- Учителю
- Открытый урок по осетинскому языку на тему 'Дамгъуат' (5 класс)
Открытый урок по осетинскому языку на тему 'Дамгъуат' (5 класс)
Темᴂ. Дамгъуат (Алфавит)
Куыд хорз, куыд кадджын дᴂ мᴂ цᴂсты,
Нᴂ ирон мадᴂлон ᴂвзаг!
(Чеджемты ᴁхсар)
Урочы нысан:
-1- 1. Фонетикᴂйᴂ цы сахуыр кодтой сывᴂллᴂттᴂ,
уый зᴂрдыл ᴂрлᴂууын кᴂнын фᴂрстыты руаджы.
2. Хъᴂлᴂсонтᴂ ᴂмᴂ ᴂмхъᴂлᴂсонтᴂ куыд бамбᴂрстой,
уый иумᴂйаг бакусинᴂгты руаджы сбᴂрᴂг кᴂнын.
3. Практикон хᴂслᴂвᴂрдтᴂ:
а). Грамматикон хъазт: «Мырон пропорцитᴂ»;
ᴂ). Чи тагъддᴂр ( иу минутмᴂ) дамгъᴂтᴂй
ныффыссын дзырдтᴂ;
б). Викторинᴂ.
-11- Ног ᴂрмᴂг. Дамгъуат зонынᴂн цавᴂр практикон нысаниуᴂг ис,
ууыл ᴂрдзурын.
Хъомыладон хᴂс. Сывᴂллᴂттᴂн уарзын кᴂнын мадᴂлон ᴂвзаг.
Цᴂстуынгᴂ ᴂрмᴂг. Таблицᴂтᴂ, дидактикон ᴂрмᴂг 5 къласᴂн,
дзырдуᴂттᴂ, техникон фᴂрᴂзтᴂ.
Урочы цыд.
-1- Организацион хай.
Ахуырг. -- Уᴂ бон хорз, сывᴂллᴂттᴂ! Абон нᴂ урокмᴂ ᴂрбацыдысты
уазджытᴂ ᴂмᴂ сын «ᴂгас цу» зᴂгъᴂм. (Алыбон ᴂгас нᴂм цᴂут!).
Сывᴂллᴂттᴂ, абон нᴂ урочы нысан уыдзᴂн: ᴂвзаджы хайᴂ цы
ахуыр кᴂнᴂм, ᴂмᴂ дзы цы базыдтам, уый зᴂрдыл ᴂрлᴂууын кᴂнын
ᴂмᴂ йᴂ ныффидар кᴂнын фᴂрстыты руаджы; скᴂндзыстᴂм
пратикон хᴂслᴂвᴂрдтᴂ, зᴂгъдзыстᴂм, цы у, ᴂмᴂ цᴂмᴂн хъᴂуы
зонын дамгъуат? Нᴂ урокᴂн эпиграфᴂн райстон Чеджемты ᴁхсары
ныхᴂстᴂ: « Куыд хорз, куыд кадджын дᴂ мᴂ цᴂсты, Нᴂ ирон
мадᴂлон ᴂвзаг!» Ацы ныхᴂстᴂм ма урочы кᴂрон ноджыдᴂр
раздᴂхдзыстᴂм.
-- Ныр та уал , сывᴂллᴂттᴂ, нᴂ зᴂрдыл ᴂрлᴂууын кᴂнᴂм:
ᴂвзагзонынады хᴂйттᴂ цал сты?
Дзуапп: -- 4 - синтаксис, фонетикᴂ, лексикᴂ ᴂмᴂ морфологи.
Ахуырг. --Цавᴂр ᴂвзаджы хай ахуыр кᴂнᴂм?
Дзуапп: -- Ахуыр кᴂнᴂм ᴂвзаджы хай --- фонетикᴂ.
Ахуырг. -- Цы у фонетикᴂ ᴂмᴂ цы иртасы?
Дзуапп: -- Фонетикᴂ у ᴂвзаджы зᴂлты (мырты) ахуырад. Уый иртасы
мыртᴂн сᴂ равзрд, сᴂ классификации, сᴂ ивддзинᴂдтᴂ.
Ахуырг. -- Цы хуыйны графикᴂ?
Дзуапп: -- Фысгᴂйᴂ иу кᴂнᴂ иннᴂ ᴂвзаджы мыртᴂ бᴂлвырд нысᴂнттᴂй
(дамгъᴂтᴂй) бᴂрᴂггонд куы фᴂцᴂуынц, уᴂд уый хуыйны графикᴂ.
Ахуырг -- ᴁмᴂ нᴂ ныхас та цᴂмᴂй конд у?
Дзуапп: -- Нᴂ ныхас конд у хъуыдыйᴂдтᴂй, хъуыдыйᴂдтᴂ -- дзырдтᴂй,
дзырдтᴂ та -- мыртᴂй.
Ахуырг.-- Мыртᴂ та куыд равзᴂрынц? Цᴂй руаджы ᴂмᴂ цᴂй ᴂххуысᴂй?
Дзуапп: -- Мыртᴂ равзᴂрынц уᴂлдᴂфы руаджы - дзурᴂн буары хᴂйтты
ᴂххуысᴂй. ( Равдисын слайд № 1 - дзурᴂн буары хᴂйттᴂ).
( 1 - рᴂуджытᴂ, 2 - улᴂфᴂн хурх, 3 - хурх/хурхуадындзтимᴂ/, 4 - дзых,
5 - ᴂвзаг, 6 - былтᴂ, 7 - дᴂндᴂгтᴂ, 8 - фындз).
Ахуырг. - Цᴂмᴂй хицᴂн кᴂны мыр дамгъᴂйᴂ? Сᴂ равзᴂрдмᴂ гᴂсгᴂ та
цавᴂртᴂ сты?
Дзуапп: -- Мыр - хъусᴂм ᴂмᴂ дзурᴂм, дамгъᴂ - уынᴂм ᴂмᴂ фыссᴂм. Мыртᴂ
сᴂ равзᴂрдмᴂ гᴂсгᴂ сты: хъᴂлᴂсонтᴂ ᴂмᴂ ᴂмхъᴂлᴂсонтᴂ.
Ахуырг. - Куыд сᴂвзᴂры хъᴂлᴂс?
Дзуапп: -- Дзургᴂйᴂ уᴂлдᴂф рᴂуджытᴂй улᴂфᴂн хурхыл рацᴂуы хурхмᴂ.
ᴁнгомгонд хурхуадындзтыл сᴂмбᴂлы ᴂмᴂ сᴂ ратоны. Хурхуадындз-
тᴂ ныззыр-зыр кᴂнынц ᴂмᴂ раттынц зᴂл, хонᴂм ᴂй хъᴂлᴂс.
Уыцы хъᴂлᴂсы руаджы сᴂвзᴂрынц мыртᴂ [а, ᴂ, е, и … ]
Ахуырг. - Цал ᴂмᴂ цавᴂртᴂ сты ирон ᴂвзаджы хъᴂлᴂсон мыртᴂ?
Дзуапп: -- Ирон ᴂвзаджы хъᴂлᴂсон мыртᴂ сты - 7 - [ а, ᴂ, е ,и, о, у, ы]
Ахуырг. - Цавᴂртᴂ сты тыхджын ᴂмᴂ лᴂмᴂгъ хъᴂлᴂсонтᴂ?
Дзуапп: -- Тыхджын хъᴂлᴂсонтᴂ сты - 5 - [а, е, и, о, у]
лᴂмᴂгъ хъᴂлᴂсонтᴂ - 2 - [ ᴂ, ы ]
Ахуырг. - Хъᴂлᴂсонтᴂ -е,- о - йᴂ цы дзырдтᴂ райдайынц, уыдоны растфыс-
сынады ᴂмᴂ растдзурынады та цы хицᴂндзинᴂдтᴂ ис?
Дзуапп: -- Хъᴂлᴂсон - е - дзырды райдайᴂны загъд куы цᴂуы, уᴂд йᴂ разᴂй
хъуысы ᴂмхъᴂлᴂсон - й - имᴂ, фᴂлᴂ йᴂ нᴂ фыссᴂм.
Ахуырг. -- ᴁрмᴂст цавᴂр дзырдты райдайᴂны ᴂмбᴂлы -Й - имᴂ фыссын?
Дзуапп: -- (Фиппаинаг: 3 дзырды: - йе, - йемᴂ, - йеддᴂмᴂ)
Ахуырг. -- Хъᴂлᴂсон - о - йᴂ цы дзырдтᴂ райдайынц, уыдон та?
Дзуапп: -- Хъᴂлᴂсон - о - дзырды райдайᴂны загъд фᴂцᴂуы -У -имᴂ,
фᴂлᴂ йᴂ нᴂ фыссᴂм.
(Фыссᴂн фᴂйнᴂгыл баххᴂст кᴂнын дзырдуатон - орфографион куыст:
й егъау, й ерыс, й ехс, й ердо, й егар, у охх, у обау, йемᴂ, йе,
йеддᴂмᴂ, у оуу , у онг , у оммен , й ефс).
Ахуырг. -- Ныр та рахизᴂм ᴂмхъᴂлᴂсонтᴂм. Зᴂгъын, ᴂмхъᴂлᴂсон мыртᴂ
куыд равзᴂрынц?
Дзуапп: -- Хурхуадындзтᴂ лᴂмᴂгъ куы уой, уᴂд се хсᴂн вᴂййы зыхъхъыр.
Уᴂлдᴂф уыцы зыхъхъырыл хурхᴂй дзыхмᴂ рацᴂуы, фембᴂлы
къуылымпыдзинᴂдтыл. Уыдоныл уᴂлдᴂф йᴂхи рахафы, ратоны
се хсᴂнты ᴂмᴂ афтᴂмᴂй сᴂвзᴂры зᴂл - сыбыртт. Сыбыртты
руаджы сᴂвзᴂрынц мыртᴂ [к, п, т, ц … ]
Ахуырг. -- Цал ᴂмхъᴂлᴂсон мыры ис ирон ᴂвзаджы? Ранымайын сᴂ.
Дзуапп: -- Ирон ᴂвзаджы ис 31 ᴂмхъᴂлᴂсоны : [б, в, г, гъ, д, дж, дз, ж, з, й, к,
къ, л, м, н, п, пъ, р, с, т, тъ, -у-, ф, х, хъ ,ц, цъ, ч, чъ ,ш, щ ] -30 + 1 (У)
Ж, -Ш, -Щ,- ᴂмбᴂлынц ᴂрмᴂстдᴂр уырыссаг ᴂвзагᴂй ᴂрбайсгᴂ
дзырдты. ( Дзырдуатон куыст: журнал, шифер, штукаткр, жюри,
щёткᴂ … )
Ахуырг. - Цавᴂр дыууᴂ къордыл дих кᴂнынц ᴂмхъᴂлᴂсонтᴂ? Куыд сᴂвзᴂ-
рынц? Цᴂмᴂй хицᴂн кᴂнынц?
Дзуапп: -- ᴁмхъᴂлᴂсонтᴂ дих кᴂнынц зылангонтᴂ ᴂмᴂ ᴂзылангонтыл.
Зылангон мыртᴂ сᴂвзᴂрынц хъᴂлᴂс ᴂмᴂ сыбырттᴂй, ᴂзылан -
гонтᴂ та - ᴂрмᴂст сыбырттᴂй.
зылангонтᴂ: [ б, в, г, гъ, д, дж, дз, ж, з, л, м, н, р, й, у ] - 15
ᴂзылангонтᴂ : [ п, ф, к, х (хъ), т, ч, ц, ш, с, къ, пъ, тъ, цъ, чъ,щ ] --16
Ахуырг. - Зылангон ᴂмᴂ ᴂзылангон ᴂмхъᴂлᴂсон мыртᴂй иутᴂ сты -
ᴂмкъᴂйттᴂ, иннᴂтᴂ та -- ᴂнᴂкъᴂйттᴂ. Зᴂгъут ма сᴂ.
Дзуапп: -- ᴁмкъᴂйттᴂ: -- [ б в г гъ д дз дж ж з ] -- 9
[ п ф к х (хъ) т ц ч ш с ] -- 10
ᴁнᴂкъᴂйттᴂ: - зылангонтᴂ: [ л, м, н, р, й, у ] -- 6
ᴂзылангонтᴂ: [ къ, пъ, тъ, цъ, чъ, щ ]-6
Аулᴂфт. Сывᴂллᴂттᴂн хᴂдзармᴂ цы тагъддзуринаг уыд
(«Дыдта быдта, Цы быдта? …), уый иумᴂйагᴂй найзусть дзургᴂйᴂ,
хъᴂлдзᴂгᴂй, ᴂххᴂст кᴂнынц (физминуткᴂ).
а). Ныффыссын дзырдуатон диктант: бᴂхтᴂ, мᴂргътᴂ, хъазтᴂ, мигътᴂ,
рывта, цавта, сᴂгътᴂ, ивᴂзта, нывтᴂ, дыргътᴂ, марзта …
ᴂ). Ныффыссын: - дзырд - дзырдбаст - семᴂ саразын хуымᴂтᴂг
даргъ хъуыдыйᴂдтᴂ; равзарын сᴂ хъуыдыйады уᴂнгтᴂм гᴂсгᴂ.
1. Сывᴂллᴂттᴂ. 2. Сывᴂллᴂттᴂ хъазынц .
3. Сывᴂллᴂттᴂ хъазынц пуртийᴂ скъолайы кᴂрты.
Практикон хᴂслᴂвᴂрдтᴂ (презентаци):
-1- Хᴂслᴂвᴂрд.
Сᴂххᴂст кᴂнут грамматикон хъазт «Мырон пропорци». Фарсты бᴂсты
сᴂвᴂрут хъᴂугᴂ ᴂмкъай зылангон кᴂнᴂ ᴂзылангон мыртᴂ.
-1-
Б : П = Д : ?
Ф : ? = К : ?
С : ? = Ш : Ж
Д : Т = ? : Х
ДЖ : ? = ДЗ :
1
2
3
4
5
Т
В/Г
З
ГЪ
Ч / Ц
-2-
З : С = Ж : ?
П : ? = Ф :
Г : К = ? : Т
? : Б = Ч : ДЖ
Т : ? = Ц :
1
2
3
4
5
Ш
Б / В
Д
П
Д / ДЗ
-3-
К : ? = Х (ХЪ) :
ДЗ : Ц = ? : Ч
Ш : ? = С : З
П : = ? : Д
? : ДЖ = Ф : В
1
2
3
4
5
Г/ гъ
ДЖ
Ж
Б / Т
Ч
-2- Хᴂслᴂвᴂрд
ᴁмхᴂццᴂ дамгъᴂтᴂй чи фылдᴂр ныффысдзᴂн дзырдтᴂ иу минутмᴂ
у ы
а х Дзуапп: ахуыр, хур, хуы, хуыр, хырх, уары, арх
р
Ног ᴂрмᴂг. -- Баххᴂст кᴂнын 179 - ᴂм фᴂлтᴂрᴂн. Зᴂгъын: цᴂмᴂй хицᴂн
кᴂнынц фыццаг къорды дамгъᴂтᴂ дыккаг къорды дамгъᴂтᴂй.
Дзуапп: - 1-аг цᴂджындзы дамгъᴂтᴂ ᴂмхᴂццᴂ ᴂвᴂрд сты,
2-аг цᴂджындзы та дамгъᴂтᴂ ᴂвᴂрд сты кᴂрᴂдзийы фᴂдыл.
Ахуырг. - Уᴂдᴂ цавᴂр хатдзᴂг скᴂнᴂн ис ᴂмᴂ цы хонᴂм дамгъуат?
Дзуапп: --Дамгъᴂтᴂ кᴂрᴂдзийы фᴂдыл ᴂвᴂрдᴂй хонᴂм дамгъуат.
(Сывᴂллᴂттᴂ кᴂсынц чиныджы раиртᴂст): дамгъᴂтᴂ бᴂлвырд
фᴂткыл ᴂвᴂрдᴂй хонᴂм дамгъуат кᴂнᴂ абеты рᴂнхъᴂвᴂрд
(алфавит).
Ахуырг. - Сывᴂллᴂттᴂ, уᴂ зᴂрдыл-ма ᴂрлᴂууын кᴂнут: райдиан кълᴂсты
уырыссаг дамгъуаты тыххᴂй цы сахуыр кодтат ᴂмᴂ цᴂмᴂй хицᴂн
кᴂны ирон дамгъуатᴂй?
Дзуапп: -- Уырыссаг дамгъуаты ис - 33 дамгъᴂйы: 10 - хъᴂлᴂсонтᴂ,
21- ᴂмхъᴂлᴂсонтᴂ, 2 дамгъᴂйы - Ъ, Ь та сты ᴂгомыг дамгъᴂйы.
-- Ирон дамгъуаты та ис - 43 дамгъᴂйы:
11- хъᴂлᴂсоны (а ᴂ е и о у ы ё э ю я); уыдонᴂй:
7- ирон хъᴂлᴂсоны ; 5 - тыхджын (а е и о у ) ;
2 - ламᴂгъ (ᴂ ы) ; 4 хъᴂлᴂсоны ( ё э ю я) -
ᴂмбᴂлынц ᴂрмᴂстдᴂр уырыссаг ᴂвзагᴂй ᴂрбайсгᴂ дзырдты
( ёлкᴂ, экскурси, юрист, яхтᴂ, январь, юмор, экран, экспорт …)
31- ᴂмхъᴂл., 2 - ᴂгомыг дамгъᴂйы ( -ъ, ь ) мыр нᴂ нысан кᴂнынц;
-- ( гъ, дз, дж, къ, пъ,тъ, хъ,цъ,чъ) - 9 - сты дыууᴂ хайᴂ арᴂзт дамгъᴂйы.
-- Дамгъᴂ -У - у хъᴂлᴂсон дᴂр ᴂмᴂ ᴂмхъᴂлᴂсон дᴂр
( урс, судзы, сурᴂт, уᴂрыкк, уᴂрдон, уыры, уынг, ахуыр …) ;
-- Алкᴂцы дамгъᴂйᴂн дᴂр дамгъуаты ис йᴂхи бынат ᴂмᴂ йᴂхи нымᴂц.
Ахуырг. -- Уᴂдᴂ нᴂ цымᴂ, цᴂмᴂн хъᴂуы зонын дамгъуат, сывᴂллᴂттᴂ?
Дзуапп: -- (Сыв-тᴂ кᴂнынц хатдзᴂг). -- Уымᴂн ᴂмᴂ дамгъуаты уагыл ᴂвᴂрд
вᴂййынц дзырдтᴂ дзырдуᴂтты, уыцы уагыл арᴂзт вᴂййынц алы -
хуызон номхыгъдтᴂ.
-- (Дзырдуᴂттᴂ равдисын, дᴂнцᴂгтᴂ дзы ᴂрхᴂссын).
-- (Баххᴂст кᴂнын 186 -ᴂм фᴂлтᴂрᴂн).
Ахуырг. - Нᴂ урокᴂн ᴂмткᴂй хатдзᴂгтᴂ скᴂнᴂм «Викторинᴂ» -йы руаджы:
(Экраныл равдисын презентаци - слайдтᴂ; сывᴂллᴂтты адих
кᴂнын 3 къордыл; алкᴂцы къордᴂн дᴂр
райуарын хᴂслᴂвᴂрдтᴂ). (Сывᴂллᴂтты дзуᴂппытᴂ).
Викторинᴂ.
-1- къорд
1. Фонетикᴂ ахуыр кᴂны?
А) Ныхасы хᴂйттᴂ
ᴁ) Хъуыдыйады уᴂнгтᴂ
Б) Мыртᴂ ᴂмᴂ дамгъᴂтᴂ +
В) ᴁрхᴂцᴂн нысᴂнттᴂ
2. Ирон ᴂвзаджы бындурон хъᴂлᴂсонтᴂ сты:
А) 9
ᴁ) 7 +
Б) 10
В) 11
3. Кᴂцы дзырдты ис ᴂрмᴂст тыхджын хъᴂлᴂсонтᴂ:
А) ᴂрдᴂг
ᴁ) ирон +
Б) быру
В) саби +
4. Рᴂдыдимᴂ фыст сты:
А) йерыс +
ᴁ) йемᴂ
Б) йегъау +
В) йеддᴂмᴂ
-2- къорд
1. Лᴂвᴂрд дзырдтᴂй кᴂцыты ис ᴂрмᴂст зылангон ᴂмхъᴂлᴂсонтᴂ?
А) скъола
ᴁ) лᴂппу
Б) адᴂм +
В) ᴂмгар +
2. ᴁмхъᴂлᴂсонтᴂ сты:
А) 26
ᴁ) 34
Б) 31 +
В) 29
3. Кᴂцы дзырдты ис ᴂрмᴂст лᴂмᴂгъ хъᴂлᴂсонта:
А) уызын +
ᴁ) уᴂзбын +
Б) ᴂвзаг
В) чиныг
4. Рᴂдыдимᴂ фыст сты:
А) ᴂгъдауджын
ᴁ) нывкᴂнᴂг +
Б) уобау +
В) онг
-3- къорд
1. Зылангон мыр нᴂу:
А) д
ᴁ) дж
Б) ф +
В) л
2. Хъуыдыйады уᴂнгтᴂ дих кᴂнынц:
А) 2 къордыл +
ᴁ) 3 къордыл
Б) 4 къордыл
В) 5 къордыл
3. Кᴂцы дзырдты - у- хъᴂлᴂсон у
А) уыры
ᴁ) нуры +
Б) хур +
В) уары
4. Ирон дамгъуаты ис:
А) 35 дамгъᴂйы
ᴁ) 33 дамгъᴂйы
Б) 42 дамгъᴂйы
В) 43 дамгъᴂйы +
Кᴂронбᴂттᴂн ныхас. ( Сывᴂллᴂттᴂ зарынц «Къостайы зарᴂг»;
аив кᴂсынц Чеджемты ᴁхсары ᴂмдзᴂвгᴂ
«Мадᴂлон ᴂвзаг»).
Ахуыргᴂнᴂг кᴂны хатдзᴂг.
Бᴂрᴂггᴂнᴂнтᴂ сᴂвᴂрын.
Хᴂдзармᴂ куыст: А). Дамгъуат зонын. ᴁ). Баххᴂст кᴂнын 187 -ᴂм фᴂлтᴂрᴂн.
Б). Ныффыссын къласы сывᴂллᴂтты номхыгъд
дамгъуаты фᴂткыл.
Гом урочы пълан - конспект
ирон ᴂвзагᴂй 5-ᴂм къласы
Темᴂ. - Д а м гъ у а т -
Беслᴂныхъᴂуы 2 - ᴂм атᴂуккаг
скъолайы ахуыргᴂнᴂг
-- Ц х у ы р б а т ы Ж.О. --
ᴁртхъирᴂны мᴂйы 25-ᴂм бон, дыццᴂг.
-- Беслᴂныхъᴂу, 2014 аз --