7


  • Учителю
  • Урок по осетинскому языку по теме 'Сочинени-æрдзы æрфыст. ' (10 класс)

Урок по осетинскому языку по теме 'Сочинени-æрдзы æрфыст. ' (10 класс)

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

Урочы пълан


Урочы темæ: Сочинени-æрдзы æрфыст.

Урочы нысантæ:

1. Скъоладзауты бацæттæ кæнын сочинени-зымæгон æрдзы æрфыст фыссынмæ. Дзургæ æмæ фысгæ ныхасы рæзтыл бакусын.

2. Æрдзурын тексты теорийы фарстатыл.

3. Ахуырдзаутæм гуырын кæнын æрдзмæ уарзондзинад, эстетикон æнкъарæнтæ.


Урочы цыд:

I. Бацæттæгæнæн рæстæг.

II. Урочы темæйыл куыст.

1-аг хæслæвæрд.

Уæ зæрдыл æрлæууын кæнут, цы у текст.

2-аг хæслæвæрд.

Уæ зæрдыл æрлæууын кæнут тексты (ныхасы) хуызтæ.

Цы у æрфыстон текст? Цæмæй хицæн кæны ныхасы иннæ хуызтæй?

3-аг хæслæвæрд.

Бакæсут.

Хъæды баталынг.

Зымæджы хъызт иннæрдæм хизы бæлæсты зæнгты, фыруазалæй сæ къæс-къæс цæуы. Æвзист халас рог тъыфылтæй сындæггай згъæлы зæхмæ. Стъалытæ ныйирд сты арвыл, цæхæртæ калынц.

Зымæгон хъæд ныссабыр, иу сыбыртт никæцæй хъуысы.

Фæлæ уазал зымæгон æхсæв дæр хъæдæн йæ сусæг цард не 'рлæууы. Кæмдæр ныккæрц кодта салд къалиу - бæлæсты бынты гæппытæгæнгæ азгъордта тæрхъус. Бæзджын хъæлæсæй ныууасыд зæронд уыг. Нынниудтой, стæй æвиппайды фæсыкк сты бирæгътæ. Йæ лыстæг фæдтæ митыл уадзгæйæ, азгъордта мыстулæг, тæхсал (хорек) хъуыддагхуызæй фæуайы мыстытыл цуан кæнынмæ, æнæуынæрæй миты хъæпæнты сæрты атахтысты уыгтæ.

Æрмæст ма бæласы къалиуыл, аргъауы æхсæвгæсау, бады уыджы лæппын. Æхсæвы тары иунæг уый уыны зымæгон хъæды сусæг цард, адæймаджы цæстæй æмбæхст чи у.

(Калоты П.)


Куыд уæм кæсы, скъуыддзаг текстыл банымайæн ис æви нæ? Уæ хъуыды бафидар кæнут, лæвæрд пъланмæ гæсгæ йæ равзаргæйæ.


1. Темæ. (Тексты ныхас цæуыл цæуы, уый). Сæргонд.

2. Тексты сæйраг хъуыды (Автор цы зæгъынмæ хъавыд?).

3. Ныхасы стиль (хуымæтæг ныхасы, аив литературон, публицистон, наукон, официалон-хъуыддаджы).

4. Тексты хуыз (æрфыстон, таурæгъон, тæрхæттæ).

5. Хъуыдыйæдты бастдзинад тексты (цæгон, параллелон).

6. Архайды афон тексты (мивдисджыты афонтæ).

7. Тексты лексикон анализ: тексты аивгæнæн мадзæлттæ.

Хæслæвæрдтæ текстмæ:

Сбæрæг кæнут тексты стиль æмæ функционалон хуыз.

Лæмбынæг æркæсут тексты арæзтмæ. Куыд арæзт у æрфыст? Цæй æрфыст у (предметы, бынаты, уавæры)?

Текстæн сæргонд æрхъуыды кæнут.

Текстæн пълан бацæттæ кæнут.

Зæгъут, цавæр архæйдтытæ æвдыст цæуы тексты - иу рæстæджы цæуынц æви кæрæдзи фæдыл? Цавæр мивдисджытæй æвдыст сты архæйдтытæ (æххæст хуызы, æнæххæст хуызы)?


4-æм хæслæвæрд: Бакæсут скъоладзауы фыст сочинени. Цавæр рæдыд дзы бафиппайдтат? Рафыссут æй, йæ рæдыдтытæ раст кæнгæйæ.

Æрбахæццæ стæм хъæдмæ.

Зымæг. Бæлæсты къалиутæ миты уæзæй æркъул сты. Сæ сæрмæ - сыгъдæг цъæх арв. Хъæды астæуæй хъуысы хъæдхойы къупп-къупп. Хорз у зымæгон хъæды! Митыл зынынц тæрхъусы фæдтæ. Бæлæсты къалиутыл рагæпп-багæпп кæнынц цъиутæ. Къалиу куы базмæлы, уæд миты тъыфылтæ æрызгъæлынц. Мит хурмæ æрттивы.


5-æм хæслæвæрд: Бакæсут зымæгимæ баст æмбисæндтæ-цæстдарæнтæ. Бацамонут сын сæ хъуыды.


1) Хъызт зымæг кæндзæн - дудахътæ тæхынц (дудахъ - дрофа).

2) Хъæбæр зымæг - къæрц уалдзæг.

3) Зымæгон хурхæтæны дон цæй бæрц сабуза, сусæны цъитидоны ивылд дæр уый æрфæн у.

4) Зымæгон æхсæв афæдзы дæргъæн у.

5) Зымæгон бон ыскæс æмæ ныккæсæй уæлдай нæу.

6) Зымæгон боныл æууæнк нæй.

7) Зымæгон фæндагыл рагацау цæуын хъæуы.

8) Зымæгон фæндагыл къах фæллайаг у.


6-æм хæслæвæрд: Бакæсут текст. Цавæр у йæ стилистикон ахуырст? Цæмæй бæрæг у?

Боныхъæд:

Райсомæй уæлдæфы температурæ уыд 2 градусы уазал. Уымæлад 80%. Фæндæгтæ сты бырынцъаг. Сихорæй уæлдæфы температурæ уыдзæн 1-2 гардусы хъарм. Ранæй-рæтты уардзæн мит. Хæхты тæссаг у зæйтæ рацæуынæй.


7-æм хæслæвæрд:

Равзарут, зымæгон ныв равдисынæн æххуыс чи фæуыдзæн, ахæм дзырдтæ, дзырдбæстытæ.

Арв: цъæх, сыгъдæг, ирд, мигътæй æхгæд, бæрзонд, æгæрон, зымæгон, ныллæг, талынг, райдзаст, тар.

Хъæд: стыр, тар, бæзджын, хихджын, æрыгон, зæронд, бæласджын, зазджын, сабыр, сыфтæрджын, къутæрджын.

Боны хъæд (рæстæг, бон):

хорз бон, хур бон, ирд бон, хъарм бон, дымгæ бон, уазал бон, хус бон, уарынджын рæстæг, хъызт бон, асæст бон, райдзаст бон, æнтæф рæстæг, тæвд бон, сур рæстæг, мигъ бон, къæвда бон, уаргæ бон.

Мит: урс-урсид, хæмпус, рог, хуылыдз, уæззау, уазал, арф, хъæбæр, фæлмæн, тæнæг, бæрзонд, чъизи.

Уæлдæф: уазал, сыгъдæг, рог, хъарм, чъизи.

Абарстытæ: ног чындзау, аргъауы хуызæн, урс пæлæзау, æвзистау, урс хызау,

8-æм хæслæвæрд.

Текст бакæсгæйæ, цæстытыл ауайынц цавæрдæр фæлгонцтæ, адæймагмæ сæвзæрынц алыхуызон æнкъарæнтæ.

Бакæсут тексттæ. Баххæст кæнут таблицæ, цы æнкъарæнтæ уæм сæвзæрд, уæ хъустыл æмæ уæ цæстытыл цы ауад, уый æргомгæнæг дзырдтæй.

Хуызтæ


Зæлтæ

Æнкъарæнтæ

1)

«Зымæг нæ хæхты цух нæ уадзы,

Лæджы æмбæрц æруары мит,

Æфцæгæй коммæ уад дзыназы,

Их доныл саразы йæ хид». (Къоста)

2) Диссаджы рæсугъд у æрдз зымæгон, уæлдайдæр та хъæды. Зымæгон хъæд у аргъауы бæстæйау.

Зымæг йæ урс нымæтæй æрæмбæрзта зæхх. Хъæд аныгъуылди хæмпус миты бын, цæмæдæр ныхъхъусæгау, ныссабыр. Бæлæсты къалиутæ æркъул сты урс-урсид миты уæзæй. Æрмæст ма æхсæвы тары райхъуысы сæ сусæг ныхас. Раст цыма сæ тарф фынæйæ фехъал вæййынц, сæ диссаджы фынтæ кæрæдзийæн адзурынц, уыйау дардыл айхъуысы сæ сыбар-сыбур.

Уазал у. Фæлæ уæддæр цъиуты цъыбар-цъыбур дардмæ хъуысы.

(газет «Рæстдзинад»-æй)


3) Уæлиау хæхты цъуппытыл æвзистау æрттивынц райсомы хуры фыццаг тынтæ. Митмæ цæстытæ нæ лæууынц. Арв - сыгъдæг. Мит хъæрзы къæхты бын. Цъити дон ныйих, ныддæвдæг бынтондæр, ранæй-рæтты айдæнау æрттивы.

(Цæгæраты М.)


4) Зымæг йæ тæккæ карзы. Цымæ нæм зымæджы æввонгхор цæмæн хонынц? Адæймагæн бирæ азмæлæнты фадат кæй нал вæййы, уый тыххæй? Арф мит бамбæрзта хæхтæ, кæмттæ æмæ къуылдымтæ. Сæрдыгон та? Зæхмæ акæс: алкæм дæр æндæр æмæ æндæрхуызон. Ныр та? Къуылдымæй, æрхæй, адагæй, къуыпп æмæ дзыхъхъæй æмхуызон урс дарынц. Къæдзæхтæй мит кæуыл нæ хæцы, уыдон сæрды бонты цъæхæй фæзынынц, фæлæ ныр урс миты астæуæй сау дарынц.

Æмбисбонмæ арвы цъæхæй ницыуал зынд. Мигъ æрбадт хæхтыл, æфцæг та аныгъуылд йæ уазал хъæццулы бын. Стæй дымгæ дæр райдыдта йе 'нкъард зарæг.

(Дзесты К.)

5)

Æргъæвстæй, гомгæрццæй кæсынц

нæ къохтæ, се стæгдар та разынд.

Ныр дзы æфсиниуæг кæнынц

æрмæст дзæгъындзæг æмæ сау сынт.


Хæрам, æнæджелбетт у хъызт -

сæумæ (мæ фыдæнæн? Мæ цæстмæ?)

Ныууадзы рудзынгыл йæ куыст:

сæрдыгон дзагсыфтæр бæлæстæ.

(Хъодзаты Æхсар)

Æргъæвстæй - уазалæй, салдæй.

Гомгæрццæй - бæгънæгæй.

Къохтæ - роща.

Стæгдар - скелет.

Дзæгъындзæг - сорока.

Æнæджелбетт - (хуымæтæг ных. стиль) æнæрхъуыды, фыдуынд, гуымиры.


6)

УРС БÆРÆГБОН

Уары мит йæ зæрдæйы дзæбæхæн,

Уары мит йæ уды рухсæн,

Бадын цыма зымæгæн йæ бæхыл,

Афтæ митуардæй фæбуц дæн.


Урс бæрæгбон сабитæн дæр адджын -

Ахсынц стъалытæ сæ къухтæй,

Сфæйлауы сæ хъæр æдзæмы байбын,

Цин-зæй ракæлы сæ худтæй.


Уалынмæ сæ къаннæгдæр нырхæндæг,

Арвмæ скасти æмæ скуыдта.

- Уый та чи у? Раттут ын сывæдæг! -

Лæппутæн сæ хистæр сдзырдта.


- Арвæн ма ныр стъалытæ кæм уыдзæн, -

Стъалытæй куы байдзаг бæстæ…

- Ма тæрс, гормон, митуард та фæуыдзæн,

Гъе дын уары стъалытæ, куыннæ стæй!..


Растæн куы у сывæллæтты кæстæр,

Галиу ма хонут йæ митæ -

Арвæй нæм сыгъдæгдзинад æрхæссы,

Уазалæй дæр рухс у митуард.


Растæн цыма арвы сусæг зоны,

Уары мит æнцад-æнцойæ,

Зæххæн дæр æрвон уазæг æнцон у,

Тагъд ын суадздзæни йæ дойны.


Ленк кæны - æнцад, æвæлмон, сабыр,

Нæй дзы рухсау уæз æппындæр,

Уымæй ма цы уа фæлмæндæр, уаздæр!

Хауынц стъалыты лæппынтæ…


Акасти тъымы-тъымамæ зæрдæ

Митуарды кæлæны рухсы,

Ахæм æхсæв айрох вæййы сæрд дæр,

Ахæм æхсæв айвæзы æнусау.

(Къадзаты Станислав)


æдзæмы байбын - сабырдзинад.

нырхæндæг - нынкъард.

сывæдæг - (соска).

гормон - ам: узæлгæйæ загъд сидæн - æвзæр, æдылы.

уаздæр - рухсдæр.

Æвæлмон - æнцонтæй.


Бацамонут æмдзæвгæйы сæргонд.


Зæгъут, цавæр у фысджыты ахаст зымæгмæ. Цавæр зæрдæйы уаг æм дарынц? Уæ дзуапп бафидар кæнут текстæй ист рæнхъытæй.


9-æм хæслæвæрд: Лæвæрд пъланыл æнцой кæнгæйæ, темæ «Зымæгон райдзаст бон хъæды»-мæ гæсгæ æрæмбырд кæнут æрмæг.

Пълан:

1) Цавæр у боны хъæд? Арв цы хуызæн у?

2) Цавæр у хъæд дардæй кæсгæйæ?

3) Хъæды:

Цы уыныс зæххыл?

Цы хуызæн сты æрдузтæ?

Цавæр бæлæстæ зайы хъæды? Цавæр сты бæлæстæ, къудзитæ?

Байхъус хъæды зæлтæм. Цы фехъуыстай?

Хъæды цæрæгойтæй кæй федтай?


III. Хæдзармæ куыст.


Темæтæй иумæ гæсгæ ныффыссут сочинени:

«Миты гæлæбутæ»,

«Уары мит…»,

«Заз бæлас миты бын»,

«Халас»,

«Цæугæдон зымæг»,

«Зымæгон райсом»,

«Зымæгон цъиутæ»,

«Иу зымæгон бон»,

«Зымæг нæ хæхты цух нæ уадзы» (Къоста),

«Зымæгон хъæзтытæ».


5




 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал