7


  • Учителю
  • Открытый урок по осетинской литературе

Открытый урок по осетинской литературе

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

Гом урочы пълан ирон литературӕйӕ 8-ӕм къласы.

Урок бацӕттӕ кодта Гасситы Фатимӕ.





Урочы темӕ:Брытъиаты Елбыздыхъо-

сӕрибар цардмӕ сидӕг.





Урочы нысан: Фыссæджы цард æмæ сфæлдыстад ахуыргæнгæйæ рæзын кӕнын скъоладзауты крити- кон хъуыдыкæнынад.

Урочы хæстæ:

1. Базонгæ кæнын скъоладзауты Елбыздыхъойы цардæй ист хабӕрттимӕ .

2. Рæзын кæнын сывæллæтты хъуыдыкӕнынад лӕджыхъӕд бæрæггæнæг миниуджытыл æрдзургæйæ.

3. Хъомыладон фарст: «Лӕгӕн кадгӕнӕг-йӕ ном».



Урочы фӕлгонц:Слайдты равдыст,фыссӕджы портрет,техникон фӕрӕзтӕ.

Фæйнæджы фæлыст: Темæ: Брытъиаты

Елбыздыхъо-сӕрибар цардмӕ сидӕг.

Эпиграф: Мӕ фыдгулы лӕг йӕ фӕ-

дыл мацы хорздзинӕдтӕ

ныууадзӕд!

Лӕгӕн бирӕ цӕрӕнбон

нӕй…Лӕг хъуамӕ йӕ фӕ-

дыл исты хорздзинӕдтӕ

ныууадза адӕмӕн.

Токаты Асӕх

Цитатӕ: Цӕйнӕфӕлтау , сæрибар адæм,

Цагъарæй туг калæм æлдарæн,

Фæлтау нын амæлын хуыздæр.

Къоста



Æмбисон: Ном лӕгӕн йӕ кад у,йӕ

царды сӕр.



Проблемон фарст: Цы у адӕймагӕн

номдӕттӕг?







Урочы цыд.



  1. Бацæттæгæнæн рæстæг.



-Уӕ бон хорз,сывӕллӕттӕ!

-Ӕгас цу!

-Нӕ уазджытӕн дӕр «Уӕ бон хорз!» зӕгъӕм.

-Уӕ бон хорз ӕмӕ нӕм алы бон ӕгас цӕут,нӕ

буц уазджытӕ!

-Сбадут!

-Кӕрӕдзимӕ фӕлмӕн бахудӕм ӕмӕ райдайӕм

нӕ урок.

2. Ног æрмæгыл куыст.

Разныхас:



- Цымыдисаг ӕмӕ табуйаг сты Иры хӕх - бӕстӕ. Ирыстоны алы комы дӕр,алы хъӕуы дӕр кӕддӕриддӕр уыд кадджын, куырыхон лӕгтӕ. Цал ӕмӕ ма нӕ цал хатты бафтаудзысты дисыл, йӕ хорзы кой дардыл кӕмӕн айхъуыст,уыцы разагъды лӕгты хабӕрттӕ.

Абон урочы равзардзыстӕм,ирон лӕгӕн номдӕттӕг чи у,ахӕм миниуджытӕ Иры номхӕссӕг лӕгтӕй иуы цардвӕндагыл ӕрдзур- гӕйӕ.

Куырттаты ком, цӕй диссаг у дӕ равӕрд,

Куыд рӕсугъд у дӕ ӕрдзӕн дӕр йӕ хуыз!

Урс цъити дыл дзаг хъӕлӕсӕй зарӕд,

Дӕ уӕлдӕф махӕн 'вдадзы хосы хыз!

Æгæрон цъæх арвы хъæбысы бандзыг хæххон цæргæс æмæ цæмæдæр лæмбынæг кæсы зæхмæ. Цы дзы агуры цымæ? Æви уый дæр дисы бафтыдта æрдзы рæсугъддзинад? Чи зоны…

Зæгъынц цæргæс, дам, сæдæ азы цæры. Кæд æй, мыййаг, зæрыбонты йæ царды фæндагмæ акæсын æрфæндыд æмæ агуры йæ рагбонты бæрджытæ? Кæд уымæн æркодта цалдæр зылды, доны фаллаг фарс цы рагон хæдзæрттæ æмæ мæсгуыты хæлддзæгтæ баззад, уыдоны сæрмæ?

Æви уый уыцы мæсгуытæ æмæ хæдзæртты 'хсæн агуры адæм кувæндонмæ цæуæгау кæдæм цæуиккой, уыцы хæдзар.

Мæнæ сæрыстырæй лæууы фыдæлты мæсыг, йæ фарсы стырдæр дуртæй иу дзуры æмыр хъæлæсæй: «Брытъиаты мыггаджы мæсыг дæн».

Уæртæ гыццыл æддæдæр та цы хæдзар агуры, уый- Брытъиаты Цопаны хæдзар.

Ацы хæдзары 1881 азы 10 мартъийы фондз чызджы фæстæ райгуырд лæппу-Елбыздыхъо.

Лæггаг лæппуйæ дæр бæрæг вæййы, зæгъгæ-иу дзырдтой нæ хистæртæ. Ацы ныхæстæ хауынц Елбыздыхъомæ. Асæй дæр, кондæй дæр- алцæмæй æххæст. Цæхæрцæст лæппу гыццылæй дæр нæ зыдта тæрсын.

Чысылæй фæстæмæ дæр йæ уарзон бынæттæй иу уыд Дæллагхъæуы Ныхас.



æ) Фарст: - Цы у Ныхас?

- Кæмæн уыд Ныхасмæ цæуыны бар?



- Ахæм бынат раджы заман уыд сылгоймæгтæн дæр, хуынд Хурбадæн. Ам-иу ирон сылгоймæгтæ кодтой алыхуызон куыстытæ, æвдыстой се 'рмдæсныдзинад, уыдис сын царды скъола дæр. Ам æмбæрста ирон сылгоймаг æхсæнадон царды æууæлтæ.

- Абоны царды та цавæр бынат ис ирон Ныхасæн?

Баххæст кæнын сывæллæтты дзуаппытæ.

- Уыцы рæстæджы Ныхас уыд царды скъола. Ам хохæгтæ кæддæриддæр хъуыстой зонды ныхæстæ, рæзыд сæ дунеæмбарынад.

Бирæ хъæздыгдзинæдтæ ахаста Елбыздыхъо йемæ ирон ныхасæй. Цардбæллон лæппуйæн арфæтæ куыд нæ кодтаиккой Ныхасы бадæг куырыхон хистæртæ



Фарст: -Сымахмæ гæсгæ, цавæр арфæтæ кодтой Елбыздыхъойæн хистæртæ йæ царды фæндагыл æрлæугæйæ?

- Ирон лæгæн дард фæндагыл цæугæйæ хуыздæр арфæ вæййы, хорзыл амбæл, зæгъгæ. Æмæ уыди хæрзæмбæлджытæ Елбыздыхъойы фæндагыл. Собиты Инал, Тыбылаты Ципо, Тугъанты Махарбег, Николай Виддиновы æххуысæй архайдта царды бынат равзарыныл æмæ уый фæдыл фыста: «Æз мæхи нæма базыдтон, нæма равзæрстон бынат царды. Æз разы нæ дæн ницæййаг хъысмæтыл. Хъуамæ царды исты фæд ныууадзон. Уыцы фæдыл цæугæйæ фæлтæртæ æхсызгонæй мысой мæн- мæхи тыххæй нæ, фæлæ æндæрты разæнгард кæнынмæ»!

б) Ацы ныхæстæ равдисын проекторæй æмæ сæ бындурыл скæнын беседæ. Беседæйы спайда кæнын æвзаргæ кастæй.

- Цавæр нысан æвæры йæ размæ Елбыздыхъо? Бакæсут уыцы хъуыды æвдисæг рæнхъытæ.

- Цæмæ бæллы, ног фæлтæртæ йæ мысой, уымæ? Бакæсут уыцы хъуыды æвдисæг рæнхъытæ дæр.

-Цавæр адæймагæн нæ вæййы рох йæ ном, баззайы адæмы зæрдæты æмæ зонды?

- Кæй нæмттæ бахæсдзыстæм ацы номхыгъдмæ?

Балхынц кæнын сывæллæтты дзуаппытæ хатдзæгтæй.

- Æрыгон лæппу агуырдта фæндаг цардмæ, адæмы зæрдæтæм. Уыцы фæндагыл къахдзæфтæ кæнын райдыдта, реалон училищæйы ма куы ахуыр кодта, уæд. Сарæзта ахуыргæнинæгтæй драмон къорд æмæ æвæрдта къанæг пьесæтæ.

Ныхас дарддæр ахæццæ кæнын слайдтæ æвдисгæйæ.

- Тынгдæр æй йæхимæ æлвæста сыгъдæг гæххæтты сыф. Æмæ уал ыл фæзынд фыццаг æнарæхст къухы фæд- немыцаг философ Ницшейы ныв. Мæнæ æндæр сыфтæ Елбыздыхъойы къухæй фыстæй. Фыццаг сыфыл стыр дамгъæтæй фыст: «Комеди- «Уæрæседзау», йæ бынмæ «Хъæлдзæг ныв».

- Вазыгджын нысаныл нымадта, адæймаг æмæ нацийы ном бæрзонд æвæрыны хъуыддаг.

Проекторæй равдисын æмæ бакæсын:



«Цыфæнды фыд уавæрты дæр адæймаг хъуамæ тырна уды сæрибардзинадмæ, ма фесафа лæджы ном рæсугъдгæнæг миниуджытæ, бæрзонд хæсса йæ ном, йæ хорз æгъдæуттæ. Уыдон не сты, уæд та худинаджы бæсты мæлæтыл дæр разы уæвын».

в) Абарын ацы ныхæсты хъуыды фæйнæгыл фыст Къостайы æмдзæвгæйы рæнхъыты хъуыдыимæ. Сбæрæг кæнын сæ иумæйаг идейон мидис.

Цæйнæфæлтау, сæрибар адæм,

Цагъарæй туг калæм æлдарæн,

Фæлтау нын амæлын хуыздæр.

- Цавæр аргъ кæнынц ацы ныхæсты автортæ сæрибардзинадæн?

- Цы нымайы Елбыздыхъо уды сæрибар бахъахъхъæныны ахсджиаг æууæлыл?

- Куыд бабæтдзыстут ацы ныхæстæ Нарты адæмы цардимæ? (сывæллæтты зæрдыл æрллæууын кæнын таурæгъ «Нарты сæфт»).



Фыссæджы цардимæ бабæттын хатдзæгтæ.

Бакæсын урокмæ равзæрст эпиграф, абæттын æй Елбыздыхъо æмæ Къостайы хъуыдытимæ, сбæрæг кæнын фæлтæрты хъуыдыты æмбастдзинад. Нафи- нырыккон фыссæг-хъуыдыгæнæг.

- Ацы ныхæстæ систы йе 'хсæнадон куыст æмæ сфæлдыстады сæйрагдæр нысан. Фидарæй лæууыд уыцы фæндагыл, цыфæнды зын уавæрты дæр. Суанг æй йæ революцион куысты тыххæй ахæстоны куы бакодтой, уæддæр. Йæхи зылынджыны бынаты не 'рывæрдта, фæлæ уыдис зылынгæнæг.

г) Байуарын сывæллæттæн сыфтæ Елбыздыхъойы фыстæгæй скъуыддзагимæ, бакæсын æй æмæ равзарын йæ хъуыды.

д) Текстыл æнцойгæнгæйæ бакæнын дзырдуатон куыст.

-Цавæр миниуæг бæрæг кæны авторæн ацы фыстæгæй?

(Дзуапп: Лæгдзинад, хъæбатырдзинад, ныфс…)

Хатдзæгтæ бафидар кæнын ног æрмæгæй.

-Елбыздыхъойы фыстæг бакæсгæйæ нæ хъустыл ауайы цæхæрцæст Хазбийы ныхæстæ, æрыхъуысы нæм æрра фыййау Бесæйы хъæлæс, нæ цæстытыл ауайы Амыраны хъизæмар, Хансиат æмæ Асиаты æнæмæлгæ сурæттæ…

-Елбыздыхъо Къостайау æнæкæрон уарзтæй уарзта Ирыстон, ирон адæмы. Уыдта йæ адæмы хъизæмар æмæ агуырдта уыцы тыхст цардæй фервæзыны фадат.

Равдисын слайд.

«Кæмæй цы риссы, уый кой кæны. Мæнæн мæ риссаг хъуыдытæ сты адæмы мæгуыр цард æмæ гæвзыкдзинад, æмæ дзурын уыдоныл… Мæ хъыг, мæ сагъæс у удхайраг адæймаг…»

-Цæуыл уыд йæ тох Елбыздыхъойæн ацы рæнхъыты хъуыдымæ гæсгæ?

Дзуаппытæ ныффидар кæнын хатдзæгæй:



- Уыцы цардарæзтимæ тох сси йæ царды сæйрагдæр нысан. Мыздæн та йын фылдæр хатт уыдысты Дзæуджыхъæу æмæ Насраны ахæстæтты уазал къуымтæ, фыдызæххæй хаст лæджы ном… Фæлæ нæ фæтарст уæддæр Елбыздыхъо царды зындзинæдтæй. Дардæй дæр архайдта Ирыстоны æмæ йе 'фхæрд адæмы батавыныл.

е) Равзарын æмбисонды хъуыды:

Ном лӕгӕн йӕ кад у,йӕ царды сӕр.

-Куыд сæххæст кодта Елбыздыхъо йæ хæс адæмы размæ, цæмæй сси йæ ном кадджын?

- Фыссæг равзæрста, чи нæма уыдис, уыцы ирон театры сценæ, æрсагъта йыл ирон аивады тырыса. Йæ зæрдæйы тугтæй йыл ныффыста: «Рæстдзинад, Уарзондзинад, Сæрибар»!

(равдисын слайдтæ).

-Æмæ цыдис Елбыздыхъо йе сгуыхт хъайтартимæ Иры уæзæгыл. Цыд æмæ сидтис Хазбийы дзыхæй ирон адæммæ иудзинадмæ; ард хордта, йæ адæмы сæрвæлтау равзæрст фæндагæй иуварс кæй никуы ахиздзæн, уый фæдыл.

Байхъусын Хазбийы монологмæ касетæйыл фыстæй. (Хæхтæ уыныс, сæ сæрмæ хурзæрин кæмæн æрттивы…)

3. Урочы кæронбæттæн.

-Цыд Елбыздыхъо æмæ амыдта ног фæндаг, ног зонд, ног хъуыдытæ. Йæ зæрдæйæ цыд уарзондзинад, зонд та йын фæндагамонæг уыд. Рæсугъд æмæ уарзон царды тыххæй дзырдта йæ кæстæртæм…

Æмæ сæххæст йæ царды сæйраг нысан, фæлтæртæ йæ зонынц æмæ йæ мысынц. Йæ ном сси ирон культурæйы ирддæр нæмттæй иу: ирон драматургийы бындурæвæрæг, ирон лæджыхъæды ирд æвдисæн.

а)Раттын проблемон фарст:



- Цы у адæймагæн номдæттæг?

(Дзуапп: Адæймаг царды цы фæд ныууагъта, уый.)

æ) Проекторæй равдисын слайдтæй сарæзт киноныв, æмæ балхынцъ кæнын урочы равзæрст æрмæг.

-Зæронд мæсыг ныхъхъус, рог дымгæ æрбадымдта комæй, аузæлди мæсыджы хъуынавæрд дуртыл, ахъазыди зад кæрдæгыл æмæ айсæфти кæмдæр Фыййагдоны уынæры. Нæ хъусты та зæлынц поэты ныхæстæ.

б) Радзурын æмдзæвгæ, спайда кæнын музыкæйæ.

Елбыздыхъо-цæугæ мæсыг. Ныр та, Дæ кæстæрау, лæууын уырдыг дæ разы, Дæ цæст, цæргæсау, тынг дардмæ уыдта,- Нӕртон фидӕн дӕ ирд цӕстытыл хъазыд.

Хазбийы хуызы бацыди дӕ уд,

Цӕмӕй уыдтаид сахъ лӕппутӕ бирӕ. Амраны Ныфс дӕр мифы чызг кӕм у, Уыдтӕ дӕхӕдӕг уыцы ныфс нӕ Ирӕн.

Нæ хæхтыл тыгъд Амран нæ уыд, кæй уыд

Дӕ уд йӕхӕдӕг,тохмондаг ӕй домдта…

Лӕгхор цӕргӕс Амранмӕ нӕ уыд,-

Дӕ игӕр дын уый тугмондагӕй хордта.

Хатыр, дæу хъавыд чидæртæ бырсын,

Дæ сыгъдæг удыл сау хахуыртæ калдтой.

Фæлæ нæй сайæн адæмæн, ныр сын

Сæ мæнг тауыстæ дымгæмæ ысдардтон.



Лæууын дæ разы. Бахъавыдтæн, цæмæй

Чысыл мæ уырзтæ авæрон дæ кæрцыл,

Кæд исты райсин зонды фарн дæуæй-

Чысыл мæ къахыл ацæуин дæ фæрцы.



- Ахӕццӕ кӕнут хъуыдыйӕдтӕ.



а).Абоны урочы ӕз базыдтон… ӕ).Цымыдис мӕм фӕкаст…

б).Ӕз банкъардтон…

в).Урокӕй мӕхицӕн райстон…

г).Зын мам фӕкаст…

д).Мӕ бон сси…



4. Хæдзармæ куыст.



-Кæй номæй сидт Елбыздыхъо йæ дзыллæмæ, уый сси йæ драмон уацмыстæй иуы цы æнæмæлгæ фæлгонц сарæзта-Хазбийы фæлгонц. Цæмæй диссаг у Хазбийы фæлгонц, уый та базондзыстут хæдзармæ трагеди «Хазби» бакæсгæйæ.



-Ныр та уӕ алчидӕр йӕхӕдӕг йӕхицӕн саргъ кӕнӕд.

Нӕ урочы кӕрон мӕ фӕнды Джусойты Нафийы ныхӕстӕй бафидар кӕнын: «Елбыздыхъойӕн йӕхийау йӕ аивад дӕр ӕвзонг ӕмӕ рӕсугъдӕй цӕры ирон дзыллӕйы 'хсӕн ӕмӕ цӕрдзӕн ӕнустӕм,цалынмӕ Иры зӕххыл аивад уарзаг адӕймаг уа,уӕдмӕ.»



СТЫР БУЗНЫГ!



ХӔРЗБОН!

ПРЕЗЕНТАЦИ



ӔГАС НӔМ ЦӔУТ, НӔ БУЦ

УАЗДЖЫТӔ!



Открытый урок по осетинской литературе







</<br>



Открытый урок по осетинской литературеОткрытый урок по осетинской литературеОткрытый урок по осетинской литературеОткрытый урок по осетинской литературеОткрытый урок по осетинской литературе

СӔРИБАР

ЦАРДМӔ

СИДӔ





Открытый урок по осетинской литературе







Открытый урок по осетинской литературе























Открытый урок по осетинской литературе







Открытый урок по осетинской литературе







Открытый урок по осетинской литературе





Открытый урок по осетинской литературе





Брытъиаты Елбыздыхъо









Открытый урок по осетинской литературе



Открытый урок по осетинской литературе



ТУГЪАНТЫ МАХАРБЕГ













Открытый урок по осетинской литературе









Открытый урок по осетинской литературе



Джусойты Нафи



Открытый урок по осетинской литературе





ХӔРЗБОН!



Презентаци бацӕттӕ кодта

Гасситы Фатима.



 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал