæ «Кæмæдæр» - æй;

б) Æмдзæвгæ «Ме´мгармæ» - йæ;

в) Æмдзæвгæ «Сагъæстæ» - й;

г) Æмдзæвгæ «Авдæны зард» - æй.



12. Мамсыраты Темырболаты æмдзæвгæ «Рынчын æмæ рынчынфæрсæг»-ы рынчыны символ нæу:



а) фыдыбæстæ;

б) адæмы фарн;

в) фыдæлты иумæйаг фæлгонц;

г) знæгтæ.



13. Кавказы Ирмæ уарзондзинад æмæ нымыс у Темырболатæн:



а) йæ фæстаг фæдзæхст;

б) йæ поэзийы сæйраг аххосаг;

в) Туркмæ алидзыны аххосаг;

г) йæ уды кæцыдæр хай.



14. Ирон аив дзырды фыццаг дæсны хонынц:



а) Х.Къостайы;

б) М.Темырболаты;

в) Æгъуызаты Иуанейы;

г) Колыты Аксойы.











































Мамсыраты Темырболат. II вариант.



















Мамсыраты Темырболат.



III вариант.



1. Фыццаг ирон профессионалон поэт уыд:



а) Гæдиаты Цомахъ;

б) Хетæгкаты Къоста;

в) Мамсыраты Темырболат;

г) Колыты Аксо.



2. Мамсыраты Темырболат 1865 азы алыгъд:



а) Сиримæ;

б) Туркмæ;

в) Джызæлмæ;

г) Хъобанмæ.



3. Мамсыраты Темырболаты уацмыстæй 10 æмдзæвгæйы къопитæ Дзæуджыхъæумæ æрхаста:



а) йæ фыд;

б) йæ мады ´фсымæр Муссæ;

в) Муссæйы лæппу;

г) йе´мбал.



4. Пысылмон диныл хæст адæмтæ растадысты Уырысы паддзахы ныхмæ:



а) йæ колониалон режим куы´вæрдта Кавказы;

б) нæ сæ фæндыд Уырысимæ баиу;

в) уырыс æндæр диныл хæст кæй уырысты;

г) фæндыд сæ хицауиуæг кæнын.



5. Дæс æмæ ссæдз азæй фылдæр цыд:



а) уырыссаг - апойнаг хæст;

б) пысылмон диныл лæуд адæмты хæст уырысы паддзахы ныхмæ;

в) империалистон хæст;

г) Дыккаг фыдыбæстæйы Стыр хæст.



6. Мамсыраты Темырболатæн йæ зарджыты сæр уыд:



а) уарзондзинад;

б) ирон адæмы алыгъд Туркмæ;

в) туркаг адæм æмæ ирон адæмы´хсæн ахастдзинæдтæ;

г) пысылмон адæмты хæст уырысы паддзахы ныхмæ.



7. 1881 азы А.Шегрен ныммыхуыр кодта йæ чиныджы Темырболаты æмдзæвгæ:



а) «Ме´мгармæ»;

б) «Дыууæ´мбалы»;

в) «Сагъæстæ»;

г) «Рынчын æмæ рынчынфæрсæг».



8. Æмдзæвгæ «Сагъæстæ»-йы райгуырæн бæстæ уайдзæф кæны йæ хъæбултæн:



а) кæй ныддихтæ сты, кæй йæ ныууагътой;

б) паддзахы сæрыл кæй хæцынц;

в) хæстыты кæй архайынц;

г) кусын кæй нæ уарзынц.



9. «Сагъæстæ» - йы алы фæлтæры фæстæ цæуы:



а) базард;

б) æвастхъæр;

в) рефрен.



10. Æмдзæвгæ «Сагъæстæ» фыст у:



а) Туркмæ алидзыны темæйыл;

б) ирон адæмы социалон дихдзинадыл;

в) буржуазон цардуаджы фæзындыл;

г) æбар адæмы хъысмæтыл.



11. «Мингæйттæй-иу ныгæдтам

Æнæ мæрддзаг, ызмисы.

Бон-иу хурмæ сæфтыстæм,

Æхсæв та-иу уазалмæ».

Ацы ныхæстæ сты Темырболаты æмдзæвгæ:



а) «Авдæны зард» - æй;

б) «Сагъæстæ» - й;

в) «Ме´мгармæ» - йæ;

г) «Дыууæ´мбалы» - йæ.



12. Туркмæ алидзæг адæмæй иутæ ацыдысты цинтæ, хорзæхтæ æмæ фæллæйттæ агурыны фæндагыл, иннæтæ та сæ хидвæллойæ арæзтой сæ цард. Ацы хъуыддаг æвдыст æрцыд Темырболаты æмдзæвгæ:



а) «Дыууæ ´мбалы»-йы;

б) «Рынчын æмæ рынчынфæрсæг» - ы;

в) «Сагъæстæ» - йы;

г) «Ме´мгармæ» - йы.



13. Темырболатæн йæ хъуыдыйыл бæрæгæй зыны туркаг Иры царды спецификон гакк дзырдтæй:



а) «Уæ нæ хæхтæ, нæ бæстæ, -

Куыд ма цæрæм уæ фæстæ!»

б) «… Дзугтæ скодтой чызджытæй»;

в) «… Нæ ис æмæ нæ бæстæ

Мах залымæн ныууагътам…»

г) «… Мæнæн мæ фæрæт, мæ цæвæг

Дæтдзæн, ардзæн мæ кæрдзын…»







14. Туркмæ алидзæг ирон адæмæй уæды рæстæджы рацыд:



а) æртæ поэты;

б) иунæг поэт;

в) бирæ поэттæ;

г) иу дæр нæ.







Мамсыраты Темырболат. III вариант.

















































Хъаныхъуаты Инал.



I вариант.



1. Сыхаг адæмтимæ, уæлдайдæр та уырысы паддзахадимæ фидыдæй цæрын кæй хъæуы, Кавказы адæмтæ хæстæй кæй ницы рахæсдзысты, уый ирон литературæйы фыццаг хатт сдзырдта:



а) Мамсыраты Темырболат;

б) Хъаныхъуаты Инал;

в) Хетæгкаты Къоста;

г) Гæдиаты Секъа.



2. 1852 азы Хъобангомы райгуырд:



а) Колыты Аксо;

б) Мамсыраты Темырболат;

в) Хъаныхъуаты Инал;

г) Хетæгкаты Къоста.



3. Иналы фыд Дудар Туркæй раздæхт фæстæмæ Ирыстонмæ:



а) уым адæмы цард нæ фæцыд йæ зæрдæмæ;

б) Турчы хицауад æй рарвыстой;

в) Иналы фæндонмæ гæсгæ;

г) фæбыцæу йе 'мбæстæгтимæ.



4. Афицеры цин Хъаныхъуаты Инал райста:



а) 1873 азы;

б) 1875 азы;

в) 1877 азы;

г) 1879 азы.



5. Инал фæстагмæ цард:



а) Джызæлы;

б) Бруты;

в) Владивосточы;

г) Стъарополы.



6. Инал нæ фыста:



а) очерктæ;

б) уацтæ;

в) æмдзæвгæтæ, радзырдтæ;

г) драмæтæ.



7. Инал фыста уырыссагау:



а) нæ зыдта ирон æвзаг;

б) æнцондæр ын уыд уырыссагау фыссын;

в) нæма уыд ирон æвзагыл фыссыны традици;

г) афтæ домдта хицауад.



8. Инал йæ очерк «Ирон хъæуы» ныффыста:



а) 1870 азы;

б) 1872 азы;

в) 1975 азы;

г) 1877 азы.



9. Инал йæ очерк «Ирон хъæуы» - йы сæйраг архайджытæ Мосе æмæ Хæтæхцыхъойы руаджы равдыста очеркы сæйраг мидис:



а) хъæуы цæрджытæ хъуамæ цæрой хæларæй;

б) ирон адæм кæрæдзийæн хъуамæ бахъуаджы сахат æххуыс кæной;

в) ирон адæм хъуамæ цæстыгагуыйау хъахъхъæной, цы æгъдæуттæ æмæ хъуыдытæ ныффидар сты, уыдон;

г) ивгъуыд заманы æгъдæуттæ æмæ хъуыдытæй ног уавæрты чи нал бæззы, уыдоныл къух сисын хъæуы, адæм сæ уд хъуамæ хъарой рухсдзинадыл, æрмæст уæд ссардзысты рæсугъд фидæн.



10. Иналæн йæхи ахсджиагдæр хъуыдытæ чи дзуры, ахæм фæлгонц у:



а) Мосе;

б) Хæтæхцыхъо;

в) Бибо;

г) Маци.



11. Очеркы архайæг Гути ивар æрцыд:



а) йæ сыхаджы кæй ныццавта;

б) æлгъитгæ кæй кодта;

в) Мæхæмæтимæ загъд кæй самадта;

г) йæ бæх кæйдæр уыгæрдæнмæ кæй баирвæзт.



12. Инал йæ очерк «Хохæгтæ - лигъдæттæ» ныффыста:



а) 1870 азы;

б) 1873 азы;

в) 1875 азы;

г) 1877 азы.





13. «… ацы æрыгон адæймаг ницæуыл нымайы балцы æнæхъуаджы рацу - бацу кæнын, бæхтыл хъæзтытæ аразын, æгæрыстæмæй, хъама дарын дæр…» Уый у:



а) Хасан, очерк «Хохæгтæ - лигъдæттæ» - й;

б) Бибо, очерк «Ирон хъæуы» - йæ;

в) Данел, «Ирон хъæуы»;

г) Иналы кæстæр æфсымæр.



14. Инал йе'мдзæвгæ «Ногæй Ирыстоны æвдисы»:



а) Ирыстоны æрдзы рæсугъддзинад;

б) йæ уарзондзинад райгуырæн Ирмæ;

в) адæмы фыдæбæттæ Сыбыры;

г) Ирыстон лирикон геройы раздæхты фæстæ.









Хъаныхъуаты Инал. I вариант.





















































Хъаныхъуаты Инал.



II вариант.



1. Хъаныхъуаты Инал райгуырдис:



а) 1847 азы;

б) 1849 азы;

в) 1850 азы;

г) 1852 азы.



2. Иналы фыд Дудар уыдис:



а) фæрссаг лæгтæй;

б) кæвдæсардтæй;

в) хехестæй;

г) уæздæттæй.



3. Иналы бинонтæ Туркæй фæстæмæ 'рцыдысты:



а) 1862 азы райдианы;

б) 1863 азы;

в) 1864 азы;

г) 1861 азы.



4. 1879 азы Инал афтыд:



а) Гуырдзымæ;

б) Стъараполмæ;

в) Сыбырмæ;

г) Пересмæ.



5. Йæ царды фылдæр азтæ арвыста:



а) Джызæлы;

б) Бруты;

в) Сыбыр æмæ Дард Хурыскæсæны;

г) Стъараполы.



6. Инал йæ курдиатмæ гæсгæ фыццаджы - фыццаг уыдис:



а) драматург;

б) прозаик;

в) поэт;

г) публицист.



7. Иналы очерк «Ирон хъæуы»-йæн йæ идейон хæс у:



а) равдисын ирон хъæуæн йæ арæзт;

б) адæмы 'гъдæуттæ, адæмы цардыуаг, психологи равдисын;

в) равдисын ирон хъæуы сæйраг проблемæтæ;

г) ирон хъæуы рæзт равдисын.



8. Иналы очерк «Ирон хъæуы» фыццаг мыхуыр æрцыд:



а) газет «Северный Кавказ»-ы;

б) альманах «Сборник сведений о кавказских горцах»-ы;

в) газет «Ног цард»-ы;

г) «Ирон газет»-ы.



9. Хъанынъуаты Инал йæ очерк «Ирон хъæуы»-йы Мосе æмæ Хæтæхцыхъойы æвдисы:



а) æппæрццæг адæймæгтæй;

б) тызмæг æмæ саузæрдæ адæймæгтæй;

в) зондджын æмæ раст адæймæгтæй;

г) хиуарзон æмæ гуымиры адæймæгтæй.



10. «Йæ худ - хæдмæл карчы хуызæн, йæ цъæх цухъхъа та дæрдджын, иу ран сæракæй æмпъызт, иннæ ран - хъуымацæй».

Ацы ныхæстæ хауынц:



а) Данелмæ;

б) Гутимæ;

в) Бимболатмæ;

г) Мацимæ.



11. Очеркы архайæг Садже ивар æрцыд:



а) иу æлгъысты тыххæй;

б) Мæхæмæтимæ загъд кæй самадта;

в) йæ бæх кæйдæр уыгæрдæнмæ кæй баирвæзт;

г) йæ сыхаджы кæй ныццавта.



12. «Ирон хъæуы» Хæтæхцыхъойы фæлгонц зæрдыл æрлæууын кæны «Хохæгтæ-лигъдæттæ»-й:



а) Хасаны фæлгонц;

б) Ахмæты фæлгонц;

в) Иналæн йæхи фæлгонц;

г) фыссæджы фыды фæлгонц.



13. Иналы æмдзæвгæ «Фæндон» æвдисы:



а) поэты бæллиц;

б) рæстдзинады сæрвæлтау тох;

в) мæгуырты ныфс;

г) уæздæтты бартæ.



14. Адæмон хъазæн ныхасы бындурыл фыст у Иналы æмдзæвгæ:



а) «Фæндон»;

б) «Алыбеджы маст»;

в) «Ногæй Ирыстоны»;

г) «Сæумæцъæхыл».





Хъаныхъуаты Инал. II вариант.





































































Хъаныхъуаты Инал.



III вариант.



1. 1852 азы Хъаныхъуаты Инал райгуырд:



а) Уæлладжыры комы;

б) Хъобангомы;

в) Куырттаты комы;

г) Дыгургомы.



2. 1860 азы Иналы фыд æд бинотæ алыгъд:



а) Персмæ;

б) Сиримæ;

в) Туркмæ;

г) Иранмæ.



3. 1872 азы Инал каст фæци:



а) Дзæуджыхъæуы дины скъола;

б) Калачы духовон семинар;

в) Стъараполы гимназ;

г) Дзæуджыхъæуы дæлгимназ.



4. Инал амард:



а) 1894 азы;

б) 1896 азы;

в) 1898 азы;

г) 1899 азы.



5. Инал, йæ райгуырæн Ирыстонау, бирæ уарзта:



а) рæстдзинад;

б) хæхтæ;

в) Сыбыр;

г) æфсæддон службæ.



6. Иналы фыццаг очерк у:



а) «Хохæгтæ - лигъдæттæ»;

б) «Хохаджы фиппаинæгтæ»;

в) «Ирон хъæуы».



7. Адæмы ´гъдæуттæ, адæмы цардыуаг, психологи равдисын, ахæм у идейон хæс очерк:



а) «Ирон хъæуы» - йæн;

б) «Хохæгтæ - лигъдæттæ» - йæн;

в) «Хохаджы фиппаинæгтæ»-н.



8. Иналы очерк «Ирон хъæуы» сæйраг мидисæй афтæ зæгъæн нæй:



а) ивгъуыд заманы æгъдæуттæ æмæ хъуыдытæй ног уавæрты чи нал бæззы, уыдоныл къух сисын хъæуы;

б) адæм сæ уд хъуамæ хъарой рухсдзинадыл;

в) æрмæст ахуыры фæрцы, рухсмæ тырнындзинадæй ссардзысты рæсугъд фидæн;

г) æгъдæуттæ куыд сты, афтæ сæ ныууадзын хъæуы, æнаивгæйæ.



9. «Ехх, тæхуды æмæ ма æз дæр, зæронд уæвгæйæ, куы базонин чиныджы кæсын!…»

Ацы ныхæстæ загъта:



а) Хæтæхцыхъо;

б) Мосе;

в) Бибо;

г) Бимболат.



10. Очеркы архайæг Бимболат ивар æрцыд:



а) Мæхæмæтимæ загъд кæй самадта;

б) йæ бæх кæйдæр уыгæрдæнмæ кæй баирвæзт;

в) æлгъитгæ кæй кодта;

г) йæ сыхаджы кæй ныццавта.



11. Ацы хъуыдытæй «Ирон хъæуы» ахсджиагдæр мидис у:



а) ирон лæг йæ райгуырдæй йæ амæлæтмæ хъуамæ хъахъхъæна æппæт æгъдæуттæ дæр;

б) адæм æмæ хицæутты ´хсæн конфликт у царды сæйраг конфликт, иууыл стырдæр фыдæвзарæн;

в) хъалон фыстой нæ фыдæлтæ дæр æмæ йæ хъуамæ мах дæр фидæм;

г) адæм æмæ хицæуттæ хъуамæ цæрой æнæ конфликтæй, кæрæдзи хъуамæ быхсой.



12. «…Ныры дуджы йæ бæхыл æд хæцæнгарз хъæуи - хъæу чи хæты, ахæм джигиты

æз нымайын зианхæссæг æввонгхорыл - ралли - балли кæны æмæ адæмы мæгуыр муртæй йæхи хæссы…», - загъта:



а) Мосе;

б) Хæтæхцыхъо;

в) Бибо;

г) Садже.



13. Очерк «Хохæгтæ - лигъдæттæ» - й Хасаны фæлгонц зæрдыл æрлæууын кæны «Ирон хъæуы»-йæ:



а) Хæтæхцыхъойы фæлгонц;

б) Мосейы фæлгонц;

в) Бибойы фæлгонц;

г) Мацийы фæлгонц.



14. « Ей, ей, цытæ дзурыс, сæрхъæн, -

Æз æй хуыздæр зонын Хуыцауы:

Хæрæг нæ ратдзæнис мæнæн,

Куы радта, уæд - æрмæст æхцайыл…»

Ацы рæнхъытæ ист сты Иналы æмдзæвгæ:



а) «Ногæй Ирыстоны»-йæ;

б) «Алыбеджы маст»- æй;

в) «Фæндон»- æй;

г) «Сæумæцъæхыл»-æй.



Хъаныхъуаты Инал. III вариант.























































Хетæгкаты Къоста.

I вариант.



1. Национ литературæ сарæзта, уый ныббинонык кодта адæмы зонды дæр, стæй нацийы удварны, культурæйы дæр.

Уый уыд:



а) Мамсыраты Темырболат;

б) Гæдиаты Секъа;

в) Къубалты Алыксандр;

г) Хетæгкаты Къостæ.



2. Къостайæн йæ уарзондæр хъуыддаг цæргæ-цæрæнбонты уыд:



а) ныв кæнын;

б) æмдзæвгæтæ фыссын;

в) адæмон зарджытæ кæнын;

г) кадджытæм хъусын.



3. 1870 азы Къостайы фыд Леуан æмæ Гуытъиаты Мысырби акодтой дæс æмæ æртиссæдз хæдзары Уæлладжыры комæй:



а) Дзæуджыхъæумæ;

б) Бетъырбухмæ;

в) Салыгæрдæнмæ;

г) Лабæмæ.



4. Къоста Бетъырбухы аивадон Академийы куы ахуыр кодта, уæд тынг мысыд йæ уарзон Ирыстоны зæхх, йæ адæмы.

Уый тыххæй зæрдæбын ныхæстæ ракодта йе´ мдзæвгæ:



а) «Хæрзбон»-ы;

б) «Ракæс!»-ы;

в) «Катай»-ы;

г) «Додой»-ы.



5. Къоста Бетъырбухы фæци:



а) цыппар азы;

б) дыууæ азы;

в) æртæ азы;

г) бæрæг нæу.



6. «Æрцыдтæн… Мæхицæй фыддæр,

Мæгуырæй куы ссардтон дæу дæр,

Мæ уарзон, мæ иубæстон адæм!...»

Мæстæлгъæд æмæ зæрдæрисæй дзуры Къоста йе´ мдзæвгæ:



а) «Салдат»-ы;

б) «Уæлмæрдты»-йы;

в) «Хæрзбон!»-ы;

г) «Ракæс»-ы.



7. Къостайæн йæ бон нæ уыд гимназы ныв кæныны ахуыргæнæгæй кусын:



а) нæ йæм уыд, академи кæй фæци, уый тыххæй диплом;

б) йæ фыд æй нæ уагъта;

в) мызд ын гыццыл фыстой;

г) фаг ахуырад æм нæ уыд.



8. Къоста газет «Северный Кавказ»-ы бакуыста фондз азы. Уый мыхуыр ныхасы фæрцы тох кодта:



а) газеты кусджытимæ;

б) Дзæуджыхъæуы хицæутты ныхмæ;

в) удыхъæдæй лæмæгъ адæмы ныхмæ;

г) паддзахы администраци æмæ хæдхæцæгады системæйы ныхмæ.



9. Къостайы «Ирон фæндыр» адæмы ´хсæнмæ хаст æрцыд, ома мыхуыры рацыд:



а) 1895 азы;

б) 1897 азы;

в) 1898 азы;

г) 1899 азы.



10. Къоста фидыд уыд:



а) Цæлыккатты Аннæимæ;

б) Попова Аннæимæ;

в) Дзускаты Жетханимæ;

г) Хуырымты Лёляимæ.



11. Къостайы цыртдзæвæн лæууы:



а) Сабырдзинады фæзы;

б) Ирон театры фæзы;

в) Хетæгкаты Къостайы номыл проспекты;

г) Мыхуыры хæдзары раз.



12. Къостайы æмдзæвгæ «Додой» фыст у:



а) «Ракæс!»-ы æнкъарæнты бындурыл;

б) «Сагъæс»-ы æнкъарæнты бындурыл;

в) «Катай»-ы æнкъарæнты бындурыл;

г) «Азар!»-ы æнкъарæнты бындурыл.



13. Къоста æмдзæвгæ «Додой»-ы дзырд «фыййау» амоны:



а) æххуырст лæг;

б) æрыгон лæппулæг;

в) раздзог;

г) хистæр куырыхон лæг.



14. «Тæхуды, йæ уарзондзинад,

Йæ хорз ном, йæ фыдæлты кад

Чи уадзы уæлæуыл зæрондæй!...»

Зæгъы поэт йе´ мдзæвгæ:



а) «Салдат»-ы;

б) «Хæрзбон!»-ы;

в) «Тæхуды»-йы;

г) «Катай»-ы.



15. Фольклорон уацмысы сюжетыл фыст нæу Къостайы æмдзæвгæ:



а) «Уæлмæрдты»;

б) «Всати»;

в) «Лæскъдзæрæн»;

г) «Æнæ хай».



16. Къостайы уацмыстæ: «Кæуæг айнæг», «Тæрхоны раз», «Фатимæ», «Кæй цард у хъæлдзæг» иртасæг сты:



а) сомбоны цард;

б) уæды рæстæджы цард;

в) ивгъуыд цард;

г) æбæрæг рæстæг.



17. Къоста йæ кадæг «Фатимæ»-йы ары йæ уарзон чызджы ном:



а) Цæлыккаты Аннæйы;

б) Попова Аннæйы;

в) Дзускаты Жетханы;

г) Хуырымты Лёляйы.



18. Кадæджы сæйраг архайæг Фатимæ фыццаг хатт:



а) бацыд æлдæртты дунеимæ быцæуы;

б) бауарзта æцæг уарзтæй;

в) бамбæрста йæ царды нысан;

г) бамбæрста йæ фыды æнæраст хъуыддæгтæ.



19. Дзамболатæн лæджыхъæдæй йæ бон кæм нæу, уым нæ архайы:



а) фыдвæндæй;

б) гадзрахатæй;

в) сусæгæй;

г) зондæй.



20. «…Фæлæ сæрибармæ фæндаг

Нæ иу дæр уый хуызæн нæ къахта;

Фæллойыл хъардта ´дзух йæхи

Æмæ сæрибар лæг ысси.»

Ацы ныхæстæ ист сты:



а) «Кæуæг айнæг»- æй;

б) «Тæрхоны раз»- æй;

в) «Фатимæ»-йæ;

г) «Хетæг»- æй.



21. Пушкины æмæ Лермонтовы традицитыл амад у Къостайы уацмыс:



а) «Особа»;

б) «Додой»;

в) «Дзæбидырдзуаны»;

г) «Фатимæ».



22. «Ирон адæмы Леонардо да Винчи»,- афтæ схуыдта Къостайы:



а) Симонов;

б) Тихонов;

в) Фадеев;

г) Озеров.







Хетæгкаты Къоста. I вариант.

























Хетæгкаты Къоста.



II вариант.



1. Нæ Иры стъалы - Къоста райгуырд:



а) 1847 азы;

б) 1850 азы;

в) 1856 азы;

г) 1859 азы.



2. Йæ уарзондæр хъуыддаг цæргæ - цæрæнбонты уыд ныв кæнын:



а) Къубалты Алыксандрæн;

б) Хъаныхъуаты Иналæн;

в) Хетæгкаты Къостайæн;

г) Гуырдзыбеты Блашкайæн.



3. Стъараполы гимназы йын ныв кæнын амыдта:



а) Репин;

б) Смирнов;

в) Иванов;

г) Голицын.



4. «…Фæхæссон ма, загътон, уæддæр

Фæстæмæ мæ иунæджы сæр

Мæ Ирмæ, мæ райгуырæн бæстæм…»

Ацы ныхæстæ сты Къостайы æмдзæвгæ:



а) «Додой»- æ;

б) «Катай»- æ;

в) «Ракæс»- æй;

г) «Æнæ хай»- æ.



5. Къоста Бетъырбухы ахуыры азты ныффыста бирæ уацмыстæ уырыссагау. Уыдонæй иууыл стырдæр æмæ зынгадæр уыдис:



а) комеди «Дуня»;

б) поэмæ «Фатимæ»;

в) поэмæ «Уæлхæдзар»;

г) кадæг «Кæуæг къæдзæх».



6. Къостæ йе´мдзæвгæ «Ракæс» куы ныффыста, уæдæй фæстæмæ йæ царды иунæг нысан цæрæнбонтæм сси:



а) зынгæ поэт суæвын;

б) адæмæн уарзон уæвын;

в) адæмы сæрыл удуæлдай тох;

г) паддзахæн лæггад кæнын.



7. Къоста ирон интеллигенциимæ ирон чызджыты скъола кæй нæ бауагъта скъола сæхгæнын, уый тыххæй:



а) Терчы бæсты хицау æй фæсырдта Ирыстонæй куыд «Змæнтæг элемент»;

б) Ирыстонæй ацæуыны бар ын нæ уыд;

в) бакодтой йæ Дзæуджыхъæуы ахæстоны;

8. Къоста фыццаг хатт хасты уыд:



а) 1891 азы;

б) 1893 азы;

в) 1895 азы;

г) 1897 азы.

9. «Ирон фæндыр» 1899 азы мыхуары куы рацыд, уæд Къоста:



а) фæрынчын;

б) фæлыгъд йæ зæрдæйы сагъæстæй;

в) дыккаг хатт хаст æрцыд;

г) бафидыдта Лулуимæ.



10. Къостайæн йæ зæрдæ йæ куыстæй банцад:



а) 1901 азы;

б) 1903 азы;

в) 1905 азы;

г) 1906 азы.



11. Къостæ йæ æмдзæвгæты: «Ныстуан», «Ныфс», «Сагъæс»,-ы дзуры:



а) поэты æмбæстагон хæс æмæ поэзийы æхсæнадон нысаныл;

б) адæмы уавæртыл;

в) мæгуыр адæмы цардыл;

г) адæмы бæллицтыл.



12. Æмдзæвгæ «Ракæс»-ы дзырд цæуы:



а) поэтæн йæ цардыл;

б) мæгуыр адæмы хъысмæтыл;

в) поэты индивидуалон цардвæндаг æмæ ирон адæмы историон хъысмæтыл.



13. Тохы гимн у Къостайæн йе´ мдзæвгæ:



а) «Ракæс!»;

б) «Додой!»;

в) «Азар!»;

г) «Хæрзбон!».



14. Къостайи лирикон шедеврыл нымад у:



а) «Катай»;

б) «Тæхуды»;

в) «Хæрзбон!»;

г) «Азар!».



15. Бæхфæлдисыны адæмон вариант æвдыст æрцыд Къостайы уацмыс:



а) «Уæлмæрдты»;

б) «Всати»-йы;

в) «Лæскъдзæрæн»-ы;

г) «Уайдзæф»-ы.



16. XIX æнусы æмбисы цы историон хабæрттæ уыд, уыдоныл дзырд цæуы Къостайы:



а) «Фатимæ»-йы;

б) «Уæлмæрдты»;

в) «Кæуæг къæдзæх»-ы;

г) «Æнæ хæй»-ы.



17. Къоста йæ кадæг «Фатимæ»-йы спайда кодта:



а) рефренæй;

б) акростихæй;

в) октавæйæ;

г) ямбæй.



18. Куысты - домбай, хъуыдыйæ - уæздан æмæ æнæхин, зæрдæйæ та - сыгъдæг, миты гæбынайау тæхгæ маргъы базырыл. Афтæ зæгъæн ис:



а) Дзамболатæй;

б) Наибæй;

в) Ибрагимæй;

г) уырыссаг инженерæй.



19. Фатимæ Дзамболаты хуызæн æлдæртты байззæддæгты нæ хоны:



а) æлгъыст;

б) чъизи;

в) лæджыфыдхортæ;

г) сыгъдæгзæрдæ.



20. Фатимæйы прогрессивон хъуыдытæм нæ хауы:



а) æлдæртты дунейæ йæхи атыдта æмæ æмбуар æрлæууыдис фæллойгæнджыты æхсæнадмæ;

б) æмбары, рæстдзинад æмæ амонд фæллойы кæй сты;

в) йæ зæрдæйы ´нкъарæнтæ никæйы бар кæны - йæхæдæг сын у хицау;

г) уый хъусы йæ фыды амындтытæм, уæды рæстæджы æгъдау куыд амоны, афтæ кæны.







21. Къоста йæ царды дæр æмæ йе сфæлдыстады дæр фидар баст уыдис:



а) немыцаг раззаг культурæимæ;

б) францусаг раззаг культурæимæ;

в) уырыссаг раззаг культурæимæ;

г) кавказаг адæмты раззаг культурæимæ.



22. Къостайы уарзон зарæг уыд:



а) Бигъаты Сосейы зарæг;

б) Чермены зарæг;

в) Бæтæйы фыртты зарæг;

г) Уæлладжыры зæрæдты зарæг.





Хетæгкаты Къоста. II вариант.





































Хетæгкаты Къоста.

III вариант.



1. 1859 азы Хетæгкаты Къоста райгуырд:



а) Куырттаты комы;

б) Хъобангомы;

в) Уæлладжыры комы;

г) Дыгургомы.



2. Къоста нæ ахуыр кодта:



а) Дзæуджыхъæуы дæлгимназы;

б) Стъараполы гимназы;

в) Æрыдоны духовон семинары;

г) Бетъырбухы Аивадты академийы.



3. Къоста Аивадон академи нæ фæци:



а) йæ бон нæ уыд ахуыр кæнын;

б) йæ фыд æй ракодта;

в) йæ стипенди йын систой;

г) йæ зæрдæмæ нал цыд нывкæныны аивад.



4. Къоста йæ æмдзæвгæ «Ракæс» ныффыста:



а) Бетъырбухы Аивадон академийæ куы сыздæхт;

б) Стъараполы гимназы куы ахуыр кодта;

в) фыццаг хатт хасты куы уыд;

г) дыккаг хасты рæстæг.



5. Къостайы сфæлдыстады, цалынмæ Ирыстонмæ ´рыздæхт 1885 азы сæрды, уæдмæ нæй йæ адæмы кой, йæ ныййарæг адæмы хъысмæтыл сагъæс:



а) нæ йæ фæндыд ацы темæйыл фыссын;

б) нæ йæ æвдæлд ахуырæй;

в) тарст цензурæйæ;

г) цыппæрдæс азы дæргъы Къоста иппæрд уыд Ирыстоны цардæй, дардмæ йын хъуыста йæ кой, æввахсмæ йæ нæ зыдта. Уымæй дæр æм ас лæджы цæстæй никуыма бакаст.



6. 1885 азы Къоста Уæрæсейæ Ирыстонмæ сыздæхт цæттæ лæгæй. Уæд сарæхстаид паддзахадон куыстмæ дæр. Фæлæ йæ сæр нæ хъуыд æрмæстдæр:

а) йæ адæмы;

б) йæ бинонты;

в) Кавказы æфхæрд дзыллæты;

г) хицæутты.





7. 1893 азы Къоста кусын райдыдта:



а) газет «Северный Кавказ»-ы редакцийы;

б) альманах «Кавказы хæххон адæмты тыххæй зонæнты æмбырдгонд»-ы редакцийы;

в) «Ирон газет»-ы;



8. Къостайы «Ирон фæндыр»-ы сыгъдæг къухфыст хицæн чиныджы хуызы фæзынд:



а) 1894 азы;

б) 1897 азы;

в) 1898 азы;

г) 1899 азы.



9. Къоста Херсоны, хаст уæвгæйæ, ныффыста:



а) «Фатимæ»-йы райдиан;

б) «Кæуæг айнæг»;

в) «Хетæг»-ы райдиан;

г) «Додой».



10. Къоста ныгæд у:



а) Дзæуджыхъæуы цыты аллейæйы;

б) Иры аргъуаны кæрты;

в) Лабæйы;

г) Нары уæлмæрдты.



11. Адæмы фидæныл сагъæс Къоста æвдисы йæ æмдзæвгæ:



а) «Ныфс»-ы;

б) «Ныстуан»-ы;

в) «Ракæс!»-ы;

г) «Хæрзбон»-ы.



12. Райгуырæн хæхтæ æмæ тæрхоны лæгтæм хауы æлгъыст Къостайы æмдзæвгæ:



а) «Ракæс!»-ы;

б) «Додой»-ы;

в) «Æнæ хæй»-ы;

г) «Ныфс»-ы.



13. Къостайы æмдзæвгæ «Салдат» йæ рæстæджы мыхуыры не ´рцыд:



а) фесæфт æмдзæвгæйы къухфыст;

б) Къостайы нæ фæндыд, цæмæй мыхуыры рацæуа;

в) хъуыдис ма йыл бакусын;

г) паддзахы æфсæддон службæйы адæймаг æфхæрд у, загъгæ, кæй амыдта адæмæн, уымæн.

14. Æмдзæвгæ «Хæрзбон!» Къоста ныффыста:



а) Смирнова Галяимæ кæй нæ баиу сты, уый тыххæй;

б) Цæлыккаты Аннæ йын йæ уарзондзинад кæй айста, уый фæдыл;

в) Попова Аннæимæ кæй фæхицæн сты, уый тыххæй;

г) Дзукаты Жетханимæ сæ цардвæндаг кæй нæ баиу, уый фæдыл.



15. Къостайы «Уæлмæрдты» бæх фæлдисынц:



а) хъæздыг зианæн;

б) мæгуыр хохаг лæппуйæн;

в) зæронд лæгæн;

г) æнæзонгæ лæгæн.



16. Къоста йæ уарзон чызг Аннæ Поповæйы ном ары:



а) «Тæхуды»-йы;

б) «Хæрзбон!»-ы;

в) «Фатимæ»-йы;

г) «Сагъæс»-ы.



17. Къостайы «Фатимæ»-йы композицион астæумагъзыл нымад у:



а) 1-æм сæр;

б) 2-æм сæр;

в) 3-æм сæр;

г) 4-æм сæр.



18. «Рæстдзинад уарзоны æнцойы -

Нæ хид, нæ тугæйдзаг фæллойы.

Ыссардзынæн æз цин, рæвдыд!!!» - загъта:



а) Ибрагим;

б) Дзамболат;

в) Наиб;

г) Фатимæ.



19. Къостайы кадæг «Фатимæ»-йы Ибрагимы фæлгонц нæу Къостайы иннæ хъайтарты хуызæн:



а) «Чи дæ?»-йы хъайтары;

б) «Хъуыбыды»-йы хъайтары;

в) «Тæрхоны раз»-ы хъайтары;

г) «Хетæг»-ы хъайтары.



20. Кадæг !Фатимæ» фыст у:



а) ямбæй;

б) хорейæ;

в) дактилæй;

г) анапестæй.



21. «Рухс у мæ зæрдæ- ис нæ чиныгæн æмæ не ´взагæн бындур. Къоста нæ литературæйæн у, Пушкин уырыссаг литературæйæн цы у, раст уый», - загъта Къостайы фæдон:



а) Гæдиаты Цомахъ;

б) Брытъиаты Елбыздыхъо;

в) Нигер;

г) Цæголты Георги.



22. Къостайы номыл премийы лауреат нæу:



а) Тугъанты Махарбег;

б) Абайты Васо;

в) Мамсыраты Дæбе;

г) Джыккайты Шамил.

















Хетæгкаты Къоста. III вариант.































Къубалты Алыксандр.



I вариант.



1. 1894 азы Къубалты Алыксандр гимназ куы фæци, уæд ныффыста кадæг:



а) «Хосдзау»;

б) «Æмбазыг»;

в) «Алгъуызы куывд»;

г) «Æфхæрдты Хæсанæ».



2. Кадæг «Æфхæрдты Хæсанæ»-йæн йæ ратæдзæн Зыгъуытаты куырм Бибо исы ирон адæмы трагикон цауæй:



а) тæтæр- манголты ныббырст;

б) ирон адæмы алыгъд Туркмæ;

в) мидхæсты цаутæ Цæгат Ирыстоны;

г) адæмы геноцид Хуссар Ирыстоны.



3. Мулдарты хъал мыггаг амардтой «цæхæрцæсты Солæманы»:



а) йæ мыггаг нæлгоймагæй тыхджын кæй у;

б) йæ сæрыл чи рахæца, ахæмтæ ис;

в) хæлæм æм кодтой;

г) иунæг кæй у, йæ сæрыл кæй ничи рахæцдзæн, уый ныфсæй.



4. Кадæггæнæг Госæмайы удыхъæдæй рахицæн кодта иу сæйраг миниуæг:



а) уæздандзинад;

б) тæппуддзинад;

в) хъæбатырдзинад;

г) лæмæгъдзинад.



5. Рæстдзинад чи фехала, тæригъæды чи бацæуа, уый хъуамæ:



а) хорзæхгонд æрцæуа;

б) адæмы ´хсæн нымадуа;

в) æфтæрд æрцæуа, йæ тæригъæдтæ бафида;

г) барстгонд æрцæуа.



6. «Гы, мæгуыр Хæсанæ! Гы, мæгуыр иунæг лæг,

Æфхæрдты Хæсанæ, Солæманы сахъ фырт…»,-

Æрдзырдта Хæсанæмæ:



а) Хъуыдайнат;

б) Хан;

в) Хуындæджер;

г) Уастырджи.









Къубалты Алыксандр. I вариант.



















































































Къубалты Алыксандр.



II вариант.



1. Къубалты Алыксандр «Æфхæрдты Хæсанæ»-йы сюжет фехъуыста:



а) Саулаты Дзæрæхæй;

б) Зыгъуытаты куырм Бибойæ;

в) Джусойты Кудзайæ;

г) Губаты Дзагкойæ.



2. Ирон литературæйы фыццаг мыхуыргонд уыд:



а) Къостайы «Ирон фæндыр»;

б) Къубалты Алыксандры «Æфхæрдты Хæсанæ»;

в) æмдзæвгæты чиныг «Гæлæбу»;

г) таурæгъты æмæ æмдзæвгæты æмбырд гонд «Фарн».



3. Кадæг «Æфхæрдты Хæсанæ»-йы цы хабæрттæ ´рцыд, уыдонæн сæ аххосаг у:



а) гыццыл æмæ стыр мыггæгты быцæу;

б) хъæздгуыты æмæ мæгуырты ´хсæн конфликт;

в) Мулдартæ амардтой Солæманы, стæй Мулдарты Хъуыдайнат бафхæрдта Госæмайы;

г) Хъуыдайнат æмæ Салæман уарзтой иу сылгоймафиы.



4. Хæсанæ Уастырджийæ куры иунæг хорзæх:



а) мигъы къуыбар;

б) фадат Мулдарты наццæгъдынæн;

в) йæ мады бахъахъхъæнын;

г) знæгтæй йæ бахизын.



5. Кадæг «Æфхæрдты Хæсанæ»-йы загъд цæуы:



а) Джеоргуыбайы стыр боныл;

б) Хетæджы стыр боныл;

в) Уациллайы стыр боныл;

г) Алардыйы стыр боныл.



6. «…Ай дын - мæ фыды мард, ай дын - мæ мады фхæрд!» - загъта Хæсанæ:



а) Хуындæджерæн;

б) Ханæн;

в) Хъуыдайнатæн;

г) Къæбутдзæвæн.







Къубалты Алыксандр. II вариант.























































































Къубалты Алыксандр.



III вариант.



1. Къубалты Алыксандр ахуыр куы фæци, уæдæй йæ амæлæты бонмæ куыста:



а) ахуыргæнæгæй;

б) адвокатæй;

в) фыссæгæй;

г) æфсæддонæй.



2. Алыксандрæн йæ кадæг «Æфхæрдты Хæсанæ»-йæн йæ темæ у:



а) иунæгдзинады темæ;

б) уарзондзинады темæ;

в) хъæбатырдзинады темæ;

г) мæгуыр адæмы царды темæ.



3. Госæмайæн йæ зонд æмæ зæрдæ арæзт сты иу стыр бæллицмæ:



а) Хæсанæйы раст схъомыл кæнын;

б) хæдзар саразын;

в) ног амонд ссарын;

г) Мулдартæй Солæманы туг æмæ йæхи ´фхæрд райсын.



4. ´Уастырджийы, кадæггæнæджы, адæмы цæсты иууыл ахсджиагдæр хъуыддаг у:



а) æнæуынондзинад;

б) уарзондзинад;

в) рæстдзинад;

г) хæрамдзинад.



5. Хæсанæ кадæджы кæрæй - кæронмæ дæр раст кæй нæ уыд, уый бæрæг у:



а) амардта Хъуыдайнаты;

б) йæ мады фæдзæхст сæххæст кодта;

в) уый дæр сарæзта æнæрастдзинад, йæ масты фæдыл ацыд æмæ амардта Мулдартæй 9 лæджы;

6. Хæсанæ йæ фыды туг æмæ йæ мады маст райсынмæ нæ тагъд кодта:



а) уыдис нырма æнахъом;

б) тарст йе знæгтæй;

в) йæ мады уал баныгæдтаид;

г) дывæнд кодта.













Къубалты Алыксандр. III вариант.

















































































Гæдиаты Секъа.



I вариант.



1. Хъуды комы Дæллаг Ганисыхъæуы райгуырд:



а) Къубалты Алыксандр;

б) Хъаныхъуаты Инал;

в) Æгъуызаты Иуане;

г) Гæдиаты Секъа.



2. Секъа цæрæнбонты фæкуыста:



а) скъолайы;

б) пъисырæй;

в) аргъуаны;

г) тæлмацгæнæгæй.



3. Хъуды комæн сæ фæдисоныл нымад уыд:



а) Гæдиаты Цомахъ;

б) Гæдиаты Секъа;

в) Секъайы фырт Заликъо;

г) Секъайы фырт Петкæ.



4. Секъа хуыдта фыссæгæн йæ сæйраг хæсыл адæмы раз:



а) адæмы мæстытæ зæрдыл дарын;

б) адæмы цардыл фылдæр фыссын;

в) рæстдзинад фыссын;

5. Секъайы æмдзæвгæ «Æнкъард хъуыды»-йы нывтæ амад сты контрастыл:



а) æрдзы рæсугъддзинад æмæ адæмы хъысмæты тыхстдзинад;

б) адæмы рухс цард æмæ æрдзы фыдуынддзинад;

в) уæздæтты æмæ мæгуырты быцæутæ;

г) хъæздыг æмæ мæгуыр удты хицæутты бæллицтæ.



6. Секъайæн йæ таурæгъ «Дыса»-йы сæйраг нысан у:



а) дины кусджыты æнувыддзинад адæмыл равдисын;

б) хицæутты сыгъдæг цæсгом равдисын;

в) хæдхæцæг хицæутты чъизи æмæ мæнгард цæсгом равдисын, дины кусджыты фæлывддзинад раргом кæнын;

г) Дысайы цард равдисын.



7. «Лисиц»,-афтæ хуыдтой радзырд «Дыса»-йæ:



а) дианбеджы;

б) сауджыны;

в) Мацкъайы;





8. Дагъистайнаг (лекъ) абырджыты амæттаг баисты Таджийы бинонтæ:



а) «Саударæг ус»-ы;

б) «Хо æмæ æфсимæр»-ы;

в) «Арагуийы Ерыстау æлдар»-ы;

г) «Садуллæ æмы Манидза»-йы.



9. Дзамайы усы Цæцæны балхæдтой:



а) Хъаныхъуаты уæздæттæ;

б) Мамсыраты уæздæттæ;

в) Тугъанаты уæздæттæ;

г) Тлаттаты уæздæттæ.



10. Секъайы фидарæй уырныдта, адæмы æхсæны царды, адæмы хъысмæты иу хæрзæг, иу фæрныг зонды лæгæн дæр стыр нысаниуæг кæй ис, уый. Ахæм адæймаг куы фæзына, уæд уымæн иунæгæй дæр бантысдзæн адæмты 'хсæн хæлары ахастытæ бабиноныг кæнын. Ахæм зондыл, бæллицыл амад у:



а) «Айссæ»;

б) «Дыса»;

в) «Хо æмæ æфсымæр»;

г) «Саударæг ус».



11. Секъа йæ бæллицтæ фидæны царды тыххæй нæ равдыста йе 'мдзæвгæ:



а) «Тæхуды»-йы;

б) «Къæвда»-йы;

в) «Сырдтæ»-йы;

г) «Минас»-ы.







Гæдиаты Секъа. I вариант.















Гæдиаты Секъа.



II вариант.



1. Гæдиаты Секъайы сахуыр кодта чиныджы кæсын:



а) йæ фыд Куыцыри;

б) йе 'мбал;

в) Ганисы дзуары сауджын;

г) бæрæг нæу.



2. 1882 азы Секъа алыгъд Цæгат Ирмæ:



а) уым хуыздæр куыст ссардта;

б) йæ хиуæттæ уым цардысты;

в) зæххы гæппæл кæд бафтид йæ къухы, зæгъгæ;

г) Ганисыхъæуы йын фæзынд знæгтæ.



3. «Ирон фысджытæй иууыл адæмондæр фыссæг»,- афтæ загъта Секъайæ:



а) Брытъиаты Елбыздыхъо;

б) Абайты Васо;

в) Джусойты Нафи;

г) Джыккайты Шамил.



4. Секъайы уацмыстæ «Арагуийы Ерыстау æлдар», «Айссæ», «Азау», «Дыса», «Зæлда», «Садуллæ æмæ Манидза» æвдисæн сты:



а) йæ зæрдæ кæй рухс кодта сылгоймæгты уавæрæй;

б) мæгуыр æмæ раст лæджы хъысмæт бæлиццаг кæй уыд;

в) тых æмæ мулчы руаджы лæг æфхæрд æмæ ссæст кæй нæ уыд;

г) йæ зæрдæ кæй нæ рухс кодта нæдæр феодалон тыхтонайы дугæй, нæдæр буржуазон ахастытæй.



5. Æрдзы рæсугъддзинад æмæ адæмы хъысмæты тыхстдзинад æмæ ницæйагдзинад æвдыст цæуы Секъайы æмдзæвгæ:



а) «Æнкъард хъуыды»-йы;

б) «Фыдыбæстæ»-йы;

в) «Мæ бæлас»-ы;

г) «Цард»-ы.



6. Лæгуарзон адæймаг, рæстаг уд, хицæутты рæстдзинадыл дæр чи ууæнды, ахæм у Секъайы:



а) «Азау»;

б) «Дыса»;

в) «Айссæ»;

г) «Зæлда».



7. «… хъуынджын, уызыны хуызæн - уыджы бадт скодта, æнкъардгомау, боннымайæн фæрдгуытæ рауил - бауил кодта». Ацы ныхæстæ ист сты:



а) «Азау»- æй;

б) «Саударæг ус»- æй;

в) «Дыса»- йæ;

г) «Хо æмæ 'фсымæр»- æй.



8. «… раст уыцы бон æлдар дыууæ сывæллоны хордзенты мидæг бæхыл йæ фæсарц ахаста уæймæ, сæ ныййарæг мадыл кæугæ, дзыназгæйæ;…» - ацы рæнхъытæ ист сты:



а) «Дыса»- йæ;

б) «Саударæг ус»- æй;

в) «Хо æмæ æфсымæр»- æй;

г) «Айссæ»- йæ.



9. Секъайы «Саударæг ус»- ы æмбæлы ацы æмбисонд:



а) «Калм дæр æнæ растæй нæ хæцы»;

б) «Уæрдон, дам, дын суг куы нæ ласа, уæд, дам, дын йæхæдæг суг у»;

в) «Цард кусæг лæджы уæхскыл бады»;

г) «Фыдлæг æмæ фыдбон бирæ нæ хæссынц».



10. «Домбайы хъæвдын хъæргæнгæ агуры йæ фыдыбæстæ…»,- ацы дзырдтæ ист сты:



а) «Азау»- æй;

б) «Хо æмæ æфсымæр»- æй;

в) «Арагуийы Ерыстау æлдар»- æй;

г) «Саударæг ус»- æй.



11. «…Уæзданæй, фæрссагæй, уæййагæй,

Хъæздыгæй, мæгуырæй æмзæрдæ

Куы уаиккам! Баууæнд, нæ бæстæ

Нæ заид фæстейæ, хъуагæй», - ацы рæнхъытæ ист сты Секъайы æмдзæвгæ:



а) «Тæхуды»- йæ;

б) «Къæвда»- йæ;

в) «Сырдты емынæ»- йæ;

г) «Минас»- æй.



Гæдиаты Секъа. II вариант.



Гæдиаты Секъа.



III вариант.



1. Секъа хорзæн мысы, чиныджы кæсын æй чи сахуыр кодта, уыцы арфæйаг сауджыны йæ уацмыс:



а) «Царды»-йы;

б) «Мæ лымæн лæгæн»-ы;

в) «Иунæг»-ы;

г) «Фыдыбæстæ»-йы.



2. Секъа йе 'мдзæвгæ «Цъиу йæ лæппыныл хъарæг кæны» ныффыста:



а) йе 'фхæрд лæппу Цомахъыл;

б) йæ лæппу Къолийыл;

в) йæ лæппу Петкæйыл;

г) йæ чызг Верæйыл.



3. Секъайæн йе стырдæр катай уыд:



а) йæ фырт Цомахъыл;

б) йæ бинонты æвадат цардыл;

в) адæмы хъысмæтыл;

г) йæ куыстыл.



4. «Æнцадæй æрбахъуызынц мигътæ нæ арвыл,

Æнцадæй нæ хæхтыл æрбадынц уæззау…»,- загъд цæуы æмдзæвгæ:



а) «Цард»-ы;

б) «Мæ зæрдæ»- йы;

в) «Мæ бæлас»-ы;

г) «Æнкъард хъуыды»-йы.



5. Æлдæртты рæстæг йæ мæлыныл куы уыди, буржуазон ахастытæ та сæ рæзыныл куы уыдысты, ома феодалон дунейы хъизæмæрттимæ куы балу сты хицæутты тыхмитæ æмæ дины кусджыты мæнгарддзинад, уыцы бæрджытыл нæ дзырдæуы Секъайы:



а) «Дыса»- йы;

б) «Саударæг ус»-ы;

в) «Хо æмæ 'фсымæр»-ы;

г) «Айссæ»-йы.



6. «Чысыл, цыбыр лæг. Стыр æмæ гуыбыр фындз, арф цъæх цæстытæ, фæлдæхт - хъуынджын æрфгуытæ, сау цыргъ уадултæ, хъуынджын рихитæ - иудзырдæй, хæйрæджы цæстæнгас лæвæрдта,»- ахæм сурæт дæтты Секъа:



а) Косеты-хицау дианбегæн;

б) Ганисы сауджынæн;

в) Мацкъайæн.



7. Секъайы таурæгъ «Саударæг ус»-ы дзырд цæуы:



а) Саударæг усы цардыл;

б) Кавказы зæххыл цы бирæ адæмтæ цæры, уыдон ахастытыл;

в) тыхджын уарзондзинадыл;

г) æлдæртты æмæ мæгуыр адæмы ахастдзинæдтыл.



8. Таджи æмæ Дзама сты:



а) «Арагуийы Ерыстау æлдар»-ы архайджытæ;

б) «Хо æмæ æфсымæр»-ы архайджытæ;

в) «Саударæг ус»-ы архайджытæ;

г) «Азау»-ы архайджытæ.



9. «…Кавказы адæмы мыггæгтæ кæрæдзимæ лæбурдтой, кæрæдзийы фос тыххæй тардтой, истой, давтой; иу дзырдæй, тынг змæст рæстæг уыд»,- ацы рæнхъытæ ист сты:



а) «Садуллæ æмæ Манидзайæ»;

б) «Дыса»-йæ;

в) «Айссæ»-йæ;

г) «Саударæг ус»- æй.



10. Алы рæстаг лæджы фæндиаг дæр у «уарзонæй цæрын» сыхаг адæмтимæ. Ахæм зонд нын амоны Секъа йæ таурæгъ:



а) «Хо æмæ æфсымæр»- ы;

б) «Саударæг ус»- ы;

в) «Дыса»-йы;

г) «Азау»- ы.



11. «… Æвзæрæн дæ равзæрстой,

Лæг у, зæгъгæ, на загътой», - ацы рæнхъытæ сты:



а) «Тæхуды»-йæ;

б) «Чермен»- æй;

в) «Сырдты емынæ»-йæ;

г) «Минас»- æй.



Гæдиаты Секъа. III вариант.



Гуырджыбеты Блашка.

I вариант.



1. Гуырджыбеты Блашка райгуырд:



а) сауджыны хæдзары;

б) фыссæджы хæдзары;

в) афицеры хæдзары;

г) ахуыргæнæджы хæдзары.



2. Æфсæддон уæвгæйæ, йæ райгуырæн зæххæй иппæрд уæвгæйæ, уый куыста ирон дзырдаивадыл, йæхи æхцайы муртæй æртæ чысыл чиныджы рауагъта:



а) Мамсыраты Темырболат;

б) Хъаныхъуаты Инал;

в) Гуырджыбеты Блашка;

г) Токаты Алихан.



3. Блашкайы «Æдули» хауы:



а) драмæмæ;

б) комедимæ;

в) трагедимæ;

4. Къостайы мæлæты фæстæ Мæздæджы дыгур Блашкайы æмдзæвгæ «Къоста» æрхуы фæйнæгыл ныффыстой æмæ йæ:



а) арвыстой Нармæ;

б) радтой йæ Хетæгкаты мыггагæн;

в) балæвар æй кодтой лабæйæгтæн;

г) Къостайы цыртыл бакодтой.



5. «Мæ фидæ - медхонх дигорон,

Мæ мадæ хаст Кæсæгæй;

Цæрун сæ мæрдæй æнæ ном,

Æнæ уарзгæ фудлæгæй…», - ацы рæнхъытæ ист сты:



а) «Мæгуыр усгур» - æй;

б) «Абырæг» - æй;

в) «Æдылы» - йæ.



6. Блашкайы уацмыстæй се´ппæтæй мидисджындæр æмæ аивдæр у:



а) «Æдылы»;

б) «Мæгуыр усгур»;

в) «Абырæг»;

г) «Сахы рæсугъд».









Гуырджыбеты Блашка. I вариант.



















































































Гуырджыбеты Блашка.



II вариант.



1. Гуырджыбеты Блашка райгуырд:



а) Николаевскæйы станицæйы;

б) Черноярскаяйы станицæйы;

в) Ново-Осетинскаяйы станицæйы;

г) Терскаяйы станицæйы.



2. Блашка кувæгау кодта:



а) Хъаныхъуаты Иналы ном æмæ поэзимæ;

б) Мамсыраты Темырболаты ном æмæ поэзимæ;

в) Колыты Аксойы ном æмæ поэзимæ;

г) Хетæгкаты Къостайы стыр ном æмæ генион поэзимæ.



3. Къоста 1899 азы дыккаг хасты куы фæци дард Херсоны губернимæ, уæд ын номарæн æмдзæвгæ ныффыста:



а) Къубалты Алыксандр;

б) Гæдиаты Секъа;

в) Гуырджыбеты Блашка;

г) Гæдиаты Цомахъ.



4. Блашкайы æмдзæвгæ, æрхуы фæйнæгыл фыстæй, ис:



а) Къостайы музейы Нары;

б) Къостайы музейы Дзæуджыхъæуы;

в) Цæгат Ирыстоны бастæзонæн музейы;

г) Цæгат Ирыстоны литературон музейы.



5. Блашкайы «Абырæг» - ы архайæг у:



а) Æхснырф;

б) Цæрай;

в) Бадзай;

г) Елмæрза.



6. Сценæ бахъæлдзæг кæныны тыххæй Цæругтæм дæр æмæ Борхатæм дæр фæзыны худæджы хал:



а) Хан-Гуассæ;

б) Тезадæ;

в) Уолмес;

г) Губадтæ.











Гуырджыбеты Блашка. II вариант.





















































































Гуырджыбеты Блашка.

III вариант.



1. Йæ цард æфсады арвыста, йæ мæлæт дæр уым ссардта:



а) Хъаныхъуаты Инал;

б) Мамсыраты Темырболат;

в) Гуырджыбеты Блашка;

г) Къубалты Алыксандр.



2. Блашка ныффыста номарæн æмдзæвгæ:



а) Гæдиаты Секъайæн;

б) Хетæгкаты Къостайæн;

в) Къубалты Алыксандрæн;

г) Мамсыраты Темырболатæн.



3. Блашка ныгæд æрцыд:



а) Мæздæджы горæты;

б) Дзæуджыхъæуы;

в) Черноярскаяйы станицæйы;

г) Ново-Осетинскаяйы станицæйы.



4. Зæронд заманы абырджытæ фылдæр уыдысты:



а) сæ фырхъæздыгæй куыст кæмæн нæ уыд;

б) æхсæнады цæрыны бар кæмæн нæ уыд;

в) сæ фырмæгуырæй чи схæтæнхуаг, цæрыны мадзал чи нæуал ардта;

г) сæрибар цард чи уарзта.



5. Блашкайы «Мæгуыр усгур» - ы лæппуйæн йæ бон нæу ракурын йæ уарзон чызджы:



а) чызг æй нал уарзы;

б) мад æмæ йæ фыд дæттынц æндæрæн;

в) лæппуйæн ирæд бафидын йæ бон кæу;

6. Феодализм æмæ капитализмы æгъдæутты астæу ныхмæлæуддзинæдтæ равдыста Блашка йæ:



а) «Æдылы»-йы;

б) «Сахы рæсугъд»-ы;

в) «Мæгуыр усгур»-ы;

г) «Абырæг»-ы.









Гуырджыбеты Блашка. III вариант.























































































ГÆДИАТЫ ЦОМАХЪ



I вариант



1. Дерпты университеты историкон-филологон факультеты ахуыр кодта:

а) Барахъты Гино;

б) Коцойты Арсен;

в) Нигер;

г) Гœдиаты Цомахъ.



2. Сœрибар уарзын œмœ сœрибары сœрыл тохмœ сидын уыди йœ поэзийы сœйраг мотив:



а) Багъœраты Созырœн;

б) Барахъты Гинойœн;

в) Гœдиаты Цомахъœн;

г) Малиты Георгийœн.



3. Ахœсты хъизœмар œмœ йœ бœллицтœ œвдыст цœуы:



а) «Тохы хъœр»-ы;

б) «Адœм»-ы;

в) Ахœстоны фыст œмдзœвгœты циклы;

г) «Фœдис»-ы.



4. «Гъей! Æрмœст œхсарœй œвзœры амонды уидаг œнамонд фыдбœсты», - ахœм революцион лозунг уыд:



а) Цомахъы поэзийœн;

б) Нигеры поэзийœн;

в) Малиты Георгийы поэзийœн;

г) Барахъты Гинойœн.



5. Цомахъ Сыбыры хасты фœцис:



а) 1910 азмœ;

б) 1913 азмœ;

в) 1915 азмœ;

г) 1917 азмœ.



6. Цомахъы лирикон герой у:



а) Тыхджын œмœ ныфсхаст, зынтœй нœ тœрсын;

б) лœмœгъ œмœ ссœет;

в) тœппуд;

г) зынтœн чи нœ фœразы, ахœм.



7. Аллегори у:

а) фœсномыг формœ;

б) фœлхатœн;

в) конд, арœзт;

г) œмбœрц, хœрзконддзинад.

ГÆДИАТЫ ЦОМАХЪ I вариант











































































ГÆДИАТЫ ЦОМАХЪ



II вариант



1. Гœдиаты Цомахъы зœрдœйы поэтикон цœхœр ссудзын кодтой:

а) уарзондзинады œнкъарœнтœ;

б) 1905 азы революцион уылœнтœ;

в) Ирыстоны œрдзы рœсугъддзинады нывтœ;

г) адœмы ахастдзинœдтœ.



2. Ахœстоны фыст œмдзœвгœты цикл у:



а) Коцойты Арсены;

б) Нигеры;

в) Гœдиаты Цомахъы;

г) Барахъты Гинойы.



3. «Нœ фехъуыстон мачи зœгъœд!» - ацы ныхœстœ сты эпиграф Цомахъы œмдзœвгœ:



а) «Адœм»-мœ;

б) «Фœдис»-мœ;

в) «Тохы хъœр»-мœ;

г) «Хœлœг»-мœ.



4. Цомахъ йœ революцион куысты тыххœй ахст œрцыд:



а) 1905 азы;

б) 1908 азы;

в) 1909 азы;

г) 1915 азы.



5. Цомахъ аллегорийœ спайда кодта йе мдзœвгœты:



а) «Хуры тын»-ы;

б) «Бœлон»-ы;

в) «Фœдис»-ы;

г) «Адœм»-ы.



6. Ахуыр кодта сыбираг сывœллœтты, уыд сœ «дохтыр» дœр. Уый уыд:



а) Нигер;

б) Гино;

в) Созыр;

г) Цомахъ.



7. «Дзыллœйы хъаруйœ къœдзœх ныннœрдзœн, Хœхтœ нырриздзысты дзыллœты барœй…» Ацы рœнхъытœ ист сты:

а) «Тохы хъœр»- œй;

б) «Адœм»- œй;

в) «Фœдис»- œй;

г) «Хуры тын»- œй.



ГÆДИАТЫ ЦОМАХЪ II вариант



а, б

г

б











































































ГÆДИАТЫ ЦОМАХЪ



III вариант



1. Цомахъы ацы œмдзœвгœйы революцион хъуыдытœ нœ абухынц, нœ сиды фœллойгœнœг адœммœ:



а) «Фœдис»;

б) «Адœм»;

в) «Тохы хъœр»;

г) «Хуры тын».



2. Цомахъœн йœ ахœстоны фыст œмдзœвгœты циклы ис:



а) œртœ œмдзœвгœйы;

б) фондз œмдзœвгœйы;

в) авд œмдзœвгœйы;

г) œхсœз œмдзœвгœйы.



3. «Не′гад нœ судзы …Æрбалœууынц зœрдыл

Не′фхœрд, нœ тухи, нœ хœрам, нœ мœсты.

Гъей! Æрмœст œхсарœй œвзœры

Амонды уидаг œнамонд фыдбœсты»

Ацы рœнхъытœ ист сты:



а) «Адœм»- œй;

б) «Бœлон»- œй;

в) «Тохы хъœр»- œй;

г) «Фœдис»- œй.



4. Дыууœ азы бœрц фœбадти Цомахъ ахœетоны йœ революцион куысты тыххœй, стœй хаст œрцыдис:



а) Сыбырмœ;

б) Херсонмœ;

в) Калакмœ;

г) Бетъырбухмœ.



5. Цомахъ фœллойгœнœг адœмœн сœ тыхст œмœ сœ мœгуырдзинад сœ зœрдыл лœууын кœны œмœ сын ссудзы сœ зœрдœйы революцион цœхœр:



а) «Тохы хъœр»-ы;

б) «Фœдис»-ы;

в) «Адœм»-ы;

г) «Бœлон»-ы.



6. «Нœ къухтœ цыбыр сты», «œнцад уал уœм», зœгъгœ, чи дзырдта, уыдоны ныхмœ уыд:

а) Секъа;

б) Нигер;

в) Арсен;

г) Цомахъ.



7. «Акœс œгас бœстœм, акœс, дœ цœстœй,

Акœс-ма дзыллœтœм иу хатт ды дœр!»

Ацы рœнхъытœ ист сты Цомахъы:



а) «Бœлон»- œй;

б) «Фœдис»- œй;

в) «Адœм»- œй;

г) «Тохы хъœр»- œй.





ГÆДИАТЫ ЦОМАХЪ III вариант

























































БАЙАТЫ ГАППО



I вариант





1. Байаты Гаппо райгуырд:



а) 1860 азы;

б) 1862 азы;

в) 1867 азы;

г) 1870 азы.



2. Ахуырмœ йын фœндаг скодта:

а) йœ мад;

б) йœ фыд;

в) йœ фыдыфсымœр;

г) йœ мадыфсымœр.



3. Гаппо 1919 азы ацыд Тифлисмœ œмœ уым куыста:



а) университеты;

б) суды;

в) скъолайы;

г) редакцийы.



4. Ирон чызджыты скъола дыккаг хатт œхгœнын нœ бауагъта;



а) Гœдиаты Цомахъ;

б) Байаты Гаппо;

в) Тугъанты Батырбег;

г) Цœлыккаты Ахмœт.



5. Ирон чиныгуадзœн «Ир» сарœзта:



а) Байаты Гаппо;

б) Цœлыккаты Ахмœт;

в) Гутнаты Елбыздыхъо;

г) Гœдиаты Цомахъ.



6. Ацы уацмыстœй Гаппойы фыст нœу:



а) «Дзœбидыр œмœ саг»;

б) «Мœлдзыг œмœ цъырцъыраг»;

в) «Уазœг»;

г) «Туг тугœй œхсадœуы».



7. «-Акœс-ма, œз дœуау, мыййаг, их не стœрын, œз нуазын рœсуг суадœттœй. Дœуау хъœбœр къœдзœхыл нœ хуыссын - мœ быны фœлмœн сыфтœртœ», … - ацы рœнхъытœ ист сты:

а) Гœдиаты Цомахъы «Дыууœ дидинœджы»-йœ;

б) Байаты Гаппойы «Дзœбидыр œмœ саг»- œй;

в) Коцойты Арсены «Цœукъа œмœ фыркъа»-йœ;

г) Байаты Гаппойы «Мœлдзыг œмœ цъырцъыраг»- œй.

8. «Хъœр кœны мœ фœндыр,

Зары мœ уасœн.

Цъœх ма у мœ быдыр,

Дзаг у мœ нуазœн!

Нœ Дуне - цыбыр,

Цъыр-цъыр, цъыр-цъыр! - ацы рœнхъытœ ист сты:



а) Къостайы «Халон œмœ рувас»- œй;

б) Гœдиаты Секъайы «Минас»- œй;

в) Байаты Гаппойы «Мœлдзыг œмœ цъырцъыраг» -œй;

г) Байаты Гаппойы «Дзœбидир œмœ саг» -œй.



9. Радзырд «Уазœг» ныффыста:



а) Тугъанты Батырбег;

б) Хъайтмазты Аслœмырзœ;

в) Гуырджыбеты Блашка;

г) Байаты Гаппо.



10. «…Æз дœн ног царды фидиуœг, сызгъœрин къœлœсœй фарн хœссœг. Æз œрхœсдзынœн, ирон лœг, мœ мœгуыр хœдзармœ Дунейы рухс œмœ зонды хъœр!».

Ацы рœнхъытœ ист сты:



а) Байаты Гаппойы «Дзœбидыр œмœ саг»- œй;

б) Байаты Гаппойы «Мœлдзыг œмœ цъырцъыраг»- œй;

в) Байаты Гаппойы «Уазœг»- œй;

г) Байаты Гаппойы «Фарн»- œй.



11. Байаты Гаппойы радзырд «Уазœаг»- œй мœгуыр уазœгœн йœ ном уыд:



а) Дзерассœ;

б) Хъуыдинœт;

в) Сœуœссœ;

г) Ирон чиныг.



















БАЙАТЫ ГАППО I вариант























































































БАЙАТЫ ГАППО



II вариант





1. 1870 азы райгуырд:

а) Тугъанты Батырбег;

б) Цалыккаты Ахмœт;

в) Байаты Гаппо;

г) Хъайтмазты Аслœмырзœ.



2. Гаппо каст фоеци:

а) Филологон факультет;

б) историон-филологон факультет;

в) юридикон факультет;

г) фœсарœйнаг œвзœгты факультет.



3. Гаппо 1921 азœй суанг йœ мœлœты бонмœ дœр куыста œмœ цард:

а) Францы;

б) Германы;

в) Хуссар Ирыстоны;

г) Дард Хурыскœсœны.



4. Байаты Гаппо сарœзта:

а) ирон чиныгуадзœи «Ир»;

б) стыр чингуыты дукани;

в) аргъуан;

г) тœрхондон.



5. «Æфхœрдты Хœсанœ» œмœ Кьоетайы «Ирон фœндыр» рауагъдады рацыдысты:

а) Гутнаты Елбыздыхъойы армœй;

б) Цалыккаты Ахмœты армœй;

в) Гœдиаты Цомахъы армœй;

г) Байаты Гаппойы армœй.



6. Байаты Гаппо ныффыста радзырд:

а) «Бœхдавœг»;

б) «Æгъдаумœ гœегœ»;

в) «Дыгуроны радзырд»;

г) «Дзабидыр œмœ саг».



7. «Тœрегœ-ризгœ бонджынœй œд мœт фœцœрыны бœсты мœнмœ мœ мœгуыр хœххон цард сœрибарœй хуыздœр кœсы». - Ацы рœнхъытœ ист сты Байаты Гаппойы радзырд:

а) «Мœлдзыг œмœ цъырцъыраг»-œй;

б) «Уазœг» - œй;

в) «Дзœбидыр œмœ саг» -œй;

г) «Гœлœбу» - йœ.



8. Байаты Гаппойы уацмыс «Мœлдзыг œмœ цъырцъыраг» - ы œвдыст œрцыд:

а) Дыууœ магуса лœджы;

б) Дыууœ кусаг лœджы;

в) Дыууœ хорз œмбалы;

г) куыстуарзаг œмœ магуса лœгты обрœзтœ.

9. Байаты Гаппо ныффыста радзырд:

а) «Бœхдаваг»;

б) «Æгъдауы амœттаг»;

в) Туг тугœй œхсадœуы»;

г) «Уазœг».



10. Ирон чиныджы обрœз адœймаджы хуызы œвдыст œрцыд:

а) Байаты Гаппойы «Уазœг»-ы;

б) Цœголты Георгйы «Бецал» -ы;

в) Гуырджыбеты Блашкайы «Æдылы»-йы;

г) Тугъанты Батырбеджы «Фыййау Баде»-йы.

11. Гаппойы радзырд «Уазœг»-ы мœгуыр уазœг адœмœй куырдта:

а) цœмœй йœ барœвдауой œмœ йын йœ мад œмœ фыды ссарой;

б) цœмœй йын хœдзар скœной;

в) цœмœй йœ йœ мœгуырыл ныууадзой;

г) цœмœй йœ ма тыхсын кœной









БАЙАТЫ ГАППО II вариант

































БАЙАТЫ ГАППО



III вариант



1. Байаты Гаппо райгуырд:

а) Зилгœйы;

б) Ольгинскœйы;

в) Дзœуджыхъœуы;

г) Дур-Дурыхъœуы.



2. Новороссийскы университеты юридикон факультеты ахуыр кодта:

а) Хъайтмазты Аслœмырзœ;

б) Тугъанты Батырбег;

в) Байаты Гаппо;

г) Цœголты Георгий.



3. Цœлыккаты Ахмœт Тифлисы цы дыууœ газеты уагъта («Вольный горец», «Ног цард», уыдон редакцийы куыста:

а) Байаты Гаппо;

б) Гœдиаты Цомахъ;

в) Къубалты Алыксандр;

г) Коцойты Арсен.



4. 1908 азы Байаты Гаппойы фœрцы:

а) зœххытœ баззадысты хохы адœмœн;

б) зœххытœ ист œрцыдысты хохы адœмœй;

в) рауад быцœу Уырыс œмœ Иры´хсœн;

г) ирон адœмы´хсœн ахастдзинœдтœ февзœр сты.



5. «Ацы чингуытœ сты сœрœвœрœн нœ ирон чиныджы хъуыддаган», - дзырдта Байаты Гаппо:

а) «Æфхœрдты Хœсанœ» œмœ «Ирон фœндыр»- œй;

б) «Æгъдау афтœ амоны» œмœ «Дыгурон радзырд»- œй;

в) «Бецал» œмœ «Туг тугœй œхсадœуы» - йœ;

г) «Æмбœлттœ» œмœ «Ирон хъœу»- œй.



6. Радзырд «Уазœг» ныффыста:

а) Цœголты Георгий;

б) Цœлыккаты Ахмœт;

в) Байаты Гаппо;

г) Тугъанты Батырбег.



7. Уырыссаг фыессœг Крыловы басня «Стрекоза и муравей» нын нœ зœрдыл œрлœууын кœны:

а) Гœдиаты Цомахъы «Дыууœ дидинœджы»;

б) Коцойты Арсен «Цœукъа œмœ фыркъа»-йы;

в) Байаты Гаппойы «Мœлдзыг œмœ цъырцъыраг»-ы;

г) Гœдиаты Цомахъы «Хœлуарœг œмœ мыдыбындз»-ы.







8. «-А сœрды, œнхъœлдœн, магусайœ бадтœ…

- Куы нœ, мœ хур, œз бадгœ нœ кодтон: œз зарыдтœн œмœ хъазыдтœн», - ацы рœнхъытœ ист сты Байаты Гаппойы:

а) «Уазœг» - œй;

б) «Дзœбидыр œмœ саг»- œй;

в) «Гœлœбу»-йœ;

г) «Мœлдзыг œмœ цъырцъыраг»- œй.



9. «…Арты рухс» œнахуыр уазœгœн йœ цœсгомыл сœмбœлди. Мœ разы бадти œнкъард ирон чызг хœррœгъты мидœг…» Ацы рœнхъытœ ист сты:

а) Гœдиœты Секъайы «Азау»- œй;

б) Цœгœрœты Максимы «Фœстаг œхсœв»- œй;

в) Беджызаты Чермены «Æлбегаты Батай œмœ Барсœгаты чындз»- œй;

г) Байаты Гаппойы «Уазœг»- œй.



10. Байаты Гаппойы радзырд «Уазœг»-ы мœгуыр уазœг бœллы:

а) йœ мад œмœ йœ фыды ссарынмœ;

б) йœ амонд ссарынмœ;

в) дард балцы ацœуынмœ;

г) йе´мбалы ссарынмœ.



11. Мœгуыр уазœгœн Гаппойы радзырд «Уазœг»-ы йœ фыд œмœ мад сты:

а) Ирон Зœрдœ œмœ ирон œвзаг;

б) Мœгуыр лœг œмœ ус;

в) дыууœ œмбалы цот;

г) дыууœ знаджы цот.







БАЙАТЫ ГАППО III вариант



























КОЦОЙТЫ АРСЕН



I вариант



1. Коцойты Арсен райгуырд:

а) 1868 азы;

б) 1870азы;

в) 1871 азы;

г) 1872 азы.



2. «Ирон аив дзырды зœрингуырд» хонынц:

а) Гœдиаты Секъайы;

б) Коцойты Арсены;

в) Мамсыраты Дœбейы;

г) Боциты Бароны.



3. Коцойты Арсен ахуыр кодта:

а) Тифлисы дины семинары;

б) Стъараполы гимназы;

в) Дзœуджыхъœуы прогимназы;

г) Æрыдоны дины скъолайы.



4. Арсены псевдоним уыд:

а) «Æрнигон»;

б) «Нигер»;

в) «Сау лœппу»;

г) «Хабос».



5. Аивадон журнал «Æфсир»-ы редактор уыд:

а) Брытъиаты Елбыздыхъо;

б) Коцойты Арсен;

в) Цœголты Георги;

г) Мамытты Степан.



6. 1939 азы Арсенœн йœ литературон куысты тыххœй лœвœрд œрцыдис хицауадон хœрзиуœг:

а) «Фœллойы Сырх Тырысайы орден»;

б) «Социалистон фœллойы хъœбатыр»;

в) «Кады Нысан»-ы орден;

г) «Фœллойы ветеран»-ы ном.



7. Коцойты Арсен Октябры рев-йы агъоммœ цы радзырдтœ ныффыста, уыдоны œвдисы:

а) царды мœнгдзинад;

б) царды œцœгдзинад;

в) адœмы´хсœн быцœудзинад;

г) адœмы´хсœн лымœндзинад.



8. Коцойты Арсен ныффыста радзырд:

а) «Афтœ дœр вœййы»;

б) «Уазœг»;

в) «Хо œмœ œфсымœр»;

г) «Æгъдауы амœттаг».





9. Арсены радзырд «Афтœ дœр вœййы»-йы хъайтар Саугудийы сафœг уыдысты;

а) фыдœлты œгъдœуттœ, ирœд исыны œгъдау;

б) йœ мœгуыр царды уавœртœ;

в) йе´взœр миниуджытœ;

г) йœ уарзондзинады монцтœ.



10. Коцойты Арсены радзырд «Цыппар œмœ ссœдз боны»-йы архайœг нœу:

а) Дзибо;

б) Гœбис;

в) Тотырадз;

г) Хосдзау.



11. Гыццыл адœймаджы темœ œвдыст œрцыд Коцойты Арсены уацмыс:

а) «Æмбœлттœ»-йы;

б) «Тохы бон»-ы;

в) «Цыппар œмœ ссœдз боны»-йы;

г) «Тазырœт»-ы.



12. «Гœмœх сœгъдзарм-йœ быны, тœнœг зœронд пъалто, рœстœг œмœ хурœй чи сбур ис, уый-йœ уœлœ, суджы лыггаг-йœ нывœрзœн, афтœмœй œхсœз мœйы дœргъы фœхуыссыдис уазал тыргъы». - Ацы ныхœстœ хауынц Арсены хъайтар:

а) Тотырадзмœ;

б) Тазырœтмœ,

в) Саугудимœ,

г) Додтимœ.



13. Къœрцхъус фыссœг Коцойты Арсен тœрхондоны œбœрнон куыст œвдисы йœ радзырд:

а) «Æнœном радзырд»-ы;

б) «Тазырœт»-ы;

в) «Æнхъœл нœ уыдысты»-йы;

г) «Æхцайы чырын»-ы.



14. «Хуымœтœджы нœу,хуымœтœджы нœу, хъуыды кодта уый хинымœр, œдзух уыцы œнкърд…Никуыма йœ федтон дзыхыдзаг бахудгœ». Афта хъуыды кодта инженер:

а) Тазырœты тыххœй;

б) акцизон чиновникы тыххœй;

в) œнœзонгœ бœлццоны тыххœй;

г) йœ хорз зонгœйы тыххœй.



15. Коцойты Арсен амард:

а) 1939 азы;

б) 1941 азы;

в) 1942 азы;

г) 1944 азы.

















Коцойты Арсен I вариант

































































Коцойты Арсен



II вариант



1.Коцойты Арсен райгуырд:



а) Хъæдгæроны;

б) Джызæлы;

в) Бруты;

г) Салыгæрдæны.



2. Коцойты Арсены хонынц:



а) драматургийы бындурæвæрæг;

б) фантастикон уацмысты бындурæвæрæг;

в) профессионалон революционер;

г) ирон аив дзырды зæрингуырд.



3.Фыццаг хатт Арсен Къостайы федта:



а) Джызæлы хъæууон скъолайы ахуыргæнгæйæ;

б) Æрыдоны дины скъолайы ахуыргæнгæйæ;

в) ахуыргæнæгæй кусгæйæ;

г) Бетъырбухы кусгæйæ.

4. «АК» уыд псевдоним:



а) Гæдиаты Секъайæн;

б) Дзанайты Иванæн;

в) Тогызты Газакæн;

г) Коцойты Арсенæн.



5. Коцойты Арсен уыд:



а) фыццаг аивадон-иллюстрацигонд журнал «Зонд»-ы редактор;

б) дыккаг аивадон журнал «Æфсир»-ы редактор;

в) журнал «Хуры тын»-ы редактор;

г) æртыккаг ирон газет «Хабар»-ы редактор.



6. Йæ литературон куысты тыххæй лæвæрд æрцыдис хицауадон хæрзиуæг - «Кады Нысан»-ы орден:

а) Гæдиаты Цомахъæн;

б) Мамсыраты Дæбейæн;

в) Боциты Баронæн;

г) Коцойты Арсенæн.



7.Арсены радзырд «Афтæ дæр вæййы»-йы архайджытæ сты:



а) Саугуди æмæ Хосдзау;

б) Тедо æмæ Симон;

в) Тотырадз æмæ Дзибо;

г) Хъæвдын æмæ Годахы фырт.



8.«Цыппар чызджы йын уыди. Æртæйы дзы феддæ кодта. А цыппæрæм чызг ма баззад, иннæтæй рæсугъддæр, афтæмæй йын ацæуынæн ницыуал æнтысы…» ацы рæнхъытæ ист сты Коцойты Арсены радзырд:

а) «Фынддæс азы»-йæ;

б) «Тазырæт»-æй;

в) «Цыппар æмæ ссæдз боны»-йæ;

г) «Афтæ дæр вæййы»-йæ.



9.Саугуди («Афтæ дæр вæййы»-йы хъайтар) рæдыд фæндагыл æрлæууыди:



а) йæ маст райсыны тыххæй;

б) йæ мæгуыр царды тыххæй;

в) йæ бон ирæд бафидын кæй нæ уыд, уый тыххæй;

г) æндæр гæнæн ын нæ уыд.



10.«…Алы бон æнæрынцойæ хæбизджынтæ куы хордтаид æмæ арахъ куы нызтаид, уый фаг дæр æм уыди. Фæлæ, кæсут уæртæ, æрдиаг кæны ныр!». Ацы ныхæстæ хауынц Арсены уацмысы хъайтар «Афтæ дæр вæййы»-йы:



а) Бибомæ;

б) Саугудимæ;

в) Хосдзаумæ;

г) Дзамболатмæ.



11.«Æз нæ цæуын аргъуанмæ, сымах, куыд уæ фæнды, афтæ кæнут». Ацы дзырдтæ ист сты Коцойты Арсены радзырд:



а) «Афтæ дæр вæййы»-йæ;

б) «Тазырæт»-æй;

в) «Тохы бон»-æй;

г) «Цыппар æмæ ссæдз бон»-æй.



12.Коцойты Арсены радзырд «Цыппар æмæ ссæдз бон»-ы сауджын Тотрадзмæ бакæсгæйæ ахъуыды кодта:



а) «Бæрæг суммæйыл, мыййаг, дзырд нæ уыдыстæм, цæмæн ын дæттын ацы æртæ сомы дæр?»

б) «Кæсыс уымæ, цас бакуыста»;

в) «Куыд вæййы, цы вæййы, чи зоны æмæ мын кæд 25 сомæй фылдæр дæттынмæ хъавынц…»;

г) «Сыст уæлæмæ, тагъд райс дæ куысты аргъ æмæ иу бон дæр мауал фæстиат кæн ам».





13.Арсены радзырд «Тазырæт»-ы хъайтар уыд:



а) прокурор;

б) фыссæг;

в) сауджын;

г) давæг.



14.«Сфæлмæцыдтæн. Мæ уд нал уыди уыцы æндæргмæ кæсынæй. Иуæй, мæхæдæг æрдиаг кодтон мæ рæдыдыл, уыцы раст адæймаджы амардыл, иннæмæй та мын уыцы æндæрг æнцой нал лæвæрдта». Ацы ныхæстæ ист сты Арсены радзырд:



а) «Æмбæлттæ»-йæ;

б) «Тазырæт»-æй;

в) «Афтæ дæр вæййы»-йæ;

г) «Тохы бон»-æй.





15.1944 азы амард:



а) Токаты Алихан;

б) Гæдиаты Цомахъ;

в) Багъæраты Созыр;

г) Коцойты Арсен.







Коцойты Арсен II вариант





































Коцойты Арсен



III вариант



1.1872 азы Джызæлы райгуырд:



а) Хъаныхъуаты Инал;

б) Мамсыраты Темырболат;

в) Коцойты Арсен;

г) Байаты Гаппо.



2.Коцойты Арсены сфæлдыстадæн фыццагдæр раст аргъ скодта:



а) Тыбылты Алыксандр;

б) Байаты Гаппо;

в) Къубалты Алыксандр;

г) Цæголты Георгий.





3.Арсенæн йæ псевдоним нæ уыд:



а) «Хабос»;

б) «Ботас»;

в) «АК»;

г) «Ололи».



4.1898 азы Дзæуджыхъæуы епархийы ахуыргæнджыты æмбырды, Сæпицкæй будкæ кæй хонынц, уыцы ран сусæг банкеты Къостаимæ фембæлд:



а) Нигер;

б) Арсен;

в) Байаты Гаппо;

г) Къубалты Алыксандр.



5.Коцойты Арсен 1910 азы Калачы райдыдта кусын журнал «Æфсир»-ы:



а) корректорæй;

б) редакторæй;

в) мыхуыргæнæгæй;

г) корреспондентæй.





6.Коцойты Арсенæн йæ литературон куысты тыххæй радтой хицауадон хæрзиуæг «Кады Нысан»-ы орден:

а) 1929 азы;

б) 1931 азы;

в) 1936 азы;

г) 1939 азы.



7.Саугуди æмæ Хосдзау сты Коцойты Арсены радзырд:



а) «Афтæ дæр вæййы»-йы архайджытæ;

б) «Цыппар æмæ ссæдз бон»-ы архайджытæ;

в) «Тазырæт»-ы архайджытæ;

г) «Тохы бон»-ы архайджытæ.



8. Æрмæстдæр ирæдыл у йæ хъуыды, йæ чызджыты амонд йæ къæхты бын кæны Арсены радзырд «Афтæ дæр вæййы»-йы архайæг:



а) Саугуди;

б) Дзерассæ;

в) Хосдзау;

г) Дзамболат,



9. «Бафиддзынæн ирæд, æркæндзынæн Дзерассæйы æмæ мæхицæн æнцад цæрдзынæн», - загъта:



а) Саугуди;

б) Хосдзау;

в) Дзамболат;

г) 16-азыккон фыййау.



10. «Скъæфын у чъизи хъуыддаг. Æдылы лæг йæ усаджы аскъæфы. Хъæбысæй-хъæбысмæ чызг рахау-бахау фæкæны… Фæлæ æнæ афтæ дæр скъæфын цъаммардзинад у…» Афтæ хъуыды кодта Арсены хъайтар Саугуди:



а) радзырд «Тазырæт»-ы;

б) «Цыппар æмæ ссæдз боны»-йы;

в) «Афтæ дæр вæййы»-йы;

г) «Фынддæс азы»-йы.





11. Коцойты Арсены радзырд «Цыппар æмæ ссæдз боны» - йы хъайтар Тотрадз куыста:



а) сауджынæй;

б) аргъуангæсæй;

в) диакъонæй;

г) ахуыргæнæгæй.



12. Арсены уацмыстæй автобиографион у:



а) «Тазырæт»

б) «Афтæ дæр вæййы»;

в) «Тохы бон»;

г) «Цыппар ææ ссæдз боны».



13. Коцойты Арсен тæрхондоны æбæрнон куыст æвдисы йæ хъайтары хъысмæтæй:



а) Тазырæты;

б) Саугудийы;

в) Тегойы;

г) Тотырадзы.



14. Арсены радзырд «Тазырæты» хъайтар кусы æнувыдæй, цæуы монон рæстдзинадмæ, цæмæй:



а) ссыгъдæг кæна йæ уд æмæ йæ хъуыдытæ;

б) йæ мызд фæфылдæр уа;

в) ногæй бацæуа прокуроры куыстмæ;

г) йæхи сраст кæна йæхи раз.



15. «Стыр зонды скъола у Арсены сфæлдыстад», - загъта:



а) Джыккайты Шамил;

б) Хозиты Барис;

в) Хъодзаты Æхсар;

г) Дзасохты Музафер.

















Коцойты Арсен III вариант





























Тугъанты Батырбег



I вариант



1.Тугъанты Батырбег райгуырд:



а) Пысылмонхъæуы;

б) Чырыстонхъæуы;

в) Дур-Дуры;

г) Цыколайы.



2. Батырбегæн йæ фыд уыд:



а) зæхкусджытæй;

б) кусджытæй;

в) уæздæттæй;

г) кæвдæсардтæй.



3. Батырбег Дзæуджыхъæуы уырыссаг газеты кæй ныммыхуыр кодта, уыдонæй иу уацмыс уый нæу:



а) «Бæхдавæг»;

б) «Æгъдаумæ гæсгæ» кæнæ «Æгъдауы амæттаг»;

в) «Фыййау Баде»;

г) «Туг тугæй æхсадæуы».



4. Батырбеджы уацмыстæй тугисыны тыххæй фыст у:



а) «Фыййау Баде»;

б) «Бæхдавæг»;

в) «Æгъдауы амæттаг».





5. Радзырд «Æгъдауы амæттаг»-ы дыккаг хайы æвдыст цæуы:



а) Лæбурайы фырты æрцахст;

б) мады уайдзæфтæ йæ лæппу æмæ тиутæн;

в) сыхагимæ фембæлд, йе 'фсымæры туг кæй нæ райста, уый йын чи фидис кæны, уыимæ;

г) хъазты чызг йемæ ракафын йæ сæрмæ кæй нæ хæссы, уыцы 'фхæрд.



6. Батырбеджы радзырд «Æгъдауы амæттаг»-ы сæйраг хъайтар Фацбай у:



а) рæуæг;

б) саузæрдæ;

в) æдых;

г) хъаруджын, зондджын, хæларзæрдæ.



7. «Дæхи хъахъхъæнын куы нæ фæразай, дæ маст райсынæй дæ куы нæ тæрсой, уæд дæ гуырæй райгонд у: сæ фидистæй дæ мæрдтæм барвитдзысты…» Ацы рæнхъытæ ист сты:



а) «Фыййау Баде»-йæ;

б) «Бæхдавæг»-æй;

в) «Æгъдауы амæттаг»-æй.

Тугъанты Батырбег I вариант













































































Тугъанты Батырбег



II вариант



1.Тугъанты Батырбег райгуырд:



а) 1859 азы;

б) 1861 азы;

в) 1864 азы;

г) 1866 азы.



2. Батырбег ахуыр кодта, фæлæ йæ ныууагъта, иу аз ма йæ куы хъуыд, афтæ:



а) Дзæуджыхъæуы прогимназ;

б) Тифлисы духовон семинар;

в) Æрыдоны дины скъола;

г) Стъараполы гимназ.



3. Тугъанты Батырбег ныффыста радзырд:



а) «Туг тугæй æхсадæуы»;

б) «Æгъдауы амæттаг»;

в) «Гæлæбу»;

г) «Дыгуроны радзырд».



4. Батырбеджы радзырд «Æгъдауы амæттаг» арæзт у:



а) æртæ хайæ кæнæ та æртæ фембæлдæй;

б) дыууæ хайæ кæнæ та дыууæ фембæлдæй;

в) цыппар хайæ кæнæ та цыппар фембæлдæй;

г) фондз хайæ кæнæ та фондз фембæлдæй.



5. Радзырд «Æгъдауы амæттаг»-ы æртыккаг хайы æвдыст цæуы:



а) хъазты чызг йемæ ракафын йæ сæрмæ кæй нæ хæссы, уыцы 'фхæрд;

б) мады уайдзæфтæ йæ лæппу æмæ тиутæн;

в) сыхагимæ фембæлд, йе 'фсымæры туг кæй нæ райста, уый йын чи фидис кæны, уыимæ;

г) Лæбурайы фырты æрцахст.



6. «Æгъдауы амæттаг»-ы сæйраг хъайтар Фацбайы удыхъæды нæй:



а) чысыл ницæй тыххæй загъдыл ныллæууын;

б) адæймагмæ байхъусын æмæ йæ бамбарын;

в) йæ зондмæ хъусын;

г) адæмимæ хæлар æмæ лымæнæй цæрын.





7. Фацбай тугисыны æгъдаумæ цы цæстæй касти, уый равдыста йæ дзырдтæй:



а) «Афтæ ма дзур, Дзыцца. Кæд дæ фæнды, уæд ын æз мæнæ ацы дыууæ къухæй…»;

б) «Бафхæрдтой йæ, Дзыцца. Паддзахы'рдыгæй йын цы хъуыд, уый райста»;

в) «Æртхъирæнгæнæг йæхæдæг фæтæрсы! - Дæ ныхæстæ мæм хъаргæ дæр нæ кæнынц!..»;

г) «Ныууадз, Дзыцца,- тызмæгдæр хъæлæсæй сдзырдта Фацбай. - Бафæлладтæн уыцы ныхæстæм хъусынæй. Нæ мæ фæнды туг исын. Стæй уыцы фæндагыл æндæр искæй бафтауынмæ дæр нæ хъавын».















Тугъанты Батырбег II вариант



























































Тугъанты Батырбег



III вариант



1.1866 азы Дур-Дуры хъæуы райгуырд:



а) Хъайтмазты Аслæмырзæ;

б) Гуырджыбеты Блашка;

в) Тугъанты Батырбег;

г) Байаты Гаппо.



2. Батырбег Дур-Дуры бакодта скъола:



а) адæмæй кæсын-фыссын чи нæ зыдта, уыдонæн;

б) Дур-Дуры чызджытæн;

в) хъæздыг адæмы сывæллæттæн;

г) рынчын сывæллæттæн.



3. Батырбег амард æмæ ныгæд æрцыд:



а) Буденновскы;

б) Хъæрæсейы;

в) Бакуйы;

г) Махачкалайы.



4. Батырбеджы радзырд «Æгъдауы амæттаг»-ы фыццаг хайы æвдыст цæуы:



а) хъазты чызг йемæ (Фацбаимæ ) ракафын йæ сæрмæ кæй нæ хæссы, уыцы 'фхæрд;

б) сыхагимæ фембæлд, йе 'фсымæры туг кæй нæ райста, уый йын чи фидис кæны, уыимæ;

в) мады уайдзæфтæ йæ лæппу æмæ тиутæн;

г) Лæбурайы фырты æрцахст.



5. «Æгъдауы амæттаг»-ы сæраг хъайтар Фацбай нæу:



а) хъаруджын;

б) зондджын;

в) хæларзæрдæ;

г) саузæрдæ.



6. «Лæгмары бафхæрдта паддзахы закъон, æмæ уымæй бафыста йæ фыдракæнд», -ацы дзырдтæ загъта:



а) Фацбай;

б) йæ мад;

в) Лæбурайы фырт;

г) Фацбайы сыхаг.



7. Фацбай Лæбурайы фырты амардта:



а) йе 'мбæлтты тыххæй;

б) йæ уарзон чызджы тыххæй;

в) йæ мады тыххæй;

г) фыдæлты æгъдау туг исыны тыххæй.

Тугъанты Батырбег III вариант











































































Цæголты Георги



I вариант



1.Цæголты Георги райгуырд:



а) Дур-Дуры хъæуы:

б) Цыколайы;

в) Лескены;

г) Чырыстонхъæуы.



2. Цæголты Георги нæ уыд:



а) публицист;

б) поэт;

в) беллетрист;

г) драматург.



3. Цæголты Георги нæ фыста:



а) æгъдæуттыл;

б) цардыуагыл;

в) хицæутты фыдмитыл;

г) хъæздгуыты рæсугъд цардыл.



4. Цæголты Георги ныффыста:



а) «Дыгуроны радзырд»;

б) «Хетæгкаты Къостайы ингæны уæлхъус»;

в) «Уазæг»;

г) «Дзæбидыр æмæ саг».



5. Къоста куы фæзиан æмæ йæ Лабæйæ куы æрластой Дзæуджыхъæумæ, уæд ыл хъарæгау зæрдиаг æмдзæвгæ ныффыста:



а) Гæдиаты Цомахъ;

б) Байаты Гаппо;

в) Æмбалты Цоцко;

г) Цæголты Георги.



6. «Цас тардæр уыд æхсæв, цас цард уыд æнкъарддæр,

Уас тынгдæр ды сыгътæ, уас тагъддæр уыд дæ цыд.

Уæндонæй басидтæ тох, амонды фæндагмæ

Дæ мæгуыр адæммæ, дæ мæгуыр хъæумæ ды!

Ацы рæнхъытæ ист сты:



а) «Дыгуроны радзырд»-æй;

б) «Ныхасы»-йæ;

в) «Фæндырдзæгъдæг Хъуыдайнат»-æй;

г) «Хетæгкаты Къостайы ингæны уæлхъус»-æй.



7. Цæголты Георгийы «Дыгуроны радзырд» ратæлмац кодта:



а) Гафез;

б) Нафи;

в) Гæдиаты Цомахъ;

г) Джыккайты Шамил.



8. Сидзæргæс нал фæразы йе стонг сабимæ кæсын æмæ сфæнд кодта йæхи Урухы уылæнты баппарын. Ацы трагеди æвдыст æрцыд Цæголты Георгийы:



а) «Бецал»-ы;

б) «Фæндырдзæгъдæг Хъуыдайнат»-ы;

в) «Дыгуроны радзырд»-ы

г) «Ныхасы»-йы.











Цæголты Георги I вариант











































Цæголты Георги



II вариант



1.Цæголты Георги райгуырд:



а) 1860 азы;

б) 1864 азы;

в) 1869 азы;

г) 1871 азы.



2. Цæголты Георги ахуыр кодта, фæлæ каст нæ фæци:



а) Æрыдоны дины скъола;

б) Дзæуджыхъæуы прогимназ;

в) Стъараполы дины семинари;

г) Тифлисы дины семинар.



3. Георги амард:



а) Дур-Дуры;

б) Дзæуджыхъæуы;

в) Чырыстонхъæуы;

г) Ростовы.



4. Цæголты Георги нæ ныффыста:



а) «Къостайы ингæны уæлхъус»;

б) «Дыгуроны радзырд»;

в) «Иналыхъ»;

г) «Тохы бон».



5. Хæрзбон, нæхи Къоста… Мах ард хæрæм дæ номæй:

Нæ бæстæ уарздзыстæм, уыдзыстæм ын хæстхъом,

Æмæ йыл кусдзыстæм зæрдæбынæй, уæнгрогæй,

Кæдмæ нæм уа æхсар… Хæрзбон, Къоста, хæрзбон!..

Ацы ныхæстæ ист сты:



а) «Ныхасы»-йæ;

б) «Дыгуроны радзырд»-æй;

в) «Иналыхъ»-æй;

г) «Хетæгкаты Къостайы ингæны уæлхъус»-æй.



6. Цæголты Георгийы уацмыс «Дыгуроны радзырд» у номарæн:



а) Хетæгкаты Къостайæн;

б) Байаты Гаппойæн;

в) Æмбалты Цоцкойæн;

г) Гуырджыбеты Блашкайæн.



7. «Дыгуроны радзырд»-ы сидзæргæс нал фæразы йе стонг сабимæ кæсын æмæ сфæнд кодта йæхи:



а) æрцауындзын;

б) фехсын;

в) кардæй барæхойын;

г) Урухы уылæнты баппарын.



8. Уым зары цъиу... Цæй, ныр - хæрзбон!..

Хæрзбон, - ам чи цæра мæ фæстæ…

Цæрут-иу, фесæфæд уæ сон,

Уæ царды цинæй райæд бæстæ!..

Ацы рæнхъытæ ист сты Георгийы:



а) «Бецал»-æй;

б) «Дыгуроны радзырд»-æй;

в) «Ныхасы»-йæ;

г) «Иналыхъ»-æй.









Цæголты Георги II вариант







































Цæголты Георги



III вариант



1.1871 азы Чырыстонхъæуы райгуырд:



а) Малиты Георги;

б) Байаты Гаппо;

в) Тугъанты Батырбег;

г) Цæголты Георги.



2.Цæголты Георгийæн йæ сæйрагдæр професси йæ мæлæты бонмæ дæр уыд:



а) телеграфист;

б) газетон публицистикæ;

в) писыр;

г) вагæттæвгæнæг.



3.Георги амард:



а) 1930 азы;

б) 1934 азы;

в) 1936 азы;

г) 1939 азы.



4.Æмдзæвгæ «Хетæгкаты Къостайы ингæны уæлхъус» ныффыста:



а) Байаты Гаппо;

б) Гæдиаты Цомахъ;

в) Цæголты Георги;

г) Æмбалты Цоцко.



5. Цæголты Георгийы æмдзæвгæ «Хетæгкаты Къостайы ингæны уæлхъус»-æй ист рæнхъытæ сты:



а) Хъæр кæны мæ фæндыр.

Зары мæ уасæн.

Цъæх ма у мæ быдыр,

Дзаг у мæ нуазæн!..

б) Цы ран æдзух ыстонг у лæг,

Йæ хай - æвидигæ æфхæрдтæ…

Цы ран уынгæджы бон хæлæг

Фæкæнынц удыгæстæ мæрдтæм.

в) Дæ сæр ын уыд нывонд, дæ сыгъдæг цард ын радтай,

Уыдтæ æмбæстаг ды, поэт æмæ салдат.

Ныфсджын, æхсарджынæй хæцынмæ заргæ уадтæ,

Дæ фæстæ карз тохмæ нæ уыд бырсæг дæр хатт.





6. «Номарæн Æмбалты Цоцкойæн», - афтæ райдыдта Георгийæн йæ уацмыс:



а) «Ныхасы»;

б) «Иналыхъ»;

в) «Хетæгкаты Къостайы ингæны уæлхъус»;

г) «Дыгуроны радзырд».



7. «Дыгуроны радзырд»-ы æвдыст æрцыд:



а) хъæздыг ус æмæ йæ фырты цард;

б) сидзæргæс æмæ йе 'нахъом сабийы хъысмæт;

в) Дыгуры адæмы ахастдзинæдтæ;

г) лæппуйы сусæг уарзондзинад.



8. …Ныссабыр зæхх… Ныттар ис ком…

Цъæх фæлмы айнæг хæхтæ джиуынц…

Мæй арвыл рабалц и æргом,

Йæ сæрмæ стъалытæ æрттивынц.

Ацы рæнхъытæ ист сты Цæголты Георгийы:



а) «Дыгуроны радзырд»-æй;

б) «Хетæгкаты Къостайы ингæны уæлхъус»-æй;

в) «Иналыхъ»- æй;

г) «Бецал»-æй.









Цæголты Георги III вариант







































Тлатты Хох



I вариант



1.Тлатты Хох райгуырд:



а) Хъæдгæроны;

б) Бæрæгъуыны;

в) Æрыдоны;

г) Салыгæрдæны.



2. Тлатты Хохæн йе 'цæг ном уыд:



а) Хадзыбатыр;

б) Елмæрза;

в) Хадзымурат;

г) Муссæ.



3. Хох Æрыдоны хъæууон скъолайы фæстæ сахуыр кодта:



а) Стъараполы гимназы;

б) Æрыдоны дины семинары;

в) Дзæуджыхъæуы училищæйы;

г) Бакуйы денджызон училищæйы.



4. Зæронд Бæтæхъойыхъæуы Хох куыста ахуыргæнæгæй, фæлæ йæ систой йæ куыстæй:



а) хорз нæ арæхстис амонынмæ;

б) фæхыл ис директоримæ;

в) скъоладзаутæн зарын кодта революцион зарæг «Марсельезæ» æмæ уымæн;

г) йæхи барвæндонæй.



5. Æрыдонмæ революцион прокламацитæ куыд хаста, афтæ йæ:



а) æрцахстой æмæ йæ арвыстой Сыбырмæ;

б) фæцæф кодтой урсытæ;

в) бамбæхстой революционертæ;

г) зæрдæйæ бавзæр.



6. Тлатты Хох амард:



а) 1928 азы;

б) 1929 азы;

в) 1932 азы;

г) 1934 азы.



7. Тлатты Хох æдæппæт ныффыста:



а) фондз радзырды;

б) дыууæ радзырды;

в) цыппар радзырды;

г) æртæ радзырды.



8. Тлатты Хохы «Фын» у:



а) утопион фантастикон уацмыс;

б) беллетристикон;

в) публицистон;

г) драматургон.



9. Утопион уацмыс у:



а) чи никуы ис, ахæм;

б) зæххыл чи ис, ахæм;

в) хъæздыгдзинад чи æвдисы;

г) мæгуырдзинад чи æвдисы.



10. «Æз дæн Дунейы тых; цом, æз дæ дæ бæстæм фæхæццæ кæнон, кæд дæ дæ мæгуырдзинад, дæ сагъæстæ, де 'ххормаджы хъарæг ферох уаиккой». Ацы рæнхъытæ ист сты:



а) «Фын»-æй;

б) «Кæмæ æнхъæлмæ касти Нæртон рæсугъд?»-æй;

в) «Амыран»-æй;

г) «Гæды лæг»-æй.



11. Хохы уацмыс «Фын»-ы дыккаг хайы базонæм:



а) мæгуыр студенты тыхст уавæртæ, йæ сагъæстæ;

б) студент бавзары фидæны царды цин, йæ зæрдæ у рухс;

в) студент ногæй æвдыст цæуы раздæры мæгуыйраг уавæры.





Тлатты Хох I вариант













Тлатты Хох



II вариант



1.Тлатты Хох райгуырд:



а) 1870 азы;

б) 1873 азы;

в) 1878 азы;

г) 1880 азы.



2.Тогызты Данелы фыртæн йæ литературон псевдоним уыдис:



а) Ололи;

б) Æрнигон;

в) Сау лæппу;

г) Хох.



3.Æрыдоны дины семинары фæстæ Хох куыста Зæронд Бæтæхъойыхъæуы:



а) пълотникæй;

б) зæхкусæгæй;

в) сауджынæй;

г) ахуыргæнæгæй.



4. 1906 азы Хох бацыд ахуыр кæнынмæ:



а) Эстонийы горæт Дерпты университеты юридикон факультетмæ;

б) Хурыскæсæны адæмты институтмæ;

в) Мæскуыйы Коммерцион институтмæ;

г) Калачы бухгалтерты курсытæм.



5.Сыбыры Хох 1918 азы онг фæкуыста:



а) ахуыргæнæгæй;

б) юристæй;

в) инженерæй;

г) алыхуызон кусæгæй.



6. Тлатты Хох амард 1932 азы:



а) Сыбыры;

б) Дерпты горæты;

в) Æрыдоны;

г) Бæтæхъойыхъæуы.



7.Тлатты Хох ныффыста:



а) «Фын»;

б) «Кæмæ æнхъæлмæ касти нæртон рæсугъд?»;

в) «Æз нæ уыдтæн, гæды уыди»;

г) «Дæсны».



8.Хохы уацмыс «Фын»-ы архайæг нæу:



а) мæгуыр студент;

б) Дунейы тых;

в) зæронд лæг;

г) сидзæргæс.



9.Тлатты Хохы фантастикон радзырд «Фын» дих кæны:



а) дыууæ чысыл хайыл;

б) æртæ чысыл хайыл;

в) цыппар чысыл хайыл;

г) фондз чысыл хайыл.



10.Кæсын, Сæрæби, алырдæм дунемæ,

Мæ бæстæй, мæ адæмæй

Мæ зæрдæ нæ кæны рухс.

Цы цæрын, уый цæрын. Æрмæст мæ фыны.

Фæлæ фынтыл дæр æууæнк нæй -

Уайтагъд та фехъал вæййын.

Афтæ райдайы уацмыс:



а) «Кæмæ æнхъæлмæ касти нæртон рæсугъд?»;

б) «Фын»;

в) «Дыгуроны радзырд»;

г) «Иналыхъ».



11.Хохы уацмыс «Фын»-ы æртыккаг хайы базонæм:



а) студент ногæй æвдыст цæуы раздæры мæгуыйраг уавæры;

б) студент бавзары фидæны царды цин, йæ зæрдæ у рухс;

в) мæгуыр студенты тыхст уавæртæ, йæ сагъæстæ;









Тлатты Хох II вариант









Тлатты Хох



III вариант



1.1880 азы Æрыдоны райгуырд:



а) Кочысаты Розæ;

б) Токаты Алихан;

в) Илас Æрнигон;

г) Тлатты Хох.



2.«Хох» уыдис литературон псевдоним:



а) Тогызты Газакæн;

б) Коцойты Арсенæн;

в) Дзанайты Иванæн;

г) Тлатты Елмæрзайæн.



3.Бæтæхъойыхъæуы, ахуыргæнæгæй кусгæйæ, скъоладзаутæн зарын кодта:



а) Сосейы зарæг;

б) Бæтæйы фыртты зарæг;

в) революцион зарæг «Марсельезæ»;

г) Акимы зарæг.



4. Дерпты университеты ахуыргæнгæйæ Хох кодта:



а) революцион куыст;

б) зæхкусæджы куыст;

в) ахуыргæнæджы куыст;

г) пълотничы куыст.



5. Тлатты Хох йæ царды фæстаг бонтæм фæкуыста:



а) адвокатты коллегийы сæрдарæй;

б) ахуыргæнæгæй;

в) газеты корреспондентæй;

г) газеты редакторæй.



6.Тлатты Хох ныгæд æрцыд:



а) Дзæуджыхъæуы;

б) Сыбыры;

в) Дерпты горæты;

г) Æрыдоны йæ фыды артдзæсты цур дыргъдоны астæу.



7.Тлатты Хох нæ ныффыста:



а) «Уарзæттæ»;

б) «Цыкурайы фæрдыг»;

в) «Фын»;

г) «Кæмæ æнхъæлмæ касти нæртон рæсугъд?».



8.«Фын»-ы сæйраг архайæг у:



а) ирон лæппу, студент;

б) Дунейы тых;

в) зæронд лæг;

г) адæм.



9.Хохы уацмыс «Фын»-ы фыццаг хайы базонæм:



а) студент куыд бавзары фидæны царды цин, йæ зæрдæ куыд рухс вæййы, уый;

б) мæгуыр студенты тыхст уавæртæ, йæ сагъæстæ;

в) студент ногæй æвдыст цæуы раздæры мæгуыйраг уавæры.



10.«…Цы дзæбæх ацардтæн мæ фыны, цы дзæбæх федтон мæхи, мæ адæмы, мæ бæсты, ныр та цы уынын, цы хъусын?!»

Ацы ныхæстæ сты:



а) студенты «Фын»-æй;

б) лæджы «Кæмæ æнхъæлмæ касти нæртон рæсугъд»-æй;

в) Тазырæты «Тазырæт»-æй;

г) Саугудийы «Афтæ дæр вæййы»-йæ.





Тлатты Хох III вариант





























Брытъиаты Елбыздыхъо



I вариант.



1.Ирон драматургийы бындурæвæрæг у:



а) Кочысаты Розæ;

б) Хъороты Дауыт;

в) Гæдиаты Цомахъ;

г) Брытъиаты Елбыздыхъо.



2. Брытъиаты Елбыздыхъо ахуыр кодта:



а) Дæллагхъæуы райдайæн скъолайы;

б) Дзæуджыхъæуы реалон скъолайы;

в) Бетъырбухы университеты юридикон факультеты;

г) Бетъырбухы аивадон Академийы.



3. 1903 азы Дæллагхъæуы ахуыргæнæгæй кусгæйæ, уый ныффыста йæ фыццаг уацмыстæ:



а) «Маймули - рухсаг, æгас цæуæд ирон театр»;

б) «Дыууæ хойы»;

в) «Хазби» æмæ «Амыран»;

г) «Уæрæседзау» æмæ «Худинаджы бæсты - мæлæт».



4. 1912 азы Бетъырбухы цæуын райдыдта ирон журнал «Хуры тын». Редактор ын уыд:



а) Гæдиаты Цомахъ;

б) Коцойты Арсен;

в) Брытъиаты Елбыздыхъо;

г) Байаты Чермен.



5. Елбыздыхъо буржуазон-демократон революцийы активонæй кæй архайдта, уый тыххæй йæ æрцахстой æмæ бадти Назраны фидары. Уæд ныффыста йæ хуыздæр уацмыс:



а) «Амыран»;

б) «Дыууæ хойы»;

в) «Уæрæседзау»;

г) «Хазби».



6. Елбыздыхъо амард:



а) 1919 азы;

б) 1920 азы;

в) 1923 азы;

г) 1924 азы.



7. Брытъиаты Елбыздыхъо йæ царды кæрон ныффыста йæ фæстаг уацмыс:



а) «Уæрæседзау»;

б) «Хазби»;

в) «Дыууæ хойы»;

г) «Амыран».





8.Драмæ «Дыууæ хойы» сæйраг архайджытæ сты:



а) Азау;

б) Сæлимæт;

в) Хансиат;

г) Асиат.



9.Драмæ «Дыууæ хойы» арæзт у:



а) дыууæ нывæй;

б) æртæ нывæй;

в) цыппар нывæй;

г) фондз нывæй.



10.Драмæ «Дыууæ хойы» æртыккаг нывы æвдыст цæуы:



а) Асиатмæ Лакатæ курæг æрцыдысты Тæтæрхъаны зондæй. Идейон быцæу рахызт æргом хæстмæ;

б) Тæтæрхъан æрбасайдта Асиат æмæ Хансиаты сæхимæ, цæмæй сæ аскъæфын кæна Касалтæн æмæ Лакатæн. Хъамболат амардта Касалы-фырты, Хансиат йæхи былæй аппæрста æмæ амарди;

в) Ханæгаты лæппутæ аскъæфтой Асиаты. Фæдис æй байстой. Мыггаджы хистæртæ æмæ хионтæ фæбыцæу сты. Æвдыст дзы æрцыд дыууæ фембæлды: Касалы фырт æмæ Хансиаты; Пупæ æмæ Асиаты;

г) Пупæ æмæ Хадзымæт фехъуыстой фыййауæй, зæгъгæ, Асиатмæ скъæфджытæ фæцæуы. Адæмимæ фæфæдис ис Пупæ дæр. Лакаты Саламджерийы аппæрстой былæй. Пупæ æмæ Асиат баззадысты иумæ.



11.Драмæ «Дыууæ хойы» архайæг нæу:



а) Хъамболат;

б) Тæтæрхъан;

в) Хъылцыхъо;

г) Бесæ.



12.Хъамболат у:



а) зæронд фæстæзад æгъдæуттыл хæцæг;

б) хин æмæ кæлæн лæг;

в) саузæрдæ лæг;

г) ирон сылгоймаджы цагъар уавæрæй суæгъд кæныныл тохгæнæг.



13.Елбыздыхъойы символикон драмæ революцийы тыххæй у:



а) «Хазби»;

б) «Амыран»;

в) «Дыууæ хойы»;

г) «Налимтæ».











14.Драмæ «Амыран» арæзт у:



а) иу хайæ;

б) дыууæ хайæ;

в) æртæ хайæ;

г) цыппар хайæ.



15.Драмæ «Амыран»-ы архайæг Бесæ у:



а) революционеры фæлгонц;

б) тæппуды фæлгонц;

в) амондджын лæджы фæлгонц;

г) цагъайраджы фæлгонц.



16.«Титаны туг та мæ тугдадзин ратынг кодта. Уæнгтæ тохагур змæлынц. Уæларвы дауджытæ, мæ кад æмæ мæ бынат байсджытæ! Ног хæст та кæнæм, мæ зæххон зæнæг базмæлыдысты, ссардтой сæ фыды. Сар кæндзæн уæ сæр!». Ацы рæнхъытæ ист сты:



а) «Дыууæ хойы»-йæ;

б) «Хазби»-йæ;

в) «Амыран»-æй;

г) «Уæрæседзау»-æй.



17.«Талынджы зæнæг, дæлимонты цагъайрæгтæ! Бесæйы фесæфтат, фæлæ æз мæнæ дæн! Æз дæн Бесæйы фырт Цопан. Амыраны чи федта, Амыраны низ йæ хуылфы кæмæн ис, Ныфсы къухыл чи ныххæцыд æмæ сымахæн уæ талынг ахстон фидæнмæ чи ныппырх кæндзæн!». Цопаны фæстаг ныхæсты ис:



а) сæрибары стыр ныфс;

б) æдыхдзинад;

в) мæнгдзинад;

г) дызæрдыгдзинад.













.



Брытъиаты Елбыздыхъо I вариант





























.























.





























Брытъиаты Елбыздыхъо



II вариант.



  1. 1881 азы райгуырд ирон драматургийы бындурæвæрæг:



а) Брытъиаты Елбыздыхъо;

б) Кочысаты Розæ;

в) Хъороты Дауыт;

г) Гæдиаты Цомахъ.



2.Брытъиаты Елбыздыхъо нæ ахуыр кодта:



а) Бетъырбухы аивадон Академийы;

б) Дзæуджыхъæуы реалон скъолайы;

в) Дæллагхъæуы райдайæн скъолайы;

г) Бетъырбухы университеты юридикон факультеты.



3.Елбыздыхъойы æрцахстой æмæ иу аз фæбадтис Назраны фидары:



а) давды тыххæй;

б) лæгмарды тыххæй;

в) буржуазон-демократон революцийы активонæй кæй архайдта, уый тыххæй;

г) кæйдæр кæй фæнадта, уый тыххæй.

.

4.Брытъиаты Елбыздыхъо 1912 азы уыд редактор:



а) журнал «Зонд»-æн;

б) журнал «Æфсир»-æн;

в) газет «Ног цард»-æн;

г) журнал «Хуры тын»-æн.



5.Елбыздыхъойы «рæсугъд адæймаг» схуыдта:



а) Гæдиаты Цомахъ;

б) Коцойты Арсен;

в) Барахъты Гино;

г) Тугъанты Мухарбег.

.

6.1923 азы амард:



а) Брытъиаты Елбыздыхъо;

б) Хъæйтмазты Аслæмырзæ;

в) Цæлыккаты Ахмæт;

г) Багъæраты Созыр.



7.Брытъиаты Елбыздыхъо йæ драмæ «Дыууæ хойы» ныффыста:



а) Дзæуджыхъæуы реалон скъолайы куы ахуыр кодта, уæд;

б) ахуыргæнæгæй куы куыста, уæд;

в) Назраны фидары куы бадт, уæд;

г) Бетъырбухы университеты куы ахуыр кодта, уæд.



8.Драмæ «Дыууæ хойы» темæ у:



а) ирон сылгоймаджы æфхæрд, æнæбар цард;

б) сылгоймаджы стыр уарзондзинад;

в) тугисыны æгъдау;

г) бинонты хъæрмуддзинад.



9.Драмæ «Дыууæ хойы» фыццаг нывы æвдыст цæуы:

.

а) Ханæгаты лæппутæ аскъæфтой Асиаты. Фæдис æй байстой. Мыггаджы хистæртæ æмæ хионтæ фæбыцæу сты. Æвдыст дзы æрцыд дыууæ фембæлды: Касалы фырт æмæ Хансиаты; Пупæ æмæ Асиаты;

б) Асиатмæ Лакатæ курæг æрцыдысты Тæтæрхъаны зондæй. Идейон быцæу рахызт æргом хæстмæ;

в) Тæтæрхъан æрбасайдта Асиат æмæ Хансиаты сæхимæ, цæмæй сæ аскъæфын кæна Касалтæн æмæ Лакатæн. Хъамболат амардта Касалы-фырты, Хансиат йæхи былæй аппæрста æмæ амарди;

г) Пупæ æмæ Хадзымæт фехъуыстой фыййауæй, зæгъгæ, Асиатмæ скъæфджытæ фæцæуы. Адæмимæ фæфæдис ис Пупæ дæр. Лакаты Саламджерийы аппæрстой былæй. Пупæ æмæ Асиат баззадысты иумæ.



10.«Дæ хорзæхæй, рæсугъд æхсадæй быдырты йе хæхты балцы цал хатты уыдтæ? Кæй зоныс? Чи дæ зоны? Адæмы æхсæн цал зондджын ныхасы ракодтай?». Ацы ныхæстæ загъта:



а) Асиат;

б) Мусон;

в) Сидахъон;

г) Хансиат.



11.Драмæ «Дыууæ хойы» цыппæрæм ныв фæци:.



а) Хансиат фæмард;

б) Асиаты аскъæфтой;

в) Лакатæ курæг æрцыдысты Асиатмæ;

г) амардтой Лакаты Саламджерийы. Пупæ æмæ Асиат баззадысты иумæ.

.

12.Дзырд «драмæ» амоны:



а) архайд;

б) миниуæг;

в) формæ;

г) æмæзмæлд.



13.Елбыздыхъо йæ драмæ «Амыран»-ыл фæкуыста:

.

а) фондз азы;

б) аст азы;

в) дæс азы;

г) дыууадæс азы.



14.Драмæ «Амыран»-ы Бесæ тох кæны иунæгæй, ничи ма зоны Бæстыхицау æмæ Хуыцауы фыдракæнд. Уый æвдыст цæуы:



а) æртыккаг акты;

б) дыккаг акты;.

в) фыццаг акты.



15.Символ у:



а) бæлвырд хъуыды хæссæг аивадон фæлгонц;

б) хъæбатыры уæлмонц миниуджытæ;

в) бæллицтæ æмæ тырнындзинад;

г) æрхъуыдыгонд ныхас.



16.«Амыран уæларв не сбаддзæн, зæхх скæндзæн уæларвæй бæллиццагдæр, адæмæн фесафдзæн сæ фыдбылыз, сæ низ. Адæм суыдзысты хуыцæу.ттæ». Афтæ зæгъы Амыранæй:



а) Бесæ;

б) Цопан;

в) Саго;

г) Ныфс.





17. «Ацы драмæйæ Елбыздыхъо систа ирон литературæ æппæт адæймагады проблемæты бæрзондмæ». Драмæ «Амыран»-ы тыххæй загъта:



а) Джыккайты Шамил;

б) Тыбылты Алыксандр;

в) Абайты Васо;

г) Тугъанты Махарбег.



Брытъиаты Елбыздыхъо II вариант.







Брытъиаты Елбыздыхъо.



III вариант.



1.Драматургийы бындурæвæрæг Брытъиаты Елбыздыхъо райгуырд:



а) Чырыстонхъæуы;

б) Ольгинскæйы;

в) Æрыдоны;

г) Дæллагхъæуы, Куырттаты комæй рацæуæны.



2.Цæмæй Елбыздыхъо йæ ахуыр Дзæуджыхъæуы реалон скъолайы ма ныууадза, уымæн ын стыр ахъаз фæци:



а) йæ мад;

б) йе 'мбал;

в) йæ ахуыргæнæг Виддинов Никъала;

г) йæ хъæубæстæ.



3.Елбыздыхъо буржуазон-демократон революцийы активонæй кæй архайдта, уый тыххæй йæ:



а) арвыстой Сыбырмæ;

б) арвыстой Херсонмæ;

в) схорзæхджын кодтой;

г) æрцахстой æмæ иу аз фæбадти Назраны фидары.



4.Елбыздыхъойы снысан кодтой журнал «Хуры тын»-æн редакторæй:



а) 1907 азы;

б) 1909 азы;

в) 1910 азы;

г) 1912 азы.



5.Тугъанты Махарбег Брытъиаты Елбыздыхъойы схуыдта:



а) «дæсны фыссæг»;

б) «æрхъуыдыджын адæймаг»;

в) «рæсугъд адæймаг»;

г) «хорз æмбал».

.

6. Брытъиаты Елбыздыхъо ныгæд æрцыд:



а) Дзæуджыхъæуы зæронд уæлмæрды;

б) ирон аргъуаны кæрты;

в) Куырттаты комы;

г) Бетъырбухы.



7.Драмæ «Дыууæ хойы» фыст æрцыд:



а) 1902 азы;

б) 1903 азы;

в) 1905 азы;

г) 1907 азы.



8. Елбыздыхъойы драмæ «Дыуæ хойы» сæйраг бынат ахсы:



а) Тæтæрхъан æмæ Хъамболаты быцæу;

б) Мусон æмæ Сидахъоны ахастдзинæдтæ;

в) дыууæ хойы хъысмæт, сæ тох, сæ бæллицтæ;

г) Пупæйы уарзондзинад Асиатмæ.



9. Драмæ «Дыууæ хойы» дыккаг нывы æвдыст цæуы:



а) Пупæ æмæ Хадзымæт фехъуыстой фыййауæй, зæгъгæ, Асиатмæ скъæфджытæ фæцæуы. Адæмимæ фæфæдис ис Пупæ дæр. Лакаты Саламджер.ийы аппæрстой былæй. Пупæ æмæ Асиат баззадысты иумæ;

б) Тæтæрхъан æрбасайдта Асиат æмæ Хансиаты сæхимæ, цæмæй сæ аскъæфын кæна Касалтæн æмæ Лакатæн. Хъамболат амардта Касалы-фырты, Хансиат йæхи былæй аппæрста æмæ амард;

в) Асиатмæ Лакатæ курæг æрцыдысты Тæтæрхъаны зондæй. Идейон быцæу рахызт æргом хæстмæ;

г) Ханæгаты лæппутæ аскъæфтой Асиаты. Фæдис æй байстой. Мыггаджы хистæртæ æмæ хионтæ фæбыцæу сты. Æвдыст дзы æрцыд дыууæ фембæлды: Касалы-фырт æмæ Хансиаты; Пупæ æмæ Асиаты.



10.«Сдзæгъæл дæн æнæ дæу, ницæмæн уал бæззын. Фæцух стæм кæрæдзийæ, уый цы бон базонон, дыккагмæ мын цæрæн нæй». Загъта:



а) Касалы-фырт;

б) Пупæ;

в) Буцæ;

г) Хъылцыхъо.



11.Тæтæрхъан у:



а) сылгоймаджы сæрыл хæцæг;

б) зæронд фæстæзад æгъдæуттыл хæцæг;

в) фæлмæнзæрдæ лæг;

г) растзæрдæ адæймаг.



12.Драмон уацмысты хуызтæм нæ хауы:



а) драмæ;

б) комеди;

в) трагеди;

г) басня.



13.Адæмы сæрибары символ у:



а) Амыран;

б) Бесæ;

в) Саго;

г) Цопан.









14.Бесæ фæмард æргом тохы, фæлæ ныр «кæлæнгæнджыты» ныхмæ, Амыраны сæрибары сæрыл тохмæ рацыдысты къордæй, сидынц адæммæ æмæ сын фидæнмæ æнæ фæуæлахиз нæй. Æвдыст цæуы:



а) фыццаг акты;

б) дыккаг акты;

в) æртыккаг акты.



15.Драмæ «Амыран» у:



а) комеди;

б) трагеди;

в) утопион уацмыс;

г) фантастикон уацмыс.



16.«Æз æмæ ды Амыранæн хъуамæ уæрæх фæндаг скæнæм рухс дунемæ, нæ дзæбугты куысты нæ зонд æмæ нæ ныфс сæвæргæйæ…» - загъта:



а) Саго;

б) Бесæ;

в) Цопан;

г) Теса.



17.Елбыздыхъойы сфæлдыстадон фæндаг фæуд кæны:

.

а) «Амыран»-æй;

б) «Хазби»-йæ;

в) «Дыууæ хойы»- йæ;

г) «Уæрæседзау»-æй.

















Брытъиаты Елбыздыхъо III вариант

















.







































































Цæлыккаты Ахмæт.



I вариант



1.Цæлыккаты Ахмæт райгуырд:



а) 1878 азы;

б) 1880 азы;

в) 1881 азы;

г) 1882 азы.



2.Ахмæты уацмыстæй тугисыны ныхмæ фыст у:



а) «Бынылзад уыбыхаг»;

б) «Тамерлан æмæ кæсæн»;

в) «Туг тугæй æхсадæуы»;



3.«Бынылзад уыбыхаг»-ы сæйраг архайæг у:



а) Али;

б) Хатажук;

в) Тасо;

г) Тамерлан.



4.Хатажук йæ бæхы бирæ уарзта, уымæн æмæ:



а) бирæ хæттытæ йæ фервæзын кодта, цыдæриддæр æхсызгондзинадæй бавзæрста, уыдон ыл иууылдæр бæхимæ æрцыдысты;

б) нæ йæм коммæ касти;

в) фыдуаг уыди, зæвæт кодта;

г) ницы пайда хаста.





5.Ахмæты уацмыс «Туг тугæй æхсадæуы»-йы сæйраг архайæг Али уыд:



а) абырæг;

б) хъæздыг лæг;

в) цагъайраг;

г) фосдарæг.





Цæлыккаты Ахмæт I вариант





Цæлыккаты Ахмæт.



II вариант



1.1904 азы Владикавказы арæзт æрцыди социал-демократон организаци:



а) Цомахъы фæндæй;

б) Цæлыккаты Ахмæты фæндæй;

в) Хетæгкаты Дауыты фæндæй;

г) Брытъиаты Елбыздыхъойы фæндæй.



2.Цæлыккаты Ахмæт нæ ныффыста:



а) «Фынддæс азы»;

б) «Туг тугæй æхсадæуы»;

в) «Бынылзад уыбыхаг»;

г) «Тамерлан æмæ кæсæн».



3.Ахмæты уацмыс «Бынылзад уыбыхаг»-ы сæйраг архайæг Хатажук йе 'мбæстæгтимæ сæ фыды уæзæг ныууагътой уымæн, æмæ:



а) знæгтæ зæрæдтæн, сывæллæттæн æмæ сылгоймæтæн дæр хатыр нæ зыдтой;

б) хорз цæстæй сæм кастысты;

в) цæрыны фадæттæ сын скодтой;

г) куыст æмæ сын зæххытæ радтой.



4.Хатажукы лæджыхъæды миниуджытæм нæ хауы:



а) уыд хорз барæг, йæ бæхыл æнувыд;

б) сæрыстыр;

в) нæрæмон;

г) фыдзæрдæ.



5.Алимæ гæсгæ лæгдзинады миниуджытæ сты:



а) æхсар æмæ ныфс;

б) гадзрæхатдзинад;

в) æнæрвæссондзинад;

г) уæййагдзинад.





Цæлыккаты Ахмæт II вариант







Цæлыккаты Ахмæт.



III вариант



1.1904 Владикавказы Цæлыккаты Ахмæты фæндæй арæзт æрцыд:



а) социалон-либералон организаци;

б) социал-демократон огранизаци;

в) рахиз тыхы цæдис;

г) галиу тыхы цæдис.



2.1882 азы райгуырд:



а) Брытъиаты Елбыздыхъо;

б) Тлатты Хох;

в) Коцойты Ленæ;

г) Цæлыккаты Ахмæт.



3.Ахмæты уацмыс «Бынылзад уыбыхаг»-ы лыгъд адæм Сау денджызмæ фæндагыл:



а) рыгæй нал зындысты, сæ дзаумæттæ ныскъуыдтæ сты, ныппырхытæ сты;

б) фæрынчын сты, мæлгæ дæр дзы акодта;

в) уыдысты тынг хъæлдзæг;

г) уыдысты цардхуыз.



4.«Хатажук æнæдзургæйæ иуварс ацыд. Йæ сæр бæрзонд систа æмæ денджызыл йæ цæст ахаста….». Ацы рæнхъытæ ист сты:



а) «Тамерлан æмæ кæсæн»-æй;

б) «Туг тугæй æхсадæуы»-йæ;

в) «Бынылзад уыбыхаг»-æй.



5.»Фæцис мæ цард…Туг тугæй æхсадæуы», - загъта:



а) Али;

б) Тамерлан;

в) Хатажук;

г) Уынаффæгæнæг.



Цæлыккаты Ахмæт III вариант











Хъороты Дауыт



I вариант



1.Хъороты Гигойы фырт Дауыт райгуырдис:



а) Цæгат Ирыстоны, Алагиры;

б) Джызæлы;

в) Хуссар Ирыстоны, Ерманы хъæуы;

г) Хуссар Ирыстоны, Згъуыбиры.



2.Хъороты Дауыт йæ уацмысты бын хаттæй-хат фыста йæ псевдоним:



а) АК;

б) Нигер;

в) Ололи;

г) Хъоло.



3.Нæ суинаг фыссæджы йæ хъæздыг фыды æфсымæр Габо радта ахуыр кæнынмæ:



а) хъæуы ахуыргæнæг Дзасохты Алексеймæ;

б) сæ хъæуы сауджынмæ;

в) сæ хъæуы дуканигæсмæ;

г) йе 'мбалмæ.



4.Хъороты Дауыт ныффыста уацмыс:



а) «Гæды лæг»;

б) «Æз нæ уыдтæн, гæды уыди»;

в) «Фын»;

г) «Уæрæседзау».



5.Дауыт йæ комеди «Æз нæ уыдтæн, гæды уыди» ныффыста:



а) 1903 азы;

б) 1905 азы;

в) 1907 азы;

г) 1910 азы.



6.Хъæуы хицау Химаны сæйрагдæр бæллиц у:



а) цæмæй йæ адæм уарзой æмæ йæ æмбарой;

б) уæлдæр хицау суæвын;

в) хуымæтæг адæмæн исты хорзы бацæуын;

г) гæртам исын æмæ йæ гуыбын байдзаг кæнын.



7.Хицауады ныхмæ адæмы тох Дауыт комедийы æвдисы:



а) Темырболаты фæлгонцæй;

б) Николай Петричы фæлгонцæй;

в) Химаны фæлгонцæй;

г) Сахълæу æмæ Калманы фæлгонцæй.



8.Калман бæллы:



а) булкъоны цин куы райсид, уымæ;

б) писырæй йæ куы сæвæриккой, уымæ;

в) гуыбырнатъоры бынаты йæ куы сæвæриккой, уымæ;

г) хъæуы хицауæй йæ куы сæвæриккой, уымæ.



9.«Хуымæтæджы не 'рбацыди Гуыцыр лæдзæгимæ. Хуыцау бахизæд, фæлæ уымæй лæгыл куы ралæууа…». Ацы рæнхъытæ ист сты:



а) «Уарзæттæ»-йæ;

б) «Дæсны»-йæ;

в) «Æз нæ уыдтæн, гæды уыди»-йæ.









Хъороты Дауыт I вариант















































Хъороты Дауыт



II вариант



1.Хуссар Ирыстоны, Ерманы хъæуы райгуырд:



а) Тлатты Хох;

б) Хъороты Дауыт;

в) Кочысаты Розæ;

г) Токаты Алихан.



2.Псевдоним «Хъоло»-йæ пайда кодта:



а) Дзанайты Иван;

б) Коцойты Арсен;

в) Илас Æрнигон;

г) Хъороты Дауыт.



3.Хъороты Дауыт ахуыр кодта:



а) Дзæуджыхъæуы горæты ахуыргæнæндоны 4-æм хайы;

б) Калачы бухгалтеры курсыты;

в) Стъараполы гимназы;

г) Бетъырбухы аивæдты Академийы.



4.Комеди «Æз нæ уыдтæн, гæды уыди» ныффыста:



а) Кочысаты Розæ;

б) Тлатты Хох;

в) Хъороты Дауыт;

г) Брытъиаты Елбыздыхъо.



5.Хъороты Дауыт йæ комеди «Æз нæ уыдтæн, гæды уыди»-йы сарæзта гæртамхор æмæ цæстфæлдахджыты типтæ. Уыдон сты:



а) Химан æмæ йæ фыссæг Николай Петрич;

б) Сахълæу æмæ Калман;

в) Хъилхъус æмæ Гуыцыр;

г) Темырболат.



6.Писыр Николай Петрич кæм Химаны сусæгæй, кæм та Химанимæ иумæ:



а) архайы гæртæмттæ исыныл;

б) æххуыс кæны адæмæн;

в) аразы документтæ бæхдавджытæн;

г) нæ ауæрды хахуыртæ фыссыныл.







7.«Цъысымæй фервæзтæн Темырболаты фæрцы!..ехх, цы хорз дæ, цы, ахуырдзинад». Ацы ныхæстæ загъта:



а) Николай Петрич;

б) Химан;

в) Калман;

г) Сахълæу.



8.Юмор у:



а) уацмысы архайджыты æгад митыл худын;

б) адæймаджы æппæрццаг миниуджытæ фауын.



9.«Гъей, æллæх, Хуыцау! Дæ адæмы туг дын къуыдыр кæлмытæ куы банызтой, сæ удтæй сын хынджылæг куы фæкодтой!». Афтæ зæгъы пьесæйы кæрон:



а) Николай Петрич;

б) Темырболат;

в) Химан;

г) Гуыцыр.





Хъороты Дауыт II вариант









































Хъороты Дауыт



III вариант



1.Хъороты Дауыт райгуырд Хуссар Ирыстоны, Ерманы хъæуы:



а) 1885 азы;

б) 1887 азы;

в) 1889 азы;

г) 1890 азы.



2.Дауыты фыд Гиго цардагур æд бинонтæ алыгъди Цæгат Ирыстонмæ:



а) Чырыстонхъæумæ;

б) Алагирмæ;

в) Пысылмонхъæумæ;

г) Хъобанмæ.



3.Хъороты Дауыт нæ ахуыр кодта:



а) райдиан скъолайы;

б) Дзæуджыхъæуы училищæйы 4-æм хайы;

в) Калачы бухгалтеры курсыты;

г) Стъараполы гимназы.



4.Хъороты Дауыт нæ ныффыста:



а) «Æз нæ уыдтæн, гæды уыди»;

б) «Дæсны»;

в) «Уарзæттæ»;

г) «Гæды лæг».



5.Дауыт нын йæ комеди «Æз нæ уыдтæн, гæды уыди»-йы равдыста:



а) паддзахы бынæттон хицæутты митæ;

б) æбар æмæ æфхæрд адæмы 'хсæн ахастдзинæдтæ;

в) паддзахы чиновникты раст хъуыддæгтæ;

г) хъæуккаг æмæ горæты адæмы.



6.Къулертæ Сахълæу æмæ Калман дæр сæ хицæутты фæзмгæйæ:



а) нæ ауæрдынц сæ хъарутыл адæмæн хæрзты бацæуыныл;

б) мæгуыр адæмæн æххуыс кæнынц;

в) нæ ауæрдынц искæй сайыныл, искæй æфхæрыныл;

г) хæцынц адæмы сæрыл.



7.Сахълæу бæллы:



а) писырæй йæ куы сæвæриккой, уымæ;

б) хъæуыхицауæй йæ куы сæвæриккой, уымæ;

в) булкъоны цин куы райсид, уымæ;

г) гуыбырнатъоры бынаты йæ куы сæвæриккой, уымæ.



8.Сатирæ у:



а) адæймаджы æппæрццаг миниуджытæ фауын;

б) уацмысы архайджыты æгад митыл худын.



9.«…Гъе, Николай Петрич! Ракæс-ма мæнæ дæ арахъмæ. Æз нæ уыдтæн - гæды уыди!!!»

Загъта:



а) Калман;

б) Сахълæу;

в) Гуыцыр;

г) Темырболат.





Хъороты Дауыт Ш вариант





















































Æрнигон Илас



I вариант



1.Илас Æрнигонæн йе 'цæг мыггаг æмæ ном у:



а) Дзанайты Иван;

б) Тогызты Газакк;

в) Тлатты Елмæрза;

г) Коцойты Арсен.



2.1888 азы Æрыдоны мæгуыр зæхкусæджы хæдзары райгуырд:



а) Гаглойты Рутен;

б) Малиты Георги;

в) Кочысаты Розæ;

г) Илас Æрнигон.



3.Æрыдоны дины семинар куы фæци, уæд дыууæ азы ахуыргæнæгæй бакуыста:



а) Дыгуры комы;

б) Дæргъæвсы комы;

в) Куырттаты комы;

г) Хъобаны.



4.1914 азы Илас Æрнигон ахуыр кæнынмæ бацыд:



а) Хурыскæсæны адæмты институтмæ;

б) Мæскуыйы литеатурон институтмæ;

в) Бетъырбухы аивæдты Академимæ;

г) Бетъырбухы æфсæддон уæллаг скъоламæ.



5.Илас Æрнигоны æрцахстой æнæаххосæй æмæ ахæстоны амард:



а) 1935 азы;

б) 1936 азы;

в) 1937 азы;

г) 1938 азы.



6.Илас Æрнигон нæ ныффыста æмдзæвгæ:



а) «Куы 'ркастæн…»;

б) «Æрымыс-иу мæн…»;

в) «Арфæ ракæн»;

г) «Малусæг».



7.Æрнигон йæ æмдзæвгæты арæх пайда кæны:



а) аллитерацитæй (æмхъæлæсон мырты фæлхатынæй);

б) риторикон фарстытæй;

в) сидтытæй;

г) алыхуызон строфатæй.



8.«Фæхæцай, нæ хæцай,

Дæ риуыл куы хæцай,

Дæ туджы куы мæцай,

Нывонды хуызæн, -

Æрымыс-иу мæн..»

Ацы рæнхъытæ ист сты Æрнигоны æмдзæвгæйæ:



а) «Æнамонд Ирыстон»-æй;

б) «Гъæйт, цы фестут?»-æй;

в) «Куы 'ркастæн»-æй;

г) «Æрымыс-иу мæн»-æй.













Æрнигон Илас I вариант













































Æрнигон Илас



II вариант



1.Тогызты Газаккæн йæ литературон псевдонимтæ уыдысты:



а) Хох;

б) Хъоло;

в) Илас Æрнигон;

г) Илас Мызурон.



2.Илас Æрнигон райгуырд:



а) 1885 азы;

б) 1886 азы;

в) 1887 азы;

г) 1888 азы.



3.Æрыдоны дины семинары фæстæ Куырттаты комы 2 азы бакуыста:



а) сауджынæй;

б) диакъонæй;

в) ахуыргæнæгæй;

г) аргъуангæсæй.



4.Хурыскæсæны адæмты институтмæ Æрнигон бацыд:



а) 1911 азы;

б) 1912 азы;

в) 1914 азы;

г) 1915 азы.



5.1937 азы Æрнигоны:



а) æрцахстой æнæаххосæй;

б) арвыстой ахуыр кæнынмæ;

в) арвысторй кусынмæ;

г) фæуæлдæр кодтой йæ куысты.



6.Илас Æрнигон æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта:



а) Æрыдоны дины семинары куы ахуыр кодта, уæд;

б) Куырттаты комы ахуыргæнæгæй куы куыста, уæд;

в) Хурыскæсæны адæмты институты куы ахуыр кодта, уæд;

г) Цæгат Ирыстоны чингуыты рауагъдады редакторæй куы куыста, уæд.



7.Илас Æрнигон ныффыста радзырд:



а) «Туг тугæй æхсадæуы»;

б) «Тазырæт»;

в) «Челе»;

г) «Тамерлан æмæ кæсæн».



8. «Тав дæ хурæй, арв, нæ хæхты,

Рухс дæ рухсæй уæд нæ ком.

Кæн нæ хæхты, кæн нæ рагъты

Ирæн уарзон ды сæ ном.» -

Ацы рæнхъытæ ист сты:



а) «Арфæ ракæн»-æй;

б) «Æрымыс-иу мæн»-æй;

в) «Куы 'ркастæн»-æй;

г) «Бæлас»-æй.









Æрнигон Илас II вариант

















































Æрнигон Илас



III вариант



1.Илас Æрнигон райгуырд:



а) Мызуры;

б) Алагиры;

в) Æрыдоны;

г) Джызæлы.



2.1909 азы Илас Æрнигон каст фæци:



а) Стъараполы гимназ;

б) Æрыдоны дины семинар;

в) Калачы бухгалтеры курсытæ;

г) Дзæуджыхъæуы училищæйы 4-æм хай.



3.1911 азы Æрнигон «цардагур» ацыд:



а) Дард Скæсæнмæ;

б) Эстонимæ;

в) Калакмæ;

г) Бетъырбухмæ.



4.Æрнигон йæ уарзон Ирыстонмæ æрæздæхт:



а) 1931 азы;

б) 1932 азы;

в) 1933 азы;

г) 1934 азы.



5.Илас Æрнигон амард:



а) 1934 азы;

б) 1935 азы;

в) 1936 азы;

г) 1937 азы.



6.Поэт Октябры революцийы агъоммæ цы æмдзæвгæтæ ныффыста, уыдоны æвдисы:



а) адæмы хорз цард;

б) сидзæрты хорз уавæр;

в) адæмы тыхст цард, сидзæрты удхар, йæ сагъæстæ йæ райгуырæн бæстæйыл, ирон адæмыл;

г) ирон адæмы бартæ.





7.«Бæласыл сау дымгæ куы 'рцæуа,

Куы ныууой къалиутæ хæрзпырх.

Фæззæг ма цардхуызæй куыд лæууа,

Куыд хъаза хорз дыргътау йæ дыргъ?».

Ацы ныхæстæ ист сты Æрнигоны æмдзæвгæ:



а) «Арфæ ракæн»-æй;

б) «Æрымыс-иу мæн»-æй;

в) «Куы 'ркастæн»-æй;

г) «Сомы»-йæ.



8.У латинаг дзырд æмæ амоны дамгъæйы æмбуар, цур, раз:



а) аллитерации;

б) метафорæ;

в) абарст;

г) композици.





Æрнигон Илас III вариант





















































Токаты Алихан



I вариант



1.Дæргъæвсы, бирæ бинонты æхсæн райгуырд:



а) Илас Æрнигон;

б) Токайты Алихан;

в) Тлатты Хох;

г) Хъороты Дауыт.



2.Токаты Алихан ахуыр кодта:



а) Бакуйы деджызон училищæйы;

б) Дерпты университеты;

в) Æрыдоны дины семинары;

г) Мæскуыйы Коммерцион институты.



3.Алихан Бакуйы Денджызон училищæйы куы ахуыр кодта, уæд ныффыста:



а) «Цыкурайы фæрдыг»;

б) «Хохы цард»;

в) «Малусæг»;

г) драмæ «Урс сынтытæ».



4.Токаты Алихан амард:



а) 1917 азы;

б) 1918 азы;

в) 1919 азы;

г) 1920 азы.



5.Алиханы æмдзæвгæтæ амад сты:



а) хæхты маст, хохаг мæгуыр дзыллæйы мæтыл;

б) хохаг адæмы æнæмæт цардыл;

в) æнусон царды фарстыл;

г) стыр уарзондзинадыл.



6.Алиханæн йæ дзуринæгты сæйраг хъуыды кæддæриддæр уыдис:



а) адæмы хорз цардыл йæ мæт кæнын;

б) хорз фадатыл;

в) æнæуынондзинад йæ хæхтæм;

г) стыр мæт адæмы фыдцард, фыдвадатыл æмæ стыр уарзондзинад райгуырæн хæхтæм.



7.Сонет у:



а) цыппар рæнхъæй арæзт лирикон æмдзæвгæйы хуыз;

б) аст рæнхъæй конд æмдзæвгæ;

в) æхсæз рæнхъæй конд æмдзæвгæ;

г) æрвылбоны цаутæ кæм фæфыссынц, уый.



8.Æрдзы ныв æмæ лæджы сагъæсты иудзинад Алихан равдыста йе 'мдзæвгæ:



а) « Алыхуызон мæсыг»-ы;

б) «Малусæг»-ы;

в) «Хохы цард»-ы;

г) «Цыкурайы фæрдыг»-ы.



9.Токаты Алихан куы амард, уæд æй баныгæдтой:



а) Дæргъæвсы;

б) Бетъырбухы;

в) Алагиры;

г) Дзæуджыхъæуы.









Токаты Алихан I вариант











































Токаты Алихан



II вариант



1.Токаты Алихан райгуырд:



а) Сæлыгæрдæны;

б) Дæргъæвсы;

в) Хъæдгæроны;

г) Ольгинскæйы.



2.Бакуйы денджызон училищæ каст фæци:



а) Тлатты Хох;

б) Хъороты Дауыт;

в) Илас Æрнигон;

г) Токаты Алихан.



3.Алихан йæ драмæ «Урс сынтытæ» ныффыста:



а) Денджызон училищæйы ахуыргæнгæйæ;

б) Бетъырбухы аивæдты академийы ахуыргæнгæйæ;

в) Дæргъæвсы цæргæйæ;

г) бæрæг нæу.



4.Алихан бирæ нæ уарзта:



а) музыкалон уацмыстæ фыссын;

б) уæлдай тезгъо кæнын;

в) ныв кæнын;

г) сценæйыл хъазын.



5.Токаты Алиханы æмдзæвгæ «Хохы цард» конд у:



а) дыууæ фарст æмæ дыууæ дзуаппæй;

б) æртæ фарст æмæ æртæ дзуаппæй;

в) цыппар фарст æмæ цыппар дзуаппæй;

г) фондз фарст æмæ фондз дзуаппæй.



6.Алиханы «Цыкурайы фæрдыг» у:



а) фыццаг ирон октавæ;

б) фыццаг ирон балладæ;

в) фыццаг ирон сонет;

г) фыццаг ирон одæ.







7.«Дæлдзæхæн та ныккæсдзынæн йæ арфмæ,

Дунетыл таудзынæн рæсугъддæр фын.

Æз талынгæн æрхаудзынæн йæ тарфмæ».

Ацы рæнхъытæ ист сты:



а) «Алыхуызон мæсыг»-æй;

б) «Малусæг»-æй;

в) «Хохы цард»-æй;

г) «Цыкурайы фæрдыг»-æй.



8.Алиханы «Цыкурайы фæрдыг» у:



а) одæ;

б) балладæ;

в) октавæ;

г) сонет.



9.«…Æрцауыгътой нæ дадаты,

Нынныгæдтой нæ нанаты,

Сыдæй мæлæм ныр мах».

Ацы рæнхъытæ ист сты:



а) «Малусæг»-æй;

б) «Алыхуызон мæсыг»-æй;

в) «Хохы цард»-æй;

г) «Цыкурайы фæрдыг»-æй.







Токаты Алихан II вариант































Токаты Алихан



III вариант



1.Токаты Алиханæн йæ райгуырды аз у:



а) 1892 аз;

б) 1894 аз;

в) 1895 аз;

г) бæрæг нæу.



2.Токаты Алихан Бакуйы денджызон училищæмæ бацыд:



а) 1908 азы;

б) 1909 азы;

в) 1910 азы;

г) 1914 азы.



3.Куыд дзурынц, афтæмæй Алихан бирæ уарзта:



а) ныв кæнын;

б) сценæйыл хъазын;

в) музыкалон уацмыстæ фыссын;

г) уæлдай тезгъо кæнын.



4.Токаты Алихан нæ ныффыста:



а) «Цыкурайы фæрдыг»;

б) «Хохы цард»;

в) «Малусæг»;

г) «Арфæ ракæн».



5.Алихан йе 'мдзæвгæ «Хохы цард»-ы равдыста сæ куыст, сæ цард æмæ сæ уавæр:



а) зæрæдтæн;

б) фæсивæдæн;

в) сывæллæттæн;

г) хъæздгуытæн.



6. «Цыкурайы фæрдыг»-ы Алихан æвдисы:



а) символикон хуызы йæ рæсугъд бæллицтæ;

б) йæ уарзондзинад уарзон чызгмæ ;

в) йе 'нæуынондзинад лæгмартæм;

г) хæххон æрдзы нывтæ.



7.Токаты Алихан ныффыста фыццаг ирон сонет:



а) «Хохы цард»;

б) «Цыкурайы фæрдыг»;

в) «Алыхуызон мæсыг».



8.Алиханы æмдзæвгæ «Малусæг»-ы мах федтам рагуалдзæджы æрдзон фæзындтæй иуы ныв, - малусæг сзайы миты бынæй. Уый сси:



а) адæймаджы мæлæты зарæг;

б) адæймаджы цардимæ тохы зарæг;

в) адæймаджы лæгдзинадыл зарæг;

г) уарзондзинады зарæг.



9.«Фæйнæрдæм дзы æрттивдзæни цæссыг,

Æддæмæ дзы зындзæни мæйтæ, хуртæ,

Йæ хуылфы та уыдзæни судзгæ зынг».

Ацы рæнхъытæ ист сты:



а) «Цыкурайы фæрдыг»-æй;

б) «Малусæг»-æй;

в) «Алыхуызон мæсыг»-æй;

г) «Хохы цард»-æй.







Токаты Алихан III вариант









































156.



 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал