7


  • Учителю
  • Конспект вне классного мероприятия 'Ирон фандыр'

Конспект вне классного мероприятия 'Ирон фандыр'

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала







Равдысты архайджытæ сты: 6-æм, 8-æм æмæ 9-æм кълæсты скъоладзаутæ.







Равдыст бацæттæ кодта ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг

Æлборты Дзерассæ.

2015-2016 аз.

1-аг архайæг:

1899 азы 26-æм майы Уæрæсе кадджын уавæры бæрæг кодта А.С.Пушкины юбилей. Уыцы бон г. Владикавказы рухс федта бынæттон къупецаг З. Шуваловы типографийы мыхуыргонд чиныг - «Ирон фæндыр». Уырыссаг адæмы генион хъæбул А.С. Пушкины райгуырд æмæ ирон национ культурæйы зынаргъдар хæзна - Къостайы «Ирон фæндыр»-ы фæзынд иу бонмæ кæй æрцыдысты, уый у цымыдисаг историон символ.

2-аг архайæг:

Ирон адæмон сфæлдыстады бæркадджын къæбиц æмæ уырыссаг къультурæйы хъæздыг авналæнтæ сой æмæ тых лæвæрдтой Къостайы поэзийæн.

Бирæ цæлхдуртæ æвæрдтой паддзахы фæсдзæуинтæ æмæ райгуырæн бæстæ уæйгæнджытæ, Къостайы æмдзæвгæтæ хицæн чиныгæй рауадзыныл чи архайдта, уыдон размæ. Æппынфæстаг цензурæ бар радта «Ирон фæндыр» мыхуыр кæнынæн.

1-аг архайæг:

Къоста йæ зæрдæйы æрмадзы цы сагъæстæ, кадджытæ, таурæгътæ æмæ æмбисæндтæ сфæлдыста, уыдон разындысты дунеон культурæйы хæзнадонмæ аккаг хуын.

Абон Къостайы уацмыстæ кæсынц нæ бирæнацион Райгуырæн бæстæйы адæмтæ сæ мадæлон æвзæгтыл.

2-аг архайæг:

Къоста мард нæу, уый æгас у, уый цæрдзæни мыггагмæ адæмты зæрдæйы. Сызгъæрин талатæ суагъта «Ирон фæндыр» -- ирон æвзаг æмæ литературæйы фидар мæсыг.

Нæ абоны равдыст схуыдтам «Ирон фæндыр». Уымæ гæсгæ саразæм викторинæ, чи куыд зоны Къостайы сфæлдыстад, уый тыххæй.

1.Фарст.

Чи у ирон адæмæн Хетæгкаты Къоста?

Дзуапп.

Х.Къоста у ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг.

2.Фарст.

Кæд рацыд мыхуыры Къостайы чиныг æмæ куыд хуыйны?

Дзуапп.

Къостайы чиныг хуыйны «Ирон фæндыр» æмæ мыхуыры рацыд 1899азы, майы.

3.Фарст.

Цавæр поэмæтæ ныффыста Къоста æмæ цы æвзагыл?

Дзуапп.

Къоста йæ поэмæтæ ныффыста уырыссаг æвзагыл. Уыдон сты: «Фатима» Кавказская повесть, «Перед судом», «Кому живется весело…», «Се человек», «Плачущая скала» -- осетинская легенда.

4. Фарст.

Цавæр уацмыстæ ныффыста прозæйæ?

Дзуапп.

«Сегодня я окончил свои вечерние занятия…», «В горах», «Предложение», «Охота за турами», «Особа» -- этнографический очерк.

5.Фарст.

Цавæр поэмæтæ нæ ныффыста Къоста кæронмæ æмæ цæй аххосæй?

Дзуапп.

1901 азы Къоста уæззау фæрынчын. Низ æй бахъыгдæрдта кæронмæ ныффыссын йæ поэмæтæ «Кæуæг айнæг» (Плачущая скала) æмæ «Хетæг».

6. Фарст. Базонут ма, кæцæй ист сты ацы рæнхъытæ?

Ай та цы диссаг у? -

Рагæй æрæгмæ

Никуы мæм бабæллыд

Бирæгъ хæстæгмæ…

Дзуапп. Басня «Бирæгъ æмæ хърихъупп»-æй

7.Фарст.

Цæстмæхъус ныхас

Фыдбылыз хæссы…

Хуыснæггаджы бас

Фу-фуйæ сысы…

Дзуапп. «Халон æмæ рувас»- æй.

8.Фарст.

Кусы та… Хуыцау æй зоны.

Цас ма йæм фæци…

Атъæпп уа, цы фиййау хоны

Амондджын йæхи!

Дзуапп. «Лæскъдзæрæн»-æй.





9.Фарст.

Дæ фыдæлтæ рухсаг,

Дæхæдæг мын бæзз!

Ныртæккæ уын диссаг

Æрхæсдзынæн æз.

Дзуапп. «Хъазтæ»-æй.





10.Фарст.

Къоста цавæр уацмысты сюжеттæ райста Крыловæй?

Дзуапп.

«Халон æмæ рувас», «Бирæгъ æмæ хърихъупп», «Хъазтæ».

11.Фарст.

Кæй ном ары Къоста йæ поэмæ «Фатимæ»-йæ?

Дзуапп.

Поэмæ райдайы номарæнæй - посвящение (акростихæй). Уымæй бæрæг у , поэмæйæ Къоста Анна Поповайы ном кæй ары,уый.

12. Фарст.

Кæцæй ист сты ацы рæнхъытæ?

Ахх, хъазгæ æмæ райгæ куыд фæхæссин дæу

Нæ ницæйаг дунейæ дардмæ,

Нæ зæгъин: «Фæллад дæн, мæ бон хæссын нæу».

Æрдз хъусид мæ уарзты зардмæ.

Дзуапп. Поэмæ «Фатимæ»- йæ.

13.Фарст.

Чи сты поэмæ «Фатимæ»-й сæйраг архайджытæ?

Дзуапп. Фатимæ, Дзамболат æмæ Ибрагим

14.Фарст.Чи ратæлмац кодта поэмæ «Фатимæ»-йы?

Дзуапп. Поэмæ «Фатимæ»-йы ратæлмац кодта Ардасенты Хадзыбатыр.

15.Фарст. Чи сæвæрдта киноныв «Фатимæ»-мæ гæсгæ?

Дзуапп. Поэмæ «Фатимæ»-мæ гæсгæ киноныв сарæзта гуырдзиаг режиссер Сикъо Долидзе.



11




 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал