7


  • Учителю
  • Сочинение по осетинскому языку на тему Фыстӕг хӕсты ветеранмӕ.

Сочинение по осетинскому языку на тему Фыстӕг хӕсты ветеранмӕ.

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

Фыстæг хæсты ветеранмæ

Зынаргъ хæсты ветеран!

Цытджын Уæлахизы бонмæ та дæм фыссын фыстæг.

Цæудзысты бонтæ, азтæ, иу фæлтæр ивдзæн иннæйы, фæлæ де сгуыхтдзинæдтæ, дæ ном æнустæм цæрдзæни нæ зæрдæты. Дунейы историйы мидæг тæккæ карздæр, æвирхъаудæр хæстмæ Цæгат Ирыстонæй демæ ацыдысты дæсгай мин лæппутæ æмæ чызджытæ. Мах, дæ фæдонтæ, нæ ферох кæндзыстæм Гæздæнты авд æвд æфсымæры, Темырты æмæ Хестанты, Дзебойты, Дзугаты, Багаты, Уырымты, Габыаты цыппæргай æфсымæрты рухс нæмттæ.Уыдысты иуæй иннæ цардбæллондæр, иуæй иннæ гуыппырсардæр. Æрмæст ма баззади æнустæм сæ рухс ном.

Мæ зынаргъ ветеран, зонын, зын дын у, дæ зынгхуыст æмгæртты дын дæ зæрдыл кæй æрлæууын кодтон, фæлæ йæ зонын, кæд дæ алыварс тынг бирæ туг калди, уæддæр ыл фæсмон нæ кодтой, уымæн æмæ хæцыдтæ нæ Райгуырæн бæстæйы сæраппонд, æмæ дæ уырныдта-Уæлахиз уыдзæн мах.

Уæ зæрдæ дардтат, кæй ралæудзæн уыцы лæгмар фашисттæн сæ мæлæты бон æмæ уæлахизимæ æрцæудзыстут, фæлæ… хъыгагæн, де 'мбæлттæй бирæтæ сæ райгуырæн уæзæгыл нал сæмбæлыдысты.

Абон нæ Райгуырæн бæстæ сæрибар паддзахад кæй у,уымæй мах сымахæй, ветерантæй, стæм бузныг.

Кæд хæст раджы ахицæн, уæддæр уæ æнæмæлгæ сгуыхтдзинæдтæ рохуаты никуы баззайдзысты.

Мæ зынаргъ хъахъхъæнæг, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азты ды фæцыдтæ намысджын хæстон фæндæгтыл Дзæуджыхъæуæй Берлинмæ.

Кæд-иу фæцæф дæ, уæддæр-иу æрбаздæхтæ хæстон рæнхъытæм æмæ дарддæр дæрæн кодтай знаджы, æфсæддон ардхæрдыл зæрдæ нæ ивгæйæ, стыр хъæбатырдзинад æмæ лæгдзинад æвдисгæйæ. Знæгтимæ тохы хъæбатырдзинад æмæ лæгдзинад кæй равдыстай, уый тыххæй дын лæвæрд æрцыдис хæрзиуджытæ. Ды дæ райгуырæн бæстæйы æнувыд, иузæрдион фырт. Дæ хъæбатырдзинæдтæ никуы амæлдзысты нæ зæрдæты, фæзминаг уыдзысты махæн, Ирыстоны фæсивæдæн, куыд Райгуырæн бæстæйыл иузæрдиондзинады, патриотизмы, адæймагон миниуджыты ирд дæнцæг.

Кæддæр ды уыдтæ хъæлдзæг, худæг ныхасгæнæг, фæлæ адæймаг йæ кары куы бацæуы, уæд ыл æртæфсынц раздæры зындзинæдтæ, хæстон цæфтæ, тухитæ. Афтæ дæуыл дæр æруæз кæнынц иуæй иухатт хæстон азты фæстиуджытæ. Кæд дæ цард дæуæн нæ рауад дæхи фæндиаг, кæд дæ фæндыд бирæ фæрныг хъуыддæгтæ скæнын, фæлæ… Уыцы æнаккаг 1941аз дын ахаста йемæ дæ рæсугъд фæндтæ.

Ныр рагæй уадзыс дæ хæстон фæллад, зæронд салдат, фæлæ, æнæнцой ветеран, дæ бон иу ран бадын нæу, ссарыс дæхицæн исты куыст хæдзары. Схъомыл кодтай дæхи хуызæн æцæг ирон лæгты. Ис дын хъæбулы хъæбултæ. Дæ зæрдæ рухс у уыдоны æнтыстдзинæдтæй.

Мæ зынаргъ æмбæстон!

Мæ зæрдыл дарын дæ алы фæдзæхст, дæ алы ныхас дæр. Бузныг, сæрибар дунейы кæй цæрын, уый тыххæй.

Бузныг, царды рухс мын кæй фенын кодтай, уымæй.

Цыма цæмæй фидгæ сты дæ бирæ хæрзтæ? Дæу аккаг лæггад кæм ссардæуа…

О мæ хъæбатыр! Уæнæниз, зындзинæдтæ макуыуал фен дæ царды. Зæрдæрухсæй нын бирæ азты цæр.

Бузныг дын, æмæ дæ историйы кадджындæр Уæлахизы боны арфæ уæд!

Мæ сæрæй дын ныллæг кувын!





 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал